Author: Токаты А.И.  

Tags: пьесæтæ  

Year: 1973

Text
                    ТОКАТЫ АШÆХ
ЧИНЫГУАДЗÆН ,,ИР" иапо
ОРДЖОНИКИДЗЕ I С’ / О


С(Оссг) Т64 Токаты А. И. Т64 Пьесæтæ. Орджоникидзе, «Ир», 1973. 328 ф. Токаев А. И. Пьесы. уо |^ 39—73. С(Осет) М131(03)—73 мс) Издлтельство «Ир», 1973 г.
Цыппарактон, астнывок драмæ
АРХАЙДЖЫТÆ: 1. 3 а р е т æ — ахуыргæнæг. 2. М а й р æ м — колхозы бригадир. 3. К о с ер — Заретæйы мад. 4. X а д ж у м а р —- Заретæйы ’фсымæр. 5. Хъаспол — Заретæйы ’рвад, æмтæрхонгæнæг. 6. Е л х ъ а н — Заретæйы фыды ’фсымæр. 7. Дзерассæ — Заретæйы хæлар, ахуыргæнæг. 8. Газакк — хъæусоветы сæрдар. 9. И с л а м — Райæххæсткомы сæрдар. 10. Н а д я — йæ ус, æмтæрхонгæнæг. 11. 3 а и р æ — Майрæмы хо. 12. Разиат — Заретæйы фысым. 13. Г о с к а — Заретæйы хæстæг. 14. М у с с æ — дуканигæс. 15. Н и н æ — прокурор 16. Тæр хо н’ г æн æ г. 17. Т æ р х о н д о н ы секретарь. 18. 1-лæг. 19. 2-л æг. 20. 1-лæппу. 21. 2-л æп п у. 22. П о с т х æ с с æ г.
ПРОЛОГ Талынг залæн прожекторы тын ныррухс кæпы æмбæрзæиы размæ рацæуæг лæджы. Тæрхондоны секретарь йæ цæст ахæссы адæмыл, йæ къух уæлæмæ сисы æмæ радзуры хъæрæй: «Хорз адæм, басабыр ут! Тæрхонгæнджытæ рацæуыпц!». Прожектор ахуыссы. Талыиджы байгом вæййы фыццаг æмбæр- зæн. Дыккаг æмбæрзæныл ныррухс вæййы советон паддзахады герб. Уый фæстæ авансценæйы даргъ стъол, бандæттæ. Рахизыр- дыгæй чысылдæр стъол. Секретарь лæууы даргъ стъолы кæроп. Рацæуынц тæрхонгæнджытæ. Разæй — тæрхонгæнæг, хæрзконд, сау дарæсæй хæрзаив арæзт лæппу-лæг. Йæ фæдыл æмтæрхои- гæиджытæ Хъаспол — ирон дарæсы, Надя — донхуыз костюмы. Æрбадынц тæрхонгæнæджы фæйнæварс. Рахнзырдыгæй бацæ- уы Иинæ æмæ æрбады чысыл стъолы цур. Тæрхонгæнæг (секретарæн). Абон кæй хъуыд- дагмæ кæсæм, уыцы аххосджынтæ æмæ æвдисæнтæ ам сты? Секретарь (йæ къухы гæххæтмæ кæсы æмæ дзуры хъæрæй). Тараты Быдзыгойы фырт Хаджумар ам ис? X а д ж у м а р (залы астæуæй). Ам дæн æз. Секретарь. Хæстæгдæр рацу тæрхондоны цурмæ. 5
Хаджумар. Цæй тыххæй мæ лæууын кæныс тæрхондоны цур? Секретарь. Цæй тыххæй, уый фыст у дæ пове- сткæйы. Рацу дæ бынатмæ. Хаджума-р. Цæугæ бакæндзынæн, фæлæ бын- тон дзæгъæлы. (Бацæуы тæрхонгæнджыты цурмæ.) Секретарь. Сбад уал дæ разы уыцы хицæн бан- доныл. Тараты Дудары фырт Елхъан ам ис? Елхъан (залы иу къуымæй). Æз ам дæн. Секретарь. Хæстæгдæр рацу. Елхъап. Цæмæн мæ хоныс хæстæгдæр? Æз ар- дыгæй дæр байхъусдзыкæн. Секретарь. Тæрхондоны уæлдай ныхас не ’мбæ- лы. Дæ бынатмæ рацу. (Елхъан адæмы æхсæнты ра- цæуы хъуыр-хъуыргæнгæ.) Сбад уал уым. Абоны тæр- хонмæ æвдисæнты охыл повесткæтæ кæмæ арвыстам, уыдон иууылдæр ам сты? (Залæй хъуысы бирæ хъæ- лæстæ: «ам», «ам».) Т æ р х о н г æ н æ г (æмтæрхонгæнджытимæ аныхас кæны, стæй сысты ). Адæмон тæрхондон бауынаффæ кодта, цæмæй хъуыддагмæ æркæсæм абон ацыппæт адæмы раз. Тæрхон цæуы Тараты Быдзыгойы фырт Хаджумарыл æмæ Тараты Дудары фырт Елхъапыл. Уголовон фыдгæнæг Амырхаты Муссæ иыртæккæ æмбæхст у. Ууыл уыдзæни хицæн тæрхон. Ныртæккæ та адæмон тæрхондон уыцы дыууæ лæджы зылын кæ- ны, сылгоймагмæ Советон Конституцимæ гæсгæ цы бартæ хауы, уыдон ын кæй байстой, сæ къæхты бын ын сæ кæй ассæстой, уый тыххæй. Тараты Хаджумар æмæ Тараты Елхъан, тæрхонгæнджытæй искæуыл уæ зæрдæ худы, ома, уый раст тæрхоп пæ кæндзæн, зæгъгæ? 6
X а д ж у м а р, Никæуыл... Кæд Хъаспол... фæлæ æмбал тæрхонгæнæг... Т æр хо и г æн æг. Æмбал пæ, фæлæ гражданин тæрхонгæнæг. Хаджумар. О, гражданин тæрхонгæнæг, æз ра- зы нæ дæн, цæмæй мæ зылын кæнут, ууыл. Т æ р х о н г æ н æ г. Уый тыххæй фæстæдæр зæгъ- дзынæ. Тараты Елхъан, ды та цы зæгъыс?.. Елхъан. Æз дæр... Никæуыл мæ зæрдæ худы... А Хъаспол дæр хъуамæ... Тæрхонгæнæг. Уæдæ разы стут ацы тæрхоны лæгтыл? Хаджумар. Лæгтыл разы, фæлæ мах цæмæй зылып кæнут, ууыл разы... Е л хъ а п. Не ’стæм, Т æ р х о н г æн æ г. Уый ныртæккæ равзардзы- стæм. Тараты Хаджумар, адæмы тæрхондон дæ цæ- мæй зылын кæны, уыцы хъуыддаджы дæхи азымджын хонйс æви нæ? X а д ж у м а р. Нæ хопын. Хо куы рæдиа, уæд уы- мæн зонд бацамонын æз азымыл иæ нымайын. Т æ р х о н г æ н æ г. Тараты Елхъан, ды ацы хъуыд- даджы дæхи аххосджыныл нымайыс æви нæ? Елхъан (бадгæйæ). Æз ацы хъуыддаджы ницы аххосджын дæн... Тæрхонгæнæг. Тары фырт Елхъан, тæрхон- доны раз дзуапп куы дæттай, уæд лæугæ кæн! Елхъан (фестад). Æмæ æз... Раст цыма лæг амардтон, уый цæстæй мæм цæмæн кæсут?! Æз ацы хъуыддаджы иу мисхалы бæрц дæр аххосджын нæ дæн. Стæй дзы хъуыддаг дæр нæй...-Мæ хæдзар хи- цæн, Хаджумары хæдзар хицæн. Хаджумар йæ хо- 7
йæп, йæ бинонтæн зонд амоны æви сæ цæгъдгæ кæны, уæддæр дзы мæи цы хъуыддаг ис! Т æ р х о н г æн æ г. Уæ хо Заретæйы йæ лæгæй кæй расайдтат, йæ цард ын кæй фехæлдтатг кæй йæ фæ- падтат, уымæй дæхн аххосджын хоныс æви нæ? , Елхъан. Нæ хонын. Æз дзы цалæм дæи ацы хъуыддаджы!.. Тæрхонгæнæг. Сбад! (Аныхас кæны æмтæр- хонгæнджытимæ.) Цы зæгъдзæн прокурор та? Н и н æ (сыстад). Мæнмæ лæсгæ хъуыддаг æвзари- наг у абон. Давгæ-давыны, кæпæ лæг, маргæ-марын кæй баййафынц, уымæн ма суанг йæ дæгъæлтæ, кæнæ йæ марæи хæцæнгарз йæ къухы куы вæййы, уæддæр йæхи аххосджын нæ фæхоны. Тараты Хаджумар аф- тæ зæгъы, мæ хо рæдыди æмæ йын зонд бацамыдтон. Фыццаджы дæр йæ; хо йæ амонд йæхæдæг кæй ссард- та, уым рæдыдæй пицы ис, уый йæхи бар у. Дыкка- гæй та ссæдз азы кæуыл рацæуы, ахуыргæнæгæй ку- сын чи райдайы, ахæм адæймагæн йæ цард халынæй, кæнæ нæмынæй зонд ничи фæамоны! Хаджумар. Æз никæй фæнадтон, нæ фехæлд- тон мæ хойы цард дæр... йæхи йын бафæрсут. Уыдон иууылдæр æз нымайын цъыфкалæи митыл, хахуыр ныхæстыл æм>æ æз уæ абоны тæрхоны тыххæй мæ хъаст ныффысдзынæн суанг Цекамæ дæр. Тæрхопгæпæг. Зæгъ-ма, Хаджумар, кæм ис дæ хо ныртæккæ? Хаджумар. Æз æй бæлвырд нæ зонын, фæлæ горæтмæ цæуинаг уыди йе ’фхæрджыты, йæ аскъæф- джытыл тæрхон кæныны бæсты йып йе ’фсымæртыл кæй тæрхоп кæнут, уый тыххæй хъаст кæнынмæ. Стæн ай цæй тæрхон у, цæй комеди аразут! Кæй цы хъуыд- 8
даг ис, хоты æмæ æфсымæрты æхсæн цы чысыл хыл- тæ æмæ ныхæстæ рауайы, уыдонмæ! Ау, адæмы тæр- хондонæн искæй бинонты лыстæг хабæрттæ ракал-ба- кал кæнынæй дарддæр куыст нал ис?! Тæрхонгæнæг. Дæу, Тары фырт, мах тæрхон- донмæ æрбакодтам, сылгоймаджы бартæ кæй бассæ- стай, йæ цард ын кæй фехæлдтай, уый тыххæй. Тæр- хондон цы куыст кæны, уый та ныртæккæ дæ хъуыд- даг нæу. Советон Конституцимæ гæсгæ сылгоймаджы бартæ æмæ нæлгоймаджы бартæ æмхуызон кæй сты, уый зоныс æвп нæ? X а д ж у м а р. Зонын. Т æ р хои гæ н æг. Уæдæ сыЛгоймаг кæй бауарза, уымæ моймæ ацаэуын йæхи бар у æви нæ? X а д ж у м а р. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи бар у. Тæрхонгæнæг. Уæдæ, дæ хо Заретæ Берозты Майрæммæ йæхи уарзондзинады фæдыл йæхи барæй кæй ацыди, уый зыдтай æви нæ? X а д ж у м а р. Бархийæ кæй пæ ацыди, уый зыд- тон. Скъæфгæ нæ акодтон. Елх/ьан. Ай-гъай, скъæфгæ йæ акодтой. Тæрхонгæнæг. Елхъан, дæу нæма фæрсæм. (Хаджумармæ.) Уæдæ пæ скъæфгæ акодтой, зæгъыс? Хаджу м а р. Бæгуыдæр, мæ хо йæ сæрмæ не ’рха- стаид худинаг, йæ бинонты, йæ мыггаджы сæр нæ фе- рох кодтапд æмæ кæйдæр æнæхæдзар, æнæкъона лæ- джы фæдыл иу æхситтæн нæ ацыдаид. Н ад я. Æнæхæдзар, æнæкъона цы хоиыс? Хаджумар. Бахатыр кæнут... афтæ... сирвæзти. Газак.к (адæмы æхсæнæй). Уæд иу æхситтæн та цы хопыс? Æз уæм æнæхъæн афæдз къахихсыд куы бадæн минæварæй. 9
Тæрхонгæнæг. Æвдисæн Газакк, дæу нæма фæрсæм æмæ фæлæуу. Тары фырт Хаджумар, уæдæ дын дæ хо Заретæйы скъæфгæ акодтой, зæгъгæ, ууыл лæууыс? Хаджумар. Бæгуыдæр, скъæфгæ. Фыдæлтык- кои талыпг гуымирытау æй аскъæфтой æмæ йын фыд- митæ бакодтой... Абон тæрхондоны раз хъуамæ мах, йе ’фсымæртæ, йæ ирвæзынгæнджытæ ма лæууиккам, фæлæ йе ’фхæрджытæ, йе ’скъæфджытæ... Хъа спол. Хаджумар, зæгъ-ма, Заретæ куы ацы- ди, уæд уæм æртæ боны фæстæ цы писмо æрæрвыста, уæ кæрты кæй кастыстæм, уыцы писмо цы фæци? Хаджумар. Ахæм ппсмойы хабар æз хъусгæ дæр нæ фæкодтон. Хъаспол. Елхъан, Хаджумары кæрты цы писмо ампылдтæ кодтай æмæ мæныл кæй фехстай, уыцы пис- мо цы фæци? Елхъан. Æз ницы федтон... Стæй, Хъаспол, ды мæн ахæм къахæн ныхæстæй ма фæрс! Ам Таратыл тæрхон кæнынц, уый æмбарыс æви нæ? Дæ мыггаг дын худинаг кæнынц, уый æмбарыс æви æнæном, æнæ- мыггаг лæг дæ! Хъаспол. Ам Таратыл ничи тæрхон кæны. Тæр- хон цæуы аххооджынтыл. Кæмæй фæнды фестæнт. Æз сæ ницæмæй уал фæрсыи. Нинæ. Æз аххосджын Хаджумары бафæрсынмæ хъавын. Т æ р х о’н г æ.н æ г. Бафæрс. Нинæ. Тары фырт Хаджумар, ды обкомы секре- тармæ фыстай дæ писмойы, зæгъгæ, дын дæ хойы аскъæфтой, ды йæ фæдыл ацыдтæ фæдисы - æмæ йæ æмбæхстæй баййæфтай райæххæсткомы сæрдар Исла- 10
мы хæдзары. Куы дæ федта дæ хо, уæд дыл йæхи бап- пæрста кæугæ æмæ циугæйæ. Ме ’фсымæр, мæ ирвæ- зынгæнæг æфсымæр, ме ’фхæрд, мæ худинаг æнæ райс- гæ ма ныууадз, зæгъгæ. Æцæг афтæ уыди? Хаджумар. Æз писмойы куыддæриддæр фы- стон, афтæ, фæлæ æмбал прокурор... Нинæ. Æмбал нæ, фæлæ гражданин прокурор. Хаджумар. 0, фод, гражданин прокурор, афтæ уыди. Йæ цæссыгтæ калгæйæ... Н а д я. Цæссыг бирæ кæй æрызгъæлдта дæ хо, уы- мæн æз дæр дæн æвдисæн... X а д ж у м а р. Гъе, кæсыс, прокурор!.. Фæлæ уæд- дæр æз дæн культурон советон лæг æмæ нæ талынг фыдæлтау нæ ныллæууыдтæн маст исыны фæндагыл. Æз зонын, советон закъонтæ кæй бахъахъхъæндзысты сылгоймаджы стыр бартæ, кæй бафхæрдзысты сыл- гоймаджы æфхæрджыты... Мæ хо... Заретæ... Мæ иунæг зæды хуызæн хо!.. (Сæрфы йæ цæстытæ.) Дæ тæригъæдæй... фæлтау!.. Тæрхонгæнæг. Тараты Хаджумар, Тараты Ел- хъан, уæдæ уæ хо Заретæ йæхи фæндонæй нæ ацыди моймæ, фæлæ йæ скъæфгæ акодтой, зæгъгæ, ууыл лæуут? Хаджумар. Кæд уæ нæма бауырныдта... Елхъан. Ай-гъай, ай-гъай, скъæфгæ йæ акод- той! Хаджумар. Фæлæ, гражданин тæрхонгæнæг... прокурор... Мæн уырны, рæхджы а<м, тæрхондоны раз мах бæсты кæй æрлæууын кæидзыстут мæ хойы æф- хæрджыты — Берозты Майрæмы, Гæнахты Газаччы æмæ Исламы... 11
Тæрхонгæнæг. Байхъуыстам дæм. Цы зæгъ- дзæн прокурор та? Н и н æ. Мæ ныхас æз зæгъдзынæн фæстæдæр. Ныр уал æркæсæм, ацы хъуыддаджы слест цы раб’æрæг кодта, уыцы хабæрттæм. (Цырагъ ахуыссы.) ФЫЦЦАГ АКТ ФЫЦЦАГ НЫВ Уынг. Галиуырдыгæй бæрзонд быруйы сæрты зыиы скъолапы фасад, рахизырдыгæй — ирон хæдзар, йæ рудзгуыты цур бæ- лæстæ. Скъолайæ райхъуысы бирæ сывæллæтты уынæр: уроктæ фесты. Быруйы чысыл дуарыл рацæуынц Заретæ æмæ Заирæ. Æрлæууынц уынджы. Заретæ. Цæуыл æнкъард дæ, Заирæ? Кæд æх- хормаг дæ? 3 а и р æ. Нæ. Нæ дæн æххормаг... Чызджытæ. фæндтæ кодтой, каникулты чи кæдæм ацæудзæн, ууыл. Ирæитæ Хъобаны лагертæм цæудзысты. 3 ар е т æ. Æмæ дæу нæ фæнды лагертæм? 3 а и р æ. Фæнды. Тынг мæ фæнды, фæлæ мæ Май- рæм нæ уадзы. 3 а р е т æ. Цæуылнæ? 3 а и р æ. Нæ хæдзар арæзт нæма фæци. Стæй, дам, путевкæйæн æхца пæй. 3 а р е т æ. Уæдæ уый тыххæй æпкъард кæпыс? Æз дын балхæндзынæн путевкæ. 3 а и р æ. Нæ, нæ, ды цæмæн... формæ дæр мын ды балхæдтай... 12
3 а р е т æ. Уый макæмæн дзур. 3 а и р æ. Майрæммæ ис æхца, фæлæ, дам, хæдза- ры дзаумæттæ æлхæнынæн хъæуынц. Иннæ аз, дам, дæ арвитдзынæн... Ныр нæ рудзгуытыл æвгтæ æвæ- рынц, уæттæ чъырæй цæгъдынц æмæ, дам,>сæ бафс- иайыпмæ фæкæсæг нæ уыдзæн... Куы йæ фенай, уæд ма йын-иу зæгъ æмæ мын балхæна путевкæ. 3 а р ет æ. Хорз, хорз, Заирæ... 3 а и р æ. Æз згъорои. Хæрипаг конд пæм пæй. Майрæм æххормагæй æрбацæудзæн æмæ тæригъæд у. (Азгъоры.) Заретæ (кæсы йæ фæдыл). Йæхæдæг тæригъæ- дæй мары, уæддæр йе ’фсымæры мæт кæны... рудзгуы- тыл æвгтæ æвæрынц, чъырæй цæгъдынц... (Йæ мид- былты бахуды. Скъолайырдыгæй тагъд-тагъд рауа- йы Дзерассæ. Ауыны Заретæйы.) Дзерассæ. А, Заретæ... Æз скъолайы афæстиат дæн. Æнхъæлмæ мæм кастæ? Заретæ. Нæ. Æз Заирæимæ рацыдтæн. Тæри- гъæд ын кæнын. Ие ’мбæлттæ, æвæццæгæн, ныхæстæ кодтой, сæ сæрд куыд æрвитдзысты, уыдæттыл. Чи йæ мадырвадæлтæм ацæудзæн, чи лагертæм, ай та мæ- гуыр... Дзерассæ. Мæнæ тагъд сæ хæдзар арæзт фæ- уыдзæни, чындз æрхæсдзысты æмæ сидзæр нал уыдзы- сты... О, хæдæгай, æз уæ Майрæмимæ знон комы бæ- лæсты ’хсæн хибарæй куы ныууагътон. Цытæ дын дзырдта? 3 а р етæ. Цыт,æ дзырдта... Ницытæ... Дзерассæ. Цæй-ма, радзур мын сæ... Хуримæ /•æ барста, стъалытимæ, дидииджытимæ?.. 3 а р е т æ. Ацу, стæ. Ма мæ къах... 13
Дзерассæ. Æцæг, æцæг... Мæ мард фен, куынæ мын сæ радзурай... 3 а р е т æ. Хуры кой дæр нæ кодта æмæ стъалыты кой дæр. Цыдæр фæсномыгæй дзырдта. Куы-иу ныс7 сырхи, куы-иу афæлурс... Цæмæйдæр мæ уд хауы. Нæ- хи Елхъан нæ иумæ федта, куы рацæйцыдыстæм, уæд... Хаджумар æмæ дзыццайæн куы радзура. Цæй... Æндæр хатт... Дзерассæ. Æмæ дзы цæмæй тæрсыс, кæд уæ хъæбыстæ кæнг,æ нæ федта, уæд? Æз тетрæдтæм тагъд-тагъд æркæсдзынæн æмæ дæм æрбауайдзынæн... Гъе та м,æм дæхæдæг бауай. Заретæ. Дæхæдæг-иу æрбауай. Разиат й,æ куы- стæй нæма æрбацыдаид! Стæй афтæ загъта, изæры, дам, нæм уазджытæ уыдзæни. Дзерассæ. Цавæр уазджытæ? 3 а р е т æ. Нæ зонын. Д з е р а с сæ. Æвæццæгæн, уæхиуонтæй исчи... Уар- тæ уыдон не ’сты? 3 а р е т æ (цæхгæр фæзилы, стæй банцой кæиы Цзерассæйыл). Кæм? Дзерассæ (ныххуды). Мæнæ ци!.. . Мимозæ!.. Цæмæй фæтарстæ? Мæгуыры бон, мæ бæсты бæласыл куы банцой кæнис, уæд дæ зæрдæйы гуыпп-гуыппæй йæ дыргътæ æрызгъæликкой. Заретæ. Дзерассæ... Ме уæнгтæ азгъæлдысты... Цу... æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн... Æз дæр тетрæд- тæм æркæсоп... Дзерассæ. Æмæ уыцы зæрдæйы гуыпп-гуыппи- мæ тетрæдты цы рæдыд ссардзынæ?.. 3 а р е т æ. Нæхи рæдыдтæ дæр афтæ æнцон арæн куы уаиккой... \ 14
Дзерассæ. Цæй, Азау, дæ Таймураз куц фæзы- на, уæд мæм-иу дæхæдæг æрбауай. (Ацæуы.) 3 аретæ (аджих вæййы. Бацæуынмæ рахЪрвы, фæлæ та банцой кæны бæласыл). Цы кодтон... Афтæ куы никуы уыдтæн. Мæ зæрдæйы рухсмæ мын цыдæр замапа додой кæны... Цы уыдзæни... (Галиуырдыгæй бацæуынц Газакк æмæ Майрæм.) Г а з а к к. А-а, Заретæ! Де ’зæр Х1Эрз! Заретæ (фестъæлфы). Оу?.. Газакк куы дæ... Æгас цу. М а й р æ м. Де ’зæр хорз, Заретæ. 3 а р ет æ. Æгас цу ды дæр. Цы изæрдзуан кæнут? Г а з а к к. Цуанон лæгæн сырдджын бæсты бонæй изæрæй цы хъауджыдæр ис... Разиат ам ис? 3 а р е т æ. Нæма æрбацыди йæ куыстæй. Газакк. Æмæ йын æз «рагацау-иу ацу» куы загътон фермæйæ. 3 а р е т æ. Æвæццæгæн, афæстиат. Æмæ дæ æхсыз- гон хъæуы? Г а з а к к. Тынг æхсызгон. 3 а р е т æ. Æз æм йæ куыстмæ бауайдзынæн. Мæ- нæ мæ тетрæдтæ æрæвæрон æмæ... Г а з а к к. Нæ, нæ, мæхæдæг æй фендзынæн. Сы- мах уал ам алæуут, æз ныртæккæ. (Ацæуы.) 3 а р етæ. Æз дæр цон... М а й р æ м. Заретæ... Иу чысыл фæлæуу... Иу хъуыддагæй дæ афæрсиыаг уыдтæн. 3 аретæ. Заирæйы ахуыры тыххæй, æвæццæгæн... М а й р æ м. Уый тыххæй... 3 а ретæ. Дæ хо хорз ахуыр кæны... Мæнæ ахуы- рæй суæгъд æмæ йæ лагермæ арвит. 15
М а й р æ м. Бæргæ йæ арвитин... Мæнæ нæ хæдзар куы фаёрæвдз уаид. 3 а р е т æ. Хæдзар никуыдæм алидздзæни, фæлæ чызгæн йæ сабийы бонтæ анвгъуыйдзысты. Мадæн дæр ын ды дæ, фыдæн дæр. М а й р æм. Фыдæн ын æз бæргæ дæн, фæлæ йын... Уæндгæ дæр дæм нæ кæнын, Заретæ... 3 а р ет æ. Цы мæм нæ уæндыс?.. Зæгъ æй. М а й р æ м. Куы мыл фæхудай... 3 аретæ. Худинаг исты куы зæгъай, уæд ыл, бæ- гуыдæр, фæхуддзынæн. Майрæм. Мæ зæрдæмæ ныккæсын дæ нæ фæн- ды? Заретæ. Зæрдæтæм кæсæн цæстытæ мæм нæй. М а й р æ м. Адæймагæн йæхи цæстытæй хуыздæр ницы ис искæй зæрдæмæ ныккæсынæн... Заретæ. Æмæ дæ зæрдæмæ куы ныккæсоы, уæд дзы цы фендзынæн? М а й р æ м. Дæхи... дæхи сурæт дзы фендзынæ... Заретæ (мидбылты худгæйæ). Æмæ цы ми кæ- ны мæ сурæт дæ зæрдæйы? Кæд дын йæ дуæрттæ гом сты æмæ йæм, гæлæбутау, тæхынц искæй ^ сурæттæ... (Майрæм нал арæхсы дзурынмæ.) Бирæ ма дзы ис мæ хуызæн сурæттæ? Майрæм. Нæй, нæй. Заретæ... Æрмæст дзы ды дæ... Ды дзы куынæ уаис, уæд, æвæццæгæн, саумæй- дар æхсæвæй талынгдæр уаид! (Куыд фæстæмæ ныфс- джындæрæй.) Дæуæй рухс у мæ зæрдæ... Уарзын дæ, Заретæ, нæ хъæумæ куы фæзыпдтæ фыццаг хатт, уæ- дæй нырмæ. Заретæ (бакаст æм} стæй йæ сæр æруагъта). Æмæдæ цы фæпды? 16
Майрæм. Æз дæ мæхицæн царды æмбй^æн рав- зæрстон... Æз, кæйдæртау, мæлгъæвзагæй дзурын нæ зонын æмæ дын æй пыр æргомæй, хуымæтæджы ны- хæстæй зæгъын... Заретæ. Æз нæма равзæрстон... ам, уынджы къæйыл ахæм ныхæстæ... Майрæм. Æз сæ никæмæй сусæг кæнын. Никæ- мæй фефсæрмы уыдзынæн мæ уарзондзинад зæгъын... Кæд дæ фæнды, уæд æз ныхъхъæр кæндзынæн æгас хъæуыл дæр, æгас дунейыл дæр, Заретæйы уарзыьг, зæгъгæ... Заретæ (скæсы йæм æмæ мидбылты бахуды). Æрра!.. Цои æз... Худинаг у... М а й р æ м. Фæлæуу... дæ хорзæхæй... Чысыл фæ- лæуу, Заретæ. Заретæ. Сабырдæр дзур... Ам, кæйдæр хæдзары раз... Майрæм. Уæхи хæдзармæ бацæуыны бар мын дæттыс? 3 а р е т æ. Уазджытæ хæдзармæ бацæуын куы сфæнд кæнынц, уæд раздæр фысымы фæфæрсынц, ба- цæуæм æви нæ, зæгъгæ?.. Майрæм. Ахæм хъуыддаджы фæдыл... Æз бар дæуæй курып... Заретæ. Цæй... уæртæ чидæр æрбацæуы. (Асин- тæм схизы.) М а. йрæм (бауайы йæ фæдыл). Заретæ... Заре- тæ... Бар мын дæттыс? 3 а р е т æ (паузæйы фæстæ). Дæттын. М а й р æм. Куы дæ фæрсой, ацы лæппуйæн комыс æви нæ, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæ? О æви нæ? 2 Пьссæтæ 17
ЗареДæ (æнцад). 0... (Йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзЫу дуар фегом кæпы æмæ бауайы.) М^айрæм. 0 Заретæ!.. Мæ царды рухс. Заретæ!.. Фæлæуу-ма!.. (Фæстæмæ-фæстæмæ рацæуы, йæхи бæ- ласыл скъуыры, фæзилы, бæласæн ныхъхъæбыс кæ- ны.) О-о, Заретæ!.. Газакмæ!.. Газакмæ тæхон! (Цæх- гæр фæзилы æмæ азгъоры. Бацæуы Разиат... Кæсы йæ фæдыл. Рудзынг райгом æмæ ракæсы Заретæ.) 3 а р е т æ. Разиат! (Рудзынг гомæй фæуадзы æмæ разгъоры йæ размæ, йæхи йыл баппары.) Р а з и а т. Цы кæныс, мæ къона? Мæ бындурыл!.. Мæнæ куыд ризы... Истæмæй фæтарстæ? 3 а р е т.æ. Нæ, нæ... ^ Р а з и а т. Исчи ,дæ бафхæрдта? 3 а р ет æ. Нæ, нæ, мæ мады хай, Разиат... Разиат. Уæдæ цы кодтай, цæмæн афтæ ризыс?.. Ардыгæй чи азгъордта, уый чи уыди? Заретæ. Майрæм... Майрæм уыди... Æрбацыды- сты... Газаккимæ... Разиат. А изæр, æцæг, æрбацæуинаг уыдысты. 3 а р е т æ. Газакк дæумæ ацыди... Майрæм мæ ба- уырæдта... Р а з и а т. Æмæ дæ истæмæй бафхæрдта?' 3 а р е т æ. Нæ, нæ... фарста мæ... Р а з и а т. Гъы, æмæ йын цы дзуапп радтай? Заретæ. О... о йын загътон... мæ зæрдæйы ф,æ- дыл ацыдтæн, мæ мады хай, Разиат... Хорз нæ бакод- тон, нæ? Разиат. Тынг æй уарзыс?.. Бирæ йæ уарзыс?.. Уæвгæ дæ зæрдæйы гуыпп-гуыппыл бæрæг у! 3 а р е т æ. Бирæ йæ уарзын... Тынг бирæ йæ уар- 18'
зын... О, Разиат, мæ зæрдæ ратоны мæ риуæй. Кæд фæрæдыдтæн, миййаг, Разцат? Р а з и а т. Нæ фæрæдыдтæ, мæ хур, нæ... Хорз лæп- пу у Майрæм, æфсармджын, æгъдауджын лæппу у. Хорз лæг, хорз æмбал дын уыдзæни. Заретæ. Цы фæци, цы... Æз æй ам фæуагътон æмæ балыгътæн. Р а з и а т. Мæнæ йæ ам кафгæ æрбаййæфтон... бæ- ласæн хъæбыстæ кодта, стæй сæгуытау асæррæтт ла- ста «Газакмæ, Газакмæ», зæгъгæ, хъæр кæнгæ. 3 а р е т æ. Рæхджы Газаккимæ нæхимæ цæудзы- сты... Ой, Разиат, цы йын зæгъдзысты Хаджумар æмæ дзыцца!.. Р а з и а т. Цы йып хъуамæ зæгъой. Ды куыд зæ- гъай, афтæ хъуамæ уа. 3 а р е тæ. Афтæ куы уаид, бæргæ... Р а з и а т. Басабыр у, мæ къона... ахуыргæнæг уæв- гæйæ дын сывæллоны зæрдæ ис. Æгæр уарзондзинад дæр хорз нæу. 3 а р е т æ. Нæу? Р а з и ат. Цом мидæмæ, æрсабыр у. Æвзæрæй куы ницы ракодтай. Дæ амонд ссардтай æмæ дын æй адæ- мы фарн хайыр фæкæнæд. Ахæм иузæрдион лæппутæ бирæ нæй. Заретæ. Бузныг, мæ мады хай... (Хъæбыс-хъæ- бысы фæцæуынц мидæмæ. Заретæ ма ракæсы фæ- стæмæ.) Æмбæрзæи ДЫККАГ ЫЫВ Тараты хæдзар. Рахизырдыгæй уат, галиуырдыгæй кæрт, йæ алфæмбылай бæрзонд брутæ. Комкоммæ — æхгæд кæрты дуар. 19
Ёрутæ афтæ æхгæд сты алырдыгæй дæр, æмæ цыма стыр кæрт къуындæг æмæ уынгæг у, афтæ зыны. Уат кæртæй хицæп кæпы æрмæст иу тæнæг къулæй. Къулы кæрты ’рдæм чысыл рудзынг. Залжй кæсгæйæ хорз зынынц, кæрты дæр æмæ уаты дæр цы митæ чындæуы, уыдон. Уаты сты Косер æмæ Хаджумар, Косер архайы хæдзары мнгæнæнтнмæ. Хаджумар цыдæртæ æвæры чу- мæданы. Косер. Акæн æй. Иу чысыл æй демæ цæрын ба- уадз, тæригъæд у. Уый дæр мой скодта æмæ йæ йæ лæгнмæ цæрын фæнды. X а д ж у м а р. Диссаг дæ, Косер, гъер цытæ дзу- рыс? «Акæн æй, акæп æй»! Кæдæм æй акæнон, иу фа- теры къуымы цæрын æмæ... Æз бон-изæрмæ мæ служ- бæйы вæййын, уый та уым сыхæгты кæрчытæ хиз- дзæн!.. Косер. Омæ йæ уæд цæмæн æрхастай? Мæлынмæ дæм не ’рцыди, уæд куынæуал лæууыдтæ, минæвар сæм минæвары фæдыл куы æрвыстай. Хаджумар. Уый æндæр хъуыддаг уыди. Уæд æй уарзгæ кодтон. Уарзондзинад... Уадз æй ам. Чындз у æмæ хæдзары куыстытæ кæнæд... Нал æй уарзын. Уарзондзинад циу, уый æмбарыс? Косер. Цы йын æмбарын æз та... Сымах йедтæ- мæ чи цы æмбары... Кусынæй дзы ницы рахъаст кæ- нæн ис. Иæ бон цы у æмæ цынæ у, уый дæр кæны. Мæ- нæ уæдмæ нæ чызг дæр æрцæудзæн æмæ дыууæйæ ис- тытæ архайдзыстæм. Науæд та мæнæ дæ хæдзармæ рацу æмæ ам цæр. Хаджум а р. Иæй мып ардæм цæуæп. Ам мæиæн куыст нæй. Ко с ер. Куыниæ ис ам куыст? Мæнæ ма лæгтæ сæ къухтæм дæр æмхасæнтæ куы кæнынц. 2Р
X а д ж у м а р. Ахæм куыстытæ кæй аккаг сты, уыдон сæ кæнынц. Хæринаг хъуаг, дзаума хъуаг нæу. Цæрæд, кæд æй фæнды, уæд... Кæд æй нæ фæнды, уæд ын йæ фыды хæдзармæ — уæрæх фæндаг... Али- менттæ фидын ын куынæ хъæуы, миййаг... (Хъуысы кæрты дуары гуыпп-гуыпп.) Акæс-ма, чи у. К о с е р. Кæд нæ чызг æрхæццæ, миййаг. Хаджумар. Уыцы чызгæн дæр... Мæ хъустыл дзы цыдæр дам-думтæ æрцыди æмæ йын йæ уд слас- дзыпæп... Цæуыннæ æрхъуыдты вæййы йæ хæдзармæ! Косер (фæцæйцæуы, стæй фæлæууы). Цы дзы æрцыди дæ хъустыл? Дæдæдæй... ’Æниу... Ныууадз, ды та алкæуыл дæхи бирæгъяу æппарыс. (Ацæуы.) Хаджумар (чумæдаиы æфснайы хæдæттæ). Гæрзтæ ’хсынмæ, иту ’вæрынмæ йын æмбал нæй, æн- дæр ницæййаг у æмæ, дам, æй демæ алас... (Косер кæрты дуар байгом кæны. Кхртмæ бацæуынц Газакк æмæ Майрæм.) Г а з а к к. Уазæг пæ уадзут, Таратæ? Косер. Цæуыннæ уадзæм, уазæг хуыцауы уазæг... Рацæут мидæмæ. Г а з а к к. Мидæмæ цæуыны уазджытæ стæм. Уæ бонтæ хорз. К о с е р. Æгас цæут. (Хаджумар рудзынгæй ра- кæсы.) X а д ж у м а р. Гæнахы-фырт æмæ Берозы-фырт... Уыцы куыдзы хъæвдыи ардæм йæ ныфс куыд æрбахаста!.. Фæлæуу, фæлæуу... Ау, уыцы ныхæстæ æцæг уой?! (Йæ чумæданы сæр æртъæпп кæиы, йæхи фæфæсвæд кæнынмæ хъавы, фæлæ йын гæнæн нал ис.) Косер (кæрты). Мидæмæ рацæут, нæ лæппу дæр 21
ам ис. Уæдæ нæ чызг цы хъæуы кусы, уырдыгон стут? Газакк. О, уыцы хъæуккаг, фæлæ мæ куыннæ- уал хъуыды кæныс, Косер? Фарон уалдзæг уæм уыд- * тæн. К о с е р. Мæ зæрдыл бирæ цыдæртæ нал дарын, фæлæ дæ, цыма, кæмдæр федтон... Мæнæ ацы лæп- пуйы никуыма федтон. Майрæм. Газакк, машинæ уынджы ныууадзæм? Газакк (къæсæрæй). Кæд йæ дуар æхгæд у, уæд уал æй уым уадз. (Бацæуынц мидæмæ.) К о с е р. Лæппу, уазджытæ нæм фæзынди... • Хаджумар. О, о, мæпæ ма Газаччы федтон!.. Æгас цæут. , Г а з а к к. Уæ бон хорз. (Сæ кæрæдзи къухтæ исынц. Хаджумар Тазаккыл йæхи цинтæгæнæг скод- та} Майрæммæ йæ хъус нæ дары.). X а д ж у м а р. Газакк, Газакк, Хъæдгæроны пад- дзах! Газакк. О, гъо, Хаджумар, паддзæхты уадз, се ’мбисонд — сæхи. Хаджумар. Бадгæ скæнут, Газакк. Æвзагæй дæу ничи баййафдзæн. Туркмæ минæварæй арвиты- нæн бæззыс. Газакк. Турк уал фæлæууæд, фæлæ абон кæд сарæхсон, уæд-иу мæ Персмæ дæр арвитут. X а д ж у м а р (фæджих, стæй æрæджиау). Персы Вазир Мухтар дæр уыди минæвар, фæлæ йæ къæхтæ размæ, афтæмæй фæстæмæ ласинаг фæци... Газакк (худы). Æмæ дæумæ дæр исты хæццæ кæны Персæй? Хаджумар. Æз дæр пысылмон дæн. Минæвар лæгæи пысылмон зæххыл цæуын æдас нæу. '22
Газакк. Ау? Уый зонгæйæ æфсæдтæ ракодтаик- кам немæ, и, Майрæм? Хаджумар (тарæй). Лæппу, ды бадгæ цæуыл- нæ скæныс?.. М а й р æ м. Сбаддзынæн... К о с е р. Чи фæци ласинаг зæгъыс, лæппу? X а д ж у м а р. Ничи... Бахатыр кæн, Газакк, æз балцмæ мæхи цæттæ кодтоп. Кæд исты хъуыддаджы фæДыл... Г аз а кк. Ай-гъай, хъуыддаджы фæдыл... Бахатыр кæн, Хаджумар, иучысыл дæ куы бафæстиат кæнæм, уæд... К о с е р (æрдæбонсарæй джихтæ кодта, куы Га- закмæ касти, куы Майрæммæ). Нæ уазæг, бахатыр кæн, Газакк, хуиныс, .нæ? Г а з а к к. О, Газакк. Ко с е р. Гъер дæ æрхъуыды кодтон. Фарон нæ чыз- джы дзауматæ æрластай. Г азакк. О, о, Косер. Хуыцау зæгъæд æмæ сæ ацы аз ардæм ласын куыннæуал бахъæуа. Косер. Ома куыд, Газакк? Æлгъитгæ нæ кæныс, æви нын арфæтæ кæныс? Цыдæр минæвары койтæ кæнут, н,æ уæ æмбарын. (Хаджумар йæ сæр иыггуы- быр кодта æмæ зæхмæ кæсы.) Г а з а к к. Омæ, Косер, йæ ныхас иу дзырдæй кæ- мæн бамбарынц, йæ хъуыды арвæй æргомдæр кæмæн у, уый цæййаг минæвар у? И,æ хъуыдытæ мигъы бын фæкæнын чи зоны, хорз мипæвар уый фæхонынц. Хаджумар. Куыд уæ бамбæрстон, афтæмæй, Газакк, сымахæн махимæ кæнгæ нæу уæ ныхас. Ам доыггэг ис, æмæ æз хистæртæй искæмæ фæдзуроп. Ба- 23
хатыр кæнут, Газакк, иучысыл уал абадут æнæ мæн. Æз ауайон иæ хистæртæй искæмæ. (Ацæуы.) Косер. Бирæ ма бафæстиат у. (Газаккæн.) Мæ мæрдтыстæн, уазæг, уæддæр дын ницы бамбæрстон... Г а з а к к. Косер, нæ цыды сæр цæуыл у, уый дын зæгъон: ацы лæппу Берозты лæппу, Майрæм, нæ хъæуккаг. Уемæ бахæстæг кæнын æй фæнды æмæ йæ ф’енат, зæгъгæ, уый тыххæй æрцыдыстæм... уæ чызг За- ретæ мах хъæуы кусы ахуыргæнæгæй... К о с е р. Æмæ уый дæр цы кæны... уый дæр æмбæ- лы. (Кæсы Майрæммæ.) Хаджумар (æдде). Дзыцца, чысыл ма рауай. Косер. Бахатыр кæнут, уазджытæ, чысыл уæ хи- барæй фæуадздзынæн. Акæсон нæ лæппумæ. Газакк. Табуафсп, ницы кæпы. Уæ хъуыддæгтæ кæнут, уæ кæрæдзи фенут../ (Косер ацæуы.) М а й р æ м. Уæллæй сæ хъуынтъыз бакастæй мæ зæнгтæ срызтысты... Фæлæ, цыма, мад афтæ тызмæг нæу... Г а з а к к. Багъæц, развæлгъау ма цин кæн. Майрæм (къултыл ауыгъд къамтæм кæсы). Мæ- нæ Заретæ... гыццыл чызгæй... мæнæ уым-та скъола- дзауæй... Г а з а к к. Æндæр дзььникæй уыныс? М а й р æм. Æндæр мæ дзы ничи ма хъæуы... Мæ- нæ ам та йæ мадимæ... Мæ дзыппы йæ атъыссон? Г а з а кк. Нæ афтæ не ’мбæлы. Рæхджы йæхæдæг дæхи куы уыдзæни. М а й р æ м. Гъæй, тæхуды!.. Фæлæ сыл мæ зæрдæ къæпп кæны. Исты хорз дзуапп радтой, уый æнхъæл п æ дæн. . Газакк. Аг Хаджумарæй мæнæн дæр мæ зæрдæ 24
рухс нæу... Куыдз æмæ рувас йумæ змæстæй конд у. Зып равзарæн, зыидзырд лæг у. Бафиппайдтай, цы цæстæй дæм бакасти, уый? М а й р æ м. Куыннæ. Иæ къух дæр мæм куынæ радта йæхм хæдзары... Г а з а к к. Чи сæ раизардзæни, æхгæд бинонтæ сты. Раст сæ кæрт куыд æхгæд у, сæ зæрдæтæ дæр афтæ ’хгæд сты, дурын чырынтау. Заретæ ма сæ кæмæй фæ- ци... Майрæм... Заретæ зæд у, зæд... (Райсы альбом.) Мæпæ ма, сæ бинонтæ иууылдæр ам... Кæс-ма. (Кæ- сынц альбоммæ, Кæртмæ иннæ уатæй рацæуынц Ко- сер æмæ Хаджумар.) X а д ж у м а р. Куыд йæ пыфс æрбахаста уыцы æнæхæдзар куыдзы хъæвдын! К о с е р. Ссысс... уазджытæ сты, худинаг у! X а д ж у м а р. Уыдои хæдзармæ уадзинаг уазджы- тæ не ’сты. Афтæ цæуылдæрты ахъуыды кодтон, уый йедтæмæ сыл схъæртæ кæнинаг уыдтæн. Косер. Цыдæриддæр у, уæддæр цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдысты, уымæн дзуапп агурдзысты. Мыггаджы лæгтæй искæмæ фæдзур, Хъаспол^мæ, кæ- нæ Елхъанмæ. Бирæ ма бафæстиат у. Хаджумар. Хъасполмæ цалынмæ хъæуы еæрмæ цæуон, уæдмæ дæр ма ам бадой... Елхъанмæ фæдзур- дзынæн. Цы кæнын хъæуы, уый æз зонын... Уыцы чызг куы суæгъд ис, уæд цæуылнæ æрхъуыдты ис ныронг?! К о с е р. Фæлæуу, æмæ лæппуйы зоныс? Хаджумар. Иу цыдæр .æнахуыргонд ницæйаг. Æнæхæдзар, æнæкъона... Уæлæ йып æхсæны хардзæй цыдæр халагъуд аразынц, мæнæ мæ хæсты рæстæджы 25
расур-басур чи кодта, мæ фæдыл смудаг куыдзау чи зылди, уыцы Берозты Хъазбеджы фыр’т... Косер. Мæ боныл... уæд æй æнæ ’ус кургæ ничи уадзы... Цол, аив нæу, исты сын ацæттæ кæнон... Хаджумар. Чъиритæ йедтæ кæныныл ма сбæн- дæн у. Фæйнæ арахъхъы æмæ сын уазал къæбæр æрæ- вæр æмæ тагъддæр ахъуыдты уой... Хъусыс, уазал къæбæр!.. Косер. Уанцон уазал къæбæр нæу... Чъиритæ уæддæр. X а д ж у м а р. Æз дын цы загътон!.. Иу чъири дæр нæ! М а й р æ м. Цыма кæртæй сæ дзурын цæуы. Газакк. Ау, уæдæ нæ бынтон рохуаты ныу- уадзой... К о с е р (кæрты). Фæлæуу-ма... Кæд нæ чызгæй ис- ты зæрдæвæрд сты. Æыæ исты бæрæгæй ие ’рбацыда- иккой. X а д ж у м а р (фæджих, йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди). Йæ хурх ын цыпæ сæргæвдин æз!.. Цы дзуапп сын раттын хъæуы, уый æз Елхъанæн зæгъдзынæн... Ды дæ дзыхыл хæц. Хъыпп-сыпп дæр ма скæн. (Ацæ- уы.) Косер. Тæхуды... цы бачындæуа. Кæд цыдæрид- дæр æнæкъонатæ сты, уæддæр уазджытæ сты. Уый- бæрц бадынц... (Бацæуы иннæ уатмæ.) Г а з а к к. Æвæццæгæн, тохъхъылты нарддæры агу- рынц æргæвдынмæ. М а й р æ м. Дæхи цæттæ дар сæр æмæ бæрзæймæ. Мæнæн та тохъхъылы хъус цæхдоиы тылдæй... Кæс-ма, Заретæйы къам хицæнæй. Мæн у... Маргæ мæ куы кæ- 26
ной, уæддæр æй давын. (Къулæй райсы къам æмæ йæ амбæхсы йæ роны.) Газакк. Гъæй, лæппу, хицауады цур давгæ... Майрæм. Ау, чызг ма скъæфгæ куы акæнынц, уæд ын йæ къам адавын цас бæллæх у?.. Фæлæ сæм _ кæдмæ æнхъæлмæ кæсæм. Куыд нæ ныууагътой. Газакк. Рæсугъд чызгмæ куы бæллай, уæд дзы фæразын хъæуы. М а й р æм. Заретæйæн фæндон у мах æрбацыд, уый сын ма зæгъ, бафхæрдзысты йæ. Газакк. Уый мæнæ дыууæрдæм хъеллау куы кæ- ной, дзуапп куынæ дæттой, уæд сыл æй бандзардзынæн. М а й р æ м. Æндæр гæнæн куынæуал уа, æрмæст- дæр уæд... (Бацæуы Косер. Йæ къухты арахъхъы гра- фин, тæбæгъы хус къæбæртæ æмæ цыхты муртæ.) Косер. Бахатыр кæнут, уазджытæ. Иунæгæй уæ ныууагътам. Хæдзары цумайы кæстæр нæй, чындз та быдыры ис æмæ мæхи бахъæуы ауайын. Газакк. Ницы кæны, Косер. Дæхæдæг бахатыр кæн, фыдæбоны дæ бафтыдтам, фæлæ нын не ’рбацы- ды сæрæн дзуапп куы зæгъиккат... К о с с р. Мæнæ уал фæйнæ арахъхъы аназут. Уæд- мæ пæ лæппу дæр зыпдзæни. Уæртæ нæ мыггагæй искæй æрбакæиа. Мыггаджы, мæ хур, хистæртæ ис, кæстæртæ ис. Мах дæр ам æдзæрæг сакъадахыл нæ пæр’æм. Г а з а к к. Ныббар, Косер, фæлæ æз дæр афтæ нæ зæгъын, æмæ уæ кæрæдзи ма фенат, фæлæ, зæгъын, ахæм хъуыддаджы мад æмæ... (Бацæуы Елхъан.) Елхъан. Æгас цæут, уазджытæ. (Исы Газаччы къух. Майрæмьи уындæй, цыма æхсынцъы ахордта, 27
уыйау фæци. Майрæм дæр баззайы джихæй.) Сба- дут... Сбад Газакк. Г а з а к к. Арфæгопд у, Елхъан, æмæ дæ рæстæм- бæлæг хуыцау фæкæнæд. Косер. Дæ разы уал сын фæйнæ арахъхъы апа- зын кæн. Елхъан, æгæр сæ бадып кæнæм. Е л х ъ а н. Уый дын мæ быгъдуан. (Рауадзы агуыв- зæты арахъхъ. Дæтты иу нуазæн Газакмæ, иннæ сисы йæхæдæг.) Цæй, Газакк, фæйнæ уал аназæм, стæй уый фæстæ пыхас кæндзыстæм, кæд нæм исты ныха- саг ис, уæд. Г а з а к к. Бахатыр кæп, Елхъан, фæлæ æз æнæ нæ хабар базонгæ нæ баназдзынæн. Косер. Аназут уал фæйнæ. Уæдмæ лæппу дæр зындзæн. Нæ лæппу цы фæци, Елхъан? Елхъан. Кæдæмдæр ма фездæхти... Уазæг, фæй- нæ уал куы анызтаиккам... Тагъд дон фурды не ’ййафы... Г а з а к к. Нæ, Елхъан. Афтæ баныхас кæнæм æмæ уал нæ хъуыддаджы сæр сбæрæг кæнæм, стæй уый фæстæ ныуаздзыстæм. Нозт нын нæ алидздзæни. Мах, Елхъан, ацы хæдзармæ æрбацыдыстæм æгъдау агу- рæг æмæ... Хаджумар дын ницы загъта? Елхъан (йæ нуазæн æрæвæры). Хаджумар мын цыдæр дæлæ-уæлæ ныхæстæ акодта. Г а з а к к. Æмæ йæм уæддæр цы фаанд уыди? Фæн- даг пс махæн хъуыддаджы фæдыл ацы хæдзармæ? Елхъан. Æз æй куыд бамбæрстон... стæй мæхæ- дæг дæр куыд æмбарын, афтæмæй, сымахæн ацы хæ- дзары хъуыддаг нæй. Фæлæ уал... Г а з а к к. Фæлæуу, фæлæуу. Елхъап, афтæ цæх- гæр лыггæнгæ нæу хъуыддаг... Ам ныхас кæнæм уæ 28
чызг Заретæйы амонды тыххæй æмæ дзы фыццаджы- дæр бафæрсын хъæуы чызджы... мæнмæ гæсгæ афтæ хъуамæ уа. Заретæйы фæнды æви нæ фæнды... Кæд æй фæнды, уæд нын хъуамæ ам уа хъуыддаг, кæд æй нæ фæнды, уæд нæ. К о с е р. Æмæ нæ уæдæ цы дзуапп агурут ныртæк- кæ? Чызг ам куынæ ис. Уæлæ йæ куыстæй суæгъд уы- дзæн æмæ йæ уæд ардæм хъæуы. Фæдис куынæ у. Ба- фæрсын æй хъæуы. Газакк. Уæ чызг Заретæйы бафæрсын æмæ йын йæ зæрдæйы уаг базонын æз мæхимæ исын... Елхъан (мæстыйæ). Нæ, уазæг, Заретæ Тараты чызг у æмæ йæ фæрсын куы хъæуа, уæд æй мах нæхæ- дæг бафæрсдзыстæм. Ацы ран, уазæг, дæхимæ æгæр стыр бартæ исынмæ ма лæбур. Газакк, Елхъан, мах цы хъуыддагыл ныхас кæ- нæм, уый у уæ чызджы амонды хъуыддаг... Ко с ер. Амонд у æви нæу, мах ын ницыма зонæм. Газакк. Фæлæ уæддæр фарст хъуамæ уа Заре- тæ. Æмæ йæ сымах бафæрсат æви мах, йе та йæ æм- бæлттæй исчи,— уый цы уæлдай у? Базонын хъæуы, чызг «о», зæгъы, æви «нæ» зæгъы, Елхъан, ды та аф- тæ зæгъыс: фæрсын æй куы хъæуа... Хъæуы йæ, хъæ- уы: уымæй аразгæ у хъуыддаг. Ел хъ а п. Иу хатт ма дын æй зæгъын, уазæг. Нæ чызг кæд сымахмæ ахуыргæнæгæй кусы, уæддæр мах чызг у, Тараты чызг, æмæ Тараты чызджы истæмæй фæрсьш куы хъæуа, уæд æй бафæрсдзысты Таратæ сæхæдæг. Газакк Елхъан, нæ кæрæдзи хуыздæр куы бам- барикка’м, уый мæ фæнды. Мах дæр афтæ æнæхсæст æмæ æпæуæздап адæм пе ’стæм æмæ æнæ уæхи уæ 29
чызгимæ ныхас кæнæм. Кæд афтæ хуыздæр уаид, уæд- дæр. Мах æрцыдыстæм Таратимæ хæстæг бакæныны охыл, æмæ кæд зæгъут, нæ чызджы зæрдæ нæ зонæм, бафæрсын æй хъæуы, зæгъгæ, уæд табуафси, дæлæ нæ мæшиыæ уым лæууы, абадæм, суайæм, бафæрсæм, æмæ кæд «о», зæгъы, уæд кæнæм хъуыддаг, кæд «нæ», уæд нæ кæнæм. Елхъан. Къазнайы машинæ та ма цы ратæр-ба- тæр кæнæм. Æз æй зонын, Заретæ ацы... Заретæ кæй нæ бакомдзæн, уый... Майрæм (ныронг лæууыди æнцад). Газакк, ба- хатыр кæнут... Æз машинæмæ акæсон. Газакк. Акæс. (Майрæм ацæуы.) Елхъан, нæма зоныс, уæ чызгмæ цы зæрдæ ис, уый, афтæмæй нæйыл иыллæууыдтæ. Елхъан. Æмæ й,æ уæдæ ды зоныс! Ау, ай Тара- ты хæдзар куы у, æз Таратæй куы дæн, ды уалæ Гæ- нахатæй, уæд Тараты чызгмæ цы зæрдæ ис, уый ды мæнæй хуыздæр зоныс? Г а з а к к. Чи зоны. Афтæ дæр вæййы. Елхъан. Æмæ кæд афтæ у, уæд ма аразгæ ны- хæстæ цы кæныс, мах а’фтæ, уфтæ, иннæрдæм, аннæр- дæм! Газакк. О, æмæ ууыл мæсты цæмæн кæныс, Елхъан? Æз йемæ кусьш, хъуыддæгты дæр сæмбæ- лæм, мæ сывæллон дæр æм ахуыр кæны. Мæсты ны- хасы фарны хъуыддаг нæй„. Чызгджын тыхджын у, мах та лæгъзтæйаг стæм æмæ уæм лæгъзтæ кæныпмæ æрцыдыстæм. Косер. Омæ, уазæг, ды дæр æнахъинон иыхæстæ кæныс, æрмæст уæ чызджы бафæрсæм, зæгъыс, æмæ ам дæр мыггаг куы ис, æфсымæртæ куы ис. Уыдонмæ 30
дæр... Стæй нæ чызгæн мой кæнын афон дæр нæма у. Е л х ъ а н. Ай-гъай, нæй нæм мойгæнæг чызг, æмæ уын ам хъуыддаг дæр нæй æмæ нæм дзæгъæл цыд дæр ма кæнут. Æз фæдæн мæ ныхас. (Сысты.) Уы- мæй дарддæр уын ницыуал зæгъын æз. Уæдæ Хаджу- мар дæр афтæ зæгъы, цæугæ дæр уæм ыал æрбакæн- дзæн (Фæцæуы.) Косер. Фæлæуу. Елхъан, уазджытæн фæйнæ арахъхъыуæддæр баназын кæп. Кæд, уæддæр уазджы- тæ сты... Елхъан (къæсæрæй). Уазджытæн дæлæ сæ цу- ры ис æмæ сæ кæд хъæуы, уæд баназæнт! (Фæдуар- æдде. Газакк æмæ Косер кæсынц йæ фæдыл. Уæдмæ Елхъан ахызы кæртмæ. Уым срæвæййы хæрхæмбæлд Майрæмыл.) Куыдзы хъæвдын! Дæ цæсгом куыд æр- батардтай ардæм! Ферох дæ ис, æз комæй хъайвантæ куы рацæйластон... Ды мын сæ акалын кодтай... Афтæ æнхъæлдтай æмæ никуыуал сæмбæлдзыстæм! М а й р æ м. Елхъан, маст æгæр бирæ дарыс дæ зæрдыл. Æз æй раджы куы ферох кодтон... Елхъан. Æз ницы рох кæнын... Ацы хæдзары хатыр уал дын уæд... Майрæм. Стæй дын сæ мæхи хæдзары тыххæй куыпæ акалыы кодтон. Колхозы куы уыдысты... ’ Е л х ъ а н. Дæхицæн хæдзар дæр куынæ ис... Ам дæуæн хъуыддаг нæй æмæ æнæ мастæй дæхи айс ар- дыгæй! (Кæрты дуарæй дæр федде. Майрæм джихæй баззад йæ фæдыл.) Газакк. Цæй, Косер, уæдæ уæм æндæр дзуапп нæй? 31
Косер. Нæ. Нæ лæгтæ цы загътой, уымæй хуыз- дæр дзуапмæ æнхъæлмæ ма кæсут. Г а з а к к. Омæ Косер, ды та мад куы дæ. Дæ чызг Заретæ Майрæмы уарзы, уый зоныс æви нæ? Косер. Нæ зопын. Стæй мæ нæ фæнды йæ зонын дæр. Г а з а к к. Ау, уый та куыд? Дæ хъæбул... Косер. Мæ хъæбул куы рæдийа, уæд æм æддо- зæй кæсон, зонд ын ма бацамонон?.. , ^ ’ Г а з а к к. Æмæ цæмæй рæдийы дæ чызг? ,г . Косер. Мæ иунæг чызг æнæхæдзар.:ДО"'- .~н1Мæ лæгмæ ацæуа, уый мæ нæ фæнды. ’ ,.^"г' оа ,.«..*• Г а з а к к. Чи у æнæхæдзар? п К о с е р. Мæнæ демæ чи ис, уыццлæг. Газакк. Чидæр дæ фæсайдт^,/' Ис ьш дзыхъ- хъынног хæдзар. Косер. Дзыхъхъынног хæдзар! Адæмы капеччы- тæй, къазнайы хардзæй арæзт халагъуд... Йæхи бон кæ- мæн нæ вæййы хæдзар саразын, уымæн халгай... Г а з а к к. Омæ, Косер, нæ колхозы хæдзæрттæ аразæг бригадæн йæхæдæг бригадир куы у. Йæхæдæг куы аразы адæмæн дæр ма хæдзæрттæ. К о с е р. Аразы, куыннæ! Газакк (рамæсты, фæлæ йæхи ныууромы), Ко- сер, ды ацæргæ сылгоймаг дæ, æз дæр уæдæ ме ’ккой хæссын цыппар æмæ дыууиссæдз азы æмæ йæ хъуа- мæ æмбарæм, чызг æмæ лæппу кæрæдзи куы фæуар- зынц, уæд уыдон зæрдæты закъонтæн бауромæн æмæ фехалæн нæй... Косер. Æз закъонтæн ницы зонын... Кæд, куыд зæгъыс, афтæ нæ чызг ацы лæппуйы уарзы, уæддæр 32
æз йæ мад дæн æмæ йæ рæднйын хъуамæ ма бауа- дзоп. Г а з а к к. Уæдæ нæ-иу хъаст ма ракæнут, уæ чызг уæ хæлиудзыхæй куы фæуадза æмæ йæ уарзондзина- ды фæдыл куы ацæуа, уæд! (Фæцæуы дуармæ.) Косер. Ацы хæдзар лæууы йæ рагон æгъдæутты бындурыл. Уыцы æгъдæуттыл ахуыр у мæ чызг æмæ сæ нæ фехалдзæн! Г а з а к к. Фсндзыстæм!.. Хорз уал байрайут! (Ац&иы сг^\1'; ’ УТ)гтандараст!.. Фæлæ дын мæнæн ахæм ны- хæстæ Ксс.1лл^^ ^ мбæлы! (Йæ фæдыл джихæй базза- ди.) Мæ къонайыл... Кæд æй æцæг уарзы... æвзæр лæппуйы хуызæн дæр’ куынæ у... Цæмæн дзы се ’сæфт уынынц нæ лæгтæ?.. ’Ской кæнын дæр æй куынæ уа- дзынц... 0, хуыцау, æнамондæй йæ бахиз... Æмбæрзæн ДЫККАГ АКТ ÆРТЫККАГ НЫВ Тараты хæдзары, нзæрырдæм. Косер бацæуы уатмæ, къултыл йæ цæст ахæссы, йæ сæр ныттилы, стæй йæхи æруадзы бандоныл. Косер. Кæддæры гуыппгæнгæ галуан иунæгæй баззади, хаст бинонты заууаты хæдзарау... Лæппу хъæуæй арвы талынгты стъæлфы, æнæцот чындз куы заууат фæуинаг колхозы, куы йæ цæгаты бады. Чыз- гæй алы худинаджы дам-думтæ ^хъуысы... Фæззыгон бæласы сыфтæртау сæ дымгæ фæйнæрдæм фæхаста, У Пьссачæ 33
æз та ам, сау хъæды халонау, иунæгæй баззадтæн... О тæхуды, чи амæлы... Цы кæнон ныр иунæгæй уыцы стыр цæхæрадонæн... (Æрбайхъуысы фыццаг маиш- нæйы уынæр, стæй кæрты дуары къуырцц-къуырцц. Фæджих.) Чи уа цымæ?.. Мæ хæдзарыл!.. Кæд та уы- цы минæвæрттæ сты?.. Æмæ сын цæхгæр дзуапп куы радтам... (Хъуысы та дуары къуырцц-къуырцц. Сы- сты.) Уæдæ нæ лæппу уаид æмæ йæ куыстмæ куы ацыди, нæ чызгæн та æрцæуын афон куынæма у... О хуыцау, ацы иунæгæй мæ уазджытæй бахиз... (Рацæ- уы. Кæрты чысылдæр дуар байгом кæны. КфП’Мæ бахизынц Заретæ æмæ Дзерассæ, сæ хъæбысты хуыс-^ сæнгæрзтæ.) 3 а р е т æ (хуыссæнтæ æрæвæры æмæ йæ мады хъæбысмæ йæхи бацпары). Дзыцца!.. Дзæбæх дæ дзыцца?.. Æнæниз дæ?.. Дзерассæ. Цæй, марадз, гыццыл гаги! Иæ ма- ды хъæбысмæ йæхи базыввытт ласта! Де ’зæртæ хорз Косер. Косер. Æгас цæут нæ бæлццæттæ... Чызг, суадз ма мæ, уазæгæн йæ къух райсон, цы мыл ныттыхстæ! (Аиуварс кæны Заретæйы æмæ исы Дзерассæйы къух.) Æнæниз у, мæ хур, æмæ хорз амонд дæ хай... Фæлæ цæй раджы æрхæццæ стут... Уæууа, æрæвæр ды дæр дæ уаргъ. Дзерассæ. Хаджумар, æвæццæгæн, æнæ йæ хо цæрын нал фæрæзта æмæ йæм схæццæ ис. 3 а р етæ. Фæдисонау мæм схæццæ, «цом, цом, дæ рынчын мад уым иунæлæй удхар кæны!» Дзæбæх дæ, дзыцца, рынчын нæ дæ? К о с е р. Куыд уыныс, афтæ. Удхаргæнæджы хуы- зæнæй мæм исты уыныс? 34
3 а р е т æ (Дзерассæмæ бакæсы). Уæдæ нæ цæмæн фæсайдта?.. Удаистæй нæ цæмæн фæуайын кодта?.. Дзерассæ. Уый ды зопдзынæ, де ’фсымæр дæ- уæн у. Фæлæ диссаг нæу?.. К о с е р. Æмæ кæимæ æрцыдыстут? Заретæ. Хаджумаримæ... Муссæйы машинæйы иæм схæццæ... Косер. Муссæйы?.. Æмæ лæппу йæхæдæг кæм ис? Ардыгæй, йæ куыстмæ куы ацыди. Заретæ. Дæлæ æдде кæимæдæрты лæууы. Цом уал, Дзерассæ, мидæмæ. Кос ер. Ауайут мидæмæ, мæ хуртæ, ахæссут хуыс- сæнгæрзтæ, уæ дзаумæттæ. Хуыссæнгæрзтæ дæр ра- лас-баласæн цы лæууынц, цы.. (Заретæ æмæ Дзерас- сæ сисынц дзауматæ æмæ фæцæуынц уатмæ.) 3 а р е т æ (цæугæ цæуыи). Диссаг нæу, цæмæн мæ фæсайдта?.. Дзерассæ. Дзæгъæл хуымæтæджы нæ уыдзæн... Ноджы Муссæимæ?.. (Бацæуынц хæдзармæ.) Косер (фæцæуы дуарырдæм, ныллæууы). Мус- сæимæ?.. Цæмæн æй расайдтаиккой?.. (Бацæуы Ха- джумар). Лæппу, ардыгæй дæ куыстмæ куы ацыдтæ, уæд ма кæцырдæм фæдæ? Хаджумар. Гъе, гъе, Косер, лæг цы фæндæгтыл цæуынмæ фæхъавы, иудадзыг уыцы фæндæгтыл нæ фæцæуы... Уыцы чызг-уазæджы истæмæйты хорз фен. Ныртæккæ йæ фæстæмæ схæццæ кæнын хъæуы йæ хæ- дзармæ. Кос’ер. Чызг-уазæгæн æз исты кæндзынæн, фæлæ чызджы цæмæн фæсайдтай, дæ мад рынчын у, зæгъгæ? Хаджумар. Ау, æмæ дæ дæ чызджы фенын нæ фæнды? 35
Косер. Йæ хъæбулы фенын кæй нæ фæнды, уый амæлæд, фæлæ йæ сайын цæмæн хъæуы, цæуыл æй фæдисы уайын кæныс, цæуыл удаист кæныс чызджы, йæ афоныл æрцыдаид. X а д ж у м а р. Райсом дæр æй цæуын хъуыдис æмæ абон дæр... Искуы исты худинаджы дам-думты бæсты дæхи хæдзары куы уа, уæд хуыздæр у... Уыцы адæймаг та йæ цæгаты ис? Косер. Нæма æрцыди.- X а джу м а р. Гъемæ дзы мауал æрцæуæд! Ам йæ бынат уæгъдæй нæ баззайдзæни... Федтай уæртæ, дæ чызгимæ цы бæлон æртахти? Тæккæ райсом æй æр- хæрхæр кæниккам... (Косер æм джихæй кæсы.) Цы мæм ныккомкоммæ дæ... Чындзæн дын бæззы æви нæ? Косер. Йæ къахы фындзтыл дæм слæууыди, куыннæ... Æгæнон миты афон дын бæргæ нал у. Фыл- дæр сæ чи фæраив-баив кодта, уыдон дæр дзы хуыз- дæр амонд не ’ссардтой... Кой дæр æй ма кæн, мæн, чи нæм ис, уымæй хуыздæр чындз нæ хъæуы. Хаджумар. Мæн хъæуы, мæн... Цы æмбарыс ды та цардæн. Цард денджыз у æмæ дзы ленк кæнын зо- нын хъæуы, кæннод дæ йæ бынмæ аласдзæи. К о с е р. Æмæ ды кæй раив-баив кæнынмæ хъа- выс, уыдон цæрын нæ фæнды æви сын ленк кæнæн базыртæ нæй? Хаджумар. Чи куыд арæхса, уымæй у... Цæй марадз æмæ уыцы уазæджы истæмæйты хорз фен. Мæнмæ æдде машинæ æнхъæлмæ кæсы. Æз ныр- тæккæ фæстæмæ фездæхдзыпæн. Косер. Уыцы сæудæджергæнæджы машинæйыл та раскъæр-баскъæр кæпыс? X а д ж у м а р. О, Муссæйы машинæйы. 36
Косер. Æгæр лымæн банстут... Лæвар уа?.. Хаджумар. Лæвар уа, цы уа, уый йæхи бæрæг кæпдзæпи, фæлæ ’дæ чызгæп пæ рохтыл -фæстæмæфи- дар хæц!.. Мæстæй йæм хæлгæ кæнын... Йе ’мбалы хатыр ын ныккодтоп, æндæр ып... Уыцы басякæн та йæ дымгæ дæр нæ хæдзары цурты куыннæуал ауайа, афтæ!.. Цæн, уазæгмæ бакæс! Косер (фæцæуы уаты ’рдæм, фæстæмæ). Цæй дымгæйы коп кæпыс?. X а дж у м а р. Мæнæ дæм æрæджы йæ мииæвари- мæ чи æрбасхъæл, уый. Ко с е р. Уымæп дзуалп куы радтам. X а д ж у м а р. Дзуапп ын радтам, фæлæ йын, æвæццæгæп, уый æгъгъæд пæу. Æз сæ абои иумæ лæу- гæ баййæфтон... Мæхи тыххæй ныууырæдтон... Цæй, мауал-фæстиат кæн!..' О, хæдæгай, бацæттæ кæн, изæ- ры нæм уазджытæ уыдзæн. Косер. Цавæр уазджытæ? Мæпмæ нозт нæй. Хаджумар. Куы æрбацæуой, уæд сæ базопдзы- пæ. Нозт дæр ссардзыстæм. Цæугæ, бакæс уазæгмæ. (Косер бацæуы мидæмæ.) Муссæйы уазджыты хабар ып зæгъпп, æви пæма... Цæй, Елхъап ып æн зæгъдзæ- ни... Цалыпмæ мæ куыстмæ пæ ацыдтæп, уæдмæ ба- кæпып хъæуы ацы хъуыддаг. (Цæхгæр фæзилы æмæ ацæуы. Уатмæ бацæуынц Заретæ æмæ Дзерассæ. За- ретæ у æнкъард, фæлæ йæхи хъæлдзæг дарыныл ар- хайы.) Заретæ. Нæ чындзы уат... æнкъард, æдзæрæг хуыз... Йæ лæгæй йæ зæрдæ рухс нæу æмæ йæ уат дæр пыффæлурс и... Д з е р а с с æ. Арæх вæййы йæ цæгаты? 3 а р етæ. Арæх. 37
Дзерассæ. Æмæ Хаджумары хуызæи культу- рон, ахуыргонд лæгæй йæ зæрдæ рухс кæмæн нæу... Æви «хъæубæсты мыдæвзаг, йæ усимæ фыдæвзаг» кæмæй фæзæгъынц, ахæм у? Заретæ. Ницы у ахæм... Фыццаг æй тынг бирæ уарзта, æрхъæцмæ йыл нæ лæууыди. Ахуыр кæнынмæ йæ нал ауагъта... Кусынмæ дæр æй нæ уагъта... Ныр ыл^цы ’рцыд, нæ зонын... Кæд ын зæнæг кæй нæй, уый тыххæй йыл сыстырзæрдæ. (Къулмæ фæкомкоммæ.) Мæ къам та кæм ис?.. Ам куынæуал ис... Дзерассæ. Цавæр къам? 3 ар етæ. Мæнæ ам мæ къам ауыгъд уыди/дзыц- ца... Дзерассæ. Фæлæуу... Къæрныхтæ уæм не ’рба- цыдысты... Æз æй Майрæммæ федтон. Заретæ. Майрæммæ? (Бахудт.) Адавта йæ!.. (Бацæуы Косер.) К о с е р. Цы кæныс, чызг? 3 а р е т æ (хъæлдзæгæй). Нæ чындз кæм ис? К о с е р. Цæмæн дæ бахъуыд? Заретæ. Мæ хъæбысы йæ акæнон... Кæдæй ныр- мæ йæ нал федтон... К о с е р. Иæ цæгатмæ ныууади. Ардæм æй хъæуы. Дзерассæ, мæ къона, бадгæ та цæуылнæ кæныс, бадгæ? Дзерассæ. Мæхи лæууын ахуыр кæнын, Косер, рæхджы мæ искæй къулы рæбын лæууып куы ба- хъæуа... (Худы.) Косер. Ныры чындзыты та ма цæй лæууыытæ хъæуы... .Дзерассæ. Косер, дæхи чызг мæнæй фæраздæр 38
уыдзæпи, æвæццæгæн. Æрæджы уаам усгуртæ куы уы- ди... Цы дзуапп сын радтат? К о с е р. Æмæ гьа, нæ лæгтæ сын цы дзуапп рад- той... Чызг, мæ хур, цу, хæдзармæ бакæс. Чъиритæ, басудздзысты. 3 а р е т æ. Хорз, хорз, дзыцца... нæ басудзысты. Косер. Дæу фæрсдзысты, куыннæ... Марадз!.. 3 а р е т æ (Дзерассæмæ бакæсы, йæ мидбылты ба- худы æмæ æвæндонæй рацæуы. Фæстæмæ). Дзерас- сæ... Æз дæ ныртæккæ цармæ скæсын кæндзынæн! (Ацæуы.) Косер. Дзерассæ, мæ къона, мæ чызгимæ иумæ кусут, дыууæ хойау кæрæдзи уарзут. Мæхи чызджы йас дæ кæд нæ уарзын, уæд мын ну боны цард дæр хуыцау ма раттæд. Дзерассæ. Цæмæн зæгъыс, Косер, куы йæ зо- нын... К о с е р. Рæхджы мæ иигæнмæ ныккæс, куынæ мын зæгъай, цавæр лæппу у... Ды йæ зондзынæ... Истæйаг у? Мæ чызг æм исты амонд ссардзæн? (Æрбайхъуы- сы фыццаг машинæйы уынæр, стæй кæрты дуар фе- гом вæййы æмæ бацæуы Хадоюумар.) Æнхъæлдæн аемæ нæ лæппу фездæхти... Уæд та’ ахсæв ам баз- заис? Дзерассæ. Нæ, Косер... Майрæмы тыххæй мæ фарстай... Косер. Фæлæуу... нæ лæппуйы цур нæ... (Бацæуы Хаджумар.) Цæй тагъд фездæхтæ? Хаджумар. Нæ уазæгмæ мæ зæрдæ ’хсайдта... зæгъын, фаг æгъдау ын куынæ раттай, миййаг. Чъын- дыгомау дæ хонынц æмæ, зæгъын... К о с е р. Дæ дзыхы уаджы нывæн су!.. 39
Дзерассæ. Цавæр уæлдай æгъдау мын раттын- мæ хъавыс? Хæдзар мæхи хæдзары хуызæн куы у. X а д ж у м а р. Хуыцау куы зæгъид æмæ... Дзыцца нырма йæ куы ницæмæй хорз федтай. Косс р. Пыртæккæ (Сысты.) Дзсрассæ. Мæп ннцы хъæуы. Мæпæп цæуып афоп у, кæппод машипæйыл нал сæмбæлдзыпæи. Косер. Фæлæуу, мæ къона, æз ныртæккæ. (Ацæ- УЫ.) X а д ж у м а р. Тагъд ма кæн, Дзсрассæ, æз дæ цы- дæриддæр афои схæццæ кæндзынæн суапг Чызджыты хохы цъупмæ дæр. Д з с р а с с æ. Бузпыг. Æгайтма дæм ахæм лæгдзи- над пс, фæлæ уазджытæй фæлмæцгæ дæр куыннæ кæнут. Æрæджы дæр уæм уазджытæ куы уыдпс, æн- хъæлдæн. X а д ж у м а р. Хæдзары уазджытæй фылдæр цы вæййы. Дзерассæ. Хуымæтæджы уазджытæ пæ... Ус- гуртæ... Хаджумар (æнæбары бахуды). Разведкæйы ис- куы куыстай? Цæп хорз æй зоныс?.. Дзерассæ. Ахæм хабар базонынæы разведкæйы сæр иицæмæп хъæуы. Æз халопау ме уæпы кæсын. Хаджумар. Р1е уæны чи кæсы, ахæм халæттæ ма бирæ пс уæ хъæуы? Дзерассæ. Иу хъæуæн цас æмбæлы, уыйас... Цы дзуапп радтат Майрæмы минæвæрттæн? X а д^ж у м а р. Тыпг дæ фæнды йæ базоиын? Дзерассæ. Кæцы чызджы нæ бафæнддзæн, йе ’мбалмæ цы амонд кæсы, уый базонын? 40
Хаджумар (худы). Кæд уыцы Майрæмгопдмæ дæхи зæрдæ ’хсайы, миййаг? Дзсрассæ (фыццаг йæ цæсгом фæтар, стæй ба- худы). Чц зоны... Хаджумар. Гъемæ уæдæ цип кæн... Косер æмæ йын Елхъан «нагъ» загътой. Дзерассæ. Æмæ ахæм уазджыты куыд ныу- уагътай Елхъаны бар? X а джу м а р.’Æз ам пæ уыдтæн. Дзерассæ. Æмæ разыйы дзуапп кæй пæ радтой, уый та дæм куыд кæсы? Хаджумар. Мæнмæ?.. Мæнмæ гæсгæ уый мæн- мæ куыд кæсы, уымæй кæнгæ нæу. Уый Заретæйæи йæхи хъуыддаг у. Дзерассæ. Гъе, дæ хъуыддаг раст. Уæдæ йын цæуылнæ дæттут разыйы дзуапп, æви æрæджы баци? Хаджумар. Омæ, Дзерассæ, ахæм дзуапп рат- тæн уыди æнæ мæ хойы бафæрсгæ? Дзерассæ. Заретæйы бафæрсын афтæ зын нæ уыди уыцы изæр дæр. Бахатыр кæп, Хаджумар, мæ ныхас дæм уайдзæфы хуызæн куы фæкæса, уæд, фæ- лæ йæм абон фæдисоиау куыд суадтæ æмæ йæ, дæ мад-уæззау рынчыи у, зæгъгæ, куыд расайдтай, афтæ суайæн нæ уыди æмæ йæ æнæ сайгæйæ ракæнын, кæ- нæ уым бафæрсын? Хаджумар. Охх, охх, æвæдза, Дзерассæ, проку- рорæн бæззыс. Дзерассæ. О-о, Хаджумар, æгæр стыр аргъ мын скодтай, куы мæ разведчик хопыс, куы проку- рор... Фæлæ мын дзуапп нæма радтай... Изæры та уæм уазджытæ уыдзæн, æнхъæлдæн? * 41
Хаджумар (бахуды). Нæ дын загътон, æвзæр разведчик нæ уаис, зæгъгæ. Цæмæй та йæ базыдтай? Дзерассæ. Хъусæй хъуаг нæ фæдæн. Хаттæй- хатт сусæг ныхас дæр айхъусын. X а д ж у м а р. Тæхудиаг пæу, ды æхсæвæй рай соммæ кæй сусæг ныхæстæм хъусдзынæ... Дзерассæ (цыма йæ нæ фехъуыста, уыйау, худ- гæйæ). Æмæ уæддæр дæ уазджытæ минæвæрттæ уы- дзысты, æви фидауджытæ? (Бауайы Заретæ.) Заретæ. Дзерассæ, мидæмæ... Исты ахæрæм... Сæххормаг дæн. Цом. Хаджумар. Цом, Дзерассæ, раст зæгъы Заре- тæ. Зæронд мæгайы зыгуымы муртæй ничи сайы. Дзерассæ. (ныххуды.) Хорз, хорз. (Ацæуы.) 3 а р е т æ. Цы фæзæгъыс, ууыл иу раздæр хъуыды акæн... Хаджумар (мæстыйæ). Ды та цы митæ кæныс, ууыл-иу ахъуыды кæн! Заретæ. Цынæ ’мбæлы, æз ахаёмæй ницы кæ- нын... Цæй фод, Дзерассæ мæстыгæр нæу, фæлэе ма мын зæгъ, цæмæн мæ фæсайдтай? Цæмæн мæ фæтæр- сын кодтай «дзыцца уæззау рынчын у», зæгъгæ? Хаджумар. Æмæ дын æвзæрæй цы ракодтон? Заманайы фæлмæн машинæйы дæ æрхæццæ кодтон (Худы.) Æнæ уый не ’рцыдаис. 3 аретæ. Гъе стæй дæ уыцы лæджы машинæ цæ- мæн бахъуыди? Дæдæдæй, дæ сæрмæ цытæ хæссыс! Хаджумар. Уæлдай ныхæстæ ма кæн! Дæ Май- рæмы хуызæттæй æхсæрдæсы аргъ у! Цæй, уазæджы иунæгæй ныууагътам... Цæугæ хæдзармæ. Æгæр бирæ дзурын байдыдтай. Заретæ. Цæй-ма, загъд кæнынмæ та фæдæл. 42
Цом æмæ исты бахæрæм. Худннаг у Дзерассæйæ (Фæцæуы.) X а д ж у м а р. Фæлæуу... Дзерассæйæн исты ана- зын кæн æмæ тагъддæр ут, машинæйы ныртæккæ ар- дæм хъæуы. 3 а р е т æ (къæсæрæй). Дзерассæ, арахъхъ нæ нуазы. Хаджумар (скъаппæй райсы сæны авг). Мæнæ дын...- йе та иумæ цом. Æндæрæбон æй мæ дзыппы æрбахастон (Ацæуынц.) Исдугмæ сценæйы ничи ис. Стæй кæрты дуарæй бакæсы Муссæ. Фæстæмæ фæзилы æмæ æрбадавы сюдкæйы æвгты асыкк, стæй та бæгæныйы æвгты асыкк. Æрæвæры сæ кæрты фæсдуар æмæ сæ æрæм- бæрзы цыдæр хæррæгъæй, куынничи сæ бафиппайа, афтæ. Муссæ (дуары цурæй). Хаджумар! Иæ Хаджу- мар! (Хæдзарæй ракæсы Косер ) Бахатыр кæн, Ко- сер, Хаджумар, машинæ мæ æхсызгон хъæуы, зæгъ- гæ, æмæ уый тыххæй суадтæн. Косер. Æгас цу, Муссæ... Мидæмæ цæуылнæ ра- цæуыс? М у с с æ. Бузныг, Косер... стыр бузныг. Мидæмæ дæр... (Кæртмæ рацæуы Дзерассæ, йæ фæдыл Хаджу- мар, йæ къухты сæны агуывзæ æмæ авг. Сæ фæдыл —- Заретæ.) Дзерассæ. Нæ, нæ, Хаджумар, мæ къухмæ дæр дып æй нал райсдзынæн. Хаджумар. Ау, уып та куыд нал райсдзынæн? Иу æлгъыст у... Дзерассæ (фæкомкоммæ Муссæмæ). А-а, Мус- сæ... Мишæ фæзынди... Амырхаты хъал къупец!.. Нæ 43
бæхтæрæг, нæ шофыр! Æри дæ иуазæы, Хаджумар. Куынæ дын æй райсон, уæд мыл дæ зæрдæ фæхуд- дзæн... (Райсы нуазæн,) Расыггæнаг лæгтæ дæр дзы «Цад цаддоны фидауы», зæгъгæ, бархийæ куы нын- цъухынц, уæддæр та «зæрдæхудтæй тæрсгæйæ баныз- тон», фæзæгъыпц... Нуазæн такси машинæйæ уæлдай нæу, кæцырдæм æй фездахай æмæ кæдæм нæ атæх- дзæн. Мæ нуазæн дын, Муссæ... Æнхъæлцау адæйма- джы зæрдæ рухс вæййы... Айс, Муссæ, айс, æгæр уæз- дан митыл ма схæц... Муссæ. Бузпыг, Дзерассæ, фæлæ мæпæн пуазæн нæй. Æз машинæ скъæрын æмæ уæ искуы былæй ап- пардзынæн. К о с е р. Айс, айс, Муссæ, чызг дæм йæ къух дары. Хаджумар. Ау, Муссæ, Дзерассæйы нуазæн... Æз æй фæтæгепæй дæр бануазин. Дзерассæ. Æмæ кæдæй нырмæ пæ нуазаг сси Муссæ. Æз афтæ куы фехъуыстон нозт мондагæй, дам, хуылыдз лалым дæр бастæрдзæн... Муссæ. Исын æй... Цалынмæ мыл æндæр æбу- алгъ бæллæхтæ не ’рæмысыдтæ, уæдмæ (Исы нуа- зæн.) Дæ нуазæн бирæ æмæ дæ нуазæнæй дæ сæр кад- джындæр уæд... Дæ амонд бирæ, Заретæ, дæуæн дæр. (Нуазы.) Дзерассæ. Мæ сæр, мæ нуазæнæй кадджындæр куынæ уа, уæд æй дзæгъæлы хæссын ме уæхсчытыл... Нуазæн дып æз авæрдтон. Муссæ, амопды тыххæй та Заретæйæн кувыс?.. Мæпæи мæ хорз къоппы доны ад кæны кæмæндæрты. 3 а р е т æ (худы). Æмæ мып æй дæ цæст пæ уарзы, Дзерассæ?.. Дзерассæ. Муссæйы? Куыннæ, куыннæ! Нæ зæ- 44
ронд Лæгтыдзуар дæм а изæр нæ фидауджыты æрба- уадзæд! (Худы.) - Ко с е р- (йæхинымæр дзурæгау). Мæнæ цы дзыхы уаг суагътой!.. Дзерассæ. Цæй, бахатыр кæи, Косер>.. Бузныг, хорз мæ федтат... К о с е р. Ам куы ныллæууыдаис... 3 а р етæ. Æцæг, æцæг, Дзерассæ, ныллæуу ам. Дзерассæ. Нæй мын ныллæууæн, куы йæ зоныс дæхæдæг. X а д ж у м а р. Мах æй ныртæккæ схæццæ кæндзы- стæм йæ фæрныг хæдзармæ. Дзерассæ (Заретæйы цонгыл æрхæцы, хъæ- рæй). Цæй, Заретæ, хæрз фыптæ-иу феп (Сусæгæй.) Цыдæр дыл фæнд кæнынц, Хъахъхъæн... Чысылдæр исты... ма дæ раттæнт ацы хъулои уырыйæы. 3 а р е т æ. Уанцон иæу... Дзерассæ (сусæгæй). Цы нæ вæййы. (Хъæрæй.) Хæрзизæр ут. (Кæрты дуарæй ахизынц Заретæимæ. Ко- сер дæр ахизы сæ фæдыл. Кæрты ма аззайынц Ха- джумар æмæ Муссæ.) Муссæ (амоны асыччытæм). Мæнæ кæмæй загъ- тай, уыдон сдавтон. Фаг уыдзысты? Хаджумар. Уыдзысты. Цом. М у с с æ. Уæд та йæ мæхæдæг схæццæ кæнин... Ам уазджытимæ дæхæдæг куынæ уай... X а д ж у м а р. Уæдмæ раздæхдзыстæм. Стæй демæ иунæгæй нæ акомдзæни. Ам куы баззайа, уæд та дын дæ хъуыддаг фехалдзæн. Мæн дæр йæ фарсмæ абадын фæнды. (Æдде æрбайхъуысы Косеры хъæлæс: «Цы фестут лæппутæ, æгæр уын баталынг уыдзæниЬ) Цом. Машипæ тынг кæм уигъа, ахæм рæтты тæр. 45
Æцæг æй сæттынæй хъахъхъæн, састæй дын æй нал райсдзынæн... (Ацæуынц. Æрбайхъуысы маишн&йы уынæр. Кæртмæ бацæуынц Косер æмæ Заретæ.) Косер (кæртæй уатмæ цæугæйæ). Дæ цæсгом дыл æрхауа, цы къæйных дæ, цы уæндон дæ, Дзерас- сæ, кæйдæр лæгтимæ æхсæвыгон иунæгæй куыд афар- дæг... Заретæ. Уæндон æцæг у. Хæлæг æм фæкæнын. К о с е р. Дæумæ дæр, æнхъæлдæн, хæццæ кæнын байдыдта йæ къæйныхдзинад. 3 а р е т æ. Нæ дæ æмбарын, дзыцца. Цæй къæй- ныхдзинад? Косер (ыыллæууы). Кæй лæппуимæ лекка код- тай хъæды, уый дын чи уыди, уый ма мын зæгъ? 3 а р е т æ. Цытæ дзурыс, дзыцца? Ко сер. Цытæ нæ, фæлæ дын, мæ судзгæ мæрдты- стæн, адæмæп æмбисонды митæ бакæндзынæн!.. Дæ худинаджы дам-думтæ дæ разæй куы æрхæццæ сты, уæд цæуылнæ истæуыл ахъуыды кодтай! Заретæ. Цæй дам-думтæ, цæй худинаджы кой кæиыс, дзыцца? Косер. Чи дып у, Елхъан дæ кæимæ федта, ар- дæм курæг кæй æрæрвыстай йæ минæваримæ, уый? 3 а р е т æ. Уый у Берозты Майрæм. Газакк дын æй нæ загъта? К о с е р. Майрæм у æмæ цы рæм у, уымæ дæу цы хъуыддаг ис, цæмæн цæуыс, цæмæн лæууыс йемæ? Стæй йæ цæмæн æрæрвыстай ардæм? Заретæ. Омæ йæ, дзыцца, æз куынæ æрæрвы- стон. Ко се р. Уæдæ йæм махæй исчи æнæсаргъы бæхыл хонæг арвыста!.. Ахæм æнæхæдзар, æнæкъона, æпæ 46
исты зынгæ бынат ахсæг басякмæ? Цытæ дæ сæрмæ хæссыс, мæ чызг! Заретæ! Æрвитгæ дæр æй æз пе ’ркодтон, стæй æнæкъона басяк дæр нæу... Хæдзармæ усгур ничи ба- цæуы, йæминæвар ничи барвиты?.. Цæй-ма, дзыцца, куынæма æрхæццæ дæн, афтæмæй мын алывыд куы ныккалдтай... К о с е р. Цæугæ мидæмæ. Дæ алывыдтæ нырма фæсте сты! Кæсыс æм, уæддæр ма йæ сæрыл дзуры... «Æнæ къона нæу, баеяк нæу!» Цыдæриддæр фод, уæддæр цæмæн вæнйыс йемæ? 3 а р е т æ. Омæ, мæ дзыцца уарзгæ кæны, уарзгæ... Косер. Æмæ дæ ну басяк уарзгæ кæны, зæгъгæ, уæд иу æхситмæ йе ’фцæджы дæхи ацауындзинаг дæ! 3 а р е т æ (хъазæгау, мидбылты худгæйæ). Æз дæр æй уарзын... Косер. Цы загътай, цы? Æмæ кæй уарзын хъæ- уы, уый тыххæй де ’фсымæры, дæ мыггаджы бафар- стай? 3 а р етæ. Æмæ йæ цæмæп хъæуы фæрсын? Уы- дон, кæй бауарзынц, кæй фæкурынц, уымæй мæн фæ- фæрсынц? Ко сер. О, хуыцау! 0,^сыгъдæг мадымайрæм. Мæ- пæ цы цæсгом суагъта«, мæнæ цы чызг схъомыл код- тон! Мæхи сæр, мыггаджы сæр, хæдзары сæр худина- гæй фæхъахъхъæдтон мæ цæргæбонты, ныр мæнæ мæ- хи чызг... Ацу, "мæ цæстæй дæр дæ куыннæ уынон, аф- тæ!.. Цы дын загътон!.. Заретæ. Дзыцца! Цы кодтон?.. (Бацæуы мидæ- мæ.) Косер. Уæддæр ма фæстæмæ къæу-къæу кæны!.. 47
Æлгъысты чызг... Цытæ... (Бацæуы Елхъан.) Дзурын мæ хъæбулæи... Е л хъ а н. Де ’зæр хорз, чындз... Цæй джихтæ кæ- иыс? Уазджытæ ссæуынц. К о с е р. Цавæр уазджытæ? , Е л х ъ а п. Хаджумар дын ницы загъта? Косер. Уазджытæ уыдзæни, загъта, фæлæ чи æмæ цæй фæдыл, уымæн ницы зонын. Стæй æз ныр- тæккæ уазджытæ хынцыныл нæ дæн. Нозт дæр нæм нæй. Цы сæ хъæуы Амырхаты ацафон? Елхъап. Æгъдау агурæг сты, мипæвæрттæ... Косер. Минæвæрттæ? Цытæ кæнут, мæнæ, мыг- гаджы лæгтæ, ницыуал уын æмбарып... Иу минæвæрт- тæй нæма схицæн стæм... Е л х ъ а п. Уыдонæй куыд схицæн, стæм, иннæ хъуыддæгтæ, дæр афтæ æнцон куы уаиккой. Цæй, цæй, чындз, ныртæккæ сæ ардæм хъæуы... Æдзæттæйæ нæ... Косер. Æз ницæмæй цæттæ дæн. Нæй мæм нозт. Елхъан. Нозт, дам, ам дуары цур кæмдæр ис... Дæлæ уыдон цы сты? (Байгом кæны асыччытæ.) О, гъо, дыууæ асыччысыгъдæг сталичнитæ! Дзæбæх дзы куы æрбаппæрста. Гъе уый лæппу у, гъе! А Берозы фыртæй ахæмтæ дæ фыны дæр нæ фендзынæ. Ко с е р (джихæй лæууы). Цы сты, уыдон? Елхъан. Цæй, цæй, чындз. Схæц æмæ сæ мидæ- мæ бадавæм. Цы сты, уый нæ зоныс? Сиаясаджы фыццаг лæвæрттæ. Схæц., Худинаг у уазджытæй... Схæццæ сты... Сæ дзурын цæуы. (Косер схæцы асык- кыл.) Косер. Цытæ кæнут, мæнæ лæгтæ, уый сæрмæ хæссинаг нæу. (Фæхæссыиц асыччытæ! Æрбайхъуы- сы дуары къуырцц-къуырцц.) Æ мб æ р з æн
ЦЫППÆРÆМ ПЫВ Æхсæвыгон. Тараты кæрт у рухс стыр цырагъæй. Уат дæр у рухс. Заретæ- стъолы уæлхъус сыгъдæг кæны графннтæ æмæ агуывзæтæ. Хæдзарæй райхъуысы лæгты ныхæстæ. Кæрты раз- заг иъланыл рудзгуыты цур иунæгæй лæууы Муссæ æмæ бино- ныгæй хъусы ныхæстæм. Заретæ (аджих). Диссаг нæу, ме ’фсымæр афтæ кæрдзындæттонтæй куыпæ у, уæд сæ цæмæн æрба- хуыдта. Кæд ме ’рцыды тыххæй? Æмæ фыццаг хатт куынæ уыдтæн балцы... Стæй кæдмæ баддзысты? Хаджумар (бауайы). Цæй-ма, куыницыуал уын æнтысы, кæдмæ баддзысты уазджытæ. 3 а р е т æ. Каст мæнмæ у? Æз цæттæ дæн... Кæцæй æрæмбырд с’ты нæ хъæуы къупритæ!.. Фыс сын куы ахауын ластай, афтæмæй сæ де сæфт куы уыныс... Æви дæ истæмæн бахъуыдысты? Хаджумар. Цæй, цæй, ахæц-ахæц сыл куы кæ- ныс... Бахъуыдысты мæ куыннæ, ахæм хамасхортæ! Тагъддæр у. Заретæ. Мæнмæ кæсинагæй дзы ницы ис. Кæд дæ тагъд кæныи хъуыди, уæд дæ къайы дæ хæдзары уадз æмæ дын уый тагъд æфснайдтаид. X а д ж у м а р. Уый хæдзарыл бахæцинаг нæу æмæ кæм фæнды уæд, фæлæ рæвдздæр, рæвдздæр! (Ацæуы.) 3 а р е т æ. Цæуыл сыл стыхсти, цы йын сты, ницы йын æмбарын. Цытæ кæны... (Бауайы Госка.) Госка. Цы фæдæ, мæ къона? Чъиритæ, дзидзатæ пæттæ сты. Арæвдз кæн ды дæр, мæ уды гата. Заретæ. Цы сыл сфæдис стут, цыма уын æна- хуыр уазджытæ сты... Мæнмæ кæсипагæй дзы пицы ис, 4 Пьесæтæ 49
фæлæ нын, Госка, цæй æмбисæхсæвы куывд у, куы ницы йын æмбарын. Госка. Дæ амонды куывд у, бамбардзынæ йæ... О... дзæбæхæй, æнæнизæй кæй æрыздæхтæ, уый тых- хæй, уды гагайы хуызæнæй æрыздæхтæ æмæ дын куыннæ скуывд кæной дæ мад, де ’фсымæр... Бæллиц- цаг амонд дын хуыцау... Цæй, цæй, мæ къона, рахæсс сæ, лæгтæ.нырма астæуккаг уаты бадынц. (Ахæс- сынц агуывзæтæ, графинтæ, тæбæгътæ.) Муссæ (кæрты). Куыд раххе-баххе кæнынц... Ис- ты рауайа ацы хъуыддагæй, æнхъæл нæ дæн... Гъемæ уæд гауарда... Машинæ мæхицæн баззайдзæн... Фæ- лæ... Хæйрæг æй базонæд, дыууæрдæм катай кæны мæ зæрдæ... Машинæйæн та балхæнæн ис, фæлæ Заре- тæйы хуызæн чызгæн балхæнæн ницæмæй ис... Мæ цæсты кæронæй йæ уæд та куы ауынин... (Рацæцы Госка.) Гъы, куыд сты хъуыддæгтæ? Госк а. Хорз сты... Муссæ. Уæд та мæхæдæг мидæмæ бацæуин? Г о с к а. Нæ. Ам уал фæсвæды лæуу. Дæ рог митæ уал ныууадз. Косер нæ уарзы ахæм -митæ. Дæдæдæй, цы уды гагайы хуызæн у Заретæ!.. Мæ лæвæрттæ-иу ма ферох кæн. М у с с æ. Дæхæдæг сæ равзардзынæ дуканийы, фæлæ уал æй ныхасмæ куы фенин.. Г о с к а. Æмæ дзы уæд цы сойтæ смæрзынмæ хъа- выс?.. Дæхæдæгын мацы ской кæн, хъуыддаг фехал- дзынæ... æндæр уарзон ын ис, уый дæ ферох?.. Мах бар æй уадз, мах æй Хаджумар æмæ Елхъанимæ ба- кæндзыстæм. Æз дæм æй пыртæккæ рарвитдзынæн æмæ-иу исты ривæд ныхæстæ акæн йемæ, иумæ лæугæ уæ куыд феной, афтæ. Цæй, аууонмæ уал ацу, ам цы- 50
рагъы бын телыхъæдау цы сысхъæл дæ! (Бацæуы хæдзармæ.) М у с с æ. Кæд. мын зæрдæтæ æвæры ацы зæронд хæлынбыттыр, уæддæр мæ зæрдæ фидар нæу Заретæ- йæ... Фæлæ цыдæриддæр уа, уæддæр ын ауадзæн нал ис. Искæй уарзы, уый мæ хъуыддаг нæу. Мæ къухтæм куы æрбахауа, уæд æй хъыпп-сыпп дæр нал суадз- дзынæн... А, машинæ æвгъау бæргæ у, фæлæ цы гæ- нæн ис... Гъы... Хаджумар!.. Цыма, дам, æй æлхæнгæ бакодтон, ахæм гæххæттытæ, дам, ын скæндзыстæм... Макинтош æмæ шляпæ йæ уæлæ, ахуыргонд лæджы диплом йæ дзыппы, афтæмæй коммунизмы къæсæрыл й,æ хойы ирæдыл уæй кæны... Фыццаг заман галтæ, хъуццытæ истой ирæдæн, ныр та — «Волгæтæ», «Моск- вичтæ!»... Цæй фод, Заретæйы иу хъæбыс цы акæнон, уый аргъ не ’сты «Волгæ» дæр æмæ ма суанг Æрхоны доп дæр... Рацæуы... (Бауайы аууонмæ. Заретæ рацæ- уы сарамæ. Муссæ рауайы йæ размæ.) Заретæ... Æз дæп æз... де ’зæр хорз... 3 а р е т æ. Чи дæ? (Фæстæмæ-фæстæмæ рацæуы. Рухсы ныллæууы. Муссæ дæр бацæуы йæ цурмæ.) М у с с æ. Æз дæн æз, Муссæ, цæмæй тæрсыс? 3 аретæ. Тæрсгæ та... Фæлæ ацафон иунæгæй нæ кæрты цы ми кæныс? Муссæ. Афтæ æрбауадтæн... Хаджумар, уазджы- тæ, дам, пæм уыдзæпи æмæ, дам, сын кæстæриуæг акæн... Заретæ. Уазджытæ хæдзары куы бадынц, уæд ды та ам кæстæриуæг кæмæн кæныс? Иæ кæрчытæп? Æмæ уыдон дæр куы баф’ынæй сты. М у с с æ. Худæджы ныхæстæ кæныс... 51
3 а р е т æ. Кæд уазджытæн кæстæриуæг кæнынмæ хуынд дæ, уæд хæдзармæ ацу. Муссæ. Уым мын нуазыи кæндзысты, æз та арæх машинæйыл фæбадын... Стæй мæ демæ аныхас кæнын фæндыди хибарæй... Заретæ. Æргомæй дæр æмæ хибарæй ныхас кæ- нынæн дæр ис хæдзар. Стæй дæ ацафон мемæ цы ны- хас ис, æндæр рæстæг зын ссарæн у, æви фæдис у? Муссæ. Фæдис нæу, фæлæ... Диссаг дæ, Заретæ... æз мæ уд хъарын, цæмæй дæ зæрдæмæ фæцæуон, ууыл, ды та мыл дæхи тигъæй-тигъдæр кæныс. Заретæ. Муссæ, æргомæй ма йæ зæгъ, цæмæн дæ хъæуы, мæ зæрдæмæ фæцæуай, уый? Дæхи æвза- гæй зæгъгæйæ та — цы пайда дын дзы ис? Муссæ. Ау, уый та куыд зæгъыс? Ды чындздзон чызг, æз усгур лæппу, уарзгæ дæ куы кæнын, кургæ дæ куы кæнын. 3 а р е т æ (ныххуды). Æхсæвæрафон ардæм, нæхи кæртмæ, уыцы ныхæстæ кæнынмæ æрбацыдтæ? (Уат- мæ бацæуынц Косер æмæ Госка.) Госка. Косер, де ’гæрыл уай, марадз, уазджытæ дæумæ æнхъæлмæ кæсынц. Косер. Æз сæм нæ кæсын æмæ нæ цæуын. Ахæм хабаримæ æрбацыдысты, æз уый куы нæ зыдтон, уый- йедтæмæ... Мæнмæ сын дзуапп нæй. Нæ чызджы нæ фæнлы. Г о с к а (рудзынджырдæм йæхи байсы æмæ цыма æнæнхъæлæджы федта, уыйау). Кæс-ма, кæс, Косер, нæ фæнды та ма дын цы ныхас у? Акæс-ма сæм мæ- нæ рудзынгæй. Дыууæ бæлоны хуызæн кæрæдзи дæл- лагхъуырты куы бамбæхстысты. К о с е р (цæхгæр фæзилы æмæ акæсы). Мæ хæдза- 52
рыл! Циу уый та ма?! Мæнæ мæ чызгыл хуыЦау ра- хатти! (Йæ цæсгом амбæрзта йæ къухтæй. Бауайы Елхъан.) Е л хъ а н. Чындз!.. Уазджытæ дæумæ куы æнхъæл- мæ кæсынц... Г о с к а. Нæ сæм цæуы... Мæ чызджы, дам, нæ фæнды. Акæс-ма, Елхъан, дæлæ кæртмæ, цы чызджы нæ фæфæнды, уый лæппуимæ афтæ уарзон ныхас фæ- кæны хибарæй, æхсæвыгон? Е л х ъ а н (акæсы рудзынгæй, стæй фæстæмæ фæ- зилы). Гъа-гъа, уæдæ! Нæ фæнды!.. Чындз! Цалынмæ нæ фæхудинаг кодта, уæдмæ йæ арвитын хъæуы... Знон æй æз иуимæ федтон, абон иннæимæ сусæг ны- хæстæ кæны!.. Цом, чындз уыцы уазджытæи дзуапп раттын хъæуы. Æз дæр разы дæн. Хаджумар дæр ра- зы у. Æгас мыггагæй, Муссæйæн «нæ» чн зæгъа, ахæм лæг п æй. Госка. Цом, цом, Косер, æгас мыггаджы сæрты ма ды дæр иупæгæй куыд ахиздзынæ! (Йæ цонгыл ын ахæцыд.) Косер. Фæлæуут!.. Фæлæуут... Нæ чызджы ба- фæрсын хъæуы!.. (Кзгртæй æрбайхъуысы Заретæйы худын.) Госка. Хъусыс? Уый та дын дæ чызджы дзуапп. Цы ма фæрсыс! Косер (йæ цæсгом амбæрзы йæ къухтæй). О, ны- ры фæспвæд. Уæ хуыцау уыл куыд рахаттп!.. Ныртæк- кæ дæр ма... (Ацæуынц æртæйæ дæр.) Заретæ (кæрты). Æмæ курыныл сфæнд кæны- ны размæ не ’хсæн иумæйагæй псты ис æви нæй, ууыл нæ ахъуыды кодтай? Муссæ. Ахъуыды кодтон. Не ’хсæн ис мæ уар- 53
зондзинад. Æз дæ уарзгæ кæнын æмæ дæ уымæп ку- рын. Уарзондзинад арт у... Заретæ. Нæ, Муссæ, артæн донæй ахуыссæн кæ- нæн ис, фæлæ уарзондзинад ницæмæй ахуыссын кæн- дзынæ. Уарзондзинадæн ахуыссæн ис æрмæстдæр мæлæтæй. Муссæ. Гъе, дæ хъуыддаг раст. Кæд ын афтæ хорз зоныс йæ тых, уæд ууыл цæуылнæ ахъуыды кæ- ныс? Заретæ. Уарзондзинад æрмæст иу адæймаджы зæрдæйы миниуæг нæу. Æз дæу нæ уарзын... Мæ цард демæ цæуыл баиу кæнон, ахæмæй дæм ницы уынын. Муссæ. Уæдæ мæ худинаг кæныс? Мæ минæ- вæрттæ ам куы сты... 3 а р ет æ. Æз дæм хонæг нæ арвыстон. Раздæр дæ ахъуыды кæнын хъуыди. Цæуылнæ мæ бафарстай ми- нæвæрттæ æрбарвитыны размæ? Æви сæ дзыццамæ, гъеу нæ чындзмæ .æрбарвыстай? М у с с æ. Исты фау хæссыс йе мæ уындмæ, йе мæ копдмæ, йе мæ куыстмæ, йе мæ хæдзармæ? 3 а р е т æ. Мурдæр ницы. Муссæ. Уздæ мын цæуылнæ комыс? Цы æфсоы мын кæныс? Заретæ. Æрмæст дæр иу æфсон — нæ дæ уар- зын... Цæй, мæн сугтæм рарвыстой... Ды та ацу уæр- тæ дæ уазджытæм æмæ минас кæн, кæнæ дæ хæдзар- мæ!.. (Ацæуы сарамæ. Муссæ цавддурау сагъдæй баззайы. Уатмæ бауайынц Косер æмæ Госка. Косер æрбады æмæ йæ сæрыл ныххæцы, джихæй кæсы зал- мæ. Хæдзарæй райхъуысы хъæлдзæг ныхас, стæй куывд: «Хайыр! Хайыр хъуыддаг æй хуыцау фæкæ- нæд! Таратæ æмæ Амырхатæ амондджын хæстæджы- 1 54
тæ фæуæнт!» Ацы ныхæстæ ауайынц Муссæйы хъу- стыл дæр.). " Муссæ (йæ цæсгом æгасæй худы). Гъæйтт, уа- стырджн, хъуыддаг, æнхъæлдæн, срæвдз и!.. Гъер ма уæдæ ма баком, Заретæ! (Фыццаг хæдзармæ бацæ- уынмæ хъавы, фæлæ йæ ныфс нал бахæссы.) Ныртæк- кæ фод, фæлæ мын райсом та кæдæм ирвæздзынæ!.. Мæ ус дæ ныр! (Кæрты дуарæй федте. Заретæ рацæ- уы сарамæ æмæ «Хайыр, хайыр» зæгъгæ, куы айхъу- сы, уæд джихæй баззайы.) 3 а р е т æ. Циу уый та? «Хайыр?» Кæмæы? Кæи- мæ? Муссæйæн! Æрра фесты!.. (Базгъоры, къæсæрæй байхъусы.) Мæн,æ диссæгтæ!.. Бафидыдтой! Æнæ мæн бафæрсгæйæ?! Æмæ дзыцца та?.. Куыд сæ бауагъта!.. (Бауайы мидæмæ.) Госка. Косер, дæхи куы ауагътай... "Амондджын уыдзæн дæ чызг. Косер (цыма фынæйæ фехъал). «Омæ мæ, дзыц- ца, уарзгæ кæны уарзгæ. Æз дæр æй уарзын». Нæ, нæ, уæддæр мæ чызджы бафæрсын хъæуы! (Фесты.) Кæм ис мæ чызг? Чызг! Госка. Сабырдæр, худинаг у уазджытæй... Цы ма фæрсыс дæ чызджы, хъуыддаг ахицæн. Косер (æрбады фæстæмæ). Кæд мæ хъæбулы нæ фæнды, афтæмæй йæ радтам... (Йæ сæрыл та ныххæ- цы æмæ кæсы залмæ.) Нæ. Цон, ссарон æй. (Фæстæ- мæ фæзылы æмæ ацæуы. Госка йæ фæдыл. Кæрты дуарæй бакæсынц Дзерассæ æмæ Майрæм.) Дзерассæ. Кæрты ничи ис. (Хъавгæ бахизынц.) Нæ дын загътон... (Хæдзарæй райхъуысы лæгты хъæлдзæг иыхас). Ныууæй дын æй кодтой!.. Уыцы 55
сæудæджергæиæг ардыгæй дзæгъæлы хуымæтæджы нæ агæпп кодта хъæлдзæгæй. Майрæм. Ау, сырдтæ, миййаг, сты, ахæм митæ ма чи бакæндзæн? Дзсрассæ. Ахæм сырдтæ ма ис къуымбилты нæ — шляпæты, макинтошты. Майрæм. Заретæйæн йæхи фенын хъæуы. (Хæ- дзары дуарыл разгъоры Заретæ.) Уæртæ нс. 3 а р етæ (тарстæй). Мæ бындурыл!.. Мæнæ мын сырдты мп куыд бакодтой!.. Нæ, нæ... Нæ уыдзæпп!.. Фæлтау... О, дзыцца... (Ныккæуы.) Д з е р а с сæ (аууонæй). Заретæ! М а й р æ м. Заретæ! 3 а р е т æ. О, Дзерассæ, цытæ мыи дзырдтай, куы- нæ дæ бамбæрстон, нæ дæ ауагътаин... (Рацæуы кæр- ты астæумæ. Дзерассæ бауайы хæстæгдæр.) Д з е р а с с е. Заретæ. Цы кодтай?! Заретæ. О... (Æррайау.) Дзерассæйы хъæлæс?.. Куы ницы уынын... Дзерассæ. Заретæ!.. Æз дæн, æз, Дзерассæ. (Йæ цурмæ бауайы.) Заретæ (йæхи йыл баппары). Дзерассæ?.. Дзе- рассæ дæ?.. Æрхæццæ дæ фæстæмæ... Ма мæ бауадз сæфын. Дзерассæ (йæ хъæбысы йæ æрбакæны). Цы кодтай, цы хабар уæм ис? Дæхиуыл фæхæц... сабыр- дæр у... Цы хабар у? Заретæ (хæкъуырццæй кæугæйæ). Мауал мæ фæрс... Цом... Цом... Нæ йæ федтай? Дзерассæ (фæкæны йæ æддæдæр). Кæй? Заретæ (Дзерассæйы уæхсчы сæрты). Май- рæмы. 56
М а й р æ м (ныронг цавддурау до/сихæй лæууы- ди). Æз мæнæ дæн, Заретæ. Цом нæхимæ? 3 а р етæ. Майрæм!.. Мæ дунейы рухс!.. Æз демæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзынæн. Цом ацы зæппа- дзæй... Д з с р а с с æ. Цом! (Заретæйы йæ хъæбысы хæс- сæгау акæны. Ацæуыиц æртæйæ дæр. Уатмæ та бацæ- уынц Косер æмæ Госка.) Косер. Цы фæцадаид мæ чызг?.. (Джихæй кæсы залмæ.) Госка (ныххуды). Йæ уарзонимæ уыдзæнн, æп- дæр ын кæм æнхъæл дæ? Косер. Нæ... мæ чызг афтæ нæ бакæндзæн. Госка. Уæд та æфсæрмæй цæхæрадоны ’рдæм алыгъди, йæ сыхæгтæм. Ко с ер. О сыгъдæг мадымайрæм, æнамонд ма фæ- кæн мæ хъæбулы! Госка. Дæ хъæбул йæ амонд ссардта! (Хæдза- рæй райхъуысы зарын.) Æмбæрзæ н ФÆНДЗÆМ НЫВ. Бои-сихорафон. Тараты хæдзары. Елхъаи бады кæрты дуары цур асыккыл сæргуыбырæй. Косер лæууы кæрты астæу. Косер. Лæгтæ стут, мыггаджы лæгтæ æмæ уын худинаг у ахæм сахат æнцад бадын... (Елхъан ницы дзуры.) Цы дзуапп ратдзыстут Амырхатæн, нæ чындз, кæм ис, зæгъгæ, уæ куы фæрсой, уæд? (Елхъан та ни- цы дзуры.) Ацы хуыцаубонмæ сын йæ арвитыны 57
æмгъуыд куы радтат, уæдсæм кæй арвитдзыстут?.. Цæуылнæ агурут уæ хойы! Елхъан (зæхмæ кæсгæйæ). Уæллæгъи, чындз, уыцы хъуыды кæнын, фæлæ мæ сæр ницыуал ахсы... Кæм ма йæ агуырдæуа... Иæ хæстæджытæй никæмæ ис, уаедæ? Косер. Никæмæ... Кæд ма Хъасполтæм ис... Хъасполы чызгимæ ну арæх уыди.„ Арвыстон æм, фæ- лæ нæ зыны... æвæццæгæн та быдыры ис... Ссæут æм уæд та, мыггаджы лæг у! Едхъан (сысты). Уымæй мыггаджы лæг нæй, фæлае йæ уæддæр бабæрæг кæныи хъæуы. (Фæцæй- цæуы, фæлæ та фæстæмæ ракæсы.) Уæллаг хъæуæй ам ничи уыди? Кæд æй нæ уымы æрвадæлтæй йемæ исчи акодта? Косер. Ничи. Мæхæдæг та цæугæ нал скæндзы- нæн... Мæ зæнгтæ мæ быны нал цæуынц... Суай Хъас- полмæ... Æз дæр ма искæйты афæрстытæ кæпон. (Елхъан ацæуы. Йæ фæдыл кæсы мæстыйæ.) Чызджы фæдуарæдде кæныныл тагъд-тагъд кодта, ныр ам мæ фарсмæ бады!.. Гъæ, мæ фыдгулы мыггаг сымах хуы- зæн лæгтæм æрхауа!.. Хæрд æмæ нозтыл сæ кад, сæ ном ауæй кодтой... Ам хъæуы бадынц æмæ сылты фæдджитæм бакæс-бакæс кæнынц... Тфуй, ме ’нæуы- нон фæут! (Джихæй лæууы.) Кæд йæхицæн исты ба- кодта мæ чызг... мæ хæдзар сау хæлд ма бакæнæд!.. О тæхуды, тæхуды, чи амæлы! (Тагъд ацæуы. Йæ фæдыл дуар гомæй баззайы. Тагъд-тагъд бацæуыиц Госка æмæ Муссæ.) Госка (кæрты дуармæ фæстæмæ ракæсы). Мæ- гуырæг Косер, йæ дуар дæр æхгæнгæ нал кæны. Аф- 58'
тæ гом ын никуы уыди... Ныр æртæ боны йæ чызджы агурынæй йæ сæрæн дæр нал у. Муссæ. Уый бæсты йæ хъахъхъæнгæ куы бакод- таид... Г о с к а. Æмæ цæмæй хæйрæг уыди, афтæ æрбай- сæфдзæни. Уæларвæй бирæгъ æрхаудзæн, уый куы зыдтаид, уæд йæкуыдзы уæлгоммæ схуыссын кодта- ид. Уый æнхъæл ын чи уыди. Дæу аххос æй кæны. Цом мидæмæ. (Бацæуынц уатмæ.) Муссæ. Ома, куыд мæн аххос? (Стъæпп кæны бандои йæ цырыхъхъы фындзæй.) Г о с к а. Уыцы æхсæв, дам, демæ куы лæууыди, уæдæй нырмæ, дам, нал фæзыиди. М у с с æ (иннæ бандон сриуыгъы). О, куыннæ, мемæ! Госка. Цы риуыгътытæ кæныс кæйдæр хæдзары! Муссæ. Риуыгътытæ нæ, фæлæ йыл фæтæген ба- пырх кæнин æмæ йыл арт бафтауин! (Дамбаца йæ ро- нæй райсы æмæ йæ йæ дзыппы цæвæры.) Г о с к а. Уый та дын циу? М у ссæ. Дамбаца у. Госка. Мæ бындурыл!.. Æмæ дæ цæмæн хъæуы? Муссæ. Хъæуы мæ... Исчи м-æ куы мара, уæд та? Госка. Æмæ дæ чи мара, уымæн йæхимæ нæ уы- дзæн дамбаца? Аппар æй æмæ дæхиуыл фæхæц, исты фыдбылызы ныссадздзынæ дæхи. Нæ фесæфдзæн дæ усаг, судзип иæу, миййаг, хосы цъынайы пæ ныххау- даид. Уыцы изæр кæрты дæуимæ куы уыди. М у с с æ. Мемæ уыди, куыннæ! Мæн аххос æй скæ- пæд, фæлæ йæ æз та кæй аххос скæион, æз, и? Кæм ис мæ ус? Райсом мæ хæдзары хъуамæ чындзæхсæв уа, фæлæ хæсгæ та кæй акæндзыстæм? Кæй мын æр- 59
лæууын кæпдзысты мæ къулы рæбын Таратæ! Кæм ис сæ чызг?! Госка. Сабырдæр у, дæхиуыл фæхæц! Муссæ. М-æхиуыл мæ хæцын кæн ныр. Мæ хæ- дзар мын бахордтой сæ лæгтæ. Суанг ма мæ уазджы- ты дæр мæхи хардзæй бахыгътой. Го ска. Ома куыд дæхи хардзæй? М у с с æ. Куыд, куыд! Цæттæ ницæмæй стæм, зæгъгæ, дзырдтой æмæ сын магазинæй раластон лрахъхъы дыууæ асыччы, бæгæнытæ. Суанг кусæртта- джы аргъ дæр-мæнæй. Госка. Мæ бындурыл! Æмæ сæхи æвæрæнтæ хъæуваг куы сты, уæд... 0, о, ацы Хаджумар!.. Муссæ. Хаджумарæн та циу! Уыцы рувас æмæ бирæгъы норттæй конд лæг мæ машннæйыл афардæг æмæ хæрзаг зæгъы... ’ Госка. Дæ машинæйыч? Фæлæуу-ма, фæлæуу. Кæд горæтмæ ацыдысты иумæ дзаумæттæ ’лхæньшмæ? Муссæ (фæджих). Ау... ахæм фæнд сæм уыдис? Госка. Уыдис... Уæдæ йæ хойы бæгънæгæй æрви- ты чындзы! Муссæ (фæхъæлдзæг). Хъуамæ афтæ дæр уа... Фæлæ ныр цыппар ,боны уым цы ми кæндзысты? Лæг иу бон цы балхæна... Мæлæты рæдау куынæ у Хаджу- мар. Куыдзы хъæлæсæй стæг куы сласдзæн. Госка. Æмæ йæм æхца иæй, цы! Адонæп се ’вæ- рæнтæ чи банымайдзæн, дæлæ ма сын сæ кæртмæ акæс, цас мулк дзы ис. Стæй æрмæст сæ дыргътæй цьт æхца райсынц, уый аргъ мæ хæдзар куы нæу. Йæ иу- нæг хойыл дзы иу æртæ мины куы бахардз кæна, уæд дзы мæгуырдæр фæуыдзæн! Мæ м.æрдтыстæн, афонмæ æрцæуынц. Гъер мауал æрдиаг кæн, дæ хъæбысы уы- 60
дзæнп рæсугъд Заретæ. Абад уал, æз Косеры къæбиц- мæ бакæсоп. Иу арахъхъ уал аназай... (Ацæуы. Муссæ æрбады æмæ ныджджих вæййы. Кæртмæ бацæуы Хъаспол.) X ъ а с п о л (йæ цæст ахæссы кæрты къуымты æмæ иæ сæр ныттилы). О ме ’скæнæг хуыцау!.. Ай заводы кæрт фестади Быдзыгойы хæдзар, æви ацы фæйнæ- джытæ, ацы шифер, ацы фанер æмæ ацыппæт хæ- дзæрттæ аразæн æрм.æг ам цæмæп сты? Ай хæдзар нырма фопдзыссæдз азы фаг куы у, уæд æй цæмæн хъæуынц[ Æмбийыиæн æви спекуляцийæн? Йæхицæн хæдзары къуым чи кæны, уыдон сæ уырзæй агурæгау куы агурынц. Диссаг, диссаг!.. Йæ фыдæй поджы æлгъцндæр, мæрддзæстдæр фæци Хаджумар. Иæ службæйы йæ къух цæмæ хæццæ кæны, уыдон æй кæд хъæугæ нæ кæиынц, уæддæр сæ сусæгæй йæ хæдзармæ ласы. Бирæгъы фиййау скодтой кæм- дæр! Кæм сты уæдæ бинонтæ? Сæ кæрты дуар дæр гом куы разынди кæдæй-уæдæй... Косер! (Сарамæ бацæуы. Уатмæ бауайы Госка, йæ пъухы графин, къæбæртæ тæбæгъы.) Госка (æвæры сæ стъолыл). Гъа, мæ къопа, иу ярахъхъ уал апаз, дæлæ се ’рвадæлты лæг æрбацыдп æмæ йæм акæсон, иауæд ардæм æрбацæудзæн. Муссæ. Цæугæ, ма йæ æрбауадз ардæм. (Госка фæстæмæ ауади.) Æдзæрæг хъæуы — рувас æлдар! Баирвæзти Косеры къæбицмæ! Госка (кæртмæ рауайы). А-а, Хъаспол куы дæ. Æгас цу. Хъаспол. Арфæгонд у. Кæм сты ацы бинонтæ? Цы хабар сæм ис, цæуыл мæм фæфаздис кодтой? 61
Г о с к а. Ницы уыйас фæдисаг. Сæ чызг пыр цып- пар боны дæргъы нæ зыны... X ъ а с п о л. Ау? Æмæ кæм уа? Госка. Уæхи хæстæджытæй кæд искæмæ ауади, зæгъгæ,- йыл уый зæрдæйæ нæ тыхстысты, фæлæ ныр цыппæрæм боп... (Бацæуыиц дыууæ лæппу-лæджы.) 1-аглæппу. Уæ бонтæ хорз! 2-а г л æ п п у. Цы хабар ис? 1-аг лæппу. Косер нæм фæсидтис, тагъд,' дам, сæмбæлут. Хъаспол. Заретæ пыр цыппар боны кæм ис, уый бæрæг нæй, зæгъынц. (Æрдиаг кæнгæ бацæуы Косер, фæлæ куыддæр адæм ауыны, афтæ фенцайы.) Косер (йæ цæстытæ асæрфы), Нæ фæдистæй уæ сцоппай кодтам сымах дæр. (Муссæ сæм рудзынгæй кæсы.) Хъаспол. Цы хабар у, Косер, кæм ис Заретæ? Косер. Кæм ис, уый куы зонин, уæд уæм фæдис- м,æ нæ фæсидтаин... Мыггаджы лæгтæ стут æмæ исты бауынаффæ кæнут йæ бацагурынæн. Госка. Амырхатæ сæхи сцæттæ кодтой сæ чыи- дзы ахæссынмæ. (Бацæуы Елхъан.) Косер. Авд дæлдзæхы фæуæнт уыдон дæр æмæ хæрЗбын бауæнт! Хъаспол. Косер, иу хъуыддаг нын куы бамба- рын кæнис. Амырхатæн æй йæхи фæндонмæ гæсгæ радтат? Госка. Ам уыди йæхæдæг. Муссæимæ кæрты ны- хас кодтой, худтысты. Сæ ныхас конд уыди. Хъаспол. Бахатыр кæн, Госка, Косер Заретæ- йæн йæ мад у. Æз Коссры фæрсын. (Косер иицы дзу- ры.) 621
Елхъан. Æз дæр ам уыдтæн. Мæхæдæг сæ кæр- ты иумæ ныхас кæпгæ федтон, худгæ. X ъ а с п о л. Афтæ уыди, Косер? Ко с е р. Афтæ, фæлæ... Хъаспол. Йæхи йын бафарстат, Заретæ, ацы лæппуйæн комыс æви нæ, зæгъгæ? (Бацæуы Хаджу- мар... Адæм фæхъус сты. Йæ фæстæ бацæуы постхæс- сæг.) ’ - Постхæссæг. Косер, мæнæ уæм писмо. (Ратты йæ Косермæ æмæ ацæуы.) К о с е р (йæ къухтæ ризгæйæ райхалы писмо. Иу- цалдæр рæнхъы дзы акæсыу стæй джихæй баззайы, писмо йæ къухæй æрхауы). Уæ мæ бындур куыд ныз- зылди!.. Мыггагмæ худинаг!..(Яæ цæсгом бамбæхсы йæ къухтæй æмæ уæззау къахдзæфтæй бацæуы хæ- дзармæ. Адæм сагъдау баззайынц. Писмо сисы Ел- хъан. Кæсы йæ. Куыдфæстæмæ йæ цæсгом ныттар, йæ галиу рихи фырмæстæй фесхъиу-фесхъиу байдыдта. Дыууæ лæппуйы йæм бацæуынц хæстæг.) 1-аг лæппу. Цы хабар дзы ис, Елхъан? Заретæ- йæ у? 2-аг л,æп п у. Бакæс-ма йæ хъæрæй. Елхъан (йæ маст нал баурæдта). Гъе, хъахбай, хъахбай! (Писмо уæлæмæ сисы.) Гъаут, Таратæ, мæ- нæ уын уæ чызг æмбисонды кад скодта! Хъаспол. Цы хабар у, Елхъан? Кæй хоныс «хъахбай?» Елхъан. Мæнæ нæ налат, Амырхаты чындз уæв- гæйæ кæйдæр басиаччы фæдыл афардæг! М у с с æ (Муссæ рудзынджы цурæй фæстæмæ расхъиуы æмæ йæ къухыл дæндагæй ныххæцы, ныу- 63
уин&ргъы). Гъæ, хæсгæ мард куыд фæдæн!.. Мæ ус кæйдæр фæдыл алыгъди! Хъаспол. Цæмæн афтæ дзурыс, Елхъан, æз За- ретæйы уæздан чызгæй куы зонын. Е л х ъ а н (писмо атымбылтæ кæны æмæ йæ фех- сы Хъасполыл). Гъа, мæиæ дын’ йæ уæздан!.. Берозты куыдзы хъæвдынæн мах йæ минæвæртты куыдзы тард акодтам... X а с п о л (фæмæсты, фæлæ йæхи иыуурæдта. Пис~ мо сисы). Дзæгъæлы сæ атардтат, Елхъан. Берозты Майрæм куыдзы хъæвдын нæу, фæлæ адæмы ’хсæн иымад лæппу у. Минæвæрттæ та дæумæ пе ’рбарвы- ста, фæлæ Заретæмæ. Цæй тыххæй йын атардтат йæ минæвæртты æнæ Заретæйы бафæрсгæ? Елхъан. Уæддæр ма йæ фарс хæцыс! Нæ цæсго- мыл нын... Æгас дыууæ мыггаджы цæсгомыл фаджыс бапырх кодта! Амырхаты Муссæ йæ усы агурдзæн, уый зоныс æви нæ, куыдзау рæйæг, Хъаспол?! Хъаспол. Куыдзау рæйæг дæр дæхæдæг æмæ... X а д ж у м а р (ныронг лæууыди сæргуыбырæй). Æгъгъæд! (Муссæ дуæрттæ ныггуыппытæ кодта æмæ ацыди уатæй. Ахызти кæртмæ. Адæммæ фæкомком- мæ, фæлæууыди, стæй се ’хсæнты араст тагъд.) Муссæ. Хаджумар! Хъæуыс мæ! (Ацыди. Адæм джихæй баззадысты йæ фæдыл.) Елхъан. Муссæ! Муссæ! (Азгъоры йæ фæдыл. Æнæисты сдзургæйæ ацæуы Хаджумар дæр.) Хъаспол (лæппутæй иумæ дæтты писмо). Ацы писмо Косермæ раттут æмæ йыл хорз ахъуыды кæ- нæд! Адонæн дзы, æвæццæгæн, сæ мукъутæ сæрст сты! (Ацæуы.) Æмбæрзæн 64
ÆРТЫККАГ АКТ ÆХСÆЗÆМ НЫВ. Хæрзаив арæзт ироп уат Исламы хæдзары. Уаты сты Ислам æмæ Газакк. Ислам у ацæуыны арæзт. И сл а м. Кæм бафæстиат уыдаиккой?.. Мæ куыст- мæ æрæджы кæныы... Ам сæм банхъæлмæ кæс, Га- закк, æмæ куыддæр æрцæуой, афтæ-иу сæ акæн. Газакк. Ау? Уанцон нæу. Сæ дзауматæ æрæф- снайын дæр сæ ма бауадзон? И с л а м. Бирæ дзауматæ не ’рласдзысты горæтæй. Цалынмæ сæхи хæдзар срæвдз уа, уæдмæ уал ам уы- дзысты æмæ сæ бафснайдзысты. Семæ ацæудзынæ æмæ сын хъæусоветы сæ хъуыддаг закъонæй сфидар кæн. Ныр къуырийæ фылдæр æнæ регистрацийæ иу- мæ цæрынц æмæ хорз нæу. Газакк. Мæ мад æмæ мæ фыд хурмæ рауагътой цыппæрдæс сывæллоны, фæлæ абон дæр регистраци- гонд нæма сты, гъемæ сæ ничи стъраф кæны. И сл а м. Нæ сæ стъраф кæнынц, уымæн æмæ сæ фырт хъæусоветы сæрдар у. Закъон, закъон, Газакк! Закъон лакъон ма кæн. Мæстыгæр æмæ тугрохст сты Заретæйæн йе ’фсымæртæ. Фыдбылыз сæм æмхиц у. Г а з а к к. Агургæ та йæ куыннæ кæнынц, уый дæм диссаг нæ кæсы? Ныр æнæхъæн къуырийæ фылдæр... И сл а м. Æмæ йæ нæ агурынц, уый цæмæй зоныс? Газакк. Ау, уæд ардæм нæ зыниккой? Науæд æй кæмæн радтой, уый та йæ куыннæ агуры? Дæ куырд усы дын-афардæг кæнæнт! Ислам. Уый дæр сæхи хуызæн цыдæр цæстфæл- дахæг у! Хорз æй зонын æз. Æнæ агургæ йæ нæ уы- 5 Пьесæтæ 65
дзæн. 0, Майрæмæн æмæ Заретæйæн сæ паспорттæ ма ферох кæн. Æвдисæнтæ сын дæхæдæг æмæ Дзерассæ. Æз цæуын, бакæсон мæ куыстмæ. (Бауайы Разиат.) Р а з и а т (тых улæфт кæны). Ислам!.. Газакк, ды дæр ам куы дæ! Æз та ма дæм дæ куыстмæ фæуад- тæн. Газакк. Цы хабар у, Разиат? Цæй фæдис хуыз дæ? Разиат. Заретæйы æфсымæртæ ныртæккæ мах- мæ уыдысты. Ислам (Газаккæн). Нæ дын загътон, агурдзысты йæ, зæгъгæ? (Разиатæн.) Гъы, æмæ цы загътой? Разиат. Заретæйы агуырдтой. Майрæмæй дæр мæ фарста Хаджумар, дæуæй дæр, Газакк. Г а з а к к. Æмæ сын цы загътай? Разиат. Заретæйы, зæгъын, уæхæдæг талф-тул- фы куы аскъæфтат, дæ мад уæззау рынчын у, зæгъгæ. Майрæмы, зæгъын, нæ федтон. - , Г а з а к к. Гъемæ сын хорз загътай. И сл а м. Æмæ ныр цы фесты? Р а з и а т. Мидæмæ сæ хуыдтон. Хаджумар хъæл- дзæгхуызæй фæмидæг, аракæс-бакæс кодта, джигул кæнæгау къуымты разылди æмæ уайтагъд фæдуарæд- де ’ис. Иннæ дыууæ хизгæ дæр нæ бакодтой. Хаджу- мар куыддæр фæстæмæ машинæйы абадти, афтæ ных- хостой æмæ афардæг сты. Искуы сыл куы сæмбæлой, миййаг... И с л а м. Куы сыл амбæлой, уæд сын-иу сæ фæдыл цæхх кæнæнт. Разиат, æз цæуын мæ куыстмæ. Надя ам нæй, уый зоныс. Чындз æмæ йе ’мбæлттæн хæри- наг ацæттæ кæн, амонын дын нæ хъæуы. (Ацæуы.) Разиат. Хорз, хорз, мæ хур, барæвдаудзыстæм 66
сæ, фæлæ, зæгъын, Хаджумаритыл искуы куы сæмбæ- лой... Фыдбылызæй хуыцау бахизæд... Æнæджелбетт адæм хонынц Тараты. Газакк. Сæ ном сæ уæлæ ис: Таратæ! Гъе, Ра- зиат, Майрæм æмæ Заретæйæн тас нал у. Муссæйæн та къах йæ мад æмæ йæ фыды роны! Иæ дзых къæппæй баззади æмæ дзы къогъотæ ахсæд ныр. Йе ’фсымæр- тæн дæр дæле сæ бæхджынтæ, уæле сæ фистæджытæ! Уыдонæн лæгъстæ кæнынæй ме ’взаг баихсыди, Тара- ты къæсæрыл мæ цырыхъхъыты зæвæттæ стæнæг сты, уæддæр «нагъ» æмæ «нагъ». (Æрбайхъуысы маши- нæйы уынæр.) А-гъа. Цымæ кæцыты машинæ уа? Скъæфджыты æви фæдисæтты? (Худы.) Р а з и а т (тарст хуызæй). Де ’гæрыл! Куыд ху- дын дæм цæуы. Цон, акæсон сæм. (Рауайынмæ хъа- выу фæлæ дуар фегом æмæ дыууæ чумæданимæ бахи- зы Майрæм.) Æрхæццæ стут?! Горæты æрцæринаг уыдйстут æви цæй æрæгмæ кодтат? М а й р æ м (йæ чумæдантæ æрæппары æмæ ныхъ- хъæбыс кæны Разиаты). О, Сатана, нæхи Сатана! Ам куы дæ, Разиат, ды дæр!.. Га з а кк. Гъæй, лæппу! Сылгоймæгтæн се ’ппæтæн хъæбыстæ кæнын дæумæ нæ хауы. Разиат. Де ’взаджы нывæн ысу. Де ’мбæлттæ кæм сты, Майрæм? Майрæм. Ме ’мбæлттæ мемæ. (Бацæуынц Заре- тæ æмæ Дзерассæ.) 3 а р е т æ (бахизы худгæйæ æмæ йæхи баппары Разиаты хъæбысмæ). Мæнæ ма, Разиат! Мæ мады хай... Мæ уды гага, Разиат! Дзерассæ. Æппын мæнæн куынничи хъæбыстæ кæны. 67
Г а з а к к. Дæуæн та хæлиудзыхæй кæй ныууагъ- тат, уыцы Муссæйы хъæбыстæ. (Худынц.) Дзерассæ. Уыдон дæхицæн уадз. Р а з и а т. Цæй, уæ Муссæ дæлдзæх фæуæд, фæлæ ма æрисут уæ чумæдан, цы æрластат чындзы дзаума- тæн? Газакк. Нæ, Разиат, фæлæуу уал. Мæнмæ при- каз ис Исламæй. Ацы дыууæ адæймаджы (Амоны Майрæм æмæ Заретæмæ.) æрцахсинаг сты. Æз ам власты хицау дæн æмæ мæ хицаудзинад кæуылты æх- хæссы, уыцы зæххыл къуырийæ фылдæр æнæ закъо- нæй иумæ кæй цæрынц, уый тыххæй сæ ахсгæ кæнын. Дæу дæр, Дзерассæ, семæ! (Худынц.) Дзерассæ. Мæн та цæмæн? Æз куы никæимæ цæрын. Г а з а к к. Дæу та; дыууæ æмæ ссæдз азы дæргъы кæй никæимæ цæрыс, уый тыххæй. Чызг уæвгæйæ кæй- дæр куырд усы кæй раскъæфтай, уый тыххæй! Сæпп кæнут мæ фæдыл къæнцылармæ!.. О, хæдæгай, Май- раш машинæцы фæци? М а й р æ м. Кæрты. Фæлæуу, фæлæуу, Газакк, æмæ нæ мæхи машинæйы ласыс ахæстонмæ? Р а з и а т. Кæй фæнды машинæ уæд, Ислам, загъта; бадгæ дæр, дам, мама æркæнæнт, афтæмæй, дам, сæ хъæусоветы закъонæй баиу кæнут, кæннод куыд вæй- йы, цы вæййы. Дзерассæ. О, Разиат, дыууæ зæрдæйы кæрæ- дзийыл куы андзæвынц, уæд дзы «куыд вæййытæ» æмæ «цы вæййытæ» нал хъæуы. Разиат. Дæ цæсгом дыл æрхауæд, Дзерассæ, кæд цытæ дзурыс! Дзерассæ. Фæлæуу-ма фæлæуу. (Йæ сумкæйæ 68
фелвасы акт æмæ паспорттæ.) Мæнæ ма кæсут... (Кзг- сы акт.) «Берозты Майрæм æмæ Тараты Заретæ уар- зондзинады фæдыл барвæндонæй сæ цард баиу код- той æмæ абонæй фæстæмæ уыдзысты лæг æмæ ус!». (Майрæм æмæ Заретæ кæрæдзимæ кæсынц, иннæты ферох кодтой. Газакк Разиатæн амоны, ома бакæс-ма сæм, зæгъгæ. Сæ дыууæ дæр ныххудынц, Заретæ сæ бамбары, иннæрдæм азилы æмæ уый дæр худы.) Дзерассæ. Федтай, Газакк? Ацы акт æмæ ацы паспорттыл ис Республикæйы ЗАГС-ы стыр мыхуыр. Дæ мыхуыр та, æвæццæгæн, рæхджы мæн бахъæу- дзæни. Разиат. Ды æнæ мыхуыр дæр искæй лæппуйы æрцахсдзынæ. Дзерассæ. Уæууа, Разиат, цытæ мыл мысыс. Р а з и а т. Цæй, ныххæстæй æфсæст нæ уыдзы- стæм. Цом æмæ закъоны хъуыддагæн хайыр зæгъæм. Фæллад дæр уыдзысты, бауадзæм сæ сæхи бар. (Ацæ- уы Газаккимæ.) Дзерассæ. Гъа, Майрæм, уæ паспорттæ, пыр сæ иумæ цæвæрут, уæхæдæг куыд баиу стут, афтæ. Майрæм (исы паспорттæ). О, Дзсрассæ, дæ чыпдзæхсæвы мæхи фыдрасыг кæпдзынæн. 4 Дзерассæ. Ды расыг кæнын зонгæ дæр нæ ба- кæндзынæ, æрмæст Заретæ, Заретæ кæныс. Р а з и а т (хæдзарæй). Дзерассæ, уæ Дзерассæ! Рауай, аххуыс мын кæн. Дзерассæ. Цоп, æз Разнатмæ бакæсоп. 3 а р е т æ. Цон, æз дæр уæм фæкæсои. Дзерассæ. Дæ сæр дзы ницæмæн хъæуы. Мæн агуры Разиат. (Ацæуы æмæ йæ фæдыл дуар ахгæны.) М а й р æ м. Заретæ! 69
Заретæ (дуары разæй йæм ракæсы). Майрæм!.. Майрæм (йæ хъæбысы йæ фелвасы). Заретæ!.. Заретæ!.. Ныр ма мæнæй амопдджындæр ис?! Заретæ (йæ дзых ын амбæрзы къухтæй). С-сс, сабырдæр у. Ис дæуæй амондджындæр, ис. Май р æм. Нæй! 3 а р етæ. Ис, ис!.. Майрæм. Чи ма у мæнæй амондджындæр? Заретæ. Æз. Æз дæуæй амондджындæр! М а й р æ м. О, о, Заретæ!.. Фыр амондджынæй сæр- ра уæвæн ис? 3 а р е т æ. Ис!.. Нæ, нæй!.. М а й р æ м. Мæнæ ма мæ каистимæ куы бафида- уон... Æз каистæм бæллыдтæн... Нæхимæ сæ схондзы- стæм... Æз ныртæккæ цæуын... Дæ уат афонмæ чъы- рæй сцагътой æмæ рафснаинаг уыдзæни. Заирæ йыл архайдта, фæлæ иунæгæй цы йæ бон у. 3 а р е т æ. Уæд та æз дæр демæ ацæуон фæкæ- сынмæ? Майрæм. Нæ, дæу хъуамæ цæттæ уатмæ бакæ- нон. Хъуамæ дыл сыхбæстæ, хъæубæстæ фæцинтæ кæ- ной. Нæ хъæуы фæсивæдæн хъуамæ хорз чындзæхсæв саразæм, хъазт, симд... Чындз сæм фæцæуы, чындз, рæсугъд Заретæ! 3 а р е т æ. Æмæ фæстæмæ тагъд æрбацæудзынæ? М а й р æ м. Уæдæ дæу иунæгæй уадзын!... Куыд- дæр фæталынг уа, афтæ ам æрбалæудзынæн. Заретæ. Ма-иу бафæстиат у. Кæд нæ уарзон адæмы æхсæн дæн, уæддæр мæ зæрдæйы цыдæр тас и. Майрæм. Æмæ ма цæмæй тæрсыс? Ныр нæ ни- чиуал фæхицæн кæндзæн. 70
Заретæ. Уæддæр тæрсгæ кæнын... Мæхицæн нæ, дæуæн тæрсын. Майрæм. Ау! (Ныххуды.) Мæнæн та цæмæй тæрсыс? Муссæйæ? Нæ-æ, мæхи Заретæ... Дзерассæ (æдде). Нæма бафсæстыстут уарзо- ны ныхæстæй? Рацæут, Разиат уæм дзуры. Заретæ. Фæцæуæм, Дзерассæ! (Майрæмæн.) Ма-иу бафæстиат у. М а й р æ м. Нæ-æ, Заретæ, рæхыстæй мæ нæ цæ- джындзыл куы бабастæуид, уæддæр æй рарæмудзин æмæ... Заретæ (йæ дзых та йын ахгæны). Ссс... Цом... (Иумæ ацæуыиц. Уат ысдугмæ у афтид. Радиойæ куы хъуысы хъæлдзæг цагъд, куы æнкъард цæгъдтытæ. Бацæуынц Разиат æмæ Газакк.) Разиат. Мæн дæр бакæсын хъæуы хъугдуц- джытæм. Г а з а к к. Æз дæр мæ къæнцылар ныууагътон æмæ дзы кæд афонмæ хæйрæджытæ гаккырисæй хъа- зынц... Р а з и а т. Æмæ кæй хъæуы дæ къæнцылар! Хица- уы ном дыл ис, фæлæ дæм цы бартæ ис? Ницы! Газакк. Цæй, цæй, райдыдтай та... Ныртæккæ Майрæм Исламы машинæйы сæхимæ цæудзæн æмæ дæу дæр фермæмæ бахæццæ кæндзæн. Цæй, мауал ракæс-бакæс.кæн. Р а з и а т. Цыдæр мæ цыма рох кæны... Цæй, Заре- тæ уал Дзерассæимæ абаддзæн. Нади ам куы уыдаид, уæд бæргæ, фæлæ йæ курсытæй дæлæмæ нал æмæ и ал цæуы. (Дыууæйæ дæр ацæуынц. Уат аззайы иу- нæгæй, стæй баздæхынц Заретæ æмæ Дзерассæ.) 71
Д з ер ас сæ. Дæ хорзæхæй, цæуыл джихтæ кæ- ныс? Æви дæ амонд дæ зæрдæмæ нæ цæуы? 3 а р ет æ. Цытæ дзурыс, Дзерассæ, мæпæй амопд- джындæр ма чи у ныртæккæ!.. Фæлæ цыма мæ амон- ды сæрты сау мигътæ æмбырд кæпыиц, афтæ мæм кæсы. Д з ер а с с æ. Цавæр мигъты кой кæпыс ахæм хур- бон? Заретæ. Æз амондджын дæн, цпп кæнын, хъæл- дзæг дæн, фæлæ дзыцца та афонмæ хъарджытæ кæ- ны... Мæ цпн ын цин иæу, мæ амонд ын амонд нæу. Афонмæ кæуы. Дзерассæ. Уадз æмæ кæуа, йæхи аххос у. Цæ- мæн дæ радта æнæ дæхи бафæрсгæ уыцы цæстфæл- дахæг Муссæйæп! ■ 3 а р е т æ. Æмæ гъа... Нæ зонын... Д з е р а с с æ. Майрæмæн цæхгæр пагъ пыкъ- къуырдтоп, уыцы сæлавырæн та йæ иу барвыстæн: «Хайыр, хайыр!». 3 а р ст æ. Охх, Дзерассæ, куыд тæхуды кодтон нæ- хи хæдзарæй, дзыццайы цурæй ирон дарæсты чындзы рацæуынмæ. Мæ бæллицтæ мын мастимæ сызмæстой. Цæмæн афтæ у, цæмæн? Искуы дæр ма чызгæн йæхи ма бафæрс, уарзыс ацы лæппуйы æви нæ, комыс ын æви нæ комыс, зæгъгæ, афтæмæй йæ ратт, дзаума раттæгау!.. Мæ зопд æй пæ ахсы... Цытæ мын акод- той! Куы йыл ахъуыды кæнын, уæд мæм хъаймæты фын фенæгау фæкæсы... Елбыздыхъойы «Дыууæ хо- йы» заман куынæуал у, миййаг. Дзерассæ. Нал у, фæлæ, мæ хур акæнай, ныр- ма Касалы фырттæ æмæ Агуыбечыртæ æгас сты. Æр- мæст се ’рчъитæ, сæ фæсмын цухъхъатæ æмæ хъуын- 72
джын худтæ аивтой велюр шляпæтæй, макиптоштæй а-мæ модæты фæстаг æхситмæ гæсгæ конд туфлитæй. 3 а р е’т æ. Афтæмæй та лæджы куыст дæр куы кæииккой... Колхозтæй горæтмæ лидзыиц æмæ уым пъадвалты, къæбицты, магазинты, буфетты кусынц. Сылгоймæгты куыстыты... Дзерассæ. О, суанг ма дзы, спичкæтæ æмæ дон уæйгæнæг чи у, ахæмтæ дæр ис, афтæмæй сæм бай- хъус, уæд дын констптуцийы тыххæй, сылгоймаджьт барты тыххæй ныхасыл куы схæцой. (Фæкомкоммæ сынтæджы иыхыл æвæрд чындздзон дарæсмæ.) Кæс- ма... мæнæ диссаг! Разгом къаба, æгънæджытæ æмæ камари... Цымæ сæ чи æрбахаста? 3 а р е т æ. Кæд Надяйы сты? Дзерассæ. Нæ, Надясæ йæкæстæр хойæн рад- та. Адои Рази|аты сты... Æвæццæгæн, сæ дæуæн æрба- хаста... Гъа-ма, акæн сæ дæ уæлæ. Заретæ (æркæсы сæм). Æцæг сты Разиаты... Цæмæй бафиддзынæн йæ бирæ хæрзтæ Разиатæн? Дзерассæ (йæхиуыл сæ бары). Мæнæн цыбыр сты. Гъа-ма, ды сæ абар... Иннæбон дæм ацы дарæ- сы куы æркæсой... (Бары сæ Заретæйыл.) Гъе, раст дæ аккаг сты, æрмæст дыи мæнæ дæ риу æлвасдзæ- ии. (Кæрæдзимæ бахудынц.) Лæппутæ дыл дзæгъæл хуымæтæджы не ’сæрра сты! Мæнæ ма, йæ бынтæ уæ- лæмæ рæхсад сты, æруадзæн сын ис. 3 а р е т æ. Дæуæн дæр бæздзысты. Дзерассæ. Æй тæхуды... Æз дзы мæхи чыи- дзæхсæвы хъазты бæргæ æрзылдтытæ кæнин! (Фæ~ стæмæ сæ сыитæгыл æвæры.) Цæй, æз дæр пæхимæ скæсон. Афонмæ мыи мæ мад цъæхæлгъыст калы, пыр дыууæ бопы кæм фесæфтæ, зæгъгæ. Райсом дып сæ 73
дæ аккаг фæкæндзыстæм Разиатимæ. Цæй, «хорз фынтæ-иу фен» дын зæгъин æмæ... (Ацæуы. Заретæ йæ фæдыл ауайы æмæ фæстæмæ æрбаздæхы. Базду- хы радиойы уагаразæн. Райхъуысы æнцад ирон фæн- дыры цагъд. Дæлдæр æй æркæны æмæ йæм байхъусы джихæй.) Заретæ. Цас æмæ цас дзæбæх æмæ цæстуарзон гдæм ис. Мæ циныл цин кæнынц, мæ амонд сæхи амонд хонынц. Цы сын ракодтои хорзæй, фыдæбоны йедтæмæ? Ницы. Куыд æхсызгон æмæ æнцон у ахæм адæмимæ цæрын. Уæдæ нæхимæ афтæ цæуылнæ у? Зæрдæ дзы мæгуыр куы кæны, фæлæууын мæм дзы куынæуал цæуы, афтæмæй дзы алцыппæт дæр куы ис... Суанг ма нæ чындз дæр куы алыгъди йæ цæгатмæ... Зæронд музейæ уæлдай мæм нал кæсы нæхи хæдзар... Май- рæм хæдзар аразæн хъæддзаума агурыныл ратæх-ба- тæх кодта, махæн та уыцы хъæддзаума нæ сарайы рагъамадæй лæууынц, æмбигæ кæнынц. Цæмæн? (Ру- дзынгмæ бацæуы æмæ кæсы æддæмæ.) Тагъд хур аныгуылдзæн... Тæхуды... Цыдæр зæрдæниз хæццæ кæны мæ цин, мæ амондимæ... О, дзыцца! Мæ цуры куы уаис ныртæккæ... Ф,æлæ кæд кæугæ кæныс мæн агургæйæ... Æз та амондджынæй, зæрдæрухсæй кæ- сын хурныгуылдмæ. Куыд иунæгæй баззадтæн. Уæд та тагъддæр куы æрталынг уаид. (Сынтæгæй райсы чындзы дзауматæ æмæ сæм кæсы} худы.) Чындз!.. Æз чындз дæн ныр... чындз... Уæд та сæ скæнин... Чыпдзы дзауматы мæ куы фена, уæд кæддæра куыд кæны Майрæм. (Йæ æддаг дзаумæттæ ласы æмæ кæны чын- дзы дзаимæттæ, кæсы айдæнмæ æмæ радиойы фæи- дырдзагъдмæ зары.) 74
Чызгайы зæрдæ нын кæдмæ фæраздзæн, Кæд ын æрцæудзæн кæрдæгджын уалдзæг. Æнхъæлмæ кæсгæйæ кæдмæ фæраздзæн. Кæд æм æрбалæудзæн фæрнджын минæварæн, Фæрнджын минæварæн лæдзæгджын уазæг... (Хæстæгæй æрбайхъуысы машииæйы уынæр. Фæ- джых вæййы, стæй худы.) Майрæм!.. Æрбахæццæ... Ой, Майрæм!.. Мæ цæргæс æрбатахти!.. Кæм амбæх- сон!.. (Фыр цинæй уаты гæлæбуйау ратæх-батæх кæ- иы, стæй рудзынгæй кæртмæ фæкомкоммæ æмæ сагъд дурау джихæй аззайы.) Мæ боиыл! Елхъан æмæ Ха- джумар! Цы ма, акæнон. Цы ма фæуон! Цæмæн æр- бацыдысты, нæхионтæй мæ цуры куы ничи ис... (Дуар æрбахостæуыд... Цыма фæдисы гæрæхтæй, афтæ фе- стъæлфыд.) Цы ма фæуон! О, куынæ мæ фæнды сы- мах фенын, ме ’фсымæртæ! (Æрлæууы сынтæджы цур. Дуар та æрбахостæуыд.) Ой, тæхуды чи амæлы ацы фембæлды бæсты! (Дуар æрбайгом æмæ бацæуы Елхъан. Заретæйы сынтæдоюы цур куы ауыны, уæд цæхгæр фæзилы рудзынджырдæм). Æгас цу,* Ел- хъап... Е л х ъ а н (дзуапп ын нæ ратты, кæсы рудзынгæй æддæмæ). Цæй-ма рахъуыдты у, Хаджумар! (Заретæ- йы фæнды рауайын, фæлæ фезмæлын дæр йæ бон нал у. Бацæуы Хаджумар.) Хаджумар (æнæ исты дзургæйæ йæ цæст ахæс- сы уатыл, стæй комкоммæ иыккæсы Заретæмæ. Заре- тæ йæ сæр иыггуыбыр кæны, афтæмæй ма тыххæй лæууы). Цы бакодтай уый, мæ хо? (Заретæ ницы дзуры.) 75
Ёлхъан (фæтъæнг ласы). Де ’фсымæр дæу куы фæрсы, уæд дзуапп цæуыннæ дæттыс? Хаджумар (йæ маст тыххæй уромы). Цы ба- кодтай, зæгъгæ, дæ куы фæрсыи æз? (Заретæ йæ сæр ноджы дæлдæр æруадзы æмæ та ницы дзуры.) Е л х ъ а и. Дæ дзых бамыр ис æви!.. Уу-у хъахбай, хъахбай! Цы бакодтай, уый æмбарыс æви пæ?! Заретæ (зæхмæ кæсгæйæ). Бæстыл чи не ’рцы- ди, ахæмæй ницы бакодтон. Е л х ъ а н. Æгас дыууæ мыггаджы мыггагмæ ху- динаг фæкодтай, уый æмбарыс æви нæ, налат сылгой- маг! 3 а р е т æ (йæ сæр уæлдæр сысы). Елхъап!.. Е л х ъ а н. Цы, цы! Цы Елхъан?! Дæ цæсгом та ма куыд хъæцы мæпмæ комкоммæ кæсыи æмæ мæ пом дзурын? Заретæ. Ахæм æвзагæй мæм ма дзур... Æз уæ ницæмæй фæхудинаг кодтон... (Ныккæуы æмæ иннæр- дæм азилы.) Хаджумар (амоны Елхъаимæ, сабырдæр у, зæгъгæ). Мæ хо... Заретæ!.. Мах мæстджын стæм æмæ пæ тызмæг ныхас куы сирвæза, уæддæр ныи æмбæлы. Елхъаны дæр æфсæрм ис, нæ фыды ’фсымæр у... нæ мæт кæны, нæ ном, пæ мыггаджы номы мæт кæны. 3 а р е т æ. Ахæм æвзагæй мæм чи дзура, уый мæп пицæмæн хъæуы. X а д ж у м а р. Мах хъæуа æви пæ хъæуа, уæддæр æй мах хъæуæм, уымæп æмæ йе ’фсымæры цот стæм. Нæ кад йæ кад у, пæ худинаг — йæ худинаг у. 3 а р е т æ. Мæпæй йæм ннцы худинаг æрхаудзæп. Е л х ъ а н. Гъа-гъа-а-гъа, уæдæ! Хъусыс æм?.. 76
Амæп гыццылæй бахæцып хъуыд йæ хурхыл!.. Æмæ абоп иомхæссæн иæ фæцадаиккам. X а д ж у м а р. Ды цы митæ бакодтай, Заретæ, уы- доп махæп, æнæхъæн мыггагæн дæр худипаг йедтæмæ кад æм>æ ном не ’скæндзысты... Фæлæ уый дæр афтæ фод... Кæд æй не ’мбарыс, уæд... Фæлæ нæ мад йæ дзыккутæ тонгæйæ, йæ рустæ тонгæйæ уынгты æмæ доны былты дæу агуры, уый зоныс? 3 а р е т æ (хъæрæй ныккæуы). 0, дзыцца!.. Фæл- тау авд дæлдзæхы куы фæуыдаин, дæ зæрдæ фæрис- сын кæныны бæсты! Е л х ъ а н. Ууыл дæ раздæр ахъуыды кæпын хъуы- ди родтæмдзог! Кæйдæр басяччы фæдыл!.. Хаджумар (амоны та йын, дæ дзыхыл фæхæц, зæгъгæ). Заретæ... Кæуын пæ хъæуы... Дæ пнсмо дып касти дзыцца... Фердиаг кодта,фæлæ, дам, гæнæп иал ис... Нæ худинаг дæр, дам, кæд ферох уаид... фæлæ, дам, мæ чызджы нæ бафхæрдзынæн... йæ амонд, дам, йæхæдæг ссардта æмæ, дам, мах дæр хæстæг хъæуы... махæн бафæдзæхста... æркæпут, дам мæ чызджы æмæ йæ арвитон... (Заретæ йæ кæуынæй фенцады.) Уæдæ мæнæн дæр иунæг хо йедтæмæ нæй æмæ искæй хæдза- рæй ацæуа, уый мын цæсгомы хос нæу... Елхъан. Цæмæн хъуамæ ацæуа искæй хæдза- рæй Тараты чызг? Цы дын сты Хъаратæ? Хаджумар. Ды дæхи фæндонæй равзæрстай дæхицæн царды æмбал, уый мах дæр æмбарæм æмæ йæ æгъдауыл бакæнын хъæуы, махæн дæр Берозы фырт не сиахс у æмæ йын хъуамæ пæ хæдзармæ фæн- даг уа. Елхъаи. Ай-гъай, кæд Берозы фырт нæ лымæн нæу, уæддæр ныр не сиахс у. 77
Хаджумар (бынтои лæгъзæй). Чи зоиы, мах дæр фæрæдыдыстæм, Амырхатимæ хъуыддаг куы код- там, уæд... Кæй дæ нæ бафарстам. Елхъан. Æмæ уыцы æхсæв кæрты йæхæдæг йе- мæ куы лæууыди, худгæ куы кодтой иумæ. 3 а р е т æ. Æз уыцы æхсæв уыцы лæгтæ цæмæ ссыдысты, уый зонгæ дæр нæ кодтон... Уыцы лæгимæ та æнæнхъæлæджы сæмбæлдтæн кæрты... Уым базыд- тон хабар... Е л х ъ а н. Цытæ мын дзурыс! Иемæ худгæ нæ кодтай кæрты? 3 а р е т æ. Цæуыл худтæн, уый уæ базонын хъуыди. Хаджумар. Æз дзуапп нæ лæвæрдтон Мус- сæйы мипæвæрттæн. Цалынмæ, зæгъын, мæ хойы ба- фæрсон, уæдмæ уын мæнмæ ницы дзуапп ис, стæй мын куы загътой, дæлæ, дам, кæрты иумæ уарзон ны- хæстæ кæнынц... уæддæр ныхæстыл нæ баууæндыд- тæн, фæлæ рудзынгæй куы акастæн æмæ уæ худгæ куы федтон, æрмæст уæд радтам фидыды дзуапп. (Рудзынгмæ кæсы.) Цæй, цы æрцыди, уый æрцыди, фæлæ нæхимæ цом æм^е дæ уырдыгæй арвитдзы- стæм... Дзыцца дæм æнхъæлмæ кæсы... (Заретæ фыр катайæ цы акæна, уый нал зоны.) Цæуыс нæхимæ, дзыццамæ? Къуырийæ фылдæр нæ нæ хъæуы бацæттæ кæиынмæ... стæй не сиахсы дæр нæ хæдзары фенæм. Цæуыс? Заретæ (фыр катайæ кæртмæ кæсы, иицы дзу- ры). О... тæхуды... Хаджумар. Цом, цом... мауал фæстиат кæ- нæм... 3 а р е т æ. Мæнæ... дзауматæ аивон... X а д ж у м а р. О, иицæмæн дæ хъæуынц. Уæхæ- • 78
дæг дзыццаимæ бахуидзыстут. Мах дæм кæрты фæ- лæудзыстæм. (Рацæуы Елхъанимæ.) 3 а р е т æ (фыццаг цавддурау джихæй лæууы, стæй сыитæгыл æрхауы, фæлæ та фесты). Нæ мæ фæнды..; О, нæ мæ фæнды нæхимæ цæуын... Кæм и нæхимæ?.. Ой, тæхуды, æцæг нæхимæ куы цæуин... Цы кæнон... Цы акæнон ныр... О, мæнæ куыд иунæг дæн!.. О, дзыцца! Фæлтау куынæ райгуырдаин... Майрæм цæй æрæгмæ цæуы... Каистæ уарзын, загъта... (Ласы разгæмттæ æмæ кæны йе ’ннæ дзауматæ.) Кæд бафи- дауиккой, уæд нæхимæ бирæ нæ бафæстиат уаин. Кæд дзыцца дæр бауарзид йæ сиахсы... Хаджумар (бацæуы). Цæттæ дæ, Заретæ? 3 а р етæ (ныдоюдоюих, æррайы хуызæн сси). О, о, цæттæ, цæттæ... X а д ж у м а р (йæ цонгыл ын рахæцы). Цом. Рæх- джы дæ заргæ рафæндараст кæндзыстæм нæхицæй. (Ацæуынц. Радиойæ райхъуысы æнкъард фæндыр- дзагъд.) Æ мб æ р з æн ЦЫППÆРÆМ АКТ ÆВДÆМ НЫВ Изæрдалынгтæ Тараты хæдзары. Уаты сты Косер æмæ Госка. Косер. Фыццаг махыл не ’рцыди ахæм хабар. Ирæд сæ нæ райстам, миййаг, Амырхатæй. Г о с к а. Уаих æрбауай, Косер, æмæ æрмæст ирæ- 79
дыл у хъуыддаг? Худилаг та? Дæ куырд усы дын ис- чи дæ фындзы бынæй афардæг кæпæд! Уымæй худи- нагдæр ма цы уа! Чи йæ пыббардзæн?.. Муссæйæн, мæгуыр, æддæмæ рацæуын дæр йæ бон нал у алы фи- дистæй. Иæ дуканийæ йæ хæдзармæ ныгъуылдтытæ кæпгæ куы фæцæйуайы, уæд ыл алырдыгæй пыррыч- чытæ кæнынц... Зарджыты заринаг, фæндырты цæгъ- динаг æй фæкодтат. Косер. Мах æй пицы фæкодтам. Чи цы кæиы, уый йæхицæн. Æнæсаргъы бæхыл ып хонджытæ нæ арвыстам йæ мипæвæрттæм. Кæд чызгæп йæ зæрдæ иæ зыдта, уæд цæмæн æрбарвыста йæ минæвæртты? Минæвæрттæ дæр ма куы уыдаиккой, фæлæ æвиппай- ды фидауджытæ! Лæг куы хуины, йæ сæрыл худ куы ис! Æгæр йæхиуыл фервæссыди. Г о с к а. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, раст нæ дæ, Ко- сер. Аххосджып кæныс Муссæйы, фæлæ уæхи Тараты стыр мыггагæн кады хос у, дæ чызг Заретæ цы ми ба-' кодта, уый? Косер. Æмæ æз æппæлгæ, миййаг, кæпыи мæ чызджы митæй? Госка. Уæдæ аххос Муссæйыл цæмæп æвæрыс?! Дæуæй æндæр мад ма йæ чызгмæ ссæуид, йæ дзыкку- тæй йæ рахæр-хæр кæнид æмæ йын, Ирыл чи пикуыма æрцыди, ахæм митæ бакæнид. Ды та ма йæ сæрыл хæцыс. К о с е р. Раст æй нæ кæнын, фæлæ мæ хъæбул у. Г о с к а. Хорз хъæбул дын у, æнæхъæн дыууæ мыг- гаджы цæсгæмттæ сау мылазон скодта, æртæ мыгга- джы æхсæн фыдбылызы æхсидæвтæ байтыдта... К о с е р. Мыггаг! Кæм ма ис, кæм мыггаг! Лæгтæ кæм нал уа, уым мыггаг пал ис! Елхъантæ, мæиæ лæп- !80
пуйы хуызæтты бæрпы чи баззади, уый мыггаг нал у! Кæйдæр зулмæхæцæг галтау фæйнæрдæм хæцынц. Г о с к а. Хуыцау хорз, æмæ сабыр лæппу у Муссæ, уыйедтæмæ мæ судзгæ мæрдтыстæн, æыдæр исчи афонмæ æбуалгъы фыдбылызтæ скодтаид Таратæц дæр æмæ йын йæ куырд усы чи ахаста, уыдонæн дæр. Косер. Цæмæн нын хъуамæ скæна фыдбылызтæ? Ирæд дзы миййаг куынæ райстам. Цы фос дзы рай- стам, уый фæстæмæ аласæд! Г о с к а. Уый дæр ма зæгъ, Косер. Ирæд пыры за- ман фосæй пичйуал исы. Косер (тызмæгæй йæм бакаст). Æмæ уымæй та цы зæгъынмæ хъавыс? Г о с к а. Цы зæгъыимæ хъавын? Лæгтæ лæгтæй цытæ фæисынц? Æдзух йæ дуканийы къæбицы бадти уæ Елхъан, нозты карз æмæ хæринæгты хуыздæртæ йæ разы фынгыл, афтæмæй... Уæдæ йын йе ’рттиваг машинæ рагъæфхæрд фæкодтой уæ лæгтæ... Уый дæм пицы кæсы?! К о с е р. Туджы цæмтæ хауы дæ хъæлæсæй! (Æр- байхъуысы та машинæйы уыиæр. Кæрты дуар æрбай- гом вæййы.) Цыма дуары хъæр фæцыди. (Акæсы ру- дзынгæй. Кæртмæ бацæуы Елхъан. Йæ фæдыл Ха- джумар æрбакæны Заретæйы. Куыддæр фæмидæг вæййынц, афтæ Хаджумар ариуыгъы Заретæйы цонг æмæ йæ кæртмæ ныззыввытт кæны. Заретæ ахауы кæрты астæу.) Мæ хæдзар!.. Мæ чызг! (Æддæмæ разгъоры. Заретæ тарстæй фесты æмæ йæ мады куы ауыны, уæд æм бдзгъоры.) 3 а р етæ. Дзыцца!.. (Косеры æфцæгыл ацауын- дзæг.) К о с е р (йæхицæй йæ асхойы, стæй йæ тымбыл 6 Пьссапæ 81
къухтимæ додой кæнгæ бацыди). О, цытæ бакодтай! Цытæ мын бавзарын кодтай! Нæ худинаджы хъæр æнæхъæн Ирыл куы айхъуысти... Уæ фæлтау иу куы- дзы къæбыла куы схастаин дæ бæсты, уæд ацы худи- наг мæ сæр нæ баййæфтаид! (Хаджумар æмæ Елхъан кæсынц кæрты лæугæйæ, Госка кæсы тыргъæй. Заре- тæ удаистæй лæууы кæрты къулы рæбыи æмæ æнæ- исты æмбаргæйæ кæсы йæ мад фыдбоны тымыгъау куыд сси, уымæ.) Уæддæр ма мæм йæ налат цæсгом куыд ныддардта!.. (Йæ дзыккутæм ын фæлæбурдта, стæй йæ батъæпп кодта къулыл. Хаджумар æмæ Ел- хъан худгæйæ бацæуынц хæдзармæ.) Заретæ. Дзыцца!.. О, цы кодтон, дзыцца!.. (Ба- уадзыг æмæ æрхауы зæхмæ.) Косер (джихæй аззайы йæ чызджы уæлхъус). Мæ чызг! Мæ хъæбул!.. Г о с к а (рауайы сæм). Æгæр æфхæрыс, Косер, дæ фæлмæнзæрдæ чызджы! Косер (ныддæлгом Заретæйыл). Уæ мæ зæрдæ- йы уидаг!.. Мæ иунæг чызг! Цытæ дын бакодта дæ их- зæрдæ мад!.. Уæ мæ хæдзар куыд æрбайхæлдтон мæ- хи къухтæй!.. Авгау дын æрхауынæй куы тарстæн æмæ дæ ныр мæхæдæг куы бабын кодтон!.. (Дыууæ усы сисынц Заретæйы æмæ йæ бахæссынц уатмæ. Æрæвæ- рынц æй сынтæгыл.) Мæ къона куыд байхæлди, Госка! Мардау куы афæлурси йæ цæсгом!.. Тагъд, дон!.. (Госка азгъоры хæдзармæ æмæ доны кружкæ рада- вы. Йæ фæдыл æууилгæ рацæуы Хаджумар.) Хаджумар (Косерæн). Цæуыл æрдиаг кæныс! Æгас сыхыл куы нæры дæ хъæр. Цæмæй йын тæрсыс? Косер (дон пырх кæны Заретæйыл). Гъæ, куы- , дзы зæрдæ кæмæн ис, уыцы адæймаг! Цæмæн рала- 82
стай мæ чызджы йæ амонд кæм ссардта, уырдыгæй? Куы мын бабын кодтат мæ хъæбулы! X а д ж у м а р. Æмæ йæ нæмгæ дæхæдæг куы фæ- кодтай, уæд ма йæ мах æфсон та цæмæн кæныс? Косер (кæугæйæ). Цæмæн æй æркодтат!.. Цæ- мæн мын æй бацарæфтыд кодтат, царæфтыд фæуат æгас мыггагæй! Хаджумар. Цæй мауал æрдиаг кæн! К о с е р. Æрдиагмæ дæм фæцæуæнт де ’мгæрттæ!.. Чи уын загъта стæхут æмæ йæ ракæнут, зæгъгæ?! Хаджумар. Нæ хойы бацагурын нæ хæс уыди æмæ йæ бацагуырдтам. Нæхимæ рацæуын та ’ йæхи фæндыди. Уыцы æнæкъона басяк æй кæйдæр хæдзары иу уаты къуымы ныууагъта, йæхæдæг лекка кæны кæмдæр! (Заретæ ныхъхъæрзы.) Гъæ!.. Сымахимæ чи дзуры... (Ацæуы.) Г о с к а. Мауал тæрс, Косер. Ницы йын уыдзæни. Косер (кæсы Заретæйы цæсгоммæ æмæ кæуы). Р1æ зæрдæ мын зæрватыччы зæрдæйæ уæлдай куынæ у, уæд ын цæмæн ахæм фыдмитæ бакодтон... Г о с к а. Мауал ыл хъарджытæ кæн. Стыр амонд дын не ссардтаид. Косер (бакæсы йæм туджджыны цæстæй). Ныу- уадз мæ, Госка!.. Айс дæхи æнæ мастæй!.. (Кæрты дуар æрбахостæуыди.) Хаджумар (бауайы). Чидæр хойы дуæрттæ... Уыдон, æвæццæгæп, йæ фæдыл рацыдысты... Хъусут- ма... Уаты дуар мидæгæй сæхгæнут, цырагъ ахуыссын кæнут æмæ хъыпп-сыпп дæр уæ дзыхæй куыннæ сха- уа,афтæ!.. Афтæмæй йæ куы æрбаййафой... (Хостæуы та кæрты дуар.) Г о с к а. Хæрзгæнæг хорз кæм ссардта!.. 83
К о с е р. Цæугæ! Нæ фыдбылызтæ дæ хай! Госка. Уæхи хай! Дæ родтæмдзог чызджы хай!.. (Фæдуарæдде.) К о с е р. Ой джиди, æмæ дæуæн!.. Хаджумар. Фехъуыстай, цы дын загътон, уый? Косер. О! Къуырма иæ дæи!.. Акæс æддæмæ! (Хуылыдз хæцъилæй сæрфы Заретæйы цæсгом. Ха- доюумар цырагъ ахуыссын кæны æмæ ацæуы кæртмæ.) ’Хаджумар. Гъей, чи у уый?! Нæ дуæрттæ сæт- тып кæмæ кæсы! Газакк (дуары æдде). Æддæмæ ма ракæс, Ха- джумар! Хаджумар (дуар гом кæны). Чи стут? Ислам (бацæуы кæртмæ. Иæ фæдыл Газакк). Дæ фосы дзугтæн, бирæгъæй тæрсыс æви дæ дуæрттæ цы сæхгæдтай? Де ’зæр хорз. X а д ж у м а р. Æгас цæут... А-а, Ислам куы- дæ æмæ дæ куынæ базыдтон. Хъæздыг кæндзынæ, æвæц- цæгæн. Г а з а к к. Уазджытæ нæ уадзыс, Хаджумар? Хаджумар. Ау, уый та куыд зæгъыс, Газакк? Уазæг хуыцауы уазæг! Кæд æфсин ныртæккæ ам нæй, уæддæр хæдзар ам ис. Мидæмæ! Ислам. Бузныг, Хаджумар. Мидæмæ цæуыны уазджытæ не ’стæм. Хаджумар, дæ хо Заретæ мæ хæ- дзары уазæгуаты уыди. Ды йæм ссыдтæ æмæ йæ æнæ искæй бафæрсгæйæ раластай. Заретæ ныртæккæ кæм ис, уый базопын нæ фæпды. Хаджумар. Хæдзармæ уал рацыдаиккат. Г а з а к к. Дæ хæдзар нæм куырм уæйыджы каст куы кæиы. 84
Хаджумар. Срухс уыдзæпи. Заретæ ам нæй ныртæккæ. И с л а м. Кæм ис уæдæ? Хаджумар. Ие ’мбæлттимæ пæ хæстæджытæй кæмæдæр ауади. Г а з а к к. Дæ мад та кæм ис? X а д ж у м а р. Нæ мад та зианджынтæм ацыди. Ислам. Хаджумар, дæ хо мæ хæдзары уазæгуа- ты цы æгъдауыл уыдис, уый нæ зоныс? X а д ж у м а р. Нæ зонын, зæгъгæ дын куы зæгъон, Ислам, уæд уый гæды ныхас уыдзæни, гæды ныхæстæ кæнын та мын мæ фыдæлтæй пæ баззади, стæй йæ мæ сæрмæ дæр не ’рхæсдзынæп. Зонын æй. Г а з а к к. Уæдæ йæ кæд зыдтай, уæд æй цæмæн ракодтай? Хаджумар. Бахатыр кæпут, Ислам æмæ Га- закк, Заретæ мæ хо у. Ислам, зæгъ-ма, дæ хо къуыри- йæ’фылдæр дæ хæдзары куынæ уаид, уæд æй нæ агу- рис? Г а з а к к. Бæгуыдæр æй агурии. Хаджумар. Гъе, хуæдæ æз дæр агуырдтои мæ хойы. Дæу дæр Ислам, афæрсинаг уыдтæн, кæд æй ды зоныс, зæгъгæ, æмæ дæ хæдзармæ дæр уый тыххæй бауадтæп. И с л а м. Ахæм уазæгæн æпæ йæ фысымы бафæрс- гæ ракæнæн кæй нæй, уый нæ зоныс? X а д ж у м а р. Зонып. Ракæнипаг æй иæ уыдтæп, фæлæ йæхи б’афæндыд нæ мады фенын æмæ йын «ма рацу» куыд загътаип? Г а з а к к. Зын бауырнæн у уый. X а д ж у м а р. Кæй мыл пе ’ууæндыс, Газакк, уы- мæй мæ æфхæрыс. 85
Ислам. Уæддæр дын мæн ссарын, мæн бафæр- сын æмбæлди. Хдджумар. Гъе уый та, æвæццæгæн, мæ сæр не ’рцахста. Исла м. Хорз, æгайтма дæ рæдыдыл сæттыс, фæ- лæ кæм ис ныртæккæ Заретæ? Хаджумар. Кæд мыл æууæндгæ нæ кæнут, уыййедтæмæ уын куы загътон, йе ’мбæлттимæ нæ хæ- стæджытæй кæмæдæр ауадысты. Г а з а к к. Кæмæ? Хаджумар. Хæстæджытæ, æрвадæлтæ нын би- рæ ис. Кæцытæм уыдзæни ныртæккæ, чи йæ зоны. Ислам. Уæдæ цом æмæ йæ рацагурæм. Фæстæ- мæ йæ арæвдз кæнын хъæуы. X а д ж у м а р. Ислам, бахатыр кæн, мæпæй хистæр дæ, фæлæ мæ хойы æз хъуамæ нæ фыды хæдзарæй æгъ- дауыл арвитон. Донмæ, кæнæ колхозы харбызтæ то- нынмæ миййаг нæ цæуы. Г а з а к к. Æмæ йæ уæд фыццаг цæуылнæ æрвы- стай æгъдауыл? X а д ж у м а р. Мæхи уын нæ раст кæнып. Хабарæн æз бæлвырд ницы зыдтон, фæлæ йæ ныр зонын æмæ мæ иунæг хо нæхи хæдзарæй, нæхи мыггагæй нæ, фæлæ ис- кæй хæдзарæй чындзы ацæуа, уый мæнæн дæр æмæ æгас Тараты мыггагæп дæр кад æмæ помы хос пæу. Ахъуыды ма кæнут уæхæдæг, аив уаид афтæ бакæнып? Ислам. Хорз. Фод афтæ дæр, фæлæ дæ цал бопы хъæуы йæ бацæттæ кæныпæн? Хаджумар. Нæхи бар нæ бауадзут. Иунæг хойы йедтæмæ мын нæй, Ислам, æмæ уымæн хорз æгъдау куынæ скæнон, уæд ма цæй хæдзар æмæ цæй мыггаг стæм. Иæхи дæр афтæ фæнды. 86
И с л а м.,Къуырийæ уæ фылдæр бахъæудзæни? X а д ж у м а р. Ахæм хъуыддагмæ бацæттæ кæны- пæн къуыри фагнæуыдзæни, уый уæхæдæг дæр зоиут. Стæй Берозы-фыртæн дæр йæ хæдзар куынæма сцæт- тæ. Кæдæм æй хæссы? И с л а м. Берозы-фырты мæт мах кæндзыстæм. Г а з а к к. Дæс боны — дыууæ къуырийы дын фаг сты? X а д ж у м а р. Дыууæ къуырийы фаг уыдзысты, чи зоны... Ислам. Сывæллæттæ нал стæм. Хаджумар, нæ дзырды хъуамæ лæджы дзырды уæз уа. Дыууæ къуы- рийы фæстæ æрцæудзыстæм чындзхæссæг. Уæдмæ хъуамæ де сиахсы дæр дæ хæдзары фенай. Хъуамæ фидаугæ дæр бакæнат. X а д ж у м а р. Фидаугæ дæр æмæ хæсгæ дæр иумæ. Ислам. Хорз. Баныхас кодтам. Цом, Газакк. (Ацæуынц.) Хаджумар (сæ фæдыл). Фæндараст! (Дуар æр- бахгæны.) Хуыцау уæ бæрзæй сæстытæ фæкæнæд!.. Цæугæут уал, стæй та фендзыстæм. (Уаты ныхъхъæр- зы Заретæ.) Æмбæрзæн ÆСТÆМ ПЫВ Æвдæм нывæй æстæм нывы æхсæн рацæуы æртæ мæны бæрц. Сæрдыгон хъуынтъыз бон. Косер сарайы архайы арахъуадзæп мигæнæптпмæ. Заретæ уаты бады иупæгæй æмæ æнæбары хуийы цыдæр дзаума. Хаттæй-хатт аджих вæййы, стæй та бавналы. Косер бацæуы къæбицмæ. 3 а р е т æ (джихæй та кæсы залы ’рдæм). Цымæ абои та-цы бон у? Боптæ æмæ æхсæвтæ сæмхæццæ сты. 87
Раст цыма рæстæг иу ран пыллæууыди æмæйын размæ пицыуал æнтысы. Хурæн мæм йе ’скастæй йæ ныгуылып æхсызгоидæр кæсып байдыдта. Æхсæв мыл хуыссæг пал хæцы, бон арвы рухс иал уыпын. Циу ныр мæ цард? Цы ран æмæ цы уавæры дæн? Нæдæр мойгæиæг чызг, нæ куырд ус, нæ идæдз ус, нал дæр ахуыргæнæг... Майрæм дæр мæ ферох кодта... Мæ зæрдæ Уæллагхъæ- уы, мæхæдæг та ам цæмæн дæн? Хуыцаубоны, дам, дæ арвитдзыстæм... Æмæ цал æмæ цал хуыцаубопы аив- гъуыдта уæдæй пырмæ! 0, тæхуды, тæхуды, кæд æр- цæудзæн уыцы гаккджып хуыцаубоп! Кæд анрвæздзы- пæн мæ хæдзармæ, мæ куыстмæ?!.. (Сысты æмæ ба- цæу’ы айдæнмæ, кæсы йæхимæ.) Мæ цæсгом сæумæ- райсомы мæйау ныффæлурс и. (Фестъæлфы). Цыдæр кæнын... Мæ зæрдæ цæмæн хæссы?.. (Джихæй аззайы, æркæсы йæхимæ æмæ йæ мидбылты бахуды.) Дыу- уæ мæйы... æртыккаг мæймæ?.. 0, Майрæм!.. (Лæууы айдæиы размæ, йæ мидбылты худы.) Сывæллон... Ма- ма... Баба. К о с е р (кæртмæ рацæуы сарайæ). Чызг! Уæ чызг! 3 ар ет æ (фестъæлфы). Ой... (Рудзынгæй.) Циу, дзыцца? ’ Косер. Дæ разы къамодыл мæ кæлмæрзæн æмæ пæ радав. 3 а р е т æ. Ныртæккæ. (Сисы кæлмæрзæн æмæ йæ ахæссы кæртмæ.) К о с е р (исы кæлмæрзæн). Уæлæсыхмæ мæ суайып хъæуы. Хъасполæн зæгъон æмæ уыцы адæммæ фæха- бар кæна. Цæттæ стæм. Заретæ. Берозтæм? О мæхи дзыцца! (Ныхъ- хъæбыс æй кæны.) К о с е р (аиуварс æй кæны). Сæ мыггаджы пом сын 89
куыд скъæрцц ласта! Дæ цæсгом быптоидæр суагътай. Дæдæдæй, ныры фæсивæд, æфсарм уæм нал ис, æр- хъæцмæ нал лæуут! 3 а р е т æ. Омæ, дзыцца. тагъд мæ куыстмæ дæр цæуып хъæуы. Æмæ фæллад куы дæ, дзыцца, уæд та йæм æз суаии? Косер. Дæуæп æддæмæ цæуæп пæй... Худипаг у. З’аретæ. Цæмæй мып у худинаг, цы ракодтон? К о с е р. Худинаг циу æмæ цы иæ у, уый бамбарып афоп дьш бæргæ у. * . 3 а р е т æ. Æвæццæгæп æй нал бамбардзыиæн. Фæ- лæуу, дзыцца, афтæмæй куыд цæуыс, дæ цæсгом мила, дæлæ дæ дзабыртæ дæр чъизи, дæ къухтæ чъизи. К осер. Акса-ма, куы мæ æрбайрох. Ацы нозтытæ цæттæ кæнынæй мæ сæрæн нал дæн. О, нæ лæппумæ дæр кæд искæй арвитид, йе та йæм тилифонæй бадзуг рид æмæ йæ хæдзармæ рахъуыдты уа. Кæд æмæ йæм кæд арвыстон æмæ пæ зыпы... фæрсхъæд фæуинаг дзы у! 3 а р е т æ. Куынæ ’рцæуа, уæддæр дзы хъаст... К о с е р. Сысс! Афтæ дæ исчи куы фехъуса... лæгæи ма пæ хæдзары уый ис. Æнæлæг хæдзары уыйбæрн адæмæп æгъдау раттынмæ чи сарæхсдзæн. Цом мæхи æрæхсон... Охх, мæ цæнгтæ сисын нал фæразын. 3 а р е т æ. Дæ туфлитæ дæр аив. (Бацæуынц уат- мæ. Косер йæ къæхтыл кæны æндæр туфлитæ. Æрбахо- стæуыд кæрты дуар.) К о с е р. Чи уа цымæ? Кæд нæ лæппу æрцыди? Ма- радз-ма, акæс. Æз^мæхи æрæхсои. Заретæ. Гъа, мæнæ дыи хисæрфæн. Мæнæ ацы хæцъилæй та дæ туфлитæ асæрф. Æз æм акæсон. Мæ зæрдæ рухс нæу’йе ’рцыдæй... (Рауайы кæртмæ. Чысыл 89
Вуар байгом кæны æмæ джихæй аззайы. Кæртмæ ба- хизы Майрæм.) Майрæм! Мæ зæрдæйы уидаг!.. (Йæхи йыл баппары). Косер (йæхи сæрфгæйæ рудзынгæй акæсы). Циу уый та?! Мæ бындурыл!.. Уый та куыд?! Уыцы лæппу!.. Æмæ куыд йæ ныфс æрбахаста? Мыггаджы лæппутæй, кæнæ йыл Амырхаты лæппу куы сæмбæла!.. М а й р æ м (цииты фæстæ). Заретæ... Цы хуызæн сдæ... Тынг дæ бафхæрдтой? (Косер иннæрдæм азилы.) 3 а р е т æ. Нæ, нæ... афтæ... уый ницы у... Ныр та мæ цуры дæ. Майрæм... М а й р æ м. Уæхимæ исчи ис? Заретæ. Мæ фырцинæй мæ æрбайрох... дзыцца пæхимæ. М а й р æ м. Лæгтæй дзы ничи ис? Косер (рудзынг ратъæпп кæны). Чызг!.. Дуар сæхгæн! Заретæ (фестъæлфы). Ой... (Фæстæмæ фæзилы, фæлæ дуар Майрæм ахгæны.) Исчи нæ иумæ куы фе- па, уымæй тæрсы. М а й р æ м. Уазал дын нæу?, Ахæм бон бæгънæг цонгæй... (Йæ пидоюак фелвасы æмæ йын æй йе уæхс- чытыл æркæны.) Мидæмæ мæ нæ хоныс? 3 а р е т æ. Хонын. Æрмæст дзыцца... М а й р æ м. Маргæ мæ куы кæпа, уæддæр йæ цур- мæ цæуын. (Иæ цонгыл ын æрхæцы æмæ фæцæуынц.) Косер (скатай). Гъæгъ-гъа уæдæ!.. О мæ бон! Цы йын бачындæуа... Схъæртæ йыл кæнин æмæ йæ атæрин? (Ацæуынмæ хъавы, фæлæ уæдмæ дуар æр- байгом. Бацæуынц Заретæ, йæ хæд фæдыл — Майрæм æмæ тæккæ къæсæры цур æрлæууынц фæрсæй-фæр- 90,
стæм. Косер лæууы уаты астæу æмæ сæм кæсы тар- æрфыгæй.) 3 а р е т æ (фыртæссæй цы акæна, цы зæгъа, уый нал зоны). Дзыцца... æз... мах... (Косер сæм уæддæр кæсы æнæ дзургæйæ.) -Майрæм. Бахатыр кæн, дзыцца... Ныббар... дæ чызг дæ дзыцца хоны æмæ дæм æз дæр уыцы номæй сдзырдтон... Мæнæи мад нæй, Косер. Уыцы бар мын ратт æмæ дæм æз дæр дзыццайы номæй дзурон... (Ко- сер ницы дзуры.) Кæд искуы искæцы мад йæ хъæбул- тæн сæ рæдыд ныббарста, уæд ныббар ды дæр... Æвæццæгæн, дын ме ’рбацыд хъыг у... Зыдтон æй, фæлæ уæддæр æрбацыдтæн дæ цурмæ, лæппу, цы- фæнды азымджыпæй дæр йæ мадмæ куыд бацæуы, афтæ. Æз дæн азымджыи æмæ мæ нæмгæ кæнай, тæр- гæ æви маргæ, уæддæр дæ æз мæ мад хопып æмæ дæ зæрдæ—мæ тæрхонгæнæг... (Косерæн йе ’рфгуытæ уæлдæр ссæуынц. Зына-нæ зына æхсызгондзинады мидбылты худын абады йæ цæсгомыл.) 3 а р е т æ. Дзыцца!.. (Йæхи баппары йæ мады хъæ- бысмæ. Косер æй æрбалвасы йæ риумæ.) Косер. Мæ хъæбул!.. Ды мын амондджын куы уаис æмæ мæ уд уæ фæхъхъау куы фæуид... (Йæ сæр- иннæрдæм азилы æмæ сæрфы йæ цæссыгтæ.) 3 а р с т æ. Кæугæ кæпыс, дзыцца?.. Æз амонд- джын дæн... Дæ зæрдæ дын кæй фæриссын кодтон, уый та мæхицæи никуы ныббардзынæн. М а й р æ м. Дæ зæрдæ кæй фæрысти, Косер, дæ чызджы мæтæй, уый иууылдæр мæп аххос у æмæ сраст кæндзыпæн мæ азым. К о с е р. «Мæп аххос», «мæн аххос» кæнут пыр, фæ- лæ æз æпæхъæн къуыри кæугæ æмæ ниугæйæ уынгты 91
æмæ доны былты мæ сывæллоп агургæйæ цы разгъор- базгъор фæкодтон, æз цы хъаймæты бонтæ æмæ æх- сæвтæ арвыстоп!.. Мидæгдæр рацу, лæппу. Де ’пæр- хъуыды миты фæстæ атæринаг бæргæ уыдтæ, фæлæ мæ сæрыл хæцæг чи уыдаид, уый дæхирдыгæй фæцис æмæ ма дын цы мæ бон у. Мæ зæрдæйы уидæгтыл баст у мæ иунæг чызг. (Заретæйæн.) Ауай хæдзармæ, уазæгæн исты ацæттæ кæнын хъæуы. 3 а р е т æ. (Косеры аууонæй худы æмæ йæ цæст ныкъулы Майрæммæ). Дзыцца, æмæ сиахсæн цытæ вæййы, уый æз пæ зонын. Хъайлатæ, хæбнзджыптæ, двайнотæ... Косер. Гуыббыпиизы хай макуы фæу! Дæ цæс- гом суагътай, мæнæ чызг! Цу, мæхæдæг зопып, цы хъæуы, уый. 3 а р е т æ. Хорз, хорз, мæхи дзыцца, цæуын. (Фæ- сте æрбахъæбыс кæны Косеры æмæ азгъоры.) Косер. Скъулбадæг бынтондæр... Дæ мады ’фсы- мæрмæ ма цæрыс? М а й р æ м. Цæмæн мæ мады ’фсымæрмæ? К о с ер. Афтæ фехъуыстон... М а й р æ м. А-а... Уый нæ хæдзар хæсты рæстæ- джы куы фёхæлди, уæд... Рæстæгмæ. К о с е р. Æмæ уæдæ пыр кæм? М а й р æ м. Нæхи хæдзар раджы куы сцæттæ. К о с е р. Хорз хæдзар дып скодтой? М а й р æ м. Чи? К о с е р. Адæм, æндæр чи? М а й р æ м. Хæдзар скодтон мæхи хардзæй, мæхæ- дæг мæ бригадимæ. К о с е р. Æцæг?.. Уæдæ æз афтæ куы фехъуыстон...^ М а й р æм . Адæм истытæй фылдæр цы дзурынц, 92
К о с е р. Æмæ пыр цæттæ дæ? М а й р æ м. Цæттæ рагæй стæм! К о с е р. Дзауматæ та? Истытæ балхæдтай? М а й р æ м. Дзаума, хæдзары æхсызгоп цы хъæуы, уыдои балхæдтам. Цæттæ стæм... Косер. Мæ чызг буц ахуыр у дзаумайæ... Уаты дзаумайæ, уæлæдарæсæй. (Заретæ бакæсы дуарæй.) Балхæн ып альГдзаума, дыгай-æртыгай фæлыстытæ, кæинод... Ирæдфидыпдæ куыпæхъæуы, миййаг, лæ- вар дып æй куы дæттæм. 3 а р е т æ (къæсæрæй). Дзыцца, цытæ дзурыс? Ху- дпиаг у! К о с е р. Цæмæ ратахтæ! Ацу æмæ дæ куыст кæп! (Заретæ ацæуы.) Мæнæ сцæттæ кодтам мах... Æз ма пыртæккæ уæлæ Хъасполмæ суаинаг уыдтæн, фехъу- сыи уын кæна, зæгъгæ... Хуыцаубоны рарвитут уæ адæмы... бирæнæ... Афтæуæздан, хиуылхæцгæ чи уа, ахæмты... О, тæхуды!.. Цытæ архайы уыцы чызг? Ба- кæсон æм... Сбад уал... Фæстæдæр ма аныхас кæндзы- стæм. (Ацæуы. Майрæм джихæй кæсы йæ фæдыл. Ба- уайы Заретæ.) Заретæ. Майрæм, ма фæхуд дзыццайыл. Цытæ дзырдта, уыдон ферох кæн. Майрæ м. Куыиæ йыл худып. Уыдои зæронд адæм зæронд æгъдæуттыл ахуыр сты æмæ сæ кæд кæнгæ арæх нал кæпынц, уæддæр ма сæ сæры магъзы сты, рох сæ иæ кæпынц. 3 а р е т æ. Зæронд æгъдæутты ’хсæп хæрзтæ бирæ ис, фæлæ мыггаджы хистæрты уынаффæтæ, сусæг йрæдтæ æмæ ма æндæр ахæмтæ. Уыдон та сафинаг... М а й р æ м. Цæй æмæ уыдон ферох кæнæм. Уыдо- ны мæт мæ нæй, Заретæ... 93
3 а р е т æ. Уæдæ дæ цæй мæт ис? М а й р æ м. Тагъддæр, тагъддæр нæхи ’рдыгæй цæ- мæй фæуай, уый мæт. Дæ разы дæхи хуызæн нал дæ... Мæ цард дæр цард нæу æнæ дæу. 3 а р е т æ. Кæд, уый тыххæй дын дзыцца ницы загъта? М а й р æ м. Загъта... Ацы хуыцаубоны, дам, ра- цæут. 3 а р е т æ. Ой, тæхуды!.. Кæд у хуыцаубон та? Мæ- нæн бонтæ куыддæр сæмхæццæ сты æмæ сæ нал зо- нын. Абон цы бон у? М а й р æ м. Абон цыппæрæм. 3 а р е т æ. Иннæбон сабат... Хуыцауыхсæв мæм æрцæудзыстут, нæ? М а й р æ м. Мах дæм тæккæ изæры дæр бæргæ ’рцæуиккам. 3 а р етæ. Ой, тæхуды... Тагъддæр... кæннод... Мæ зæрдæ цæуылдæр риссы. Тæрсгæ кæнын цæмæйдæр. Цыма мын мæ амондмæ æрра бирæгъты æрдонг æн- хъæлмæ кæсы фæсаууонæй... Уыцы Муссæ дæр æрба- кæсы... М а й р æ м. Æрбакæс-æрбакæс кæнæд... Цæмæй ма дзы тæрсыс? Заретæ. Æрмæст та куы баиу уæм, уæд нал тæрсдзынæн, Майрæм. Сусæгæй дын цыдæр зæгъин, фæлæ нæ уæндын. М а й р æ м. Ам нæхи йедтæмæ куы ничи ис, кæмæй æфсæрмы кæныс? 3 а р е т æ. Дæуæй... Мæхицæй... М а й р æ м. Ау, ахæм стыр сусæгдзинад у? Зæгъ æй. 3 а р ет æ. Майрæм... (Йæ цæсгом амбæрзы, йæхи 94
йыл банцой кæны, стæй йын йæ цæсгоммæ скæсы.) Ой, нæ зонын, куыд дын æй зæгъон. Майрæм. Кæд исты фыдбылыз... Уæд æй ком- коммæ зæгъ. 3 а р е т æ. Нæ, нæ... фыдбылыз нæ... М а й р æ м. Кæд циндзинад, уæд дæ цæстытæ ацъынд кæн æмæ йæ зæгъ. 3 а р е т æ (йæ риуыл ын амбæхсы йæ цæсгом.) Сывæллон... Сывæллон нын уыдзæн... М а й р æ м. Заретæ!.. Мæхи Заретæ!.. (Йæ хъæбы- сы йæ фелвасы æмæ йæ ныззилы.) К о с е р (æдде). Чызг! 3 а р е т æ (фестъæлфы). Ой... суадз мæ... Циу, дзыцца? К о с е р (æдде). Рауай-ма! 3 а р ет æ. Фæцæуын... (Азгъоры хъæлдзæгæй.) М а й р æ м. Тагъддæр нæхимæ куы схæццæ уаид... Гыццыл уынæрæй дæр стъæлфып байдыдта... Йæ зæр- дæ сывæллоны зæрдæ... сывæллон... (Заретæ бауайы тæбæгъимæ.) Заретæ. Мæнæ уал дын хъайла, уæливых. Иæ зæрдæмæ фæцыдтæ... бауарзта дæ... Дзæбæх лæппуйы хуызæн, дам, у... Двайно дын систа ныккæндæй... Тæ- хын æмæ дын радавон. (Азгъоры та.) М а й р æ м. Хуыцауæй бузныг, афон дæр у. Чидæр ын мæ фыдкойтæ фæкодта, æвæццæгæн... Чи? Елхъан, Хаджумар? Сæ дыууæ дæр... (Кæртмæ бацæуынц Ел- хъан, Хаджумар æмæ ма дыууæ лæджы. Семæ Муссæ дæр. Уатмæ графинимæ хъæлдзæгæй бауайы Заретæ.) 3 а р е т æ. Уый та дын сиахсы нозт. Æгæр дзы ма баназ, тынг карз у... Кæдæ1\1 кæсыс, кæ? М а й р æ м. Ацы минасæй мæнмæ исты æрхауа?! 95
3 а р е т æ (акæсы рудзынгæй). Мæ хæдзарыл!.. Кæцæй сæ... Дзыцца! (Азгъоры фæстæмæ. Майрæм рудзындош цур лæууы.) • X а д ж у м а р (кæрты). Уæд та мидæмæ рацæуик- кат? ( Елхъап. Мидæмæ дæр... Æмбæлы... (йæхи тых- хæй уромы, фæцæй та цуды.) 1 - а г л æг. Уым хистæртæ махмæ æпхъæлмæ кæс- дзысты... 2-а г л æ г. Хаджумар, марадз, дæ мадæп ’зæгъ æмæ нæ фæрæвдз кæна. Е л х ъ а н. Хаджумар, мæнæ’ уал нæ зиапы куыст бакæнæм, стæй уæд мидæмæ... А, Косер йæхæдæг ра- цæуы.... (Рауайы Косер удаистæй .) Чындз... Адæм зианмæ махмæ куы цæуынц, уæд ды уым цæуылнæ дæ? К о с е р (тарстæй.) Цы ныл æрцыдис? Е л х ъ а н. Ау, æмæ дæм хабарчпæ уыди? Æви дæм æиæсаргъ бæхыл хицæн хопæг хъæуы? Хаджумар. Мæнæи загътой... Æз нæхимæ ра- цæуипаг уыдтæи, фæлæ афæстиат дæн. К о с е р. Чи нæ фæзиан ис? Елхъап. Нæ мыггаджы хистæр. Тепсарыхъо... Рухсаг уæд, мæгуырæг... Æвиппайды æрбамарди... Косер (Хаджумарæн). Гормон, лæппу, кæд дæ- уæн загътой, фехъусын кæн дæ мадæп, зæгъгæ, уæд искæй уæд та рарвыстаис. Худинаг нæу?! Е л хъ а н. Цæй, ды йæ нал раздæхтаис. Фæлæ æцæг худинаг цæмæй ма фæуæм, ууыл бацархайын хъæуы... Зиапджып хæдзары иу нозты хуыпп пæй... Адæм цæуынц... Æмæ зианæн рухсаг цæмæй зæгъой, уый ссарып хъæуы, чындз. К о с е р. Æмæ, Елхъан, мæнмæ цæмæн æрцыды- 96
стут уый тыххæй? Уæ мыггаджы сылгоймагджын хæ- дзæрттæ бирæ... Елхъан, Дæумæ ис нозт... Уæдæ ма кæмæ бадзу- рæм? Нæ мыггаджы ном нып худинагæй чи бахъахъ- хъæндзæн нæхи йедтæмæ... Æгас мыггагæй нæ дæумæ рарвыстой... Косер. Елхъан... Куы зоныс, нозтытæ цæй тых- хæй скодтон, уый. Е л х ъ а ы. Уый æндæр хъуыддаг у, уымæн дæр та йæ бон æрцæудзæн... К о с е р. Уыдон инпæбон æрцæуинаг сты. Елхъан. Уыдон иырма æрмæст æрцæуиыаг сты. Уымæй дæр иннæбон. Абон та нæм мæрдзыгой ис... Фыццаг чи æрцæуы, раздæр -уыцы хъуыддаг кæнын хъæуы. Мæрдтæ хистæр сты æгæстæй. К о с е р. Омæ сæм æрвитгæ акодтам нæхæдæг, цæттæ стæм, рацæут, зæгъгæ. Хаджумар. Æнæ мæн бафæрсгæ цæмæн арвы- стат? Ноджыдæр сæм арвитдзыстæм, зиан ныл æрцы- ди, зæгъгæ, фæлæудзысты. Е л х ъ а н. Стæй уый та куыд, иæ чындз, абон нæм адæм æрдиагмæ цæуыпц, райсом та на кæртæй къæрц- цæмдзæгъд айхъуыса?] Ау, ирон нал стæм, æгъдау нал æмбарæм? Нæ мыггагыл иузæрдион уыдтæ, чындз. Мыггаджы хистæрты дзырдæн аргъ кодтай... Ныр дыл цы æрцыди?.. Дæ цæстæнгас мæ зæрдæмæ нæ цæ- уы... Цы сыл бахардз кодтай, уыдон дын хорæй, æн- дæрæй тæккæ райсом æрбаласдзысты Тепсарыхъойы фырттæ. - Хаджумар. Дзыцца... Махмæ кæсынц адæм... Косер (йæхинымæр дзурæгау). Ды уæддæр дæ 7 Пьесæгæ 97
дзыхыл фæхæц! Мæ чызджы тæригъæдмæ кæсын мæ бон нал у!.. Ма мæм дзур! Е л х ъ а н. Чызджы дæр арвитдзыстæм. Æрцæу- дзæн уымæн дæр бон, фæдис нæу!.. Адæмы æфсарм бирæ у, чыидз! Абон мæрддзыгой адæмæн æгъдау куы- нæ раттæм, уæд райсом нæ циндзинадмæ чи æрцæу- дзæн? Дæумæ кæсынц æгас мыггаг дæр... Косер (йæ сæр ныттилы фырмæстæй). Аласут сæ!.. Уæртæ къæбицы. (Фæстæмæ разилы æмæ хауæ- гау æрбады къулы рæбын фæйнæгыл. Лæгтæ бацæ- уыиц сарамæ æмæ ратулынц боцкъатæ. Хаджумар ауайы сæ фæдыл. Заретæ разгъоры кæртмæ.) Заретæ. Дзыцца!.. Цы бакодтай!.. (Йæ мады размæ æрхауы йæ зонгуытыл.) К о се р (йæ чызджы сæр йæ хъæбысыæрбакæны). Мæ хъæбул!.. Фæлтау мын мæхи куы баныгæдтаик- кой, дæ тæригъæды бацæуыны бæсты! (Кæуынц. Май- рæм ныронг лæууыди уаты, джихæй касти кæртмæ. Ныр Заретæйы кæуын куы айхъуыста, уæд рауади. Кзертмæ баздæхынц Елхъан, Хаджумар æмæ Муссæ.) Хаджумар. Æрмæст фæйнæ арахъхъы... (Фæ- комкоммæ сты Майрæммæ.) Ай та чи у? Кæцæй фæ- зындис ам?! Муссæ (дзыхълæуд фæкæны). Ау, Хаджумар, ацы подлецы уынынмæ мæ æрбакодтай?! Бузныг! (Фæстæмæ фæзилы.) Е л х ъ а н (ныронг цавддурау джихæй). Гъей, Муссæ! Кæдæм кæ?!.. Ацы къæбылайæ фæтарстæ? Дæ куырд усы дын чи аскъæфта, уымæй? Уæдæмæ лæг нæ дæ!.. (Муссæ ныллæууы.) Иæ куыдзы дæндæгтæ ма йын базгъал! 98
М а й р æ м (тыххæй йæхи уромы). Басабыр у, Ел- хъан... Æз дæ куы ннцæмæй æфхæрын, уæд мын цæ- мæн фидистæ кæныс? Е л х ъ а и. Цы ма вæййы æфхæрд?! Фæхудинаг кодтай дыууæ мыггаджы. Лæгæн та йæ куырд усы аха- стай! Æнæхæдзар басяк! Ма йр æм. Хистæр дæ, нозтджын æмæ дын хатыр фод. Елхъап. Кæниод цы?! Гъæ куыдзæй чи рай- гуырд, уыцы къæбыла! (Суджы фахс фелвасы æмæ æррыуыгъынмæ хъавы Майрæмы. Заретæ ныцъцъæ- хахст кæны. Майрæм рацахсы суджы фахс, ариуы- гъы Елхъаны. Елхъан ахауы... Хаджумар кæсы æддæ- дæрæй, Муссæ йæ дзыппæй фелвасы дамбаца, Заре- тæ йæ ауыны.) 3 а р ет æ. Майрæм! (Йæхи йыл баппары æмæ йæ амбæрзы. Фæцæуы гæрах. Фæлæбуры йæ риумæ, фæ- лæ фæзилы Майрæммæ. Муссæ алидзы, Хаджумар йæ фæдыл. Майрæм исдугмæ фæджих.) Цæмæн?.. Цæ- мæп дæ фехстой, Майрæм?.. Нæ фæцæф дæ? (Май- рæм феуæгъд кæны йæхи æмæ агæпп кæны Муссæйы фæдыл. Заретæ ныццуды.) Косер. Мæ бындурыл!.. Туг!.. Амардтой мын мæ чызджы! Уæ, быны хъæр уæ рацæуа, мæиæ мыггаг! (Схæцы Заретæйыл. Æрбауайы Хаджумар дæр сæ цурмæ.) Заретæ. Цæмæн?.. Дзыцца!.. Цæмæн æй ма- рынц?.. (Къухæй аиуварс кæны Хаджумары.) Кæм и Майрæм?.. Дзыцца!.. (Æрхауы. Æрбазгъоры Майрæм. Йæ хъæбысы йæ фелвасы.) М а й р æ м. Заретæ! Заретæ!.. (Æрбалвасы йæ йæ риумæ. Стæй йæ фæхæссы æддæмæ.) 99
Хаджумар (бауайы йæ размæ). Уатмæ... уат- мæ!.. Майрæм (разылы). Нæ, нæ!.. Æвгъау уыди сы- махæп!.. Бæлон пæ цæры халæттимæ!.. Иæ мард дæр уын æвгъау у!.. (Ахæссы йæ. Елхъан æмæ Хадоюумар джихæй баззайынц.) Косер (ныцъцъæхахст кæны). Мæ чызг!.. (Æр- хауы.) Æ мб æ р з æ и К зз р о н
4 архайдон, авднывон комеди
АРХАЙДЖЫТÆ: С а л а м — колхозы сæрдар. Т у г ъ а н — колхозы парторг. Зауырбег | брнгадиртæ. Мæдинæт ] X а б о с — Мæдинæты фыд. Д з г о — Мæдинæты мад. У а р и Хъ аз и Нинæ С а фи М ар и М ай р æм Б а р и с — комбайнер. Ш о ф ы р. Сæуджен — сыхаг хъæуккаг. Сæлавырты Гуга — Сæуджены хæлар. М у р а д и — колхозон. М ы т ы л — колхозон, 60—70 аздзыд. Д з ы б ы л а — гыццыл лæппу, Мытылы фырт, В а н о — шофыр. Уырызмæг — зæронд лæг. Д з æ к к о р — зæронд лæг. Колхозонтæ, чындзхæсджытæ. 102
ФЫЦЦЛГ ЛРХЛЙД ФЫЦЦАГ НЫВ. Рæсугъд цъæх обау быдыры. Обауы сæрыл дыууæ бæласы. Бæлæстыл гамак ауыгъд. Обауæн йæ дыууæрдыгæй зынынц нарт- хоры æмæ мæнæуы хуымтæ, уыдоны фæстæ — хъæд, хæхтæ. Обауы рæбын — кады фæйнæг, хуызистытæ йыл. Æмбæрзæн бай- гомы агъоммæ райхъуысы адæмы дзолгъо-молгъо. Обауыл: га- лиуырдыгæй — Зауырбеджы бригады уæнгтæ, рахизырдыгæй та Мæдинæтыч бригады уæнгтæ. Зауырбег хæцы тырысайыл. Обауы астæу — Тугъан æмæ Салам. Обауы рæбын дæр лæууынц колхо- зонтæ æмæ кæнынц быцæу. Салам. Банцайут! Бæстæ хъæрæй уæ уæлныхты куы систат! Иу чысыл ма байхъусут! Хъæлæстæ: Уæ тæрхои раст нæу! — Нæ йæ раттдзыстæм!,. — Дзæгъæлы йæ рахастат! — Уæдæ ма йæ ма раттут!.. Тугъан. Омæ загъд цæуыл кæнут, загъд? Мах уын уæ хорздзинæдтæ æмбæхсгæ куы нæ кæнæм. Хорз куыстат ивгъуыд азты æмæ уын уæ хорз куыстæн хи- цауад хорз аргъ скодта. Ай районы колхозты кады тырыса у æмæ дыууæ азы дæргъы сымахмæ уыди. Уæ- дæ мæнæ нæ колхозы хъазæн обау, æдзух-иу быцæу 103
кæуыл кодтат, уый дæр сымахæн лæвæрд уыди фæл- лойы кады лæварæн. Фæлæ оæ бахъахъхъæнын нæ ба- фæрæзтат, уæхиуыл фервæссыдыстут! У а р и (обауы рæбынæй). Цæмæй фервæссыдыстæм нæхиуыл? Фарон æмæ æндæразы куыстæй цæмæй æв-, зæрдæр у пæ куыст, цæмæн нæ худинаг кæпут? Тугъан. Фарои æмæ æидæразы’ сгуыхтдзииæдтæ гцы азæн æгъгъæд не ’сты, Уари, Стæй фарон-фарон кæныс, фæлæ дæ фароны куыстæй цæмæй раппæлинаг дæ? Уæртæ Геройты нæмттæ чи райста фарон, уыцы колхозонтæ сымахæй сæрæндæр разындысты. У а р и. Уыдонæн сæ зæхх æнæхæрд у, саумæр, фæлмæн, мах зæххæн та йæ мæлдзыг цъырцъырагæй ставддæр у! Салам. Æмæ джызæйлаг Габерийы, зæхх мах зæххæй саумæрдæр æмæ æпæхæрддæр у? Уый цæмæп æрзайын кодта æмбисонды нартхор? Мур а ди. Гъе, дæ хъуыддаг раст, Салам, мæзæр- дыл мын æй æрлæууын кодтай* Зæгъ-ма уæдæ, Габе- рийæн цæуылиæ радтой Сызгъæрип Стъалы? У а р и. Зæгъ-ма, зæгъ! М у р а д и. Æгæр мæгуыр ын майдап дæр куы пæ радтой. Тугъап. Габерийæн дæр сымах хуызæтты тых- хæй нæ радтой... Зæронд лæг йæ хъæбатырдзинадæй æнæхъæн районæн дæр кад скодта, сымах та, фæси- вæд, фæсте баззадыстут. У а р и. Уæддæр цæмæй баззадыстæм, уый нын куы зæгъиккат, цæмæн нын исут нæ тырыса æмæ нæ обау? Тугъан. Фыццаджыдæр, уымæн, æмæ уалдзæ- джы куыстытæм уæхи хорз нæ бацæттæ кодтат, уæ зæхмæ рагуалдзæг нæ базылдыстут. Агроном уын цы 104
бацамыдта, уыдон нæ бакодтат. Ныртæккæйыл куы дзурæм, уæд та уæ нартхор, уæ картоф хорз нæ ба- рывтат, кæй дзы барывтат, уый дæр, сæгъылвыдау, æрдузтæ-æрдузтæ. У а р и. Æмæ уæдæ фарон цæмæн... Салам. Заууаты фарои! «Фарон», «фароп» цы кæнут? Тугъан. Фарон цы уыди, уымæ мауал кæсут, райсом цы уыдзæпи, уымæ кæсыи хъæуы. С а ф н. Æмæ Мæдипæты бригад æмбисæпдтæ ба- кодта? Тугъан. Акæсут-ма уыдон мæпæутæм; иу сындзы сæр дзы нæ зыны, сымахæи та уæ мæнæутæ сындзы бын фесты. Акæсут-ма Мæдинæты брпгады нартхоры хуымтæм, æххормаг тæрхъус дзы халæп цы стона, уы- мæн дзы кæрдæг нал ныууагътой. Хъази. Уыдопæн дзы нартхоры хæлттæ дæр би- рæ нæй, хъæдæй хъæумæ — иу хал! У а р и. Барæг сæ уангæ-уайып йæ ехсы хъæдæй аньшайдзæн. Тугъан. Нæ фæлæ æгæр буцæп уæ сæртæ разыл- дысты, æмæ йыл басæттут. Æгас Ирыл айхъуыст уæ кады кой. Алы бои газсттæ дæр сымах кой йедтæмæ ницыуал кодтой, инпæ колхозонтæи уæ фæзминагæп хастой æмæ хæрзаг загътат: «Ныруал нæ фæллад суа- дзæм, нæ фароны кадæй уал цæрдзыстæм». Ныронгуæ кад уæ фæстæ цыди, ныр уæ разæй афардæг, иунæг дзæгъæл гæрахы хъæрау æмæ йæ фæстæ баззадыстут. Ныр кад, Сызгъæрин Стъалытæ чи райста уыдонæн ис. У а р и. Æмæ сæ уыдон уæларвæй раскъæфтой?! С а л а м. Уæларвæй пæ, фæлæ зæххæй. Сæ хъæба- тыр куыстæй. 105
Ту гъ а н. Сымах нал зонут рæстæгæн аргъ кæнын. Лæджы царды рæстæгæй зынаргъдæр ницы ис. Мæнæ Габерийы кой кодтат, фæлæ Габерийæн йæ алы нарт- хоры хал дæр нымад уыди, сымах та обауыл херы кодтат. У а р и. Къæбæлтæ сыл бакодта æмæ сыл нæмттæ сæвæрдта, æвæццæгæн. Т у г ъ а н. Дæ дзыхыл фæхæц. Салам. Ныр у, æмæ районы колхозты кады ты- рыса уæддæр нæ колхозæй нæ ауагътам. Районы хи- цауад дæр æмæ нæ колхозы разамынд дæр бауынаф- фæ кодтой, кады тырыса (райсы тырыса) дыккаг бри- гадæн раттын. Мæнæн райæххæстком мæ бар бакодта ацы хъуыддаг. (Дæтты тырыса Мæдинæтмæ. Мæдинæ- ты ’рдыгæй адæм базмæлыдысты.) Кады тырысаимæ Мæдинæты бригадæн дæттæм нæ рæсугъд хъазæн обау дæр. Хъæлæстæ. Ура! Ура! Тугъан. Фæззæджы фæллойады хъæбатырты Сызгъæрин Стъалытæ куыд райсат, ахæм хъару уæм разынæд. Хъæл æст æ. Ура! Ура! Ура!.. У а р и. «Ура!» «ура!» Цæуыл «ура» кæнут? Афтæ æнхъæл стут, æмæ уæм бирæ рæстæг баззайдзæн! М а р и. Æгæр мæсты ма кæн, Уари! Хъази. Сымах та æгæр цин ма кæнут. Уæ цин куы фæсыкк уа, уымæй нæ тæрсут? Муради. Басабыр ма ут. Цы ныл æрцыд, уый нæхи аххосæй. Бауырнæд дæ, Тугъан, дæ ныхæстæ мæ зæрдæйы ныххаудтой, раст уазал доны æртæхтау, фæ- лæ цымæ афтæ бакæнæн нæй, Тугъан, нæ тырыса æмæ уал нын нæ обау нæхимæ куы ныууадзиккат. 106
М а й р æ м. Нæ, иæ, уый гæнæн дзы нал ис, Му- ради. Т у г ъ а н. Ныртæккæ нал, Муради. Мæнæ тагъд — мæнæугæрдæнтæ, бафснайут сæ раппæлинаджы æфс- найд, æмæ та уæд фендзыстæм. У а р и. Æмæ йæ уæд ахæм цыбыр рæстæгмæ цæ- мæн исут? Цæй ныфсæй йыл ныххæцыдыстут? Гъей, чызг! Суадз тырыса, дæ къухы нæ фидауы! С а л а м. Уари, хъæр ма кæн. М а р и. Цæуыл хъæртæ кæиыс, Уари? Майр’æм. Байрæджы кодтай, Уари. Т у г ъ а н. Цы зæгъдзынæ, Мæдинæт? Бафæраз- дзыстут тырыса бауромын? Мæдинæт. Фидар ыл хæцæм. Раст нæ зæгъын, æмбæлттæ? Хъæлæстæ (Мæдинæты бригады ’рдыгæй). Раст зæгъыс, раст, Мæдинæт. М æ д и н æ т. Ардæм тырыса исынмæ Уарийы ныф- сæп не ’рбацыдыстæм, æмæ ныл куы нæ хъæртæ кæ- нид; чи фæтæрса, ахæмтæ не ’стæм. У а р и. Æз хъазгæ кодтон, цæуыл стыхстæ, Мæ- динæт? Мæдинæт. Тыхсгæ та цæуыл кæнон, тыхсын сы- мах рад у. Тугъан æмæ Салам, мах дзырд дæттæм, ацы тырыса къорд азты махæй кæй ничиуал айсдзæн, ууыл. ч Хъæлæстæ. Ура! Ура! С а л а м. Цæулæут æмæ хъахъхъæнут уæтырыса, ма уын æй байсæнт ацы уæйгуытæ. М а р и. Цом, Мæдинæт, тырыса иæхи фæци. М а й р æ м. Гъей, херыгæнджытæ, нæ обау нын суæгъд кæнут! 107
Н и н æ. Уæлæ уæ авдæн ахæссут æмæ йæ .æрхы æрцауындзут, ай хъеллау кæнæн обау нæу. С аф и. Фендзыстæм, цы дзы саразат, уын. Мæдинæт (Зауырбсдо/сы ’рдæм). Хорз уал бай- райут, нæ лымæн «зпæгтæ». Уæ зæрдæтæ куы риссон, уæд нæм-иу фæхабар кæнут, зæрдæнизы хостæ пæм ис. 3 а у ы р б е г. Уæдæ мах æндæр пицы хъæуы... Фæстæдæр фендзыстæм. Мæдииæт ацæуы йæ адæмпмæ, ахæссыпц тырыса. Сæ фæндыр- дзагъд, сæ зарæг хъуысы. Иннæ колхозонтæ сæ фæдыл кæсынц. С а л а м. Зауырбег, æркæс дæ бригады хъуыддæг- тæм, уæхи тынгдæр бафистæг кæнут, уæ фарон, уе ’ндæразы кадмæ мауал кæсут, хъæумæ арæх ма уадз дæ адæмы куысты рæстæджы. Тугъан. Дæ партионты æмæ фæскомцæдисонты рамбырд кæн. Цекайы пленумы уынаффæ ноджы арф- дæр бамбарут. У а р и. Тугъан, бахатыр кæн, æрдæбон мæхи нæ баурæдтон, фæлæ сымах дæр иудадзыг раст не ’стут. Ау, уый бæрц ныллæгмæ æрхаудтам, æмæ нæ афтæ фæхудинаг кæнат? Иудадзыг æгуыдзæджы бынаты нæ цæмæн æвæрут?.. Фондз азы дæргъы хæсты быдыры састы бынаты никуы баззадтæн, стæй ныр дæр саст пæ дæн. С а л а м. Уари, фæкæс иннæтæм дæр дæ фæлтæрд- дзииадæй, æххуыс сып кæн. Уари. Æз сын æххуыс кæнын, мæ амал цы у, уымæй. С а л а м. Нæ зæхх мæгуырдæр у, зæгъут, æмæ цас 108
мæгуырдæр у, уыйас æм фылдæр зилып хъæуы. Цæп, Тугъан. цом. . Тугъан. Цæй, фæрнæй кусут. С а л а м. О, хæдæгай, Зауырбег, уæртæ кады фæД- нæг суæгъд кæнут дыккаг бригады хуыздæртæн. 3 аур б е г. Хорз. Тугъан æмæ Салам ацæуыиц. Зауырбег, Уари, Сафи æмæ иннæ- тæ джихæй баззайынц. Зауырбег обаумæ ссæуы æмæ уырдыгæй кæсы быдырмæ. Иннæтæ дæр кæрæдзимæ нæ кæсынц, цыма сæ кæрæдзийæ1 æфсæрмы кæнынц. У а р и- (обауы рæбын йæхи æруагъта, фæйнæрдæм акæстытæ кæны йе ’мбæлтты къордмæ. Базары). Гъей, Лабæ ’мæ Хъæрæсе, гъей, Лабæ ’мæ Хъæрæсе, фыстæ уæй фесты, гъей! Гъей, Хъази ’мæ Зауырбег, гъей, Хъази ’мæ Зауырбег кæуыныл фесты, гъей! Гъей Зауырбег, уасæг цъынайы рагъыл куы лæууа, уый лæуд куы кæныс! Фæдис ныууас: хъихърихъу — хъррихъу! Дæ разы уал авдæны дæхи ауадз ,æмæкæд дæ маст ссæуид. Зауырбег. Ныр цымæ цы уасыс? (Гамак айха- лы æмæ йæ ныззыввытт кæны обауы чъылдыммæ.) У а р и. Афтæ йын хъæуы, уый аххос у. С а ф и. Æхсызгон дын у, æвæццæгæн, Уари. У а р и. Тынг æхсызгон, фырцинæй мæ худ уæларв- мæ куыпнæ фехсын. Хъази. Тырыса нал, обау нал! Э-г,ъе! Мах сыи æххуыс кодтам, уыдои та нын нæ тырыса ахастой. «Цом, баххуыс сын кæнæм» уый та дын Зауырбеджы митæ! (Обаумæ схызт.) 109
У а р и. Цыма фатеры бадæг дæн, афтæ.мæм кæсын байдыдта ацы обауыл бадын. (Сысты.) Кубаны зæх- хыл æз иу ахæм обаум тыххæй æхсæрдæс фрицы афæлдæхтон... Ам та... барæгæн уайгæ-уайьш йæ бы- нæй йæ саргъ куы фелвасай, уыйау нын нæ обау пæ бынæй фелвæстой. Æмæ чи?.. Сылгоймаг! Гъе, уæу- уæй, гъе! Оæрмæ æрхæссинаг нæу ацы хъуыддаг. Нæ полчъы тырысамæ иухатт æрбацæйлæбурдтой фа- шисттæ. Æз айтæ-уыйтæ пал, фæлæ сыл автомат суагътон, æмæ дæ фыдгул афтæ, æхсæз ,дзы фæ- мард ис. X ъ а з и. Æмæ ма ныр дæр мард сты? У а р и. И?.. Нæ зонын... ацу æмæ сæ сбæрæг кæн... Сылгоймаг дын дæ кад, дæ намысы тырыса аскъæ- фæд? Сафи. Ныр «сылгоймаг», «сылгоймаг» цы кæныс? Абоны фыдæх мæ уа, мæсты дæм кæиын. Цы хъау- джыдæр ис сылгоймагæй, нæлгоймагæй? У а р и. Цы хъауджыдæр сæ ис, зæгъыс? Ма мып æй зæгъын кæн. Йæ уæу-уæй! Сафи. Цæй, мауал хъарæг кæн, Уари... У ари. Кæд уæ фæнды, уæд уын, худицаджы бри- гад, зæгъгæ, ахæм оперæйæ иу ари азарон: Гъей, нæ обау ам куы ис, нæ хъазæи, Фæлæ нæм «не знаг» хæлæрттæ зындзысты Æмæ нæ сурдзысты сæ разæй. Ам нæ бæсты хъæлдзæгæй цæрдзысты. Фæлæ ма тыхсут, нæма фæци нæ ерыс, Ы’алчи размæ стыр куысты куы бырса, Уæд фæстæмæ райсдзыстæм нæ намыс, Немæ та — нæ намысы тырыса. 110
Хъази. Æниу ыл мæсты дæр цæмæн кæнæм, Мæ- динæт дæр нæхи куы у. С а ф и. О, хæдæгай, Хъази, дæ уарзон куы у Мæ- динæт. Зæгъ ын, æмæ пын обауы ’рдæг уæддæр ныу- уадза. Муради. Зауырбег, цы фæнд дæм ис? Аныхас кæниккам? Зауырбег. Ныхас нæ, фæлæ кусын хъæуы, ку- сын! Муради. Арæбын æллæх, кæд ма мах нæ ку- сæм... Суанг ма уыдонæн дæр феххуыс кодтам... Зауырбег. Нæ абоны худинагыл нæ ахъуыды кодтат? М у р а д и. Кæй аххос у? Зауырбег. Дæу аххос, Сафийы аххос, Сурийы аххос, мæхи аххос, не ’ппæты аххос. У а р и (зары). Сури нæм куы ’рбацыд, Суринаг уæд фестæм, гъей... С а ф и. Банцай-ма, Уари! У ар и (зары та). Сафи нæм куы фæзынд, гъей! Сафинаг уæд фестæм, гъей! X ъ а з и. Гъæйдæ, гъа, уæдæ! У а р и (зары). Хъази нын куы райгуырд, гъей! Хъазинаг уæд фестæм, гъей! Хъази (зары). Уари нæм куы раздæхт, гъей! Уарниаг уæд фестæм, гъей! 111
3 а у ы р б е г. Банцай! Цæугæут уæ адæммæ. Уæ куыст кæнут. Изæры-иу ардæм рацæут æмæ уæд ба- ныхас кæндзыстæм, ныр рæстæг мауал сафут. (Мура- ди, Сафи ацæуынц, Хъази обауы цъуппыл ’лæугæйæ баззайы.) Хъази, цу, дæ фæскомцæдисонтимæ Сафи- йæн аххуыс кæн. Цу, Уари, ды дæр сын аххуыс кæн. У а р и. Æз нал кусын. 3 а у ы р б е г. Цæугæ, уæртæ дæм дæ адæм æн- хъæлмæ кæсынц. У а р и. Ныхъхъæр сæм кæн, уæ паддзах, зæгъ, бунт кæны. Уæллæгъи, ацы тырысайæ мын мæ астæуыстæг асастой. 3 а у ы р б е г. Цæй, цæй! Мæдинæт дæр нын исчи нæу. У а р и. Дæуæн нæу исчи, фæлæ мæнæн мæ худ мæ сæрæй ахаста. 3 ау ы р б е г. Æмæ мæнæн мæ... (Паузæ.) Уари. Зæгъ æй, зæгъ æххæст, æфсæрмы ма кæн... Рувас йæ къæдзил йæ сагæхты куы амбæхса, уыйау ма ’мбæхс дæ хъуыды. Афтæ ’нхъæлыс, æмæ дæ не ’мбарын. Дывыдон арты дæуæн куы физонæг кæны дæ зæрдæ. Дзæгъæлы нæ ныхъхъус кодтай дæхи, фæлæ хъахъхъæн. Ды йæ æд тырыса рахæссынмæ хъавыс, фæ- лæ дæ дзы иу дæр куы нæ уал фæуа, уымæй нæ тæр- сыс? 3 а у ы р б е г. Хъавгæ... У а р и. Хъавæгæй æвзидæг фæраздæр вæййы. Нæ фæлæ, кæд дæ зæрды исты ис, уæд гъæй кæп, кæнпод дын байрæджы уыдзæни. Зауырбсг. «Гъæй кæн!» Æмæ куырм галау цъыфдзасты ныссæдз. Чи йæ зопы, цы рауандзæи мæ «гъæйæ». 112
У а р и. Цъыфдзастæй куы тæрсай, уæд хуыскъыл баззайдзынæ. Курджытæ йæ ис. (Зауырбег йæ къух ауигъы æмæ ацæуы обауæй.) Хъази (æруайы обауæй). Кæмæй зæгъут, кæ- мæй? Мæдинæтæй? Мæдинæт мой нæ кæны, кæмæдæр бады. У а р и. Дæумæ ма бадæд... Гъей, Хъази, нырма дыл рихи наама ис, рихи, æмæ чызджытæ æнæрихи лæппутæп нæ комынц... Уæвгæ... X ъ а з н. Хынджылæг ма кæн. У а р и. Цы хынджылæг, гуыбышгиз дын уаид. За- манайы рæсугъд чызг, хъаруджын, уæздан. Тæккæ дысон дæр сæм’усгуртæ уыди... Хъази. Хынджылæг кæныс?.. Чи уыдысты? Нæ сайыс?.. У а р и. Хынджылæгыл дæн ныртæккæ? Дысон уым уыдтæн. Хъази. Æмæ цавæр уыди? Нæхи хъæуккаг? Æн- дæр хъæуккаг? Хорз лæппу? У а р и. Фæлæуу-ма, пулеметау мыл сæ куы нык- калдтай! Радыгай фæрс. Фыццаджыдæр, æндæрхъæук- каг. Сæуджен æй хуыдтой йе ’мбæлттæ. Бæрзонд. Иæ астæу нæ хъуджы къæдзилæй лыстæгдæр. X ъ а з и. Рæсугъд лæппу уьгди? У а р и. Рæсугъд, хæрзконд. Сæгъы бага йæ къæх- ты бын кæмæн нæ асæттдзæн, раст ахæм. Мæдипæти- мæ хонгæ кафт кæнгæйæ, уыцы ратас-батас кодта, мæнæ дымгæ бон гæды бæлас куыд фæратас-батас кæны, раст афтæ. Хъази. Æмæ нæ базыдтай, цы дзуапп ыи радта Мæдипæт? 8 Пьесæтæ 113
У а р и. Уый дæ хуыз куы фæлыгъди ныридæгæн, Хъази. Хъази. Цæй-ма, зæгъ æй. У а р и. Мæдинæт сын цы загъта, уый нæ зонын, фæлæ сын Хабос бамбарын кодта... Ма мæ тагъд кæн, кæннод æппындæр ницыуал зæгъдзынæн. О, мæыæ, дам, нæ кæрæдзийы фенæм, нæ чызджы, дам, бафæр- сæм æмæ, дам, уын уæд зæгъдзыстæм дзуапп. (Зауыр- бег фæстæмæ сыздæхти обаумæ. Хъази æддæдæр ацы- ди). Цæуыл ныджджих дæ, Зауырбег? 3 а у ы р б е г. Тугъаны ныхæстыл хъуыды кæныи. Хъази, цу Сафийæн аххуыс кæнут. Хъази. Зауырбег, хъæумæ мæ ауадз, фæстæмæ тагъд æрбацæудзынæн... 3 а у ы р б е г- Æрра сдæ? Æрдæбон-сарæй цæуыл дзырдтам? У а р и. Ауадз æй, Зауырбег, æмæ хабар базона, кæннод дзы кусæг пайда нæй. Зауырбег. Цытæ дзурут... Цæй, уæд та цæугæ æмæ базон, губаккгæнæнтæ цæттæ сты æви нæ. Æр- мæст изæры ам куыд уай, афтæ. Хъази фезгъоры. Зауырбег (кæсы йæ фæдыл). Кæсыс, фæтæхы. У а р и. Кæс-ма йæм, кæс, йæ къæхтæ зæххыл не ’ндзæвынц, афтæ фæтæхы. Мæлæты уайаг нæу. А-дыу- уæ боны мæ фыды-фыдæн дугъ уадздзынæн æмæ йæ уыцы дугъы ауадзып хъæудзæн. Зауырбег. Цы æхсызган хъуыддаг æй ис уа- гæры? У а р и. Дæуæн дæр ницы у, мæ лымæн, дæ хуыз цикъæйæ фæлуродæр аци. 114
3 а у ы р б е г. А, чызджыты курджытæй фылдæр цы вæййы. У а р и. Нæ, уый зæрдæ дæ ма фæсайæд. Дысон уым цы лæппуйы федтон... Мæнæ-иу «саджы фисын- тыл амад», зæгъгæ, кæмæй загътой, раст ахæм. Хъа- хъæн, дæ уарзоны дын иу бон тачанкæйы ма баппа- рæнт. Уæд нæ тырыса дæр сæфт æмæ чызг дæр. 3 а у ы р б е г. Омæ уæдæ цы бакæнон, цы? Нывы хуызæн лæппуты сæргуыбырæй куы рарвиты, уæд мæ- нæн цы зæгъдзæн? У а р и. Æмæ ды цы хуызон дæ? Зауырбег. Маймулийы хуызон. Æрбакæс-ма мæм, маймулийы хуызоп дæн æви нæ дæн? У а р и. Раст дын куы зæгъон, уæд æз маймули ии- куы ма федтон. (Кæсы Зауырбегмæ.) Гъе, кæд æй дæумæ гæсгæ базонон... 3 а у.ы р б е г. Гъе, кæсыс... Уари. Омæ йæ Мæдинæт дæр никуы ма федта! 3 а у ы р б е г. 0, нæ, знон мæ маймули схуыдта. У а р и. Гъемæ дæ кæд схуыдта, уæд дын уæлдай нал у. Донласт хуылыдзæй нал тæрсы, Гъе, цæй æнæ ныфс лæг дæ. Фронты хъæбатыр бæргæ уыдтæ, амта... 3 а у ы р б е г. Фронты... Эх, Уари... (Зары.) Уæлæ мын хæхтæн, бæрзонд урс хæхтæн, гъей! Сæ цъитн рæгътæй сæ миттæ тайынц, гъей! Уари (зары). Гъей, нæ уæндаг лæппуты дзæбæх чызджы- тæ, гъей! Дзæбæх чызджытæ ныхæстæй сапынц, гъей! » Зауырбег. Диссаджы зæрдæкъах дæ, Уари, æз * уæллозты тæхын... __ 115
У а р и. Æз та дæ дæлаемæ ласьш... Зауырбег (зары). Æрыдоны хъал дон сыфтæртæ ласы, гъей! Кæдæм сæ ласдзæни, кæм сæ ныууадздзæн, гъей! Уари (зары). Гъей, Мæдинæты рæсугъд дын дæ зæрдæ ласы, гъей! Кæдмæ йæ ласдзæн, куыд æй ныууадздзæн, ’гъей! 3 а у ы р б е г. Æллæх-æллæх, Уари, дæ уæны кæ- сыс, æвæццæгæп... У а р и. Ме уæны нæ, фæлæ дæ зæрдæмæ... 3 а у ы р б е г. Æз дæлæмæ тæхын... У а р и. Æз та дæ уæлæмæ ласын... 3 а у ы р б е г. Уæдæ кæд афтæ сем дæ, уæд ма байхъус: (Зары.) Дæлæ нын денджыз, фæйлаугæ фурдæй, гъей! йæ былгæрæттæм уылæитæ хæссы, гъей! Уари (зары). Хабосы хъал чызг дын хъазгæ ’мæ худгæйæ, гъей! Хъазгæ ’мæ худгæйæ дæ у\ фæхæссы, гъей! Иæ уæу-уæй йæ, ныууадз дæ сусæг оххытæ. Денджыз- тæ æмæ цъититæ сæ бынаты уадз, фæлæ Мæдинæтæн дæ уарзондзинад бамбарын кæн. Зауырбег. Æмæ мыл худгæ куы фæкæна, уæд та? Мæ уарзондзинадæй мæхи куыд фæнæмон. У а р и. Уæд та йæм минæвар барвит. 8 а у ы р б е г. Цытæ дзурыс! Мæ фыдгул йæ з-æр- дæйы фæндтæ цскæй бæрпы бакæнæд... дзыхæй-дзых- мæ ахиздзæи хабар. Ныкъаппа-къуппа мын кæндзы- 116
сты мæ хЪуыддæгтæ, стæй куы нæ бакома, уæд та... Судзгæ зæрдæнизы сагъæс æмæ худинаг. У а р и. Гъей, уæдæ гъæй кæн... (Фæзмы йæ.) «Дæлæ цъититæ, уæлæ денджызтæ»... 3 а у ы р б е г. Цъити «дæлæ» нæ вæййы, стæй ден- джыз дæр «уæлæ» нæ вæййы, сæмтъеры сæ кодтай. У а р и. Мæнæн уæлдай нæу, кæм фæнды уæнт. Мæн мæ бригадиры мæт ис, бахус и йæ уарзондзина- дæй æмæ хæлиудзыхæй баззайдзæн. Афардæг кæндзы- сты Мæдинæты уыцы усгуртæ. 3 а у ы р б е г. Омæ, цы бакæнон, цы? У а р и. Зæгъ ын, дзыхæй-дзыхмæ, зæрдæйæ-зæр- дæмæ... Зауырбег. Хорз. Цы абада, уый абадæд. ’ У а р и. Гъе уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Гъе, уый лæджы ныхас у. Изæры ам уыдзæн йæ бригадимæ, сæ обаумæ æрбацæудзæн, æмæ... Зауырбег. Хорз. Рацу-иу ды дæр. Цом. У а р и. Лæджы ныхæстæ кæнын байдыдтай. Цом. (Ацæуынц). Æмбæ рзæн ДЫККАГ НЫВ. Обау. Мæйрухс изæр. Мæдииæты бригады станы ’рдыгæй хъуысы фæндыры цагъд. Хъази лæууы бæласы рæбын æмæ фæндыры мелоднмæ зары. Хъа з и. Уæларвон хæтаг мæй, Мæдимæ ныдздзур, гъей! Æнхъæлмæ кæсынæй ,Мæ зæрдæ пыддур, гъей! 117
Галиуырдыгæй, фыццаг пъланы, обауы рæбынмæ бацæуынц Уари æмæ Майрæм, хъусынц æмæ дзурынц æнцадæй. Хъази сæ нæ уыны. Уари. Фынæйдзугæнæг лæгау æй ацафон обаумæ цы ’рбахаста? Хъа з и. Мæ рæсугьд æхсннæг, Мæ уæздан бæлоы, гъей! Æнæ дæу фæцæрын Куы нæ у мæ бон, гъей! М а й р æ м. Æхсинджытæ, бæлæттæ, йæ сæнтты базырты пæр-пæр мæ хъустыл уайы. Уари. Уарзон зæрдæйæн, .дам, базыртæ вæййы, атæхы кæдæмдæр. М а й р æ м. Мах станæй дарддæр н’атæхдзæн, ма тæрс. Æнамонд сæр, æд хъуын, æд зонд — Зæрдæйы мондæгты нывонд. У а р и. Гъей, гъей, ды дæр æй зарджытæй куы ауагътай. Йæ низ дыл ма бахæцæд, хæцаг низ у, зæ- гъынц. Майрæм. Мæнæн дзы тас нæу, мæыыл тутыры конд сахат ис... Хъаз и. Мæ уарзон, Мæдинæт, Æрцу мæм фæлтау, гъей! Æнæ дæу нæхимæ Мæ зæрдæ ныссау, гъей! У а р и. О, гъо, дæ къамод дæр-иу демæ рахæсс... '118 ’
Хъаз и. Æрцу мæм, Мæдинæт, Мæ зæрдæ фьщы, гъей! Кæнæ дæм мæхæдæг Фæцæуон чыпдзы, гъей! У а р и. Хъусыс, Майрæм, лæппу сæрра ис. М а й р æ м. Цы кодта, цымæ? У а р и. Нæ йæм хъусыс «кæнæ дазм мæхæдæг фæ- цæуон чындзы». Лæппу чызгмæ чындзы ацæугæ никуы ма’ федтон... Ацы лæппу, æнæмæнг, рынчын у... Майрæм. О, æмæ йын уæддæр цы низ у? У а р и. Ис иу ахæм низ, æмæ дзы лæг куы цъæх авæййы, куы — сырх, куы —бур, куы та — урс. Ахæм рынчынтæ мæймæ фæниуынц. Майрæм. Цыма дзы искуы рынчын уыдтæ, цæй хорз æй зоныс? У а р и. О, о, æз дзы мæ заманы дзæгъындзæг хъу- лон уыдтæн. М а й р æ м. Уарзондзинады хъуыддаджы не ’ппæт дæр тæрхъустæ стæм... У а р и. Æрсытæ дæр дзы вæййы-.. стæй маймули- тæ. Æз арс. Мæпæ ды — тæрхъус... Уæлæ уый та — маймули. X ъ а з и. Дæ мæтæй дзыназын... Дæ фæхъхъау мæ сæр, гъсй! Дæу тыххæй куы уарзын Уæ сау карчы дæр, гъей! Уари. Искуы дæр ма æпæниз лæг карк бауарзта, уæлдайдæр сау карк? М а й р æ м. Карк æз бæргæ уарзын... 119
У а р и. Бур физонæгæй йæ графинимæ фынгыл куы фенын, уæд æй æз дæр уарзын, фæлæ мæнæцъы- найы рагъыл уасæгимæ чи фæхъазы, уыдоп нæ’уар- зын... Хъаз и. Æрцу мæм, Мæдинæт, Мæ худгæ бонты, гъей! Дæу тыххæй куы уарзын Уæ хъулон роды, гъей! М а й р æ м. Схæццæ сæ кодта каркæй, родæп, бæ- лонæй. Сæмтъеры сты. У а р и. Багъæц, багъæц. Тагъд гогызтæ ’мæ ба- бызтæм дæр бахæццæ уыдзæн. Хабосы хæдзары фос æмæ маргъ бирæ ис. Хъа з и. У,æ уасæг куы уасы Уæ кауы сæрмæ, гъей! Гъе уæд мæм фæкæсы,— Ды дзурыс-мæнмæ, гъей! У а р и. Карк кæм уа, уым’хъуамæ уасæг дæр ба- лæууа фистæгæй. Æнæ уасæгæй каркæн цæрæн ис? М а й р æ м. Исты ма йын дзы баззад? У а р и. Фæлæуу, фæлæуу, нырма родæп дæр æмбал хъæуы. Хъази. Цæй рæсугъд у уастæн... Дæхиау, бæгуы, гъей! Уæ кæркдонæй касти Уæ хъулон гæды, гъей! У а р и. Гъе, ныр сæ бынтон сæмтъеры кодта. Гæды цы хъуыддаджы бацæуа, уымæй хъуыддаг пал ис. Гæ- ’ 120
ды бындар фæуай, хъæздыг Хабосы хæдзары æндæр ницы ссардтай? Майрæм. Уарзондзинад! Бауром æй, кæннод æгас фермæ хурмæ раласдзæн... Уари. Уым ставд фос ис: галтæ, бæхтæ, къам- "бецтæ... X ъ а з и. Уæ къамбец изæрæй... М а й р æ м (хъæрæй). Нæ дын загътон, сæ тæккæ ставддæртæм бавнæлдта... У а р и. Гъей, Хъази, Лемешевæп •æмбисоиддæр куы басгуыхтæ зарыпмæ. X ъ а з и (фефсæрмы, æрæмбæхсы, стæй дæлæмæ æруайы). Рагæй ам лæууыдыстут? М а й р æ м. Раст бæлæттæй куы райдыдтай, уæдæй иырмæ. Хъази. Хорз зарæг нæу? Абон æй чиныджы ба- кастæн... У а р и. Кæд æй Хабосы кæрты дуарыл бакастæ? Фæлæ гъæй кæн, æвгъау у Мæдинæт æйдæр хъæумæ ауадзынæн. Ноджы нын нæ тырыса куы ахаста... Майрæм. Гъæй, тырысайы кой мауал кæнут, ты- рыса нал фендзыстут. У а р и. Уый Къобы хæрды бæрæг уыдзæн. М а й р æ м. Цæй, Зауырбег нæ зыны, мæн та цæ- уын хъæуы. (Фæцæуы.) У а р и (йæ фæдыл). Мæиæ уын Мадинæты рафар- ’дæг кæндзыстæм æд тырыса. Майрæмы хъæлæс. Азарут уал, азарут, ныр- тæккæ уæ тæргæ кæндзыстæм обауæй. Уари. Эх, Хъази, Зауырбегимæ дын чыидзхæссæг куы балæууæм, Мæдинæты къухыл дын куы рахæцæм, 121
заргæйæ. (Зары.) Гъей, нана, дæ рæсугъд буцчызджы дын фæхæссæм... Хъази. Ныууадз-ма, хынджылæг ма кæп! У а р и. Цы ’рцæуы, уый хынджылæгæй æрцæуы. О, хæдæгай, цы дзуапп радта йæ курæгæн? Хъ аз и (худгæйæ). Нæ йын бакуымдта. Æрбацæ- уынц. (Обауы сæрмæ сызгъоры, бацæуынц Тугъан, Зауырбег, Муради, Сафи æд рувæнтæ.) С а ф и. Сæлхъаз мын цæра, адон цæуылдæр хъæл- дзæг сты, чындзы зарæг дзæгъæлы нæ кæнынц. У а р и (зары.) 0, Сафи, дæу та кæд ачындз кæн- дзыстæм? С а ф и. Æз ма дзы фæстæмæ дæр æруадтæн. У а р и. Ау, афтæ хæстæг у? С а ф и. Ардыгæй дæумæйæ хæстæгдæр. (Рувæнæй йæм æвзиды.) У а р и. Гъей, мæ фындз мын сæттыс дæ рувæнæй æмæ бынтон æнæнхъæлцауæй баззайдзынæ. С а ф и. Æмæ дæ тынг æнхъæлцау дæн, атъæпп уа мын дæ сæр!.. У а р и. А, Тугъан, ды дæр нæм куы фæзындтæ. * Нæ цинæй æнæхай Нæ мастæй — мæстджын, Фæлтау нын æндæр хатт Нæ цинмæ фæзын. Тугъан. Поэт куы басгуыхтæ, Уари„ Хъази. Гъе, Уари, дæ астæуккаг рæнхъæн рифмæ нæй. Уари. Рифмæ та йьтн ды ныссадз, «уасæг», кæнæ «гæды» исты. Уæ хорзæхæй, Зауырбег, галтæ стыгъ- тат æви цæй æрæшæ цыдыстут? 122
3 а у ы р б е г. Фæлæуу-ма, Уари. Сбадут. Тугъан ый иыдæр зæгъы. Иуылдæр сбадынц. Тугъан. Уæ обауæи хæрзбои зæгъьшмæ æрбацы- дыстут? / У а.р и. Багъæц, Тугъан, мах та йæм «дæ бон хорз» зæгъынмæ дæр тагъд фæзыидзыстæм. Ды дæр нын лыма^н дæ! Тугъан. Æмæ нæ лымæндзинады исты къæм ба- хауди, миййаг? У а р и. Куыннæ бахауди. Т уг ъ а н. Ома? Уари. Нæ тырыса æмæ обауæн æпæ бопыгоп байсга? нæ уыди? Т у г ъ а ы Уæдæ куыд? У а р и. Æхсæвыгои, хибарæй, куыд ничи нæ фед- таид, афтæ. Зауырбег. Бахæццæ та дæ ныр де ’дылы ны- хæстæм. Тугъан. Æмæ уын цæййаг лымæн уаин, уæ хъуагдзинæдтæ уын куы сусæг кæнин, уæд. М у р а д и. Хъуагдзинæдтæ чи фембæхсы, уый лы- мæн нæу, нæу, уый знаг у. Тугъан. Раст зæгъыс, Муради. Хъыг уыи кæй уыди, уый зонын. Фæстæмæ сæ кæн райсдзыстут, уый дæр мæ уырны. Æз райкоммæ дæр дзырдтон, стыр маст уын кæй уыди, уый тыххæй, æмæ мын зæрдæ ба- вæрдтой, куыддæр, дам, сæ куыст фæрæвдздæр кæной, афтæ та, дам, ногæй æркæсдзыстæм хъуыддагмæ... Кæд, дам, хорз коммунисттæ сты... æз сын загътон, иицы сын у, зæгъгæ. 123
У а р и. Æмæ «хорз сты» цæуылнæ загътай? М у р а д и. Нæ тырыса ныи куы байстой, уæд ма уый фæстæ хорз... Тугъап. Гъе, гъе, фæлæ уæ уæддæр æвзæр схо- нæн нæй. Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ ацы худинаджы хабар цæмæн рауади, ууыл ахъуыды кæндзыстут. Зæрдиагдæрæй кусын хъæуы, зæрдиагдæрæй. С а ф и. Мах бæргæ кусдзыстæм, фæлæ нæ зæхх куы фæсайа, уæд та? М у р а д и. Зæхх никуы ма никæй фæсайдта. Зæхх тынг хорз фиды куысты фыдæбон, адæймаджы мызд. Тугъан. Раст зæгъыс, Муради. Зæхх нæ сайы. Зæхх дæтты, йæ бон цыдæриддæр у, уый, йæ бон та бирæ у. Мæнæ знон ацы обауыл ныхас кодтам æрдзы дæсны Мичурины сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уæ зæр- дыл бадардтат, зæххæн цытæ йæ бон у зæрдиагæй йыл куы кусай, уæд? ’С а ф и. Æмæ уый ахуыргонд уыди, мах та — хуы- мæтæджы колхозонтæ. Тугъан. Мичурины бахъуыдис бирæ азты йæ сæр хойын, ног фæндæгтæ гæрдын. Ныр махæн æн- цондæр у. Мах хъуамæ Мичурины æмæ æндæр ахуыр- гæпдты æнтыстдзйнæдтæй спайда кæнæм. Мæнæ-иу ацы обаумæ нæ фыдæлтæ цыдысты кувынмæ, куыв- той-иу аиы обаумæ, цæмæп сын хорз хор æрзайыи кодтаид, фæлæ-пу цас æрзадн... Ды Муради, хнстæр дæ, ды йæ хуыздæр зондзынæ. ^ Мурадн. Цыипæрдæсгай, фынддæсгай центнер- тæ дæсæтины. Тугъан. Мах та йыл ахуырады тыххæй ныхас кодтам, æмæ-иу махмæ та цас æрзади? Уари, фарон дыи алы гектары дæр цас æрзади? 124
У а р и. Дæс æмæ æрттиссæдзгай центнертæ. Л;угъан. Гъс, уыиут, хорз куыстæй, хорз куывдæп цы хъауджыдæр ис, уый?.. Алцы дæр куыстæй у, зæр- диаг куыстæй. Афтæ нæу? У а р и. Ай-гъай. С а ф и. Æмæ хус рæстæг куы скæна, уæд та? Зæхх куы ныххус уа, уæд та? Тугъан. Зæхх куы хус кæна, уæд дон йæ хос, дон ыл ауадздзыстæм. Сафи. Махмæ цы доп пс, уымæй... дойиы къам- бец æй иу улæфтæп аиаздзæп. Му р а д и. Гъе, уымæй раст зæгъы Сафи. Дон фаг пæй. Т у г ъ а н. Доны тыххæй дæр бауынаффæ кодтам. Уæртæ стыр къанау хуыскъ адагмæ куы ’рхæццæ уа... С а ф и. Э-е-е, гъе уыцы стыр къанау дыууæ азмæ дæр не ’рхæццæ уыдзæни, стæй хуыскъ адагмæ куы ’рхæццæ уа, уæддæр æй уырдыгæй нæ зæхмæ уадзын пæ хъæуы. Стæй кæуылты? У а р и. Æмæ уæд нæхæдæг цы ми кæнæм. Ау, дон кæуылты рауадзæм, уый иæ базондзыстæм. Тугъан. Дысон мах, Саламимæ, бирæ фæбадты- стæм, бирæ фæхъуыды кодтам (Салам æрбацыд æмæ æддейæ кæсы) кæуылты æмæ куыд рауадзын хъæуы, уыдæттыл. Саламмæ ис чертежтæ. Ардæм æрбацæуи- паг уыдис, кæд чертеж дæр йемæ æрбахæсспд... С а л а м. Рахастон æй. (Бацæуы сæм.) Иууылдæр. Æгас цу, Салам! (Сыстынц.) С а л а м. Сбадут, сбадут. Т у г ъ а н. Адон доны мæт кæнынц, Салам. Равдис- ма дæ пълантæ. Салам. Æмæ чертежы æз куы ницы æмбарын, 125
уæд ма дзы адон цы бамбардзысты. Чертеж хъуамæ ипженер скæна. (Йæ сумкæйæ сисы стыр гæххæтт æмæ йæ райхалы. Иууылдæр йæ алфæмблай амбырд вæййынц, кæсынц гæххæтты алыхуызон кърандæстæй хæххытæм.) Уари (кæсы гæххæттмæ). Хæлуарæджы тынты хуызон, æз сыи ницы æмбарын. Хъази. Цыдæр дзæгъыпдзæг хъулон хæххытæ. С а ф и. Хатиагау фыст у æви? Т у г ъ а н (гæххæтт райсы йæхимæ). Ацы хæххытæ цы сты, Хъази, уый зоныс? Мæнæ ацы ставд хахх чи у, цъæх кърандасæй, уый у стыр къанауы хахх, мæнæ кæсыс, цæхгæрмæ дыууæ хаххы кæм æрцыди, уыцы дыууæ хаххы та амонынц хуыскъ адаг... М у р а д и. Æмæ уыцы ставд хаххыл та донкæцæн рацæудзæн? Тугъан. Ставд хаххæн уæлæ йæ сæрмæ ноджы ставддæр таг, зултæ-мултæ—уый у стыр дон æмæ йыл уырдыгæй рацæудзæн, мæнæ стыр стъалы уыныс, уый та у ауæзт. Ауæзт амад фæци æмæ куыддæр къа- нау мæнæ ацы дыууæ сау хаххмæ æрхæццæ уа, ома хуыскъ адагмæ, афтæ йæ рауадзын кæндзыстæм, фæ- лæ цалынмæ уырдæм хæццæ кæна, уæдмæ уал мах та хъуамæ хуыскъ адагæй мæнæ ацы сырх хаххыл лыстæгдæр къанау райгæрдæм. С а ф и. Цал километры дзы ис? С а л а м. Дыууадæс. Сафи. Э-гъс, дыууадæс километры махæн сты афæдзмæ къахт. У а р и. Æмæ Къостайы колхозы пæ хъæуы доп? Хъуамæ йæ иумæ къахæм. С а л а м. Канд Къостайы колхоз нæ, фæлæ ма 126
нæ дæле Ленины, Сталины колхозтæ. Уыдонимæ йæ иумæ акъахдзыстæм. Тугъан. Цас рæвдздæр фæлæууæм, уый ас тагъддæр уыдзæни, рахæц-бахæц ыл куы схæцæм... С а ф и. Цыфæнды тагъд ыл куы кæнæм, уæддæр нын ацы аз не ’сцæттæ уыдзæн. •X ъ а з и. Ахæм ныхæстæй куыннæ! Сафи. Гъемæ уæдæ марадз, Хъази, къахгæ, æв- загæй æнцон у! Хъази. Цæй-ма, Сафи, мауал нæ фæстиат кæн дæ дæлæ-уæлæ ныхæстæй. Сафи. Гъы, пæ йæм кæсут, ма йæ фæстиат кæ- нут, акъахта йæ! Тугъан. Быцæу ма кæнут. Мах нæ фæндон сы- махæп фехъусын кодтам, активæн. Райсом æппæт кол- хозонты æмбырды ныхас кæндзыстæм æмæ кæд немæ сразы >оп, уæд æй райдайдзыстæм, кæннод нæ. Нæ фарс фæллæудзыстут? Уари. Ды цы зæгъай, Тугъан, æмæ мах цы нæ бакæндзыстæм. X ъ а з и 1 ФæлæУДзыстæм> фæлæудзыстæм, Сафи.' I ТУгъан- - 3 а у ы р б е г. Ууыл та цы тыхсыс, Тугъан. С а л а м. Дыккаг бригадæн дæр æй фехъусын кæ- на&м, Тугъан. Ту гъ а н. Ай-гъай. Бамбæрстат, нæ? Иууылдæр. Бамбæрстам, бамбæрстам, Тугъан. Тугъан. Уæдæ уæ нал уромæм. Ныр та уæ куыст кæнут. С а л а м. Цы бынаты баззадыстут, уый уæ рох ма 127
уæд. Уæ.тырыса, уæ хъазæн обау... Ма бацауæрдут уæхиуыл. Муради. Уый тыххæй та нæ куы зоныс, Салам. Тугъан. Лæгтæ ма фæхуинут, фæззæджы уæ риутыл сызгъæрин стъалытæ куы нæ сæрттивой. Цæй, ахсæв сымах станы уыдзыстæм. Уари, шахмæттæ ба- цæттæ кæн.> У а р и. Амбулдзынæн дæ, Тугъаи, рагацау дын æй зæгъын. Тугъап. Цæй, цæй, уый фепд зоиы. (Ацæуынц.) М у р а д н. Фæндараст. С а ф и. Цымæ йæхи царды кон та кæд фæкæны Тугъан? Æхсæвæй-бонæй колхозонты мæт. У а р и. Ома цавæр «хи царды?» Искуыдæр ма дыууæ царды вæййы лæгæн? Хъази. Уый дыдзæсгæмттæн, æрмæст йæхи мæт чк кæны, уыдонæц вæййы дыууæ царды. 3 а у ы р б е г. Раст зæгъыс, Хъази, фæлæ æцæг коммунистæн вæййы иу цард æмæ ахæм æхсидгæ цард вæййы ахæм, æмæ ма йæ рухсæй иннæты дæр ныррухс кæны. Фехъуыстат, райкомы, дам, куыд загътой? Гъе, уым цыдæр ис. Фæлæ нæхæдæг куы нæ сарæхсæм, уæд бынтон худинаг... нæ тырыса, нæ обау... Фæстаг хатт ма æрбацыдыстæм нæ хъазæн обаумæ. X ъ а з и. Хæрзбон ын æхсæвыгон куы нæ зæгъæм, уæд æм рухсмæ кæй цæсгом хъæцы. Зауырбег. Ахсæв ам, обауыл, хъуамæ ард ба- хæрæм, рæхджы йæ нæ тырысаимæ кæй райсдзыстæм, уыйтыххæй. У а р и. Р1æ байсæджимæ... 3 ау ырбег. Дæ дзыхыл фæхæц, Уари... Абон нæ худинаджы ном айхъуысти æгас Ирыл. Стыр кад нын 128
уыдис, æМæ стыр æгады быпатмæ æрхаудтам. • НæхИ аххосæй. Æгæр арæх бадтыстæм ацы обауьтл. Адæм сæ куыстæн æпдæр æгъдæуттæ, æндæр уагтæ скодтой, мах та фæстс аззадыстæм. Нæ зæрдыл бадарæм або- лæй фæстæмæ... М у р а д и. Цы фæнд дæм ис, Зауырбег? 3 а у ы р б е г. Мæнмæ ахæм фæнд ис. Нæ хуымтæп иуæй-иутæ сты станмæ дардгомау. Ныртæккæ та ста- пæй хуымты астæу рацу-бацу кæныпæн рæстæг нал ис. С а.фи. Æмæ нын уæдæ æпдæр цы хос ис? Хуым- ты баззайæм? За^уырбег. 0, чи зоны, хуымты дæр. Ныр альт нартхоры халмæ дæр зилын хъæуы, раст мæнæ хорз æфсин йæ гогызы цъиутæм куыдзилы, афтæ. У а р и. Ацы сау зæххыстæн, дæ фæнд мæ зæрдæ- мæ цæуы. Мæ хуымты астæу æз халагъуд сараздзы- нæн. Мæхи зæрды дæр уыди. 3 а у ы р б е г. Уари мæ бамбæрста. X ъ а з и. Æз дæр дæ бамбæрстон. 3 а у ы р б е г. Муради, ды та цы зæгъыс? М у р а д и. Арæппын æллах, мæнæн дæр мæ уæхс- чытыл сæры бæсты къодах пæй. С а ф и. Мах уæхсчытыл дæр къодæхтæ бæргæнæй, фæлæ мæ адæм акомдзысты? Зауырбег. Сылгоймæгтæ станмæ цæудзысты... Разы стут? Се’ппæт дæр. Стæм. Зауырбег. Зæхмæ ноджы хæстæгдæр бацæуын хъæуы, зилын æм хъæуы. Æртыккагæй, уый зæгъын- мæ хъавын; дæлæ нын нæ тырыса чи ахаста, уыдонæн агроном цыдæриддæр амоны, уыдон иууылдæр кæ- нынц. Сæ нартхорыл цыдæр хостæ кæнынц. Райсом 9 129
ДгрономиМæ азилдзынæн, кæм цы хъæуа, уыдон ныи бацамондзæн æмæ нæ цæнгтæ ноджы тынгдæр бафи- стæг кæнæм. Бирæ хурбонтæ куы скæна, уæд партхо- ры æхсæнты нарæг къанаутæ къахын хъæудзæн до- нæн. Нæхи чыеыл къанауы дон уал ауадзын хъæу- дзæн нартхæртты. Бамбæрстат мæ? Æрбайхъуысы зарын. Хъази акæсы обауæй Хъази. Дæллаг бригад ссæуынц сæ обаумæ. 3 а у ы р б е г. Ничиуал ницы зæгъы? Уæдæ цæугæ- ут. Райсом нæ бригады уыдзæн æмбырд, сихорыл. У а р и. Фæлæуут, æххæст сæм бакæсæм. Мæнæ обауы рæбын æрæмбæхсæм. Зарын хæстæгдæрæй хъуысы, хъуысы фæндыры цагъд дæр. Зауыр- бег, Уари, Хъазн обауы галиу рæбынмæ æруайынц. Обауы сæр- мæ фæстæты сызгъорынц Мæдинæт, Мари фæндыримæ, Нинæ, Майрæм æмæ æндæр колхозонтæ. Хъази (аууонæй хинымæр дзурæгау, Мæдинæт- мæ кæсгæйæ). Хур, сызгъæрин хур скаст æхсæвыгоы! Гъей-джиди, стыр базыртæ мып куы уаид. Мæ базыр- тыл æй авæрин æмæ йæ ахæссин... Æцæг... Куы мæ уарзид, уæд. М а й р æ м. Гъей, нæ рæсугъд хъазæн обау, мах дæр ныр... Н и н æ. Кæсут-ма, кæсут, сæ авдæн ам нал ис. У а р и (Зауырбегæн). Обау хæлынбыттыртæй бай- дзаг. М а й р æм. Æгады лыгъдæй фæлыгъдысты хъæба- тыр æфсæдтæ. У а р и. Уый Суворов ма уæд. Измаилы фидар ба- дахста? Мæдинæт. Ай та уын нæ хъазæп обау. Иæ рæ- 130
сугъд обау нæхи бацн, фæлæ хъахъхъæнут, уæйгуытæ райхъал сты, фæстæмæ нын æй куы байсой... Майрæм, бæласыл тырыса бакæн. Зауырбег (фыццаг пъланмæ хæстæгдæр рацы- ди. Хъази Мæдинæтмæ æдзынæг кæсы). Мæ обау æмæ мæ тырыса нæ, фæлæ мын мæ зæрдæ куы агу- рис, уæддæр дын «нæ» нæ эæгъин. У а р и. Дæ зæрдæ дын раджы ахаста, дæ зæрдæ- йы фæстæ нæ афтыдысты, нæ, нæ тырыса дæр æмæ нæ обау дæр. (Хъæрæй.) Салам! Салам кадджын æмæ уæлахизы æфсæдтæн! Стыр «арз хæсты уæхи æхсар- джынæй равдыстат æмæ бацахстат хъазæн обау. Æгас цæут хъазæн обауы цъуппыл, «не знаг» хæлæрттæ! Майрæм. А, гъа! Мæнæ сты. Уе ’зæр хорз, нæ хæлар «знæгтæ»! М æ д и н æ т. Уæ къах уæ нæ хæссы обауæй, æвæц- цæгæн. Н и н æ. Обау фесæфтат! М а р и. Йæ кæрдæг ын ныннадтой, йæ дидинджы- тæ бахус сты. М а й р æм. Адон æрсыты мыггаг сты, цы кæрдæ- гыл æрлæууой, уымæн йæ сой дæр сцъирынц. М а р и. Ардыгæй акæсгæйæ, мæйрухсмæ, цы дзæ- бæх зынынц нæ хуымтæ... Н и н æ. Уæ авдæн та цæмæн ахастат? Хъази. Мах ыи йæ бæлæстæ дæр хæсгæ кæпæм. Майрæм. Ахæссут, ахæссут, мах дзы æндæр бæ- лæстæ ныссадздзыстæм. Н и н æ. Мах дзы фикустæ иыссадздзыстæм. У а р и. Фикустæ нæ, фæлæ дзы кæд хæрæгбæдæи садзут, уæддæр уæ бар ис. Хъолойы мыггаг дзы бай- таут. 131
М а й р æ м. Кæндыс, кæндыс, сымахæн хъихъгæ- нæн хос. Мари. Мæыæ йын *йæ хуссарыл какон бæлæстæ ныссадздзыстæм, кæд уын уæ рустæ ныттониккой. У а р и. Бар уæхи, мах æм куырмæй дæр æрбацæу- дзыстæм. М а р и. Уари дæ цыргъ æвзаг фæкъуымых ис, æпхъæлдæн. У а р и. Амæ дæр нæ кæсут, ме ’взагыл худы; дыу- уæ къæдзилон цæхæрайы хуызæн! М а р и. Де ’взаджы нывæп су, уый дын цæхæра. Айсут уæхи нæ обауæй. М а й р æ м. Цæмæн ма æрбацыдыстут ардæм, обау сымах нал у, уый уæ нæма бауырпыдта? Гъайда ыæ обауæй. 'Хъази (йæхи йæм байсы). Цы, цы? Æз дын... Зауырбег. Гъей, гъей! Афтæ нæ, Хъази, обау уыдон у. Кæд нæ нæ уадзынц, уæд уый сæхи хъуыд- даг у. (Сæ астæумæ бацæуы.) Нæ хæлæрттæ, фыццаг бригад уын уæ уæлахизы тыххæй, уе ’сгуыхтдзинады тыххæй арфæ кæны. Нæ цæст уын уарзы ноджы стыр- дæр уæлахиздзинæдтæ. Мах уын уадзæм нæ хъазæи обау, фæлæ йæм рæхджы фæстæмæ куы æрбаздæхæм уæлахизæй, уæд уæ тæргæ пæ акæндзыстæм, фæлæ уæ æрбахондзыстæм нæ циныл бацин кæнынмæ. Фæр- наей йыл цæрут, нæ хæлæрттæ. Фыццæгæм бригад, цо- мут обауæй. (Ацæуынмæ хъаоы.) Мæдипæт. Нæ, ыæ, Зауырбег, фæлæуут, цæмæп хъусут Майрæмы къулбадæг ныхæстæм. (Фыццаг бригад ныллæууыдысты.) Майрæм, хатыр ракур ие ’дылы ныхæсты тыххæй. 132
М а й р æ м. Æмæ æз хъазгæ куы кодтон. Ныхха- тыр кæпут. М а V и. Мæнæн дæр бахатыр кæнут. Раздæхут æмæ иумæ хъазæм. Фыццаг брнгад раздæхынц. Уари (Марийæн). Мæ фыдгулы къæсæрæп ды бахизай чындзæн. ’ М а р и. Æрбамæсты дæ? Гъе, уый дып дæ цьтргъ- æвзаджы тыххæп. Фæлæ уæддæр дæ маст не ’ссæу- дзæп. Стæ-ма, æз дыи фæпдырæп ацæгъдоп, кæд дæ зæрдæ фæфæлл’æпдæр уаид. У а р и. Исты куы бакæпис æмæ мæ лæппып уд дæ фæхъхъау куы фæуид. Мари райсы фæпдыр æ’мæ цæгъды, лæппутæ зарынц, зарæгæи-йæ ныхæстæ пæма хъуысыиц. М æ д и н æ т (обауы рæбын, срыццаг пълаиыл ^æууынц Зауырбегимæ. Хъази сæм æддæдæрæйкæсы). Дæуыл ныджджих дæ, Зауырбег, уæйгуыты фæтæг, кæд дæ зæрдæ риссы, уæд ам лæуут, уæ тæрпгъæды чл цæуы. 3 а у ы р б е г. Æллæх, æллæх! 'Цæн тæригъæдгæ- наг фестут, тæригъæд уын мах кодтам, æххуыс уын... Мæдииæт. Æнæ сымах æххуысæй дæр уын бай- стаиккам уæ цпнтæ... 3 а у ы р б с г. Мæдипæт, æхсызгон дып у? Тыпг цип кæпыс° Мæдипæт. Бæгуыдæр кæнын цин. Æмæ цы? Зауырбег. Уæдæ мæп æндæр пицы хъæуы... Мæдинæт. Нæ дæ ’мбарын. ч 133
Ма й р æм (зары). Нæ хуымтæй уæрццыты цъиусуртæ сурынц, гъей! Гъе, мæгуыр уæрццытæ, нырма цы уидзой, ^гъей! Уари ’мæ Зауырбег фыр мæстæй судзынц, гъей! Сæ фыр худинагæй кæдæм фæлидзой, гъей! У а р и. Гъе, уый дзы нæ уыди. Мæдинæт. Хъусыс, Зауырбег, Майрæмы зарæг- мæ? Зауырбег. Зарут, зарут, уæ бонæй уат! У а р и. Ма нæ къахут, ма ныл кæнут ахæм зар- джытæ, адæмæн æмбисонды зарæггæнаг нæхимæ куы ис. Гъей, Хъази, тагъд сыл исты афысс. Майрæм. Хъазийы къамбецтыл зарæг. (Зары та). Сафи ныл цы зара, Хъази ныл «цы мыса, гъей! Сæ мæстæй тæрхæттæ кæнæнт фæлтæргай, гъей! Сæ къухæй фæтахтис сæ кады тырыса, гъей! Нæ хъазæн обау та.сæ куыстыл фæтæргай, гъей! Хъази. Мæн дæр дзы фæтъыстат? Мæ фындзы бып рихийы бæсты гæдыйы дымæг æрзайæд, æз сы- мах зарджыты заринаг, фæндырты цæгъдинаг куы нæ фæкæпон. У а р и. Цæй-ма, цæй уæдæ, Хъази... Хъ ази (зары). Мари ’мæ Майрæмæй цæмæй фæтарстæн, гъей! Сæхæдæг тæрхъустæй тæрсагдæр куы сты, гъей! Фæлæ сын Мæдийы æгæр бауарзтон, гъей! Мæдинæтмæ фæкомкоммæ, фефсæрмы, фæкъуылымпы. М а р и. Дарддæр, дарддæр, Хъази! 134
Мæдинæт. Хъусæм дæм, Хъази. (Хъази бынтон ныфсæрмы, стæй цæхгæр фæзылд æмæ лидзынмæ фæ- ци} иниæтæ дæр йæ фæдыл. Сценæйы ма аззайынц Мæдинæт æмæ Зауырбег.) 3 а у ы р б е г. Æмæ цы загътай дæ курджытæп, æнæ дзуаппæй арвыстай мæ лымæны? Мæдинæт. Кæдæй нырмæ дын слымæн ис? Дæ лымæны нывæн су. Æз мой нæ кæнын. Зауырбег. Уый хорз... Ома зæгъын хорз иæу, мæ лымæны мын æнæ дзуаппæй кæй арвыстай, уый. М æ д и н æт. Нæ, дзуапшшæ йæ арвыстон. 3 а > ы ’р б е г. Ахæм дзуапп райсын мæн нæ ба- фæндид... Мæд^ипæт. Бавзар. Чи зоны дæуæн хъæбæрдæр дзуапп раттон. 3 а у ы р б е г. Усгуртæ дыл æгæр сагъуыдысты æмæ... Мæдинæт. Омæ дæу та мæ курджыты мæт цы бацыди, дæ зæрдæ риссы, миййаг? 3 а у ы р б е г. Гъы... Кæмæи риссы, ахæм ис... Мæдинæт. Чи у цьимæ уыцы «ахæм»? 3 а у ы р б е г. Гъер, зæгъæм,— Хъази... Мæдинæт. Хъазийы йас бау! Æмæ йын ды та минæвар ныллæууыдтæ? Сысты æмæ рахнзырдæм фæцæуы. Зауырбег (фенкъард). Мæдинæт, Мæдинæ... Афтæ дæ уарзы, афтæ... Дæ курджыты дын иу нæмы- гæй ныццæгъдид... М æ д и н æ т (цæугæйæ). Ды сæ ницæмæй ныц- цæгъдис? 135
3 а-’’у ы р б е г (йæ фæдыл цæугæйæ). Æз... Æз да:р сæ, æвæццæгæн... (Фæаууон вæййыпц. Сæ хæд фæдыл рацæуы иннæрдыгæй Сафи} йæ фæдыл Уари.) У а р и. Фæд хæссæгау цы рауадтæ? С а ф и. Мæди мæ хъæуы. У а р н. Мæдн кæй хъæуы, уыимæ ис. ’ С а ф п. Æмæ ды кæй хъæуыс, уыпмæ цæуылпæ У а р и. Æз та дæу хъæуын æмæ демæ дæп. С а ф п (фæстæмæ йæм худæн былæй ракæсы). Атъæпп уа мын дæ сæр. Æхсызгои мæ хъæуыс! У а р и. Æмæ æппу æрра дæп. Кæй хъæуын æз та, кæд ма мæ исчи скъæфгæ акæпа. Аскъæф-ма мæ,; Сафи. С а ф и. Мæ фæдыл ралидз. У а р и. Лидзыи. Кæцырдæм лидзон? С а ф и. Уæртæ уыцырдæм. У а р и. Æмæ ды æпдæрырдæм куы цæуыс? С а ф и. Æз иннæуылты дæ размæ фæуыдзынæн. Уарп. Ды иуырдæм, æз инпæрдæм, нæ уып пицы лыгъд у, фæлтау мæ аскъæф. С а ф и. Бастъæлай, уый та дып цавæр скъæфт у. У а р и. Скъæфт куыд вæппы, афтæ, де ’ккой мæ акæн æмæ гъæп кæи. Æз хъæр кæпдзыпæп, куыд ничи мæ фехъуса, афтæ. С а ф и. Цымæ кæд пыууадздзыпæ де ’рра митæ? У а р и. Цы ’рра ми/гæ? Хæрз æрæджы федтон ахæм скъæфт. Иу хъæуккаг лæппу йæ уарзопы аскъæфта æмæ гъе-мардзæ, зæгъгæ лидзы. Чызг цъæхахст кæ- чы, ома мæнæ мæ фæхæссынц æмæ мæ фæдыл мачи рацæуæд, фæлæ уæддæр адæм, фæдисмæ згъорыныл кæй сахуыр сты, уымæ гæсгæ разгъордтой, бæстæ фæ- 136 >>
дис ссис. Лæппу, чызг йе ’ккой афтæмæй лидзы- æмæ бахæццæ Терчы былмæ, уым ныллæууы’д, йæ ныфс нал хаста ивылд доны ауайыпм-æ, пыр сæ фæдисæттæ дæр æрбаййафынц. Уæд чызг айугæ, уый-тæ нал, фæ- лæ лæппуйы йе ’ккой скодта æмæ уыцы селф аласта ивылд Терчы. Доны фале куы-.фесты, уæд чызджы «Победæйыл» дæр ничиуал баййæфтаид, раст лæппу- йы мадырвадæлтæм баирвæзт æмæ уым мидæккаг уа- ты йæхнуыл хыз æрæппæрста, ома чыидз дæн, зæгъгæ. Лæппу дæр æрæджиау лæф-лæфгæнгæ бахæццæ йæ фæдыл. Сафи. Бастъæлай, æмæ сæ уæд æгъдауыл сæ хъуыддаг бакæнып пичи уагъта. Уари. Дæ бонæй уай, Сафи, ахæм список дзы æрыздыхтой чызджы бинонтæ лæппу сæм минæвар куы барвыста, уæд, раст къамбецы цармы йас список. Æмæ, дам, дзы цы нæ уыди фыст уыцы списочы, суанг судзины онг, суанг сывæллоны хæцъилты онг, къамо- дæн, айдæнæй, къоппайæ, къусæп, уидыгæй, цолпийæ. Уый æрмæст лыстæджытæ рапымадтон, ставддæр дзау- мæтта* дын куы ранымаин, уæд дæ цæстытæ арвыл абадиккай. Кæд, дам, уыцы списочы цыдæриддæр фыст ис, суанг уидыджы онг, уыдон иууылдæр балхæ- най, уæд, дам, дын дæттæм пæ чызджы, кæннод, дам, нæ. С а ф и. Уыдæттæ дæ фыны федтай? У а р и. Фæлæуу, фæллæуу. Лæппу анымадта æмæ списокмæ гæсгæ уæлæгорæты, Ленины цырты раз цьт стыр универмаг ис, уып пæ æнæхъæпæй æлхæпын хъуыди. С а ф и. . Кæд æрбанмысыдтæ уыцы æмбисæндтæ? У а р и. Мысгæ сæ нс ’ркодтои. Мæхиуыл дæр 137
хуыздæр бон/куы нæ уа. Мæнæн дæр ахæм список куы сюæной дæ мыггаг, æмæ ардыгæй Теркмæ мæ хæссинаг куы фæуай, Терчы дæ хæссинаг куы фæуоп, уый мæт мæ ис. С а ф и. Уымæй ма тæрс уæдæ... Ацу стæ, цыт-е дзурыс, цытæ мæ къахыс... Уæртæ æрбацæуынц. (Азгъоры фæсивæды ’рдæм, Уари йæ фæдыл. Бацæ- уынц Мæдинæт æмæ Зауырбег.) 3 а у ы р б е г. Фæлæуу, фæлæуу, Мæдинæт, уый бæрц æгуыдзæгыл нæ ма банымайут. Суанг ма сыма- хæн дæр куы феххуыс кодтам. Мæдинæт. Æнæ сымах æххуысæй дæр уын бай- стаиккам уæ цинтæ. Æгæр уæхиуыл фервæссыдыстут. Кусгæ бон дæр хъазæн обауыл куы бадат, уымæп уын старстыстæм. Мæнмæ гæсгæ ныр дæр кæронмæ нæма бамбæрстат, цы уыл æрцыд, уый. 3 а у ы р б е г. Бамбæрстам æй, Мæдинæт, æгæр дæр æй бамбæрстам, фæлæ кæд афтæ æнхъæл стут, уæд дарддæр фендзыстæм. М æ д и н æ т. Фендзыстæм. Цъиутæ фæззæджы фæнымайынц. 3 а у ы р б е г. Хорз. Фæззæг дæр авд хохы фале иæй, фæлæ дæ, Мæдинæт, æндæр цæмæйдæр бафæрси- наг дæн... М æ д и н æ т. Фæсивæд æрбацæуынц... (Хъуысы зарæг. Фæсивæд æрбацыдысты.) М а р и. Дыууæ бригадиры сусæг ныхасыл бафæ- стиат сты... Н и н æ. Хъазийы зарæг кæронмæ нæ фехъуыстай, Мæдинæт. Хъази. Гъæй, Нинæ, зарынмæ мæлæты хабедзен куы нæ дæ, байхъус æмæ дæ сахуыр кæнæм. Зарæм 138
йууылдæр иумæ. (Хъази зары, иннæтæ йын хъыр- нынц). Æмбæ рзæн ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ. Уынг. Хабосы хæдзары раз. Дурæй амад аив хæдзары фасад, дыууæ рудзынджы, параднæй дуар. Фæйнæгæй быру кæрты дуа- рæй параднæймæ. Хæдзары тнгъæн галиу кулистæм кау быд. Уынджы телыхъæдæй хæдзары тнгъмæ телтæ арæзт. Фыццаг пъланыл дыууæрдыгæй стапд сыфтæрджын бæлæстæ — дыууæ. Дарддæр — хæхтæ. Мæйрухс изæр, рудзгуытæй хъуысы радпо- ны ироп цагъд. Галпуырдыгæй бæласы быи бадынц Сæуджен æмæ Гуга. Г у г а. Æмæ Мæдинæт кæм ис, нæ чындзаг? С æ у д ж е н. Быдыры, дам, ис. Гуга. Уæдæ фæндырæй чи цæгъды? С æу д же н. Радио. Гуга. Мæнæй афтæ ма Мæдинæт цæгъды. Уæдæ ам цы бадæм, ам? Сæуджен. Тагъд æй ардæм хъæуы, цавæрдæр æмбырдмæ. Кусаг у, зæгъынц, амалджын, фæлæ хи- вæнд. Кæцырдæм ныццæвдзæн, арвы цæфау, чи зоны. Фæлæ цы иæ бакæндзæн мæ зæронд сиахс, Мытыл. 139
Йæ цæргæ боиты уый бирæ ахæм хъуыддæгтæ ацъапн ласта, бирæ хивæнд чызджыты- æртасын кодта. Г у г а. Уый кæддæр афтæ арæхсти, фæлæ ныр æн- дæр замантæ сты. Уæвгæ уымæн йе ’взаг сæрдасæнæй уæлдай нæу, хусæй дасы. Сæуджен. Даст, даст у, фæлæ æгæр бирæ бады. Гуг а (рудзынгæй бакæсы). Цæуьшпæ бада, уазал карчы фыд хæры, арахъхъ, бæгæны нуазы. Æниу æз куы бадин ахæм фынгыл. С æу д ж е н. Уый иулæр фынгыл бадт баййафæд, уый йедтæмæ йæм «цомы» кой нал вæййы. Ныр æнæ- хъæн къуыри ам рахау-бахау кæнын. Гуга. Уæллæгъи дис дыл кæнын, куыд дын ба- рынц колхоз. Ахæм ахсджиаг куысты рæстæг ралли- балли кæн! Сауджеп. Бахатыр кæп, æз ралли-балли нæ кæ- нын. Гуга. Уæдæ цы ми кæпыс? С æ у д ж е н/ Рынчындоны хуыссын. Г у г а (кæсы йæм). Ау? Фаззон ма дып ис? Мæ цуры чи бады? Сæуджен. Хынджылæг æнхъæл мын дæ? Мæнæ кæсыс? (Фелвасы* гæххæтт йæ дзыппæй.) Справкæ. Горæты иу ницæййаг дохтыры цур мæхи уæлгоммæ аппæрстон, мæ зæрдæ, зæгьын, мæ зынæхсæныл баны- хæст, мæлыпыл, адаргъ дæн æмæ мып ныффыста. Гуга (кæсы гæххæттмæ). Æрдхæрæиы курдпаг- джьгн лæг дæ. Сæуджеи. Нæ фæлæ ды куыд кусыс, ды? Дæ дуканийы куы пикуы вæййыс, æхгæнгæ йæ скæныс? Гуга. Дукани гом у, табуафси. Æз дзы пу сел- футкайы сбадын кодтои, мæ фыды хойы, зæронд чызг. 14)
Йæ уыд йæ дзæцЦ дуканийы бадын æмæ лæппутæм кæсын. Гъемæ зæгъын бад. Уый бады æмæ уæй кæпы, дæ фæстæ ма дзы цы товартæ аззайы, уыдон. Сæуджен. Æнæрай скæн дæ товартæй, æрæджы мæ, чысыл-ма бахъæуа, æмæ милицæ ма рацъипп ла- сой, стæй мæ нæхи хъæуы колхозæй ма разыввытт ла- сой, ды, дам, спекулянт дæ! Г у г а. С-с-с. Уый тыххæй хъыпп-сыпп дæр нæ, кæннод ма мæн дæр цъысымы иыссадздзынæ. Куы ба- зоной товарты хуыздæртæ мæ дуканинæ хæссыс... уæвгæ товартæ уæй кæнынмæ æвзæр нæ арæхсыс. С æуджен. Æлхæнынмæ дæр æвзæр нæ арæхсыл. Фæлæ мæнæ ацы товар. (Амоны рудзынгмæ.) Гъе уын товар у, гъе! Уый куы бафтид мæ къухы, уæд æнцад- æнцойæ мæхи æрбайсин æз мидæгмопмæ ацы мыды къусчы хуызæн хæдзармæ. Сæуджен. Æрра дæ. Мæнæн дып чызг «нæ» м<* зæгъа, уæд мард у а-лæппу! Фæлæ цæй бирæ бады Мытыл! Гуга. Фынджы уæлхъусæй рахизын æпцон пæу, мæхицæй йæ зонын. (Бакæсы та рудзынгæй.) Æллæ.ч. æллæх, цывзыиау ссырх и, дыууæ къухæй пиры карчы фыд. Гъей, мæ бон нæу фынгмæ дардæй кæсып. Цом æмæ уал исты ахæрæм. Сæуджен. Чидæртæ æрбацæуы. Цом. (Ацæуынц. Бауайынц Мæдииæт, Мари, Нинæ. Уыдон æрбахæццæ сты быдырæй.) Ма р и. Дæле сæ фистæджытæ, уæле сæ бæхджьш- тæ, сæ хъару æмæ сæхæдæг. Нинæ. Уыдоны æртхъирæнтæм байхъус. Сæ фын- дзы бынтæ куы адауынц, ам, дам, рихиты бæстьг гæ- 141
Дыйы дымæг æрзайæд нæ обау æмæ, дам, уын нæ ты- рыса куы ныууадзæм. М а р и. Æртхъирæнтæй уæлахиз никуыма ничи фæци, уасаг гæды мыст н’ахсы. М æ д и н æ т. Уæхиуыл ма фервæссут. Мæнæутæ æфснайгæйæ иæ фæсте куы фæуадзой, уымæй нæ тæр- сут? М а р и. Халонау де уæпы кæсыс æви цытæ дзу- рыс? Мæдинæт. Ме уæны нæ кæсын, фæлæ Зауырбе- джы къабæзты ахаст нæ зонут, цы? Æхсæв дæр нал хуыссынц. Уари станæй алыгъди. Н и и æ. Тæргай ма алидзæд йæ цæгатмæ. Мæдинæт. Сæ зæххы кæрон, раст доны был, рæсугъд халагъуд скодтой, хæринаг дæр уырдæм хæс- сынц. Сæ хуымты зæхх айкæй лæгъздæр, бæмбæгæй фæлмæндæр скодтой. Æхсæв уыдоны зарæгмæ бап- хъусынæй диссагдæр цы ис. Нинæ. Ахсæвы фыдæх мæ уа, мæ зæрдæ цæуыл- дæр къæпп кæны. Ма фæразæй уæыт, Тутъан æмæ Са- лам дæр нæм дзæгъæл хуымæтæджы нæ сидынц. Мари. Цæй, ныууадз дæ къæппгæнаг зæрдæ. Цы цъиах-цъиах кæныс? Н и н æ. Цъиах-цъиах фæкæн!.. М æ д и н æ т. Банцай! Куыройы гæркъæрагау куы феуæгъд дæ æлгъитынмæ. Н и н æ. Уæдæ мæм мæ зæрдæ цы сдзырдта, уый ма зæгъон. Зауырбег æмæ Уари дæр дзæгъæлы не ’рбацыдысты. Зауырбег уыцы хъæлдзæгæй сæхимæ фæцæйуади. Мæдинæт. Цæй, уым æй базондзыстæм. Æз мæ дзаумæттæ аивон æмæ уæм æнхъæлмæ кæсдзынæи. 142
Ма-иу бафæстиат ут. (Хæдзарæй райхъуысы Мытылы хъæлæс.) М а р и (рудзынгмæ бауайы хæстæгдæр æмæ бай- хъусы). Дæхæдæг ма бафæсти)ат у, минæвæрттæ дæм куы ис, æнхъæлдæн. Ма дæ афардæг кæнæнт æттагон цæргæстæ. Н и н æ. Минæвæрттæ? Цæй æнæцæстуарзон дæ, Мæдинæт, дæ бирæ усгуртæй нын фæйнæ уæддæр фæ- бырын кæн. Мæдинæт. Сымах фæуæнт сæ фароны фистимæ. Цæй, цæугæут (Мари æмæ Нинæ ацæуынц. Мæди ба- уайынмæ хъавыди, фæлæ та райхъуысы Мытылы хъæ- лæс æмæ лæугæйæ аззайы кæрты астæу. Хæдзарæй рацæуы Дзго.) Д з г о. Мæ чызг, мидæмæ та цæуылнæ цæуыс? Мæдинæт. Дзыцца, чи нæм ис, чи? Дзго. Мытыл та у, уыцы лæппуйы минæвар. М æ д и н æт. Уæдæ нæ цæуын мидæмæ. Д з г о. Бауай сæм, æрбацæугæ дæ федта æмæ ху- динаг у, кæдæй бады. Мæдинæт. Гъемæ бадæд. Уый йын минас, уый йын дзуапп, цы ма йæ хъæуы! Дзго. Минас та... йæ рон дыууæ хатты рауагъта. Цыдæриддæр у, уæддæр хъуыддапм.æ æрбацыди, лæп- пуйæ тынг æппæлы, хорз хæдзарæй у, зæгъы. Мæдинæт. Нæ, дзыцца, хæлд лæг æй хонынц. Д з г о. Æмæ уæдæ Мытыл йæ хорзы кой куы кæны. Мæдинæт. Мытылæн та циу. Мытыл йæ зама- иы, иу æмæ дыууæ чызджы нæ ауæй кодта минасыл... Дзго. Р1æ фарсы тæнæгæй акæлæнт... Мæдинæт. Мæ зæрдæмæ чи фæцæуа, дзыцца, уыимæ æнæ Мытыл дæр бамбардзыстæм кæрæдзи... 143
Дзго. Мидæмæ рауай æмæ исты уæддæр ахæр. Мæдннæт. Нæ, дзыцца... Цæй, уæртæ Нинæитæ æрба’цæуыпц. Цæуын нæ хъæуы. (Бацæуынц Мари æмæ Нинæ.) М а р и. Де’зæр хорз, Дзго. Нинæ. Амондджын уазджытæ уæм< цæуæд, Дзго. Д зго. Хорз амæндтæ уæ хай, мæ хуртæ. Н и н æ. Хорз амонд кæй хай у, уымæп хайыр уæд. Мæдпиæт. Цæй, цæп, къæппгæнаг зæрдæйы хи- цау, ма та райдай. Цом. (Ацæуынц.) Дзго (сæ фæстæ): Ма та-пу бафæстиат ут ус ’мбырды. Тæхудиаг, ныры чызджытæ, æхсæны хъуыд- дæгтæм афтæ кæм.æ кæсынц. Мæнæн та æхсæны æр- мæст м,æ чындзæхсæв бахордтой, ’кæддæр... (Бацæуьи Галиуырдыгæй бацæуы Зауырбег, хъуызгæ байсы йæ- хи бæласы бынмæ. Йæ хæд уæлвæд бацæуы Уари æмæ æмбæхсы бæлæсты аууон, Зауырбег æй куыннæ уына, афтæ, æмæ Зауырбедэш ныхæстæм хъусы.) 3 а у ы р б е г. Арæбы-и æллæх, цы дымгæ мæ æрба- хæссы ацы уынгыл. Æрра бæхы рохтау мæ зæрдæйы рохтæ мæ къухты куы нæ уал æфтынц. Фаллаг уынг- тыл мæ цæуын куы фæхъæуы, уæддæр мæ мæ къæхтæ ауылты куы ’рбахæссынц. Мæдинæт... Мæ худгæ хур... Кæд мын мæ цинтæ айстай, уæХдæр дæм мæсты куы нæ кæнын... (Ныззары радиойы цагъдмæ). Уæ бæрзонд тæрс бæлас, Дымгæмæ куы тасы, гъей! Хабосы хæдзар мæ Йæхимæ куы ласы, гъей! Æркаст мæм хæлæгау, Мæ намысы иысан, гъей! 144
\ , Мæ рæсугъд цъæх обау, ~- - ~ Наг кады тырыса, гъей! -, Цы\адæн фервитон, ^ Мæ зæрдæйы сагъæс, гъей! Тæхудьг, Мæдипæт, Дæу заргæйæ рахæсс, гъей! \ (Бæласæн ахъæбыс кæны). Гъей-джиди, мæнæ бярлас, уæд та дæуæй куы фе- стин, Мæдинæтмæ фыццаУ хуры тынтпмæ рудзынгæй чи бакæсы... Сæ бæлас дæр мын адджын у, цыма йæ цъуппыл уарзондзинады ф&ндагамонæг стъалы æрт- тивы æмæ мæ йæхимæ сайы. Сæ карк дæр мын ад- джын у, сæ уасæг, сæ гæдййы лæппын, сæ къæбыла дæр, сæ куыдзы рæйд та мын булæмаргъы зардау æх- сызгон у... (Райхъуысы куыдзы рæйд.) Уари (бæласы аууонæй ракæсы). Хъусыс, булæ- маргъ зары... Зауырбег (фестъæлфы). И?.. Уари... м’аууонау мæ фæдыл куы ’рбахъуызыдтæ. Æз правленимæ цæ- уын. \ 4 У а р и. Æмæ колхозы правлени ардæм раивтой? 3 а у ы р б е г. О, кæд доклад кæныс, мнййаг? Уари. Нæ, доклад ды скодтай, æз дæ доклады фæдыл ныхас кæнынмæ хъавын. 3 а у ы р б е г. Райдай уæдæ. У а р и. Ды фæдæ? 3 а у ы р б е г. О, фæдæн. У а ри. Уæдæ уал дæм дæ доклады фæдыл иудыу- уæ фарсты... Зауырбег. Табуафси... 10 Пьесаетае - Н5
Уа р и. Цы дзæбæх фиалкæйы таеф цæуы кæцæй- дæр, ды ма бапырх кæн духийæ уынгтæ?.. Зауырбег. Ам канд дзæбæх /æф нæй... дидинæг мидæгæй ис... розæ... / ( У а р и. О, æмæ дын уый дзы/дтон. Фыццаг фарст: ам цы ми кæныс? / 3 а у ы р б е г. Æнгуырæй д/рын. У а р и. Хорз, мæ зæрдæмæ цæуы дæ дзуапп. Æмæ цы æрцахсынмæ хъавыс? / 3 а у ы р б е г. Сау рувас/ У а р и. Æнгуырæй рувас? Хорз, уый дæр дын мæ зæрдæмæ цæуы. Ныр æЩ рады фарст: (хъæрæй) ус æргомæй курыс æви сусæгæй? 3 а у ы р б е г. С-с-с, х^æр ма кæн! Æргамæй... У а р и. Æмæ уæдæ хъазау цы сыссыс кæныс? Мæ фарагытæ фесты. Ныр дыууæ ныхасы дæ доклады фæдыл: дæ фæстаг дзуапп загътай, æргомæй ус ку- рын, зæгъгæ, фæлæ дæ ныхас æмæ дæ хъуыддæгтæ уæрцц æмæ кæсагæйуæлдай ые ’сты, кæрæдзимæ æм- гæрон нæ цæуынц. Афтæмæй сау рувас нæ, фæлæ сау карк дæр не ’рцаходзынæ. Æнæ уæлдай ныхасæй дын мæ фæндон: цэам-æй хъуыддагæй исты рауайа, уый тыххæ-й баздæх æмæ иу æнцой бон Хабосы дуар ба- хой, иу хорз æмбалимæ, гъер, зæгъæм, мæиæ мемæ. Дæ уарзон дæм куы рауайа, уæд æ,й комкоммæ ба- фæрс: «уарзын дæ, уарзыс мæ, комыс мын?» Кæд «о» зæгъа, уæд мидæгдæр бацу æмæ Хабосæн зæгъ: дæ чызджы дын курып, дæттыс æй æви нæ? Зауырбег. Æмæ «нæ» куы зæгъа, уæд та? У а р и. Уæд та... уæд Джызæлы гауарда!.. 3 а у ы р б е г. Гъе, уый дзы ис, уый æмæ «гауарда» зæгъын мæ бон нæу. 146
Уари. Кæмхис, цымæ кæм, сæхимæ нæй? (Ру- дзынджы цурмæ^оауайы, фыццаг байхъусы, стæй ба- хойы рудзынг.) . \ 3 а у ы р б е г. Цы ми кæныс... Худинаг... (Бæласы рæбын амбæхсы.) \ У а р и. Æмæ уæдае зæронд усæн зарыс? Зæххы скъуыды ма ныххау! (Рудзынгæй ракæсы Дзго). Д з г о. Чи дæ, чи? \ У а р и. Æз дæн, Дзг^о, æз, де’зæр хорз. Д з г о. Кæй изæр у, уый ’хорзæх дæ уæд... А... Уа- ри куы дæ, Уари. У а р и. О, Уари дæн, æцæг, æфсинты карчы цъиу- тæ чи давы, ахæм уари пæ дæп. Дзго. Мидæмæ рацу, цъиутæ дæр нæм уыдзæч. Кæнмæ дзурыс, уый? Уари. Мæнæ Зауырбег... Уæлæ мæй æврæгъты æмбæхстис, æмæ ууыл дзырдтоп. Д з г о. Мпдæмæ рацу. У а р и. Нæ, бузныг, нæ мæ ’вдæлы. Д з г о. Уæртæ уазæгимæ абад. У а р и. Уазджытæ уæм ис? Минæвæрттæ та ма уæпт? Д з г о. Ахæм у. Зауырбег (бæласы аууонæй адæмы ’рдæм). Бабын дæн. Уари. Иу æхсæвы усгурты минæвæрттæ? Мытыл ма уæд? Д з г о Мытыл у. 3 а у ы р б е г. Уыцы лæгуын рувас. У а р и. Гъы, æмæ куыд? Дзго. Нæ зонын, дæ рын бахæрон, дзæбæх лæп- пуйы хуызæн уыди. 147
3 а у ы р б е г. Мæ хур аныгуылди/; Д з г о. Фæлæ цыма нæ чызджы/нæ фæнды. 3 а у ы р б е г. Ракасти та. / Д з г о. Дæумæ та куыд кæсы? / У а р и. Æмæ гъа, хорз æй Аæ зонын æмæ... нæ хъæуы фидауцы нын æвзæр лæг/пуйæн ма раттут. Д з г о. Æвзæрæй дзы ист^ы фехъуыстай, ма йæ басусæг кæн... / Уари. Тобæ, тобæ, кæд/уæ зæрдæмæ фæцыди... Æмæ Мæдинæт кæм ис? Кæд, зæгъын, нæма ацыди, уæд æй бахæццæ кодтаин. Д з г о. Ацыди чызджытимæ правлениодæ. У а р и. Цæй, уæдæ, хæрзнзæр у. Дзго. Фæндараст у. Мæдинæтæн-иу зæгъ, ма-иу, зæгъ, бафæстиат у. У а р и. Хорз, хорз. (Рацæуы бæласы бынмæ, Дзго рудзынг бахгæны, Зауырбег джыхæй баззад бæласы рæбын.) Хъайван аныхъуырдтай æви дæ ихджын до- нæй фелвæстæуыди? Зауырбег. Фыддæр. Фехъуыстай? Ацы’ зæронд ус мын мæ зæрдæйыл уазал допы ведра аскъæрдта. У а р и. Афтæ дын хъæуы, лæппутæ афтæ кæныпц, гъе... Фæлæ тæрсгæ ма кæн. «Нæ чызджы нæ фæнды», зæгъгæ, нæ фехъуыстай? Фæлæ змæлгæ кæн, змæлгæ, æргомæй, сусæгæй нæ фæлæ. Куыстмæ бирæгъæй уæл- дай куы нæ дæ, уæд дыл ам цы ’рцыди? Зауырбег. Нæ зонып. Сау мæйдар æхсæвæй тардæр ныцци мæ зæрдæ. У а р и. Срухс та уыдзæн. Мæйдар æхсæвы фæстæ та хур ногæй скæсы, фæлæ, цæй, Тугъаи махмæ кæс- дзæн. Мæиæ æмбырдæй куы ’рацæйцæуæм, уæд ын-иу бамбарын кæн. 148
Æрбазынд Хъази.\3ауырбеджнты куы фсны, уæд амбæхсы. Заур- бег æмæ Уари куы\ацæуынц, уæд Хъази рацæуы бæласы аууонæй. Хъази (кæщ сæ фæдыл). Кæцæй ам фегуырды- сты... Гъей-джиди, \Мæдинæты ма куы федтаин... рай- сом та балцы... (Фдецæйцæуы рудзгуыты ’рдæм. Лæг- ты дзурын цæуы кæртæй. Фæстæмæ рауайы бæласы рæбынмæ, стæй сбыры бæласмæ. Кæртæй рацæуынц Хабос æмæ Мытыл.) Аи лæгуын рувас, Мытыл куы у... Мытыл (ныллæг] тæнæг æфсæр, ацæргæ коса лæг, йæ уæлæ даргъгомау цъæх цухъхъа, гыццыл ны~ мæт худ æмæ дындоюыр хъама). Хабос, хорз мæ фед- тай, фæлæ мæ фарсыл нæ бахæцдзæн дæ минас, æнæ дзуаппæй мæ кæй æрвитыс, уыйтыххæй. X а б о с. Мытыл, чызджы æвæндопæп раттæп нæи, уый дæхæдæг хорз куы зоныс. Мытыл. Уæдæмæ скъулбадæг кодтам нæ чыз- джыты, фыццаг за.ман-иу афтæ бæргæ нæ уыди. Хабос. Уæд æндæр æгъдæуттæ уыди, æндæр за- къонтæ... Мытыл. Гъа!.. Закъонтæ, закъонтæ! Цæй закъоп ис ахæм^хъуыддаджы,'алкæмæн йæ закъон йæ мидæк Гъе иыр, зæгъæм, бирæгъ фыс аскъæфта, махмæ гæс- гæ уый æнæ закъоп хъуыддаг у, фæлæ ма бирæгъы бафæрс, уымæн та фыс аскъæфын у йæ закъон. X а б о с. Уæ, бирæгъæй амæлай, лйчы хусы дæ ба- чы’идæуа, Мытыл! Мытыл. Уæдæ нын цы ’фсои кæнут? Фау пæ хæс- сут Сæудженмæ, нæ? Уæдæ цы хъуаг у? X ъа з и (бæласæй). Сæр хъуаг.., Мытыл (фæйнæрдæм акæсы). Уый мæ хъæлæс афтæ нæры? 149
X а б о с. Æмæ гъа. / М ы т ы л. Уæдæ уый цæй «хъуахъ^ъ» уыди? X а б о с. Дæхи хъæлæс уыди, æвæццæгæн. Мытыл. Æмæ æз ахæм ныхар куы нæ загътон. X а б о с. Æгæр хъæрæй сдзырдтай æмæ къултыл ньшнæрыд. I Мытыл. Ау, æмæ дæ къултæ афтæ нæрынц? Гъей! Хъази (бæласæй). Гъей! у М ыл* ы л. Хъуахъхъ! X ъ а з и. Хъуахъхъ! Мытыл. Силæм! X ъ а з и. Силæм! ’ Мытыл. Уист! Хъ а з и. Уист! Мытыл. Æцæг у мæхи хъæлæс. Мæ цæргæ-цæ- рæнбонты мыл ахæм гæрах никуыма сæмбæлди. Ду- гъон бæхæй уæлдай нæ уыдтæи æз минæвары хъуыд- даджы. Æз дын минæвар бацæон æмæ хъуыддаг ма’ саразон!.. X а б о с. Дугъонæн, дам, йæ фæстаг уаргъ хæссæг- мæ цæуы... дæхимæ йæ ма бамбар... (Хъази иыппыр- рыкк кæны.) Мытыл (акæсы та фæйнæрдæм). Цæй, уæдæ, Ха- бос, хæрзæхсæв уал у, фæлæ хъуыддаг ууыл нæма ахицæн, уый зон. (Ацæуы.) Хабос. Хорз, хорз. Фæндараст. (Йæ фæдыл кæ- сы.) Хидæй ма ныххау! Гъе, зæронд маймули! Цæры- нæй хæрынмæ бирæгъты ’хсæн рувасæй фæцардтæ, ныр бирæгътæ фесæфтысты, уæддæр ма рувас майму- лийы цармы баззади адæмы æхсæн... Фæлæ мæ хæ- дзар та кæдæй нырмæ снæраг ис.
Хъази. Исты амалæй ма куы аирвæзин. (Æм- бæхсы сыфтæрты.) Хабос. Уæдæ бæлас дæр куыд нæрдзæн? (Фæ- цæуы бæласы ’рдæм. Рацæуы Дзго.) Д з г о. Цы фæци дæ минæвар? X а б о с. Ацыди, æндæр цы фæуинаг у. (Бæласы бын бандоныл æрбадынц.) Дзго. Ахæм ма дзы æфсæрты ахаст уыдзæни, куырой разила де ’фсæртыл, Мытыл. Æниу цымæ мах йедтæмæ чындздзон чызг никæмæ ис, цы нæм сагъуы- дысты... А-пæхи хъæуæй дæр æм чидæртæ цыма сæ хъус дарынц... * X а б о с. Уæртæ къæбицы хицау, Гннотæ йедтæ, Хъазитæ... Дзго. Æмæ цы, æгæр дзæбæх лæтшу у Хъази, пырма æгæр æрыгон у, уый йедтæмæ? Хабос. Йæхæдæг агурдзæн нæ чызг йæхицæн къай. Цон, æз бауайон уыцы бьшдзытæм, иунæгæй сæ ныууагътон, арсæй сын тас у. (Сьгстадысты.) Д з г о. Мæдинæт æрæгмæ цæуы... Тæхуды, йæ чызг дæр йæ хæдзары кæмæн абады. Цæй æмбырд сын у цымæ? Хабос. Мæнæу кæрдынмæ цæттæ кæныпц. (Ацæ- уынц.) Хъази (бæласæй). Мæнæ цы раны бахаудтæн.., Цы дзæбæх мад уаид, æвæдза, Дзго... Дзæбæх лæппу, дам, у мæнæй уый... Цон ардыгæй. Хабос мæ ам куы ’рбаййафа... Гъей-джиди, Мæдинæты ма куы федтаин. (Ныззары.) Хуымæллæджы зилгæ дон цæй сабыр цæуы, гъей! Фæззыгон заман та сыгъдæгæй уайы, гъей! 151
Мæ уарзон Мæдинæт чындзы куы цæудзæн, гъей! * Мæнæп та фыр мæтæй мæ зæрдæ тайы, гъсй! Цы уалдзæг æй федтон, цы сæрд æм кастæн, гъей! Гъе, уæдæй нырмæ йæ мæ риуы хастон, гъеп! Цæй сагъæсы фæдæн, цæй зæрдæсаст дæн, гъей! Цæй сайд мыл æрцыдп, цæмæп æп уарзтон, гъей! Хæрзбон у, мæ уарзон, мæ дуне, Мæдипæт, гъей! Хæрзбон ут, иæ колхоз, иæ хъазæп обау, гъей! Хæрзбон ут нæ рæсугъд колхозоп фæспвæд, гъей! Æз та уæм зыидзынæп, уалдзыгои бонау, гъей! Цæй, кæд æй правленийы баййафин. А-гъа, чидæртæ. Æрхизы бæласæл азмæ ацæуы. Тагъд-тагъд бауайынц Сæуджеп æмæ Гуга, сæ фæдыл Мытыл. Гуга. Æрра бпрæгъæй уæлдай куы нæ уал дæ, дæхиуыл фæхæ1\.(Мытылæн.) Ды ацу, мæхи бар æй уадз. М ы т ы л. Сæуд>кен, байхъус-ма... С æ у д ж е н. Ныууадз! Дæхицæй æппæлыс, «хъуыд-' даг саразынмæ мæ хуызæн пикуы ис», афтæмæп дæ алывыдимæ расырдтой. Мытыл. Банцай, кæйдæр дуармæ æргæвст уасæ- джы гæппытæ ма уал кæи. Ницы æвзæр загътой, пи- цæмæй пæ бафхæрдтой чызг дæр æмæ фыд дæр. Æз хынджылæг кодтои. Гуга. Мытыл, ды ацу, æз æй æрсабыр кæндзы- нæн. Мытыл. Хорз. (Ацæуы æддæдæр æмæ Гугамæ сиды.) Гуга, ардæм ма рауай. (Гуга йæм бацæуы.) 152
Чызджы «нæ» лæппунæн æхсæрфарсы цæф у, худииаг у, фæлæ уæхи сабырдæр дарут, цы кæнинаг стуг, уый — хинæй, нæ зæронд æгъдæуттæм гæсгæ, фæхуди- наг æй кæнут, æддæмæ ракæсын йæ бон куыннæуал уа, афтæ, стæй йæ уæд мæ бар уадзут. Гу г а. Уый дып мах быгъдуан. М ы т ы л. Иæ рохтыл уал ьш хæц, цалынмæ ба- хъæуа, уæдмæ, стæй-иу æй уæд ауадз. Æцæг, хипæй. Архангæ — рувасау, лæбургæ — бирæгъау. Гуга. Хорз, хорз, Мытыл, цæугæ. (Мытыл ацæ- уы.) Сæуджен (Мæдинæты рудзынгмæ). Сар мын дæ хæдзар кæпы. Г у г а. Ныр калмы сыф-сыф цы кæныс? - Сæуджен. Мæнæн нæ комы... Мæнæн! Г у г а. Дæхæдæг нæ аныхас кодтай йемæ? С æ у д ж е н. Къухы нæ бафтыди. Ау, мæ уынд аивтон, мæ лæппуйы хъустæ мæ уæлæ нал сты? Сар дæ къона кæндзæн, ауылты дæ цæуыи нæ хъæуы дæ хæдзармæ! Кæ~д ком нæ дæтта, уæд æй... (Дзурын цæ- уы.) Æрбацæуы, æнхъæлдæн... Ды уал, Гуга, уæртæ бæласы рæбып алæу, мæхи бар æн уадз. Гъей, арв уæ куыд ныггæрах ласта, гъе! Йемæ чидæртæ. (Бацæ- уы йæхæдæг дæр бæласы рæбынмæ. Бацæуынц Мæ- дииæт, Зауырбег, Уари, Нинæ, Мари.) Мæдинæт. Сымах æй уæ зæхмæ куы ауадзат, уæд-ма дзы мах зæхмæ цы атæдздзæн? Мах куыройы дæлеты къанау уымæн нæ айгæрзтам, æмæ йын сы- мах хъæуы сæрты йæ дон уæхи ’рдæм ауадзат. 3 а у ы р б е г. Ау, мах хуымтæй куы ахиза, уæд сы- мах зæхмæ нæ цæудзæн? М а р и. Мæ сæрæй уæлæмæ чи ис, уый дæ фæхъ- 153
хъау. Хус зæххæй мах хуымтæм цы аирв&здзæн, мæ- лæты бирæ дон куы нæ у, дойны гал æй иу улæфтæн куы аназдзæн. 3 а у ы р б е г. Ау, долапи куырой йыл куы зилы. М а р и. Куырой фуйæ дæр зилы. 3 а у ы р б е г. Цæй, райсом ыл фидаудзыстæм. Кæд, ардыгæй райсоммæ уæларвæй тыгъдызæй фе- мæхсдзæн, уæд та? Сæуджен (бæласы аууонæй). Туг дыл фемæх- сæд, искуы ма ахъуыдты уай! Г у г а. Чи йын сты, чи? С æ у д ж е н. Æмæ гъа... Ни н æ. Нал фæуат уæ ныхас æви... 3 а у ы р б е г. Цæуыл тагъд кæныс, Нинæ, дæ ла- уыз æнæ фæлдæхтæй баззадис? Нæ зæгъинæгтæ нæма фестæм. У а р и. Ауадз æй æ,мæ цæуа, æнæ уыдон хуыздæр аныхас кæндзыстæм, цæй, Зауырбег. (Мари æмæ Ни- нæ ацæуынц.) 3 а у ы р б е г. Ома... (Уаримæ бакæсы.) Мæдинæт. Цæй, куы ныхъхъус стут, цыдæр зæ- гъинаг цыма стут... У а р и. Сусæг зарæг хъæрæй нæ чындæуы. Мæдинæт. Æмæ йæ кæмæй сусæг кæнут, зарут, зарæг хъусыпы тыххæй у. Уари. Цæй уæдæ, Зауырбег, райдай. Амæн лыс- тæгдæр хъæлæс ис. Зауырбег. Ома, зæгъьтн, Мæдинæт... Нæй, мæ хъæлæс асастис. М æ д н н æ т. Уæдæ цалынмæ уæ хъæлæс æмпъу- зат, уæдмæ уал æй уадзут. Цæй, фæндараст, райсом нæ мæнæу кæрдынмæ цæуын хъæуы. Бузныг кæп мæ 154 .
’рбахæццæ кодтат. (Дуары зыхъхъырæй бакæсы.) Цы- мæ ма нæ бинонтæ бадынц?.. Уари. Баддзысты, уазджытæ уæм куы уыди, ус- гуртæ... Цыдæр хуылыдзæй ивæзт, хъоло хъустæ, дыу- уæ хърихъуппы. С æ у д ж е н. Уымæн иу ныуудай. Мæдинæт. Цæмæн афтæ зæгъыс, кæй нæ зоныс, уымæй. Уари. Æз лæджы йæ хъусты кондæй базонын, афгæ йæ хъустæ даргъ æмæ хъил куы уой, уæд уый зон, æмæ йæм хæрæгæй цыдæр хæццæ кæны. С æ у д ж е н (йæ хъустæ асгары). Г у г а. Дæ хъустæ куы асгæрстай? Мæдинæт. Æмæ мæ кæд ахæм хъæуы, уæд та? У а р и. Уæд? Уæдæ Елхоты нарæджы фыццаджы- дæр поезд куы ссыди, уæдæй абонмæ æвзæрдæрæн кæй сласта, уый дып Тутыр дæ хай фæкæнæд. М æ д и п æ т. Бузныг дæ арфæтæй. У а р и. Фæрнæйдзаг у. Мæдинæт. Уæ сусæг зарæг нæма кæнут? 3 а у ы р б е г. Нæма, æпдæр хатт. . М æ д и н æ т. Цæй, уæдæ. Æз афтæ æнхъæлдточ, æмæ мæм фæхæрам уыдзыстут, уæ бригады тыххæй кæп дзырдтам, уый фæдыл. 3 а у ы р б е г. Цæмæн зæгъыс, нæ кæрæдзипы хъуагдзинæдтæ куы сусæг кæнæм, уæд ма нын сæ амопгæ та чи бакæпдзæн. У а р и. Гъс, нæ тырыса æмæ уын нæ обау нæ ныу- уадздзыстæм. Мæдинæт. Цы ’рцыд, уый федтам, цы ’рцæу- дзæн, уый дæр та фендзыстæм. 155
У а р и. Цæп, Мæдииæт, хорз фыитæ фен. Ахсæв дæ уыцы кæсаглас ма аскъæфæд. Сæудже н. Уый мæнæй зæгъы? Гу г а. Уæдæ мæиæй зæгъы. 3 а у ы р б с г. Хæрзæхсæв у, Мæдинæт. Мæднпæт. Фæпдараст! У а р и. Цæй-ма, Зауырбег, гогыз хъæмпыл куыд цæуа, уый цыд куы кæныс. Фæстæмæ мауал кæс. (Йæ хъусы.) Ницы та сарæхстæ. Ацæуынц. Мæдннæт сæ фæдыл акæсы, стæй сæхимæ ацæуыимæ хъавы. Г у г а. Марадз, ирвæзы дып. Сæуджен (бауайы Мæдинæты размæ). Бахатыр кæи, хорз чызг... Мæдинæт (фестъæлфы). Уæу, чи дæ? Сæуджен. Тæрсгæ ма фæкæн, уый æз дæи, уе ’зноны уазæг. Де ’зæртæ хорз. Мæдинæт. Æгас цу. Галнуырдыгæй, бауапы Хъази, Мæдипæт æмæ Сæуджеиы иумæ лæугæ куы фены, уæд галпу бæласы бынмæ йæхи байсы, Гуга дæр æй нæ фены. Мæдииæт. Æмæ дæ цы хъæуы ацафоп? Хъази. Ап цы хабар у... Мæпæ куыд ризып... Сæуджеп. Иу чысыл ныхасæн мæ хъæуыс... М æ д и и æ т. Ныхас афоп пал у. С æ у д ж е н. Æрмæст иунæг ныхас. Мæдинæт. Ацафон мæ демæ лæугæ чи фена, уый цы зэегъдзæн...
Сæуджен (хъæрæй). Уый-иу зæгъæд, йæ уар- зонимæ лæууы, зæгъгæ. М æ д и н æ т. Цыбырдæр дзур, цы дæ фæнды? Сæуджсн. Цы мæ фæнды, уый дын æпæ зынд- гонд нæ уыдзæн. М æ д и н æ т. Æз куы загътон мæ дзуапп. Сæуджен. Æз ахæм дзуаппмæ-æнхъæлмæ нæ кастæн. Æпæхъæп мæй ам рахау-бахау кæнын. Хур фенæгау дæ фепыпмæ бæлльш. Мæ куыстæй дæр, мæ хæдзарæй дæр фæхæтæгхуаг дæп. Гу г а. Цы лыстæг æп ауагъта. С æ у д ж е н. Хæдзар пал агурыи, фæдзæгъæл дæн. Лхæм уарзопдзипадæй лæг æрра дæр свæййы. М æ д и н æт. Цæй, нс.’зноны .уазæг, ды æвдæлон л:е æмæ æвдæлоп пыхæстæ кæныс, фæлæ мæн не ’вдæ- лы. Мæн цы фæнды, уый дын æргомæй зæгъон... Сæуджен. Зæгъ, зæгъ, ме ’рттиваг стъалы. Мæдинæт. Мæ аууонау мæ фæдыл куы нæ уал зилис. Сæуджсн. Гъе, уый бакæнын мæ бои пæу, ме ’рттиваг стъалы. Мæдипæт. Цæуылнæ? Æгæр къæйных куы уай, уæд дæ фæуадздзынæн æнæ фæндараст зæгъгæйæ. С æ у д ж е н. Гъе, уый дын, æцæг, аив нæ уыдзæни. Мæдинæт. Аив циу, уый куыд æмбарыс, уый æз нæ зонын, фæлæ мауал цу ардæм. Иумæйагæй ницы ис нс ’хсæн, нæ дæ уарзын. X ъ а з и (ныуулæфы). Ныр мып фенцондæр ис. С æуджен. Дæ мад, дæ фыды хатыр бакæн æмæ мын æгæр цæхгæр дзуаппæй ма рæхой мæ зæрдæ, иу чысыл æй фæлмæн гæды ныхæсты уæддæр атух. Мæдинæт. Мæнмæ уæлдай гæды митæ пæй. 157
Сæуджен. Уый гæнæн нæй, мæ сæрмæ дæр æй не ’рхæсдзынæн... Хур йæ фæндагæй фæцуддзæнл, уæддæр æз дæу нæ ныууадздзьгнæн. Æгæр хъал куы уай... Мæдинæт. Не ’зноны уазæг, райсомæй раджы дæ сæрæй халон куы ратæха, уæд изæрмæ зæхмæ куы не ’рхæццæ уыдзæн, уæд цытæ кæныс, худинаг дын иæу? (Фæзилы æмæ цæуынмæ хъавы.) Сæуджен (йæ къухæй йæ рацахсы). Нæ, мæ фьгдыстæн... М æ д и н æ т (йæ уадул ын ныдздзæхст кодта.) Гъе, уый дын æрттиваг стъалы! (Бауайы сæхимæ æмæ йæ фæстæ дуар рахгæны, Хъази ныххуды æмæ али- дзы.) Гуга (бауайы Сæудженмæ). Гъе, уый чызг у, уый! Ай дын диссаг, йе ’хсæрфарсыл гæрах сæмбæлди æмæ ма худгæ кæны. Сæуджен (йæ уадулыл хæцы). Чи худы? Фæ- лæуу!.. Гуг а. Мæлæты гæрах нæ уыди! Дæ хорзæхæй, дæ хъустыл барабан ис? Йæ зыланг ныр дæр ма мæ хъусты куы нæры. С æ у д ж е н. Цæф мæмыл ауади, дæуæп та дæ хъустæ нæрынц. ч Гуга. Æмæ цæф дæуыл ауади, зæгъгæ, уæд мæ- нæн нæ риссы?.. Фæлæ цæй диссаджы чызг у! Æз та афтæ æнхъæлдтон,' иу лебæдагонд исты у. Сæуджен. Мæнæ мын цы гæрах нылласта! Гуга. Æгас хъæуыл айхъуысти, æнхъæлдæн, ацы гæрах. С æ у д ж е н. Ф.æлæуу, фæлæуу... Цыппар усы мын 158
уыдис аи размæ æмæ мыл дзы иу ахæМ гæрах нйка}- мæй ма ауади. Фæлæуу!.. Гуга. Нæ сарæхстæ. Сæгуыты иу гæрахæн куы нæ афæлдахай, уæд ма’ дыккаг гæрахмæ лæууы. Æрæ- джиау мæм хъарын байдыдта дæ маст. Уæдæ ма йæ æз æрурæдтаин, æз, цымæ йæ бумбулитæ мæнæ ацы бæлæстыл не ’рбадтаиккой... С æ у д ж е н. Фæлæуу, фæлæуу, мæнæ хъал чызг, ме ’фсæры къæдз уæ ’куыдзы хурхы ныссæдзæд, æз дæ- уæн... А-гъа... багъæц-ма, Гуга (Йæ хъусы йын цыдæр- г/æ дзуры.) Гуга. Омæ, мæнæн куьГ бакома, уæд æй дæуæн ахæссæм? Гъе, стæй уæд ды рæсугъд чызджы хъæбы- сы баддзынæ, æз та милицæйы хъæбысы. Æнæуый дæр мæм æрбахъав-æрбахъав кæнынц, магазин, дам, бахордтай, Сæуджен. Ау, ме ’фхæрд дæуæн æфхæрд нæу, мæ худинаг дæуæн худинаг нæу? Æппын мацы фæуæд пе ’хсæп, фæлæ ирон сылгоймагæй нæлгоймагмæ йæ хьух афтæ чи систа, уый афтæ ныууадзинаг у?! Г у г а. Уый фæстæ та, уый фæстæ? Сæуджен. Иугæр хаст куы ’рцæуа, уæд нысса- быр уыдзæн, æмæ дын-иу уæд дæ дымæгыл цæхх кæ- нæнт. Г у г а. Тæрсын, мæ дымæг æгæр куы сцæхджыи уа, уымæй. Сæуджен. Стæй дзы усгуры минас кæй фæкæн- дзынæ уый та? Цæй, дæрдтыл мауал хъуыдытæ кæп, цъындæгæй-мындæгæй йæ ацъапп кæндзыстæм. Цом уал. (Ацæуы.) Гуга (иунæгæй). Гъы, де ’ыгуылдз ма мæ дзыхы акæн! «Мæ бæсты бацу усгур!». Уыцы æхсæрфарсы 159
гæрахы фæстæ дзы дипломатийæ иицыуал рауайдзæи, дæуæн, Сæудженыхъо. Фæлæ æз хъуамæ æцæг бацæ- уон усгур, дæу тыххæй нæ, фæлæ мæхи тыххæй. Дæрд- тыл дзæгъæлы зылдтæн ныроиг дæр усгур. Ахæм чызг!.. Гъе мардзæ, Гуга, ам бавзар дæ амонд! (Ацæуы.) Æ мбæ рзæн ЦЫППÆРÆМ НЫВ. Станы кæрг. Зестæй æмбæрзт, чъырæй цагъд хæдзар — Мæдннæ- ты бригады уæттæ. Рахизырдыгæй — сарайы тигъ. Сарайæ уæг- ты ’хсæп бæласы бып стыр стъол.^ Кæртæн йæ алфæмблай — фæйнæгæй быру. Бæласы æнцой — сырх тырыса. Хаттæй-хатг кæртмæ бауапынц комбайныл кусджытæ, нюфыртæ. Колхозоптæй чи голджытæ хæссы, чи — халамæрзæн, чи — æхсырф, чи — дон нуазынмæ бауайы. Быдырæй хъуысы куысты уыпæр, комбайпы гуыв-гуыв. Кæрты астæу, донласæп боцкъайы цур даргъ бандон. М у р а д и (сарайæ æддæмæ голджытæ æппары иу- гай-дыгай). Ахæм къæбицы хицауæн йæ зæвæттæ какон сындзæй нæминаг сты ацы æдзæллагдзипады тыххæй. Мари (голджытæ æмбырд кæны кæрты). Рыпчын лæгæн уæдæ æндæр цы фæуай. Мур ад и. Рынчын! Дыууæ боны йедтæмæ ма у рынчын? Голджытæ та хъуамæ æртæ мæйы размæ дæр цæттæ уыдаиккой. Æдде -æрбайхъуысы машинæйы уыпæр. Хъæлæс (кулисты чъылдымæй). Гъей, къæбицы хицау! Тагъд, голджытæ нал фаг кæнынц! 160
М у р а д и. Ныртæккæ! (Марийæн.) Хæсгæ уал цæттæ голджытæ машинæмæ. М а р и. Дыууиссæдзæй фылдæр дзы иæма нс. М у р а д и. Хæсгæ уал уыдон, дыууиссæдз скъæ- фæджы дæ сбубли кæной. М а р и (голджытæ æвгæны иу голлагмæ æмæ сæ бæттгæ-бæттын хæссы машинæмæ). Дыууиссæдз чындзæхсæвæй «нæ» нæ зæгъис. (Ахæссы голджытæ.) Муради (раппары фæстаг голджытæ). Ласынц æмæ ласынц! ’Утæппæт мæнæуæн голджытæ æмæ къу- тутæ дæр хъæуы. Мари (фæскулистæй). Ласгæ уал уыдон, иннæтге дæр цæттæ уыдзысты (Бацæуы.) Ахæм мæнæу ла- сынц ахæм!.. Ставд нæмыг, раст сызгъæрин фæрдгуы- тау... Муради. Бæллæх нæу, уыйбæрц мæнæуæн къу- тутæ дæр кæм сфаг уыдзысты. М а р и. Ахæм бæллæхтæ ныл алаз дæр куы цæуид. • Му р ади. Дæуæп циу, «Сызгъæрин фæрдыг!» Фæ- лæ мæнæн та сæрниз. М а р и. Уый цытæ дзурыс уый, Муради? Муради (стъолмæ бауайы æмæ тагъд-тагъд цы- дæртæ фыссы). Гъе уый дзурын æмæ йæ кæм ныккæ- нæм, уый нал ис. (Фыссы. Æрбайхъуыш та маишнæ- йы уынæр.) Ш о ф ы р ы х ъ æ л æ с. Эн, къæбицы хицау! Мæ- нæу кæм ныччындæуа, уый нал ис, къутутæ байдзаг сты! Му р а ди. Хъусыс, Мари? Уый та дын сызгъæрцн фæрдгуытæ! Ныр сæ кæм ныччындæуа. (Скатай.) Цон хъæумæ æмæ та клубы хицауæн ныллæхстæ кæнон, кæд уал ньтп сæ клубы иыккæнын бауадзид. П Пьесæтæ 161
М а р и. Дургæнæн заводы разæй уал къутутæ æмæ гонтæ аразын хъуыди. Муради. Уый мæнæн зæгъыс? Æмæ дзы æз та цалæм дæн. Дæ критикæимæ байрæджы кодтай, æз сæрдар иæ дæн. (Кулисты фæстейæ та æрбайхъуысы). X ъ æ л æ с. Гъей, къæбицы хицау! Мард дæ æви а^гас дæ? Мæн не ’вдæлы дæумæ æнхъæлмæ кæсьшмæ. Муради. Цæуыл æрдиаг скъæрыс! Хъусын дæ! Хъæлæс. Салам афтæ загъта мард у, æгас у уæддæр, дам, æй хъæумæ æрбахæццæ кæн æмæ, дам, мæнæуы гонтæ куы нæ ссара, уæд, дам, ын сæ йæхи хæдзары ныккæнут. Муради. Цы, цы? Мæ хæдзары?! (Фæцæуы ма- шинæмæ. Цæугæ-цæуын.) Мари, чи ма дзы аззад, уы- иы голджытæ æрбиноныг кæн, æз цæуон, кæннод мын мæ хæдзарæй къуту скæндзысты. (Ацæуы.) М а р и (йæ фæдыл). Дæ хæдзары уыйас хор куы уа, уæд дын зиан у? Кæд ма дзы мæнмæ дæр чындз- æхсæвы фаг æрхауид. М у р а д и (æддейæ). Цалынмæ дæ чындзæхсæвмæ æнхъæлмæ кæсон, уæдмæ мын хистхортæ мæхи хист бахæрдзысты. Мари. (хъæрæй). Емынæ бахæрæнт! (Кæрты ма цы голджытæ уыди, уыдон æмбырд кæны, æмæ сæ ахæссы). Бацæуы хæрзарæз’тæй Сæуджен. Фæйнæрдæм акæстытæ кæны. Йæ фæдыл йæ аууонау зилы Гуга, хилдасæн дзаумæттæ йæ къухы, афтæмæй. Гуга. Цæй-ма, Сæуджеи, æрдас мæ. Сæуджен. Æрра сдæ ^æви дæ сайгæ фæчынди)? Ам кæйдæр станы лалым дасæгау дæу хыртт-хыртт кæ- 162
ныныл сбадон! М’аууонау мæ фæдыл ма зил. Ам адæм рауай-бауай кæнынц... Гу г а. Æмæ дæ адæм цы хъыгдарынц? Æрдас мæ, цæй. Гъа, мæнæ дын сапон æмæ кист, ай та дын сæр- дасæн. Доп та мæиæ боцкъайы. С æуджен (цæхгæр æм фæзилы). Æри! Мæ хæй- рæджы хайау мыл бафтыдтæ. Цы ’хсызгонæн дæ ба- хъуыдн афтæ тагъд дасыи? Гуга. Уæдæ куыд? Хъæумæ бауадаин мæхи да- сынмæ, фæлæ мæ ларек кæмæн ныууадзон. Афтæ хъуынджынæй... Маймулиау æнæдастæй мæ куы фена Мæдинæт, уæд мып нæ бакомдзæн. Сæуджен. Мæдинæт дæуæн бакома, уый мæ тынг нал фæнды. Дæ сæр дасинаг дæ? Гуга. Ай-гъай, булкъдаст мæ æркæн, æрмæст ма мыл рихитæ фæуадз, иннæ хъуынтæ иууылдæр — да- лой. Сæуджен (сфынк ын кæны йæ сæр). Къамбецы сæры йас, ай даст кæд фæуыдзынæн. Гъы-гъы, хъуыд- дæгтæ куыд цæуынц, уый мын бæлвырдæй нæ загъ- тай, рувасы къæдзилау радав-бадав жæныс дæ хъуы- дытæ. (Дасы.) Хабар куыд у, уый ма мын бамбарын кæн. Дæ сæр Боппийы бæхы ратил-батил ма кæн! Гу га. Фæлæуу-ма, къæбутырдыгæй мæ цæмæн да- сыс? С æ у д ж е н. Уæдæ кæцырдыгæй? Гуга. Сæр-иу астæуæй райдайынц дасын, уый нæ зоныс? Сæуджен. Зонын æй, фæлæ дыи дзы астæуæй ницы’ис. Гу г а. Куыд ницы дзы ис? Сæуджен. Ницы куыд вæййы, асртæ. Мæнæ дзы 163
иугай хъуынтæ ис æмæ сæ уый фæстæ къухæй стон- дзынæн. Фæлæ дæ æз хъуыддагæй фæрсын. Цы зæ- гъы? Гуга. Æз, дам, ын куы радтон дзуапп. Сæуджен. Цавæр дзуапп? (Дасы.) Г у г а. Нал æй хъуыды >кæныс? Гъей, сæрдасæныл æгæр тынг ма хæц дæлæмæ. Нал æй, зæгъын, хъуыды кæиыс? Æхсæрфарсы гæрах. С æу д /ке и. Гъей, уый кой мауал кæн. Æз ын уы- цы æхсæрфарсы цæфмæ ахæм фыдæмбисонды митæ бакæндзынæн, ахæм... Гуга. Ай-гъай, ахæм æхсæрфарсы гæрах... Сæуджен. Мауал æй кой кæн дын нæ загътол. Гуга. Сæрдасæн æгæр ма ’лхъив. Рихимæ ма ’внал. Æз сфæнд кодтон Мæдинæтæй дæ маст райсын. С æ у д ж е н. Гъы, гъы, æмæ куыд? Гуга. Æмæ йæ мæхицæн курын... Аллах,.. Мæ хъус!.. Сæуджен (йæ рихийыл ын хæцы, афтæмæй йын йæ цæсгоммæ кæсы). Куыдзы мыггаг, уайтагъд дæр дыл мæ зæрдæ къæпп кодта! Гуга. Суадз рихи! (Йæхи атоны.) Сæуджен. Афтæмæй мын йæхи дасын кæны! Уæдæ сæм дыууæ хатты уый тыххæй басхъæл дæ?! Г у г а (йæ сæры иу фахс даст, иннæ сапонæй дзаг, рихи размæ нысхъæл). Бирæгъы схъиудтытæ цы кæ- ныс? Дзуапп дын радта чызг, цы ма дæ хъæуы? Ахæм гæрахы фæстæ... С æ у д ж е н (сæрдасæнимæ йæм фæцæуы æртхъи- рæн кæнгæ). Уæддæр та гæрах! (Гуга фæстæмæ йæхи ласы.) Æз дæиæл гогызы æргæвст скæндзынæп, куы- дзы мыггаг! 164
Гуг а. Сæрдасæп боцкъайыл æрæвæр! Сæуджен. Æргæвдгæ дæ кæнын, æргæвдгæ!.. Гуга. Кролик æргæвдæгау... Мæ фыдгул мæнмæ йæ къух сиса... æрæвæр сæдасæн! С æ у д ж е и (базывытт ласы сæрдасæн). Гъа, цъаммар куыдзы мыггаг! Гуга. Куыдзы номæй мæм ма дзур, хъилбазыр халон! С æ у д ж е н. Фæлæуу! Уыцы чызгмæ ма кæсгæ дæр куы бакæнай, уæд дын æз дæ сæр дæ дуканийы тæр- хæгыл авæрдзынæн. (Фæцæуы.) Гуг а (йæ фæдыл). Нæ ’чындзæхсæвмæ дæм хопæг куы нæ уа, уæд-иу хæддзуйæ рацу. Сæлавыр! (Иæсæр асгары, кæсы айдæнмæ ) Ай мардæрцыд æмæ стыр фыды гæрах нæу. Сагкаты хæйрæгау мæ сæрдасæн- дзæф фæкодта æмæ мæ ныууагъта. Худинаг^ сæфты худинаг! (Бауайы Муради лæф-лæф кæнгæ.) Муради, мæрдты дып донласæн бæхæй фæцæудзынæн, æрдас мæ. М у р а д и. Æрра фæдæ, æз мæнæ мæ къухтæм дæр ма æмхасæнтæ кæнын. Гуга. Ау, лæджы ’зын фадатæй никуы фервæзын кодтай? М у р а д и. Цавæр зын уавæры дæ? (Бацæуы стъолмæ æмæ тагъд-тагъдæй цыдæртæ фыссы.) Гуга (амоны йæ сæрмæ). Кæсыс, æрдæг дастæп мæ ныууагъдæуыди, амæлæты худииаг... М у р а д и (скæсы йæм йе ’рфгуыты бынæй æмæ худы). Æллæх, æллæх, уый дын цы бачынди, уый?! Г у г а. Хæрæджы зæвæтæй йæ хуыцау амарæд... Гъæй, Муради, дæ хорзæхæй æрдас мæ... М у р а д и. Нæ мæ ’вдæлы дын куы загътон. 165
Гу г а. Мæрдты дын донласæн бæхæй фæцæуыдзы- нæн... Муради. Мæрдты мæн дон ницæмæн хъæуы, дæлæ уæлæуыл боцкъаты дон нал ис? (Æдде хъуысы шофыры хъæлæс.) Хъæлæс. Гъей, Муради, дæумæ кæсын, тагъд! Муради. Хъусыс? Не ’вдæлы. Цалынмæ дæ сæр дасон, уаедмæ мæхи сæр арауипагфæуыдзæни. (Тагъд- тагъд ацæуы.) Гу г а.Муради! Фæлæуу!.. (Йæ фæдыл фæцæйуайы, фæлæ цæхгæр фæзилы фæстæмæ æмæ йæ сæр амбæр- зы йæ фындзы кæлмæрзæнæй, боцкъайы аууонæй кæсы.) Вано (бауайы тагъд, фæдисау). Басыгътæн, ба- сауæвзалы дæн! Дон! Судзын! Дойныйæ мæ гæккуыри схауы! (Боцкъайыл йæхи ныццæвы.) Мæдинæт (бауайы йæ фæдыл). Цы фæдæ, Ва- но, дæмашииæ пæр-пæр кæнгæ куы ныууагътай. (Вано йæ сæрыл рафæлдахы доны ведра.) Вано. Ох! Фервæзтæн! Мæдинæт. Машинæ лæууын ма уадз. (Ауыны Гугайы, мидбылты бахуды æмæ бацæуы уатмæ.) В ано. Тæхын, тæхын! (Ацæуынмæ хъавы. Боцкъа- йы иннæ фæрсты йæ размæ фæвæййы Гуга æмæ йæ сæрæй фелвасы йæ кæлмæрзæн.). Гуга. Уыныс? (Боцкъайы фæстæмæ йæ ласы.) В а но (джихæй йæм кæсы). Дæлимон дæ æви уæ- лимон <дæ? Гуга. Вано, мæ ингæнмæ ныккæс, ацы худииа- джы уавæрæй мæ куы нæ фелвасай. В а н о. Цы кодтай, цы Гуга, дæ сæры фахс дыи чи ныффу ласта? 166
Гуга. Авд дæлдзæхы фæуæд... Цæй-ма, Вано, фервæзын мæ кæн. Дæ хорздзинад дын нæ ферох кæн- дзынæн. Магазинмæ-иу чъылдымты дуарыл æрбауай æмæ дып æз товарты хуыздæртæ дæ фыццаг скæндзы- иæн. Гъай дын сæрдасæн, æрдас мæ. В а н о. Дæ товартæ æмæ дæ чъылдыммæ дуарæй бузныг, æз чъылдыммæ дуæрттыл цæуын ахуыр нæ дæн. Æрдаоин дæ, фæлæ мæ не ’вдæлы. (Цæуынмæ хъавы.) Гуга. Ау, лæгæн тæригъæд дæр нæ кæныс. Æз лæг куы дæн. Вано. Тæригъæддаг дæ бæргæ... Цæй, уæд та. (Райсы сæрдасæн.) Гуга. У-у, мæ сæры кæхц дын цæхдоны къопп фестæд. (Йæ сæр æрфистæг кæны æмæ бандоныл æр~ бады.) Мæдинæт (рудзынгæй ракæсы). Вано, ам ма дæ? (Гуга фестъæлфы æмæ та йæ сæр амбæрзы. Вано баппары сæрдасæн’) Вано. Нæ дын загътон нæ мæ ’вдæлы, зæгъгæ. (Фæцæуы.) Гу га(сусæгæй дзурæгау). Тагъд дæ нæ февдæл- дзæн? Вано (цæугæ-цæуын). Цæуылнæ. Мæнæутæ æфс- найд куыддæр фæуæм, афтæ дæ æрдасдзынæн. (Ацæ~ уы.) Г у г а. Зындоны цъассы бахаудтæн. Мæдинæт мæ афтæ дзæгъындзæг хъулон дастæй куы фена, уæд мын нал бакомдзæн. Уари (бацæуы хъæр кæнгæ). Гъей, дыккаг бри- гад! Цц фестут? 167
Мæдинæ т (рудзынгæй та ракæсы). Цæуыл хъæр кæныс, Уари? Ма мæ хъыгдар сводкæ фыссын. У а р и. А-гъа, мæнæ куы дæ, мæнæ. Не ’хсырфытæ цы фесты? М æди и æт. Цавæр æхсырфытæ? У а р и. Къæдз æхсырфытæ. Мæдинæт. Æмæ ам цы ми кæнынц уæ къæдз æхсырфытæ? У а р \у. Цай цымынмæ æрбацыдысты. Цыма ницы зоны. Мæдинæт. Хынджылæг ма кæн, мæн не ’вдæлы. У а р и. Мæн дæр не ’вдæлы æмæ уымæн хъæр кæ- ьын. Замманайы æхсырфытæ, сæрдасæны хуызæнсæ сцыргъ кодтон æмæ сæ Муради рахаста: Мæдинæт. Уый сæ, æвæццæгæн, рæдыдæй ра- хаста. Уæртæ нæхиоптæ дæр цыргъ сты, ахæсс сæ. Уæв- гæ уæ цæмæн хъæуынц? У ар и. Сымах цæмæн хъæуынц, мах дæр уымæн — нæ дæлвæзы мæнæутæ куыд ныккалдысты, уый фед- тай? Комбайн сæм нæ арæхсы, æхсырфæй сæ кæрдæм. Мæдинæт. О, хæдæгай, æмæ мæнæ нæхи æхсыр- фытæ ахæсдзынæ. Уый ,х6рз, фæлæ ма... (Йæ хъусы йын дзуры.). У а р и. Ау? Æмæ йын чи бакодта ахæм ми? Мæдинæт (сабырæй). Нæ зонын, æз æй афтæ- мæй æрбаййæфтон. (Бацæуы.) Уари (хъæрæй.) Цымæ Гугайы дукапийы была- мыхъ уæййаг нал ис? Гуга (боцкъайы сæрты акæсы). Гъей, Уари, мæ ирвæзынгæнæг. Ардæм ма рауай. У а р и (кæсы йæм). Чи дæ, чи? Гуга. Гуга дæн, нал мæ зоныс? 168
Уари. Уæу, мæнæ ма кæдæй-уæдæй Гугайы фед- топ. Æмæ боцкъайы чъылдыммæ цæмæн лæууыс? Æд- дæмæ рацу. Г у г а. Нæй мын цæуæн. Мæпæ мæ цы хуызæттæ бакодтой, уый уыныс? Худинаг у Мæдинæтæй. Дæ мæрдтæ æмæ де ’гæсты хатыр бакæн, фæтæригъæд мын кæн æмæ мæ æрдас. Бирæ даоииаг дзы нал ис, кæсыс мæнæ. (Фелвасы та кæлмæрзæн æмæ йе ’рдæг даст сæр æвдисы Уаримæ.) Уари. Аллах, аллах, аллах! Уый пог модæйы чупп ма уæд? Æххæст ма дæ иу рихи дæр æрдас æмæ дис- саджы модæ. Гуга. Цæп-ма, хыпджылæг ма скъæр. Æрдас мæ. У а р и. Нæ мæ ’вдæлы. Гуга. Ау, лæджы лæгыл иал пымайыс? У а р и. Уæууа, Гуга, уый та куыд загътай. Сбад. Гуга. У-у, мæ сæры кæхц дын цæхдоны къус фе- ста. Гъа, ай дын сæрдасæи, мæнæ иннæ дзаумæттæ, доп — боцкъайы. (Йæхæдæг æрбады æмæ йæхи æр- цæтгæ кæны.) У а р и (сæрдасæн адау-адау кæны). Дæ кæцы сæ- ры кæхц мыи нæ бахæлæг кæнис, лæгуын æви хъуын- джып? Гъæй, дæ сæр ма ратил-батил кæп, сусæны бæхау. Гуга. Быидзытæ асур, хæрыпц мæ. У а р и (йæ сæр ын сфынк кæны, йæ цæсгом ын залырдæм саразы). Афтæ кæс, гъе, (Сæрдасæн æрæ- вæры, æнцадгай ахъуызы æмæ алидзы.) Гуга. Уæллæгъи-бæллæгъи, Уари, æз дып ацы хорздзинад ни’куы ферох кæпдзынæн. Магазинмæ ма- иу рацу ныртæккæ, æз дын шампаиский ныххырхып 169
кæнон. Уыцы хъилбазыр халонæн та æз цытæ бакæн- дзынæн... Цæй-ма. Уари, кæдæй йæ дауыс? Фæ- аæмæ ракæсы, джихæй аззайы æмæ фесты. Уарийы фæдыл згъорынмæ хъавы. Фæлæ Мæдинæт рудзынгæй радзуры.) Мæдинæт. Гуга, ам ,ма дæ? Ныртæккæ адæм сихор хæрынмæ æрбацæудзысты (йæ худæг тыххæй уромы.) æмæ дæуæн та дæ дукани — æхгæд. Бæгæны- тæ йедтæ сын сцæттæ кодтаис. Гуга фестъæлфы. Исдугмæ джихæй аззайы, стæй тагъд йæ сæр æмбæрзы кæлмæрзæнæй æмæ къæлæсптæ кæпгæ йæ æнæдаст сæры фахс Мæдинæты ’рдæм, афтæмæй тыргъы цæджындзы ау- уонмæ бацæуы. Гуга. Табуафси, Мæдинæт, ды цы зæгъай æмæ æз цы нæ бакæндзынæн. Донæй, бæгæныйæ, халвайæ. Дæхæдæг куыннæ æрбауадтæ мæ дуканимæ. М æ д и н æ т. Æмæ дзы куы ницы ис дæ дуканийы. Гуга. Дæуæн дзы алцы дæр уыдзæни. М æ д и н æ т. Иннæтæн дзы цы нæ ис, уы,й мæн дæр нæ хъæуы. Гуга. Иннæтæн? Иннæтæ зæрдæмæ афтæ хæстæг нæ цæуынц... М æ д и н æ т. Цу, цу, Гуга. Г у г а. Хорз, хорз, мæ бæлон. (Фæстæрдæм фæ- цæуы.) Мæдинæт (ныххуды). Цæствæлдахæг! (Бацæуы Тугъан.) Тугъан. А-гъа, байрйай, бæсты рæсугъд Мæди- нæт! 170
М æ д и н æ т. Æгас цу, Тугъан. Т у г ъ а н. Салам ам нæма уыди? Мæ д ин æ т. Нæма. Тугъан. Куы ’рбацæуа, уæд мæ-иу ссарæд. Æз дæлæ комбайныл чи кусы, уыдонмæ цæуын. (Мари голджытæ рахæссы.) А, Мари, уæ голджытæ рæвдз сты? М а р и. О, ам чи уыди, уыдон арæвдз кодтам. Тугъ ан. Æмæ сæ чи бахæццæ кæндзæн хъæумæ? М а р и. Æз сæ бахæццæ кæндзынæн. Фæлæ цыма адон дæр фаг нæ уыдзысты. Тугъан. Ног голджытæ дæр ма дзы ис. Цæугæ уæдæ. Дæлæ мæнæуласджытимæ машинæйы абад æмæ сихормæ фæстæмæ æрбахæццæ уыдзынæ. (Мари голлаг йе ’ккой акæны æмæ фæуайы.) О, хæдæгай, зæгъ-иу уым æмæ Лескаиты мæнæу сыгъдæг кæныныл бафтауой, паддзахадæн сыгъдæг мæнæу ласын хъæуы. (Ацæуы.) Мæдинæт (йæ гæххæттытимæ стъолы цур æр- бады æмæ фыссы). Быдыры кусын æнцондæр у ацы сводкæтæ фыссынæй. (Хъуысы машинæйы уынæр. Ба- цæуы Салам. Йæ хæд фæдыл уыцы тыхст хуызæй ба- уайы Зауырбег.) С а л а м. Байрйат, цæргæстæ! Мæдинæт. Æгас цу, Салам. Æгас цу, Зауырбег, ды дæр. Дзургæ дæр мæм куынæ уал кæныс? 3 а у ы р б е г. Бахатыр кæн, Мæдинæт, нæ дæ фæ- хъуыды кодтон. Салам, а фæстаг бонты дæ нал æмба- рын, де ’ргом иууылдæр дьжкаг бригадмæ сарæзтай. С а л а м. Цæмæй уæддæр? 3 а уыр б ег. Цæмаен радтай фыццаг комбайн уы- донæн? 171
С а л а м. Æмæ йæ сымахæн куЫ раттаин, уæд уЫ- дон пæ загъд кодтаиккой? 3 ауырбег. Фæуæд афтæ, фæлæ дон та? Цæмæи ауадзып кодтан дон уыдоп зæхмæ? Салам. Зауырбег... Уым машинæтæ æд мæнæу дæумæ лæууыпц, ды ам доп-дои кæныс... 3 а у ы р б е г. Нæ, нæ, æз дæ фæрсгæ кæнын. Цæ- мæн ауадзын кодтай доп уыдон зæхмæ? Салам. Сымах зæхх уал апызта иучысыл доп. Зауырбег. Цы апызта? Йæ уæлцъар дæр куы пæма æрумæл ис, афтæмæй йæ куы аскъæрдтой. С а л а м. Дои дыууæ бригады зæххы фаг нæу æмæ дыууæтæ дæр фесæфдзысты. Фæлтау дзы иу хай уæд- дæр фервæзын кæпæм. Цалынмæ хуыскъ адагыл доп рацæуа, уæдмæ, стæй уæд не ’ппæт хуымты фаг дæр уыдзæни. Зауырбег. Ацы сау зæххы стæн, Салам, ницы- уал дын æмбарын, де ’ргом иууылдæр уыдонырдæм аздæхтай, уыдонæп алцы дæр, махæн — ницы. Ахæм хъулон митæ... С а л а м. Хъулон митæ? Дæ фыпы сæ федтай æви мын,.дæумæ гæсгæ, мæ зæрдæ алхæдтой сæ рæсугъд- дзинадæй? Уæдæ дæ æндæр мæт ма уæд, æз усгур нал дæн, стæй Мæдинæт дæр, æнхъæлдæн, æндæр хъæумæ цæуы чындзы... Зауырбег (цавддурау сагъдæй аззад). Æцæг?.. (Бынтон æнкъардæй.) Гъемæ амондджын уæд... (Цæх- сæр фæзилы æмæ разгъоры. Мæдинæт рауайы йæ фæ- дыл.) Мæдипæт. Зауырбег. Зауырбег! (Æдде æрбай- хъуысы бæхты къæхты хъæр æмæ тачанкæйы гыбар- гыбур.) 172
С а л а м. Диссаг, дпссаг. Мæдппæт (баздæхы). Кæсгæ дæр пал фæкодта.., С ал а-м. Æрра фæцис æви... М æ д п н æ т. Ды дæр цы фæзæгъыс, ууыл нæ ахъуыды кæныс!.. С а л а|м. Ома? Мæдинæт. Цæй чындзы цæуыны койт’æ кæныс? (Тыхстæй бауайы уатмæ. Салам исдугмæ аззайы джи~ хæй, стæй фæцæйуайы кæрты дуарыл. Тæккæ дуарыл хæрхæмбæлд фæвæййы Тугъаныл.) Тугъан. Кæдæм? С а л а м (Зауырбедоюы фæдыл). Цыдæр кæны уы- цы лæппу. Æз ам йе.мæ ныхæсгæ кодтон, стæй йыл Мæдинæт моймæ цæуы, зæгъгæ, ской кодтон æмæ фа- тау ратахти. Т у г ъ а н. Ау, цæмæн? Сал ам. Æмæ гъа. Йæ маст калы мæныл, Мæди- нæтыл. Тугъан. Æ’мæ цæуыл мæсты кæны, ууыл нæ ахъуыды кодтай? Салам. Уыдæттæм мæ не ’вдæлы, рæстæг нæй. Тугъан. Ссарын хъæуы уыдæттыл ахъуыды кæ- нынæн дæр рæстæг. Зауырбег æмæ Мæдинæт нæ кол- хозонты хуыздæртæй сты. Уыдон кæрæдзи уарзынц. Дыууæ уарзоны та хаттæй-хатт кæрæдзи нæ фемба- рынц æмæ сыи сæ кæрæдзи бамбарынæн баххуыс кæ- нын хъæуы. С а л а м. Уарзæтты хабæрттæм мах ницы хъуыд- даг ’ис, мах хоры куыст кæнын хъæуы. Тугъан. Рæдийыс, Салам. Хор дæр адæмæн у. Хоры куыст кæнын ие ’ппæты хæс у. Фæлæ ма ныл уы- мæй дарддæр ис стыр хæстæ: нæ адæммæ дзæбæх 173
дзыхæй дзурын, дзæбæх цæст дарын. Чи кæй уарзы’, чи кæй æмæ цæй тыххæй нæ уарзы, уыдæттæ хъуамæ зонай, Салам. Гъер мæнæ Зауырбег уарзы Мæдинæ- ты... С а л а м. Æмæ йæ Мæдинæт дæр уарзы? Тугъан. Мæнмæ гæсгæ уарзы. Сæ кæрæдзи ак- каг сты? Сты. Хорз бинонтæ уыдзысты? Уыдзысты. Гъемæ сын баххуыс кæнын хъæуы кæрæдзи бамбары- нæн, ды та сæ кæрæдзиуыл ардауыс. С а л а м. Мæнмæ гæсгæ уыдон доны тыххæй бы- цæу кæнынц. Тугъан. Доны тыххæй та дын цы зæгъын, уый зоныс, раст нæ кæныс. Дыууæ бригады сæ тæккæ еры- сыл сты, сæ дыууæтæп дæр хъуамæ æмхуызон фадæт- тæ уа, ды та дзы иутæн сарæзтай хуыздæр фадæттæ, дон ауагътай иу бригады зæхмæ, иннæмæн та? Салам. Омæ дыууæ бригады зæххыты фаг нæу, иу бригады хуымтæ дзы уаеддæр фервæзын кæнæм. Т у г ъ а н (мæстыгэмауæй). Доны хъуыддаджы бынтон хæлиудзыхæй баззадыстут. Ныр фынддæс азы дæ колхозы сæрдар æмæ афонмæ мин километры къанаутæ скъахтаиккат. Нæ йæ зонут алаз хуымтæ дон хъуагæй фесæфынц, уый? Цы хуыздæрыл ма куыстат? Ныртæккæ дæр уазал цæстæнгас дарыс уæр- тæ къанауы куыстмæ. Цæуылнæ рарвитыс, хъæуы ма йæ фæрстæ хурмæ чи дары, уыдон. Салам. Æмæ ма дзы чи ис? Иууылдæр быдыры пе ’сты? Тугъан. Ис ма дзы. Рарвит сæ иууылдæр. Эк- скаватортæ сæ куыст фесты, сæ фæетæ къанау белтæй расыгъдæг кæнын хъæуы. Ныр та афтæ бакæн, æмæ 174
дон ауадзын кæн Зауырбеджы бригады зæхмæ... С а л а м. Омæ... Тугъан. Дзæгъæл «омæтæ» мауал кæн. Баныхас кодтам? С а л а м. Фæуæд афтæ, фæлæ... Тугъан. Хоры аууонæй дæм адæймаг нæ зыны. Колхозы хæдзарадмæ арæхсыс, фæлæ адæймæгты зæрдæйы ахаст нал уыныс. Быдырмæ цæуын æз. Цæ- уыс? Салам. Цæуып. (Ацæуынц.) Бацæуы Хабос. Мытыл йæ хæд фæдыл. Куы йæ разæй фæвæййы, / куы йæ фæстæ аззайы. X а б о с. Ныууадз, лæгуын рувас! Уæд мæм Сæу- дженæн минæвар уыдтæ, ныр та мын Гуга, Гуга кæ- ныс. Мытыл. Омæ мæм байхъус, байхъус, кæд мæ дзыхæй Гугаимæ сызгъæринтæ схаудзæн, уæд та. Хабос (хъазæн ныхас кæнгæйæ). Дæ дзыхæй сызгъæринтæ? Уæлдайдæр Гугаимæ? Мытыл. Æмæ цы, Гуга магазины директор нæу цы! Мугæйы цъар æнхъæл ын дæ? Сызгъæринтæ ма... Хабос. Уæ ныууадз мæ, дæ хæдзар фехæла, цы мыл ныичъи дæ. (Ракæс-бакæс кæны.) М ы т ы л. Ау," магазины хицау сиахс дæ нæ хъæуы? X а б о с. Магазин! Цавæр магазиц? Гъæй, Мытыл, мауал мæ мæеты кæн. Ам дын мæ хæдзар нæу, мæ уа- зæг нæ дæ... Мытыл. Омæ мæ дæ хæдзармæ дæр нал уадзыс. Хъусыс, Хабос, аскъæфдзæн дын дæ чызджы. X а б о с. Цы? (Фæстæмæ йæм фæзилы.) Дунейы фарн уæ ууыл куы сбæидæн кæнид. (Райсы сагой.) 175
Хъусыс, Мытыл? Цалынмæ дыл ацы сагойæ не ’рцыд- тæн, уæдмæ цæугæ æмæ мауал зил мæ фæдыл. (Иуæй йæм мæсты кæны, иннæмæй йæм худын цæуы.) Мытыл. Уæллæгъи-биллæгъи ард хордта, сомы кодта, æз, дам, мæ цард мæхицæн адджын нал скæн- дзынæн. Хабос (сагоимæ йæм фæцæуы). Нал банцайдзы- нæ? Мытыл (дуарæрдæм йæхи ласгæйæ). Æрра фæ- дæ, Хабос? Ахæм мæстыгæрæй дæ куы нæ зыдтон. (Ацæуы.) X а б о с (йæ фæдыл цæугæйæ.) Лæгуын рувас! (Ацæуы. Дзæнгæрæдо/сы зæлланг. Кэертмæ цæуынц колхозонтæ иугай-дыгай, бæласыл ауыгъд хихсæны сæхи æхсынц.) 1 колхозоп (йæ къухтæ сæрфгæйæ). Ахæм ма дзы мæнæу иыккæлгæ уыдзæни. М а й р æ м. Дæлвæзы зæхх афтæ кæны. Бацæуынц Салам æмæ Тугъан. Т у г ъ а н. Цы фестут цæргæстæ! Рацæуы Мæдииæт дæр уатæй йæхн сæрфгæ. М а й р æ м. Мæнæ, мæнæ, Тугъан. Дæс æмæ ссæдзгай цептпертæ гектарæй. Н и н æ. Амбæхстай дзы, Майрæм, иуæпдæс æмæ ссæдзгай центиертæ дæр дзы ис. Мæпæ, мæнæ, нæ ге- рой æрбацæуы. (Бацæуы комбайнер Барис. Иемæ дыууæ-æртæ колхозоны.) Д76
Барис (фæлладхуыз, рыгæйдзæгтæй). Байрйат! М а й р æ м. О, Барис, уæртæ дæхи ахс. М а р и. ^ Кæннод дæ нал базондзæн дæ уарзои, Н и н æ. ) нæ хæрзад хойраггæнæг. Б а р и с (боцкъамæ кæсы). Марадз-ма, Майрæм, ацы боцкъа мыл рафæлдах. М а й р æ м. Боцкъа дæ аласдзæн, гъа, дæхи æрæхс. (Всдрайы дзаг дон ын йæ сæрыл аскъхры.) Б а р и с. Гъе-гъе, мæ хур акæи! Фу-у, цыма Тер- кæй рагæпп ластон. М æ д и п æ т. Æгас пæм цу, Барис. Б а р и с (йæ хуылыдз сæр æууæрдгæ). Чи дæ, чи? Нæ дæ уыпын. (Йæ цæсгом сæрфы йæ къухтæй. Мæ- динæт йе уæхскæй фелвасы хисæрфæн æмæ йæм æй дæтты.) М æ д и н æ т. Гъа, мæнæ дын хисæрфæн. Б а р и с. Æмæ ахæм рæсугъд чызджы сыгъдæг хи- сæрфæп æвгъау нæу чъизи цæсгом сæрфынæн? М æ д и п æ т. Дæ цæсгомы хуызæн сыгъдæг цæс- гæмггæ фылдæр куы уаид. Т у г ъ а п. Гъы, зонды къуыбар, куыд та йæ ацахс- тл. Тыиг раст зæгъыс, Мæдинæт, сыгъдæг цæсгом лæп- пу у Барис. Æрмæст ма йын йæхи хуызæн чызг куы ссариккат. М æ д и н æ т. Йæхæдæг æй ссардзæн. Цомут, Ту- гъап, Салам, иемæ сихор бахæрут. (Колхозонтæ стъол- ты фарсмæ бадынц). Цом, Барис, ды дæр. Б а р и с. Бузныг, Мæдинæт. С а л а м. Уазæгæн хъуамæ æвзаргæ фынг саразат. Тугъаи. Ай-гъай, Барис кусарт аккаг у. Мæдипæт. Нс пæм кусарт дæр. Цом Тугъап, 12 Пьесæтæ 177
(Мæдинæт, Салам, Тугъан, Барис бацæуынц уатмæ. Колхозонтæ бадынц æмæ хæрынц. Æдде æрбайхъуысы Гугайы хъæр). Гуг а (аууонæй). Гъей, хæстæгдæр ратæр уæрдон, ардыгæй уырдæм асыччытæ хæссынæй мæ тъанг ас- къуыйдзæн! (Кæрты цурты фæхæссы æвгты асыкк). М а й р æ м. Гъей, Гуга, уый бæгæны хæссыс? Гуга. О. Замманайы уазал бæгæны. М а й р æ м. Стоп ^æдæ! (Разгъоры, йæ фæдыл ра- уайынц иннæ лæппутæ дæр æмæ асыкк сæ быны æрæ- вæрынц). Гуга. Гъей, хæлæф у! Фæлæуу,Майрæм, цал дзы фæхæссыс? М а йр æм. Цыппар. Афысс сæ. (Гуга фыссы, чи цал авджы хæссы, уый). Замманайы уазал бæгæны. (Æвæры стъолыл.) Ацы авг та нæ фынгæйгбахæссæм Барисæн нæ нуазæн. М а р и. Мæ нуазæн дæр. Пууылдæр (хор-хор кæнынц «мæ нуазæн дæр», «мæ нуазæн дæр»). Майрæм. Æриут сæ. (Цалдæр авджы йæ къух- ты, афтæмæй фæцæуы.) М а р и. Не ’ппæты номæй ныи йæ хорз куыстытых- хæй арфæтæ ракæн, стæй... Н и н æ. Стæй-иу ын, зæгъ, Марийы зæрдæ нып, зæгъ, фæстæмæ ратт, науæд та нын, зæгъ, йæхи дæр ахæтс. Майрæм (фæстæмæ ракæсы). Дæхи зæрдæ ни- куыцæй хæссинагу? (Бацæуы). Н и н æ. Нæ, <мæхи зæрдæ мæхимæ ис. М а р и. Æмæ дæ уæдæ мæ зæрдæйы хицау чи скодта? 17$
Æрбацæуынц Уари æмæ Сафи, сæ къухты бæгæныйы æвгтæ. У и р и. Фарн уæ бадты, нæ хæлар «знæгтæ». Иууылдæр. О, æгас нæм цæуат, «не ’знаг» хæ- лæрттæ! У а [. и. Фыццаг бригад уыы æрвиты йæ нуазæнтæ, сымах уæлахиз хæссæг стут, уæхимæ уын’-фенхъæлмæ кастыстæм æмæ ницы сарæхстыстут, нæ уæм разынди уæздаидзинад æмæ та уын уæддæр нæхæдæг кад кæ- нæм. М а р и. Уæ иуазæнтæ бирæ уæнт æмæ нæм æгас цæуг фыццаг бригады минæвæрттæ! (Райхъуысы бæ- ласыл ауыгъд репродукторы уынæр, стæй дыкторы хъæлæс.) Иууылдæр. С-с-с, сабыр! (Рацæуынц Тугъан, Салам, Мæдынæт æмæ Барыс дæр). Дикторы хъæлæс. Байхъусут, байхъусут. Дзуры Къостайы номыл колхозы радиоузел. Хъусын кæнæм боны æрдæджы куысты итогтæ. Райсомæй си- хормæ Зауырбеджы бригад комбайнæй бафснайдта мæпæу иуæндæс гектары. Алы гектарæй дæр сызгъæ- рип фæрдыджы хуызæн мæнæу æрцыди дыууадæс æмæ ссæдзгай, æртындæс æмæ ссæдзгай центнертæ. Комбайпер Дзараты Садуллæ. Бригад дæлвæзы мæ- пæутæй къухæй æркарста æртæ гектары. У а р и. Фехъуыстат?! Т у г ъ а п. Сабыр дæ хос, Уари. Дикторы хъæлæс. Уыцы рæстæгмæ Мæдинæ- ты бригад комбайнæй бафснайдта фараст гектары æмæ æрдæг, алы гектарæй дæр мæнæу най кæнынц дыууадæс æмæ ссæдзгай центнертæ. Комбайнер Ба- рис. Чи ныккалди, уыцы мæнæуæй æхсырфытæй æр- 179
карстой дыууæ гектары. Райсомæй спхоры куыстма* гæсгæ разæй цæуы Зауырбеджы бригад. (Иууылдæр исдугмæ джихæй баззадысты). М у р а д и. Гъе уый дын гъе! М а р и. Гъе уый дыи Зауырбеджы ахаст, гъе! У а р и. Цæй уæлахизхæсджытæ! Æртындæс æмæ ’ ссæдз центнеры гектарæй! Раййафут нæ ныр, хæдтæ- хæгыл сОадут! М æ д и н æ т. Æмбæлттæ!(Иууылдæр иыхъхъус сты.) Фыццаг бригадæп арфæ ракæиæм сæ уæлахиздзинады тыххæй. Ура! (Иууылдæр «ура» кæнынц.) Ныр та, æмбæлттæ, нæ куыстмæ! Боны æрдæг ма нын ис сæ баййафынæн. У а р и. Бантысæд уын мах баййафын, фæлæ тæр- сып... С а ф п. Хорз байрйат. (Ацæуынц Уари æмæ Сафи). Т у г ъ а н. Федтат? Уæ хъару æмæ уæхæдæг! Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД ФÆНДЗÆМ НЫВ. Фæссихор. Обау. Майрæм æмæ Нинæ ссæуынц обаумæ æмæ фæл- гæсынц хуымтыл. М а й р æ м (кæсы йæ къухаууонæй). Кæсыс, Ни- нæ, пæ нартхоры быдыр куыд фæтар цъæх ис. Н и н æ. Фыццаг бригады хуым та тæригъæддагæй дзыназы. 180
М а й р æ м. Нартхор топгæйæ куы фæуæЛахйз уæм, уæд та нæхицæй ныббузныг уыдзыстæм. .Нинæ. Æмæ цæуылнæ хъуамæ ныббузныг уæм? М а й р æ м. Ома, зæгъын, раст нæ уыдзæни, За- уырбеджы бригадыл доны руаджы куы фæуæлахиз уæм, уæд уым цæй хъæбатырдзинад ис. Н и н æ. Æмæ уым мах аххосæй цы ис? М а й р æ м. Гъе, уый, гæркъæраг, æмæ ам дзæгъæ- лы фæстиат кæпæм. Мæдипæт афтæ æнхъæл у, æмæ мах афопмæ ауæзт фехæлдтам, мах та ам аргъæуг- тæ кæнæм. Цом, Нинæ, ам нæ куы ’рбаййафа... Гъе, иæ дын загътон... (Æрбазынынц Мæдинæт æмæ Мари. Майрæм æмæ Нинæ æмбæхсынмæ хъавынц, фæлæ сæ ауыны Мæдинæт.) М æ д п и æ т (обаумæ цæугæйæ йæхи ныттар кæ- ны). Цы ми ма кæнут ам? Обауæй фæлгæсыимæ уæ рарвыс.тон? Тагъд цæугæут æмæ фехалут ауæзт. Н и н æ. Æмæ йæ кæд фæуыдзыстæм дыууæйæ, дыпджыр къодæхтæй ауæзт куы у. М а р и. Æмæ дын дæлæ арсы (амоны Майрæммæ) демæ дзæгъæлы рарвыстам? Уый рафæлдахдзæн къо- дæхтæ! М а й р æ м. Æмæ æз арс дæн? Н и н æ. Рафæлдахдзæн... Айк мæцъисæй афæлдах- дзæн! М æ д и н æ т. Мауал къæр-къæр кæп. Цæугæут тагъддæр. Мах дæр уæ феййафæм, уынут, фыццаг бри- гады нартхор сæфы! Цу, Майрæм, ды куы пицы ба- кæнай, уæд ацы гæркъæраг... Н и п æ. Цæуæм, мауал пып арфæтæ кæн. Ой, тæ- худы, куыннæ мæ фæнды! (Ацæуынц Майрæмимæ. Ау- уонæй.) Раййафут нæ-иу. 181
Мари (сæ фæдыл). Хорз, ныртæккæ уæ феййа- фæм. Мæдинæт. Бæстæ судзы... Зæхх цас тæвддæр у, уыйас та мæ зæрдæ уазалæй-уазалдæр кæны. Куыд цин кодтам рувыны бонты нæ быдырты уындæй! Цæй зæрдæрухсы хос уыди нæ хуымты уынд! Ныр та... Дæ- лæмæ æрхауай, цы хур дæ, кæд зæххыл цы тулыс. Мари. Æфсæйнаг джебогътæ дæр сзынг уыдзы- сты ахæм хурæй. М æ д и н æт. Фæндæгтæ тæвд фæнык фестадысты. Кæс-ма, машинæйы фæдыл цæугæ хохы рагъ сыстади рыгæй. Уæларвмæ дзыназыиц нæ хуымтæ, цы фаг сып у уыцы чысыл дон. Уыдон æххуыс агурынц, мах та, мад йæ рынчын сывæллоны уæлхъус куы лæууа, уы- йау лæууæм, уæларвмæ кæсæм уарынмæ. Тæхуды,кæд нал кæсдзыстæм уæлæрвтæм æнхъæлмæ?! М а р и. Цалыпмæ иу Мичурины хуызæн ахуыр- гонд мпгътыл æмæ æврæгътыл идон сæвæра, æмæ иæ кæцырдæм фæнда, уыцырдæм сæ здаха, уæдмæ. М æ д и н æ т. Гъемæ цалынмæ уыцы ахуыргонд мигъты æмæ æврæгъты ахуыр кæпа, уæдмæ та уал пæхæдæг кæпæм нæ хуымты куыст. Дæ къанæуттæ ахæццæ кодтай кæронмæ, дон сыл ацыди? М а р и. Ахæццæ кодтоп. Суанг сараты цурмæ. Сау алдымбыды тагтау сты мæ къаиæуттæ, æмæ сыл хæрд- гæ æндæхтау дон згъоры. Милафарс цайданау, ссау сты хурмæ мæ уадултæ, чи ма мæ бауарздзæи ахæм сауæй. М æ д и н æ т. Æиæ допæй нал лæууыпц нæ лымæи «знæгтæ». Иу æртæ боны ма уæд та куы ауадаид мах зæххыл. Фыццаг афтæ куы куыстаиккой, уæд сæ хæд- тæхæгыл дæр ничи баййæфтаид. Хъæумæ нæ, фæлæ 182
станмæ дæр нал цæуынц. Сæ зарджытæ сын нæ фе- хъусыс? Цы хуызон ссис Зауырбег, нал æй æмбарын... Цы ,йыл æрцыди? М а р и. Цы йыл æрцæуа? Уарзы -дæ, æндæр ыл цы æрцыди! Уарзы дæ æмæ старсти дæ усгурты фæстæ. М æ д и н æ т. Омæ цæмæй бæрæг у, уарзы мæ уын? Куы ыикуы мыы ыицы загъта. М а р и. Йæ уарзондзинады хъуыдытæ йæ былал- гъыл чи дары, ахæм лæппутæй нæу Зауырбег. йæ цæстæнгасæй, йæ хъазгæ ныхасæй дæр æй никуы бам- бæрстай? М æ д и н æ т. Цæйдæр дæлгоммæ иыхæстæ фæ- кæны. М а р и. «Дæлгоммæ ныхæстæ!» Æмæ кæд дæлгом- мæ ныхæстæ уæлгоммæ скæныи нæ зоныс, уæд ма цæй чызг дæ! Нæ зоныс уырыссаг зарæг. (Зары.) «В каждой строчке Только точки — Догадайся, мол, сама...» Фæсномыгæй дып æй æмбарын кæны. Мæдинæт. Æмæ мыы æй комкоммæ цæуылпæ зæгъы? М а р и. Æмæ йын æй ды цæуылнæ зæгъыс? Ды дæр æй уарзыс, уый дæр дæ уарзы. М æ д и н æ т. Æз чызг дæн. Комкоммæ кæсын дæр мæм куы нæ уæнды. Уыцы хъуынтъызæй фæлæууы. Уæвгæ мæм абон бахудтп, мартъийы хурау. М а р и. Уый иууылдæр дæ усгурты тыххæй афтæ кæны. 183
М æ д и п æ т. Авд дæлдзæхы фæуæнт! Цы фыдбо- ны дымгæ сæ æрбахаста... Уынд æмæ кондæй нывы хуызæн, зæрдæ æмæ зопдæй та — къодæхтæ. М а р и. Æвæдза, æпамонд сты сылгоймæгтæ, .бар æвзарыпы рад нæлгоймæгтæм вæййы. М æ д н н æ т. Æнамопд нæ, фæлæ хаттæй-хатт æиæзонд. Цы ныи нæ фаг кæны царды къай барвæн- донæй равзарынæн? Фæлæ æвзарып дæр пæ зонæм. Мах лæппутæн æрмæст сæ уыпд æмæ сæ кондмæ фæ- кæсæм, фæлæ зæрдæ æмæ зопдæй, хъаруйæ цы сты, уый та минæвæртты бар ныууадзæм. «Хæрзконд æмæ рæсугъд», зæгъгæ, уæд иæ сæр разилы. «Рæсугъд» ацы дзырд цæимæ нæ сæмтъеры кодтой ахæм, æвæц- цæгæп, нал баззад. М а р и. Æмæ рæсугъд чи нæ уарзы, уый цавæр у? М æ д и н æ т. Рæсугъд чидæриддæр уарзы, фæлæ адæймаг хъуамæ рæсугъд уа канд йæ уынд, йæ бака- стæй иæ, фæлæ йæ хъуыддагæй дæр. Зæрдæйы рæ- сугъддзинад цæсгомы рæсугъддзинадæй хуыздæр у. Рæсугъд цæсгом, афтид къоппа пæм иу æмæ дыууæ не ’рбалæууы курæг. М а р и. Мæпæ, дæ усгуртæ — рæсугъд цæсгом, аф- тнд къоппатæ. Уыдонæй фондзыссæдзы джиппы ра- уадз, уæддæр дзы иу Зауырбеджы хуызæн нæ рауаид. О, хæдæгай, цæуылнæ уал æрбацыдысты? Цы сып загъта Хабос? Мæдинæт. Нæма, дам, сцæттæ дæн æмæ, дам, уал фæлæуут. Мæхæдæг, дам, уæм хабар кæндзынæп. Цыдæр фыдбылыз сын аразынмæ хъавы. Дæлдзæх фæуæнт! Ныр мæ ды дæр цы баййардтай «усгур, ус- гур». Рыпчыпæп, дам, йæ низы кой йæ дзурипаг. Мæ- пæп мæ зæрдæ пæ хуымтыл катай кæпы. Цы фесты 184
уыцы чызг æмæ лæппу, цалыпмæ уыдон ауæзт халой, уæдмæ... Цом, аххуыс сын кæиæм. (Сыстынц æмæ цæ~ уынмæ куыд хъавынц, афтæ сценæйы фæзыны Дзыбы- ла — Мытылы фырт.) М а р н. Кæс-ма, Мæди, уæртæ иæм Бæрæгъуынæй иу уазæг — Мытылы фырт. Мæдипæт. Мытылæн мып йæ уазджыты фæстæ йæ хъæстæ дæр емынæйы ад кæны. Дзыбыла (обауы рæбынмæ бацæуы). О, Мæди! Ардæм ма рауай. МæдиьГæт (Марийæн). Ам цыдæр ис. (Дзыбы- лайæи.) Цы кæныс, рауай ардæм. Д з ы б ы л а. Дæхæдæг рауай... М а р и. Гуыбынниз дæ ахæссæд! Мæдипæт хистæр куы у, уæд æй куыд уайын кæныс дæхимæ? Мæдинæ- ты йас дур дæ æркъуыра! М æ д и н æ т. Фæлæуу-ма, Мари, ардæм рауай, цы кæныс? Д з ы б ы л а. Мæпæ дæм писмо æрбахастон. М æ д и и æ т. Кæмæй у? Д з ы б ы л а. Нæ уазæгæй. М æ д и н æ т (Марийæн). Нæ дыи загътоп. Ардæм æй радав. Дзыбыла. Æмæ мын афтæ загъта, хибарæй, дам, æм-иу æй ратт. Мæдииæт (æруайы). Æри. (Исы писмо.) Д з ы б ыл а. Афтæ загъта, фæстæмæ, дам, мæм-пу афыссæд. Афысдзынæ? М æ д и п æ т. Афысдзынæн. Цалынмæ фыссон, уæдмæ уал уæртæ турникыл ахъаз. Фæлæуу-ма. Æмæ уе ’ппæ уазæг цы фæци? 185
Д з ы б ы л а. Уый фæтæргай æмæ æндæр фысым- мæ ацыди. М æ д и н æ т. Æмæ цæуыл фæтæргай? Д з ы б ы л а. Дæуыл. Фæхыл сты. Æз, дам, Мæди- нæты мæхицæн хæссын, мæнæн, дам, комы æмæ йыл уæд Сæуджен бату кодта. Кæрæдзимæ нал дзурынц. Гуга йæ дуканийы дуар сæхгæдта.Æрдæбон мæм дæ- лæ хæрисы бын радта ацы писмо. М æ д и н æ т. Уæдæ уал уæртæ турникыл хъел- лæуттæ кæн, æз ныртæккæ фæстæмæ æрбаздæхдзы- пæн æмæ дын дзуапп иыффысдзынæн, хорз? Д з ы б ы л а. Хорз. (Разгъоры. Мæдинæт æмæ Ма- ри дæр ацæуынц. Иу чысыл паузæйы фæстæ бацæ- уынц Зауырбег, Уари æмæ Сафи. Зауырбег обауы сæ- рæй кæсы. Сафи æрбады фæлладæй æмæ кæсы бы- дырмæ.) С а ф и. Судзынц нæ хортæ, хур зæххыл атылди. Тæхуды, кæд фехалдзысты сæ ауæзт. У а р и. Фехалдзысты йæ уæдæ, æнхъæлмæ уал кæс. С а ф и. Уæдæ цы кæнæм, цы? У а р и. Иу кафт уал ракæн. С а ф и. Бастъæлай, цымæ кæд ныууадздзыпæ дæ хынджылæг? У а р и. Ды та кæд ныууадздзынæ дæ тъизын? Дæ цæссыгтæй баумæл кæнынмæ хъавыс зæхх. Уæлæ За- уырбегмæ нæ кæсыс, цæргæсау дзæбæх куы фæлгæсы. С а ф и. Омæ уæдæ цы кæнон, цæстытæ куы рис- сынц нæ хуымты тæригъæдæй. У а р и. Уымæн хос ис. С а ф и. Цæмæн? У а р и. Цæстытæ цæмæй ма риссой, уымæн. 186
Зауырбег. )цч'хос? С а ф и ] У а р и. Æндæрырдæм кæсут. Зауырбег (обауы сæрæй æрцæуы). Ай бæллæх пæу, уыйбæрц фыдæбон фæкæн хуымтыл æмæ сæ фервæзын кæнынæн дæ бон мацы уæд! (Обауы рæбын æрбадынмæ куыд хъавы, афтæ хъуызгæйæ æрбацæуы Хъази, йæ дзцумæттæ —- хуылыдз.) С а ф и (Уарийæн). Кæс-ма, Хъази донласт каркау æрбалæсы. Хъази, кæсаг ахстай æви кæм ныххуылыдз дæ? Хъази (фестъæлфы, джихæй). С-с-с! Сабыр дæ хос, хъæр ма кæн... Æз донбеттыртæй дæн. Зауырбег., Цы кодтай, уый, кæм баудæстай дæхи? X ъ а з и. Малы аирвæзтæн. 3 а у ы р б е г. Æмæ малы цы ми кодтай? У а р и. Уæрццытæ дзы ахста, æвæццæгæн. X ъ а з и. Ма мæ уромут. Фæлтау мын мæнæ мæ пиджак алæмарут. 3 а V ы р б ег. Цавæр малы уыдтæ æмæ дзы цы ми кодтай? X ъ а з и. Ауæзт хæлдтон æмæ хуылыдз хъæдыл фæбырыдтæн. С а ф и. Æмæ йæ фехæлдтай? X ъ а з и. Уæд искуы мигъ уанд. С а ф и. Ой, Хъази, мæ уд дæ рынтæ ахæрæд. У а р и. Гъе уый лæг у, уый гъе, кавалерист! • 3 а у ы р б е г. Æмæ дын чи загъта ауæзт фехал, зæгъгæ, Мæдинæты кæнæ Саламы бафарстай? X ъ а з и (фæджих). Нæ бафарстоп. 3 а у ы р б е г. Уæдæ йæ цæмæи фехæлдтай? 187
Хъазн. Уæдæ нæ хуымтæ сæфгæ фæкæной. 3 а у ы р б е г. Æмæ дæ ми цы хуины, уый зоныс? X ъ а з и. Цыфæнды хупнæд. Мах хуымтæм уал дон заргæ анвылди. Амæй йæ райсоммæ куы нæ базо- ной, уæд уый дæр пайда пæ зæххæи. Куы йæ базоиой, уæд зæгъдзыстæм —йæхæдæг атыдта. 3 а у ы р б е г. Гъы, пæ йæм кæсут, хабедзеп! Кол- хозы æгъдæуттæ халын дæумæ кæсы? Хъ а з и. Мауал мæ уромут, фæлтау мæ алæмарут, æз станмæ ныууайон, фæндагыл кæд ахус уаин, кæи- нод мæ ам куы ’рбаййафой, уæд хъуыддаг хæлы. Мæ- йы скастмæ фæстæмæ ам уыдзыпæп. 3 а у ыр б е г. Цæугæ тагъд, дæхи кæм хус кæныс, уый бар дæхи, фæлæ йæ мæйрухсмæ фæстæмæ куыд бацауазай, афтæ. Къулбадæджы митæ... афтæмæй йæ- хи фæскомцæдисон хопы! С а ф и. Зауырбег, цытæ дзурыс! Дæуæй æпдæр ма дзы æппæлгæ ракæнид. 3 а у ы р б е г. Ахæм хивæнд къулбадæг митæй æп- пæлгæ пæ фæкæнынц. Цæугæ! (Обауы сæрмæ ссæуы.) С а ф и. Йæ фæллад суадзын æй уæддæр бауадз, стæй дып дæ фæллæйттæ афтæ аслам сты, æнæ донæй сæфгæ куы кæнынц нæ хортæ. Иу æхсæв уæддæр ана- зой дон. Цы ныхъхъус дæ. Уари, ды уæддæр сдзур Хъазийы сæрыл. У а р и. Мæнмæ гæсгæ уæ дыууæ дæр раст стут, стæй Хъази дæр иуæрдыгæй раст у, фæлæ хъуыддаг- мæ иннæрдыгæй уæрæхдæр цæстæй куы акæсæм æмæ йæ рæстдзинад æмæ галиудзинады барæнтыл барынтæ куы байдайæм... , С а ф и. Ахæцыдтæ та ныр. 3 а у ы р б е г. Ауадзут æй. 188
У а р н. Омæ уын уый дзырдтон... Иуæрдыгæй нæ хуымтæ дойныйæ хъуырды кæнынц, уæларвмæ дзына- зынц æмæ Хъази йæхицæн удыбæстæ скодта, нæхуым- тæн та—дон. Фæлæиннæрдыгæй æгъдæуттæ æмæуаг- тæ халып дæр хорз нæу. Уæдæ, Хъази, хистæрмæ дæр хъусын хъæуы. Ныр та афтæ бакæнæм, æмæ цæмæй уæхст дæр ма басудза æмæ физонæг дæр... С а ф и. Ой, ахæццæ та ис физонджытæм. Цы нын зæгъыс, уый нын тагъддæр зæгъ, семы æмбисæндтыл та куы сбæнДæн дæ. У а р и (сабыргай, Зауырбег æй куыннæ фехъуса, афтæ). Сафи, сабырдæр у. Хæсты иу æгъдау вæййы, ома рæстæг рамбулыпы æгъдау (Сафи йæ фембары темæ бахуды). О, æмæ уый дзырдтон, Хъази, бригади- ры дзырд æххæст кæнын хъæуы. Цæугæ æнцадгай, мæнæ бабыз доны был айк куы æрæфтауы, уæд йæ айчы цурæй куыд уæзбынæй рацæуы, афтæ, тагъд ма кæн, кæннод бафæллайдзынæ æмæ ма уæд ауæзты къодæхтæ фæстæмæ куыд сæвæрдзынæ? (Хъази йæ мидбылты бахуды.) Бамбæрстай мæ? X ъ а з и. Бамбæрстон! (Фезгъоры). Уари (йæ фæдыл). Бригадирмæ хъусыи хъæуы. Нæ уын загътон, кавалерист у — цыппæрвадæй фæ- тæхы (Хъази фæстæмæ æрбазгъоры). X ъ а з и (къудзитæм фæцæйхъуызгæйæ). Æрбацæ- уынц! (Кудзийы фæстæ амбæхсы. Йæ фæдыл æрба- згъорынц Майрæм, Нинæ, сæ фæдыл Мари, фæстæдæр мидбылты худгæ бацæуы Мæдинæт.) Майрæм (цыма тынг мæсты у, уыйау). Ай цы хабар у! Цæмæн нæ бабын кодтат! Н и н æ (йæ худын тыххæй уромы). Цы фæци уыцы абырæг? 189
М а р и. Нæ лымæн «знæгтæ», цы та нын бакодтат, цæмæн нын сыскъуыдтат нæ зæххы хъуырæй нæ доиы æртах?! Зауырбег (Мæдинæтмæ кæсы азымджын хуы- зæй). Бахатыр кæнут: Хъази къулбадæг ми бакодта,, æнæ бафæрсгæйæ ауæзт кæй фехæлдта, уымæй, æмæ йæ æз арвыстон, цæмæй йæ фæстæмæ бацауаза. Ахæм æнæгъдау мн бакæндзæн, уый нæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Майрæм (хъæрæй). Уæхæдæг æй сардыдтат! (Бацæуынц Салам æмæ Тугъан.) Ту гъ а н. Цы хабар у, цæуыл хъæлæба кæнут? М а й р æ м. Куыпнæ > ма хъæлæба; кæнæм, нæ ауæзт нын фехæлдтой, дон сæхи зæхмæ ауагътой. М а р и. Æнæ искæй бафæрсгæйæ. Т’угъан (кæсы Саламмæ). Цæуыл баныхас код- там, доны тыххæй,'уый цæуылнæ баххæст кодтай? С а л а м (кæсы Мæдинæтмæ). Мæдинæт, ауæзт фехалыны тыххæй дын цы загътон, уый цæуылнæ ба- кодтай? Мæдииæт (худгæйæ)., Бакодтам æй, Салам. , Ныртæккæ иууылдæр ауæзты цур уыдыстæм. Майрæм æмæ Нин&йы раздæр арвыстон. Мæнæ уын æй Май- рæм радзурдзæн (худы). М а й р æ м. Фæцæуæм дын ауæзт халынмæ, куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд, дын, кæсæм æмæ чидæр архайы ауæзт халыныл. Хæстæгдæр бахъуызыдыстæм æмæ дын Хъази... (Худынц.) Раст мæнæ тæрхъус цæ- хæрадоны маркъофтæ куыд стон-стон кæна, афтæ, дын, донласт пыхсытыл схæц-схæц кæны, фæйпæрдæм ракæс-бякæс кæпгæйæ. Гъе, дæ цæрæнбон, зæгъын, бирæ уа, мах ахæм зын куыстæй чи фервæз&н кодта. 190
Уалынмæ, дын, хуылыдз къодæхтыл фæбырыди æмæ доны йæ тъыллупп фæцыди, стæй сбырыди æмæ ли- дзынмæ фæци. Мах æй расырдтам. Мæдинæт. Гъемæ стыр бузныг, йæ цæрæнбон бирæ. (Хъази къудзийы аууонæй ралæсы). Н и н æ. Уæртæ ис абырæг. Бузныг, Хъази! Хъази (кæсы Зауырбегмæ). Уыныс, Зауырбег, ды та мæ фæстæмæ сырдтай. Мæдинæт та мын арфæ- тæ кæны. Зау’ырбег. Бузныг, Тугъан, бузныг, Салам. Мæ зæрдæ мын барухс кодтат ацы доны хабарæй. Сафи (кæсы обауæй). Кæсут-ма, кæсут, нæ зæх- хыл лыстæг къанæуттыл дон акалди. (Иууылдæр кæ- сынц æмæ цин кæнынц.) Нартхор фæхъæлдзæгдæр ис. Тугъан. О, Сафи, Сафи. Æвæццæгæн усгурыл дæр афтæ нæ бацин кæнис, доныл куыд цин кæныс. Уæдæ уын пог æхсызгон хабар фехъусын кæнон. Стыр къанау къахæг экскаватортæ Хуыскъ адагмæ æрхæц- цæ сты. Иппæбои Хъал доны уылæнтæ ахъаздзысты нæ зæххыл æмæ алаз «дон-дон» нал кæндзыстæм. (Цины хъæлæстæ, «ура» кæнынц фæсивæд). У а р и. Ура Тугъанæн! (Фæсивæд ноджы тынгдæр «ура» кæнынц). Тугъаы. Фæлæуут, фæлæуут, æгæр нæ ма буц кæпут, буц кæпипаг уæхæдæг стут. Мах та ма бауа- йын хъæуы къанауыл кусджытæм, цы хъуаг ма сты, уый базоиæм. Уырдæм цыдыстæм æмæ уæ хъæлæба- мæ æрбаздæхтыстæм. С а л а м. Ай-гъай, фæстæмæ уæм зындзыстæм. Цом, Тугъан. Тугъан. Сымах уæ куыст кæнут, æцæг хъæлæба пал! Хорз уал байрайут. (Ацæуынц). 191
3 а у ы р б е г. ) (Лæууынц фæрсæй-фæрстæм). Мæдинæт. / Фæндараст. X ъ а з и. Зауырбег, ныр мыл æрдæбон дæ пырх цæмæн акалдтай? 3 а у ы р б е г. (хъæлдзæгæй). Афтæ дын хъуыди, хивæнд митæ хорз ие ’сты, сæха\цæг æй фехæлдтаик- кой. ’ Федтай, ды та ма дзатъæлы фæфыдæбон кодтай. У а р и. Молодец, Хъази. Афта^ хъуыди, фæлæ адо- иæй пæ маст цæмæй райсæм, хииай дыл кæй рацыды- сты æмæ дæ сæхи бæсты ауæзт халын кæй бауагътой, уыйтыххæй. Уæд та дын сæ рæсугъд бригадиры ра- скъæфиккам? (Худынц). " М а р и. Нæ, мæ хур акæнай, Мæдинæтæн курæч дæр нал ис æмæ скъæфæн дæр. (Раскъæфы Мæдинæ- ты къухæй Гугайц писмо.) Кæсут-^а, цы писмо йæм æрбарвыстæуыди, уымæ. (Æвдисы йæ). Мæдинæт. Мари, цы ми кæные? (Фæзилы цæх- гæр Маримæ.) Мари, æри йæ фæстæмæ. У а р и. Ау, кæсæн кæмæн нæй, алæм писмо у. Мæдинæт. Кæсæн та нын цæуылпæ ис. (Мари- йæн.) Ратт æй уæдæ Уаримæ æмæ йæ хъæрæй бакæса. М а р и (дæтты писмо Уаримæ. Фæсивæд иууыл- дæр амбырд сты Уарийы алфæмблай. Æрмæст Зауыр- бег джихæй кæсы Мæдинæтмæ). У а р и. Стæ-ма, æркæстытæ йæм кæнон æз. «Мæ- дунейы рухс»... А-гъа, уый уал дзы мæнæп. М а р и. Цæмæн дæуа^н? У а р и. Мæнæн’ æмбæлы ахæм иыхæстæ, æз дæн дунейы рухс... Кæсын дарддæр... 192
С а ф и. Цæй, кæс æй, кæннод æрталынг æмæ цæ- стæй дæр хорз куы нæ дæ. У а р н. Уый Сафи зæгъы? Уа-алæ Хъазыбеджы хо- хы цъуппыл иу къогъо. Уыиыс æй? С а ф и. Нæ уынын. У а р и. Уæдæ йæ æз уынып. Йæ къæхтæ цъитийыл хафы. (К%сы писмо, иннæтæ дæр йæ алфæмблай ам~ бырд сты.) Гъе-гъе-гъе, Мæдинæт!Йæ «зæрдæ ризгæ- йæ дæм æпхъæлмæ кæсдзьшæн» иу сæлавыр мæнæ ацы обауы рæбып... (Худынц.) М а р и. Мауал æй мæстæнмарут! Сымахæн дæр уæ сæртыл худтæ ис. Уыдонæн доны тулгæ, хуыскъыл над ма фæкæн. Гъы, лæппутæ! Гогызы цъиутæ, лæп- путæ нæ фæлæ. 3 а у ы р б е г. Цæмæй ныл дæ зæрдæ худы, Мари? М а р и. Ацæут стæ! Уыдон фæлдахгæ над фæкæ- нын хъæуы. У а р и. Ау, æмæ уыйтыххæй исты баззад? Сафи. Лæгтæ ма фæхуинут, Уари, уыдонæн уыр- ды над чи пæ фæкæпа. У а р н. Арæбын æллæх, нæмыи милицæ нæ уа- дзынц. М а р и. Æмæ йын милицæмæ æнæ фехъусын кæн- гæ нæй. У а р и. Стæй нæмын дæр аив нæу.... Фæлæуут-ма. Æмæ сын сæ кæрæдзи куы фæнæмын кæниккам, уæд та куыд уаид? М а р и. Ома, куыд? С а ф и. Зæгъ æй, Сырдон, цы ’рцахста де ’нгуыр? У а р и. Ме ’нгуыр дæу куы ’рцахсид... Басабыр ма ут! Мæдинæт, кæд не ’хсæн стыр быцæу ис, кæд нын нæ кады цкнтæ байстат... Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. 13 Пьесæтæ 193
Æмæ уый дзырдтон. Кæд стыр’хæст ис не ’хсæн, уæд- дæр мах иу фронтæй стæм. Сымах нæ рахиз сыхæгтæ стут, æмæ уын уымæ гæсгæ уе знаджы æфсæртæ асæт- тынæн баххуыс кæндзыстæм... С а ф и. Цæй-ма, цы зæгъинаг дæ, уый зæгъ. Алы ран та «фронт», «фронт» кæны. У а р и. Фронт алы ран дæр ис, Мæдинæт, мæнæ дæм куыд фыссы, «обаумæ-иу рацу, куы фæталынгуа, уæд». Бавдæл, æмæ йæм ныффысс, рацу зæгъ, æп- хъæлмæ дæм, зæгъ, кæсыы. Куы ’рбацæуа, уæд мах цирк сараздзыстæм. М а р и. Цæй-ма, Уари! С а ф и. Зæгъ æй, цы дæ зæрды ис? У а р и. Æллæх-æллæх-æллæх! Арс марæнæй мыл куы ныккалдтат! Мæнæй кæнгæ нæу. Мæнæ Мæдинæ- тæй аразгæ у хъуыддаг. Мæдинæт. Цæмæн у мæнæй аразгæ? Цы дæ зæрды ис, уый æз цæмæй зоныы? У а р и. Бавдæл, æмæ уыцы сæлавыртæм ныффысс, куыд дын загътон, афтæ. Сæ дыууæмæ дæр. Ардæм куы ’рбацæуой, уæд сæ фæхынджылæг кæндзыстæм. Куы нæ бафæнда, уæд гъа, милицæ дæр закъон у, фæлæ сæ нæмгæ дæр акæндзыстæм... С а ф и. Ох, Уари ахæм фæнды тыххæй дæ мæ хъæ- бысы акæнин... У а р и. Табуафси, цæмæ ма кæсыс? С а ф и. Æндæр хатт. М а р и. Цæй-ма, хынджылæг ма кæнут. 3 а у ы р б е г. Цы зæгъыс, Мæдинæт? Разы дæ Уа- рийы фæндыл? М æ д и н æ т. Дæн. Фыссут. 194
У а р и. Æри-ма уæдæ гæххæтт æмæ кърандас. Тагъд. М а й р æ м. Мæнæ, мæнæ. У а р и (æрбады æмæ фыссы). Æз дын мæ къухмæ гæххæтт æмæ кърандас райстон, уæд дæ фыдгул афтæ — чидæр бабын ис! (Фыссы, æмæ цы фыссы уы- дон дзуры ) «Мæ дзæбæх мойаг Сæлавырты Гуга! Дæ писмо’ дын райстон. Фыссыс мæм, обауы рæбын- мæ рацу зæгъгæ. Чызгæн афтæ бæргæ не ’мбæлы, фæлæ мын мæ зæрдæ фæцагайдтай, æмæ... Æнхъæл- мæ дæм кæсдзынæн обауы цæгат рæбын, де ’дзæсгом æмбалæи ма ской кæн». Бæззы? М æ д и н æ т. Хорз у. Иннæмæ даер. М а р и. Уымæ та куыд? Мæдшкæт. Уый мæхи бар уадз. Фысс. «Сæу- джеи, бахатыр кæп. Æрæджы дæ бафхæрдтон. Фæс- мон фæкодтон. Суаиг æмбисæхсæв дæр дæ дудгæ æх- сæрфарс мæ цæстытыл уади, дæ «ох» ныр дæр ма мæ хъусты нæры... цæмæн афтæ бакодтон?.. Æмæ гъа... Уæдæй фæстæмæ мæ хуыссæджы хай фæлыгъди. Тæ- худы... Кæд дæ мæи феыын фæнды, уæд мæм-иу нæ хъазæн обауы рæбыимæ фæзын мæйрухсы. Æнхъæл- мæ дæм кæсдзынæн. Де ’мбалæн мацы ской кæн». (Уари фыссы)... «Де ’мбалæн мацы ской кæн». (Къух ыл æрæвæрдта.) «Уари». И у у ы л д æ р. Цæмæн, Уари? Мæдинæт! Мæди- нæт! . У а р и. О, хæдæгай, «Мæдинæт». Йæ постхæссæг кæм ис? Фæлæуу, уымæн та хуссар фарсмæ бацамо- нæм. (Фыссы та). М æ д и н æ т. Æри йæ ныр, уæртæ уым ис Дзыбы- ла. Дзыбыла, рауай! (Бацæуы Дзыбыла. Мæдинæт 195
æм дæлæмæ æруайы.) Гъа, мæ хур. Мæнæ-иу ацы нисмо Гугамæ ратт. Мæнæ уый та — Сæудженмæ. Ма сæ фæивддзаг кæн. Д з ы б ы л а. Нæ, Сæуджен — мæ худы счъилы, Гуга та — мæ фадыджы. (Азгъоры.) М æ д и н æ т (ссæуы фæстæмæ обаумæ. Йæ сæр- бæтгæн къудзийыл аззайы). Мæнмæ цы хаудта, уый æз бакодтон, цирк та сымах саразут. 3 а у ы р б е г. Дæхæдæг не ’рбацæудзынæ? М æ д и н æ т. Нæ. 3 а у ы р б е г. Цæуылнæ? С а ф и. Цæй, цомут. У а р и. Гъей, фæсивæд, фæстæмæ-иу ардæм! (Мæ- ’ дингп, Уари æмæ Зауырбегæй фæстæмæ иннæтæ ацæ- цыщ). У а р и. Мæдинæт... М æ д и н æ т. Циу? У а р и. Иу хъуыддаг ма дæ курын... М æ д и н æ т. Зæгъ æй. У а р и. Къаб’а мын-иу рарвит тагъддæр, кæлмæр- зæп дæр, дæ хуызæн куыд уон, афтæ. М æ д и н æ т. Бастъæлай, цæмæн дæ хъæуынц? У г р и. Хъæуынц мæ... М æ д и н æ т. А-гъа, хорз. Хъæлæстæ (фæсобауæй). Цæй, рацу, Уари. У а р и. Тæхын. (Азгъоры.) Мæдинæт. Цымæ мæ касинкæ цы фæци?.. (Къудзимæ æрцæйуайы.) 3 а у ы р б е г. Мæдинæт... Фæлæуу-ма... Мæдинæт. Цы кæныс? Дæу дæр къаба хъæуы? Зауырбег. Нæ, фæлæ... иу æхсызгон ныхас мæм ис, æмæ дæм куыд фæкæсдзæн, нæ зонын...
Мæдинæт (фæллæууыд). Зæгъ æй. Чи зоны, хорз мæм фæкæса... ^ Зауырбег. Мæдинæт... æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ мæ ’мбарыс. Мæдинæт. Цæмæй дæ ’мбарын? Цы зоныи, цы ис дæ зæрдæйы... 3 а у ы р б е г. Мæ ’зæрды цы ис, уый бирæ фем- бæхстон. Ныр æй мæ бои нал у æмбæхсып. Дæу цы бы! нæ фепын, уыцы боп мыл хур иæ кæсы. Ды цы хъазты нæ вæййыс, уым мæм фæлæууып пæ цæуы. Дæ иурты нскæй уасæг куы ауайы, уæд уымæ дæр мæсты кæнын. Рагæй дæ уарзыи, Мæдинæт... Хæстæп куы ссыдтæп æмæ иæ кæрты хъазты куы кафыдтæ, уæдæй нырмæ... Мæн фæпды... Æцæг мæ кæд дæхицæп акка- 1ыл нымайыс, Уæд... Цæуылпæ исты дзурыс? Мæдинæт. Нæ зопып... Æз афтæ æнхъæлдтон... Нæ зонып... уæд мын æй цæуылнæ искуы ^агътай? 3 а у ы р б е г. Нæ уæпдыдтæп... Æфсæрмы кодтон, уымæп æмæ æз рæсугъд лæппутæй пæ дæи. М æ д и п æ т. Амонд цæсгомы рæсугъды иæй. Зауырбег. Фæлæ уыцы адæм куы фæзындысты, уæд мæхицæп быпат. нал ардтои, суапг ма мæ бæхты дæр удхарæй амардтоп... Фæлæууып мæм нал цыди пæдæр хъæуы, нæдæр стапы, иæ зæххы къабæзтыл цыппæрвадыгæй, мæ рыг мæ сæрыл бадгæйæ, ратæх- батæх кодтон. Судзгæ зæрдæйы рисы арт сыгъди мæ рпуы æмæ мæ рахæсс-бахæсс кодта. Нæ зонын, цы кодтаин... Мæдинæт, худыс мæ пыхæстыл? М æ д и н æ т. Цæмæн?.. 3 а у ы р б е г. Кæд мæ дæ царды барæвзæрсты къа- йæн аккаг кæныс, уæд мыи æй ма басусæг кæн. Зæгъ мып æй. Нæ мæ фæнды, не ’хсæн искæй æвзаг уа, уый. 197
Мæхæдæг дæ уымæн фæрсын. Æнæ зæрдæхудт æмбал дын уыдзынæн, уымæй дын зæрдæ æвæрын. «Мæ уæл- ныхты дæ хæсдзынæн», «сызгъæрии доны дæ стулдзы- нæн»— ахæм ныхæстæ дын нæ кæнын. Адæймагæи ницæимæ ис абарæн, нæдæр сызгъæринимæ, нæдæр æндæр хæзнатимæ. Æз æй хуымæтæджы ныхæстæй зæгъын. Цалдæр азы мæ зæрдæйы цы сыгъдæг сусæг уарзондзинад фæхастон, уый никуы фæчъизи кæндзы- нæн. Мæдинæт, разы дæ мемæ? Мæдинæт. Ныр цытæ дзурыс... Æз дын афтæ æнхъæл нæ уыдтæн. Æниу... Нæ зоиын... 3 а у ы р б е г. Барвитон уæм минæвæрттæ? М æ д и н æ т. Фæлæуу, базонон уал дæ. Зауырбег. Æмæ мæ кæд ныронг нæма базыд- тай... Мæдинæт... барвитон?.. М æ д и н æ т. О. Фæлæуу... Нæ... Æниу... цæй, хорз... Куыд дæ фæнды, афтæ... Æз цæуыи. (Æруайы дæлæ- мæ, фæстæмæ йæм скæсы.) Уæлæ ци, уæлæ!.. (Йæ къухæй йæ цæсгом амбæрзы æмæ азгъоры.) 3 а у ы р б е г. Мæди!.. (Кæсы йæ фæдыл, йæ цæсго- мы хид асæрфы, стæй ныххуды фырцанæй.) Ох, цæй рухсу дуне. Мæдинæт! Мæ рухс амопды стъалы! Чи ма уыдзæн мæпæй амондджындæр дунейыл ныртæккæ? Ничи! «Куыд дæ фæнды, афтæ», «Уæлæ ци, уæлæ!» (Нæууыл атулы æмæ кæлкæлгæнгæ ратул-батул кæ- ны, обауы сæрмæ сызгъоры æмæуырдыгæй кæсы, Мæ- динæт кæцырдæм ацыди, уыцырдæм.) Мæнæ обау. арвы бын зæххæй цыдæриддæр ис, дæуæй фæрнджып- дæр дзы никуы ис. (Бæласы рæбыи зары): Мæ зæрдæ ныззарыд булæмаргъау, ’ ** Сызгъæрпн мын фесгап, мæпæ обау, 198
Фарн дыл ’фæбада, мæнæ обау. М’амонд дыл куы ссардтон, мæиæ обау, Уа-алæ мæллæг мæй, цæй фæлурс дæ, Дæ тынтæй у рухсдæр мæ рухс зæрдæ. Мæ уарзон, Мæдинæт, цы мын фæдæ? Райсом дæм фервитын минæвæрттæ. Æрбайхъуысы лæппуты хъырнын. Куыдфæстæмæ зард стыхджып. Галиуырдыгæн бацæуыпц ^ари, Сафи, рахизырдыгæй — Мари, Майрæм, Нппæ æмæ иннæтæ, У а р и/ Кад æмæ намыс сыгъдæг æмæ рæсугъд уарзондзинадæн! Кад æмæ намыс ныфсæн! Гъей, фæ- сивæд, ныр та — нартхæрттæм... нæ сæлавыртæ æрба- цæуыиц. Тагъд-иу фæстæмæ — ардæм, циркмæ! (Иу* уылдæр фæпырх вæййынц, сценæ иу цыбыр рæстæгмæ аззайы афтидкæй, стæй бацæуы Сæуджен хæрзарæз- тæй.) Сæуджеы. Мæнæ, гъе, обау. Иæ хуссары ’рдæм, дам-иу æрбацу... Æгæр фæтагъд кодтоп, æвæццæгæы, ам куы нæма ис. Æрфæсмон кодта. Ма ’рфæсмон кæ- най, ма! Уæд мард у а лæппу, ай-гъай! Мæп та уы- даæн рæсугъд чызгай! Фæлæуу, æз дын уыцы æхсæр- фарсы гæрахмæ ахæм митæ бакæндзынæн, ахæм, æмæ ам, обауы хæтæлтыл дæ бумбулитæ куыд баззайой! Нырма мæ лæппуйы хъустæ мæ уæлæ сты. Мæхи уал духийæ куы бапырх кæнин. Сылгоймæгтæ духийы тæф >арзынц. Мæ пыхмæ дын чызг ма фæлæууа, уæд мард у а лæппу! Хуымæтæджы нæ фæзарынц уырыс. (Зары.) «Ты, м’оряк, красив сам собою»... Ам «морячы» бæсты зæгъын хъæуы «Сæуджен» æмæ уæд уыдзæни: *Ты, Сæуджен, красив сам собою, тебе от роду двад- 199
цать... (Ферхæцы.) Нæ, ам ссæдз азы дзы ис, мæиыл та фынддæс æмæ ссæдз азæй фылдæр цæуы... (Йæхиуыл оухи пырх кæны, йæ дзыппæй фелвасы чысыл кæсæн æмæ мæйрухсмæ разил-базил кæны, уæдæ кæцырдæм мæхи хуыздæр фенон, зæгъгæ.) Цы æрæгмæзыны Мæ- динæт! Ай.обауæи йæ хуссарварс у. Ардæм мын амо- ны йæ иисмойы. Фæлæ кæд фалæрдыгæй ис... Бакæсон æм... (Ацæуы. Иннæрдыгæй бацæуы Гуга. Ракæс-бакæс кæны, уæларвмæ дæр скæсы.) Гуга. Ацы обауы тыххæп фыссы хъуамæ: йæ ра- гъыл дыууæ бæласы. (Хæрдмæ та скæсы.) Уæлæ мæй, дæлæ уый та — мæ аууоп... Ай у йæ цæгатварс æви рæдигæ кæпыи? (Кæцæйдæр «уыг» уасы.) Уыг уасы... фыдбылызы хъæлæс,у уыджы хъæлæс. Цæйдæр’хæй- рæджджын бæстæ у, æнхъæлдæп. Цæн æрæгмæ зыны уæдæ Мæдинæт? Сайгæ ма фæкæнæд, йе та кæд æгæр батагъд кодтон. Пæ зæрдæ йыи Цстæмæй алхæнып хъæудзæпи... Гъы, æмæ цæмæп... кæд ын зарæг акæ- пон, æмæ уымæи та поэт хъæуы... уæвгæ ипнæ поэттæн бирæтæ мæнæй хуыздæр сты. Уыдои дæр сылгойма- джы тыххæй хус ныхæстæ фыссынц. Мæдииæт, Мæ- дипæт... Мæ уды гага... а-гъа, æвзæр нæ цæуыпц йæ фыццаг рæпхъытæ, фæлæ гагайæи рифмæ ссарын хъæуы... ...Гага... бага... сæгъы бага... тфу! Уый та мæ дзыхы кæцæй абадти... Гага... рага... руга... гуга... а-гъа, мæхи ном дзы авæрдзынæп: Мæдинæт, Мæдинæт, мæ уды гага. Дæ цуры йæхи мæт пæ кæиы Гуга. Бæззы!.. Арæбын, обауæп йæ алыварс уæддæр куы азилин, цы хæйрæджытæ дзы ис, чи зоны. (Фæцæуы чъылдымырдæм.) Сæуджен (рацæуы размæ). Цыма кæйдæр уы- 200
нæр цæуы. Æрбацæуын афои дæр ын у. (Рацæуы цæ- гатварсмæ.) Нæй. Ипиæрдыгæй исчи уа... (Ацæуы обауы чъылдыммæ, Гугайы фæдыл. Хуссары ’рдыгæй разыны Гуга). Г у г а. Ничи дзы ис. Æнæрайы уыг, цæуыл пиуыс. Ус-сиу, у-с-сиу! С æ у д ж е п. Гъа, - гъа! Фæзындис, æнхъæлдæн. (Йæхи дзæбæхтæ кæны. Гуга джихæй ракæс-бакæс кæны.) Нæ мæм уæпды йæхæдæг æрбацæуын æмæ, æвæццæгæн, кыскыс кæны. Гъæ, сылтæ, сылтæ. Æз æм чъылдымырдыгæй куы нæ бахъуызон... (Обауы фæс- тæты фæцæуы). Г у г а. Ам чидæр ис. Куы нæ мæ фепид. (Рацæуы цæгатырдæм хъуызгæ-хъуызгæ. Хуссары ’рдыгæй фæ- зыны Уари, йæ уæлæ Мæдинæты дзаумæттæ. Æрæм- бæхсы.) Куы ничи дзы ис. Уæдæ кæй уынæр уыдаид. Фæсайдта;)æнхъæлдæи, уыцы чызг, нæ зыпы. (Лæууы æмæ фæндаджы ’рдæм кæсы. Хуссары ’рдыгæй Сæу- дясен фæхъуызы Уаримæ. Обауы рагъыл фæзынынц Мари, Зауырбег, Майрæм, Сафи. Бæлæсты бын æрæм- бæхсынц æмæ хъахъæнынц). У а р и (цыма нæ уыны Сæуджены). Мæнæ ис. Ру- вас гогызмæ куыд хъуыза, афтæ æрбахъуызы. Рауай, рауай, магусайæ цæлуарзаг. (Йæхи ракæс-бакæс кæ- нæг скæны, цыма искæй агуры. Сæудоюен ын йæ ра- хиз къух рацахсы æмæ йæ йæхирдæм азилынмæ хъа- вы.) У а р и (лыстæг хъæлæсæй). Уæу! Чи дæ? Сæуджеи. Ма фæтæрс! Æз дæн. Де ’зæр хорз, хъал чызг... У а р и. С-с, сабыр... удхæссæг... фæтæрсын мæ кодтай. 201
Сæуджен. Удхæссæг удтæ фæхæссы, фæлæ дæ æз æнæхъæнæй хæссын... Дæ къухтæ цæй дæрзæг сты... Чызгæн хъуамæ фæлмæн къухтæ уа... Гуг’а (иннæрдыгæйсхæйрæг, ракæс-бакæс кæны). Арæбын æллæх, ай цы диссаг у. Уынæр цыма... Уари. Æнæ рæвдыдæй къухтæ хъæбæр кæнынц... С а ф и (обауы сæр ныппыррыкк кодта). М а й р æ м (обауыл). С-с-с. Халыс цирк... С а ф и. Мæ бон нал у... М а р и. Дæ уд схауæд. Фæлæуу... Сæуджен. Мæ фыццаг уарзоы. Мæдинæт... Кæ- дæй дæм æнхъæлмæ кастæн... Æз дын барæвдаудзы- нæн дæ дæрзæг къухтæ... С а ф и. Рувас бирæгъ æрцахста... У а р и. С-с, сабырдæр... Æнхъæлдæн, ам хæстæг чидæр ис. Быиты быны худинаг мæ кæныс... Сæуджен, бахатыр кæн иу æхсæвы æхсæрфарсы къæрцц... С æ у д ж е н. Уый ницы кæны. Уарзоны цæф рæв- дыдæй уæлдай нæу. У ари. С-с... Фалæрдыгæй чидæр ис. Фæлæуу ам, æз æм бакæсон — фæндырты цæгъдинаг фæуыдзынæн. С æ у д ж е н. Ницы дзы ис’. Уæртæ кæцæйдæр уыг уасы... Æви нæхи уынæр у. Обау нæргæ кæны. Мæнæ * дын адджинаг æрбахастои. (Дæтты Уаримæ къафет- ты тыхтон). У а р и. Бузныг, æз къафеттытæ уарзын. (Къафет- тытæ уæлæмæ фехсы, уæле сæ Майрæм рацахсы). Нин æ (обауы сæрæй сабырæй). Арс мыд хæры... 3 а у ы р б е г. Дæ дзыхыл фæхæц! Сæуджен. Æз дæ сыгъдæг къафеттытæй схæс- дзынæн. 202
У а р и. Цæй, æз аивæй бакæсон... Ам фæлæуу. Дæ- хи ма равдис. М а й р æ м. Æмæ адон къафеттытæ нæ, фæл,æ къоритæ куы сты... 3 а у ы р б е г. Банцайут. Халут цирк! У а р и. Æз фæстæмæ фездæхдзынæн... Сæуджен’ (февналынмæ йæм хъавы). Дæ цæсго- мы фенд мын хæлæг кæныс?.. (Уари расыффытт ла- сы.) Фæлæуу... Æз... (Кæсы йæ фæдыл.) Мæхи у ныр рæсугъд Мæдинæт. Ныртæккæйын йæ’пакъуы азгъал- дзынæн, стæй уæд йæхæдæг уайдзæни мæ фæдыл. Н и н æ. Нал фæразын, фырхудæгæй ныттыппыр дæн! (Гуга йæ хъустæ фæхъил кодта, рауайы Уарийы размæ, къафеттыты тыхтон йæ къухы.) Мæдинæт, æз мæнæ дæн, мæпæ... Кæдæй дæм æнхъæлмæ кæсын... Уари. С-с, мæнæ ацырдæм рауай, уым чидæр ис, æнхъæлдæн} (Чысыл арфдæр ацæуы. Гуга — йæ фæ- дыл.) Г у г а. Цæмæй тæрсыс, Мæдинæт?.. У а р и. Сабыр. Цæй, цæмæ мæм сидтæ, зæгъ æй... Гуга. Нæ хъуыддаг цæй тыххæй бакъуылымпы ис? У а р и. Æмæ гъа... Дада йæ... Ус, дам, дын ис... Г у г а. Кæмæп? Мæнæн? О... Фæлæ, фæлæ зæнæг нæ кæны... Уадзгæ йæ кæнын... М а р и. Æдзæсгом. У а р и. Дыууæйæ дæр æнæхай куы фæуай, уæд та? Гуга. Ды ардæм кæм æрбацыдтæ, уым нал тæр- сын... Æз дæу хъапы дард фæкæндзынæн... Мæ мага- зиы иууылдæр дæумæ сараздзынæн... 203
С æ у д ж е н (иннæрдыгæй). Цы ’рбаци уæдæ... (Фæстæмæ дæр акæсы, размæ дæр). • У а р и. Мæ магазин, зæгъыс? Æхсæны магазин?.. Г у г а. Дæ фаг дзы уыдзæни... (Ласы йæ йæхимæ.) Фæлæуу-ма иу чысыл... Мæ рæсугъд усаг, рæсугъд чыидз уыдзынæ, æвæдза. М а р и (обауыл). Мæлын!.. / У а р и. Мачи нæ фенæд... Æз фалдæр бакæсон... Гуга. Фæлæуу... У а р и. Мæ фæдыл ма рацу... (Фæцæуы Сæудже- ны ’рдæм). С а ф и. Фæсиры та иннæмæ!.. Г у г а. Ам ис. Ныртæккæ йыл бæлон ахсæп хыз æрæппардзынæн... С æ у д ж е н (иннæрдыг&й). Ма атымычъе ласæд... Нæ, мæнæ ис. (Уари фæцæуы Сæудоюены ’рдæм, «æф- сæрмы» кæнгæйæ.) Цæй-ма дзæгъæл æфсæрмытæ ныу- уадз... У а р и. Удхæссæг дæ айса... С æ у д ж е н. Ныууадз... (Рацахсынмæ йæ хъавы). У а р и. Фæлæуу-ма, цу хъуыддагæй дæ афæрсынмæ хъавын... Сæуджен. Рафæрс-бафæрс цы пайда у? Æз хъуыддаджы лæг дæн. У а р и. Цал усы дып уыди? Цалæймагæн мæ ку- рыс? Сæуджен. Раст дын куы зæгъон, уæд фыццагæн. С а ф и (хъæрæй ныххуды). У а р и. Уæу! Уый та циу? Сæуджен. Уый пицы у. Хæлынбыттыртæ уа- сынц... Цæй, Мæдинæт... (Гуга схуыфы). 204
Уари. Мæ хæДзар айхæлди! Цон,-æз уыцырдæм бакæсон... (Фæуайы Гугамæ. Гуга йæ размæ рауайы, къафсттыты тыхтон æм дæтты). Г у г а. Цæй тарст хуыз дæ? Гъа-ма! Куыд мæ æр- байрох сты. Къафетт куыд адджын у, нæ амонд ныи хуыцау афтæ адджын фæкæнæд... Н и н æ. \(Нып\ьыррыччы1æ кæнынц). М а й р æ м. Кæндыс бахордтат æви цы пыр-пыр кæнут? Уари къафеттытæ рансы æмæ разæй уапы. Сæуджены ’рдæм. Гуга йæ расуры æмæ нæ рацахсы. Сæуджен ауыиы ацы хъæбыс- хæст, æрбагæпп кæны, йæ быны скæны Гугайы æмæ Гугаимæ кæрæдзи хурхытыл хæст фæвæййынц. Уари асыффытт ласы се ’хсæнты. С æуджен. Чи куыдз, чи хæрæг! Чи аррбауæндыд мæ усагмæ? Гу г а. Иуварс, хæрæг! Сæуджеп. Гъе-гъа, Гуга? Цъаммар! Хорз хæ- лар мын дæ! Куыдзау зилыс мæ усаджы фæдыл. Гуга. Куыдз дæр дæхæдат æмæ цъаммар дæр. Дæу нæу уый. Мæнæн комы, дæуæн нæ фæлæ, магуса, спекулянт! Сæуджен. Уый дæу тыххæй стæн спекулянт, дæ товартæ уæй кодтон, æхцайы фылдæр та дæ дзыппмæ хаудта. Дæу тыххæй ма ахæстоны дæр фæбадтæн, къæрных. (Зауырбег æмæ йе ’мбæллтæ ’рцæуынц оба- уæй, слæууынц хылгæнджыты чъылдыммæ æмæ сæм кæсынц. Уари æнæ кæлмæрзæнæй æрбады æмæ сды- мы тамако.) Æхсæны магазин бахордтай! 205
Г у г а. Баыцай, науæд дæ марын. Уафи (æнцадæй). Цæй, цæй, цы ма кæсыс?! Къæрпыхты, спекулянтты, лæвархорты марын хъæуы! (Сæуджен æмæ Гуга сæ кæрæдзийы феуæгъд кæнынц, джихæй аззайынц, стæй кæсынц Уаримæ, агурынц цæстæй Мæдинæты.) Ма йæ агурут, уый ам нæй, стæй ам нæ уыд. Иæ бæсты æз уыдтæн, а лæппу. (Йæ риу бахойы). х * Сæуджеы (мæстыйæ). Фæлæуут! Ацы боны ми- тæ уын кæд стыр бæллæхтæ нæ расайой! Г у г а. Цæй, афтæ уал фæуæд, лæппу. Ацы боны миты тыххæй дæм зындзынæн. Мах ма фембæлдзы- стæм. (Лидзынмæ фесты, фæлæ алырдыгæй сæ размæ фæвæййынц фæсивæд кæлкæлгæнгæ. Гуга æмæ Сæу- джен алидзынц.) У а р и (сæ фæдыл). Нæ, нал фембæлдзыстæм. Нæ фæпдæгтæ хицæн сты. Мах размæ, коммунизммæ да- рæм иæ фæндаг, сымах та фæстæмæ. ’ И у у ы л д æ р. Кæд нæ фæдыл нæ рацæуат, уæд-иу пæ фыдæлты фыдæлтæп салам зæгъут, уыдон дæр уым, фæсте сты. С а фи (худæгæй стын нал , фæразы, афтæмæй). Уари, ацы цирчы тыххæй дын ахъæбыс кæнын æм- бæлы. 2? а Р и- [Æмбæлы, æмбæлы. Н и н æ. / У а р и. Табуафси, рацу. Ахæм зын хъуыддагмæ æз кæддæриддæр цæттæ. Æ м б æ р з æ н
ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД ÆХСÆЗÆМ НЫВ Хабосы хæдзары раз. Бацæуы Сæуджен æмæ бæласы бын æр- лæууы. Сæуджен. Мæ сæр сдзæгъæл и. Кæцырдæм æй æмбæрстæуа? Цы мадзалæй йæ фендæуа? Иæхи фæнд уыди ибоны хынджылæг æви? Ацы маст ныбба- рипаг нæу. Чызг дæр чызг фæуæд, фæлæ ахæм худи- наджы ми... Йæхæдæг уым нæ уыди... (Галиуырдыгæй тагъд-тагъд бауайыМæдынæт.) Гъа, гъа,саг фæрæтмæ æрцыди... Чызг! Мæдинæт (фæкæсы йæм æмæ бахуды). Æгас ДУ- Сæуджен. Бахатыр кæн, фæлæ лæджы номæн йæ сæрыл худ чи дары, уый йæхицæй хынджылæг кæнын нæ бауадздзæн, уæлдайдæр та сылгоймагæн. Цы бакодтат ай размæ? Ай дæ писмо нæу? М æ д и н æ т (мидбылты худгæйæ). Мæсты ма кæн. Мæп аххосæй дзы иицы уыди. Писмо... Æз мæ зæрдæ нæ аивтон... С æ у д ж е н. Уæдæ кæнон мæ хъуыддаг? М æ д и н æ т. Цы дæ фæнды, уый кæн. С æ у д ж е н. Уæдæ æз ныртæккæ æрбарвитдзынæи Мытылы. М æ д и н æ т. Бар дæхи. (Бауайы сæхимæ). Сæуджен. Гъей, джауыр! Иæ бахудт куы уал- дзыгон хуры тынау, куы та — джебогъы рæхуыстау. Мæ мад, мæ фыд зæрондæй къæбæргур фæхæтæнт, æз дæу куы ныууадзон! (Тагъд-тагъд ацæуы. Мæдинæт йæ фæдыл дуарæй ракæсы). 207
М æ д и н æ т. Уыцы худинаг ын æгъгъæд нæ уыди æмæ та æрбасирдта. Фæл’æуу, æз дæ фæндырты цæгъ- динаг фæкæндзынæн де ’дзæсгом миты тыххæй. (Ба- цæуы, иучысыл рæстæджы фæстæ кæртæй райхъуысы Хабосы хъæлæс). X а б о с. Чызг, фæлæуу-ма! Цы зæгъон уазджытæн? Мæдипæт (худæн хъæлæсæй). Цы дæ фæнды, уый сын зæгъ. (Рауайы æмæ уынджы галиуырдæм фæ- зилы). Т у г ъ а п (рудзынг фегом кæны, æмæ уырдыгæй ракæсы). Мæдинæт, кæдæм згъорыс? Мах æрдæбоыса- рæй дæумæ куы ’ихъæлмæ кæсæм, уæд та нын уырдыг- стæг фæлæууыдаис. М æ д и н æ т (фæлæууы æмæ ныппыррыкк кæны). Уа: фарсæй фæуæд! Æнæ мæн дæр æй баназдзыстут. Минæвæрттæ! Тугъан, ныр йæ цæсгом та куыд бахъæ- цыди сымах æрбарвитып... Йæ цæсгом бахæра... Ба- зыртæ йыл базади... Тугъап. Усгурыл базыртæ вæнйы.. Цæй, цæй, рауай мидæмæ. Дæ хъуыддаг кæпæм мах. Халон, дам, зну ракодта, йæхæдæг та дуры сæрæй каст. Нæ дæ фæнды? Мæдинæт. Нæ... (Ныххуды æмæ йæ цæсгом ам- бæрш). 1 у гъ а н. Табуафси. Мах фæстæмæ дæр ацæудзы- стæм. М æ д и н æ т. Æмæ ацæут... Æмæ уæд... Ту гъ а н. Гъæ, гæды, гæды. Уæдæ ма бафидауæм, зæгъыс? Мæдииæт. Сымах бафидаут, фæлæ мах нæ ба- фидаудзыстæм. Т у г ъ а н. Уый та уæхи хъуыддаг уыдзæни. Иу 208
райсом иу уаты къæсæрæй иумæ куы рахизат, уæд... М æ д и н æ т. Ныр цытæ дзурыс? Фидаугæ, кæд фидауыс, уæд, мауал мæ къах, кæшюд уæ ныртæккæ иннæ минæвæрттæ æрбаййафдзысты. Тугъан. Уыдои та ма цавæр иинæ минæвæрттæ сты? Цалдæр ранмæ мой кæныс? - М æ д п н æ т. Мытыл. Хъæрццыгъаты мипæвар. (Ныххуды та.) Ныртæккæ ам уыди. Ту гъ а п. Сæлавыр? Мæдинæт. Нæ, рувас. Ахæм мæсты уыдн, ахæм мæсты, æмæ йæ фындзы рагъыл æгас кæсаг афизопæг уыдаид. Ам мæ æрурæдта, йæ сины сæртыл æрхæ- цыди. Тугъан. Æгъгъæд ын пæу иу боны худинаг. Мæдинæт. Мæхи маст нæ исын, цы фондз усы ауагъта, уыдоны маст... Сылгоймаджы уындæй суанг йæ фыны дæр стъæлфгæ куыд кæна, афтæ йын бакæ- нын хъæуы. Мах цард аразæм, уыдон та нæ къæхтыл тыхсынц. Ныртæккæ Мытылы æрбарвитдзæн, æмæ-иу æй Дадайы бар уадзут. Æз Нинæтæм цæуын... Уæртæ æрбацæуы. (Азгъоры). Тугъан (йæ фæдыл). Рауай-иу тагъд, хъæуыс мæ. (Рудзынг бахгæны. Бацæуы Мытыл.) М ы т ы л. Арæбын æллæх, исты амалæй ма куы ахицæн уыдаид ацы хъуыддаг, кæд ахъуыдты уаид йæ къонамæ Сæудженыхъо. Мæ хæдзары муртæ мыи сгаффутт кодта, фæлæ ацы хъуыддаджы кæм бацыд- тæн, уым æй сæ иуырдæм уæддæр фæуын хъæуы. (Кæрты дуар бахойы.) Хабос! Уæ Хабос! X а б о с (кæртæй). Чи дæ уый? М ы т ы л. Æз дæн, æз, Хабос. 14 Пьесæг^ 209
X абос (рацæуы). Гъа, гъа, алæбон æгас цу, Мы- тыл. (Хъæлдзæгæй йын йæ къух исы.) М ы т ы л. Дæ бон хорз уæд. Хабос. Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд. Нал мæ ныууадздзынæ, Мытыл? Цыма дæ мæ дуармæ дзæкко- рæй ныххостæуыдй". М ы т ьгл. Арæбын æллæх, Хабос, дæхицæн бирæ лæгъстæ агурыс æмæ... Чызгджын тыхджын у — фæ- зæгъынц, æз та лæгъстæ кæнæг’д-æн æмæ лæгъстæ кæ- нын. Уазджытæ тæккæ æхсызгон куысты рæстæг мæ хæдзары бадыпц, сæхæдæг дæр тыхсынц, æз дæр стыхстæн сæ хъиамæтæй. X а б о с. Цæуыл хъиамæт кæнут, мæ хæлар, Мы- тыл, фæдисæй кæнинаг куы нæ у хъуыддаг. М ы т ы л. Паддзахады стыр хъуыддæгтæ дæр ма алыг чындæуы. X а б о с. Æз мæ ныхасæн хицау дæн, Мытыл. М ы т ы л. Уæдæ куыд вæййы, куыд? Æгъдæутты мах не ’скодтам. X а б о с. Райсом æрвитын мæ чызджы, куы ’рта- лыпг уа, уæд. Рацæут, цалæй уæ фæнды, уалæй, ра- кæн се ’ппæты дæр. Мæ чызгæп амопд кæй цæст уарзы, уыдон се ’ппæты дæр ракæн, уазæг хуыцауы уазæг. М ы т ы л: Уæ мæ сæр дæ нывоид фæуа. Гъе, уый лæджы ныхас у, уый, Хабос. Хъуыддæгтæ аразæг иу- нæг кадджын хуыцау дын раарфæ кæнæд мæ бæсты, Хабос! Цон, уæдæ æз. Сомизæры, нæ? X а б о с. Афтæ, сомизæр, куы ’рталыпг уа, уæд. Мидæмæ дæ нал хонын. М ы т ы л (бакæс-бакæс кæны куы Хабосмæ, куы хæдзармæ, бæлвырд у, фæнды йæ аназын. Хабос æй 210
цыма не ’мбары, йæхи афтæ скодта). Хуыцау дын хорз ракæпæд. Цон, уæдæ æз. (Ацæуы). X а б о с (йæ фæдыл). Йæ дзырд, йæ цæсгом чи ба- хордта, уыцы зæронд маймули. (Фæцæуы. Рудзынг фегом æмæ дзы ракæсы Дзго.) Дзго (рудзынгæй). Дæ хал фæхауа Мытыл, мæрдты дын бынат ма уа. Æниу мæрдтыдæр фыдбы- лыз йедтæмæ никæмæн ницы фæуыдзынæ. Уидæгтæ цас ауагъта, уыйас уæлæмæ куы сырæзыдаид, уæд хохы йас лæг сцадаид. (Рудзынг бахгæны. Хæдзарæй рацæуынц Салам, Тугъан æмæ Хабос.) Тугъан. Стыр бузныг, Хабос, дæ минасæй, но- джы стырдæр бузпыг, дæ дзуаппæн. С а л а м. Дунейы фарн нæ амонды хъуыддаджы минæвæрттæ фæкæнæд. Тугъан. Цом, Салам, уæртæ Уари æрбацæуы. Фæдзур æм. X а б о с. Уари мæп хъæуы. С а л а м. Уари, Хабос дæм дзуры. (Бацæуы Уари.) Марадз. (Ацæуынц Тугъан æмæ Салам.) У а р и. Дæ бон хорз, Хабос. X а б ос: Хорз цæр, мæ лымæн Уари. Дæ сæр мæ бахъуыди, Уари. У а р и. Кæд дæ арауыпæп хъæуы мæ сæр, Хабос, уæддæр табуафси. X а б о с. Арауыпæи та... Уанцон нæу. Мæнæ фæси- вæдмæ фæдзур æмæ фæкæсут. Æви дæ хæларæн чындзхæссæг уыдзынæ? Кæцырдæм дæ фæнды? У а р и. Æз дыууæрдæм дæр сарæхсдзынæн. X а б о с. Уæдæ уал махырдæм сарæхс æмæ мын фæсивæдмæ—Майрæмтæм йедтæм фæдзур, уазджы- 211
тæ уыдзæни æмæ бацæттæ хъæуы кусартытæ, æн- дæртæ. У а р и. Уый дын мæ быгъдуан, Хабос. Æз сæ пыр- тæккæ æрбамбырд кæндзынæн. X а б о с. Цом, иу уал аназ. У а р и. Нæ, нæ, нæ нуазыи. X а б о с. Гъæ, гæды рувас... Цу, цу уæдæ, æмæ тагъддæр ут. У а р и. Цæсты фæныкъуылдмæ. (Ацæуы.) Хабос (фæцæуы сæхирдæм). Не ’фсин, уæ ие ’фсип! ; Д з г о (рудзынгæй ракæсы). Цы кæныс? X а б о с. Фæдзур дæ сыхбæстæм æмæ цæттæ кæ- нут, райсом аходæнмæ æнхъæлмæ кæсын хъæуы уаз- джытæм. (Бацæуы). Æ м б æ р з æ н. ÆВДÆМ НЫВ. Хабосы кæрт. Изæр. Бæласы бын, галну кулистæм хæстæг, дзаг стъолы уæлхъус бадынц хистæртæ: Уырызмæг, Хабос, Тугъан, Муради æмæ дыууæ-æртæ колхозоны. Стъол ахпзы галпу ку- листæм. Рахизырдыгæй — хъазт, зард. Фæсивæдæй иу къорд лæу- уынц хистæрты уæлхъус. Адæм се ’ппæт дæр сыгъдæг æмæ аив ирон дарæсы, уæлдайдæр фæсивæд. Уырызмæгæн йæ къухы нуа- зæн, лæууы æмæ кувы дарддæр фидыды чъирнтæ. У ы р ы з м æ г. Мæдииæт æмæ Зауырбег æфсарм æмæ хъаруйæ куыд фæзминаг сты, амондæй дæр афтæ фæзминаг куыд уой, ахæм арфæ сын ракæнæд нæ хъæубæсты фарн. Иууылдæр. Оммен! 212
У ы р ы з м æ г. Се ’гъдау, сæ куыстæй, сæ фæллойæ иннæ хъæуты астæу нæ хъæуы куыд скадджын кодтой, афтæ кадджынæй сæ базæронды бонтæм куыд фæцæ- рой, ахæм арфæ сын ракæнæд нæ бæстæйы фарн! Иууылдæр. Оммен! У ы р ы з м æ г. У-у, дунейы фарн, уæдæ дунейы хæрзтæй фæллойы цинæй хуыздæр иицы ис, æмæ сæ фæллойæ кæддæриддæр сæ зæрдæ рухс куыд кæна, ципы хъуыддæгтæ дзы куыд кæпой, ахæм амопдæй сæ хайджыи бакæп! Иууылдæр. Оммеп! У ы р ы з м æ г. Уæдæ бынаты фарн дарæг нæ кад пе ’гъдау æмæ не ’фсарм сты, абоп Мæдипæт ацы хæ- дзарæй йæ ног хæдзармæ цы кад æмæ ’гъдауимæ цæ- уы, уыдон ын бопæй-бон тыхджындæр куыд кæпой, ахæм амопд... Иууылдæр. Оммеп! У ы р ы з м æ г. Уæдæ йæ базæроиды бонмæ хæлар- дæрæй æмæ амонджыпдæрæй чи фæцарди, у, цыг- джын адæмы фарн, уыдон æмбал Мæдинæт æмæ Зауырбеджы дæр фæкæн. Иууылдæр. Оммеп! У ы р ы з м æ г. Гъе, кувæггаг мæхæдæг нуазып, лæппутæ! (Фæссивæд ныззарынц Уарнйы фæдыл.) У а р и (зары). Нæ буц хнстæрæн æмдзæгъд æркæнæм, Гъеп, гъеп, хистæры кадæи! Аиаз æй нæ хистæр, хæлар дып уыдзæн, Гъей, гъей, хæлар дын уыдзæн. Фæрнæй фæбадай нæ фæрныг фынгтыл, Гъей, гъей, пæ фарны фынгтыл. 213
Нæ намыс æмæ н’амонды фæдыл, Гъей, гъей, н’аманды фæдыл. У ы р ы з м æ г. Уæ амонд бирæ уæд, нæ кадгæнæг фæсивæд. Рухс цардæй бафсæдут, уæ хистæрты фæн- диаг. Тугъан. Хабос, дæумæ кæсæм. X а б о с. Нæ,1 нæ Тугъан. Ды — уазджыты хистæр, дæуæн æмбæлы. Тугъаы (нуазæн сисы æмæ сысты), Хорз адæм... (Фынгыл бадджытæ иууылдæр сыстынц.) Сбадут уæ хорзæхæй, хистæр кувгæ кодта æмæ уымæн сыстын æмбæлы, фæлæ ныр та... Сбадут... Абон нæ фæсивæды хуыздæртæй дыууæ — Мæдинæт æмæ Зауырбег — сæ амонд ссардтой. Сæ мадæлтæ æмæ сып сæ фыдæлтæ дæр хуыздæр амопдмæ нæ бæллыдаиккой сæ иуæн дæр æмæ се ’ннæмæн дæр. Зын вæййы химæ гæсгæ нарды æмбал ссарыи... Усгур лæппуйæн кæнæ мойгæ- нæг чызгæн йæхи зæрдæмæ гæсгæ, йæхи ’гъдаумæ гæсгæ, йæхи хъарумæ гæсгæ æмбал ссарын стыр амон- ды хъуыддаг у. Мæдинæт æмæ Зауырбег хъаруйæ дæр, æгъдауæй дæр, æхсарæй дæр, кад æмæ намысæй дæр æмхуызон фæзминаг сты, уыдон сæ хъаруйы руаджы, сæ куысты руаджы кад скодтой æгас хъæу- бæстæн дæр. У а р и. Ерысы сæ чи кæй амбылдта, чи сæ фæра- зæй ис, уый дæр ма нын куы зæгъис. М у р а д и. Бæгуыдæр, æмбæлы. Т у г ъ а н. Цæуыл тагъд кæнут... Иннæтæ. Цæмæн ма йæ сусæг кæныс, Тугъан? Зæгъ æй æххæст! Цы боны хорзмæ ма йыл ауæрдыс! 214
Т у г ъ а н. Сидын уал мæ куы бауагътаиккат, ахæм фынгыл быцæу кæнын не ’мбæлы. ’ У а р и. Æмæ быцæу куы нæ кæнæм. Т у г ъ а н. Стæй нырма цы бæрæг ис... Уари. Зауырбег æмæ Мæдинæт абон хъуамæ зо- ной, ерысы чи амбылдта, уый... Ту гъ а н. Уæдæ мæ иал уадзут?.. Цæй Салам уыи æй зæгъдзæнис... И у у ы л д æ р. Зæгъ æй, зæгъ, Саламы не ’вдæлы. Тугъан. Уæдæ ерысы чи амбылдта, зæгъут?.. Мæ нуазæн уал куы анызтаин. X а б р с. Цæй, уæдæмæ йæ нуазын бауадзæм. (Адæм ныххудыиц.) У а р и. Разы! Заргæ ут, лæппутæ! (Ныззарынц). Нæ хæлар хистæрæн, нæ буц Тугъанæн, Гъей, гъей, æмдзæгъд æркæнæм. Къæрццæмдзæгъдæй йын æй баназыи кæнæм, Гъей, гъей, баназын кæнæм. Нæ зондамонæг, нæ разæй цæуæг, Гъей, гъей, фæрнæй фæцæрай. Нæ фæрныг рухс цардмæ фарны дзырд хæссæг, Гъей, гъей, бирæ фæцæрай. Тугъан (нуазæн дæтты уырдыгстæгмæ). Уæ са- лам бирæ, нæ фæсивæд. Æрбадынмæ хъавы. Хабос. Фæсивæдæн цыдæр зæгъинаг уыдтæ, Ту- гъан. 215
Тугъан. 0, хæдæгай... У ы р ы з м æ г. Зæгъ æй, зæгъ, Тугъан, чи сæ фæ- раздæр ис? Тугъап. Чи рамбылдта, зæгъут?.. Амбылдта За- уырбеджы бригад... (Адæм иыххор-хор кæнынц). У а р и. Нæ загътоп нæ! Махæй тæрхъус куы иæ првæзы! Тугъаи. Фæлæуут, нæма фæдæн! Амбылдта Мæ- дппæты бригад дæр. Майрæм (фæсивæдмæ). Гъе, уый дын тæрхъус! У а р и. Уый та куыд? Тугъан. Рамбылдтам не ’ппæт дæр, рамбылдта иæ колхоз, рамбылдта нæ паддзахад. Гъеныр мæ ны- хæстæ раст сты, нæ, ууыл уæхæдæг ахъуыды кæнут. (Лдæм та ныххор-хор кæнынц, фæндыры цагъд ногæй райхъуысы.) У ы р ы з м æ г. Раст зæгъы Тугъан, не ’ппæт дæр рамбылдтам. Хабос. Ай-гъай, ие ’ппæт дæр, бирæ хор, бирæ бæркад. Т у г ъ а н. Нæ быцæутæ, иæ ерыстæ пууылдæр сты пæ колхозы, нæ колхозонты, нæ паддзахады хорæй схъæздыг кæиыныл. Уыцы стыр паддзахадои хъуыд- даджы йæхи æхсарджынæй чи равдисы, уымæн та кад æмæ памысы лæвæрттæ. Нæ дыууæ бригады дæр æмхуызон æхсарджынæй кæй фæкуыстой æмæ æмби- сопды хортæ кæй æрзайын кодтой, уымæ гæсгæ бауы- наффæ кодтам: пæ кады цæугæ сырх тырыса Мæдинæ- ты бригадæп ныууадзын. (Мæдинæты бригады адæм сцин кæнынц.) М а й р æ м. Уари, цы фæдæ? Гъепыр дæ хъри- 216
хъуип дæр мауал аирвæзæд, тæрхъус нæ фæлæ... Туг-ъаы. Нæ рæсугъд хъазæн обау та — Зауыр- беджы бригадæн. (Адæм иууылдæр худынц, æмдзæгъд кънынц). У а р и. ’Цы фæдæ, Майрæм! Нæма дæ уырны? Мах амбылдтам, мах! Обау дæр — мах, Мæдинæт дæр æд тырыса — мах! Майрæм. Уый дзы нæй! Мæдипæт махмæ баз- зайдзæи бригадпрæй! Тугъап. Раст у. Мæдипæт кæд абон чыпдзы цæ- уы, уæддæр бригадирæй баззайдзæн дыккаг брига- дæп. У а р и. Уый та куыд? Уæдæ ма атæппæт къæрцц- æмдзæгъд цæй фæдыл у? Т у г ъ а н. Æгъгъæд у быцæу кæнынæи. Ай Хабосы хæдзар у, ай чындзæхсæв у. Хабосы дзурыи бауадзут. (Адæм фæхъус сты. Хабос сысты, йæ нуазæн йæ къу- хы. Сыстынц фынгыл бадджытæ дæр.) X а б о с. Бадгæ кæнут, уæ хорзæхæй. У ы р ы з м æ г. Уадз æмæ алæууой, ницы сын у. X а б о с. Хорз адæм, мæ чызг æмæ мын мæ сиахсы мæ цурмæ куы ракæниккат! (Фынгыл бадджытæй чи- дæртæ ссу-су-бусу кодтой, райхъуысы ныхæстæ). — Ау, уый та куыд?.. — Искуы дæр ма афтæ уыди?! — Æгъдæуттæ халæм?! X а б о с. Афтæ никуы уыди, зæгъгæ, йæ мах дæр ууыл пыууадзæм? Мах фæстæ чи кæна амонды хъуыд- дæгтæ, уыдон хъуамæ зæгъой — афтæ уыди, зæгъгæ. Мæ цуры сæ нæ бадын кæнын, фæлæ абоны цины хъуыддаг уыдоны амондыл у, æмæ уыдон дæр хъуамæ се ’мгæрттимæ цины фынгыл бадой. Ам сын уе ’ппæты 217
æхсæн дыууæ ныхасы куы зæгъин, уый мæ фæнды. Тугъан. Раст зæгъы Хабос. Салам! Салам! (Са- лам рудзынгæй ракæсы). С а л а м. Æз мæнæ, Тугъан. Тугъан. Нæ хо æмæ не ’фсымæрыхистæрты цур- мæ ракæн. Салам. Гъе, мæ уд уæ рынтæ бахæра, нæ буц хистæртæ. Табуафси, табуафси! Ныртæккæ. X а б о с. Хъыг уæм ма фæкæсæд, ,хорз_ адæм. Ч и д æ р т æ. Цæмæн зæгъыс, Хабос, фарн у(æд дæ иыхасы. (Рацыд Салам, йæ дыууæрдыгæй Зауырбег æмæ Мæдинæт, сæ фæстæ фæсивæд фæндыры цагъди- мæ, заргæ. Мæдинæтыл чындзы дзаумæттæ, æцæг йæ цæсгом нæу хызæй æмбæрзт. Зауырбег хæрзарæзт ирон дарæсы: цухъхъайæ, куырæтæй, худæй, цы- рыхъхъæй, хъамайæ, ронæй — хæрзæлвæст, хæрзаив. Салам сæ астæу, афтæмæй хистæрты раз æрлæууынц.) X а б о с. Хæстæгдæр ма рацу, не ’фсин. (Дзго ба- цæуы йæ цурмæ.) Кæсыс, не ’фсин, ныронг нын уыди иу хъæбул, ныр та нын ис дыууæ хъæбулы, æмæ сын сæ цины бон зæгъæм нæ арфæйы ныхас, мæнæнæуар- зон хъæубæсты цур. Нæ чызг, Мæдинæт! Ныронг дæ мад æмæ дæ фыды хæдзары фæцардтæ хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй. Дæ зæрдæ — де ’вдисæн, дæ зæрдæ- худты иикуы бацыдыстæм, нæ зæрдæхудты никуы ба- цыдтæ, дæ циныл цин кодтам. Æгъдауджынæй дæ схъомыл кодтам, адæмы ’хсæн дæхицæн кад æмæ на- мыс скодтай де ’фсарм æмæ дæ хъаруйы руаджы. Ныр абон ссардтай дæ амонд, цæуыс ног хæдзармæ, æмæ дæ ацы адæмы фарп амондджыпæй фæцæрын кæнæд де ’мбалимæ. Иууылдæр. Оммен! 218
X а б о с. Мæ хур, Зауырбег! Æгъдауджын, æф- сармджын æмæ дæ æхсарджынæй зонын," адæмы æх- сæнмæ куы рацыдтæ, уæдæй абонмæ. Нырæй фæстæ- мæ дæ нымайдзыстæм нæ дыккаг хъæбулыл, æмæ цæрут хæларæй, уарзонæй уæ базæронды бонмæ. Уæ кад, уæ намыс макуы æруадзут дæлæмæ. Хæларæи кусут, æмæ уæд рæсугъд уыдзæн уæ цард. Дунейы хæрзтæй фæллойы циндзинадæй хуыздæр иицы ис, загъта нæ хистæр, æмæ уæ фæллойæ уæ зæрдæ рухс куыд кæна, ахæм амондæй уæ хайджын фæкæнæд ду- иейы фарн! Æндæр уын ницы зæгъын. Фæндараст фæут, мæ хуртæ! Фæллойы цинты дидиыджытыл уæд уæ царды фæыдаг. (Нуазы). Иууылдæр. Оммен! У а р и. Ныззарут, фæсивæд, тыхджын хъæлæстæй, Гъей, гъсй, нæ рæсугъд бæстыл. Æрснмут, фæсивæд, уæ тыхджын къæхтæй. Гъей, гъей нæ фæрныг зæххыл. Нæ рæсугъд зардæй фыдгул куыд лидза, Гъей, гъей, фыдгул куыд лидза. Нæ уæнгты змæлдæй къæдзæх куыд риза, Гъей, гъей, къæдзæх куыд риза. Нæ сау бæгæны дæр фæллойæ цæуы, Гъей, гъей, фæллойæ цæуы. Нæ фæрныг дзаг фынг фæллойыл лæууы, Гъей, гъей, фæллойыл лæууы. Хъæбатыр фæллой та нæ царды куырд у, Гъе, гъей, нæ царды куырд у. Нæ рухс амонд дæр фæллойæ гуырд у, Гъей, гъей, фæллойæ гуырд у. Зарæг куы райдайы, уæд Хабос пуазы йæ иуазæн. Дзго бацæуы 219
Зауырбегмæ, йæ хъæбысы йæ акæны, стæй Мæдинæты дæр. За- уырбег æмæ Мæдинæт куыд рацыдысты, афтæ ацæуынц Салами мæ, сæ чъылдым адæммæ пæ раздахгæнæ. Зарæг фæсивæд сæ бахæццæ кæнынц- суанг уатмæ. Т у г ъ а н. Салам! Арæвдз кæнут. Афоп у. С а л а м (рауайы та). Мах рæвдз стæм, Тугъан! Машинæмæ кæсæм. (Бацæуы шофыр.) Мæнæ ис. Шофыр. Фарн уæ бадты, хорз адæм! «Уæлахиз- дзинадыл» уæм æрбахæццæ дæн. «Победæйыл». «По- бедæйыл» чыпдзхæссæг. Паддзах Екатерипæйы дæр ахæм машинæйы нæ рахаста ,йæ лæг. Тугъан. Фæсивæд, фæкæсут Саламмæ. Шофыр, ды уал минас кæн. Фæсивæд кæрæдзийы уæхсчытыл хæцгæйæ заргæ æрзилынн хистæртыл æмæ чындзы рацæуынмæ рæнхъ æрлæууынц заргæйæ. Мæдинæты ракæнынц Салам æмæ Нинæ. Мæдинæты хистæрты ’рдæм аздахынц акувынмæ. Уыцы тæккæ рæстæджы æрбайхъуы- сы зарын. /Ербацæуьгнц кæрты дуарыл Мытыл, Дзæккор æмæ дыууæ-æртæ колхозоны — Сæуджены фидауджытæ æмæ чындз- хæсджытæ. Мытыл хъæлдзæг. М ы т ь! л. Гъей пыммæлæн дып ма уа Хабос, иæ фыдæлты æгъдæуттæ, кад æмæ намысимæ чи... (Фæ- джих вæййы Мæдинæты чыидзы дзаумæтты хистæрты цур куы фены, уæд.) Ай та цы хабар у? Куы нæма ’рбахæццæ стæм æмæ нын пæ чындзы куы фæдуарæт- те кодтат? У ы р ы з м æ г (Хабосы хъусы, худгæйæ). Хуыцау дын ма ныббарæд, Хабос. Цы бакодтай, цы? X а б о с. Æз сын ницы бакодтон, ницы зæрдæ сын 220
сæвæрдтон, æрмæст сæ нæ циндзинадмæ æрбахуыдтон. Кæд мæ æндæрæрдæм бамбæрстой, уымæн нæ зонын, науæд кæд исты хин ми кæнынц. Мытылыл æууæнк пæй... Мæхи бар сæ уадзут. Мидæмæ, мидæмæ, пæ зы- паргъ уазджытæ! Ракæн дæ уазджыты, Мытыл (Мы- тыл æмæ иннæ уазджытæ хæстæгдæр бацæуынц. Сæу- джен æрбазыны кæрты дуарæй æмæ хæлиудзыхæй кæсы.) Тугъаи (фæцарæхсти, йæ худæг тыххæй уромы, афтæмæй фелвасы нуазæн). Æмбæлæггаг, Мытыл! М ы т ы л. Ау, мах æмбæлæггаг стæм? Д з æ к к о р (йе ’мбæлттæн). Хуыцау ма ныббарæд Хабосæи. Цыдæр фыдбылыз сарæзта, æнхъæлдæн. (Фынгмæ йæхи хæстæгдæр байсы.) У ы р ы з м æ г. Сбадут, сбадут, мæ хуртæ, сбадут, уазджытæ. X а б о с (адæм фæхъус сты, уый бафиппайгæйæ). Гъæй, фæсивæд, цæмæн фæхъус стут, цæуылнæ хъуы- сы уæ зарæг, цæмæн фæхъус ис уæ фæндыр? (Айхъуы- сти фæсивæды зарæг, фæндыры цагъд.) У а з д ж ы т æ й и у. Ай цы хабар у? И п и æ у а з æ г . Мæнæ царциатæ!.. Д з æ к к о р. Еу дæ хæдзар! Сбад æмæ хæргæ кæп, кæд ма дæ къухы исты æфты, уæд. Гъе, уый дыи цар- циатæ! С а л а м. Цæй, нæ уазджытæ, æгас цæут æмæ хорз байрайут. Тугъаи. Сбадут, уазджытæ, сбадут, махæн цæ- уын афон у. М ыт ы л. Нæ, Тугъан, фæлæуу. Ды закъоны лæг дæ... Зæгъ-ма, раст у ацы хъуыддаг? Чындзы кæдæм кæнут? 221
Тугъан. Раст у, раст, Мытыл. Чыпдзы кæнæм, кæдæм йæ зæрдæ зæгъы, уырдæм —Зау<ырбегмæ. Сы- мах байрæджы кодтат. Цардæй фæсте баззадыстут, æмæ, йæ заманимæ æмдзу чи нæ кæиы, фæсте чи баз- зайы, уый худæджы бынаты куы бахауа, уæд-иу мæ- сты ма кæнæд. С æ у д ж е н (хæстæгдæр бацæуы, йæ маст тых- хæй уромы). Мытыл, ай цы хабар у? Мытыл. Ард дæ баййафæд, фæлæуу. Мæхæдæг дæр æй нæма равзæрстон, фæлæ цыма æцæг байрæ- джы кодтам... Хабос! Æз дын дæ уæлмæрдты хъазт сараздзынæн, æз дып дæ хæдзаразй балалайкæ скæп- дзынæн. Æз дын... (Сæудженæн.) Гъей, мæ аæронд кайыс, дæ хъуыддагæй ницы рауади, цом фæлтау, кæнæ та арфæ ракæнæм æмæ мииасыл сбадæм. Сæуджен. Зæронд маймули! Дæ сæрмæ цытæ хæссыс? Худииаг иал æмбарыс? Цом! Т у гъ а н. Цæугæ æмæ ма кæд ус курын дæ зæрды æрæфта, уæд, дæ фопдз усæй фыццаг дæр кæй пыу- уагътай, уый ногæй ракур, кæд ма дын бакома, уæд. Мытыл (нуазæн сисы). Цæй, уæдæ хъуыддаг хайыр уæд. Сæуджен. Тфу! (Цæхгæр фæзилы æмæ тызмæ- гæй ацæуы. Адæм æмхор-хор скæнынц. Тагъд-тагъд бауайы Вано.) ’ Вано. Фарн уæ бадты æмæ амонджын хъуыддæг- тæ кæнут! X а б о с. Æгас цу, Вапо. Æрвыст дæм уыди... В а и о. Бузиыг, Хабос, пæ мæ равдæлдис, бахатыр кæн. Фæлæ æз фæдисы æрбацыдтæи. С а л а м. Цавæр фæдисы? 222
Т у г ъ а н. Цы хабар ис?„ (Фæсивæд амбырд вæй- йынц Ванойыл). В а н о. Мæ машинæйы бын хид пыттыдта æмæ йæ сæппарып хъæуы. С а л а м. Ау, куыд ныттыдта? В а п о. Иæ быны фæйнæджытæ ныссастысты. С а л а м. Æмæ уагæры цас ластай, цал хæдзарæн? В а п о. Иу хæдзарæн. Фондз тоннæйы машииæ цъупп дзаг бакодтой æмæ йæ хид нæ баурæдта. (Адæм ныххудынц). ^ Тугъан. Уый æвзæр хабар нæу. Хид та ногæй сараздзыстæм. У а р и. Уæдæ цæмæй иннæ азы ног хид дæр мæ- иæуты бын ныххауа, уый тыххæй баназæм. (Нуазæн сисы.) Ноджы хуыздæр мæнæу уæззаудæр машинæ- ты тыххæй, уыцы мæнæутæ кусын чи зоны, йæ уæззау куысты фæстæ рогæй кафын æмæ рæсугъд зарын чи зоны, уыдон цæрæнбоны тыххæй! (Нуазы). Тугъан. Ныр та Хабосæн арфæ ракæнæм. (Уа- рийы цур фæсивæд кæрæдзи уæхсчытыл нырсхæцынц æмæ ныззарынц.) У а р и (зары). Фæрныг Хабосæн арфæ ракæнæм, Гъей, гъей, бæркады тыххæй. Алы аз дæр ам хуындтæм куыд цæуæм, Гъей, гъей, куывдтæм куыд цæуæм. Ацы хæдзарæй цы стъалы цæуы, Гъей, гъей, амонды фæдыл, Фарн йæ разæй худгæ фæцæуæд, Гъен, гъей, йæ пог хæдзармæ. Чындзхæсджытæ заргæ фæцæуынц. 223
У ы р ы з м æ г. Цæй, Хабос, хайыры хъуыддаг æй хуыцау фæкæнæд! X а б о с. Бузныг, бузныг. Хайыр уыдзæн, уæдæ цы уыдзæн! Æ м б æ р з æ н. Кæр о н.
Æртæактон, æхсæзнывон комеди
АРХАЙДЖЫТÆ: Б у д з и — Ленины номыл колхозы сæрдар. Бечыр —МТС-ы директор, уый фæстæ райкомы секретарь. Д з е р а с с æ— трактористкæ. Р а з и а т — колхозы библиотекæйы кусæг, Будзийы ^хо. Д з а б о — «Уæлвæзы» колхозы сæрдар. П е т я —тракторист, Дзерассæйы æфсымæр. М æ и р — бригадир. Б и г а — хуыты фермæйы хицау. Д з ы л л æ — Мæиры бригады хæринаггæнæг, Бига- йы ус. Б у л и Косер Мер ет Хæмæт Д а л о й Ис л а м А ц ц е — Ленины номыл колхозы бухгалтер. Солти-зæронд лæг. Т е л и — зæронд лæг, Мереты фыд. Ф ы ц ц а г колхозон Д ы к к а г колхозоп Уыдонæй уæлдай ма — колхозонтæ, фæсивæд. Мæиры бригады уæнгтæ 226
ФЫЦЦАГ АКТ ФЫЦЦАГ НЫВ. МТС-ы хæдзар, йæ тигъ ацæуы галиу кулистæм. Рахизырдыгæй уæрæх кæрты зынынц машинæтæ. Тæккæ æрхы был — зæбулкъа- буз хæрис бæлас, йæ быны даргъ бандон. Хæдзары сæрты зы- нынц хæхтæ. У изæр. Рудзгуытæй æддæмæ кæлы рухс, æмбырд- æй хъуысы адæмы уынæр. Рудзгуыты бынты бæласырдæм мæ- стыйæ æруайы Дзерассæ. Йæ уæлæ урс кофтæ æмæ сау юбкæ. Иæ пух дзыккутæ æнæ сæрбæттæнæй уæхсчытыл æрæнцадысты. Иæ фæдыл æруайы Петя. Петя. Ур-ра! Армукъа фæцис, МТС ныггаффутт ластой! Д з е р а с æ (мæстыйæ æрбады даргъ бандо- ныл). Кæрæдзи амæттаг фæуæнт! Рагон къупецтау машинæтæ æлхæныимæ æрбасирдтой. Петя. Хæлоф у, хæлоф, хуыздæр машинæтыл. Федтай! Дзерассæ. Хæлæйфаг фæуæд Бечыры хæдзар. МТС пыггаффутт кодта. П е т я. Æмæ дзы Бечыры бои циу? Дзерассæ. Куыд циу? МТС-ы директор ма дзы хуызд,æр цы уа! Цæмæн æй уадзы хæлæйфаг кæнын... П е т я. Гъы, æмæ ЦК-йы уынаффæйы иыхмæ ныл- лæууа Бечыр? 227
Дзерассæ. Кæд колхозтæ æнæ машинæтæй цæ- рын иал фæрæзтой, уæд сын ауæй кодтаид уæртæ зæ- ронд трактортæ. Петя (худы). О-гъо! Æмæ гъер •зæгъæм, мæ хо- йы гæбаз, ды армукъамæ бæх æлхæнынмæ бацыдтæ, æмбарыс, бæх æлхæнынмæ, дæуæн та бæхы æфсон дынджырхъусджын зæронд хæрæг уæй кæнынц. Бал- хæнис бæхы бæсты хæрæг? Д з е р а с с æ. Хыпджылæг ма скъæр! П с т я. Гъеуый дып хынджылæг! Де ’рттиваг трак- тор дын Будзи алхæдта. Дзерассæ. Гъемæ йæ пæ зæронд мæрдтæн ду- гъы рауадзæд! Петя. Ды йыл бадгæ куыд кæпай... О, тобæ, то- бæ, сылгоймæгтæ дугъы иæ фæуайынц... Дзерассæ. Кæд дæм^ худын цæуы, уæд æндæр истæуыл худ, ам худинагæй ницы ис. Петя. Уæдæ дзы кæуинагæй дæр ницы уынын. Будзи дын дæ трактормæ иинæтæй цæмæн фæраздæр ис, уый зоныс? Дзерассæ (цæхгæр). Нæ зопып! П е т я. Уæдæ йæ æз зонын. Цæмæй дæу дæр дæ тракторимæ йæхи колхозмæ акæиа... Дзерассæ. Цалынмæ æз уый колхозмæ цæуоп, уæдмæ дæр уал йæ хъустæ хъилæй дарæд. Петя (бахудти). Цæуылнæ ацæудзынæ?.. Æз бæргæ ацæуин... суинаг колхоз у... Дзерассæ (зулмæ йæм бакæсы). Æцæг, æцæг... Ме ’фсымæры гæбаз «Суинаг колхоз!» Гаффутт кол- хоз! Цы пыр-пыр кæныс! Йæ хойы йын уарзыс æма? цыдæриддæр бакæндзынæ. П е т я. Æз уый хойы уарзын, уый мæ хойы уарзы... 228
О, о, бамбæрстон дæ дæ цæсгæнгасæй. Цы йæ су- сæг кæныс?.. Æз дæ сæрмæ-сæр аивдзыпæп Разиа- тыл... Д з е р а с с æ. Зонып æй. Петя. Уый дæ дæхи тракторыл аласынмæ хъавы, æз та Разиаты цæуыл раласдзынæн? Тракторыл æви спутникыл? Дзерассæ (сысты). Цом ардыгæй... ам махæн ницыуал ис! П е т я. Фæлæуу, сбад! (Æрбадынц сæ дыууæ дæр бæласы аууон. Хæдзарæй быцæугæнгæ рацæуынц иц- къорд лæджы. Бечыр æмæ Дзабо фæфæстиат вæййынц бæласы фале, иннæтæ ацæуынц.) Б е ч ы р. Цæй, цæй, фæндараст... райсом фендзыс- тæм. Д з а б о. Хъуыддаг афтæмæй нæ ахицæн уыдзæн, Бечыр, уый зон. Æз ныртæккæ министрмæ пыффыс- дзынæн мæ хъаст. Б е ч ы р. Æмæ мæн цæмæй азымджын кæныс, хъастгæнæг? Мæрдзæст дæ. Æхца хæлæг кæныс æмæ быитон æиæ машинæтæй куы баззайай, уæд-иу хæ- рæгæй хуым кæнут. Дæ гайкæтæ дын баздухыи хъæуы. Д з а б о. Баздух мыи сæ, марадз! Лæвар сæ цæ- уылпæ дæттут? Б е ч ы р. Куыд лæвар? Ау, паддзахад хæлæйфаг фæци? Д з а б о. Кæд МТС нал уыдзæии, уæд ма машинæ- ты ам цæхджын кæндзынæ! Махмæ æхца нæй. Б е ч ы р. Нæй зæгъыс? Гъы, Ленины колхозмæ ис, фæлæ сымахмæ пæй! Будзн сымахæй хъæздыгдæр у? Д з а б о. Будзи уæлиау гæрæхтæ кæны æмæ, мæ- 229
нæ йæ колхозонты цур дзуаппон доклад кæнгæйæ куы æрлæууа, уæд æм бæрæг уыдзæн. Б е ч ы р. Цы йæм уыдзæн бæрæг? Уый цыппæрдæс тракторы балхæдта. Астæн сæ аргъ бафыста, ипнæтæ та.йын бæтгæмæ радтам. Сымахæн нæ уыди уæ бон афтæ бакæныи? Д з а б о. Иу нын уæддæр ратт лæварГ Б е ч ы р. Уæуу, мæнæ диссаджы лæг! Дæ гайкæтæ бынтон куы суæгъд сты! Нæй сын лæвар дæттæн. Ма- шинæтæ паддзахады исбон сты. Д з а б о. Æмæ колхозтæ паддзахады не ’сты? Б еч ьгр. Не ’сты. Зæгъ-ма, уæ колхозтæ паддзаха- дæн хор лæвар дæттынц? Нæ дæттынц. Уæдæ афтæ æнхъæл стут, æмæ ацы машинæтæ чи кæны, уыцы кусджытæ уæлдæфæй кæнæ кæсагау допæй цæрынц. Д з а б о. Агитаци мæ кæныс, Бечыр? Ратт сæ лæ- вар! Æнæуи дæр дзы хорз трактор нал ,баззад, лæ- вар аласынæн.дæр чи нæ бæззы, æрмæст ма ахæмтæ, æфсæйнаджы цæидтæ. Сæ тæккæ хуыздæрты сын ни- иæййаг колхоз *ахафта. Фæстæмæ дзы райс дыууæ, æмæ дын сæ мах æлхæнæм æрмæджы æхцайæ.^ Бечыр (кæсы йæм джихæй). Ай базар, миййаг, нæу! Уæйгонд цы трактортæ æрцыди, уыдонæн фæс- тæмæ исæн иал ис. Цæй, мæн не ’вдæлы. (Ацæуы, Дзабо фæстæмæ бауайы хæдзармæ.) Дзерассæ..Тонагæнджытæ! Паддзахад сып лæ- варæмхасæн машинæтæ уæй.кæны, уыдон та ма уæа;- дæр лæвар, лæвар кæнынц. Петя. Цалынмæ уыдон лæвар, лæвар кодтой, уæдмæ сæ Будзи хæлиудзыхæй фæуагъта. Дзерассæ (бахудти). Йæхионтæ йæхи фесты, æмæ афардæг, æвæццæгæп. Куыпнæ зыны.- 230
Петя. Ау, æмæ рудзынгыл агæпп ласта? Æддæ- мæ куы нæма рацыди. А-гъа, уæртæ рацæуы Дзабо- имæ. (Будзи фыццаг пъланмæ рауади, цыма кæйдæр агуры. Дзабо йæ фæдыл кæсы.) Будзи (хинымæр дзурæгау). Цыма йын ру- дзыпгæй йæ цæсгом ауыдтон. Цы фæцадаид цымæ? Куы йæ федтаин, афардæг уыдзæни... Петя (Дзерассæйæн). Дæу агуры... Дзерассæ. Цом, махæн ам ницыуал ис. Нæ дзауматæ рахæссæм æмæ нæхимæ! (Ацæуынц хæдза- рырдæм.) Д з а б о. Будзи! Фæлæуу-ма, фæлæуу, кæдæм лидзыс? Б у д з и. Дæ хорзæхæй, Дзабо, мæ аууонау мæ фæ- дыл цы зилыс? ДТ-ы нæ,' фæлæ дын иу гайкæ дæр нæ ратдзынæн. Кæй цы фæци, уый йын — хайыр. Д з а б о. Фидгæ та сын цы бакæндзынæ, фидгæ? Б у д з и. Фыст дæр ма фесты. Д з а б о. Цæмæй? Кæцæй уæм æрцыди уыйбæрц æхца? Æви уæ гаффутт колхозы быпдуртæ уисойæ рамарзтат?^ Б у д з и. Уый дæ уыиаффæ пæу. Дзабо. Стæй уыйбæрц трактортæй кæигæ та цы бакæидзыстут, уæ зæхх армытъæпæныйас йедтæмæ куыпæ у? Уæрццы мардмæ æхсаргард! Б у д з и. Зæхх ссардзыстæм. Д з а б о. Кæм? Ларечы йæ балхæндзыстут? Будзи. Уæртæ нын сымах цы зæххытæ ачъепп ластат... Д з а б о. Мах никæй зæхх ачъепп ластам. Будзи. Æцæг æви? Уæдæ уæм тæккæ хъæуы 231
бын гæрзæй-гæрзмæ уыцы тъæпæи уæларвæй æрхауд- та æвн йæ ларечы балхæдтат? Д з а б о. Уый кон мауал кæи. Уый дзæгъæл ныхс уыди, уæ пыфс æм нæ хастат, æмæ йæ мах бахуым кодтам. Сымах «сурсымыллагъигæнджытæ» стуг, «хуыцау, дæуæн æхцон» æмæ «оммеигæнджытæ»... Будзи. Колхозæн лæмæгъ сæрдар уыди, æмæ йын баххуысы бæсты сымах та худгæ кодтат. Р1æ тæккæ фындзы бынæй йын йæ зæхх адавтат. Д з а б о. Æмæ уæртæ уæ хуыздæр зæххытæй æпæ- хъæп æхсæрдæс гсктары дзæгъæлы куы сæфы. Б у д з и. Цавæр æхсæрдæс гектары? Д з а б о. Уæртæ дзуары къохы бын. Мæ фыдыс- тæн, уый мах зæххыл куы уыдаид, æз æй афонмæ ныффу кодтаин. Йæ бæлæстæ — хъæддзаума, йæ зæхх — зæхх. Б у д з и. Дзуары къох фу кæнинаг куы уаид, уæд æй афонмæ дæр уыдаид фу кæнджытæ. Д з а б о. Гъемæ уæдæ, уæ хъару æмæ уæхæдæг, кувут æм, табу кæнут, фæлæ хуыздæр трактортæй ма- хæн иу уæддæр ныууадз. Уæ гаффутт колхозы уый- бæрц трактортæй цы кæнут? Б у д з и. Иу гайкæ дæр дын нæ ратдзынæн куы загътон. Ленины колхозы гаффутт кæй хоныс, уый та мæнæ ерысы фендзыстæм! Фидæнацафонмæ не ’мгъуыд. Д з а б о. Гъы, Ленины иомыл колхоз! Сымахимæ ерыс кæнын нæ сæрмæ дæр не ’рхæсдзыстæм... Ленины ном хæссын аккаг пе ’стут, æмæ уын а-дыууæ боны уæ ном аивдзысты. Б у д з и (фæджих). Цы загътай? Д з а б о. Цы фехъуыстай, уый. 232
Б у д з и. Нæ колхозонтæ дæ уып куы базонпккой, уæд дын хъыцъыдон баназын кæниккой. Д з а б о. Цæй тыххæй уæд? Æз цы фехъуыстоп, уый зæгъын. Б у д з и. Кæм фехъуыстан? Д з а б о. Райæххæсткомы. Уыцы колхоз, дам, Ле- шшы ном хæссын аккаг иæу. Будзи. Чи тауы ахæм дам-думтæ? Æви дæхæ- дæг? Д з а б о. Дам-думтæ тауып мып мæ фыдæй н,е баззад! Дзырдтой райæххæсткомы. Мæ бацыдмæ сæм обкомæй чидæр уыдп æмæ сын бауайдзæф кодта: æгас республикæйы, дам, уыцы колхозæй æгуыдзæг- дæр куынæ ис, уæд, дам, ыл Ленины ном куыд уадзут. Æри, цы трактортыл фæхæлæф кодтай, уыдои ма- хæн, æмæ дæхи айс уыцы ницæййаг колхозæй, дæ сæр дзы басудздзæн. Б у д з и. Æхсызгон дын у? Уæдæ лæгтæ ма фæхун- иæпт, куынæ нын æй аивой. Лидзгæ та... Æз зыпдзи- пæдгæй куы нæ фæлидзып. Д з а б о. Уыцы стыр трактор махæн ратт, нæ дын æн ауадздзынæп. (Сæ нумæдантимæ рацæуынц Дзе- рассæ æмæ Петя, фæлæ лæгты ныхас куы айхъусынц, уæд ныллæууынц.) Будзи. Кæс-ма-иу уæдæ кæддæра йæ тæккæ рансом Дзерассæ’ нæ кгсрты нæ балæууып кæнид... Д з а б о. А-гъа, æмбарын дæ. Дæу тракторы мæт уыйбæрц нæй, йе ’скъæрæг Дзерасоæйы мæт дæ цас ис! (Мæсты худт бакæны.) Гъеуый сæрдар у, гъе! Чыз- джы тыххæй йæ колхозы быпдуртæ иу тракторыл Потммарзта! Будзи. Куыд дæму кæсын, афтæмæй изæрæй æды- 233
лыдæр кæныс, Дзабо. Ныр цымæ цытæ дзурыс? Д з а б о. Дзерассæ дæумæ нæ ацæудзæн. Цы ми кæны гаффутт колхозы. Махмæ рацæудзæн. Æз æй зсеронд тракторыл дæр сбадын ’кæндзынæн. Будзи. Гъы, нæ рацæудзæн! Æрмæст куы фех- ситт кæнон, уæд дæр цингæпгæ расæпп-сæпп кæндзæп. (Фæцæуы. Йæ фæдыл Дзабо йæ сæр батилы æмæ ацæуы.) Д з е р а с с æ. Агъа уæдæ! Афтæ у? «Расæпп-сæпп кæндзæн!». П е т я. Кæсыс, мæ хо, куыд дыл хæлоф кæныиц. Дæ аргъ уæлæмæ-уæлæмæ цæуы. Дзерассæ. Тракторæн ис æхцайæ балхæнæн, фæлæ мæнæн балхæнæн кæй нæ ис, уый йæ ,ферох. Гъы! «Расæпп-сæпп кæндзæн!»... (Кæртмæ баздæхынц Беныр æмæ Будзи.) Б е ч ы р. Колхозты сæрдартæ хъаугъа кæнынц, хуыздæр трактортæ, дам, æвзæр колхозæн радтай. Б у д з и. Æвзæры - ном сбадти уыцы колхозыл. Æнæгæдыныхас, æвзæр, æдзæллаг колхоз у, зоныс æй. Нæ мæ фæндыди уырдæм сæрдарæй ацæуын, фæ- лæ мын обкомы секретарь «цæугæ æмæ йæ йæ къæх- тыл слæууын кæн», зæгъгæ куы загъта, стæй мæ кол- хозонтæ се ’мбырды куы равзæрстой, уæд «нæ мæ фæнды» зæгъын нал бафæрæзтон. Кæм мæ равзæр- стой, уым та зындзинадæй фæлидЗын мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн. Æцæг мын баххуыс кæнын хъæудзæн. Ды мæм дæ цæст фæдардтай, Бечыр, æмæ дæ бузныг дæн. Машинæты хабар колхозонтæ куы фехъуыстой, уæд сæ базыртæ систой. Фæлæ мып æрдæбоп Дзабо иу ныхасæй мæ астæуыстæг асаста. Б е ч ы р. Уагæр цавæр пыхас уыди? 234
Будзн. Райæххæсткомы, дам, дзырдтой, уыцы колхоз æгас республикæйы дæр худинаджы бынаты - ис æмæ, дам, ын йæ ном аивæм, Ленины ном хæссы- ны аккаг, дам, нæу. Уыцы хабар нæ колхозонтæ куы фехъусой, уæд фæстæмæ сæ базыртæ æруадздзысты. Б е ч ы р. Дзабо кæд мæсты уыди тракторы тыххæй æмæ уымæн æрымысыдй уыцы хабар? Будзи. Мæ размæ, дам, сæм обкомæй чидæр уы- ди, æмæ, дам, сын уый бауайдзæф кодта. Б е ч ы р. Раст зæгъынххъæуы, уыцы колхоз Лени- ны ном хæссыны аккаг нæу. Мæлдзыджыты губаккыл Хъазыбеджы хохы ном куы сæвæрой, уыйау. Будзи. Ис ын размæ ракæнæн. Æрмæст мын баххуыс хъæудзæни. Б е ч ы р. Мæнæй ма дæ цы æххуыс хъæуы? Ду- гъоп бæхы хуызæн иог трактортæ дын радтон. Будзи. Хорз дугъон бæхæн дæсны барæг куыпæ уа, уæд хъузоны.фæстæ баззайдзæн... Дæ тракторисг- ты хуыздæрты мын ратт. П е т я (Дзерассæйæн).. Хъусыс, кæуылты дæм æрзылди... Дзерассæ. С-ссс!.. Б е ч ы р (ныххудти). Стæ-ма, дæ сæр ма дæ уæ- лæ ис? Диссаджы ныхæстæ куы кæныс, зыгъуыммæ фæлдæхт Чичиков! Уый мард удтæ æлхæдта* ды та æгас удтæ æлхæныпмæ æрбацыдтæ? Б у д з и. О, куыннæ! Гъер, зæгъæм, ды дæ Плюшкин... Б е ч ы р. Æз Плюшкип куы уаип, уæд дын лæвар- æмхасæн трактортæ нæ раттаин. Æз Ноздрев дæн. Шарманкæ дын уæй кæнын, замманайы зæронд комбайн. 235
Будзи. Шармаикæ дæхицæн фæрнæй уæд. Дзе- рассæйы мын ратт... Петя (Дзерассæйæп). Ныртæккæ дæ Бечыр æр- бауæй кæндзæн. Дзерассæ. Дæ дзыпп цæттæ дар прæд исынмæ (Худынц.), Петя. Ирæд нæ— Разиат сæрмæ-сæр! Бечыр. Дзсрассæйы раттыи мæ бон пæу. Йæхи- цæн ын зæгъ,<æмæ дæм кæд цæуы, уæд, табуафси. Будзи. Бæргæ йып загътон... Б е ч ы р. Гъы, æмæ дын цы дзуапп радта? Будзи (худы). Ллывыд мын ныккалдта. Æмæ мæ цыпæ сырды мыггаг схуыдта арсæй, бирæгъæй, рувасæй. Æгас джупглийы сырдтæй мыл кæй ном нæ авæрдта, ахæм нал баззади. Б е чы р. Тнгр дæ не ’схуыдта? Б у д з и. Нæ, тигр æй мæхæдæг схуыдтон. Цæй- ма, хыпджылæг пыууадз. Бирæгъæн сæгъы мехъхъ — худыи. Ды йыи куы зæгъай, уæд рацæудзæн. Бечыр (зæрдиагæй). Нæ, Будзи, Дзерассæйыл мæ боп иæ цæуы. Фæнды нæ дæумæ цæуын æви нæ, уый йæхи хъуыддаг у. Б у д з и. О, æмæ æз дæр афтæ нæ зæгъын, æвæп- донæй йæ рарвит, фæлæ ды дæр аныхас кæн йемæ, æндæр колхозмæ йæ ма ауадз. Ахæм хорз тракторист- кæ... (Дзерассæ хъусы тынг зæрдиагæй, Будзи йæ ауыиы, фæджих вæййы, стæй хъæрдæрæй дзурын рай- дайы мидбылты худгæйæ.) > Бечыр. Дзерассæ капд хорз трактористкæ нæу... Тæрсыс ын, нæ? Æмæ тæссаг дæр у, ахæм рæсугъд чызг... Будзи. Цæй, мæн йæ рæсугъды мæт пæй. Æниу 236
цæй рæсугъд у, маймулийы хуызæн... (Дзерйссæ фе* стъæлфы.) П е т я. О-гъо, хъусыс, мæ хо! Дзерассæ. Сырды мыггаг! Хиппæлой!.. (Петя- мæ.) Цом!.. Б е ч ы р. Афтæ дæ куы фехъуснд... Дзерассæ. Фехъуыстон æй! Стыр бузныг дæ ныхæстæй, Будзи! Дæхиуыл æгæр фервæссыдтæ, фæлæ хъахъхъæ, уасаг гæды мыст нæ ахсы. Будзи. Оу, мæнæ мæхи куыд æрбабыи кодтон! Дзерассæ, Дзерассæ! Дзерассæ. Цы ма зæгъыс, уасаг гæды! Гъы, гаккуччы каст мæм цы кæпыс! Дæ зæгъинæгтæ фесты? Цы ныхъхъус дæ? Хиппæлой дзегъа. Будзи. Ныххатыр кæн, Дзерассæ, ам æнхъæл дын нæ уыдтæн. (Бауайынмæ йæм хъавы, фæлæ нал бауæнды хæстæг. Бечыр сæм кæсы.) Дзерассæ. Зоныы æй, фæсаууои хъæбатыр- дæр вæййыс. Тæппуд! Будзи. Æз хъазгæйæ загътоп... Хъазæи ныхас кæмæйдæриддæр сирвæзы. Фæсмоп ыл кæпын... Дзерассæ. Дæ фæсмоны цæссыгтæй уæртæ уы- цы боцкъа айдзаг кæн æмæ дын уæд, чи зоны, фæ- тæригъæд кæндзынæн. Цы зæгъыс? Разы дæ? Будзи. Дæн. Цыдæриддæр зæгъай... Дзерассæ... рацу нæ колхозмæ, дæ трактор... Дзерассæ. О, мæ трактормæ фæлæбурдтай, ал- хæдтай йæ, фæлæ æз тракторы цалх кæнæ гайкæ нæ дæн. Стæй сæпп-сæпп кæныныл дæр ахуыр иæ дæп. æхситмæ згъорын дæр нæ зонын. Будзи, дæ хъуыды- тæ дын æмбарын, ды сæ æргом зæгъын уæндгæ нæ кæ- ныс. Ахуыргонд! Агроном! Колхозы сæрдар бауарз- 237
та бензин æмæ алы маслæтæй амæст хъазах’Ьхъаг чызджы! «Мæ фæдыл расæпп-сæпп кæндзæн». Куын- нæ! Сираг бæхау куыннæ асирдзынæндæ фæдыл, æр- мæст фехситт кæн, уый йедтæмæ!.. Б у д з и. Раст нæ зæгъыс, Дзерассæ. Дзерассæ. Ды афтæ æнхъæлыс, æмæ, æз, цы машинæйыл кусын, уый хуылфыдзаумæтты йедтæмæ ницы зонын. Рæдийыс, дæ дæлæвзаг цы æмбæхсые, уый дæр æмбарын. Ма йæ сусæг кæн. Æз æй нæ су- сæг кæнын. Будзи. Дзерассæ... Дзерассæ!.. Зæгъ æй æххæст... цы нæ сусæг кæныс? Дзерассæ. Дæ хъустæ ма схъил кæн... Будзи. Зæгъ мын, бафидаудзыстæм... Ныр та дæ цы курæг дæн... Дзерассæ. Мацы мæ кур. Цæмæн хъæуы дæ колхозы маймули? Маймулиты питомник, миййаг, куынæ аразыс. Мæиæ дзы иу маймули ис сæрдары бынаты æмæ уый æгъгъæд у!.. Уæвгæ Ленины ном цы колхоз хæссы... О, хæдæгай, мæнæ уын а-дыууæ боны уæ кадджын ном байсдзысты æмæ уæ колхозыл ног ном куы æвæрат, уæд мæм-иу фæхабар кæн, æз ыл сæвæрдзынæн ном — Гæмхетт! Цом, Петя, нæхимæ! (Араст; стæй фæстæмæ фæкæсы.) Гакк-гукк! (Ацæуы.) Петя (фæцæуы, Будзийæн сусæгæй). Тыхсгæ-ма, кæн, Будзи. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. С’алам- тæ Разиатæн! (Ацæуынц. Будзи джихæй кæсы сæ фæ- дыл, стæй фыртыхстæй æрбады бандоныл.) Бечыр (бацæуы йæм). Сагъдау куы баззадтæ, Будзи. Къалоз аныхъуырдтай? Б у д з и (йæ къух ауигъы). Их уарæгау мыл нык- калдта. Уагъылыты къудзийæ уæлдай нæу тонынмæ! 238
Пысыра, сындз! Мæ хъуыддæгтæ мæхæдæг ныззы- гъуыммæты кодтон., Бечыр (худы). «Гакк-гукк!..» Дæ базыртæ ма æруадз. Уарзондзинад кæм уа, уым хъуыддаг нæ фе- хæлдзæн. Фæлæ дын, æпхъæлдæн, дæ гайкæтæ æгæр фездыхта. «Гакк-гукк!» (Худæг ыл бахæцы. Будзи йæм кæсы æнкъардæй.) Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ. Авансценæ у уынджы хуызæн. Æмбæрзæны размæ дыууæрдыгæй бæлæстæ. Разиат чингуыты бæстытæ фæхæссы. Йæ размæ фæ- вæййы Петя, йæ къухы чысыл асыкк. Петя. Разиат! Дæ райсом хорз! Р а з и а т (ныллæууы). Æ’гас цу! Петя. Уый цас хæссыс, уый? Дæ къухтæ фæрис- дзысты. Æри сæ ардæм. Р а з и а т. Нæ, уадз сæ, мæ къухтæ ахуыр сты. Ныртæккæ сæ Будзийы машинæйы бадавдзынæн. П е т я. Æри, æз сæ бадавдзынæн... Кæдæм сæ хæо сын хъæуы? Р а з и а т. Быдырмæ. Станы уыы библиотекæ кæ- нæм. Петя (хъæлдзæгæй). Уый хорз... Æмæ-иу дæ- хæдæг дæр уым уыдзынæ? Р а з и а т. Нæ..,. Петя. Цæуылнæ? Уæдæ дын чиныгуытæм чи кæс- 239
дзæн? Дæхæдæг уым куынæ уай (бахуды), уæд сæ мах цъаргай æмæ гæбазгай ныккæндзыстæм. Р а з и а т. Хæргæ сæ ма бакæнут... Петя. Хæргæ... уырытæ, миййаг, куынæ стæм... Æрц уал м.æнæ ацы чингуытæ. (Йæ асыккæрæвæры.% Разиаты къухæй райсы чингуыты баст æмæ сæм æр- кæсы.) «Зæрдæйы дуар». (Ныуулæфы æмæ комком- мæ ныккæсы Разиаты цæстытæм. Разиат ныфсæрмы вæййы æмæ иннæрдæм азилы.) Зæрдæйы дуар... Гъей-джиди, зæрдæйы дуæрттæ байгом кæнын чи зо- ны!.. Разиат. Дæ разы уыцы чингуыты ис, зæрдæйы дуæрттæ байгом кæлын ~чи зопы æмæ сæ гомæй чи ныууадзы, ахæм геройтæ... Стæй нæхимæ дæр- ис ахæм геройтæ. П е т я. Уыдон геройтæ нæ, фæлæ бандиттæ сты. (Кæсы иннæ чиныгмæ.) «Пармская обитель»... Фабри- цио... Клелия... Разиат... Æз дæу фенынмæ æрбазгъо- рын станæй... Р а з и а т. Æмæ цы дугъ кæныс хъæуæй станы æх- сæп? П е т я. Ды дæ чингуытимæ уым куы уай, уæд пал дугъ кæндзыпæн. Æз МТС-æй дæр уæ колхозмæ дæу- тыххæй рацыдтæп... Разиат. Фабрициойы бафæзмыдтай?.. Æз Кле- лия нæ дæн... Дæ хо цæуылиæ комы мах колхозмæ? Махмæ куы рацæуид Дзерассæ-.. П етя. Разиат та махмæ куы рацæуид... Р а з и а т. Стæ, къулыбадæг ныхæстæ ма кæн. Æри чингуытæ. Аив нæу ам уынджы... Будзи æрбацæуы... Мæ чингуытæ!.. 240
П е т я. Æз сæ дæ фæдыл кæдæмдæриддæр ахæс- дзынæн... Р а з и а т (цæугæйæ). Фыццаг иæ фæдыл фæсæгш- сæпп кæнут, уæхи куы бавæййæм, уæд та нæ уæ фæс- тæ фæуадзут (Ацæуы.) Петя (йæ асыкк бæласы бын ферох). Ард дын хæрыи, мæ цæргæбонты дæ фæдыл къæбылайау згъор- дзынæн (Ацæуы. Бацæуы Будзи тыхстхуызæй, йæ фæстæ Хæмæт.) Хæмæт. Фæлæуу-ма, Будзи, æз дæ фæдыл бай- раджы сæпп-сæпп кæнын, ды та мæ æрдумæ дæр нæ дарыс. (Будзи ныллæууы æмæ кæсы Разиат æмæ Пе- тяйы фæдыл.) Иучысыл мæм байхъусын дæ бон у æви нæу? Будзи (раздæхы йæм). Иронау дзырд нал æм- барыс æви демæ хатиагау дзурын хъæуы?! Хæмæт. Цы дæ курын, уый мын зæгъ, хатиагау дæр æй бамбардзынæн. Уыцы стыр тракторыл мæ ку- сын цæуылнæ уадзыс? Будзи. Цал хатты дын загътои, Хæмæт, уыцы тракторæн хпцау ис, æмæ йæм мауал бакæс-бакæс кæп. Хæмæт. Нæй йын хицау. Мæн ыл бауадз кусын. Будзи. Ды тракторист нæма дæ. Фехалдзыпæ йæ. Дæлæ дып цы трактор радтон, уый уал срæвдз кæн... Хæмæт. Уый срæвдз кодтон, фæлæ уыцы ДТ-ы... Ды йын йæ фыццаг барæгмæ æнхъæлмæ кæсыс, фæ- лæ Дзерассæ мах колхозмæ нæ комы. Дæттыс мын æй? Будзи. Цæй хорз, кæд а-дыууæ боиы Дзерассæ нæ фæзына... X æ м æт. О-гъо! 16 Пьесæтæ 211
Будзи. Уæд фендзыстæм. (Фæцæуы, фæлæ фæ- комкоммæ вæййы Петяйы асыкмæ.) Мæнæ а’цы асыкк демæ ахæсс æмæ-иу зæгъ Петяйæн мæ номæй, трак- тортæй, зæгъ, хъæуы бынмæ дыууæ æрбаппарут. Дзуа- ры фæзæн иу трактор æгъгъæд у. X æ м æ т. Æмæ хъæуы бын цы ми кæндзысты дыууæ тракторы? Уый «Уæлвæзы» колхозы зæхх куы у! . Будзи. Нал у. Нæхи у. Цæугæ ныр, мауал, мæ фæстиат кæи, нæ мæ æвдæлы. (Фæраст вæййы, фæлæ йæ бауромы Косер.) К о с е р (лæф-лæфгæнгæ). Будзи, райæххæстко- мæй дæм дзурынц, тагъд, дам, куыд сæмбæлай, аф- тæ. Цымæ дæм цæмæн дзурынц? Б у д з и. Æмæ-гъа. К о с е р. Кæд дæм нæ колхозы ном аивыны тых- хæй дзурынц? Хæмæт. Ома куыд нæ колхозы ном аивыны тыххæй? 1 К о с е р. Æгас хъæуыл айхъуысти, Ленины ном, дам, ыæ исгæ кæнынц, æмæ адæм фæдисы фесты. Уынгты дыууæрдæм тын нывæндæгау кæнынц. Пыхс цæгъдыымæ чи уыди, уыдон дæр уым æрбалæууыды- сты. Дæу’агурынц, Будзи. Хæмæт (Будзийæн). Æцæг у? Будзи. Æвæццæгæн... Гъы, хъуамæ йæ Дзабо цъиуау ауасыди.., X æ м æт. Хъæууай кæпут уæдæ гъер! Нæ кæрц ма дыс хъуаг уыди! Донлакъонгæнджытæ! Косер. Ныр иæм уыйбæрц машииæтæ куы ис... Стæй Будзи, æртæ зæронд лæджы правленимæ æрба- 242
лæбурдтой, загъд, хъæлæба кæпынц... Ацце сæ сабыр кæны, фæлæ марадз зæгъ... Дæу агурынц. Будзи. Æмæ цæуыл хъæлæба кæыынц? Нæ йæ базыдтай? - Косер. Дзуары къохы кой дзы айхъуыстон. Ис- кæмæн, дам, йæ бæрзæй асæтдзыстæм... Хæмæт. А-а! Донлакъонгæнджытæ! Солти æмæ Тели уыдаиккой! Чепуха! Уадз æмæ хъаугъа кæной! Б у д з и. Фæлæуу, фæлæуу, «чепуха»! Цæуыл хъуа- мæ смæсты уыдаиккой? Хæмæт. Донлакъонгæпджытæ сты. Дзуары къох- мæ трактортæ хæстæг нæ уагътой. Будзи. Къохы бæлæстæм исты бавпæлдтат, мий- наг? X æ м æ т. Нæ, пæ бавиæлдтам. Будзи. Цæй, зæронд лæгтимæ бафидаудзыстæм. Цæут. Æз райæххæсткоммæ бауайон. Хъусут, къохы Оæлæстæм ма бавпалут. Косер. Будзи, нæ ном байсын ма бауадз... фæ- худинаг уыдзыстæм... Б у д з и. Хорз, хорз, цæугæут. (Ацæуы.) К б с е р. Хæмæт, маймули цæкуытæм куы кæса, уый каст куы кæныс... Ныр нын Ленины ном куы бай- сой, уæд ныл цы ном сæвæрдзысты? X æ м æ т (мæстыйæ). Омменаты ном! Донлакъон- гæнæг! Кæм фехъуыстай уыцы хабар. Косер. Цъиутау æй куы уасынц, куыннæ йæ фе- хъуыстай! Хæмæт. Æз, быдыры уыдтæн... О... Акса-ма? Пе- тяйы асыкк, донлакъонгæнæг! Кæдæм æй хæссын? Райсом хуым кæнын райдайдзыстæм. Мæхи фæстæмæ згъорын хъæуы трактортæм. Цом. Уыцы стыр трак- 243
тор мын куы раттаид... бахъыгдардтай мæ, фæцæйра- зы кодта. Донлакъонгæнæг! Косер. Уыцы трактористкæ нæ комы махмæ? Хæмæт. Дæлдзæх фод! Тæккæ хуыздæр трактор ын ныууагъта, цыма уый хуызæн тракторпст зæххыл иал ис. К о с е р. Нал ис, иал... Будзийæп... Уарзгæ йæ кæ- ны (Худгæ фæцæуы.) Хæмæт. Цы загътай, цы? Донлакъопгæпæг! Ды никæй уарзыс? Косер. Никæй, мæп аккаг дзы нæма разындн." (Худгæ ацæуы. Хæмæт йæ фæдыл.) Æ мбæ рзæн ÆРТЫККАГ НЫВ. Ленины номыл колхозы правленийы кæрт. Кæсæп залы баком- коммæ дуар æмæ рудзынг. Дуары ’сæрмæ сызгъæрин рамкæйы Ленииы портрет. Ацце йæ сæр рудзыпгæй радардта, афтæмæй дзуры. Тели лæдзæгæй додой кæны. Солтн дуарыл лæдзæгæй бахæц-бахæц кæны. Бига бæласы бын баидоныл бады æмæ куы сæ иумæ бакæсы, куы се ’ннæмæ æмæ та мндбылты бахудьь Т е л и. Дзуаркъах сæрдар иæм нæма уыди, æмæ та уый дæр бавзæрстам! Хурбон æй арв æргæрах ласа! Л ц ц е. Солти, мидæмæ цæмæн бырсыс? Ам нæй Будзи. Солти. Фепоп æй мæхæдæг æмæ йæ бафæрсон... 244
А ц ц е. Омæ йæ куыд фендзынæ, ам куынæ ис, уæд? Б и г а. Æгонгæй, Солти, мæнæ йæм Телийы бизы- рæй бакæс, фендзынæ йæ. Солти (рацæуы Бигайы цурмæ). Телийы бизыр дарæг дæ ма уæд дæуæй дæр! (Лццейæн.) йæ ард уæ фæдыл фыдæй æфтыд фод. (Æрбады Бигайы фарсмæ. Бига йын барæй йæ къахыл ныллæууы.) Солти. Стæ-ма, мæ къахыл мын ныллæууыдтæ! . Б и г а. Уæдæ дын дæ сæрыл ныллæууон! Мæ фарс- мæ цы пыффæтъæн дæ! Тели. Ды ма мын зæгъ, ды, чи рахаста дзуары къох пыццæгъдыпы уынаффæ? А ц ц е. Ничи. Дзуары къохы хабарæи Будзи мур дæр ницы зоны. Тели. Уæдæ йæм трактортæ цæмæп батардтаг? Хырхытæ æмæ йæм фæрæттæ цæмæи баластат? Ацце. Трактортæ дзуары фæз хуым кæпыимæ. Р1æ алфамбылай нæ хуымгæнды зæххытæ сты æви не ’сты? Солти. Æмæ хуым хырхытæ æмæ фæрæттæй кæ- нут?! А ц ц е. Иу фæрæт дæр дзы пæй æмæ иу хырх дæр. С о л т и. Стыр зондджын æмæ хъæбатыр лæг йæ пыфс цы лæгæтмæ пæ фæхæссы, уым, дам, æрра лæг соит-монты смидæг вæййы. Уыйау мах иог сæрдар дæр! Цæрынæй-хæрынмæ дзуары къохæй къæцæл ра- хæссын дæр ничи уæпдыди, пыр фæзынди цавæрдæр къулыбадæг æмæ йæ ныццæгъдынмæ хъавы! Тели. Хур бон æй арв æргæрах ласæд! (Аццсмæ.) Кæм ис Будзи? Цæмæн æй æмбæхсыс? Ацце. Уæ, ницы æмбæхсын, Тели. Райæххæстко- 245
мæй йæм дзырдтой, æмæ, æвæццæгæн, уырдæм ацы- ди. (Рудзынг бахгæны.) 1-аг колхозон (заборы сæрты йæ сæр фæ- зыны.) Гъе Тели, Будзи зынæг нæма ис? Тели (фæзилы уыйырдæм). Нæма, нæма, æмæ дзы мауал фæзынæд! 1-а г к о л х о з о н. Уыцы худинаджы хабар æцæг у? ’ Т е л и. Æцæг у, æцæг, дæ рын бахæрон. Сымах дæр уæ дзырд баппарут1дзуары сæрыл. Оммеи кæ- нынмæ лæппын уасджытæй уæлдай куынæ вæййут!.. (Сæр фæаууон.) Дæлдзæх фæу!.. , С о л т и. Оммен кæнынмæ та дын хуыцау ахæм хъæлæстæ авæра! 2-а г колхозон (иннæрдыгæй заборы сæрты). Гъей, Тели куы дæ! Нæ зоныс, уыцы амæлæты хабар æцæг у? Тели (ныр та уыйырдæм азилы). Уастæн йæ ба- уынаффæгæпæджы хæдзары хæл^дмæ бардиаг чындæ- уæд!... Ма йæ бауадзут сæфын, фæлтау нæхи цæхæ- радæттæ дæр ратдзыстæм... 2-а г ко л х о з о н. Нæ йæ бауадздзыстæм байсын, ма тæрс, Тели. х . Тели. У-у-у, мæ уд дæр ма. уæ фæхъхъау! Дзуа- ры бын кувлæйæ ацаходынмæ хъæрццыгъатæй уæлдай куынæ вæййут, уæд æй ныццæгъдын куыдбауадздзыс- тут! (Сæр фæаууон.) Пуй, менæуынон фæут! Фæдæл- дзæх та ис уый дæр! Хурбон дæ... ’ Д а л о,й (заборы сæрты). Гъей, Ацце! Т е л и (фæзилы та уыйырдæм). Ацце дарæг уæ ма уæд, заборы сæрæй цы цъиах-цъиах кæнут фыдуац- хæссæг халæттау! 246
Д а л о й. А-а, Тели куы дæ. Будзи ам нæма и? Т е л и. Нæй, цæмæи уæ бахъуыди? (Далой дæр та фæаууон.) Хæйрæджытæ не ’сты адон! Фæскъæвда- йы зокъотау æвиппайды зæххы бынæй фæзынынц... Бига (худы). Цъилау дæ куыд зилын кæныпц, Тели. Цирк дæ сарæзтой! Дæ къабæзтæ мауал тил, æмæ дæ ма хынджылæг кæной. Т е л и. Дæ зæронд хынджылæггаг суæд! Уæвгæ ма хуыгæсæй хынджылæггагдæр цы суай! Хуыты пад- дзах! Ам ныффæлдæхтæ, æмæ дæргъæй-дæргъмæ бан- доныл æрбадæн нал ис. Б и г а. Ды лæугæ дæр акæидзынæ. Зæронд нæл сæгъæй уæлдай дыл фыды мур пæй. Хърихъуппыты фистæгæй сурынæн бæззыс... Бадæм-ма, Солти? С о л т и. Цæй, цом. Кæдмæ йæм æпхъæлмæ кæс- дзыстæм. Т е л и. Нæ, Солти, мæнæн афтæмæй ацæуæн нал ис. Будзи æнæ ахстон мæгайæ уæлдай нæу, нæ дзуары къох нын ныддымдзæн æмæ æндæр колхозмæ афар- дæг уыдзæн, фæлæ мах та фермæйы кувдзыстæм?! Б и г а. Лæуу уæдæ, лæуу. Дæ бырынкъ къамбецы бырыыкъау хæрдмæ дар, æмæ дын хуыцау баххуыс кæндзæн... Тели. Ды та йæ хуыйы бырыпкъау зæхмæ дар! Иу ныхас дæ дзыхæй ма схауæд, фæмæллæгдæр уы- дзынæ! (Бауайынц Ислам æмæ Були. Хистæртæн са- лам зæгъынц.) Були. Будзи иæма фæзыпди? Т е л и. Нæма. Мауал дзы фæзынæд! Ислам. Уыцы хабар æцæг у? Уый тыххæй йæм ма фæсидæпт? 247
Тели. Æцæг у, уый тыххæй ацыди. Нæ’маст цæф арсы богъау хицауадмæ дæр фехъуысти... С о л т и. Дзуары къох пыццæгъдыпæй фылдæр бæллæх ныл никуыуал æрцæудзæп. Були. Ай иыи нæ сæртæ куы лыг кæнынц, Сол- ти, сьшах та ма... Тели. Уæ Були, Були... 0, уыцы пом дыл чп сæ- вæрдта... Саджы хуызæн лæппу... Фæлтау фысау æпæ помæй куы баззадаис... Цы ма уыдзæпи дзуарæп фæ- хынджылæг кæпынæй æвирхъаудæр хабар! И с л а м. Ис уымæй æвирхъаудæр хабар, Тели. Т е л и. Цы у, цавæр хабар у уагæры? Зæгъут æй, æмæ нæ кæд хур боп арв гæрæхтæ кæпыи байдыдта, уæд æххæст кæстæрæй, хистæрæй иумæ æрцопнай кæ- иæд нæ хъæуыл! Б у л и. Нæ ном пып ивынц, пæ пом Тели. С о л т и. Ома пып куыд ивыпц нæ ном? Б и г а. Æмæ дып дæ къамбецы ном куы аивой, лæппу, уæд уымæй хъуыпджындæр кæнæ лæгуындæр фæуыдзыиæ? Були. Мæ ном иæ. Бнга, фæлæ иæ колхозы пом. Ленины ном ивыпц... Бига (сыстад). Цы загътай, лæппу? Дзæбæх дæ пæ фехъуыстон. Чи пып исы нæ иом? Цавæр ном? Були. Уæ колхоз, дам, Лепипы ном хæссыны ак- каг нæу, æмæ дам, уып æй ивгæ кæнæм. Б и г а. Æмæ нын нæ худтæ кæлмæрзæнтæй нæ ивынц? Нæ сæртæ ма уæд не 'уæхсчытыл цæмæп хæс- сæм?! Солт и. Искуы дæр ма æгас колхозæн йæ кад- джын ном аивдæуыд! Чи у уыцы ном ивæг?! (Адæм фæдисæттау цæуынц кæртмæ, чи къохы тыххæй, чи та ’ 248
колхозы номы тыххæй, фæлæ сæ кæрæдзи нæма взм- барынц.) Бига (адæммæ). Мæлæт, мæлæт, худинаджы бæсты! 1-аг колхозон. Кæм сты нæ хицауад? Цы ма хъахъхъæныпц! 2-а г к о л х о з о и. Æппыи нæ колхозы хицауадæй ничиуал ис? Цæуылпæ нын бамбарын кæнынц хабæрт- тæ! (Ацце рацæуы кæртмæ.) Ацце, ай æгас хъæу куы сæнкъуыстн алы дам-думтæй. Бæлвырд хабар нын цæуылпæ бамбарып кæнут? Тел и. Фæрæттæ æмæ хырхытæ кæй аластой, уый æцæг хабар у? 1-аг колхозон. Фæлæуу-ма, заууат фæу дæ хырхытимæ! Ацце, чи пып хъавы нæ кадджыи ном байсынмæ? Ацце. Ахæм кой рагæй цыди, суапг ма. Мæхæмæт куы уыди сæрдар, уæддæр. Б и г а. Гъе, уыцы Мæхæмæт пæ нæ фесæфта, иæ? С о л т и. Цæмæй нæ фесæфта Мæхæмæт? Сабыр4 лæг уыди, æнæ хин лæг... Б и г а. Сабыр фыс дæр у, æмæ йæ марадз сæрдл- ры быпаты сæвæр! Сæр дзы хъæуы сæр, ахуырго’нд лæджы сæр! Тели, Кæд нæ худинаггæнæг ис, уæд пæ Будзи куы худинаг кæны, сæрджын Будзи! Б у л и. Будзийы аххос дзы ницы ис. Йæ былы цъæрттæ нæ хордта мах колхозмæ!.. Дунейы машинæ- тæ нын балхæдта. Тели. Йæхи дзьшпæй сæ балхæдта, цæвиттоп! Б у л и. Æмæ дæ цы хæс дары Будзи? Цæмæн дын хъуамæ балхæна йæхи дзыппæй! 249
Лцце. Гъе уый дын тæригъæд уыдзæни, Телн. Будзи ныр цалдæр мæйы дæргъы йæ мызд дæр нæ райста, кæд уыцы машинæты хæс тагъддæр бафидик- кам, зæгъгæ.- Ды та цы бакодтай хорзæй? Кувынмæ йедтæмæ куы ницæмæн бæззыс. Кусынмæ дæ астæу куынæ тасы, цардбарæг лæг уæвгæйæ! Тели. Уый дæ хъуыддаг нæу... Нæ дзуары къох нын ма къахæд! Ма нæ чъизи кæнæд.,. - Б у л и. Чи нæ чъизи кæны? Нæхæдæг чъизи кæ- нæм нæ’хи! Хъæлæстæ. Ай-гъай, нæхи аххос у! С о л т и. Цæмæй у нæхи аххос? Нæхæдæг, миййаг, бацыдыстæм райæххæсткоммæ, нæ кадджын пом хæс- сын нæ бон нал у æмæ нын æй аивут, зæгъгæ? Б и г а. Ацце, цæмæи басидтысты Будзимæ районы хицауад? А ц ц е. Бæлвырд ын ницы зонып. Тагъд фæзынæд, зæгъгæ, æрбадзырдтой тилифонæй. (Бацæуы Мæир æмæ æнцад слæууы, хъусы,ницы дзуры.) Б и г а. Уым нын афопмæ пæ ном ивынц, нæ худи- наджы кой кæнынц, мах та ам... худинаг, амæлæты хъуыддаг! 2-а г колхозоп. Цомут райæххæсткоммæ!.. Хъæлæстæ. Цомут æмæ ныи худинаджы ми чи кæны, уыдонимæ нæ лæгдзинад бавзарæм! (Адæм баз- мæлыдысты.) М æ и р. Кæдæм фессæстат? Цы нæ, схондзысты! Б и г а. Тæхгæут, лæппутæ, æмæ сæ бауромут. Иу- гæр уынаффæ куы рахæссой, уæд нæ худипаджы хъæр айхъуысдзæн. (Лæппутæй- чидæртæ азгъорынц. Æр- байхъуыст машинæйы уынæр.) Ацце. Гъе, иæ уын зæгъын, æрбахæццæ сты. 260
(Адæмы æхсæнты æрбацæуынц Бечыр æмæ Будзи. Дисгæнгæ саламтæ дæттынц адæмæи.) Будзи. Цы хабар у ай, хорз адæм? Цæуыл æрæмбырд стут фæдисæй? Æви ныл исты бæллæх æр- цыди? (Адæм иыхъхъус сты.) Куы ныхъхъус стут? Ардæм дзæгъæл хуымæтæджы не ’рæмбырд стут. Уал- дзæджы къæсæрыл уæ афтæ æмбырдтæ кæнынмæ куыд æвдæлы? Б и г а. Ды ма иæ рафæрс-бафæрс ма кæн, Будзи, фæлæ нын дзуапп ратт. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, Иры чи никуыма æрцыди, ахæм худинаджы ми нын цæмæн кæнут? Ау, мах адæм не ’стæм, пæ сæртыл худтæ нæй? Цæмæп нын чъизи кæнут нæ цæсгом! Будзи. Цы хабар у, Бига, чи уæ худииаг кæпы? Б и г а. Кæй сæр уæ сæнтыдта уыцы æвирхъауы уынаффæ, уый мах нæма зонæм, фæлæ нын уæд æх- хæст нæ худтæ дæр сылгойма-джы кæрдæнтæй аивут! Тели. Стæй трактортæ кæдæм батардтат? Хырхы- тæ æмæ фæрæттæ цæмæн бахастат? Б и г а. Фæлæуу-ма дæ фæрæттимæ!.. 1-аг колхозон. Æххæст нын уæд нæ сæртæ дæр ралыг кæпут! (Будзи æмæ Бечыр кæрæдзимæ бакæ- сыиц.) Хъæлæстæ. Махæи Ленииæй кадджындæр иицы ис, æмæ йын йæ ном иæ колхозыл сæвæрдтам... уæд ыын æй чи хъуамæ байса! Б у д з и. Ау, æмæ гъеуый тыххæй сыстадыстут фæ- дисы? Хъæлæстæ. Æмæ уый тыххæй у?! Цы ма уы- дзæп уымæй худинагдæр?! Б и г а. Зæгъ-ма пып, Будзи, чи сфæнд кодта ма- 251
хæн нæ кадджын ном байсыи? Нæ цæсгом нын чи чъизи кæны? X ъ æ л æ с т æ. Кæимæ у нæ пыхас?! Б и г а. Бечыр, дæхи куы ныхъхъус кодтан, æвæц- цæгæн, сымах фæнд у? Кæй уыпаффæтæ сты? Б е ч ы р. Бахатыр кæнут, хорз адæм. Æз хабарæн иицы’зыдтон. Фæлæ уæ маст цæуыл у? Б и г а. Ау, куыд цæуыл у? Æгас колхозы цæсгом куы чъизи кæнай, уæд «ма кæ» дæр ма зæгъой? Цæ- мæн нын исут нæ пом? Цæмæ, гæсгæ? Чи уæ рахаста ахæм уыцаффæ? Бечыр (паузæйы фæстæ). А-а. Уыди ахæм фæн- доп райæххæсткомы... Хъæлæстæ. Цæмæ гæсгæ? Æппып дзы мах нн- цыуал стæм! Б и г а. Ныр. нæхимæ машипæтæ куы ис, МТС-ы хъуаг куынæуал стæм, нæ къабæзтæ куы систам, уæд нын нæ сæр акъуырынмæ хъавут! Хъæлæстæ. Мах Мæскуымæ бахъаст кæндзыс- тæм!.. (Адæм базмæлыдысты.) Мæир. Басабыр ут! Æнцадæй кæрæдзи бамба- рæм! 1-аг колхозоп. Цы æмбаринаг дзы ис æпцадæй дæр æмæ хъæрæй дæр, цæмæ гæсгæ нып исыпц нæ кадджын пом?! Б с ч ы р. Цæмæ гæсгæ? Уе ’дзæллагдзипадмæ гæс- гæ. Уе ’взæр куысты тыххæй. Мæнæ гъер æпæхъæи колхозæй сыстатыстут æмæ загъд, хъæлæбаимæ æр- балæбурдтат, сбунт кодтат, нæ кадджын ном нып цæ- мæн исут, зæгъгæ, фæлæ кадджын номы бын кад- джын æмæ фæрнджын хъуыддæгтæ кæй вæййы, уый уæ ферох ис æмæ худипаг уæ сæрмæ æрхастат... 252
Солти. Уæлиау пыхæстæ нын ма ’кæн, Бечыр, фæлæ ма нып зæгъ, цæмæй æрхаудтам худинаджы уавæрмæ? Б е ч ы р. Цæмæй? Уымæй, æмæ уæхи хæдзæртты лыстæг хъуыддæгтыл фу-фу кæнут, уæ колхозæй æдзæллагдæр колхоз та канд нæ районы нæ, фæлæ æгас республикæйы дæр нал ис! Мæнæ Ленины къам сызгъæрии рамкæйы бакодтат, фæлæ ма йæм ком- коммæ скæсут æмæ зæгъут, уæ колхоз Леиины стыр ном хæссыны аккаг у? (Паузæ. Адæм ныхъхъус сты, сæ цæсгом нæ хъæцы Ленынмæ скæсын.) Ныхъхъус стут? Уæ цæсгом иæ хъæцы Лепипмæ, скæсыи? Уæдæ кæй ныфсæй райстат уыцы стыр ном? Æви уе ’стыр æдзæллагдзипæдтæ æмæ уæ худинаджы уавæр Лени- ны номы бын бамбæхсынмæ хъавут? Б и г а . Æгæр нæ ма ’фхæр, Бечыр, зынаргъ нын у нæ ном. Лæг йæ номæй лæг вæййы... Б е ч ы р. Лæг йæ номæй нæ, фæлæ йæ хъуыддæг- тæй лæг вæййы. Лæгæн йæ хъуыддæгтæ скæнынц стыр ном. Æмæ уæ кæд уæ номы мæт уыдис, уæд ныры онг цæуылпæ нскуы æрбалæбурдтат, ацы худинаджы бон- мæ цы хъуыддæгтæй æрхаудыстут, уыдоны тыххæн? (Адæм базмæлыдысты.) Хъæлæстæ. Гъен, Бсчыр, æгæр къæрццытæ нæ ма к’æн! — Нæ цæсгомы кой ма кæн! — Махæн Ленин у пæ цæсгом! — Ныууадз ды дæр, æгæр схъæл ныхæстæ ма кæн, Ленин у йæ цæсгом! — Æгæр уæлæуæзты тæхыс! — Нæхæдæг фæхудинаг кодтам нæхи æмæ ма йæ искæй аххос цы кæнæм! 253
Б и г а. Басабыр ут, хорз адæм! (Адæм фæсабыр сты.) Бечыр, дæ рын бахæрон, нæ колхозы хъуыд- дæгтæ æдзæллаг кæй уыдысты, уый нæхæдæг дæр уыдтам, фæлæ цы нæ бон уыди. Зæхх нæм фаг нæй. Нæ чысыл зæххæй-иу цы хортæ æркарстам, уыдон га лыи-иу дæ МТС амарзта! Хъæлæстæ. Суанг ма-иу паддзахадæй дæр къæмдзæстыг фестæм, нæ хæс-иу нæ бафыстам. — Æмæ ма дзы æниу, нæхимæ цы хауди! Бечыр. Зæхх фаг нæй зæгъыс, Бига? Æмæ уæ хъæуы сæрмæ фондзыссæдзгай гектартæ пыхс йæ быны куы скодта. Уæ тæккæ хъæуы бынмæ уын «Уæл- вæзы» колхоз дæс æмæ дыууиссæдз гектары куы афæлдæхта, сымах та æддозæй куы кастыстут! Кæй аххос уын у? С о л т и. Цæмæн нæ тæрсын кæныс? Цæмæй нын рауайдзæн фыддæр? Б е ч ы р. Уымæй, æмæ мах райкомы, райæххæстко- мы уæ ном айвыны хъуыддаг нæ алыг кодтам, фæлæ , уын Мæскуы уæ худинаджы хабæрттæ куы фехъуса, уæд æй уайтагъддæр алыг кæндзæн. Бига. Уæдæ йæ сымах нæма алыг кодтат? (Адæм фæхъус сты.) Б е ч ы р. Нæма. Мæнæ уæ ног сæрдарæн арфæ кæ- пут, уе ’ппæты номæй балæгъстæ кодта районы хица- уадæн, ма нын аивут нæ ном, иу аз ма нын ныууадзут Ленины иом, зæгъгæ. 1 -а г к о л х о з о и. Йæ цæрæнбоп бирæ уæд! (Адæм базмæлыиц.) Б е ч ы р. - Стыр худинагæй уал уæ фервæзын код- та... Фæлæ уе ’ппæты иомæй дзырд радта, уæ колхоз 254
Ленины ном хæссыны аккаг кæй скæндзыстут, уый тыххæй. (Адæм та сдзолгъо-молгъо кæнынц.) М æ и р. Басабыр ут, хорз адæм! Байхъусæм дард- дæр. Б е ч ы р. Хорз адæм. Ныры онг хъаст кодтат, нæ фæллæйттæ нын МТС ассивы, зæгъгæ. МТС лæвар иу гага дæр никуы аласта. Фæлæ ууыл »нал дзурын. Ныр уæм ис бирæ машинæтæ. Зæхх та уæхæдæг ссарут. Дард агурын æй нæ хъæуы. Райсут фæрæттæ æмæ уæ колхозы зæхх асыгъдæг кæнут æнæ пайда лыхсы къо- хæй... (Адæм фæхъус вæййынц, стæй та сдзолгъо-мол- гъо кæнынц.) Тели. Къохы бын цы бабырдыстут, уый бæрæг уын пæй, цы хабар у!.. Хур бон уæ арв... Б и г а. Банцай, Тели! Бечыр, æфхæргæ дæр нæ бакодтай, æмæ нын хъæугæ дæр кæны, æвæццæгæн, фæлæ нын бынтон худинаджы ми кæй нæ бакодтат, уьпТтыххæй бузныг. Зæххæн дæр исты амал кæндзыс- тæм æнæ къох ныццæгъдгæйæ дæр. Ныр ныхæстæн æгъгъæд у... Цом, Тели. Б е ч ы р. Ай-гъай, митингтæ кæныны рæстæг иæу. Райсом уæ хуым кæнынмæ бавналын хъæуы. Уæхи быптон худннаг ма фæкæиут. (Адæм дзолгъо-молгъп- гæнгæ ацæуынц.) Тели (цæугæ-цæуын). Гъей, хицæуттæ, къохы кой ма кæнут, иу хъиамæт уæм кæсы! Къохы бæлæс- тæй иунæг къалиу дæр куы фæхъæуа... С о л т и. Бечыр, Будзи, нæ зæрдæхудты ма бацæ- ут... (Ацæуы Телиимæ. Бечыр æмæ Будзи джихæй кæ- сынц сæ фæстæ.) Будзи. Федтай, цы митæ кæнынц! Б еч ьгр. Цы митæ кæнынц? 255
Будзи. (къæсæрыл æрбады æмæ йæ сæр тилы). Мæнæ диссаджы адæм! О-о, цæй рæдыд фæкодтон, ардæм цæмæн рацыдтæн сæрдарæй! Фæлтау мæ цæр- гæбонты хуыгæс фæхадтаин! Б е ч ы р. Цы кодтай, цæуыл æрдиаг кæныс? Будзи. Гъер адонимæ кусæи нс? Куыд æрбалæ- бурдтой... Цæмæн, цæй тыххæй? Цæуыл сбунт кодтой, цæуыл сыстадысты æнæхъæп колхозæй. Исты сыи бамбæрстай? Бечыр. Бамбæрстон. Гъс, Будзи, иырма лæппу дæ, æмæ пе ’мбарыс, цавæр бунт у, уый. Будзи. Æз буитæй хорз никуыма федтон. Б е ч ы р. Æвзæр бунт дæр никуыма федтай. Фæлæ ай цавæр бунт у, уый зоныс? (Будзи йæм кæсы джи- хæй.) Нæ йæ æмбарыс? Цом мидæмæ, æз дын æй бам- барын кæндзынæн... «гакк-гукк!» (Худгæ боцæуы правленимæ. Будзи йæ фæдыл.) Æмбæрзæн ДЫККАГ АКТ ÆРТЫККАГ НЫВ. Авансценæ. Дыккаг нывы райдианы цы бæлæстæ уыди, уыдон. (Уыцы бæлæстæ суанг кæронмæ дæр сты уым). Бацæуынц Булн æмæ Ислам. Були. Будзи афонмæ кæнæ фермæйы балæууыди, кæнæ та Мæиры бригады уыдзæни. И с л а м. Уæдæ йæм Петя сæ хæдзармæ цæмæн азгъордта? __ _ 256
Були. Разиаты фепынмæ. Тынг æй ис Будзийы мæт, куыннæ! Дæ фындз смудынмæ нал арæхсы. Ислам. Смудынмæ ма у мæ фындз, Дзабо мыи æй куы фæцæйсаста. Цæхæртæ калгæ куыд æрба- тахти. Були. Æмæ куыннæ кала цæхæртæ. Исчи дын æмæхсæвæджы дæ пумпуси зæхх афæлдахæд æмæ йæ мæйрухсмæ айтауæд йæхицæн. Ислам. Гъей, Були, райкоммæ йæм ма фæси- дæнт? Кæд, миййаг, Дзабо уырдæм бахъаст кодта. Уæд тагъд нæ раздæхдзæн Будзи. Були. Æмæ цы бæрæг ис. Дзабо нæ бацауæрд- дзæп суанг ЦК-мæ бахъаст кæиыныл дæр. Ахæм мæс- тыйæ ацыди райкоммæ. А-гъа, дæлæ Петя ссæуы. И с л а м. Уæнтæхъил-сæргуыбырæй. Були. Базырджынæй атахти æмæ æнæ базырæй схилы. Ислам. Дзæгъæлы ратæх-батæх кæны Разиаты фæдыл, нæ йын бакомдзæн. Б у л и. Цы бачындæуа. Будзиимæ ивгæ кæнынц сæ хоты. (Бацæуы Петя.) Гъы, куыд? П е т я. Сæхимæ дæр нæй. Б у л и. Æмæ дзы дæ цæст ницæуыл æрхæцыди? Петя. Ома? Були. Ома Разиат-бæлоны нæ федтай? Дæ цæст ыл не ’рхæцыди? Дæ райсомтæ хорз, бæсты рæсугъд Разиат, зæгъгæ йæм пæ бадзырдтай? П е т я. Сæхнмæ ничи ис. Сæ дуарыл дæ сæрыйас гуыдыр дзедзыкка кæны. Були. Мæ сæрыйас гуыдырæн ды хъуамæ ссард- таис дæ фындзыйас дæгъæл æмæ йæ бакодтаис. П е т я. Цæй, цæй, де ’фсæры къæдз та феуæгъд ис, 17 Пьесæтæ 257
æнхъæлдæн. Кæм агуырдæуа Будзийы. Кæдæм ма цæ- уæм, кæм ма цы афæлдахæм? Б у л и. Цымæ давинаг зæхх никæмæуал ис? П е т я. Цы адавтам, уый уал нын батайæд... Хæ- мæт нæма фæцадаид фæлдæхт дзуары къохы тъæпæн? Скъæрæм уырдæм. Цалынмæ Будзийы агурæм, уæд- мæ рæстæг дзæгъæлы сæфы. Чи зоны, Будзи дæр уым уыдзæни. Були. Разиат дæр уым... Уæд та йæм банхъæл- мæ кæсиккам? Петя. Цæмæ ма йæм æнхъæлмæ кæсæм. Цомут, уый райкомы уыдзæн. (Ацæуынц. Бацæуынц Бечыр æмæ Дзерассæ.) Бечыр. Цом, цом, Дзерассæ, абæрæг æй кæнæм. Дзерассæ. Мæн Будзиимæ ницы хъуыддаг ис. Б е ч ы р. Будзийы фенын дæ нæ фæнды? Уал азы иумæ фæкуыстам МТС-ы... Фенæм æй, цы митæ кæ- иынц утæппæт трактортæй. Дзерассæ. Цы ми кæндзысты, ныххердзи сыи уыдзысты, ныссæстытæ сæ кæндзысты æмæ сæ быды- ры дæрæнтæй ныууадздзысты. Чи сын сæм зилы. Б е ч ы р. Ау, æмæ ма уæд де ’фсымæр та цы кусы. Дзерассæ. Ме ’фсымæры бон дзы циу... зыбыты дзæгъæлы ныххæлæттаг кодтам замманайы МТС. Б е ч ы р. Гъей, Дзерассæ, мæн дæр тынг нæ фæн- дыди сæ иыххæллæттаг кæнын, фæлæ стыр хицæуттæ махæй фылдæр уынынц. Цом, комгæйæм нæ бакодтай, фæлæ, дæ зараг трактор цы ми кæны, уый базонып дæр дæ нæ фæнды? Уæд та йын йæ уарзоы чызджы феп... (Дзерассæ фæджих. Æрбайхъуысы машинæйы уынæр, стæй тагъд-тагъд бауайы Дзабо.) 258
Дзабо. Бечыр, фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй... Æз дæу куы агурыи сæумæцъæхæй иырмæ. Б с ч ы р. Цы хабар у, Дзабо. Д з а б о. Бахатыр кæпут, а-а, бæсты рæсугъд Дзе- рассæ... дæ райсом хорз. Дзерассæ. Бузныг... Дыккаг бузиыг та, бæсты рæсугъд мæ кæй хоныс, уый тыххæй. Д з а б о. Зындзырд адæймаг дæ, Дзерассæ. Дзерассæ. Цы бакæнон, мæ уды коид афтæ фæци. Б е ч ы р. Цæй тыхулæфт кæныс, Дзабо, исты бæл- лæх æрцыди, миййаг? Д з а б о. Бæллæх дæр ма цы уыдзæни... райкоммæ дæм фæдисы фæуадтæн... Æхсызгон хъуыддагæн мæ хъæуыс... Б е ч ы р. Æхсызгои хъуыддагæн?.. Дзерассæ цæу- гæ уал æмæ Будзийы кабинеты абад. Дзабомæ сусæг хъуыддаг ис, æвæццæгæи. Д з а б о. Уыйбæрц сусæгæй дзы ницы ис, Дзсрас- сæ дæр уадз æмæ зона... Дзерассæ. Машинæйы кабинæйы дæм банхъæл- мæ кæсдзынæн. (Рацыд.) Б е ч ы р. Хъусын дæм, Дзабо. Д з а б о. Дæ хорзæхæй, Бечыр, Будзи æрра ссис æви цы митæ кæны?! Б е ч ы р. Цы митæ кæны? Цы хабар у? Д з а б о. Ау, æмæ йæ нæ фехъуыстай?.. Æз дæ бы- паты куы уаин, уæд æй йæ куыстæй антъæрин, колхо- зы хъуыддæгты йæ дымгæ дæр куыынæуал уа, афтæ! Б е ч ы р. Æллæх-æллæх! Ау, æмæ цы фыдæбуал- гъы митæ бакодта уагæры? Дзабо. Цы ма бакæна уымæй фыддæр! Бавдæл- 259
ди æмæ нын дысоны мæйрухсмæ нæзæхх афæлдæхта!.. Б е ч ы р. Хынджылæг кæныс æви? Кæцы раи уый? Дзабо. Сæ хъæуы фале, дæс æмæ дыууиссæдз гектары. Б е ч ы р. Мæимæ гæсгæ, цыма уый уыдоны зæхх уыди... Тæккæ хъæуы фале. Д з а б о. Кæддæр уыдоны уыди, фæлæ йæ пыхсæй асыгъдæг кæнынмæ сæ ныфс нæ хастой. Ныр æй мах пумпусийы хуызæн куы скодтам, уæд æм къæрпыхтау æхсæвыгон сæ трактортæ батардтой æмæ йæ мæйрухс- мæ афæлдæхтой... Сусæгæй, æмбарыс? Фыдгæнджытау æй сусæгæй афæлдæхтой... Стæй ма йæ ууыл дæр куы ныууагътаиккой, уæд æй æз иннæрдæм рафæлдæхта- ин, фæлæ йæ таугæ дæр бакодтой... Ахæм хуыснæдж’ы, ахæм абырæджы миты фæстæ ма уый партийы пыууа- дзинаг у?! Б е ч ы р. Ахæм митæ ныббаринаг не ’сты, ай-гъай... Фæлæ йæ уæхæдæг цæуылнæ афæлдæхтат, Ленииы колхоз æм цæмæн фæраздæр? Дзабо. Гъы, Ленины колхоз! Гæмхетт колхоз!.. Немæ ерыс кæнынц давгæйæ. Тæрхъусыл домбапы ном!.. Б е ч ы р. Хуымæтæджы тæрхъус нæу, кæд ну æх- сæв дыууиссæдз гектары афæлдæхтой æмæ ма сæ тау- гæ дæр бакодтой... Уый æвзæр ерыс нæу. Д з а б о. Æмбарыс, Бечыр, нæма пæ равдæлди уы- цы зæхмæ, трактортæ нæм фаг нæй... суанг ма галтæй дæр хуым кæнæм... Б е ч ы р. Æмæ дæ цы фæнды? Д з а б о. Ау, куыд цы фæнды? Наказать сго падо! Б е ч ы р. Ома йæ ауындзгæ æркæиæм æви йын цы кæнæм? - ’ - 260
Дз або. Хыиджылæг цыма кæныс, афтæ мæм кай- сы... Ай уыдис, æмæ йын МТС-ы директор уæвгæйæ лæварæмхасæн дунейы трактортæ радтай, ныр райко- мы фыццаг секретарь дæ, æмæ дæм æз йæ фыдæбуал- гъы миты тыххæй фæдисы фæуадтæн, мæ хъаст дæм æрбахастон, ды та дæ мидбылты худыс!.. Ныр мын цы кæнгæ у, уый ма мын зæгь? Бечыр. Хуым кæнгæ! Бирæ ма уып ис кæиинаг? Д з а б о. Нырма нып дзæвгар пс кæпниаг. Нæ сыл æххæссæм. Б е ч ы р. Æмæ уыи æрæджы пæ кæны? _ Д з а б о. Æрæджы та — уанцон нæу, уалдзæг ныр- ма кæм ис... апрель, май. Б е ч ы р.. Май, июнь... Д з а б о. Исты амæлттæ сын кæндзыстæм, фæлæ дæм æз фæдисы цæй тыххæй фæуадтæн, уымæн мын цы зæгъыс? Бечыр (йæ мидбылты худы). Хъама дæм пс? Дзабо (фæджих). Ома? Хъама дзы цæмæн хъæуы? Бечыр. Дæ фыдмæ-цыма дынджыр хъама уыди. Рахæсс æй, мах Будзимæ басиддзыстæм, уымæн дæр рахæссын тсæндзыстæм хъама. Рацæудзыстæм дыууæ колхозы,астæу фæзмæ æмæ уым ехх-мардзæ, зæгъгæ, дуэль сараздзыстæм... Гъеуым дæ хъару æмæ дæхæ- дæг, равдис-иу дæ лæгдзинад, къуыммæ-иу æй батæр... Дзабо (мæстыйæ). Хынджылæг мæ кæпыс, Бе- чыр! Райкомы секретарь!.. Йæ фарс хæцыс? Иæ фыд- митæ йын æмбæхсыс?! Æз цæуын министрмæ. Æз об- коммæ дæр бахъаст кæндзынæн. Бечыр. Фæлæуу, фæлæуу, Дзабо, тæвд ма кæн... 261
дæ гайкæтæ æгæр суæгъд сты, æнхъæлдæн... фæдис нæу... Д з а б о. Фæдис у мæнæн, фæдис! Мæ гайкæтæ суæгъд сты! Ды мæ бынаты куы уаис, уæд фæдис нæ, фæлæ тæвд къæйыл кафис! Æмбарын дæГ Куыд кæ- сын, афтæмæй де ’вастæй нæ бакодта уыцы абырæ- джы ми!.. Б е ч ы р. О, куыннæ... Дзабо. Мæнæ йын чызг"дæр уымæн ласыс! Б е ч ы р. Уæлдай ныхæсты бæсты дæ уалдзæджы куыстытæ кæн! Д з а б о. Нæ уалдзæджы куыстытæ æнæуи дæр кæндзыстæм, фæлæ ацы фыдгæнды ми æз афтæмæй иæ ныууадздзынæн. Хъаст мæ-иу ма ракæн, дæуыл дæр дзы уæззау гæрæхтæ куы ауайа, уæд!.. Æз обком- мæ цæуын... (Цæхгæр фæзилы æмæ фæцæуы. Фæстæ- мæ.) Сымах Будзиимæ иу уадындзæй уасут! (Ацæуы.) Бечыр (йæ фæдыл). Дзабо! Дзабо! Фæлæуу-ма!.. Дзæгъæлы ратæх-батæх ма кæп! Д з а б о (фæссценæйæ). Цы мæ кæнын хъæуы, уый мæхæдæг зонын! (Бечыр кæсы йæ фæдыл æмæ йæ мид- былты худы.) Б е ч ы р. Тæхгæ уæдæ обкоммæ, тæвд къоппа! Йæ- хи зæххытæ афойнадыл афæлдахыи йæ боы нæу... Гал- тæй хуым кæыы... Трактортæ æлхæныы куы хъуыд, уæд сæ лæвар агуырдта. (Бацæуы Дзерассæ.) Дзерассæ. Цы кодта Дзабо, уыцы æхсидæвтæ таугæ куы фæтæхы горæтырдæм? Б е ч ы р. Обкоммæ мыл хъаст кæнынмæ фæтæхы. Дзерассæ. Цæмæи? Б е ч ы р. Будзи йын йæ пумпуси зæхх афæлдæхта... 262
(Зæрдиагæй.) Хорз иæ бакодта уый дæр. æвастæй. Цом-ма, фенæм æй. Дзерассæ. Æз нæ цæуын... Æз дæм куысты тыххæй æрбацыдтæн, ды та мæ Будзимæ ласыс, цæ- мæп?.. Йæ уарзоны феныпмæ? Б е ч ы р (худгæйæ). Охх-охх, Дзерассæ! Мæгуыры бон уыдзæни, ды цы лæппуйы хай фæуай, ууыл. Æз дæр дæ куысты мæт куы кæнын. (Йæ цонгыл ын ахæ- цы.) Цом, цом, Будзийы фенон æз дæр, æмæ ныртæк- кæ фездæхдзыстæм. Будзийы уарзоны дын фенын кæнон... Кæд æм айдæн уа, уæд... (Ацæуынц.) ЦЫППÆРÆМ НЫВ. Ленины колхозы быдырон стан. Дзуары къохы кæройнаг бæлæ- сты æхсæнæй ’зыны рæсугъд сæрдыгон хæдзары верандæ, йæ ра- комкоммæ, чысыл галиуырдæмдæр, стыр пец. Пецы сæрмæ бæр- зопд цæджындзтыл шиферæй æмбæрзт цар. Астæуæй стыр бæласы рæбын даргъ стъол æмæ бандæттæ. Бæласыл ауыгъд куыстыты сводкæйы фæйнæг. Къохæй хъуысы уалдзыгон мæргъты цъыбар- цъыбур. Рæстæгæй-рæстæгмæ мæргъты уаст фæвæййы тракторты æмæ иннæ машинæты, стæй адæмы уынæры бын. У фæсаходæн. Стъолыл тæбæгътæ, уидгуытæ æмæ æндæр мигæ- нæнтæ. Дзыллæ архайы, æфснайы. Верандæйæ райхъуысы чыз- джыты иугай хъæлæстæ. Д з ы л л æ. Тæхуды, адои мын чи афснайа, сихо- рæн мын æрæджы кæндзæни... (Верандæйæ разгъо- рынц Косер æмæ Мерет.) К о с е р. Цом тагъддæр, кæниод та Мæиры загъд; мæ чи хъусдзæн. Æви та дæ дæ уæнгтæ кусынмæ нал 263
хæссынц, уæздан мæлхъ!.. Цы ма ракæс-бакæс кæныс, Мерет. Будзи нæма æрбацыди, стæй дæумæ нæ хауы мойæп... Д з ы л л æ. Гуыбынииз уæ макуы айса, мæнæ чыз- джытæ, мит-митгæнаг цъиутау æдзух мой-мой чи кæ- ны... Фæлæуут иучысыл æмæ мын аххуыс кæнут. Косер. О, Дзыллæ, тæригъæд дын кæнæм бæргæ, фæлæ нын ахæм Мæир-бригадир ис, афонмæ та загъд самадта... Цæй уæд та дып аххуыс кæнæм. И, Ме- рет? Мерет. Аххуыс кæнæм, аххуыс кæнæм! (Февна- лынц тæбæгътæ æхсынмæ.) Дзыллæ, уæ Дзыллæ, æмæ _ цъиутæ мит-мит куы фæкæнынц, уæд мит æцæг æр- уары? Д з ы л л æ. Куы æруары, куы нæ. Цъиуты цъиу- цъиуæй нæ уары... Гъе-гъе, мæ уд дæ фæхъхъау фод... Хорз амæндтæ уæ хай. (Сисы тæбæгътæ æмæ ацæуы верандæмæ. Меретæн тæбæгъ йæ къухы, афтæмæй ныджджих вæййы фæндаджырдæм.) Косер (бакæсы Меретмæ). Куы та пыджджих дæ. Цы æрра дæ, дæ оххытимæ дæ игæр дæ хъæлæсæй куы схауа, уымæй дын фæтæрсын. М е р е т. Ма тæрс, мæ игæр арф æвæрд у. К о с е р. Уæд та дæ зæрдæ. Æгæр уæззау уаргъ , ыл æвæрыс Будзимæ æнхъæлмæ кæсынæй. Мерет. Стæ-ма, иыууадз мæ, къада куырой куы басгуыхтæ! К о с е р. Авд уагъды фæу! Мæхицæн дæ цы агу- рын? Дæхи цæуыл хæрыс, цы æрбасирдтай. Будзи дæумæ на^ хауы, уымæн ис уарзон, Дзерассæ йæ ном, гукк! (Меретæн йæ къухæй йæ тæбæгъ æрхауы). Гъа, 264
марадз, дæ къухтæ та ризыи куы байдыдтой йæ коймæ. Мерет. Æмæ Дзерассæ мæнæй рæсугъддæр у? Лтъæпп мын уа йæ сæр! К о с с р. Рæсугъддæр пæу, фæлæ цы æппæлыс дæ рæсугъд мукъуйæ! Мерет. Уæдæ цæмæп æрхауа Будзи уымæ! Косср. Дæуау рæсугъд кæд нæу Дзерассæ, уæд- дæр дæуæй у сæрæидæр, хъаруджындæр... М е р е т. Æмæ кæй хъæуы йæ хъару, чызг кукла- йы хуызæн рæсугъд куыиæ уа, уæд. К о с с р. Æгъгъа уæдæ! Дæ рæсугъд мукъуйæ æгæр уæлиæутты тæхыс. Хъахъхъæн, зæххыл дæ тъæпп ма фæцæуæд. Фæлтау дæ сæр сæрмæ куы хæссис æмæ Далойæн разыйы дзуапп куы раттис... М е р е.т. Ма мын кæн йæ кой. Ме ’сæфт уыпын сырх лæгæй. Мæ цæсгом ссудзы адæмы раз, зæххы бынæй фегуырæгау мæ размæ куы февзæры, уæд. Ис- чи хæрзаг ма зæгъа... Зæгъ ын Косер, æмæ мауал зи- ла мæ фæдыл. Косер. Æз ын цæмæн зæгъон, цы гуыбынниз мæ лæмары. Дæхадæг ын зæгъ... (Æрбайхъуысы уæрдоны уынæр. Чызджытæ ракæсынц.) Мæ къонайыл, Мæир пæ ам куы æрбаййафа... нæ, Далой у. Марадз, зæгъ ып дæхæдæг. Мерет’. Ницæй тыххæй. Мæ сæрмæ дæр пе ’рхæсдзынæн йемæ сдзурын... К о с е р. Дæ рæсугъд бырынкъæй дæ дымæг æгæр зулмæ хæссыс. Хъахъхъæн, уый дæр дæ нал фæуы- дзæн. М е р е т. Мæ фæсоиæрхæджы дæр нæй. Мæ хуы- 265
зæн рæсугъды... Мæн Тарзан ракуырдтаид, куы мæ федтаид, уæд. К о с е р (ныххудти). Хо-хо-хо! Æпхъæлмæ кæс уæ- дæ Тарзанмæ, фæлæ нæхи Тарзантæй æнæ хай фæуы- дзынæ... дæхи хъус æвдисæн... Д а л о й. (дынджыр хъайваныйас суг йе ’ккойы. Чызджыты куы фены, уæд ныллæууы æмæ сæм джи- хæй кæсы, йæ суг йе ’ккойы, афтæмæй). Гъе, Дзыллæ! К о с е р. Цы хъæр кæныс, Дзыллæйæ кæстæр ни- кæй уыныс ам? Æви кæркгуырм бадæ! Д а л о й. А-а, Косер куы дæ (Меретмæ кæсы ком- коммæ.) Косер. Мæн йедтæмæ дæ цæст никæй ахсы уы- цы комкоммæ кастæй? Д а л о й. Æмæ-гъа... Косер. Дæ къодах аппар æмæ дæ сырх бецыкк бамбæхс, уæлахизы тырыса дыи нæу, миййаг. Уасæ- джы къæдзилау æй цы ныппехцел кодтай! «Æмæ-гъа!» (Мерет ныппыррык кæны æмæ иннæрдæм азилы.) Арсау къодæхтæ фæлдахыс, фæлæ мæнæргъыйы бæ- ласау хæрог зæрдæ чызджы дæхирдæм фæкъул кæ- ныпмæ нæ арæхсыс! Д а л о й (кæсы Меретмæ уыцы джихæй). И? (Уæр- доны уынæр та ссæуы). Тпру! Дæ бындар фæуы, фæлдисинаг хайуан! К о с е р. Тырру! Мырру, дырру, хъырру! Дæ дугъы дын æй раскъæрæнт, кæд дын ам сираг ефсытæ нæн! М е р е т (цæхгæр мæстыйæ). Цом, ай æцæг хайуан куы у! Косер. Цом! Дзыллæ! Мах цæуæм быдырмæ. Сп- хорыл та дæм фæкæсдзыстæм. (Далойæн.) Къодах! Арс! Пыл! Æз та дæ фарс хæцыдтæн. Маймули! Дæ 266
амонд дæхæдæг дæ тирруйæ фæсырдтай! Цом, Мерет! (Мит-митгæнгæ азгъорынц. Далой кæсы сæ фæстæ до/сихæй.) Д з ы л л æ (рацæуы). Сугтæ мын æрбаластай, Да- лой?.. Цы фесты уыцы чызджытæ?.. Мæ хæдзарыл, цавддур фестадтæ... аппар дæ къодах... Дуы ныдж- джих дæ?.. А-а... Мерет... Цы дзы ссардтай уыцы ’кук- лайы, цæсгомы цъар йедтæмæ дзы куы ницы ис... Далой (къодах аппары). Гъай дын Мерет! (Асæррæт ласы æмæ кæртмæ сугтæ калы.) Ай дæр дын Мерет! Гъай та дын Меретхан! Д з ы л л æ. Уый цытæ æрбаластай, уый? Хуылыдз сугтæ! Къохæй? Д а л о й. Къохæй, мæ мад мæ фыдыстæм, къохæй! Гъай дæр ма дын Мерет, гъай дæр дын Мерет! Дзыллæ. Æрра фæдæ, хцытæ бакодтай? Хистæр- тæ сæ куы базоной!.. Д а л о й. Æрцауыпдзæнт мæ! Æз æй бынтондæр цæгъдгæ кæыын... Д з ы л л æ. Тели дæ куы базона?.. Далой. Базонæд мæ... йæ чызджы мыл сарда- уæд, Мереты... Цы ма мын фæуыдзæн уымæй фыддæр, уыцы цицри-мæлхъи! Д з ы л л æ. Мæгуыры бонтæ... уый цытæ дзурыс, кæцойнагау? Д а л о й. Армайнагау, сомихагау, персайнагау, гуырдзиагау, хатиагау! Исты ма дæ хъæуы мæнæй, Сатана? Д з ы л л æ. Ницыуал мæ хъæуы стæ, фыдбылызы мæ бафтаудзынæ... Тели ардæм куы æрбафта æмæ сæ куы фена, уæд мын, Ирыл чи никуыма æрцыди, ахæм митæ бакæндзæн. 267
Д а л о й. Æрбафтæд!.. Фенæд!.. Хорз байрйай... &з сæ баййафон æмæ сæ бафæрсон, хайуан чи у, уымæй! (Азгъоры.) Д з ы л л æ. Цы йыл æрцыд ацы арсыл, Боппийы бæхæй рогдæр куы фæци... Дæ-дæ-дæй, ацы сугтæ мын куы æрбаййафой Телиитæ,.. Мæ хæдзарыл, зæ- рæдтæй чидæр æрбацæуы, стæ, зæгъдзынæн, нæ сæ федтон. (Бауайы мидæмæ.) Б и г а (æрбазыны æмæ йæ цæст ахæссы сводкæ-1 тыл, йæ сæр батилы). Гъей, Мæир!.. Æппыи дзы удæ- гас адæймаг нал и? Æмæ уæд не ’фсин та цы фæци... Мæ Дзыллæйы рухсцæсгом дæр куынæ уынын... Гъей, ам ничи ис æви цы хабар у! 'Æппын дзы мыггагæи дæр ничиуал баззад! Д з ы л л æ (ракæсы рудзынгæй). Цæуыл та хъæр кæныс, æрвпæрæгау куы нæры дæ хъæлæс! Дæ Дзыл- лæйы рухс цæсгом мæнæ ис. Б и г а. Рухс цæсгом! Къуырма бадæ æви? Ай нæ хæдзары хæлд куы кæны... Кæм сты хицауад? Д з ы л л æ. Ам пе ’сты хицауад. Мæир быдырмæ ацыди, Будзи та фосы фермæйырдæм. Б и г а. Бæдзæйы фысты хæлиу пыйисты, уый та нæ царæфтыд кæны! Д з ы л л æ (рацæуы). Кæмæй зæгъыс? Б и г а. Дарæг дзы мауал баззайæд. Хæмæтæй зæгъын, æндæр кæмæй зæгъын. Хохыйас тракторыл æй сæвæрдтам, æмæ йæ быны хуыссы. Д з ы л л æ. Кæй бын? Б и г а. Кæй бын! Кæй бып! Тракторы бын! Афтæ йæм смæсты дæн, раст æй, зæгъын, раппарон æмæ йыл мæхæдæг сбадои... Фæлæ йын ницы æмбарын. 268
Д з ы л л æ. О, арсы хуызæн, гал бæласмæ схиз- дзæн, куыниæ! Дæ хуытæ цы ми кæпыиц? Б и г а. Цай цымынц... Цæй, æз цæуып уыцы куы- дзы хъыбылмæ. Будзийæ Мæирæй чи фæзына, уымæн зæгъ, æмæ тагъд исты уыпаффæ бакæнæпт уыцы трак- торæн... О хæдæгай, дæ фæлхæрдтæ ну раи æмбырд кæн. Мæ фосæи хъæугæ кæныпц. Хæрипаг сыи фаг нæй... Цон æз... Д з ы л л æ. Фæлæуу, мæпæ исты ахæр, æххорма- гæй кæдæм цæуыс... Нæхимæ дæр дæ бакæсыи хъæуы. Уыцы хъуг цы фæци. Кæд æххормаг у. ; Б и г а. Хъуг æфсæст у. Д з ы л л æ. Быдырмæ йæ аскъæрдтай? Ныр ма зæххыл, тæрхъус цы сгона, уый куынæ ис, уæд цы хæ- ры, чи йæм зилы? Б и г а. Фермæмæ йæ радтоп... Д з ы л л æ. Мæ хæдзар айхæлд, уып та куыд? Æр- ра фæдæ? Б и г а. Хъæр ма кæн. Цæмæпма дæ хъæуы хъуг. Йæ фыдæбоны’ аргъ пæу. Æхсыры хуыпп кодта, æмæ дын æй цæттæйæ колхоз пæ дæтты? Цы ма дæ хъæуы? Дзыллæ. (кæуæгау). Æпæ хъуг хæдзар!.. Мæ гæрæм хъуг!.. Маня!.. Б и г а. Цæй, цæй, «мæ гæрæм хъуг!» Уым ын хуыз- дæр у. Уым æфсæст уыдзæн. Ма æрдиаг кæи... Лхъуы- ды кодтон, æмæ афтæ хуыздæр у. Гъе, дæу кæй нæ бафарстон, уый ныббар... Мауал тъпз: Æз цæуын. (Кæсы сугтæм.) Ай циу?' Чи æрбаласта ацы сугтæ? Чи акалдта дзуары къохы бæлæстæ?! Д з ы л л æ. Далой... Кæцæй сæ æрбаласта, нæ зо- пып... 269
Б и г а. Къохæй! (Сагъдауæй баззайы, стæй къохы- рдæм.) Хетæджы рухс Уастырджи, ныббар... (Йæ къух ауигъы, йæ æргом раздахы.) Хорз нæ бакодта... Хорз нæ бакодта! Йейй-и! Адæмæн зынаргъ циу, уый сафын нæ хъæуы... Искуы сæ бафæсаууоп кæнут, ин- нæ хистæртæй сæ куыд ничи фена, афтæ. (Йæ сæр тилгæ ацæуы.) Дзыллæ (кæсы йæ фæдыл). Хуыцауæй бузныг, тымыгъ нæ сыстад... Фæлæ мæ гæрæм хъуг, мæ гæрæм Маня!.. (Иннæуылты бацæуы Хæмæт маймулийыхуы- зæн амæстытæй æмæ кæсы Бигайы фæдыл. Хæмæт- мæ.) Нæ лæг дæм ахæм мæсты уыди, ахæм... Хæмæт. Зонын æй, донлакъонгæнæг у дæ лæг! Апп-уппы мæ систа, хъæр æмæ ахст самадта мæ уæл- хъус, адæм æм æрыхъуыстон... Хуыгæс дæ æмæ дæ хуыты кой кæн, æндæр дæ хуымгæнджытимæ цы хъуыддаг ис... Д з ы л л æ. Хуыгæс нæ, фæлæ хуыты фермæйы хи- цау!.. Фæлдæхт дын фæци уыцы тъæпæн? Хæмæт. Кæм фæци, кæм! Нырма дзы иу-дыууæ боны куыст ис. Д з ы л л æ (йæ куыст кæны). Иуныхасæй айк мæцъисæй фæлдахыс. X æ м æ т (доны ведрайыл ныддæлгом). Охх-охх- -охх! Ныллæууыди трактор оцани бæхау. Адæм мын алывыд ныккалдтой. Донлакъонгæнджытæ! Охх, Дзыллæ, цæмæдæр дзы нæ арæхсын. (Даргъ бандо- нæн йæ иу кæрон æрхуыссы.) Хъуамæ РТС-æй исчи фæзына æмæ йæ сараза... Д з ы л л æ. Куыд ныххуыссыдтæ уый? Цалынмæ РТС-æй исчи зына, уæдмæ хохыйас трактор дзæгъæл лæуд кæндзæн. Будзи дæ афтæ хуысгæ куы æрбаййа- ,270
фа... Уыдон сæ къухтæм дæр æмхасæнтæ кæнынц. Ис- ты хос ын скæн. X æ м æ т. Æнæ механикæй йын мæ бон ницыуал у. Иучысыл ахуыссон. Тыппыр галы ратæр-батæр маг фæкодтой... Д з ы л л æ. Бар дæхи, фæлæ дыл Будзи куы сар- гъауа... ,?;! Хæмæт. Сылгоймагæй, нæлгоймагæй мæ алфам- былай æрæмбырд сты æмæ мыл саргъуыдтой... Дон- лакъонгæнджытæ! Д з ы л л æ. Куыннæ дыл аргъауой,< худинаг йæ сæрмæ чи хæссы. Суанг ма зæрæдтæ дæр куы рабыр- стой кусынмæ сæ номæн тæрсгæйæ. Быдыр æмызмæлд куы кæны адæмæй. Хæмæт (æрдæг фынæйæ). Хицау дзы кæцы у æмæ хуымæтæджы колхозон, уый бæрæг нал ис. Æм- хæст кæнынц... (Бафынæй.) Д з ы л л æ. Уæд та мын суг куы æрсастаис... бафы- пæй... тæхуды, суг мын чи æрсæдта... Фæрæт та цы фæцис цымæ? (Бацæуы хæдзармæ. Æрбайхъуысы ма-_ шинæйы уынæр, иыхасгæнгæ бацæуынц Бечыр æмæ Дзерассæ.) Б е ч ы р. Ам цъиутæхæг куынæ зыны. (Бацæуы куысты сводкæты фæйнæгмæ. Кæсы.) Дзерассæ. Цыма мæ барæй ралас-балас кæныс, Бечыр. Б е ч ы р. Р1арæбын-æллæх, Дзерассæ, куыст агу- рыс, фæлæ иæдæр РТС-мæ комыс, нæдæр колхозмæ. Дзерассæ. Æмæ иæ районы ацы гæмхетт кол- хоз йедтæмæ колхоз пал ис? Б е ч ы р. Омæ «Уæлвæзы» колхозмæ дæр нæ цæ- 271
уыс. Дзабо дын цас фæлæгъстæ кодта. Будзи дæумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ... Дзерассæ. Бирæ мæм пæ фепхъæлмæ касти. Радта йæ... Б е ч ы р. Ау? Æмæ уæдæ мæнæн куы ницы загъта Будзи. (Рацæуы Дзыллæ.) А-а, быдырон Сатапа! Дæ бон хорз, Дзыллæ! Д з ы л л æ. Æгас цу, Бсчыр. Дæ ног бынаты тых- . хæй дын арфæ кæпыи, фæрпæй дзы фæкус.. Б с ч ы р. Бузпыг. Ног куыпæуал у. Д з ы л л æ. Мæ къоиайыл, ай пæм уазæг чызг куы ис, æм’æ йæ куынæ федтон. Дæ чызг ма уæд? Æгас цу, мæ хур. Уды гагайы хуызæп чызг... Б е ч ы р. Ай-гъай, Дзыллæ, мæ чызг. Д з ы л л æ. Гъемæ дып амопдджын уæд æмæ бирæ цæрæд... (Дзерассæ худы.) Стæ, сайгæ мæ кæныс! Ахæм чызг дып кæцæй æрхаудта?.. Фæлæуу, фæлæуу, Петяйы æнгæстæ у. Иæ хо ма уæд... Дзерассæ?.. Б с ч ы р. Дзерассæ у, Дзерассæ... Иæ трактор ын Будзи кæмæидæр радта, æмæ, йæ барæджы цы бæх аппары, уыйау, катай кæиы. Дзыллæ. Никæмæн æй радта. Дзерассæ. Куыннæ йæ радта? Петя йæ пæ зо- ны? Зпон æй мæхæдæг дæр федтон, дыууæйæ йыл бад- тысты. Д з ы л л æ. Æиæбары бæх дыгæйттæ хæссы. Хæ- мæты куысты нывæн ут... Уæртæ кæсут, уæлгоммæ хуыссы... Б е ч ы р (ныккæсы Хæмæтмæ, стæй бакæсы Дзе- рассæмæ). Куыд дæм кæсы, Дзерассæ? Тæригъæд пæу? 272
Дзерассæ. Чи? Мæнæ ацы фынæй лæг. Рухсаг уæд! Б е ч ы р. Уый уадз æмæ хуыррытт кæпа, фæлæ трактор? Д з ы л л æ. Будзи ацы чызгмæ æпхъæлмæ касти. Петяйы-иу афарста, дæ хо цы ми кæны, зæгъгæ. Ахæм трактор ай хуызæн бон афтæ лæууæд. Б еч ы р. Стæй ахæм трактористкæ... Е-уæууæй йæ, Будзи, кæйдæр зæххытæ афæлдæхтат, уæхи зæхх та нырма æнæ конд... Гæмхетт колхозы ном уыл ма баз- зайа Лениыы номы бæсты... Куыд дæм кæсы, Дзерас- сæ? Мæнæ ахæм «геройтимæ» бахъахъхъæндзыс- ты сæ кадджын ном? Дзерассæ (ныхъхъуыды кæны, стæй). Уадзут æй, æмæ хуысса... Æз цæуын. (Цæхгæр фæзилы æмæ азгъоры.) Бечыр: Кæдæм, кæ? Дзерассæ? Дзерассæ!.. Фæ- лæуу-ма! Фæтæхы... Цæргæс, цæргæс! Базырджып чызг! Дзыллæ (джихæй). Æрра фæцис æви кæдæм фæтæхы? Б е ч ы р. Æвæццæгæн йæ трактормæ... Кæсые, фæидаджырдæм нæ, фæлæ хуым-хуым фæтæхы... Д з ы л л æ. Тæхуды, уый æцæг куы уаид. Бечыр. Ардæм æй барæй раластон, кæд бафи- дауиккой Будзиимæ. Д з ы л л æ. Гъæй Бечыр, дæ нывонд фæуои, æмæ хыл уыдысты Будзиимæ? Б е ч ы р. О, сæ мыды къæм бахауди... Д з ы л л æ. Гъемæ дæ цæрæпбон бирæ уæд. Хн хьæбулау æй сбуц кæидзыстæм. Цом уал, Бечыр, ми- 18 Пьесæтæ 273
дæмæ, нсты ахæр, уæдмæ Будзи Дæр кæд фæзыннд, æххормаг уыдзæп уый дæр. Б е ч ы р. Тынг мæ не" ’вдæлы, фæлæ мæ хæрынмæ равдæлдзæн. Æмæ ’дæм цы хæрипаг ис? Аназинагдæр дæм исты ис? Д з ы л л æ. Бæгæны. Б е ч ы р. Фæхъæбæрдæр æй кæн. (Худынц.) Д з ы л л æ. Ис ма дзы стъалыджын авг. Б е ч ы р. Уый та цавæр стъалыджын у? Д з ы л л æ. Нæ зопын, кайакк цыдæр æй хонут. Б е ч ы р. Уæдæ цом тагъддæр, науæд йæ тæф фæ- цæудзæн. Д з ы л л æ. Уадз æмæ фæцæуа, хъæидилы тæф кæ- ны... Б е ч ы р. Цом, цом. (Бацæуынц худгæйæ мидæмæ. Æрбацæуынц Будзи æмæ Мæир, æрбадынц стъолы раз. Бандоныл иннæрдыгæй Хæмæты нæ уынынц.) М æ и р. Уыцы тракторæн исты хос скæнын хъæуы. Хæмæт иу бонгæндыл цалдæр боны ахæц-ахæц кæны æмæ йын йс ’мбис дæр нæма фæци. Будзи. Инжснер нæ ссарыи хъæуы, уыйбæрц ма- шинæтæп... нæ арæхсы Хæмæт... М æ и р. Петяйы пæ афарстай, хуыздæр зонд нæма æрцыди йæ хомæ? Будзи. Дзерассæ, нæ комы... нæ комы. Охх-охх!.. Хъус-ма, Мæир, кæд дæм чызджытæн ницыуал куыст ис, уæд сæ фермæмæ арвитын хъæуы. Адæм сæ мæл- лæг хъуццытæ æрбакодтой æмæ сæм зилын хъæуы, стæй сыл хъугдуцджытæ нал æххæссынц. М æ и р. Æмæ бакомдзысты фермæмæ? Косер туаллаг пысырайæ уæлдай иæу, сдзырд æм нæй. Ме- рет та тасгæ-уасгæ. Цы æрдуцдзысты уыдоп? 274
Будзи. Рарвит сæ, æз семæ аныхас кæнон. Трактористæн дæр исты æрхъуыдычындæуыдзæн. Мæир (сысты). Иу хатт ма бафæлварæм Дзерас- сæйыл... Мæн канд тракторы æмæ хуымты мæт нæй. Будзи. Уæдæ ма дæ цæй мæт ис? Мæир. Нæ сæрдары мæт. Уыцы чызгдæ зæрдæ- йы схъисау нынныхсти... Б у д з и. Схъисау... Цæй, цæй, цæугæ æмæ сæ рæвдздæр рарвит! Мæир. Цæй уæдæ, цæуын æмæ дын æрбарвитдзы- нæн иу сæлавыр æмæ иу мæгайы... (Ацæуы.) Будзи (доюихæй кæсы йæ фæдыл). Охх, Дзерас- сæ, Дзерассæ!.. Кæм дæ цымæ ныртæккæ... Æвдæлгæ дæр > мæ куынæуал кæны дæу бацагурынмæ... Цои, станицæмæ йæм ныууайон... Æмæ цы æфсонæй? Цæй, Петяйы агурын æфсон... æмæ сæхимæ куынæ уа, уæд та?.. Кæд ыл искуы сæмбæлин... ссардзынæн æй. (Сысты æмæ тагъд-тагъд фæцæуы. Рацæуы Дзыллæ.) Дзыллæ. Будзи!.. Будзи!.. Æрхæццæ дæ?.. Фæс- тæмæ та куы фæуайыс... Хæргæ дæр нал кæныс? Цæ- уыл катай кæныс? Куыстытæ хорз куы цæуынц. Будзи. Иу ранмæ ма мæ ныууайын хъуыди... (Раздæхы.) Дзыллæ, ды уыдтæ рæсугъд чызг, кафаг, фæндырдзæгъдаг... Æвæццæгæн дæ лæппутæ бирæ уарзтой. Д з ы л л æ. Æмæ ды та сауджын дæ? Мæ тæри- гъæдтæй мæ фæрсыс? Бæгуыдæр мæ уарзтой. Будзи. Æмæ дæхæдæг та? Се ’ппæты дæр уарз- тай? Дзыллæ. Се ’ппæты кæм, фæлæ мыи æхсызгои уыди, кæй мæ уарзтой, уый. Иухатт нæм дзы иу æрба- цыди усгур йæ хæлæрттимæ, рæсугъд, хæрзконд, са- 275
джы фисынтыл амад, хæрзарæзт. Мæнæ зæгъын гъе, мæ амонды цæргæс фæзынди... Будзи. Гъы, гъы, æмæ йæм цы цæстæй ракастæ? Дзыллæ. Æргомæй йæм иу каст бакодтон, йæ къух ын куы истон, уæд. Мæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп код- та, æмæ мæ цæстытæ æруагътон, цыма йæ нæ уынын, цыма йæ хъуыды дæр нæ кæнын, афтæ. Будзи. Иуцыбырныхасæй, дæ зæрдæмæ фæцыди, уый нæ равдыстай. * - Дзыллæ. Уæдæ цы. Цыма мæ фæсонæрхæджы дæр нæй, афтæ дардтон мæхи, мæ зæрдæ та мæнæ- мæнæ кодта... Мæхинымæр загътон, ацы дзæбæх лæп- пуйы мæхицæн æрцыбыртæ кæндзыпæи. Цалынмæ фынгтыл бадтысты, минас кодтой, уæдмæ йæм хуын- къæй кастæн. Уæздан уыди фынгыл дæр. Стæй сыста- дысты. Æз кæройнаг уатмæ разгъордтон. Уыдон ра- цыдысты. Æз сæм мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп цæугæ кæсын рудзынгæй. Будзи. О-гъо, уæдæ цæуылпæ баиу стут? Дзыллæ. Заууат фод, куыддæр кæрты дуарæй ; ахызтысты, афтæ дын йæ уæлдымæг куы аныхид. Уыйадыл мып фенад ис... Будзи (худы). Æмæ йын нал бакуымдтай? Дзылл æ. Нал. Йæ минæвæртты дæр ын нал æр- бауагътон. Чызгæн фыруарзондзинадæй сулæфын йæ бон куынæуал уа, уæддæр дын нæ зæгъдзæн, уарзы дæ,- уый. Цæй, ацу стæ, ныхæстыл мæ дарыс... Бечыр дæумæ æнхъæлмæ кæсы... Будзи. Ам ис Бечыр? Дзыллæ. Исты ахæр, зæгъгæ, йæ мидæмæ бакод- тон..Уæртæ рацæуы. Цон, ардæм уып радавоп. (Ацæ- уы.) 276
Будзи. О, о, Бечыр! Æгас нæм цу! Æгайтма нæ нæ ферох кодтай. • Бечыр. 0, Будзи, дæуæн рохгæнæи ис! Абырæг! Будзи. Ау, æмæ æз абырæг дæн?.. Б е ч ы р. Абырæгæй фыддæр. Абырджытæ фос дав- той, ды та зæхх давæг дæ. Будзп (ныххуды). А-а. Дзабо дæм бахъаст код- та? Бечыр. Фæднсы мæм фæуади. (Æрбайхъуысти тракторы уыыæр. Хæмæт фестъæлфы,»фæгæпп ласы хуыссæнхъæлдзæгæй.) Хæмæт. Донлакъонгæнджытæ! Циу уый? (Дзæ- гъæлгаст кæны. Бечыр æмæ Дзыллæ худынц, Будзи джихæй кæсы Хæмæтмæ.) Бечыр. Гъæйт, лæппу, дæ фос дын фæтардæуы! Фæдис Хъæдгæронырдæм! Будзи. Ай цы хабар у? Хæмæт (фефсæрмы). Бахатыр кæпут... æгæр афынæй дæн... Будзи. Æмæ ардæм дом отдыхмæ æрбацыдтæ æви ривæд кæпынмæ? Марадз æмæ адонимæ ерысы бацу! Хæмæт. Трактор ныллæууыди, æмæ пæм нал арæхстæп... Чи йаеГ скусын кодта?.. Цон æз... (Араст вæййы.) Бечыр. Сбад, лæппу... Æнæ хæцæнгарзæй фæди- сы ничи. цæуы... Стæй уым дæу ницыуал хъуыд- даг ис... Хæмæт. Куыннæ мæ ис хъуыддаг... Зæхх фæлда- хыи хъæуы... Д з ы л л æ (стъолыл хæринæгтæ æвæргæйæ). Ам фæпычы фарсмæ куы хуыссап, уæд Цæлыччы быдыр- 277
тæ куыннæ афæлдахдзынæ! Гъе, дæ раттæг дæ нывæн суа, чызг дын дæ бæхы дæ бынæй аскъæфæд! Хæмæт. Чи?.. Дзерассæ?.. (Æнæбары æрбады, стæй та сысты æмæ ацæуынмæ хъавы.) Д з ы л л æ. Дзерассæ, Дзерассæ! Будзи (хъæлдзæгæй). Дзерассæ... (сысты.) Хæ- мæт, Хæмæт! Фæлæуу-ма!.. (Хæмæт раздæхы фæстæ- мæ.) Фæлæуу, тыхсгæ-ма кæн... (Бечырæн). Æцæг у Дзерассæ? Хъазгæ нæ кæнут? Бечыр. Æцæг у, æцæг. Иугæр йæхи тракторыл сбадти, уæд нал рахиздзæн. Будзи. Уый хорз... уый хорз!.. Цол, æз быдырмæ акæсои... (Фæраст вæййы, фæлæ йыл Бечыр æмæ Дзыллæ куы схудынц, уæд фæстæмæ фездæхы.) Цæй, Дзыллæ, уæд та уал иын исты ахæрыи кæп. (Февналы фынгмæ, Хæмæт дæр дзы ферох вæййы.) Ой, Сата- иа —Дзыллæ —Сатана, ай нын коньяк дæр куы ссард- тай. Рахæсс, цыдæриддæр .дæм ис, уыдон, Бечыры уæларвмæ скæсын кæнæм... * Дзыллæ (йæ цæст æрныкъулы Бечырмæ). Нæ колхозы бындуртæ иууылдæр рахæссон? Будзи (дзаг кæны агуывзæтæ). Рахæсс, рахæсс Сатана! Бечыр. Гъæй, æгæр дзаг сæ ма кæн. Срæдау дæ, æыхъæлдæн... «Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ, цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау?!..» X æ м æ т. Будзи, æз та цы ми кæнон? Будзи. А-а, Хæмæт... Фæлæуу, дæуæн мах æн- дæр куыст ссардзыстæм... нæ фæлæ, цы уый зоныс, Хæмæт! Хæмæт (æнкъардæй). Нæ зонын, æз ницыуал зо- нып... æз пицыуал æмбарып... донла... уæззаудæр цы '278
куыст у, ууыл мæ бафтау, хæрæджы куыст дæр ба- кæндзынæи. Будзи. Хæрæджы куыст Гуысырайы хæрджытæ дæр пал кæнынц, фæлæ ды бавдæл... Машинæ тæрын- мæ сарæхсдзынæ? Хæмæт. Сарæхсдзынæн. Фыццаг уал æй сындæг- гай тæрдзынæн, стæй мæ цæргæс дæр нал баййаф- дзæн... Будзи. Хорз уæдæ, æхсырласæн машинæйыл сбад æмæ, йæ хъуццытæ колхозмæ чи радта, уыцы колхозонтæн алы райсом дæр сæ хæдзæрттæм æхсыр ласдзынæ. X æ м æ т (фыццаг ныхъхъуыды кæны, стæй уæз- заугай). Уый цæй куыст у лæгæн... æхсырласæг... Хъæ- уы уынгты боцкъаимæ цыллахъ-мыллухъгæнгæ цу!.. Уый донласджыты куыст у. Бечыр. Хуыссып æнцодæр у, уæлдайдæр къæби- цы раз. Хæмæт. Уæд ма мын æххæст мæ хъуырыл сывæ- дæг бакæнут, æмæ йæ сывæллæттæн дардзыпæн. Сыл- гоймæгтæ ,та быдыры..., Б у д з и. Сылгоймæгты фермæмæ æрвитæм. Хæмæт. Фермæмæ? "Дзыллæ. Косер дуцгæ кæндзæн, ды та ласгæ... X æ м æ т (бахуды). Уæдæ цæуон? (Сысты.) Б у д з и. Гъа, мæпæ иу аназ æмæ тæхгæ, кæннод ыл Мæир æндæр искæй сæвæрдзæн. Гъа, аназ. (Рат- ты йæм нуазæн. Хæмæт айсы иуазæн, æнæ исты зæгъ- гæйæ аназы æмæ тагъд-тагъд ацæуы. Будзи кæсы йæ фæдыл æмæ худы). Дзыллæ. Косер фермæйы уыдзæн, уый куы ба- зыдта, уæд... 279
Будзи. Мартъийы гаёдытæп уæлдай-не ’сты. Б е ч ы р. Ды та кæцы мæйы гæдытæй^ дæ? (Ху* дынц.) Дзыллæ Тæхуды, суг мыи чи асæтдзæни... нæ фæрæт цыдæр фæци. (Мидæмæ бацæуы.) Дзыллæ. Тæхуды, суг мын чн асæтдзæни... пæ’ не ’вдæлы. Цæмæн афæлдæхтай кæйдæр зæх- хытæ? Будзи; Гъей, Бечыр... усгур лæппу уыдтæ? (Ху- ды.) Ныртæккæ мæ ауадз быдырмæ... фенон æй... Бечыр. Фæлæуу, дæ гæккуыри %куы схауа, уæд- дæр дæ нæ ауадздзыпæн, цалыимæ мып дæ хивæпд миты тыххæй дзуапп радтай... Цæмæн афæлдæхтай кæйдæр зæхх æвастæй?.. Дзæгъæлгаст ма кæн, бай- йафдзынæ йæ... Будзи. Æнæ кондæй сын баззадаид. Нырма сын дынджыр тъæпæнтæ æнæ конд, афтæмæй уалдзæг фæ- цæуы. Бечыр. Уæддæр æй сусæгæй кæнын пæ хъуыди, бафарстаис сæ. Будзи. Цалынмæ уыдон рафæрс-бафæрс кодтаии, уæдмæ нæ трактортæ дзæгъæл лæуд кодтаиккой?.. Бечыр. Стыр хъаугъа уыдзæни, æмæ сын-иу ратт дзуапп дæхæдæг. Будзи. Хъаугъа -кæнæнт. Уыдон махыл худгæ кодтой. Немæ ерыс кæнын дæр сæ сæрмæ нæ хастой. Бечыр. Дæ трактортæ æмæ тауæн машинæтæ суæгъд сты? Будзи. 0, мæнæ ма ам цы гæбаз ис, уый, æмæ йæ Дзерассæ райсом сихормæ сау адарын кæндзæн. Бечыр. Уæдæ «Уæлвæзы» колхозы р’аз дæхи сраст кæн. 280
Будзи.'Куыд? Дзабойы раз Мæ зоигуытыл аёр- лæууон æмæ дзы хатыр ракурон? Б ечыр. Зонгуытыл лæууын дзы ницæмæн хъæуы, фæлæ сæм фæкæс. Аххуыс сын кæп хуым кæнынæн. Буд~зи. Омæ куыд? Мах семæ ерыс куы кæнæм... Цæмæй фæуæлахиз уой, мах га фæсте баззайæм... Нæ- хæдæг сын куы æххуыс кæнæм уæд ма уый цæй ерыс у? Б е ч ы р. Уæдæ сын сусæгæй сæ зæххытæ куы фæл- дахай, уæд уый у ерыс? Уæртæ сын даргъ æрдузы цы æртиссæдз гектары ис, уыдонмæ арви’т дæ трактортæ. Фæхабар сæм кæн, æмæ мыггаг раласой. Баныхас кодтам? Будзи Нæ зонын, куыд уыдзæни афтæмæй нæ ерыс... Бечыр. Куыд уыдзæии, уый фендзыстæм, хорз уыдзæни, тынг хорз... О, хæдæгай, дæ фосæн та цы ба- кодтай? Будзи. Рæгъаумæ сæ аскъæрдтон. Бечыр. Рæгъаумæ сæ аскъæрдтай, уый зоныи, фæлæ исчи афтæ скъæры? Хуыскъ хъугæй, галæп, дыгæрдыгæй, богъæн сæ иууылдæр иумæ куы бакод- тай! Б у д з и. Æмæ сын циу? Б е ч ы р. Куыд циу? Заинаг фос паддзахадмæ дæт- тынæи нæ бæззы, уый нæ зоныс? Будзи. Æмæ дзы заипæгтæ куыыæ уыди. Бечыр. Нæ дзы уыди, фæлæ дзы уыдзæп. Будзи. Ау, æмæ гакъайы топпыхос сты, куыд азаинаг уыдзысты? Сæ фылдæр дыгæрдгуытæ, хуыскъ хъуццытæ... Б е ч ы р. Æмæ дын хуыскъ хъыццытæ ард бахорд- 281
той, заинаг нае уыдзысты, ууыл. Стæй дæ фос нымæ- цæй сбирæ кодтай, фæлæ дын пайда та цас дæттынц? Б у д з и. Зилæг сæм фаг нæй. Б е ч ы р. Бæрæг у. Æмæ сын цы дæ зæрды ис? Будзи. Мæнæ уал сæм ардыгæй дыууæ чызджы æрвитын. ’’ Б е ч ы р. Дыууæ чызджы дын цас æрдуцдзысты. Æз скъолайы директоримæ ныхас кодтон, сæ дæсæм къласы ис æхсæрдæс чызджы... Будзи. Æз дæр дзырдтон пемæ... дзырдтон чыз- джытæй дæр иукъордимæ... нал мæ равдæлди, фæлæ сæм изæры бауайдзынæн... рох мæ бæргæ ыæ уыды- сты. Изæры цæуын хъæумæ æмæ сыл разилдзынæн. Æпæхъæн бригадæй, дам, ацæудзыстæм. Цæй, гъер мæ ауадз, зæрдæ дын ис æви нæй? (Худы.) Бечыр. Фæлæуу, зæрдæ. Дæ рæгъауы фос фæхи- цæн кæн. Паддзахадмæ кæй дæттыс... Б у д з и. Хуыскъ хъуццытæй цыппар, стæй Аслæн- беджы дыууæ галы райсом дæттæм паддзахадмæ. Б е ч ы р. Радта Аслæнбег йæ галтæ паддзахады аргъыл? Будзи. Радта. Цавæрдæр артел ын сæ зынаргъ- дæрæй æлхæдта, фæлæ сын алывыд фæкалдта, æз, дам, сæ нæхи колхозæи дæттын. Знон сæ æрбатардта, айсут, дам, сæ. Нал, дам, фæразын спекулянттæй. Б е ч ы р. Молодец! Будзи. Хохыйас галтæ. Раст тохъхъылты хуызæн иард. Нæ дзидзайы хæсæн йæ цыппæрæм хай сты... Цæй, мæ удыл мын аркъауæй цы ныххæцыдтæ! Б е ч ы р. Цæугæ Дзерассæмæ. Ма та фæхыл уг, алидздзæн дып, æмæ йæ уæд архъанæй дæр нал æр- цахсдзынæ. (Кæрæдзимæ худынц. Бечыр-ацæуы га- 282
лиуырдæм, ацæуынмæ хъавы Будзи, дæр, фæлæ рахи- зырдыгæй бауайы Петя.) Петя. Будзи, кæдæй нырмæ дæ агурæм... фенæм уыцы зæхх... Б у д з н. Зонын æй, Петя. Петя. Дзабо нæм æрбалæбурдта, алывыд нын ныдздзырдта. Б у д з и. Уый дæр зоыын. Молодец. Петя, моло- дсц! П е т я. Уæдæ ныр цы ми кæнæм? Хæмæт куы ни- цыма бахуым кодта. Уæд та уал уырдæм аскъæрик- кам? Будзи. Петя байхъус-ма уыцы трактормæ... зыв- вытт кæны... Уый чи у, уый зоныс? (Худы.) П е т я. Хæмæт афтæ арæхсы? Чи у уæдæ? Б у д з и. Базондзынæ йæ. Ныр та Даргъ æрдузмæ! Уым æртиссæдз гектары ис фæлдахинаг... П е т я. Æмæ уый «Уæлвæзы» колхозы зæхх куы у. Дзабо нын нæ бæрзæйтæ асæтдзæн... Абон райкоммæ атахти хъаст кæныимæ, фæлæ райсом республикæйы прокурормæ балæудзæн. Будзи. Нæ балæудзæн... Сæхæдæг æй байтау- дзысты. П е т я. Æххуыс? Б у д з и, О. Де ’мбæлттæ кæм сты? Петя. Мæсчъы был, трактортимæ. Б у д з и. Фæдзур сæм. Исты ахæрут æмæ гъæй кæыут. Æз цæуын быдырмæ. (Ацæуы. Петя дæр азгъо- ры æмæ хъæр кæны Булимæ, Исламмæ. Верандæйæ цыдæр мигæнæнтимæ рацæуы Дзыллæ, æрæвæры сæ плитайыл æмæ пецимæ архайы. Æрбайхъуысы Тели æмæ Солтийы загъды уынæр.) 283
Д з ы л л æ (фæуадзы йæ куыст). Мæ хæдзар ай- ’ хæлд, зæронд лæгтæ æрбалæбурынц, , ацы хуылыдз сугтæ ам куы феной... (Балидзы верандæмæ.) Тели (бæласы къалиутæ йæ къухы). Гъа, марадз! Æгас быдырты сыи æндæр бынат нал уыди æмæ сыгъ- дæг къох сафынц. (Ракæс-бакæс кæны.) Солти. Ноджы хуытæн та скъæт йæ тæккæ фа- ле сарæзтой... Бигайы ставд мукъуджын фос!.. (Бацæ- уынц Петя, Були æмæ Ислам.) Тели (ауыны сугтæ). Мæнæ!.. Мæпæ!.. О, пунæг кадджын хуыцау уыл йе ’стыр бæллæх сæвæра! Цы фыдæбуалгъы митæ бакодтат! С о л т и. 0, сыгъдæг Хетæджы рухс Уастырджи, æркæс!.. Т е л и. Æргæрæхтæ кæп ацы мæлинæгты! Б у л и. Цæуыл хъаугъа кæпут, Тели, цы бæллæх æрцыди? Т е л и. Чи уæ акалдта къохы бæлас? Б у л и. Махæй ничи уыди. Петя. Мах нырма ныртæккæ æрбацыдыстæм. (Ракæсы Дзыллæ. Тели йæм фæкомкоммæ.) Т е л и. Гъæ уæртæ кæлæнгæиæг, кæлæнгæпæг! Циу ай? Цæмæн акалын кодтай къохы бæлæстæ?! Солти, Цæмæн нæ сафыс, хуыцау æлгъыстæи, кæй радта, уыцы сылгоймаг?! (Базгъорынц Косер æмæ Мерет, фæлæ загъдгæнджытæм джихæй баз- зайыиц.) Д з ы л л æ (рацæуы). Цы хъæр кæнут ам! Цы мыл уæхи сцагътат! Цы æвзагæй мæм дзурут! (Йæ сины сæртыл æрхæцы æмæ .баздæхы Телимæ.) Сæгъ зал- гъæд хæрдæй куы мехъхъытæ кæпа, уый мехъхъытæ цы кæиыс?! 284
Тели (фæстæмæ, фæстæмæ цæуы). Ту-ту!.. мæ фыдбылызтæ дæ хай!.. Чи акалдта къохы бæлас?! Дзыллæ. Искуы мæ фæрæтимæ хъæды федтай, хъæрццыгъа! Солти. Куырысмæдзог, чи дын æрбаласта уæдæ ацы хуылыдз сугтæ? Д з ы л л æ (уыйырдæм фездæхы). Ды та мыл цы хъæртæ кæныс! Куырысмæдзог дæхæдæг куы дæ! Цы дæ хъæуы ам? Цы мæм æрбасхъæл дæ чучылы хуы- зæн! Сугтæ Далой æрбаласта, мæныл та уæ пырх цы калут! (Далой æрбацæйцæуы, фæлæ сæ хъаугъагæн- гæ куы фены уæд бæласы аууон амбæхсы.) Т е л и. Далой?! Гъæ йæ мад æмæ йæ фыд... 0, то- бæ, Хетæджы Уастырджи, пыббар... сирвæзти... уæдæ уыцы хъæндæлхор уыди!.. Далой (йæхи нал бауромы æмæ рацæуы). Цæ- мæн мын фидистæ кæпут, Тели? Д з ы л л æ. Акæс-ма адонмæ, сау халæтты хуызæи мыл сæ базыртæ сцагътой! (Ацæуы иуварсмæ.) С о л т и. Куыдзы хъæвдып, Далой! Цæмæн бауæн- дыдтæ дзуары къохы бæлæстæм?! Цæмæн акалдтап дзуары бæлас? ~ . Д а л о й. Æмæ сæ иууылдæр куы акалон, уæддæр мыи цы уæ бон у! Цы мып фидистæ кæпут! Далой къох! (Февналы фæрæтмæ æмæ ныхъхъавы бæласмæ. Тели йæхи баппары бæласыл æмæ йæ бамбæрзы йæ- хицæй.) Бул и. Цы ми кæныс, Далой?! И с л а м. Дæ зонд фæдзæгъæл ис, Далой?! Д а л о й. Æз цæгъдгæ кæнын ацы бæлæстæ, цæпьд- гæ! Иуварс, зæронд! 2Е5
Т е л и.’Цæв, цæв! Куыдзы хъæвдын! Кæд сæ калгæ кæнут, уæд цæвут мах дæр!.. Акалут мах дæр!.. Солтп. Мæпæ сыл хуыцау рахатти!.. Фæдис, фæ- дис! Исчи... Фæдис... хистæрты æргæвдыпц... Уæртæ хицæуттæй чидæр фæцæуы... фæхабар кæнон... ма- рынц! Ауындзынц! Фæдис! (Азгъоры фæдис хъæргæн- гæ). Далой. Иуварс лæуу, Тели! Ныффу дæ кæндзы- нæн! Тели. Ныффу мæ кæн... Цæй! Кæд дын хуыцау æмæ зæхх нал ис, уæд фу кæнут, цæгъдут!.. П е т я. Далой, аппар дæ фæрæт! Косер. Далой, цæуыл сæрра дæ! Зæронд лæгмæ фæрæт куыд систай! ’ ^ ’ Мерет. Дада! Дада! Ацу1 иуварс, мары дæ! Т с л и. У-у-у Хетæджы рухс Уастырджи, æргæрах æй кæн де ’ндон рæхысæй! (Бауайынц Бечыр æмæ Солти.) С о л т и. Мæпæ кæсыс, ацы æбуалгъы сырдтæм. Б е ч ы р. Цы хабар у ай? Цæй фæдис у? (Иннæр- дыгæй базгъоры Будзи.) Будзи. Цы æрцыди ам?! Чи хъæр кодта фæдис?! Були. Мæнæ Далой!.. С о л т и. Кæсыс, нæ хицау, сæ хуыцау сьгл рахат- ти, къохы бæлæстæ калынц, мæиæ уыныс! (Амоны сугтæм.) Будзи. Чи уыд? Чи сæрра ис?! Цæмæн уæ ба- хъуыд бæлæстæ калын. (Далой фæрæт аппары æмæ иуварс ацæуы.) С о л т и. Кæсут ацы хъæндæлхормæ, лæгæй, бæла- сæй ницæуылуал ауæрды! Т е л и. Цæрынæй-хæрынмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ 286
цæсты гагуыйау фæхъахъхъæдтам ацы сыгъдæг дзуа- ры бадæн, ныр адоныл сæ хуыцау рахатти... акалдтой бæлæстæ.. Фæлтау мыи мæ рахиз къабаз куы алыг кодтаиккой, мæ цæстытæ мын куы скъахтаиккой, æмæ куыпæ федтаии... Будзи. Худинаг дын уæд, Далой, ахæм сæлхæр митæ!.. Ацы къохы бæлæстæй ма уæ иунæг къалиу дæр чи ракæна!.. С о л т и. Мæ уд дæ рыптæ бахæрæд, Будзи... Бечыр. Тыхсгæ ма кæнут, Солти, Тели. (фæси- вæдмæ). Лæппутæ, цы митæ кæнут ай?! Хъæды къох цæгъдинаг куы уыдаид, уæд æй афонмæ раджы ныц- цагътаиккам. Цæмæн уæ бахъуыди ахæм рæсугъд бæ- лæстæ ныццæгъдын?! Д а л о й. Æдзух пын хицауад ацы хъæды тыххæй уайдзæфтæ кæнынц. Омменгæнджытæ нæ хоныпц. Хæ- луарæджы тынау, дам, быдыры астæу ныттар ис æмæ дам, адæмы зоид талынг кæны. Б у д з и. Дæ зонд дæр дын уый нытталынг кодта?! Д а л о й. Стæй нæм зæхх фаг иæй... Б у д з и. Æмæ уæд бæлæстæ цæгъдын хъæуы! Б е ч ы р. Зæхх уæм фаг нæй, уый мах дæр зонæм, фæлæ ацы рæсугъд хъæды къох зæххы гæбазыл баи- выи цас пайда у? Акæсут-ма, мæнæ цæмæй иу ахæм бæлас æрзайа, уый тыххæй хъæуы фондзыссæдз азы, йæ акалынæн та æрмæст сахаты æрдæг. Тели. Мæ уд дæ рынтæ бахæрæд, Бечыр... С о л т и. Дæ цæрæнбоптæ нык бирæ уæд, Бечыр. Дæ рынтæ мæ гуыбыны ацæуæнт. Б е ч ы р. Нæ хистæртæ, тыхсгæ ма кæпут. Иу къа- лиу дæр ничиуал акалдзæн ацы бæлæстæй. Сымах æй сæдæгай азты фæхъахъхъæдтат, мах дæр æй бахъахъ- 287
хъæндзыстæм. Сымах æм-иу афæдз цЬдыстут иу хатг, щах та уын дзы ноджыдæр ныссадздзыстæм бæлæс- тæ, доп æм рауадздзыстæм æмæ йæм- куысты рæстæ- джы арæхдæр куыд цæуат, афтæ йæ сараздзыстæм. Т е л и. Гъемæ бузныг... Цы быпæтты стут, уым фæрнæй фæкусут. Бечыр. Бузыыг. Ныр цæут æмæ уæ куыст кæ- нут. Ардæмуæ зæрдæ мауал æхсайæд. Ацы бæлæстæи мауал тæрсутг фæлæ куысты бахъахъхъæнут уæ кол- хозы кадджын ном. Тели. Куысты иæхимæ худинаг не ’руадздзыс- тæм, Бечыр... Цытджын Ленины иом нæ фæчъизи кæн- дзыстæм. Цом уæдæ, Солти. Солти. Цом, цом. Фæрнæй кусут сымах дæр, Бе- чыр. (Фæцæуынц.) Тели, æз дын куынæ уыдаин, уæд дæ фæцæйм’ардта уыцы лæппу æмæ та мæ хист хæ- рыи бахъуыдаид. (Ацæуынц.) Будзи (лæппутæм). Чи уæ загъд кодта зæрæд- тимæ?.. Худинаг уын нæу хистæрты æфхæрын? Æппыи уæм æгъдау, æфсарм нал ис! Були. Далой-æмæ Телийы мах загъдгæнгæ æр- баййæфтам. Косер. Далой йæ тых зæрæдтыл æвзары... Будзи. Худинаг дын уæд, Далой, худинаг. Æниу кæимæ загъд кодтай? Телиимæ? Афтæмæй та йын’йæ чызджы курыс... (Мерет йæхи фæтар кæиы, Косеры фæстæ амбæхсы.) Д а л о й. Кургæ йæ æз кæпып, йæ гæндзæхтæ та дæумæ цæгъды... Будзи. Мæнæй йын ма тæрс... (Мерет йæ цæс- гом амбæрзы йæ къухтæй æмæ б’алидзы верандæмæ. Косер ныффуттытæ ласы æмæ бауайы йæ фæдыл.) 288
Цæп, ам цы æрæмбырд стут? Æви нын кусинаг ницы- уал ис? Петя, цæугæут Даргъ æрдузмæ æмæ дын куыд загътоп, афтæ кæнут! Петя. Хорз, Будзп. Булп! Ислам! Гъæйдæ, Даргъ æрдузмæ! (Æртæ лæппуйы ацæуынц.) Б е ч ы р. Будзи (амоны Далоймæ) апы лæппу, куыд кæсып, афтæмæй хъæды куыст уарзы. Будзи. Ацы лæппу, йæ хъару цы фæкæна, уый пæ зопы æмæ хистæртимæ загъд самадта. Йæ уарзоны фыды бафхæрдта. Б е ч ы р. Уæдæ ма йып иукъорд лæджы ратт, æмæ мæпæ хъæды къох асыгъдæг кæпой хæмпæлæй, уад- галд бæлæсты къодæхтæй. Æцæг дзы иунæг бæлас дæр фæрæтдзæф куыннæ фæкæной, афтæ. Дæ трак- тортæ куы равдæлой, уæд сæ бафтаудзынæ къанау къахыныл. Будзи. Къанау? Цæмæн? Кæдæм? Бсчыр. Суадæтты комæй ацы къохмæ. Дæ адæм куыддæр уалдзæджы куыстытæ фæуой, афтæ сæ ар- дæм рарвит. Адæмæн сæ къох зынаргъ у, æмæ сын дзы фæллад уадзынæн хорз фадæттæ еаразыи хъæуы, дон æм рауадзын хъæуы... Кæй фæнда, уый дзы кув- гæ дæр кæнæд. Д а л о й. О-гъо, уый мæ зæрдæмæ цæуы. Б у д з и. Гъы, мæ зæрдæмæ цæуы! Цæугæ уал. Ха- бар дæм уыдзæни. Бечыр. Цом ныр. Æви та быдырмæ акæсынмæ хъавыс? Дзерассæйы нæма федтай? Б у дз и (бахудти). Нæма. Хъæлæбамæ раздæхтæн. Цæй, æз ма мæнæ чызджыты фермæмæ схæццæ кæ- нон. Б е ч ы р. Хорз байрйай уæдæ. (Ацæуы.) 19 Пьесæтæ 289
Будзи. Фæндараст. Косер! Мерет! (Далой фæ- цæйцæуы, фæлæ Мереты ном куы айхъусы, уæд бæла- сы аууон ныллæууы æмæ уырдыгæй кæсы. Верандæйæ рауайынц Косер æмæ Мерет.) К о с е р. Махмæ дзырдтай, Будзи? Б у д з и. О, хъæут мæ. К о с е р. Уыцы пыл та цы фæци? Б удз и. Кæмæй зæгъыс? Ко с е р. Далойæ. Цы митæ бакодта. Будзи. Цæмæн афтæ смæсты ис? Исчи йæ баф- хæрдта? Косер. Мерет ын цыдæр бафидис кодта æмæ йыл цыма исчи фыцгæ дои бакалдта, уыйау фæцис. (Меретмæ.) Цæй-ма хæстæгдæр рацу, куы та ныттас- гæ-уасгæ дæ. (Мерет тасгæ-уасгæ хæстæгдæр бацæуы.) Будзи. Мерет, цæмæн бафхæрдтай Далойы, уарз- гæ дæ куы кæны? Мер ет. Ма мын кæнут йæ кой, ме ’сæфт дзы уы- нын!.. (Далой йæ къух ауигъы æмæ расыгау цудты- тæгæнгæацæуы.) К о с е р. Гъæ, кæс-ма, уæртæ фæнæуы. Арс йæ фæс- таг къæхтыл куы цæуа, уый цыд фæкæпы. Ныр уый хъусгæ кодта, ревновать уæ кæны Отелло! Цы нæ кæ- ныс, Будзи?.. Б у д з и. Уæ сæр нæ бахъуыд, чызджытæ. Косер. Не ’ххуыс хъуаг фæдæ? Телимæ мипæ- вæрттæ æрвитыс? (Худы.) Бу дз и. Тели иыртæккæ мæсты у, минæвæртты ра- тæрдзæп. Фæлæ пæ фсрмæйы фос ныббирæ сты, хъуг- дуцджытæ фаг нæй. Косср. Фермæмæ хъугдуцæгæн? Б у д з и. О, уый стыр хъуыддаг у. Хъуццыты ду- 290
цæг куынæ уа, уæд цæй ерысйæнæм, куыд фæуæла- хиз уыдзыстæм? Цæй пълан сæххæст кæндзыстæм? Худинаджы бынаты баззайæм, уый уæ кæд нæ фæн- ды... Нæ кадджыи ном пын байсой, уый уæ кæд нæ фæнды... Мерет. Æз никуы æрдыгътон хъуг... фаджысы бабыр... Косер. Бастъæлай! Æхсырыцъæрттæй йын баф- сис нæй, афтæмæй. Æз цæуын, Будзи. Тæрсгæ-ма кæн, Мерет. Æз дæ сахуыр кæндзынæн. Мерет. Цæуын... (Косеры хъусы.) Будзиимæ би- рæгътæ дуцынмæ дæр разы... Будзи. Цом, уæдæ, дарддæр машипæйы аныхас кæндзыстæм. Косер. Мерет... Цом! (Ацæуынц. Верандæйæ цы- дæр мигæнæнтæ рахæссы Дзыллæ.) Д з ы л л æ. Цы фесты, цы? Æддæг-мпдаёг ауадыс- ты абои нæ адæм. Чи дзы кæй уарзы, уый бæрæг нал ис. Чи дзы сусæгæй оххытæ кæны, чи арсау богътæ кæны... Чи сæ кæ,й фæуыдзæн — дæлимон йæ зонæг. (Архайы пецимæ.) Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АКТ ФÆНДЗÆМ НЫВ Хъæды къохы иу хай. Бæлæстæ арвыл æмбæлынц. Фыццаг пъла- ныл, раджы кæддæр уад кæй афæлдæхта, ахæм стыр бæлас. 291
Сæрдыгон изæр. Мæргъты уаст æмæ фæсивæды уынæр сæмхæццæ сты. Хъуысы Далойы хъæр: «Гъей, фалæрдæм ласут, фалæр- дæм! Кæдæм та ныццæхгæр дæ! Ды та цæуыл джихтæ кæныс? Талынджы ма сæ ласдзынæ?» Фæсивæды уынæр куыдфæстæмæ бамынæг вæййы, æмæ’ уæд мæргъты уаст тыхджындæрæй рап- хъуысы. Тарст халæттæ æмæ æндæр цъпутæ иу бæласæй иннæ- мæ куыд ратæх-батæх кæнынц, уый бæрæг у сæ уаст, сæ базыр- ты пæр-пæр æмæ хъæды сыфтæрты сыбар-сыбурæн. Станырдыгæй рæстæгæн-рæстæгмæ райхъуысы фæндыры цагъд. Хъæдæй æрбл- зыны Телн, йæ худ йæ къухы, ракæс-бакæс кæны. Халоны хъуахъхъ куы фæцæуы, уæд фестъæлфы æмæг хæрдмæ скæсы. Тели. Уæ, табу уæхицæн, сыгъдæг уæларвон дау-* джытæ! Сызгъæрин тæбæгъты уын кувдзыстæм, æмæ нæ фыдæлгъыст ма ракæнут! (Афæлгæсы алырдæм.) Цæвæгæй пыххафтой хæмпæл, халамæрзæнæй ссивæ- гауæй ассывтой. Цæмæн?! Ам пыхс æмæ хæмпæлæй азмæлæнтæ куынæ уыди... Кæд æй ныццæгъдынмæ хъавынц... Цы митæ кæнынц нæ кæстæртæ! Иуырды- гæн аразгæ кæнынц, иннæрдыгæй — халгæ. Зæххы гæппæл æнæ фæлдæхт нал пыууагътой, пыхсытæ ныц- цагътой, ног зæххытæ скодтой... суанг ма армытъæпæ- ныйас æрдузтæ æмæ сакъадæхтæ дæр бакодтой... Сæ къух кæдæм бахæццæ уа, уым зæхх æлæмау зæу-зæу кæны фырзадæй... Хор æмæ фосы куыстмæ сып æмбал куынæ ис, афтæмæй а кувæндæттæ та халгæ куы кæ- нынц. Цæмæн?! Уæларвон дауджытæ, хур бон сæ æр- гæрæхтæ кæнут! (фæкомкоммæ ног сагъд бæлæстæм). Диссæгтæ... адои сты ног сагъд бæрзытæ æмæ нæзы- тæ... Бæрз æмæ нæзы — хуыцауæн уарзон бæлæстæ. Чи сæ.ныссагъта... Иуырдыгæй цæгъдгæ кæнынц, ин- нæрдыгæй садзгæ. ?92
Цы сыи кодтай, уæларвои паддзах, алырдыгæй дæ куы æрбацъист кодтой. Иуырдыгæй дзы стаы æрца- рæзтой, иннæрдыгæй сæ хуыты фермæ... апнæрдыгæй йæм къапау æркъахтой... йæ астæуы та йын стыр уæрМ’ къахынц, цемент æм ласынц. Æрбалвæстой йæ алырдыгæй... О хуыцау, ма нæ сардау фисыпмæ зои- дыл, ма пæ фесаф! (Ныхъхъуыды кæны.) Нæ чызг та цы. фæцис цымæ, куыпæуал æн уынып... ацы къохы мæтæй мæ бинонты дæр куы ферох кодтон. (Йæ худи- мæ йæ къухтæ тилгæ ацæуы. Иннæрдыгæй бацæуынц Будзи æмæ Мæир.) Будзи (кæсы Телийы фæдыл). Фынæйдзугæпæг лæгау цы зилы ам? Мæир. Фæсивæд къох куыд асыгъдæг кодтой, уы- мæ кæсы бæрæгбопы размæ. А-дыууæ боиы та ам ара- ло кæндзысты расыгæй. Будзи. Нæ хъуыддæгтæ пын ма иыкъкъуылымпы кæной тæккæ куысты рæстæг. Исты сын æрхъуыды кæпын хъæуы. Мæир. Цы сын æрхъуыды кæпдзыпæ? Фароп сæ милицæ куынæ баурæдтой. Хидыл куы лæууыдысты, уыдон та ивылд доны куы рауаДысты. Будзи. Милицæйы ахæм хъуыддагмæ æрвитыи æдылыдзинад у. Тыххæй сæ нæ бауромдзыпæ. Æпдæр псты... Цæй, уыдоп искуыдтæ кæпдзыстæм, фæлæ дæ брпгады хъуыддæгтæ райсоммæ рæвдз сты? Ницæмæй бакъуылымпы уыдзысты? М æ и р. Цыма иууылдæр рæвдз стæм. Будзи. Иу хатт ма сæ сбæрæг кæн. Иуиæг лæс- гæры оиг дæр къуылымпы куыннæ рауайа... Комбайп- тæ сæ адæмимæ æхсæвы цъæхæй хъуамæ сæ куысты 293
уæлхъус уой. Авд—аст бонмæ хъуамæ æфснайд фæ- уæм н,æ хортæ æмæ пæ мæнæутæ. Мæир. Ныртæккæ ма сыл азилдзынæп. Будзи. Æз тынг бафæлладтæи. Иучысыл ам мæ, фæллад суадзон. О, хæдæгай трактористтæ æмæ ком- байиертæй уым чи ис, уыдои мæм рарвит, семæ апы- хас кæпоп. М æ и р. Дзерассæйы дæр? Будзи. Æмæ’ ма Дзерассæйæп инпæтæй уæлдай йæ ныхыл стъалы ис? Мæир. Æз дæм æй иунæгæй рарвитдзынæн. Хи- барæй йемæ аныхас кæн. Б у д з и. Хибарæй цæмæн? Мæир. Уый дæхæдæг хъуамæ зонай. Æви йæ пал уарзыс? Буд з и. Æмæ цы пайда ис ахæм уарзтæй? Æз æй уарзын, уый мæ нæ уарзы. Мæи р. Нæ уарзы зæгъыс? Дæ куысты мæтæй дæ- хи дæр ферох кодтай æмæ æндæр ницыуал уыныс. Будзи. Нæ уарзы, нæ уарзы... фæлæ мæм цæмæи афтæ сфыдæх ис, нæ зонын. Гъе æцæг фыццаг уал- дзæг нæм куы куыста МТС-ы, уæд æй иухатт мемæ акодтон быдырмæ. Цом-ма, зæгъыи, цы зæхх афæл- дæхтай, уым хортæ куыд æрзадысты, уый фен. Уыдис æнтæф бон. Дзæвгар фæцыдыстæм нартхоры æмæ мæ- нæуы хуымты. Ныгуылæпырдыгæй радымгæ кодта, уайтагъддæр арв ахъулæттæ æм-æ уарын ныккалдта. Мах азгъордтам бæргæ, фæлæ, нæ сæр кæм фæцавта- иккам, иу ахæм бынат никуы разынд. Зыбыты доиласт пыййистæм, афтæ иу мусонгмæ базгъордтам. Мусопг уыди донæй йе ’дзаг. Слæууыдыстæм йæ кауы рæбын. Æдде сæх-сæх кæны цыхцырæгау, арв æмæ зæхх кæ- 294
рæдзи хойынц, бæстæ гыбар-гыбур сси. Уæд дын иу- хатт арв хæстæг кæмдæр тынг ныггæрах ласта. Дзе- рассæ фæтарсти æмæ мыл йæхи æрбацæйæппæрста, фæлæ йæ къах фæбырыди æмæ доны ныххауди. Æз æм фæлæбурдтон, йæ астæуыл ын фæхæст дæн æмæ йæ фелвæстои... Цы хæйрæджытæ мæ фесхуыстой, æр- балвæстон æй мæ хъæбысы æмæ йыы ныпъпъатæ кодтоп. М æ и р. О-гъо, æнæ исты уарзон ныхаеæй? Будзи. Уыдæттыл ма уыдтæн? Зæрдæ сæры ком- мæ нал касти. М æ и р. Гъы, гъы. Дарддæр та? Будзи. Дарддæр та дæ балгъитæг афтæ. Цыма мæ’арв æргæрах ласта. М æ и р. Ома? Бу дз и. Мæ уадулæн мын иу ныддаудта, стæй сæ- гуытау расæррæтт ласта уыцы уаргæйæ æмæ ма дып æй баййæфтон куыннæ. (Асгары йæ уадул æмæ худы.) Уæдæй нырмæ мæ уадул цыма дыз-дыз кæны... Æм- гæрон мæм нал цæуы. Куы йæм сдзурып, уæд мыл пыккалы. Мæир. Уымæй размæ йын никуы загътай, уарзгæ йæ кæныс, уый тыххæй. Будзи. Никуы. Æмæ йæ уарзгæ дæр нæ кодтон, фæлæ уыцы æхсæрфарсы гæрахы фæстæ... Цы бон æй пæ фенын, уыцы бон мыл хур нæ кæсы. Уæдæй нырмæ йын уæнгæл фестадтæн, не ’хсæн какон сындз æрзади. Стæй ма мæ, мæнæ МТС-ы машинæтæ куы æлхæдтам, уæд иу пыхас сирвæзти, уый та йе ’фсымæримæ бæла- сы аууон лæууыди æмæ мæ фехъуыста... Æллæх-æл- лæх, иыдздзырдта мын и! Уæдæй фæстæмæта не’хсæн сау хъæд фестади, йе ’сæфт мæ федта... 295
М æ и р. Уæдæ йæ нæ зоныс, иæ. ; - ’; Будзи. Æмæ йып ды цы зоныс, цы федтай? Мæир. Знон сæм бауадтæ, иннæтимæ аныхæстæ , кодтай, уымæ кæсгæ дæр пæ фæкодтай, афтæмæй ацыдтæ. Уый фыццаг фæсырх и, стæй афæлурс. Ды куыддæр ацыдтæ, афтæ йæ машипæ пыхсгæрон иыу- >, уагъта, йæхæдæг æрхы был мæнæуы хуымы ныддæл- гом æмæ куыдта. Будзи. Хынджылæг кæПыс, Мæир?.. Мæпр, æцæг зæгъыс? Мæир. Æцæг зæгъын, æцæг. Æз æм бацыдтæн. Цы, зæгъын, кодтай, Дзерасоæ, цæуыл,зæгъьгн, кæуыс? Куыддæр мып мæ иыхас айхъуыста, афтæ фестадн, йæ цæстытæ асæрфта аёмæ цæхгæр, нпцы дæ хъуыддаг ис, зæгъгæ, ныкъкъæрцц ласта æмæ атахт... Б у дзи. Цом-ма уæдæ... Цом феноп æй... М æ и р. Фæлæуу. Ам бад. Уым дын йемæ хибарæй аныхас кæныны фадат нæ фæуыдзæн. Æз дæм æй рар- витдзыпæн.’Трактористтæ æмæ комбайпсртимæ мæхæ- дæг аныхас кæндзынæн. , Будзи. Бузныг, Мæир, бузныг. Рарвит æй... Мæир. Мæнæй цы фехъуыстай, уый йып ма зæгъ: Мæнæн дæр мæ уадул дыз-дыз кæпа, уый мæ нæ фæнды. Цавæр адæймаг у, уый. куы зоныс. (Ацæуы.) Будзи. 0, Дзерассæ, Дзерассæ! Æцæг мæ кæд уарзыс... дæ иунæг мидбылты бахудтмæ мыл базыртæ базцйы. Охх... Цон уæд та йæ размæ... (Станырдыгæй тагъд-тагъд æруайы Бига.) Ай та ма цы дæлимонтæ рахæссынц! Б и г а. Будзи! Будзи! Ды дæ уый? Б у д з и. Будзи дæн, цы хабар у? 296
Бига. Дæ хорзæхæй, уыцы Мæирæн зæгъ, æмæ мын мæ фосы сæрдыгон картофы быдырмæ ауадза. Б у д з и. Æмæ ма къахт зæххы дæ фос цы ми кæн- дзысты? Картоф дзы куынæуал пс. Бига.Уыдон дзы ссардзысты. Æнæуыгъд картоф дзы нс пырма, æмæ сæ рауидздзысты. Будзи. Ахæм сыгъдæг быдырмæ хуытæ бауадз... Мæнæ дзы иукъорд боны фæстæ холладжы партхор таудзыстæм, æмæ йæ иыннай кæпдзысты. Б и г а. Нæ ныннай кæндзысты... Цæй уадзыс сæ? Зæгъдзыпæ Мæирæн? Б у д з и (станырдæм акæс-акæс кæны). Цæй хорз... зæгъдзынæп Мæирæи. Б ига. Гъемæ мæ уд дæ фæхъхъау, мæ гæмæх сæр дæ иывонд.... Будзи. Гъер ма дæ исты хъæуы мæнæй? Ницы- уал? Уæдæ æз ’тынг бафæлладтæн... О, хæдæгай, дæ сæр мæ бахъуыди, Бига. Бига. Кæд дæ арауыпæп хъæуы, уæддæр — та- буафси. Будзи. Арауынæн та — зпаджы сæр фод арауи- паг. Фæлæ нæ хистæр дæ, дæ царды фæлтæрддзинад махæн скъола у. Иу хатт æмæ нын дыууæ хатты нæ бацамыдтай зонд. Дæ куыстæй дæр пæ зæрдæ рухс у, хорз зилыс дæ хуытæм. Б и г а. Охх-охх-охх, Будзи, лæппу уæвгæйæ рува- сæй уæлдай пæ дæ. Дæ фырзондджынæй афтæ кæныс æви дæ фырхинæй. Будзи. Тобæ, тобæ, Бига (худы). Цæмæп афтæ зæгъыс, хиндзинадæй мæм куьг пицы ис, фæлæ хис- тæрты зондæй куыиæуал фæрсæм, уæд ма цæй кæс- тæртæ стæм. 297
Бига. Зæгъ дæ ныхас, цыбырдæрæй, дæ хъуыды рувасы къæдзнлау радав-бадав мауал кæн. Будзи. Нæ къанауы куыстытæн æхца иæ фаг кæ- ны. Дæхæдæг зоныс, бирæ машинæтæ, бирæ фос бал- хæдтам, æмæ æхца нал ис. Паддзахад нын цы æхца радта, уыдон дæр фесты, афтæмæй нын трубатæ æл- хæд дæр нæма ис. Б и г а. Æмæ мæнмæ исты æвæрæнтæ зоныс? Бу д зи.’Дæумæ дæр мæиæй уæлдай цы ис, фæлæ æз зонын иу ран æхца. Б и г а. Цæй æхца? Кæм сты? Будзи. Адæмы æхца. Телимæ. Æхсæрдæс мины. Б и га (фæджих). Ома?.. Хъыххы... хъыххы! Будзи. Адæм фарон мысайнæгтæ кæй радтой, уыцы æхца. Куы ныджджих дæ... Лæвар нæ, æфстау, фæстæмæ уын сæ ратдзыстæм... Бига (хъæдыл æрбады æмæ йæ худ сисы). Уый зын хъуыддаг у, Будзи. Зындопы арты мæ æппарыс... Уыдон бæрæгбонмæ кусæрттæгты æхца сты... Ныртæк- кæ дæр бæрæгбон. Адæм не ’сразы уыдзысты. Будзи. Адæм иугай лæгтæй сты, семæ баныхас кæндзыстæм. Гъер зæгъæм, Бига, дæуæй, ды ацы къох- мæ дон рауадзыны тыххæй бахæлæг кæидзыпæ, фа- рон цы мысайнаг радтай, уый? Б и г а. Æз нæ бахæлæг кæндзынæн, фæлæ мæныл нæу хъуыддаг. Б у д з и. Уыцы æхсæрдæс мины иу бон баназдзыс- тут, фæлæ сæ куы раттат, уæд та ам мыггагмæ дæр суадопы дон нуаздзыстут. Адæм сразы уыдзысты, фæ- лæ сымах — ды, Солти æмæ Тели стут æртæ хъæуы æвзæрст дзуары лæгтæ æмæ сымах цы зæгъат, уый уыдзæни. Ахсæв сæ фен, аныхас кæн семæ, æмæ мын- 298
иу райсом уæ дзуапп фехъусын кæнут. Куы нæ сразы уой, уæд цы гæнæн ис... Къанæуттæ фæстæмæ байдзаг кæндзыстæм, къох та æнæ донæй баззайдзæни. Б и г а. Охх, Будзи, хорз хъуыддагæн мæ нæ кæ- иыс минæвар. (Сысты, йæ худ ныккæны æмæ йæ сæр тилгæ ацæуы. Станырдыгæй рацæуы Дзерассæ, бæла- сы аууон ныллæууы æмæ кæсы Будзимæ. Будзи йæ нæ уыны.) Б у д з и (кæсы Бигайы фæдыл, стæй æрбады хъæ- дыл). Иу гæрахæй дыууæ тæрхъусы акъуырынмæ хъавын, фæлæ дзы исты рауайа... Дзерассæ. Нæ рауайдзæн! Рагон æмбисонд дæ рох ма уæд, Будзи, дыууæмæ хъавæджы къухы иу дæр нæ бафты. Будзи (фесты æмæ худы). А-а Дзерассæ... Уый мзэнæ Бигаимæ иу хъуыддагыл ныхас кодтам... Куыд æнæ уынæрæй æрбацыдтæ, нæ дæ бафиппайдтон. Дзерассæ. Дæ сусæг хъуыдытæ æргомæй зæгъ- дзынæ, уый нæ зыдтон, уыййедтæмæ заргæ æрбацы- даин. (Станырдыгæй æрбайхъуысы фыццаг æнкъард, стæй куыд фæстæмæ хъæлдзæгдæр фæндыры цагъд.) Дзырдтай мæм? Будзи. Дзырдтон’. Сбад. Куысты фæстæ фæллад уыдзынæ. Сбад, сбад... Иунæгæй кæй рацыдтæ, уый хорз. Дзерассæ. Исты хъуыддагæп дæ кæд хъæуын, уæд æй зæгъ. (Бæлæсты фале фæзыны Мерет. Дзерас- сæ йæ ауыны æмæ фестъæлфы.) Фæлæ раздæр кæ- йырдæм гæрах кæндзынæ? (Хъуысы булæмæргъты уаст.) Цæй, кæд мæм хъуыддаджы тыххæй фæдзырд- тай, уæд æй зæгъ... Мæ зæрдæ сау марой кæны ацы сау хъæды йæ халæтты уастимæ. 299
Будзи. Уыдон ч булæмæргътæ сты... Æз дæм хъуыддаджы тыххæй бадзурын кодтоп. Д з е р а с с æ. Дæуæн дæ бон у. Ды дæ колхозы сæрдар, æз трактористкæ. Ды мæм хъуыддаджы фæ- дыл фæсидтæ, æмæ æз рацыдтæн, кæд мын нæлгойма- джы дзырдмæ хъæдмæ рацæуып не ’мбæлы, уæддæр.' Уæлдайдæр та дæ уарзоиимæ сусæг фембæлдæн æв- дисæи уои, уый мæ пæ фæпдыди. (Мерет æмбæхсы ин- нæрдыгæй бæласы аууон. Будзи Дзерассæмæ кæсы æмæ нæ уыиы Мереты.) Будзи. Кæмæй зæгъыс? Ницы дып æмбарын... Дзерассæ. Гъы, нæ мæ æмбары! (Æнæбары ху- ды.) Хорз цуанонæн хорз скъæрæг вæййы. Мæир дыл дыууæ тæрхъусы раскъæрдта, æмæ гуыпп кæи! Æцæг мердæм дзæгъæлы æхсдзынæ. Æз тæрхъус нæ дæн, стæй мæм’дæ хуызæн ницæйагллуаноны бердапкæ нæ хæцы. Будзи. Дзерассæ, раст мæ цыма, гæды мыстæй куыд хъаза, афтæ хъазыс. Дзерассæ; Гæды мыстæй зæрдæхъæлдзæгæн фæхъазы... Æз ныртæккæ зæрдæхъæлдзæг нæ дæи. Мæсты гæды мысты йæ дзæмбытæ ныссадзы. Б у д з и. Дæ дзæмбыты ахаст дын æз хорз зонын. (Р1æ уадул асгары æмæ худы.) Разы дæн, пыссадз сæ мæ риуы. Дзерассæ. Куы асæттой, уымæй тæрсын. Дæ царм æгæр бæзджын у. Будзи. Бузныг... О, Дзерассæ... цыр’гъ æвзаг дыи ис... Нæма ферох кодтай мæ рæдыд? Дзерассæ. Иу рæдыд дын нæ уыди... Æз кæд ардæм æрбацыдтæн, уæддæр куысты тыххæй, ме ’фсы- мæры тыххæй. 300
Б у д з и. Мæпæи тыпг æхсызгон уыди, кæп æрба- цыдтæ... Дзер ассæ. Афтæ æпхъæл ма у, æмæ дæ фепын мопдагæй мæ зæрдæ сыгъди, æмæ уымæн æрбацыд- Тсоп ацы колхозмæ. Стæй ды куыд загътай, афтæ май- , мули нæ дæн. Дæ хуызæи сæлавыры фенынмæ дæр мæ былы цъæрттæ иæ хордтон! Будзи. Дзур, дзур, Дзерассæ, сæлавыр пæ, фæлæ мæ кæд ололи хопыс, уæддæр мын æхсызгоп у... О, о, Дзерассæ, куы йæ зоиис, куыд зыиаргЬ мын дæ... Дз срассæ. Хорз кусæг мæ хоиыпц, ды та кол- хозы сæрдар дæ, æмæ сæрдарæп хорз кусæг зыиаргъ вæййы. Пълаптæ йæ æххæст кæиып хъæуы. Адæмы раз, паддзахады раз дæ æфсарм ис... Будзи. Нæ, пæ, уый тыххæй нæ. Цавæрдæриддæр кусæг куы уаис, уæддæр... Дзерассæ. Уæд та дæ хæстæг, дæ хойы ходыгъд кæй уыдзынæн, уый тыххæй дын зынаргъ дæн. Хъу- сыс йæ фæндырмæ, уый мæнау æнкъард нæу... Будзи. Петя Разиаты кæй уарзы, уый æнæ зоп- гæ нæ дæн. Фæлæ мæ хойы’ ходыгъды мæхæдæг кæй уарзын, уый пичи зоны? Дзерассæ. Уый уырнгæ дæр пикæй бакæндзæн. Б у д з и. Дæу дæр нæ уырны? Дзерассæ. Цæмæй мæ -бауырна? Дæ бирæгъы лæбурдæй? Æмæ уый уарзондзипад ничи схопдзæп... Ныртæккæ дæр мæм кæд ахæм хъуыдытим-æ фæдзырд- тан!.. Будзи. Нæ, нæ, Дзерассæ. Кæд лæппу искуы чыз- джы бауарзта зæрдæбынæй, уæд æз... æз Дзерассæ... Дзерассæ. Кæй?.. Мереты? Б у д з и. Дæу... Дæу Дзерассæ... 301
Дзерассæ. Маймулиты дæр бауарзынц?.. Будзи. Бон дæ куы нæ фенын, уæд мыл хур нæ кæсы... Уæд мæ зæрдæ сау катай кæны... Кæд мæ би- рæ хъуыддæгтыл ратæх-батæх кæнын, уæддæр мæ зæрдæ демæ ис, быдыры дæу фæхъахъхъæнынц мæ •цæстытæ. (Мерет йæ цæсгом амбæрзы æмæ алидзы.) Ныр дын æй зæгъын æргомæй, уарзын дæ... уарзып... Кæд мæ иучысыл уарзыс... уæд дын мæнæ царды æм- бал... уæд дæ курын... кæд мæ дæхицæп аккаг кæныс, уæд... Дзерассæ (джихæй йæм кæсы). Будзи... Будзи!.. (Фæцæй-йæм цæуы, фæлæ бауромы йæхи.) Нæ, нæ... нæ мæ уырны, уый ахæм уарзондзинад нæу,.. Æз дæ æндæр куыддæр уарзын... Ой, цы загътон!.. (Хъæдмæ сгæпп кæны. Йæ цæсгом амбæрзы.) Будзи, Будзи! Æз дæ куыд уарзын, уый зоныс? Ой!.. Цы, уый мæхæдæг дæр нал зонын... нæ дæ уарзын, мæ мæрдты удхæссæг дæ уынып... (Фæбыры æмæ рацæйхауы.) Будзи (фæзилы йæм, фæхæцынмæ йыл хъавы)... Дзерассæ, хауыс! (Дзерассæ агæпп кæны æмæ кæл- кæлгæнгæ бæласы аууон амбæхсы, уырдыгæй худы.) Дзерассæ! Дзерассæ! (Фезгъоры йæм.) Дзерассæ. Будзи!.. Ныллæуу! Ма мæм цу... аф- тæ лæуу æмæ дæм кæсон... Ой, Будзи! (Кæсы Будзи- мæ æмæ та йæм рацæйцæуы, фæлæ Будзи йæ размæ иу къахдзæф куы акæны, уæд та алидзы бæласы рæ- бынмæ.) Ой, мæ зæрдæ^ратоны... цы загътай?.. Зæгъ- ма йæ иоджыдæр... Уарзыс мæ? Бирæ, бирæ мæ уар- зыс?... Бу дз и. Бирæ, бирæ, мæхицæй фылдæр... Дзерассæ. Æцæг? Нæ сайыс... Фæлæуу... Бу- 302
дзн... Будзи... (Цæхгæр фæзилы æмæ бæлæсты æхсæн- ты рамбæхс-бамбæхсгæнгæ худгæ азгъоры.) Будзи. О, мæ зæрдæ мып фæхæссыс, Дзерассæ! Фæлæуу! (Азгъоры йæ фæдыл.) Дзерассæ (иу бæласы аууонæй). Ма йын тæрс. Кæд æй фырцинæй нæ ныцъцъист кæнон, уæд ын ни- цы уыдзæни! (Азгъорынц кæрæдзи фæдыл. Аууонæй рацæуынц Хæмæт æмæ Далой.) Хæмæт. Федтай! Ды та мæ Мереты мын байста, мæ Мереты мын байста кæныс.'Ололи! Будзи рагæй уарзта Дзерассæйы. Д а л о й. Ехх... Будзи!.. Мæ сырх бецыкк дын еры- сы уæлахизы тырысайæн куы бæззид, уæд дын æй авæрин æд сæры къуыдыр!.. (Фырцинæй бæласы къа- лиуыл ацауындзæг вæййы, къалиу æрсæтты, æмæ уæд зæххыл йæ тъæпп фæцæуы. Хæмæт йæ уæлхъус лæу- уы æмæ худы.) Хæмæт. Уæуу, мæнæ фырцинæй йæхи ауындзы!.. Гъæй, мæнæ хъæды мæргътæ, æркæут ыл, хъæуыйаргъ лæг сæрра ис! Уæлæмæ сыст, доплакъонгæнæг! (Ин- нæрдыгæй æрбазынынц Косер æмæ Мерет. Раздæр Мерет кæм лæууыди, уыцы бæласы бынмæ бацæуыиц. Хæмæт æмæ сæ Далой нæ уынынц, нæма сæ уынынц уыдон дæр.) Далой (ратул-батул кæны зæххыл). Мæнæ мын цы æхсызгон у!.. Мæ зæрдæ сусæны бон цъæх цады ленк кæны... Мерет. Ам нал сты... Мæнæ ам... Ам кæрæдзи- йæн хъæбыстæ кодтой. Мæ зæрдæ куыннæ аскъуыдй, Косер!.. Косер. Æмæ дын нæ загътон... цы йыл ныддæв- дæг дæ... афтæ дын хъæуы... Гъер ку!.. Фæлæуу-ма..'. 303
чидæр... кæс-ма, уæртæ иæ лæппутæ... Байхъусæм... Далой. Фæлæуу! Ныр æй мæ бар уадз... Ацы сау зæххыстæп, мæ къæхты бын ратул-батул куы кæна, уæддæр æй нал ракурдзынæн!' К о с е р. Æгъа! Кæсыс уыцы дыууæкъæдзнлон сырх цæхæрамæ, цытæ дзуры! М е р е т. Мæиæй зæгъы? К о с е р. Уæдæ мæнæй зæгъы. Мерет. Уый дæр мæ иал уарзы... Ныртæккæ йын йæ сырх бецыкк стонин!.. Далой. Йæхи мып ныууæздап, пыккакыри кодта, цицыр! Хæмæт. Ма дзур афтæ, куы йæ фенай, уæд та, атайдзынæ йæ цуры. Уæлдайдæр ыл газетты фыссын куы байдыдтой, уæд. ’ . Далой. Нал! Нал атайдзынæн. Далой уарзондзи-. пад мæ риуæй! Далой Мерет! Мерет. Кæс-ма уымæ, кæс!.. Д а л о й. Æз дæ хуызæн иæ дæн. Ды Косеры цур дæхи зыгъуыммæ куыд рафæлдахыс!.. К о с е р. Хъихъгашаг уас-æг! Хæмæт. Ныууагътоп æй æз дæр. Газеты йæ ныз куы рацыди, уæдæй нырмæ уæлиæутты тæхын байдыд- та, базыртæ йыл базади. Косер. У-ухх! Къамбецы род! Æз дыи фенын кæндзынæп базыртæ! Д алой. Цæмæй мын схъал нс Мерет! Газеты йыл дыууæ ныхасы уыди, æмæ уымæй?! Фæлæуу, æз афæз- зæджы мæхæдæг райсдзынæп сызгъæрин стъалы, æмæ уæд фепдзыстæм. Мæ риуыл стъалы сфидаудзæн æвп нæ? ; X æ м æ т. О, фæтæи риу дæ... Куыппæ дыл сфидау- 304
дзæн, фæлæ ахæм фæтæн риуæн иу стъалы фаг нæу. Стъалы чи райсдзæн, уый мæиæ а лæппу. Косер. М-æгуыры зæрдæ фынтæй хъал! М е р е т. Мæ зæрдæмæ цæуып байдыдта... Косе р. Гъа-гъа! Далой. Дæуæн стъалы нæ ратдзысты. X æ м æ т. Цæуылпæ у<æд? Д а л о й. Уымæн æмæ дыи чызг уайгæ-уайыны дæ бæх дæ бынæй аскъæфта. Фæлæ мæнæп ратдзысты, æмæ уæд мæнæй уый горæтмæ фæцæуы. Уым рагъæй æвзаргæйæ ракурдзынæн, ахуыргонддæр æмæ рæ- сугъддæр цы чызг уа, уый. Мерет. Сæ къахы фындзтыл дæм слæууыдысты! Да лой (хъæдмæ сгæпп кæны). Æрбакæс-ма мæм, Хæмæт, Тарзап нæ дæп? М е р е т. Куыииæ! Д а л ой. Æз’ ацы гуырыкопд цы чызгмæ бавдисон, уый мæ фæдыл пæ расæпп-сæпп кæпдзæн? Косер. Фистæгæй, ба^гъæввадæй! Д а л о й. Æз ацы цъæхартуадзæг цæстытæй кæмæ бакæсои... Косер. Салд кæсаджы цæстыты хуызæн... (Чыз- доюытæ иыххудтысгы.) Хæмæт. Цыма кæцæйдæр хæлынбыттыртæ уа- сыпц... Косер. Дæ сæр дып бахæрæпт хæлыибыттыртæ! Д а л о й. Æз дæу фæрсып, дæу, цы зæгъыс мæ гуырыкоидæй, хæлыпбыттыр? Хæмæт. Абырæгæи бæззыс. Хорз бæх ма дæ куы уапд. 20 Пьесæт* 305
Далой. Бæргæ! Æз фыццаджыдæр Телийьг хæ- дзар ныддымин. М е р е т. Æ-гъа-уæдæ! X æ м æ т. Цæмæн æй ныддымис? Сæ куыдз дын дæ уæлдымæг атонид. Д а л о й. Уыдонæн сæ куыдз сæхнуыл дæр пæ рæ-/ йы... Гъы, Тели! Сæгъы сыкъайы хуызæн ныцци фыр-: табу æмæ фыромменæй, йæ худы счъилты хæлын- быттыртæ ахстæттæ скодтой, афтæмæй мæныл иæ бар- вæссыди, йæ чызджы мын нæ радта... Гъемæ гауарда! Нал мæ хъæуы. Мæ фæдыл куы лидза, уæддæр æй/ нал ракурдзынæи. Мерет. Мæ хæдзарыл! Уæртæ цытæ дзуры! Цом æмæсын алывыд фæкалæм! К о с е р. Фæлæуу. Д а л о й. Вперед, горæтмæ усгур! (Йæ аууонмæ фæкомкоммæ.) Дæ хорзæхæй, Хазмæт, ай куыдз у æви маймули у? " Хæмæт. Куыдз дæр нæу æмæ маймули дæр. Далой. Уæдæ циу? Змæлгæ куы кæны... X æ м æ т. Дæ аууон... Далой. Æмæ æз маймулийы хуызæн дæн? Мæ аууон хъуамæ домбайы хуызæн уа! (Чызджытæ та ныххудтысты.)' Хæмæт. Нæ дын загътон, кæцæйдæр хæлын- быттыртæ уасынц, ч зæгъгæ, ай хæйрæджджын бæс- тæ у. Д а л о й. Ныры онг дзы дзуæрттæ уыди, ныр та хæйрæджытæ? Ныццæгъдын хъæуы ацы джунглийы! Хæмæт. Цæмæн? Далой. Мах коммунизммæ цæуæм, æмæ дæли- 306
монты бадæн уым ницæмæн хъæуы... Цом-ма фер- мæмæ. Хæмæт. Цы ми кæныс ацафон фермæйы? Д а л о й. Уыцы мæлхъы фенон. X æ м æт. Нал мæ хъæуы куы загътай. Д а л ой. Зæгъон ын æй йæхицæн. Цом. X æ м æ т. Цом. (Сыстынц.) Косер. Цом гъер. (Бæласы аууонæй рацæуынц, цыма лæппуты нæ федтой, афтæ.) X æм æт. А-гъа, уæртæ чидæр... уыдон не ’сты? Ба- кæс-ма сæм дæ цъæхартуадзæг цæстытæй. Д а л о й. Уыдон сты, бауром сæ... (Йæхи дзæбæх- тæ кæны.) X æ м æ т (хъаз донæй куы рацæуа, уый цыд ра- кæны). Косер! ( Косер (цыма фæтарстысты, уыйау). Мæ х-хæ- дзар ахорз!.. М е р е т. Уауу. Чи стут? К о с е р. Хæйрæджытæ! Лидзæм!.. Хæмæт. Ма фæтæрсут, мах стæм... М е р е т. Æмæ сымах чи стут? Косер. Ма сæм дзур, хæйрæджытæ сты... дæли- монтæ! Хæмæт. Донлакъонгæнджытæ! Кæм федтай мах хуызæн рæсугъд хæйрæджытæ?! Косер. Кæс-ма уæртæ, къæдзилджын хæйрæджы- тæ!.. Далой. Къæдзилджынтæ уæхæдæг!.. Мах Хæмæт æмæ Далой стæм. Хæ м æт. О, Далой æмæ Хæмæт... Косер. Охх... Хæмæт æмæ Далой, далой... Уар- зондзинад далой!.. (Раздæхынц сæм.) 307
X æ мæт. Косер! Косер. ,0, Косср! Æз ныр дыууæ æмæ ссæдз азы дæр дæи Косер. Цы зæгъыс, ололи?! Д а л о й. Мерет! Мерет. Ны, Мерет! Астъæлф ,ардыгæй, герой! Стæ-ма, де стъалы кæм ис? Д а л ой. Ног ахуырст у, æмæ йæ хус кæпыпмæ са- уыгътон... Æрвитон ма Телимæ? (Иннæтæй фæхицæн оæййынц æмæ рахизырдæм бацæуынц. Мерет зæрдиа- гæй кæсы Далоймæ.) Мерет. Цæмæи ма йæм æрвнтыс? Дæ фæдыл алидздзынæн... Далой. Нæ сайыс? Чи фæсайа... Мерет... Мерет- хан... Цом! М е р е т. Цом... Кæцырдæм лидзæм?.. Æддæдæр лæуу, Тарзан!.. Д а л о й. Мæнæ ацырдæм... М е р е т. Уый горæтмæ усгурты фæндаг у. Цæугæ. йыл дæхæдæг! (Æрбайхъуысы Мæиры хъæлæс: «Хæ- мæт!.. Хæмæт!..» Мерет æмæ Далой ацæуынц). Хæмæт. Цы хабар у?.. Цæмæн >æй бахъуыдтæн ацы æхсызгон сахат? Косер!.. Косер. Ахъуытты у стæ! Герой! Фесгуыхти мын æхсыр ласæгæй! Нæ’ къамбец къогъо ныййардта! Цæу- гæ, уæлæ дæм дзурынц. Райсом та куы бафынæй уай, уый тæссæй дын дæ хъустæи мыр-мырæгтæ сцæттæ кодта Мæир... Хæмæт. Æпдæр мып ппцы зæгъыс, Косер? Косер. Цæуылпæ... Фæлæуу... æз дын дæ удæй схъаздзыиæп, багъæц!.. Цытæ дзырдтай... (Далой æмæ Мерет кæрæдзимæ кæсынц, цыма сусæгæй ныхас кæ- нынц.) Кæс-ма уыдоимæ! Мерет... Фæлæуу... кæдæм?! 308
(Мерет æмæ Далой фæцæуыпц рахизырдæм). Æцæг ма алидзæд йæ фæдыл... Мерст... Мерет... (Фæуа- йынц.) : Хæмæт. Бауадз сæ, æмæ кæрæдзи уыидæй баф- сæдон. Косер. Мæ х-хæдзарыл! Хъæбыстæ кæнынц!.. Хæмæт. Цæй хъæбыстæ... ныхæстæ кæпынц... Косер. Ахæм ныхæсты фæстæ хатгай хæдзарæй авдæны гуыртт-гуыртт дæр рапхъуысы. Косе-р. Дæу фæпды авдæн узып?.. Далой Мереты фæдыл фæлидзы! (Азгъордта.) Хæмæт. Далой Мерсты фæдыл пæ, фæлæ Мерет Далойы фæдыл. Цоп æз дæр лидзон... (Азгъоры Косе- ры фæдыл. Бацæуы Тели, йæ фæдыл Бига.) Тели (фæстæмæ ракæсы). Рувас карчы фæдыл куы зпла, уый зылд цы кæпыс мæ фæдыл? Б и г а. Фæлæуу-ма, иучысыл мæм байхъус. Тели. Нæ дæм хъусып. Мысайпæгты æхца колхоз- м-æ куы раттæм, уæд тагъд нæ къухы пал бафтдзы- сты... Рæхджы та бæрæгбоп, цæмæй ма балхæндзыс- тæм- кусæрттæгтæ? Б и г а. Ныхас нал æмбарыс æви? Цы бон иæ ба- хъæуой, уыцы боп сæ райсдзыстæм. Тели. Райсдзыстæм сæ, куыннæ! Доны кæфæй æрми кæсаг хуыздæр у. Бига. Адавдзысты нын сæ... Тæккæ абоп дæр ам лекка кодтой дыууæ хъуыиджын лæджы. Тели (цæхгæр фæлæууы). Кæм лекка кодтой? Б н га. Раст нæ дзуары бæласы алфамбылай. Адав- дзысты пын нæ мысайнæгтæ. Т е л и. Нæ бауæнддзысты. Б и г а. Кæмæй? 309
Тел й. Хуыцауæй. Бига (иыххуды). Стæ-ма, сæр дыл ис? Æдхæ- цæнгарз милицæйæ куынæ тæрсынц, уæд дын хуы- цауæй тæрсынц! Дæ хæдзар дын ныддымдзысты... мæ аххос нæ уыдзæп... Æхцаты чырыны дæгъæл дæхи- мæ ис? Т е л и. Мæхимæ. Бига. Уæуу м>æнæ сæрра ис! Ам иунæгæй лекка кæныс... бæласæй .æргæппытæ кæндзысты, сæхи дыл ныццæвдзысты æмæ дын æи байсдзысты. М-æнмæ аф- тæ кæсы, цыма æхца ныр дæр уым иал сты... Чырып дæлгоммæ фæлдæхт цыма уыди... бабын нæ кæндзы- сты! Тели. С-с-с!.. Чырыпы æхца нал ис. Б п га. Ау? Афардæг сæ кодтой? Гъе уæдæ дæ хæ- дзар сарæзтай! Тели. С-с-с! Хур боп дæ арв æргæрах ласæд!.. Ма хъæр кæн. Æз сæ бæласы мæрайы бамбæхстон. - Б и г а. Гъер ды зæронд æрра иæ дæ! Рувæстыл, сæлавыртыл, уырытыл æууæнды, фæлæ колхозы бух- галтерыл не ’ууæнды! Æмбарыс, уырытæ сæ бахæр- дзысты... Куынæ сæ бахæрой, уæддæр фесæфдзысты... а-дыууæ боны æхцатæ ивгæ кæндзысты, тумап капек- кæй. Тели. Цæуыл хъæр кæныс, сусæгæй дзурын дæ бон пæу... фехъуыстон æхца ивыпы хабар... хъус-ма, безбожник... бæрæгбонмæ нын сæ ратдзысты, ууыл мын дзырд дæттыс? Б и га. Дæттын... ард дын хæрып... Тели. Дæ ард мæ ницæмæн хъæуы. Цæй ард пс дæуæн! Распискæ мын ратт, мыхуыр ыл куыд уа, афтæмæй... 310
Б и г а. Дæттын. Т е л и. Цом уæдæ сæ рахæссæм мæрайæ. Б и г а. Æрмæст дзырдæй, биноныг нымадæй, æх- сæрдæс мины æиæ капекк хъуаг. (Ацæуынц. Райхъуы- сы та цъиуты уаст æмæ хонгæ кафты сабыр мелоды. Бацæуынц Дзерассæ æмæ Разиат). Дзерассæ. Æз зонын, Мæир нæм цæй тыххæй дзуры, уый. Мæнæ мæ машинæ цæттæ у... Охх... мæ чындзаг Разиат... (Слæууы хъæдыл æмæ хъусы. Суа- сынц халæттæ.) Куыд дзæбæх зарыпц булæмæргътæ. Разиат. Уыдон халæттæ сты... Фыццаг хатт сæ цыма фехъуыстай... Уыдон алы изæр дæр афтæ уа- сыиц... Дзерассæ. Нæ, нæ, Разиат, алы изæр афтæ нæ зарынц. Чысыл раздæр афтæ нæ зарыдысты... Ныр куыддæр æнахуыр рæсугъд хъæлæсæй зарынц. Кæс- ма уæлæ бæлæстæм дæр, уыдон дæр зарыыц... бирæ бæлæстæ, рæсугъд бæлæстæ... сæ цъуппытæ арвыл æм- бæлынц... сæ сыфтæртæ... нæ, сæ сыфтæртæ не ’сты, ди- дииджытæ сты... О, Разиат, цы адджын, цы рæсугъд у цард... Кæс-ма, кæрдæг дæр зары... бæстæ иууылдæр заргæ кæны... Хъусыс?.. (Фырцинæй куы хъæдæй агæпп кæны, куы Разиатæн ныхъхъæбыс кæны, куы бæласæн.) Афтæ ацы хъæды къохæн иууылдæр ахъæ- быс кæнип... Разиат. Цы хъæлдзæг дæ... Знон та фæззыгон бонау тар уыдтæ. Цыма дæм уалдзыгоп хур æркасти, базыртæ дыл базад. Дзерассæ, Æркасти мæм, æркасти, уалдзыгон хур, мæ зæрдæ мын пыррухс кодта, æМæ мыл базыртæ базади, тæхын мæ куы фæндид, уæд атæхин. Р а з и а т. Цыхмæ дард атæхис? 311
Дзерассæ. Нæ, *ацы зарæг зæххæй, ацы диди- нæг бæлæстæй иикуыдæм атæхин. Р а з и а т. Иугæр куы тæхай,1 уæд тæхæгау. Ахуыр- гоид адæм мæймæ, стъалытæм атæхыпмæ куы хъа- выпц. Дзерассæ. Уыдон ахуыргоид адæм сты... уæлар- вон стъалыты мидæг цы ис, уый базонынмæ хъавынц; мæнæн ме ’стъалы зæххоп стъалы у, æмæ мæн дæр фæнды йæ зæрдæ базонып... Ой, цытæ дзурып... Хъус- ма уæдæ, цъиутæ бæлæстыл аргъæуттæ кæиыпц... мæй сæм кæсы, уыдон сæ лæппыптимæ мæйрухсмæ æпцад сæхицæн зарынц... Дзыллæ та фæндырæй рагон цæгъд- ть^тæ кæны... Разиат... Æз дæ бирæ-бирæ уарзы^н... Ды мæ нæ уарзыс? Разиат. Куынпæ дæ уарзын, фæлæ дын æй цы сусæг кæнон, де ’фсымæры дын фылдæр уарзын... Дзерассæ. Æз дæр, æз дæр... ой... Æз уын уæ мады дæр бирæ уарзын, тынг бирæ... афтæ йæ мæ; хъæбысы ныцъцъист кæпип... Зиои мæ йæ хъæбысьГ акодта мæхи мады хуызæн. ^ Р а з и а т. Фæлтау мын ме ’фсымæры куы ныцъ- \ цъист кæпис дæ хъæбысы. : Дзерассæ. Де ’фсымæры?.. Будзийы?.. Нагъ... ^ (Будзи æмæ Петя рахизырдыгæй бацæуынц. Дзерас- сæ сæ ауыны, ныххуды, сгæпп кæны хъæдмæ, йæ къа- ’ бæзтæ сисы базыртау æмæ Разиатыл йæхи баппары.) Мæ дзæбæх Разиат, мæ уды гага... Атъæпп мын уа де ’фсымæры сæр. Исты дæм кæсдзæпи дæ æпæрихи æфсымæр... Будзи. Дæ хо мартъийæ уæлдай пæу, Петя, куы хурау худы, куы та сау мæйдар æхсæвау ныттар вæй- йы. Зæххæй æхгæддæр, арвæй æргомдæр. Й|2
Петя. Рихитæ рауадз, рихитæ, Будзи, æмæ уæд уыдзæни æрмæст арвæй æргомдæр. Кæс-ма, дыууæ бæлоиы^ кæрæдзи пакъуы тонынц. (Худы.) Р а з и а т. Куыд нæм æрбахъуызыдысты сусæгæй... Дзерассæ. Ды та цы мыр-мыр кæныс, уæртæ лæппу, чызг дын иæ комы, уый нæ уыныс?! Æз ын лæгъстæ кæныи... Петя. Æмæ дæ минæвар куынæ скодтон, миййаг. Дзсрассæ. Мæхæдæг дæ пæ уыпыи, кæн боп у æфсымæры зындзипадмæ кæсын. П ет я. Стæй хойы зындзинадмæ кæсын... Дзерассæ. Дæ оххытæй нæ хæдзары къултæ фæйнæрдæм куы афæлдæхой, уымæй фæтæрсын. Петя. Нæ хæдзары къултæ афтæ тæссонд куы уаиккой, уæд афоимæ дæ оххытæй афæлдæхтаик- кой... - Дзерассæ. Цы загътай, цы!.. Æз æгуыстæй ох- хытæ кодтоп. П ст я. Æз та фыргуыстæй. Будзи. Нæ фæлæ æмохх ныккæнæм цыппарæй дæр, кæд кæрæдзи бамбариккам... Разиат, ацы лæппу- йы... (Бауайы Косер, йæ фæдыл Тели.) К о с е р. Мæнæй йæ цæмæн агурыс? Т е л и. Цæмæн рацыдыстут фермæйæ? Цæмæнæй ракодтай? Кæм ис? ’ - Косер. Далойы фæдыл алыгъди. Ныр ын йæ фæстæ цæхх кæп! Т е л и (джихæй баззайы, стæй цæхгæр фæзилы æмæ богътæгæпгæ ацæуы). О хæсгæ мард куыд фæ- дæп... Хъæумæ! (Ацæуы.) Будзп. Телн! Тели! Афардæг нс... Дерассæ (худы). Фæпдараст!.. 313
К о с е р. Фæндараст. Амонды фæндагыл фæцæ- уынц Мерет æмæ Далой. П е т я. Мах та, Разиат? Будзи. Цомут. Лæгтæ сæм арвитып хъæуы, исты фыдбылыз куы скæна Тели! П етя. ^Æрæджиауы гæрæхтæй ницыуал! (Ацæ- уынц.) Æмбæрзæн ÆХСÆЗÆМ НЫВ Авансценæ. Бæлæстæ фæззыгон дарæсы. Æрбацæуы Хæмæт. Йæ фæдыл æрбайхъуысы Косеры хъæлæс: «Тагъддæр, дæумæ кæсы Будзи!» X æ м æ т. Донлакъонгæнджытæ! Будзимæ та~ си- дынц. Бæстæ та сфæдис. Чи ерысы фæсте баззадыс- тæм, зæгъгæ, ууыл æрдиаг скъæры, чи нæ худина- джы хъæр айхъуысдзæни, зæгъгæ, богътæ кæны, чи нæ кадджын ном иын байсдзысты, зæгъы. Кæцыр- дæм ма згъорон... Кæд дзы мæн аххос дæр исты ис?.. Уыцы донлакъонгæнæг Косеры ма куы федтаин...цæй, фæстæмæ куы раздæхон уæд... (Ацæуынмæ хъавы, фæлæ бацæуы Бига.) Б и г а. Фæлæуу-ма, цæуыл та сцоппай дæ, кæдæм тæхыс фæдисы? Хæмæт. Горæтмæ, Бига, горæтмæ, Телийы загъ- дау та нæ хур бон арв æргæрах ласта! Б и г а. Фæлæуу-ма, хъæр-ма кæн. Цы ми кæныс го- рæты? Хæмæт. Будзийы ласып. Фæсидтысты та йæм хи- цауад, тагъд, дам, сæмбæлæд. 314
Б и г а. Æмæ йæ боцкъайы ласыс? Хæмæт. О, боцкъайы ласинаг та фестæм, пннæ машинæтæ хор ласынц, картоф ласынц. Рог машннæ- йыл та Мæир фиййæуттæм ацыди. Б и г а. Æмæ йæм цæ,й тыххæй сидынц, нæ зоныс? Хæмæт. Æвæццæгæн нæ ном байсыны тыххæй. Кæмдæр та ныддагъытъайлаг стæм... Цæй, мауал мæ уром. Будзи мæнмæ кæсы. (Ацæуынмæ хъавы.) Б иг а. Фæлæуу-ма, пъæззыйыл базыртæ базади!.. Цæмæй зоныс, нæ номы тыххæй йæм дзурынц, уый? X æм æт. Мæ хъустыл æрцыди... Стæй йæ мæ зæр- дæ зоны... Цæй, мауал мæ уром, донлакъонгæнæг!.. (Ацæуы.) Бига (джихæй кæсы йæ фæдЖл). Ау, æмæ ацы азы хуызæи куы никуы бакуыстам. Йæй-и-и, мæи ах- хос дæр дзы ис, æвæццæгæн... Цон, арвитын мæ хъæ- уы хуытæ... ^æг амæлæты хабар. (Ацæуы. Байгом вæййы æмбæрзæн.) С т а н Бæлæстæ фæззыгои дарæсы. Алырдыгæй хъуысы куысты уынæр — тракторты æмæ машинæты гуыр-гуыр, адæмы хъæлæстæ. К/ьо- хæй хъуысы, хъæддзаума куыд гуыпп-гуыпп кæнынц, уый, дзæ- буджы къуырцц-къуырцц. Фæсивæдæй чн фæйнæджытæ фескъæ- фы, чи цы, чи цы. Дзыллæ архайы пецы раз хæринаг кæныныл. Хæстæгæй æрбайхъуысы машинæйы уынæр. Базгъоры Петя, афæлгæсы, стæй кружкæйы дон фелвасы ведрайæ æмæ нуазгæ- нуазыны разил-базил кæны, кæйдæр агуры йæ цæстытæй. Дзыл- лæйы нæ уыны. Д з ы л л æ. Фæзулдзаст уыдзынæ, лæппу. Ды кæй агурыс, уый ам нæй. 315
Петя (худы). Дойныйæ мæ гæйкуыри сцæйхауд- та... Ног чингуытæ не ’рбаластой, Дзыллæ? Дзыллæ. Ног чингуытыл ма сты, мæ хур. Цæ- уылдæр та сфæдис сты... Будзимæ та хицауад фæ- дзырдтой... П е т я. Ау? Æмæ та цы кодтам? Д ,з ы л л æ. Ничи йыи ницы зопы, æддæг-мидæг ауадысты... Нæ ном, нæ ном кæнынц... Петя. Цыдæр та кодтам... кæд дзы мæн аххосæй исты пс... Цон тагъддæр... Дзыллæ. Бирæ ма уæ ласып хъæуы картоф? П е т я. Иу-цыппар машинæйы ма... тæхон æз... (Азгъоры.) Д з ы л л æ. Цы та кодтам цымæ? Цæмæн та басид- тысты Будзимæ, цæмæн та сног кодтой нæ номы кой... дæ-дæ-дæй, ’кæд дзы мæн аххосæй исты бакъуылым- пы... (Архайы, Далой жесты гæбæзтæ хæр-хæргæигæ фæласы.) Далой (цæугæ-цæуын). Дзыллæ, дæ къæбиц ба- уромдзæи? Дзыллæ. Мæ къæбиц дæ цæмæн бахъуыди? Д а л о й. Нæ парк гом кæндзыстæм, æмæ нæм ин- иæ колхозтæй уазджытæ уыдзæни. ’ Дзылл æ. Уыдоны фаг суыдзыстæм. Ма дзыгъал- мыгъул кæн, пæ булæмæргътæ атæхдзысты. Далой. Фæстæмæ та æрбатæхдзысты. (Ацæуы. Æрбайхъуысы Бигайы хъæлæс фæссценæйæ.) Б н г а. Дæ хорзæхæй, Ацце, дæ цæст-ну фæдар, пу- иæг кило дæр дзы куыппæ амбæхсой! Ацце (фæссценæйæ). Ма тæрс, Бига, къæрныхтæ дзы куынæ нс, мийпаг. Дзыллæ. Тæхуды, ацы фæдисы хабæрттæй нæ 316
лæджы аххос куы ницы уаид. (Тагъд-тагъд ацæуы Би- га, йæ къухы гæххæттытæ, æрбады стъолы уæлхъус нымайынмæ.) Цал хуыйы та арвыстай? Б и га. Фараст, сæ тæккæ нарддæртæй... иæ хъуыд- дæгтæ та хорз ие ’сты, не ’фсин. Кæмдæр та иын чидæр пæ гæрз мæцъыйæ апвта... Будзимæ та фæсидтысты хицауад... (Нымайы.) Дзæгъыидзæг — дыууæ æмæ æр- тиссæдз килойы. (Фыссы.) Упыли — цыппæрдæс æмæ дыууиссæдз килойы... Дзыллæ. Æппып нæ дзидзайы пълап пæма сæх- хæст? Бига. Нæма. (Нымайы та.) Кæрæф — æртиссæдз килойы... (Фыссы.) , Д з ы л л æ. Цы худæджы нæмттæ сæвæрдтай дæ хуытыл... Æмæ нæхæдæг кæй бахордтам, уыдонпълан- мæ нымад нæ цæуьшц? Б и г а. Куыпнæ^стæй! Мах кæп бахордтам, уыдо- пæй горæты кусджытæ спард сты!.. Гаффутт — аст æмæ дыууиссæдз килоны. (Фыссы.) Дзыллæ. Ныр æдæппæт цас арвыстай? Б и г а. Уыдоц нымайын, ма мæ къуылымпы кæи... (Йæхинымæр дзурæгау.) Худннаджы бæсты... пæ кад- джын ном байсыны бæсты фæлтау уæлдæйттæ дæр арвитдзынæн... (Фыссы.) Хъулои — æртæ æмæ æртис- сæдз килойы. Тели (хъуызгæ бацæуы). Ие ’лгъыстаг фосы та нымайы... Б и г а (фены йæ, фæлæ йæ цыма иæ федта, уыйау иыггуыбыр кодта æмæ мидбылты худы). Телп — авд æмæ ссæдз кйлойы... Тели (хъæрæй). Цы, цы? Æз ницы райстоп... Иу- пæг кило дæр!.. Дæ зæронд мæрдтæп сæ ныффæлдис! 317
Б и г а (скæсы йæм). А-а, Тели... Æмæ дып куы нй- цы дæттыи... Тели. Дзуæрттæ æмæ дауджытыстæн, Бига, æз хицау куы уаин, уæд дæ мæиæ иу ахæм бæласы цон- гыл ацауындзип! Б и г а. Бæласы цонг мæн нæ бауромдзæн... мæнæ йыл дæ хуызæн хус тъарантæ ис æрцауыидзæн иу ми- пы бæрц. Цæй тыххæй мæ æрцауындзис? Тели. Дæ гæды ныхæсты тыххæй, дæ рувас миты тыххæй! Цытæ нын бакодтай?! «Æриут мысайнæгтæ æфстау, трубатæ балхæпæм, дои рауадзæм къохмæ... Æхца цы сахат бахъæуой, уыцы сахат сæ райсдзыс- тæм, куывд скæндзыстæм!». Кæм сты ныр ие ’хца? Кæм ис куывд?! Бига. Æхца райсдзыстæм, куывд скæпдзыстæм... Тели. Кæд ма, кæд? Дзуары бон куы ныллæууы- ди, не ’хца нын трубайы хъæлæсы куы аскъæрдтой, уæд ма кусæрттæгтæ цæмæй æлхæныс? Б ига. Æлхæнгæ цæмæп? Мæ фермæйы бирæ пард кусæрттæгтæ... Те л и. Ту-ту-ту! Хуыцауы æлгъыст лæг! Цæй дзуа- ры лæг дæ ды, безбожпик! Хистæрты фынгыл уæрыч- чы сæры бæсты дзæргъы сæр æрæвæрдзынæ йæ залмы сыфыйас хъустимæ?! Фæчъизи кодтой сыгъдæг кувæп- дон! Бига. Фæлæуу-ма, залгъæд бахордтай æви сæгъы мехъытæ цы кæныс!.. Куывд скæндзыстæм. Тели. Нал мæ хъæуы дæ куывд... Æз мæлынмæ цæуын... Мæ ингæныл мын-иу нуры æмæ гарчицæйы мыгтаг байтаут... Б и г а. Мæлынмæ? Фæлæуу, æххæст дæ сиахсимæ бафидау, кæныод дыл арсау чи ныббогътæ кæпдзæн... 318
Тели. Цы загътай?! Уыцы сырхбарц хъæндæлхо- римæ? Худинаггæнджытæ!.. Бига. Фæлæуу, фæлæуу, худинаг кæцæй кæсы, уый та куынæуал æмбарыс... Нæ уыныс, адæм та сфæдис сты, уый? Тели. Цы та ныл æрцыди? Хур бон та иæ арв... Бига. Фæлæуу-ма, байхъус, куы та стентек дæ... Чи зоны, дæ аххосæй дæр дзы исты ис... Т ел и. Кæм? Б и г а. Будзимæ та хицауад басидтысты... Т е л и. Гъемæ сæ амæттаг фод, мæпмæ нæ басид- тысты. Кæй ’фæпдьг тыххæй йæм сидæнт... мæн ацы дупейыл ницыуал хъуыддаг ис, æз мæлынмæ..цæуыи.., Мæ фæдзæхст мын-иу баххæст кæнут... (Фæцæуы.) Бига. Хорз. Суанг ма дыы хъолойы мыггаг дæр байтаудзыстæм дæ ингæныл... (Бауайынц Мæар, Ко- сер æмæ Були). Косер. Махæй фæраздæр сты, куыннæ! Сæхæдæг цы æхсыр астæрдтой, уый дæр сæ пъланыл ныффыс- той!.. Мæпр. Хъæр ма кæн. Бигайæ уæддæр фефсæр- мы у. Косер. Æмæ Бигаиæн нæу маст?.. Бига, пæ сы- хæгтæ цы бакодтой?.. Б и г а. Фехъуыстон æй. Паддзахады -фæсайдтой, хорз нæ бакодтоп... (Лæф-лæфгæнгæ базгъоры Ра- зиат.) М æ и р. Ды хабар у, Разиат, цæй фæлурс дæ? Р а з и а т. Дунейы адæм фæндагыл æрæмбырд сты... загъд кодтой, афтæмæй сæ хицæуттæ æрæййæф- той... дунейы машинæты... сæ хъæлæба сын айхъуыс- 319
гоп... стæй машипæты фæдыл абырстой хъæуырдæм... Б и г а. Цымæ Будзи пæ уыди семæ? ■ Р а з и а т. Æмæ-гъа... дардæй зып базоиæн уыди. Бига. Йей-и, хорз хабар пæ уыдзæни... ацы хатт быптоп худпнаг кæпдзыстæм... Нæ ном... пæ сæр, нæ цæсгом... Будзимæ дзæгъæлы пæ фæсидтысты фæди- сæй... цомут, базонæм хабæрттæ... (Фæцæуынц. Разиат сæ фæстæ. Иннæуылты бауайы Петя.) Петя. Разиат! Разнат! Р а з и а т (фæстæмæ фæкæсы). Ой, Петя... кæм уыдтæ афтæ чъизийæ? Петя. Картоф ластон... Разиат... Р а з и ат. Будзийы нæ федтай? Петя. Нæ... Разиат... Цæй, куыд кæпон? Р а з и а т. Цы куыд кæпай? (Кæсы йæм æмæ баху- ды йæ мидбылты.) Йу кафт уал ракæн... дæхи сахуыр кæи... Тагъд нæм чындзæхсæв уыдзæни... Петя. Чындзæхсæв сымахмæ уыдзæни... мах- мæ та? Р а з и а т. Сымахмæ та — чызгæрвыст, чыидзхои- джытæ... Петя. Разиат... мæ боп иал у афтæмæй... æрдæбон æд машинæ хидæй фæцæйхаудтон... Р а з и а т. Цæмæп? Расыг уыдтæ? П е т я. Расыгæй фыддæр... æдзух мæ размæ дæ, мæ цæстытыл уайыс, руль мæ къухæн феуæгъд вæппы. Мамæ алцыдæр сцæттæ кодта... Р а з и а т. Чызг æрвитынæн? Петя. Чыпдзæхсæвæн дæр... пумæ сæ кæиæм? Р а з п а т. О... пæ... дзыццайы бафæрс». Будзпйы... Петя. Бафарстои... Будзп разы’ у, дьГта?.. Р а з и а т. Ныр мæп цы фæрсыс... цы дæ фæпды,
уый кæн... (Йæ цзгсгом амбæрзы æмæ алидзы. Пегя аеæшъ кæны йæ фæдыл, стæй ныллæуы æмæ фырци- нæй ракæс-бакæс кæны ) Петя. О-о Разиат!.. Фервæзын. мæ кодтай, нал ахаудзынæн хйдæй. (Кафы.) Æрц-æрц-æрц! Д з ы л л æ (рацæуы, джихæй кæсы Петямæ æмæ йын æрæмдзæгъд кæиы)... 1<аф, каф, æз дып фæндыр радавон... Петя. 0, Дзыллæ!.. Кафыи ахуыр кæиын... (Ныхъ- хъæбыс кæны Дзыллæйæн æмæ алидзы.) ’Дзыллæ (джихæй кæсы йæ фæдыл). Гъы дис- сæгтæ, царциатæ! Мæн дæр дзы иу хъæбыс фæци... Иæ лæг дæ афтæ куы федтаид... Далой (базгъоры). Сатана! Кæм сты адæм? Доп рауагътой. Ныртæккæ фаптан пыццæлхъ ласдзæн... Д з ы’л л æ. Æмæ-гъа, кæм сты... Æз иучысыл афы- иæй дæп... Мæиæ дзы иу ам кафыди... Æви йæ мæ фы- пы федтон... Далой. Цон, ссароп сæ. Хорз пæу, Будзи иыр- тæккæ ам кæй нæ ис, уый. Дзыллæ. Далой, мæ хур, фæлæуу-ма, ды дæр ын бæлвырд ницы зоныс, цæмæн та сцоппай сты нæ ад*æм? Далой. Нæ зонын, Дзыллæ... Æрдæбон фæнда- гæй бйрæ адæмы уынæр хъуысти, бирæ машинæтæ хъæуырдæм аивгъуыдтой. Æвæццæгæи, Будзи дæр се- мæ ис... Уæдæ нæхи адæм цы фесты? Гъей, адæм! Бу- ли! Косер! Цæргæстæ! Уаритæ. (Хъæргæнгæ азгъоры.) Дзыллæ. Цæй загъд, цæй уынæр та уыдаид... Дæ-дæ-дæй, кæд та нып æцæг нæ ном исынц... Мыггаг- мæ худинаг... Хæрыны мæт дæр сæ нал ис... Цæй, зын- дзысты... Цон тæбæгътæ сын ацæттæ кæнон. (Ацæуы 21 Пьесæтæ 321
’еерандæмæ. Иуырдыгæй бацæуы Будзи, иннæрды- гæй — Дзерассæ, сæ кæрæдзи куы ауынынц, уæд фæ- джих вæййынц.) Будзи. Дзерассæ... Уый куыд у, уый, чыидзхон- джытæ хъæумæ фæцæуынц, чындз та нырма быдыры... Дзерассæ. Цæй чыыдзхонджытæ? Кæй хæс- сынц? Б у д з и. Дзерассæйы... Дзерассæ. Куыннæ стæй... Будзи. Чындзы дзаумæтты дæ фараст боны къу- лы рæбыи куы фæлæууып кæнон, уæд æй базондзынæ. Дзерассæ. Ма дып фæлæууон къулы рæбын иу сахатæй фылдæр, стæй ды дæр афтæ пæ бакæндзынæ... Æцæг чындзы дзаумæттæ бирæ уарзын. Будзи. Æмæ дыи дзыцца бахуыдта... Дæуæп дæр æмæ Разиатæн дæр. Дзерассæ (комкоммæ кæсы Будзимæ). Будзи... Будзи... ды не ’скæндзынæ цухъхъатæ? 4 Б у д з и. Фæнды дæ? Дзерассæ. Фæнды... фæнды мæ... мæ фыдыл рæ- сугъд фидыдтой цухъхъатæ. (Дзыллæ рацæйцæуы тæ- бæгътимæ, фæлæ сæ афтæ уарзон ныхасгæнгæ куы фе- ны, уæд фæстæмæ баздæхы æмæ райхъуысы ирон хон- гæ кафты цагъд. Будзи æмæ Дзерассæ исдугмæ кæ- сынц кæрæдзимæ, хъусынц фæндырдзагъдмæ, стæй ба- хæстæг вæййынц. Будзи æрбалвасы йæ хъæбысы йæ уарзоны æмæ кæрæдзийæн ныпъпъа кæнынц. Дзыллæ рацæуы фæндыримæ æнцад цæгъдгæйæ æмæ сæм кæ- сы. Æрбацæуынц иннæтæ дæр, фæлæ сæ Будзи æмæ Дзерассæ нæ уынынц. Æрбайхъуысы Далойы хъæр:) Далой. Фантан! Фантан! Дзерассæ (ракæсы). Ой, мчмæ! (Агæпп ласы 322
æмæ Разиаты хъуырыл ныттыхсы. Будзи фесрсæрмы, фæлæ йæ худын нæ уромгæйæ дзуры.) Будзи. Нæ хæлæрттæ, райсом у æнцой бон... изæ- ры уæ пæхимæ хопæм æз æмæ Дзерассæ. Дарддæр ды кæн хъуыддæгтæ, Бига, ды дæ не ’фсымæр... (Бацæуы тагъд-тагъд Ацце æмæ Будзийы хъусы цыдæртæ дзуры.) Ацце. Тагъд, дам, оæмбæлæд... Будз и. Цом уæдæ. (Фæцæуынц.) Петя, уæ хъуыд- дæгтæ кæнут, æз зындзынæн. Уазджытæ мæм дзу- рыпц. (Будзи æмæ Ацце ацæуыиц.) Далой. Ур-ра! Ур-ра! Дыууæ чындзæхсæвы раз- мæ фантантæ! (Æрбайхъуысыфантаны уынæр. Круг сындæггай зилы, æмæ адæм згъорынц фантанырдæм.) Хæмæт (цæугæ-цæуыны Косерæи). Федтай? Косер. Æз федтон, фæлæ ды цы федтай?! X æ м æ т. Мах ницы æнтауæм? Косер. Кæд фæлæгдæр уай, уæд æнтауæм. (Ацæ- уы.) X æ м æ т. Донлакъонгæнæг! Уæдмæ базæронд уы- дзынæн... Æз цалыпмæ лæг кæнон... (Ацæуы йæ фæ- дыл. Круг иыллæууы, æмæ разыны фæндзæм нывы бынат, фæлæ иыр у бынтои æндæрхуызон. Бæлæстæ сæ фæззыгон дарæсы. Лстæуæй цы уадгалд бæлас уыди, уый бæсты дзы ныр ис м,раморæй рæсугъд фантаны фæлгуыр. Задиикыл ироекциои аппаратæй зыиы, фан- таны дон уæлæмæ куыд цæуы, уый. Фаитаны фале — эстрадæ. Пыхс, хæмпæл, уæлдай къалиу дзы нæ зыны. Адæм алырдыгæй згъорынц уырдæм, алы рæтты иыл- лæууынц æмæ кæсынц уыцы æппæт ногдзинæдтæм. Сæ цин æмæ сæ худыиы уыиæр чысыл куы фæсабыр вæййы, уæд райхъуысы тарст халæтты уаст.) 323
Косер (Далойæн). Диссаджы хорз парк скодтат, Далой, йæ фаптаи уæларвмæ цæвы, фæлæ дæ халæт- ты оркестр мæ зæрдæмæ пæ цæуы. (Адæм худынц.) Д а л о й. О, Косер, дæ критпкæ мæ зæрдæмæ цæуы. (Сгæпп кæны эстрадæмæ.) Далой дзуары къохы х~а- лæтты оркестр! Æгас цæуæд культурæйы парчы иог булæмæргъты музыкæ! (Эстрадæйы къулыл фездухы радиойы кнопкæ, репродукторæй райхъуысы Долидзе- йы «Нарты бæстæйы марш». Адæм сцин кæнынц.) Косер (фыццаг пълаыыл Меретæн). Кæс-ма, кæс дæ цæргæсмæ... Ды та дзы дæ удхæссæг уыдтай... М е р е т. Æрра уыдтæн, нæ йæ зыдтон... Ныр мыи... мæ хæдзарыл... дада! (Ривтæгтимæ куывды бацæуынц Солти æмæ Тели. Кзгсынц фантанмæ, адæмы цинмæ.) Т е л и. О хуыцæутты хуыцау, уæ мæнæ дзуæрттæ, дауджытæ, бынсæфт нæ ма фæкæнут!.. (Дыууæ зæронд лæджы сæ ривтæгтæ æмæ сæ дурынтæ бæлæсты бын амбæхстой æмæ кæсынц адæмы циимæ.) Солти. Цы бынсæфты кой кæныс, цы. Кæсыс, цытæ сарæзтой... Тели. Цытæ сарæзтой!.. Не ’хсæрдæс мины... нæ мысайнæгтæ трубайы хъæлæсæй уæлæмæ хауынц!.. (Г алиуырдыгæй фыццаг пъланыл бацæуы Бига.) Уæртæ, уæртæ, нæ кувæндоны стырдæр фыдбылыз! Б ига. Цы та хъæр кæныс, Тели?.. Мæрдтæй куыв- ды рацыдтæ?.. Мæпæ кæсыс, дæ мысайиæгтæ цы мп- тæ кæныпц, уыдонмæ... а-гъа, Бечыр æрбацæуы... æмæ ма уæд Будзи кæм ис?.. (Бечырыл адæм æрæмбырд сты æмæ йемæ ныхæстæ кæнынц.) С о л т и. Будзи зæгъыс? Мæ хъустыл æрцыди, цы- ма йæ райкоммæ кæпынц æви йæ исгæ кæпыпц... Бига. Чи зæгъы уый? Кæмæй йæ фехъуыстай? 324
Нæ къæхтыл нæ куы слæууып кодта, уæд æй райком- мæ кæныпц? Кæнæ исгæ? (Æрбахæстæг сæм вæййы Бечыр.) Æгао цу, Бечыр! Бсчыр (сæ къухтæ сын исы). Арфæгонд ут, ар- фæгонд... Бига. Цы иог хабæрттæ нын æрбахастай? Б еч ыр. Хабæрттæ бирæ... Ног хабæрттæ. Хъæлæстæ. Зæгъ нын сæ, цы хабæрттæ сты? — Хорз хабæрттæ иын æрбахастай æви æвзæр? — Нæ кадджып пом лын пыууагътат æви нын æй исут? — Мауал сын æй лæууын кæн сæ зæрдыл. Кæд сæ рох фæци... — Мацы нын басусæг кæн! Бечыр. Хорз, хорз... дзурын мæ бауадзут... Ницы уын басусæг кæндзынæн... Фыццаджыдæр уал уын уæ номы тыххæй... (Адæм ныхъхъус сты, музыкæ дæр нал , цæгъды.) Уæ хъуыддæгтæ рæстмæ цæуын кæй байдыд- той, уый тыххæй... (Паузæ.) Уæ колхозыл ныууагътам Ленины ном! (Адæм базмæлыдысты, ура} ура хъæр кæнынц.) Хъæлæстæ. Ерысы нæ сыхæгтæй фæраздæр стæм æви нæ? — Мах сайыныл ахуыр ие ’стæм. Куы кусæм, уæд æпæ сайдæй. — Мах дын худинаг нæ сæрмæ хæссæм! Бсчыр. Уæ сыхæгтæ цы кодтой, ууыл нæ дзур- дзыстæм. Ерысы фæразæй стут æви нæ, уый тыххæй та бирæ хабæрттæ базондзыстут... Далой. Цавæр хабæрттæ? кæм? кæд? Бечыр. Хъæумæ республикæйы хицауадæй бирæ уазджытæ баивгъуыдтой. 325
Б и г а. Цы стыр хабæрттæ нын æрбахастой стыр хицæуттæ? Д а л о й. Мæскуыйæ дæр исчи ис семæ? Бечыр. Ис. Ис сæм Сæйраг Советы Президиумы Указ. Хъæлæстæ. Зæгъ ыын æй... — Цæй тыххæй у? Б е ч ы р. Æз æй нæ бакастæн. Уым уыдзæн кад- джын æмбырд, æмæ нын æй бакæсдзысты. Хæмæт. Мæнæн геройы ном раттыны тыххæй у, æвæццæгæи. (Адæм ныххудынц.) Бига. Басабыр ут... Указ фехъусдзыстæм, фæлæ нын, Бечыр, нæ сæрдармæ цæмæн басидтысты хица- уад? Нæ хъустыл æрцыди, цыма нын æй акæнынмæ хъавут... Б е ч ы р. Ахæм фæнд уыди районы кæмæдæрты... Хъæлæстæ. Фæнд кæнат, нæ кæнат, нæ йæ ауадздзыстæм. — Нæ йæ ратдзыстæм! — Лæджы хуызæн лæг нæм куы ф,æзыны, уæд нын æй сæхирдыгæй фæкæнынц. — Мах Мæскуымæ ахæсдзыстæм нæ хъаст, уæд- дæр æй нæ ауадздзыстæм? Бечыр. Мæскуымæ фыссын дæр æй нал хъæуы. Будзи сæрдар уыдзæни. Хъæлæстæ. Райæххæсткомы? — «Уæлвæзы» колхозы? — Дзабойы куы систат, уый бæсты йæ ма сæ- вæрут? Бечыр. Уæхи колхозы. Ленины колхозы сæрдар (Адæм цины уынæр кæнынц.) Косер. Будзи æрбацæуы. (Бауайы Будзи.) 326
Будзи (Бечырæн). Агурынц дæ. Нæ адæмы сей- пæты дæр. Б е ч ы р. Хорз. Зæгъ адæмæн, æмæ цом. Б у д з и. Хорз адæм, стыр хицауад æрцыдысты æмæ не ’ппæты дæр хонынц, цыдæр стыр цины хабæрттæ нын зæгъдзысты... машинæтæм пе ’ппæт дæр! Махмæ кæсынц. (Адæм сдзолгъо-молгъо сты, станырдæм згъо- рынц. Сценæйы ма иунæгæй аззади Далой.) Далой (залы адæммæ). Нæ зынаргъ уазджытæ, уæхæдæг уынут, геройтæ азгъордтой хабæрттæ базо- нынмæ, спектакль фескъуыди, йæ дарддæры архайд уыдзæни хъæуы стыр æмбырды, уый фæстæ та Будзи æмæ Дзсрассæйы чындзæхсæвы. Будзи æмæ Дзерассæ мæнæн бафæдзæхстой уе ’ппæты дæр сæ чындзæхсæв- мæ рахопын... Цы, цы? Амондджын уæнт, фæлæ нæ чындзæхсæвмæ не ’вдæлы, зæгъут? Цæй уæдæ уал, нæ иниæ фембæлдмæ. Иннæ хатт фембæлдзыстæм Ле- нины номыл коммунистон фæллойады колхозы. Фæн- дараст уал! Æз дæр згъорыи ме ’мбæлтты фæдыл. Æмбæрзæн К æ ро н.
СÆРГÆНДТÆ: ЗАРЕТÆ 3 УСГУРТÆ 101 БАЗЫРДЖЫНТÆ ’ 225 Ашах Инусович Токаев ПЬЕСЫ Редактор С 3. Хугаев Художник А. Р. Арчегов Художестаенный редактор У. К. К а н у к о в Технический редактор Ю. В. Г р е ч и ш к и н а Корректоры 3. Б. Кодзаева, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 28-1У-1973 г. Подписано к печати 1-Х1-1973 г. Формат бумаги 70X108 1/32. Печ.л. 10,25. Усл.-п.л. 14,35. Учетно- изд. листов 12,81. Тираж 1000 экз. Заказ № 592. Изд. № 14. Цена 79 коп. Бум. тип. № 1. ЕИ 02061. Книжное издательство Управления по делам иэдательств, полиграфии и книжной торговли Совета Министров СОАССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Уп- равления по делам издательств, полиграфии и книлсной тор- говли Совета министров СО АССР, г. Орджоникирзе ул. Тельмана, 16.