/
Text
КОЧЫСАТЫ РОЗÆЙЫ ЦАРД ÆМÆ СШÆЛДЫСТАД
Уæрæсейы пролетариаты тохы цæхæртæ апырх сты
æгас бæстæйыл. Се ’стъæлфæнтæ схæццæ; сты Ирысто-
ны фæллойгæнæг дзыллæтæм дæр. Уыдонæн сæ сæр-
гъы прогрессивон интеллигенци æмæ кусæг адæм,
афтæмæй социал-демократты (большевикты) партийы
разамындæй сыстадысты сæ бартæ райсынмæ, револю-
ци фæуæлахизы тохмæ.
Уыцы æхсæнадон-политикон цаутæн æвдисæн уыди
нæ фыццаг сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæ дæр. Уый
1904—1905 азтьг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы. Куыд
рабæрæг ис, афтæмæй Розæ баст уыдис уыцы рæстæ-
джы революцион куыстгæнæг раззаг фæсивæдимæ.
Уыдоны руаджы уымæн йæ бон баци йæ дуджы алы
цаутæм раст социал-политикон цæстæнгасæй акæсын.
Ирон театры хъуыддаг æппæты разæй райдыдта
Олгинскæйæ. Ацы хъæуы 1904 азы фыццаджыдæр
æвæрд æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ-
тæ: «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Уæрæседзау».
Уыдоны нæ уыди сылгоймаджы рольтæ. Уымæ гæс-
гæ Розæ сфæнд кодта, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæг-
тæ кæм архайдтаиккой, ахæм пьесæтæ ныффыссын.
Ноджы ма Розæйы æмæ иннæ прогрессивон олгин-
скæйаг сылгоймаг-фæсивæды цырен кодтой æмæ æхсæ-
5
ны куыстмæ арæзтой революционертæ Мамсыраты Са-
ханджери æмæ Байаты Чермен. Уыдоны уынаффæмæ
гæсгæ Олгинскæйы ахуыргæнинаг чызджытæ сарæзтой
«Сылгоймæгты драмон къорд», уымæн æмæ уыцы
рæстæджы чызджытæй лæппутимæ сценæйы чи ахъа-
зыдаид, уый æмбисонд фæкодтаиккой. Фæлæ уæддæр
революцийы тæваг фæуæлахиз, æмæ Олгинскæйы 12
чызджы, семæ — Розæ дæр, афтæмæй райдыдтой æх-
сæнадон-политикон æгъдауыл ахуыр кæнын. Къорд
æппæты фыццаг бакастысты æмæ равзæрстой Черны-
шевокийы роман «Что делать?» Уый сын бацамыдта
легалон уавæрты адæмы рухсдзинадыл кусыны ма-
дзæлттæ. Уыцы рæстæгмæ Розæ ныффыста 3 пьесæ-
йы: «Зæхх — ме ’вдисæн, хур — мæ комдзог», «Мæ
уарзондзинад æви мæ фыды ныхас?», «Гæды лæг»,
кæнæ æндæр номæй — «Нæ пъырыстыф сæрра».
Уыдон æвæрд æрцыдысты Олгинскæйы «театры».
Уый та уыди Æлдаттаты Татыны сарайы. 12 «артист-
кæйы» æрвылбон æмбырд кодтой уыцы ранмæ. Уыр-
дæм цæуыны тыххæй сын фидис ничи бакодтаид, уы-
мæн æмæ уым цардысты æрмæст сылгоймæгтæ. Та-
тыны чызджытæ сæхæдæг дæр уыдысты «Сылгоймæг-
ты драмон къорды» уæнгтæ æмæ Розæйы пьесæты сæ
рольтæ хъазынмæ хорз арæхстысты.
Олгинскæйы фæстæ Розæйы пьесæтæ 1906 азы
æвæрд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы. Гъе афтæ уыдо-
ны руаджы ирон чызджытæ зынын байдыдтой сценæ-
йы, нæлгоймæгты рольтæ дæр сæхæдæг хъазгæйæ.
Кочысаты Псийы чызг Розæ райгуырдис Олгин-
скæйы. Иæ райгуырæн бон дæр æмæ йæ амæлæты
бон дæр бæлвырд бæрæггонд нæма сты. Иу æрмæгмæ
гæсгæ Розæ райгуырди 1888 азы 12-æм майы, иннæ-
-^æм гæсгæ та — 1886 азы. Иæ ныййарджытæ уыдысты
6
рæстæмбис цæрджытæ, æнахуыргонд. Иæ фыд Пси
уыди æрдзæй зондджын æмæ курдиатджын адæймаг,
дзурынмæ æмæ ирон аргъæуттæ, таурæгътæ кæнынмæ
дæсны. Уыдоны Розæ йæ зæрдæмæ айста æмæ сæ спай-
да кодта йæ пьесæты.
Розæ астаздзыдæй бацыд Олгинскæйы сылгоймæг-
ты 2 къласон скъоламæ. Каст æй куы фæци, уæд ба-
цыд ирон чызджыты приютмæ Дзæуджыхъæуы. Уым
Розæ бакаст æртæ азы, фæлæ фæстаг, цыппæрæм
кълас нæ фæци, уымæн æмæ йæ фыд Псийæн йæ бирæ
бинонтæ зын дарæн уыдысты.
Уыцы рæстæджы Розæйы æфсымæр уыд афицер
æмæ куыста Ташкенты. Уый йæ хойы уым 1901 азы
бацæуын кодта сылгой’мæгты гимназы 3-аг къласмæ.
Дыууæ азы фæстæ Розæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ
ссыд æмæ ам йæхи цæттæ кæнын байдыдта сылгой-
мæгты 1-аг гимназы 6-æм къласмæ. 1904 азы экзамин-
тæ радта æмæ йæм бацыд, фæлæ дзы афæдзы æрдæг
йедтæмæ нæ фæци.
1907 азы Розæ мой скодта æмæ фыццаг цардис Ла-
бæйы, стæй та Алагиры æмæ Æрыдоны. Амардис
1910 азы.
Кочысаты Розæ уыди курдиатджын фыссæг æмæ
публицист. Уый бæрæг у йæ уацмысты, стæй сæ куыд
тагъд фыста, уымæй дæр. Розæ йæ рæстæгмæ гæсгæ
уыди зондджын æмæ ныфсджын сылгоймаг. Йæ ный-
йарджытæ йын цы зæронд патриархалон фæндæгтæ
амыдтой, уыдоныл цæуыныл разы нæ кодта æмæ уы-
цы зæронд æгъдæуттимæ хæцгæйæ рагафон фæхъуыд.
Кочысаты Розæйы сфæлдыстад кæд бæрцæй бирæ
нæу, уæддæр йæ уацмыстæ сæ идейон-аивадон бæрæг-
гæнæнтæ æмæ политикон ахадындзинадæй ирон адæ-
мæн зынаргъ сты.
7
«Гæды лæг», кæнæ «Нæ пъырыстыф сæрра». Ацы
пьесæ у ирон аргъаумæ гæсгæ фыст, æрмæст пъыры-
стыфыл худындзинад аргъауы афтæ æргом нæу. Розæ
пьесæ фыста 1905 азы революцийы бонты æмæ
аргъауы политикон арæзт йæ пьесæйы фергомдæр код-
та. Дыккаг ном — «Нæ пъырыстыф сæрра», зæгъгæ,
дæр ыл уый тыххæй сæвæрдта.
«Гæды лæджы» Розæ æвдисы мæгуыр Умарханы.
Уый ссардта бирæ æхца æмæ йæ ус Мызылонæн ба-
фæдзæхста, хабар куыд никæмæн загътаид, афтæ. Фæ-
лæ йе ’фсин йæ дзыхыл нæ фæхæцыд, йæ сыхаг
Къомианы хъусы йæ бацагъта. Уымæй æмæ æндæр-
тæй та хъуыддаг базыдта пъырыстыф. Уый фæсидти
се ’ппæтмæ дæр, фæрсы сæ æхцайы тыххæй тызмæгæй.
Умархан барæй йæхи ницы зонæг скодта, Мызылон
та йыл комдзог цыд. «Мæнæ, зæгъ, — тæлмацгæнæг-
мæ дзургæйæ зæгъын кæны пъырыстыфæн Мызылон,—
ды куы сæрра дæ, æмæ дæ, зæгъ, куы сбастой, æмæ,
зæгъ, хъыллистытæ куы кодтай, раст, зæгъ, гъеуæд
уыди уыцы æхцайы ссард». Пъырыстыф устыты æцæг
æрра фæхуыдта, æмæ тæлмацгæнæгмæ дзуры: «...этих
двух женщин посадите в холодную, это им будет по-
лезно; там до вечера посидят и глупости не будут бол-
тать».
Ацы уацмысы Розæ æвдисы, хæдхæцæг паддзахьг
хъузæттæ-иу мæгуыр фæллойгæнæг адæмы ницæуыл
дæр куыд æфхæрдтой, уый. Фыссæг йæ пьесæйы ар-
хайджыты дзыхæй пъырыстыфы хоны æрра, адæмы
удхарæй кæй мардта, уый тыххæй. Уыцы заман ахæм
хицауæй афтæ зæгъын нымад уыдис фыдракондыл.
Розæйы чысыл комеди «Гæды лæг» у юморæй йе-
дзаг. Умарханы æмæ иннæ архайджыты фыссæг æв-
дисы зæрдæхъæлдзæгæй. Æнахуыр хабæрттæ ис
8
пьесæйы: пъырыстыфы сæррайæ уæлдай ма мæгуыр
бинонтæн сæ къæппæг æрцахста кæсаг, се ’нгуыр та—
тæрхъус.
Умарханы обрæз у ирд: кæд уый хицауы раз йæхи
ницæйаг лæгæй æвдисы, уæддæр йæ зонд йæхимæ ис
æмæ æнцонæй афæливын фæразы пъырыстыфы дæр,
къулеры дæр æмæ йæ усы дæр.
Комедийы уæлдай зæрдæмæдзæугæ сты, Мызылон
Къомианæн æхцайы ссарды тыххæй, кæсаджы æмæ
тæрхъусы æнахуыр æрцахсты тыххæй кæм дзуры, пъы-
рыстыф æмæ устытæ æвирхъау сайды бынаты кæм баз-
зайынц, уыцы сценæтæ.
Комеди у адæмон æвзагæй фыст. Уымæн æвдисæн
сты сылгоймаджы æбуалгъ æлгъыстытæ, зæгъæм: «Ис-
чи дæ амара, уæвгæйæта ахæм лæджы!», «Къомиан мæ
æрбабын кодта,—йæ хъæбулы фыдтæ ахæра!», «Хæрз-
бын бауай, дæ туг баназай!», «Хæрæджы тъæнгтæ ба-
хæр!» æмæ афтæ дарддæр.
Пьесæйы ис бирæ эмоционалон ныхæстæ, зæгъæм:
«Мæ хæдзар фехæлд!», «Тæхуды æмæ сæ къона!»,
«Дæдæй, нæ лæг, кæм та ныххырхтай, кæм?..»
Комедийы уыцы заман æвдыст цæуы, æцæгæй куыд
уыди, афтæ æргомæй. Гъе уый тыххæй мах ацы уац-
мыс нымайæм, царды уаг реалон æгъдауæй чи ныв
кæны, ахæм аив фыстыл.
Автор йæ пьесæ «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды
ныхас?»-ы тох кæны зæронд æгъдæутты ныхмæ. Уый
фæрсы: Цы у тыхджындæр — уарзондзинад æви фы-
дæлты æгъдау æххæст кæнын? Æмæ йæхæдæг зæгъы:
Уарзондзинад фыдæлты æгъдæуттæй тыхджындæр у.
Уый уымæй бæрæг у, æмæ пьесæйы герой йæ фыды
ныхасмæ нæ байхъуыста, нæ фæхудинаг кодта йæ
уарзон чызджы, фæлæ амардта уый дæр æмæ йæхи
9
дæр. Æппын фæстагмæ разынд, мадæй иу кæимæ у,
фыдæй та хицæн, йæ уыцы хо.
Пьесæ тынг тыхджын у зæрдæйы быцæудзинадæй.
Цы бакæна мæгуыр лæппу: йе ’стыр бæллицты фæдыл
ацæуа æви сæ ныхмæ ныллæууа, йæ уарзондзинады
сæрты ахиза?
«Зæхх — ме ’вдисæн, хур — мæ комдзог». Ацы
пьесæйæн йæ къухфыст фесæфти. Баззад ма æрмæст-
дæр, Розæ йæ фыдæй кæй фехъуыста æмæ йæ уац-
мыс кæй бындурыл ныффыста, ахæм таурæгъ. Уымæ
гæсгæ, стæй пьесæ хъазгæйæ чи федта, уыдоны ныхæс-
тæм æмæ мæхæдæг куыд фехъуыстон, уымæ гæсгæ
йын æз йæ апп сбæлвырд кодтон. Уый ацы чиныджы
лæвæрд цæуы уæлæмхасæны хуызы.
Розæ йæ уацмысы æвдисы стыр хъуыды: æвзæрдзи-
над, уæлдайдæр та стыр фыдракæнд, лæгмарын никуы
басусæг уыдзæн. Зындгонд у, Октябры агъоммæ-иу
ирон адæм ницæйы тыххæй дæр хаттæй-хатт кæрæдзи-
йы туг куыд калдтой, уый. Уымæ гæсгæ, Розæйы пье-
сæ дзыллæты арæзта хи уромыны æгъдаумæ.
«Нæ Иры чызджытæм». Ацы публицистикон статья
у ирæды ныхмæ арæзт. Уыцы хъуыддаг Октябры рево-
люцийы размæ ирон адæмы æхсæн ахста стыр бынат.
Уый фæдыл-иу æрцыди бирæ фыдбылызтæ. Чызгæн
нæ уыд йæхицæн царды къай равзарыны бар, йæ би-
нонтæ йæ ирæдыл уæй кодтой бонджындæрæн — æх-
ца, мулк фылдæр чи радтаид, ахæм адæймагæн.
Нæ Иры прогрессивон ахуыргонд адæмæн уыцы
хъуыддаг сæ зæрдæмæ рагæй дæр нæ цыд, æмæ-иу
йæ ныхмæ тох кодтой. Уыдон бирæ тæрхæттæ рахас-
той, стыр ирæд цæмæй мауал истаиккой æмæ йæ фæ-
дыл бæллæхтæ куыд нал цыдаид, уый тыххæй.
Кочысаты Розæйæн æнæзонгæ нæ уыдысты уыцы
10
хабæрттæ, уымæн æмæ Олгинскæйы дæр ирæды хъуыд-
даг тыхджын уыдис.
Уыцы рагон зианхæссæг æгъдау фесафынмæ Розæ
йæ хъару сарæзта æмæ йæ ныхмæ ныффыста зынг-
джын статья — «Нæ Иры чызджытæм».
Æрвнæрæгау айхъуысти уый канд Олгинскæйы
æмæ Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны
дæр. Розæйы размæ ахæм прогрессивон хъуыдытæ
мыхуыры иу ирон сылгоймаг дæр нæ радзырдта.
Фыссæг йе ’статьяйы сиды æгас Ирыстоны сылгой-
мæгтæм, цæмæй уыдон сæхæдæг райдайой сæ бар-
тыл хæцын, цæмæй сæхи уæй кæнын ма уадзой ирæ-
дыл, цæмæй сæ ма дæттой моймæ æвæндонæй, æнæ-
уарзон лæппутæн, уæгъд уой патриархалон æгъдæут-
тæй...
Ирон сылгоймаджы цагъарæй фервæзыны хъуыд-
даг Розæ æргомæй бæтты Уæрæсейы 1905 азы рево-
люциимæ. Æмæ Розæ йе ’статьяйы фыссы: «Адæм сæ-
рибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ та-
лынг ахæстæтты куы мæлынц, уæд нæ алчидæр йæ
фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: ...«æз дæ хъæбул
дæн æмæ мæ цагъайраджы уæй ма кæн!»
Розæйы статья йæ ныййарджыты, стæй адæмы иу
хайы зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ йын стыр маст асайд-
та. Уымæ гæсгæ, куы йæ ныффыста, уымæй дыууæ азы
фæстæдæр мыхуыргонд æрцыд. Фæлæ уæддæр амынд
уыд æрмæст йæ фæсномыг — «Ирон чызг Ольгин-
скæйæ».
Розæ канд ирæды ныхмæ нæ лæууыди, фæлæ фы-
дæлты æвзæр æгъдæуттæй чи баззади, уыдонæн се ’ппæ-
ты ныхмæ дæр: чызджы скъæфты, уайсадыны, туг
исыны, хист кæныны æмæ æндæр ахæмты ныхмæ.
Кочысаты Розæ бирæ нæ ацард, бирæ саразын ын
11
нæ бантыст, фæлæ уæддæр уый йæ чысыл сфæлдыста-
дæй амыдта, сылгоймаджы бартæ фæхуыздæрыл куыд
хæцын хъæуы, ирон зæронд æгъдæуттыл бахъоды кæ-
нын кæй хъæуы, уый.
Проф. Æлборты Барие
(æнæуи—„Нæ пъырыстыф сæрра")
ДЫУУÆ АКТЫ,
ИРОН ЦАРДЫ НЫВ
МИВДИСДЖЫТÆ:
Умархан — 40-аздзыд лæг, гуыбыр, мæгуыр, дзæгъæлдзуаг
Мызылон — йæ ус
Пъырыстыф
Тæлмац
Къомиан — сыхаг ус
Мча — пъырыстыф рарвит-барвит кæныны тыххæй кæй да-
ры, ахæм.
□
"р^^^ч^ «■ ’ 4
ФЫЦЦАГ АКТ
Æвдисæн бынат. Мæгуыр уат: тъахтин скъуыдтæ æмбæрзæнимæ.
Иу къуымырдыгæй — даргъ бандон; йæ иу кæрон бады М ы-
з ы л о н, йæ разы — æвзæр æнæсæр æргъæу чырын. М ы з ы-
л о н даргъ æндахæй хунйы уæфстæ.
1-аг РАЦЫД
М ы з ы л о н иунæгæй, хуийгæйæ дзуры.
М ы з ы л о н. Исчи дæ амара, уæвгæйæ та, ахæм
лæджы, йæ хæдзары мæт чи нæ кæны! Райсом раджы
сысты æмæ уымæй изæрмæ æгас хъæуыл дзæгъæл-
дзу чи кæны арахъдзуан. Тæхуды æмæ йæ къона, йæ
лæг дæр хæдзары мæт кæмæн æркæны! Цымæ кæдмæ
афтæмæй цæрдзынæн?
2-аг РАЦЫД
У м а р х а н цудтытæгæнгæ æрбацыд фыдрасыгæй æмæ М ы-
з ы л о н ы фарсмæ æрбадт хæстæг.
Мызылон. Кæм та ныххырхтай, кæм, хæрзбын
бауай? (Мызылон дарддæр абадт.)
16
У м а р х а н. Ма хъæр кæн, Мызылон, дæ хъæр
та уæлæсыхмæ куы хъуысы, худинаг у.
М ы з ы л о н. Хъæр кæнын худинаг у, фæлæ
арахъдзуан зилын худинаг нæу? (Адæмырдæм.) Æз
та фæдæн зылындæр. Æрбакæсут-ма, йæ тæф куыд
кæлы, цыма арахъхъы боцкъа у, уыйау. (Умархан-
мæ.) Дæ туг баназай,—уый дын мæ хуыздæр арфæ.
У м а р х а н. Ей, ей, ма кæн! Мызылон, æгæр хъæр-
тæ ма кæн, хуыздæр дын у...
М ы з ы л о н. Уæдæ дын хуыцауæй дæр тæригъæд
нæу? Мæн ам сыдæй мæлгæ куы ныууадзыс æмæ дæ
грустæ арахъхъыл куы баназыс, уæд? Нырма доны
хъæстæ дæр куынæ дæн, уæд... (Кæуы.)
Умархан. Хæрæджы тъæнгтæ бахæр, кæд ни-
цыма бахордтай, уæд... (Иучысыл цыдæртæ ахъуыды
кодта.) Уый бæсты байхъус, æз дын цыдæр зæгъдзы-
нæн. (Умархан хæстæг бабадт.)
Мызылон. Цы та мын зæгъдзынæ?.. Цал
арахъхъы ныххырхтай, уый?
У м а р х а н. Ма хъæр кæн, æрра, æз æхца ссард-
тон.
М ы з ы л о н. О, о, дæхи капеччытæ-иу нуазгæ
бакæн, стæй уæд голладжыдзаг цæуылнæ ссардзынæ!
(Мызылон дарддæр абадтис.)
У м а р х а н. Нæ дæ уырны?.. Тæтæртуппы арды-
стæн! (Хæстæгдæр бабадтир Мызылонмæ.)
М ы з ы л о н. Ау, уæдæ ма сæм цы боны хорзмæ
2 Рухсмæ бæлгæйæ
17
æнхъæлмæ кæсыс? (Хæстæгдæр бабадтис лæгмæ.)
Цæуылнæ сæ æрхастай?
Умархан. Уæлæ хъæды даргъдæр цы бæлас у,
гъе уый бын сæ баныгæдтон, стæй ма доны æнгуыр
ауагътон, быдыры та къæппæг сæвæрдтон æмæ, гъе,
уыдон куы æрцахсой, гъе уæд сæ æрхæсдзынæн.
М ы з ы л о н. Цу, уæдæ сæ æрхæсс, уыдон дæр
афонмæ æрцахстой.
У м а р х а н. Ды ныр дæ ног дзауматæ скæн...
Кусгæ дæр сæ кæн... (Дзургæ-дзургæйæ сыстади.)
М ы з ы л о н. Æмæ мын æндæртæ балхæндзынæ?
У м а р х а н. Балхæндзынæн, балхæндзынæн...
Донмæ дæр сæ цу. Кусгæ дæр сæ кæн. (Дзургæйæ
ацыди.)
З-аг РАЦЫД
М ы з ы л о н иунæгæй уаты: чырын бакодта æмæ уырдыгæй
исы ног дзаумæттæ æмæ йæхи аразы. Æрбацыд Къомиан.
Къомиан. Дæ бонтæ хорз, Мызылон! Кæдæм
цæуыс, кæ, чи амардис?
М ы з ы л о н. О, о... Кæд, миййаг, цæуыс... Никуы-
дæм цæуын, фæлæ ныр мæ бон даритæ дарын дæр у.
Макæмæн зæгъ, дæ судзгæ мæрдтыстæн, фæлæ нæ
лæг æхцатæ ссардта.
К ъ о м и а н. Никæмæн зæгъдзынæн, ме ’дзарды
хайыстæн. Тæхудиаг фæуат, мах та цымæ кæд фен-
18
дзыстæм цард? (Иучысыл алæууыди.) Цæй, хæрз-
бон у.
Мызылон. Фæндараст фæу. (Къомиан ацыд.)
Хуыцæутты хуыцау, дæуæй бузныг, кæдæй-уæдæй мах
дæр дæ руаджы цард фендзыстæм.
4-æм РАЦЫД
Æрбацыди У м а р х а н æнгуыримæ, æнгуырыл ауыгъд тæр-
хъус, йæ къухы — дзаг дзæкъул æмæ къæппæг, къæппæджы
мидæг — кæсаг.
У м а р х а н. Мызылон, æрхастон дын сæ. (Мызы-
лон фæлæбурдта æмæ æхцайы дзæкъул амбæхста,
стæй æнгуыр æмæ къæппæгмæ кæсы.) Усай! Ацы зæ-
ронд бадæн, æмæ ахæм диссаг никуыма федтон; кæд
нæ къæппæг æрцахста кæсаг, нæ æнгуыр та — тæр-
хъус!
М ы з ы л о н. Ахæм диссаг никуыма федтон, мæ
мæрдтыстæн.
У м а р х а н. Ацы диссæгтæ-иу дæ зæрдыл лæу-
уæнт — æхцатæ цы бон ссардтам, уый.
М ы з ы л о н. Табу — йæхицæн абоны хицауæн.
Алы бон дæр дын куывд кæндзыстæм. (Гæдытæ уа-
сынц. Мызылон тарстхуызæй.) Дæ-дæ-дæй, нæ лæг,
уый та цæй хъæр у?
У м а р х а н. Уый дæлæ нæ пъырыстыф сæрра
æмæ йæ сбастой æмæ йæ нæмгæ, хъыллистытæгæнгæ
фæтæрынц.
19
М ы з ы л о н. Мæгуырæг. Цы дзæбæх лæг уыдис,
дин-дингæнгæ-иу йæ уæрдон нæ рæзты æрцæйцыди.
Умархан. Уыдоныл мард æрцæуæд, фæлæ ма
мæнæ ацы кæсаг афыц. (Мызылон исы кæсаг.)
5-æм РАЦЫД
Фидиуæг (æдде). Ие, Умархан! Уым дæ, цы?
У м а р х а н. Мæнæ дæн. Чи дæ? (Мызылонмæ.)
Банымæхс сæ. (Хъæрæй.) Мидæмæ!
Фидиуæг (мидæмæ æрбацыд). Уæ бон хорз!
Дæлæ дæм къæнцылары пъырыстыф дзуры.
У м а р х а н. Ау, æмæ пъырыстыф мæнæй цы
кæны?
Ф и д и у æ г. Цы зонын. Цæй æхцатæ ссардтай?
У м а р х а н. Ау, цæй æхцатæ ссардтон æз? Уый
бæсты мæнæ сбад æмæ фæйнæ арахъхъы аназæм.
(Умархан йæ дзыппæй систа авджыдзаг арахъхъ,
йæ ронæй райста агуывзæ, рауагъта æмæ кувы.) Хуы-
цау, уæдæ ахъаз бакæн... адæмы хорзæх дæ уæд. Къу-
лер дæ хуыцау скæнæд. (Нуазы йæ йæ бынæй. Фи-
диуæг дæр æй анызта йæ бынæй.)
Фидиуæг. Цæй, цом, Умархан.
У м а р х а н. Ау, кæдæм?
Фидиуæг. Кæдæм, уый нал зоныс? Ныр дæ дæ
иу арахъхъы тыххæй куы ныууадзин. (Лæдзæгæй
йæм бавзыста, стæй йыл фæлтæры тыххæй ласыныл.)
Умархан. Хорз, мæ хæдзар... Цæуын... (Ацы-
дьссты.)
20
Мызылон (иунæгæй). Къомиан мæ æрбабын
кодта, йæ хъæбулы фыдтæ ахæра, мæ хæдзар фехæлд!
Мæ дзæгъæлдзых мæ æрбабын кодта... Дæ хæдзар
æрбайхæла Къомианæн!
Æмбæрзæн
ДЫККАГ АКТ
Къæыцылар. Астæуæй — стъол, йæ алыварс — бандæттæ, тæккæ
бакæсæны бады пъырыстыф, йæ сæрмæ къулыл — паддзахы ныв.
Стъолæн иннæрдыгæй бады писыр, стъолы фарсмæ лæууы т æ л-
м а ц. М ч а æрбакодта Ума рханы æмæ лæууынц дуаргæрон.
1-аг РАЦЫД
Пъырыстыф (йæ къухæй амоны Умарханмæ).
Спросите-ка у него, правда ли он нашел деньги?
Т æл м а ц. Пъырыстыф дæ фæрсы, æцæг, дам,
ссардтай æхца?
У м а р х а н. Нæ, ницы ссардтон.
Тæлмац. Господин пристав, я, газарит, не на-
шел.
П ъ ы р ы с т ы ф. Как же не нашел, когда сосед-
ка говорит?
Тæлмац (Умарханырдæм). Куыд, дам, не
’ссардтай? Дæ сыхаг ус, дам, дыл комдзог куы цæуы?
У м а р х а н. Æмæ ма уæдæ мæ сыхаджы ардæм æр-
кæнут.
21
Тæлмац (пъырыстыфмæ). Господин начальник,
а ну-ка, гаварит, приведите соседку.
П ъ ы р ы с т ы ф (Мчамæ). Ну, приведите ее.
Тæлм ац (Мчайæн). Цу, æмæ сæ сыхаг усы æр-
бакæн ардæм. (Мча ацыд.)
Пъырыстыф (тæлмацмæ). Скажите ему,
пусть сознается чистосердечно, лучше будет, мы все
равно до всего докопаемся.
Т æ л м а ц (Умарханмæ). Пъырыстыф афтæ зæ-
гъы: фæлтау басæтт, хуыздæр дын уыдзæни, цыфæн-
ды сусæг æй куы кæнай, уæддæр æй мах рабæрæг
кæндзыстæм...
У м а р х а н. Æмæ рабæрæг кæн. Æппындæр мыл
ма бацауæрдæд... Дæ фыдæх мæ уæд...
Т æ л м а ц. Расыг дæ, цы? Мемæ та цы хæцыс?
П ъ ы р ы с т ы ф (тæлмацмæ)ё О чем вы?.. Пере-
станьте спорить... Что он говорит? Вы мне переведите.
Т æ л м а ц. Господин пристав, он не признает се-
бя... (Мча Къомианы æрбакодта.)
2-аг РАЦЫД
Тæлмац. Я, гаварит, не боюсь вас.
П ъ ы р ы с т ы ф. Ну, хорошо... Спросите ее, правда
ли сосед нашел деньги?
Тæлмац (Къомианмæ). Пъырыстыф дæ фæрсы,
дæ сыхаг, дам, æцæг ссардта æхцатæ?
К ъ о м и а н (тæлмацæн). Бæгуы, ссардта.
22
Тæлмац (пъырыстыфæн). Д,а, гаварит, нашел.
П ъ ы р ы с т ы ф (тæлмацæн). Откуда она знает
это?
Тæл ма ц (Къомианæн). Цæмæй, дам, зоныс, ды,
дæ сыхаг æхцатæ ссардта, уый?
Къомиан (тæлмацæн). Йæ ус мын дзырдта.
Т æ л м а ц (пъырыстыфæн). Господин начальник,
жена, гаварит, гаварила.
П ъ ы р ы с т ы ф (тæлмацæн зæронд лæгмæ амон-
гæйæ). А почему же он отказывается, спросите, ведь
вот его жена говорила соседке?
Тæлмац (Умарханæн). Цæуылнæ, дам, сæттыс?
Дæ ус, дам, дыл комдзог куы рацыд, уæд?
У м а р х а н. Æмæ уæдæ ма мæ усы ардæм æркæ-
нут. Уый йæхæдæг æрра куы у, уæд.
Т æ л м а ц (пъырыстыфæн). А ну-ка, гаварит, при-
ведите жену.
Пъырыстыф. Пусть приведут его жену.
Тæлмац (Мнайæн). Ацу, йæ усы йын æркæн.
(Мча ацыд.)
Пъырыстыф. Так он все же не хочет призна-
ваться?
Тæлмац (Умарханмæ). Уæдæ, зæгъы, нæ сæт-
тыс?
У м а р х а н. Ай æрдхæрæн диссаг нæу! Цæуыл
сæттон, куы ницы зонын мæ сæрæн...
Т æ л м а ц. Он гаварит, он ничего не знает.
23
Пъырыстыф. Так что же, все врут, а он один
прав? Пусть он знает и заметит, что я докопаюсь,
меня никто еще не проводил, пусть знает, в чьих он
когтях.
Т æ л м а ц. Пъырыстыф афтæ зæгъы, уæдæ се
’ппæт дæр гæдыйæ дзурынц, æрмæст ды дæ æцæг?..
У м а р х а н. Ай-гъай, гæды сты... Мæ ныхæстæ та
сты æцæг, уымæн æмæ æз æрра нæ дæн. Уыцы ныхæс-
тæ чи рауагъта, уый та у æрра.
Тæлмац. Я, гаварит, не дурак, а кто, гаварит,
такие слова пустил, — дурак.
Пъырыстыф. Да, конечно, он не дурак. Если
бы он был дурак, то найденные деньги не поднял бы.
А вот я ему скажу, что он дурак, потому, если бы он
представил начальству найденные деньги, то он
был бы честен и из найденных денег получил бы
часть.
Тæлмац. Ай-гъай, ды æрра нæ дæ; æрра куы
уыдаис, уæд æхцатæ дæр нæ бамбæхстаис. Фæлæ дын
пъырыстыф афтæ зæгъы: ды æрра дæ, уымæн æмæ
æхцаты хицæуттæм куы бахастаис, уæд цæсгомджын-
дæр уыдаис, хайджын дæр уыцы æхцатæй уыдаис...
М ч а (Мызылоны æрбакæны). Рацу дын, зæгъын,
дзæбæхæй... Цалынмæ се ’ппæты мæстытæ дæуæй нæ
систон... Сыгъд уыл ссæуа æгас сыхæй!.. Мæ сау туг
мын куы акалын кодтат!.. Цыма сæ нардæй æвзарынц,
уыйау сæ иугай-иугай ласын кæнынц.
24
П ъ ы р ы с т ы ф. Ну, ну, что там больно язык рас-
пустил, ишак!
Мча. Арæби!..
Пъырыстыф. Не надо «араби»... Что такое
случилось? Что он хочет сказать?
Т æ л м а ц. Цы зæгъынмæ хъавыс?
М ч а. Арæби, мæ дзых мын схæлиу куы нæ уадзы!
Пъырыстыф (Мчаимæ æмдзырд кæны). Не на-
до «араби»... Молчать!.. Замолчи, болван!..
Тæлмац. Банцай-ма, дæ хорзæхæй, Мча!
Мча. Арæби!..
Пъырыстыф. Молчать!..
Мызылон (мæстыхуызæй, бустæзæнгæ, дзуры).
Ам дæр ма не ’рбалæууыдтæн! (Зулмæ кæсы Къо-
мианмæ.) Йæ хъæбулты фыдтæ ахæра, мæн ардæм чи
æрбалæууын кодта, уый!
П ъ ы р ы с т ы ф. Ну, вот теперь она... Прикажите
ей замолчать.
Тæлмац. Банцайут-ма, хицауы раз дæр уæхи-
уыл фæхæцын нæ зонут.
Пъырыстыф. Спросите ее, правда ли муж ее
нашел деньги.
Т æ л м а ц (Мызылонырдæм). Пъырыстыф дæ
фæрсы, дæ мой, дам, æцæг ссардта æхцатæ?
М ы з ы л о н (тæлмацырдæм). Бæгуы, ссардта.
Т æ л м а ц. Да, гаварит, нашел.
25
П ъ ы р ы с т ы ф. Почему же он сам не сознается?"
Т æ л м а ц (Умарханырдæм). Пъырыстыф афтæ
зæгъы, дæ ус, дам, дыл комдзог куы цæуы, уæд, дам,
дæхæдæг цæуылнæ сæттыс?
У м а р х а н. Æмæ уый йæхæдæг æрра куы у, ба-
фæрсут-ма йæ, кæцы бон ссардтон æхцатæ?
Т æл м ац. А ну-ка, гаварит, спросите ее, в какой
день я нашел деньги, она гаварит бешенная, сумашед-
шая.
П ъ ы р ы с т ы ф. Ну спросите ее.
Тæл мац (Мызылонмæ). Цавæр бон, дам, ссард-
та дæ мой æхцатæ?
М ы з ы л о н (дисгæнгæйæ дзуры). Диссæгты б.оны,
зæгъ. Мæнæ, зæгъ, не ’нгуыр тæрхъус куы æрцахста,
нæ къæппæг та, зæгъ, кæсаг куы æрцахста, гъе
уæд.
Т æ л м а ц (пъырыстыфмæ). Вот, начальник, кагда
балшой цирк случился, когда наш капкан рыба паймал
и когда наша удочка заяц паймал.
П ъ ы р ы ст ы ф (тæлмацмæ). Правда ли она сума-
сшедшая?
Тæлмац (Мызылонмæ.) Пъырыстыф афтæ зæ-
гъы, æцæг, дам, дæ æрра æви цы?..
Мызылон. Мæ хæдзар æрбайхæлд! Æрра та
циу? (Лæбурдтытæгæнгæйæ.) Афтæ-ма йын зæгъ, æз,
зæгъ, нæ дæн æрра, фæлæ, зæгъ, мæнæ ды куы сæрра
дæ, æмæ дæ, зæгъ, куы сбастой æмæ, зæгъ, хъыллисты-
26
тæ куы кодтай, раст, зæгъ, гъе уæд уыдис уыцы æх-
цайы ссард.
Тæлмац (пъырыстыфмæ). Не я, гаварит, сума-
шедшая, а вот, гаварит, кагда вы сделались сумашед-
шим, когда вас, гаварит, связали и когда вы кричали.
П ъ ы р ы с т ы ф. Да, она действительно сумасшед-
шая. С нею опасно и говорить, уведите ее отсюда ско-
рее. Пускай уходят остальные к черту. (Сты, æмæ, фæ-
цæйцæугæйæ, дзуры тæлмацмæ.) Впрочем, этих двух
женщин посадите в холодную, это им будет полезно;
там до вечера просидят и глупости не будут болтать.
(Пъырыстыф фæцæуы.)
У м а р х а н. Ие, хуыцау, табу—дæуæн, мæн ацы
зондæй æххæст чи фæкодта! Цыфæнды зын ран дæр
мæхи бæхъахъхъæнын фæразын. Дзæбæх та мæхи куы
фелвæстон! (Тæлмацмæ.) Цы кæсыс?.. Акæ уыдон
ахæстонмæ, кæд фæзоидджындæр уаиккой!
Æмбæрзæн.
К æр о н.
«■1Г II»"""
имп »"•
М1М"1 •■
М||*|»"
АРХАЙДЖЫТÆ:
Зауырбег — зæронд, 49-аздзыд лæг, афтид цикъæ хæдоны
Хъамболат — Зауырбеджы фырт, 23-аздзыд. Фыццаг æвдысты —
афтид сау куырæты, дыккаг æвдысты — бæлццон лæг,
хæрзарæзт, æртыккаджы — урс куырæты
Сахтинæ — 46-аздзыд, даргъ хæдоны æмæ афтид сæрбæттæны
Хъасболат — йæ фырт, 21-аздзыд, сау куырæт, сау стыр худ,
зæнгæйттæ, местæ æнæ дзабыртæ
Меретхан — æрвадæлты чызг, схъомыл Сахтинæйы хæдзары,
бæсяы рæсугъд чызг, 17-аздзыд
Борыхъон — Зауырбеджы чындзыцыд хо, 30-аздзыд.
ФЫЦЦАГАРХАЙД
Зауырбеджы хæдзары. Чысылгомау уат, йæ иу къуымы
тъахтиныл хуыссы Зауырбег рынчынæй, йæ сæрмæ йæ
хæцæнгæрзтæ ауыгъд, йæ уæлхъус — йæ хо Борыхъон, йæ
фырт Хъамболат тарвазы æнцой лæууы. Цырагъ
ныллæг уагъд.
Фыццæгтæ: Зауырбег, йæ хо æмæ йæ ф ы р т
Зауырбег. Гъæй, дуне чи скодта, уыцы хуыцау,
цы раны лæуд дæн! Мæ иунæг фырты ма уæддæр куы
федтаин!
Борыхъон. Ма тæрс, ма тæрс! Дæ хуызæн рын-
чынтæ бирæ вæййы! ХъамбоЛат дæр мæнæ дæ цуры
куы лæууы!
Зауырбег. Мæ дунейы рухс, Хъамболат! Æз
кæй мæлын, уый зонын; абондæргъы дын дæ цæсгом
куы нæ федтон, хæстæг ма мæм æрбацу!
Хъамболат. Цы кæныс, дада. (Йæ уæлхъус æр-
32
лæууыд, ус ацыд.) Ахæм æвзæр зæрдæйыл хæст цæ-
мæн дæ? Æз та ма дæм зæрдæтæ æвæрынмæ æнхъæл-
мæ кастæн!
3 а у ы р б е г. Цы зæрдæ дын сæвæрон, мæ хур,
цæр... дзаг хæдзары... Иунæгæй мын зайыс, уый йедтæ-
мæ дын дуагæй нæ тæрсын. Мæ ис, мæ бон, мæ хæзна-
тæ уадзын дæуæн. (Къулмæ амоны.) Лæварæн дын уа-
дзын уæлæ уыцы хъыримаг. Уæ, мардзæ, мæ иунæг
фырт, нæ фыдæлты дзаума æгады хастæй ма фæхæсс!
Хъамболат. Царды уынаффæтæ мын ма кæ, мæ
уарзон фыд! Дæ фæстæ æз нæ хæдзар адджын нал
скæндзынæн мæхицæн. «Хæрзбон» зæгъдзынæн мæ ис,
мæ бонæн. Æз схъомыл дæн, дæ уындмæ бæлгæйæ. Мæ
мадæн ма мын йæ ингæн уæддæр бацамон! Æз дæ ку-
рын уыцы хорз. Æз æй абон баивон мæ цæрæн хæдза-
рæй!..
3 а у ы р б е г. Зæрдиагæй мæм байхъус, мæ хур!
Æз дын радзурон мæлæты фæндагыл мæ хабæрттæ.
Ацы (йæ хуылфыл йæ къух æрæвæрдта) хуылф мын
чи фехæлдта, мæ ингæны былыл мæ чи æрлæууын код-
та, уыцы хъуыддæгтæ...
Фыццаджыдæр, мæнæ æз дæ цуры мæлын! Дæ ма-
ды хъуыддаг дæ ныры онг фембæхстон, ныр æй хъуамæ
базонай... Дæ мад Зали рæсугъд уыд, адæмæн æмби-
сонд, йæ рæстæджы йыл æппæт адæм схæцыдысты ку-
рыныл, æмæ йæхицæн адджынæн сæвзæрста мæн. Уы-
цы адджын цард кæнгæйæ нын дыууæ азы бонмæ рай-
3 РУхсмæ бæлгæйæ
33
гуырдтæ ды... Афæдз дыл нæма рацыд, æз цуаны уæв-
гæйæ, афтæмæй мæн æгас дзыллæтæн худинаг фæкод-
та, дæу та сидзæрæй баззайын кодта Курдиаты Естъа
(йæ дæндæгтæ схъыррыст кодта). Ахаста дæ мады мæ
хæдзарæй... Уыцы бонæй фæстæмæ сидзæрæй искæй
къухы фæрæзыдтæ, мады рæвдыд нæ федтай, фыды
æппын нæ уыдтай хæдзары дæ цæстæй. Æз та хицæн
адæн хуыцауæй æмæ зæххæй сæ фæстæ зилыны тых-
хæй. Уыцы джауыр мæнæй тæрсгæйæ хъæуы мидæг иу
бонæй фылдæр фысым не ’ркодтаид. Хъуыстон сын сæ
хабæрттæ... Дæ мадæн райгуырд чызг; уый дæр кæй-
дæр къухы æмбæхстæй хъомыл кæны, йæ ном — Ме-
ретхан. Мæ иунæг фырт, Хъамболат! Уыцы æртæ
удæй кæй никæуыл фæхæст дæн, уыцы маст мæ ин-
гæны былыл æрлæууын кодта... Мæлын... æнæ мæ хæс
райсгæйæ, æмæ зон, мæрдты дæр ма иу мард кæй кæн-
дзынæн, уый... Маст мын мæ зæрдæ бахсыдта. (Дзу-
рын нал фæразы, йæ уд тухи кæны.)
Хъамболат. Ацы хъуыддагмæ, дада, дæ зæр-
дæ мауал æхсайæд æппындæр! Уыцы заманы — мæ
уды æмгъуыд, æз мæ.бынат цы бон æрхъарм кæнон!..
Кæд æмæ, чи зоны, нæ фæхæст уон йæхиуыл, уæддæр
де ’фхæрддзинад йæ хъæстæйæ искæмæй райсдзынæн,
мæ хуыцауы къух дæм дæттын!
3 а у ы р б е г. (Тагъдгомау ын йæ къухмæ фев-
нæлдта æмæ йæм, æдзынæг кæсгæйæ, дзуры.) Бузныг!
,Æгайтма мын мæ дзырд æххæст кæныс, — мæрдты
34
мæ ингæны къæйтæ стыдтаин...'Дæ мады-иу бахъахъ-
хъæ! Агургæ йын йæхи кæн!.. Кæм фæхæст уай, уым
та йын йæ чызгыл дæр ма аздæх фæхудинаг кæны-
ныл!.. Хъусыс! Ма мæм æрбацу чъизи цæсгомимæ.
Ныр, мæ дунейы рухс, æз мæлын... хæрзбон у! Хæ-
æрз...бон! (Адаргъ кодта йæхи æмæ амард. Хъамбо-
лат йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ ныббогътæ кодта.)
Хъамболат. Мидæмæ-ма рацу, мæ иунæг цъæх
хо! Мæ хæдзар куы фехæлди... Мæ иунæг фыд дæр та
мæ хæрз сидзæрæй куы ныууагъта... (Борыхъон, йæ
сæры хъуынтæ тонгæйæ, хъæргæнгæйæ базгъордта;
хъарæг; йæ фæстæ иу къорд лæджы сæ сæртæ хой-
гæйæ æрбацыдысты.)
Æмбæрзæн
ДЫККАГ АРХАЙД
Сахтинæйы хæдзар, рудзынджы бын — тъахтин, рудзынгыл
цырагъ судзы. Меретхан хæрдгæ хуыдтæ кæны. Астæуæй
С а х т и н æ цыдæртæ æмпъузы. Даргъ бандоныл М е р е т х а-
н ы цур Хъасболат хъыримаг сыгъдæг кæны.
Фыццæгтæ: Сахтинæ, Меретхан æмæ Хъасболат
Сахтинæ. О, мæнæ, Мери, мæ уат куы æрыппа-
рис! Сымах мондагмæ фæбадын æмæ мæ уæрджытæй
мæлын. Зæрондæн йæ бадт дæр ницыуал.
Меретхан. Уæ, нана, чысыл-ма фæлæуу, æх-
хæст ма мæ хæрдгæ хуыд акæнон, нырма раджы у...
35
Хъасболат. Цы йын лæгъстæ кæныс, цы? Зæ-
ронд адæм фæразондæр сты ногтæй — абаддзæн ма!
(Чидæр дуар бахоста. Фæджих сты.)
С а хт и н æ. Акæс-ма, Хъасболат! Чидæр нæм дзу-
ры. (Хъасболат ацыд.)
Хъасболат. Чи дæ, чи? Кæд уазæг дæ, уæд —
мидæмæ!
Хъамболат. Æнафоны уазæг, уæдæ, кæд мæ
дæ хæдзармæ бауадзай, уæд!
Хъасболат. Уазæг — хуыцауы уазæг! Мидæ-
мæ рацу! Æрмæст дæхицæн æгæр мæгуыр фысым ба-
цагуырдтай.
Фыццæгтæ æмæ Хъа мболат
Хъасболат. Уазæг, нана, уазæг, ды та ма нын
дæхи æфснайынмæ хъавыдтæ!
Хъамболат. Фарн—а хæдзары, æмæ уе ’хсæвтæ
хорз!
Сахтинæ (сыстад). Фæрнæйдзаг у, æмæ æгас
цу, уазæг!
Хъамболат нымæт, басылыхъхъ систа æмæ сын
сæ къухтæ исы.
Хъасболат. Марадз, Мери, уазæджы дзауматæ
афснай. (Мери дзауматæ райста æмæ сæ сауыгъта,
дуаргæрон алæууыд. Хъамболаты Сахтинæ йæ фарс-
мæ абадын кодта.)
Хъамболат. Мæ хорз фысымтæ! Курын уæ иу
36
хуыцауæй фæстæмæ, æмæ мын бахатыр кæнут, æна-
фоны уæ кæй батыхсын кодтон, уый. Æндæр гæнæн
нал уыд, сымахæй йедтæмæ рухс никæмæй уал цыд.
С а хт и нæ. Ма тæрс, мæ хур, ма, мæгуыр фысым-
иу ницæуыл тыхсы. Хорз дæ куынæ фендзыстæм, мий-
йаг!
Хъасболат. Нана! Уазæджы-иу аргъæуттæй не
’фсадынц, æнхъæлдæн. Фæллад дæр уыдзæн, чи зоны,
фæлтау нын фæйнæ арахъхъы куы авæрис!
Сахтинæ. Уæ, мæ бон, Хъасболат! Ныры адæм
зæрæдты кæндтытыл нал æрвæссынц, нал! Рауай, Ме-
ри, мемæ! (Рацыдысты, Хъамболат йæ фæдыл кæсы,
Хъасболат æй нæ уыны.)
Хъасболат æмæ Хъа мболат
Хъамболат. Аипп ма уæд, фæлæ мæ мæ уарзон
фысымты базонын бæргæ фæнды, Хъасболат...
Хъасболат. Мах дæр мæгуыр, сидзæр бинонтæ
стæм: зæронд мад æмæ æз мæ хоимæ. Кæрæдзи базо-
нынæй хуыздæр цы и уазæг æмæ фысымæн! (Мери
фынг æрæвæрдта.)
Фыццæгтæ æмæ М е р и
М е р и. Хорз æхсæвæр уын не ’сцæттæ кодтам,
фæлæ фæйнæ арахъхъы аназут!
Хъасболат. Уазæг! Кæрæдзи дæр базондзы-
стæм, фæлæ уал нын нæ хорз æхсæвæрмæ хæстæгдæр
æрбабад! Мери ды ма нын арахъхъ авæр!
37
Хъамболат. Мæнæн аккаг бæргæ нæу, ныры
онг уазæгау мæхи нæ бацамонын, фæлæ мын æй баха-
тыр кæнут! Хъуыддаджы фæдыл зилын, æмæ уый
æнæ мæ къухы бафтгæ ардхорд дæн мæхи схъæр кæ-
ныныл. Аипп дæр бæргæ у ацы æгъдау кæнын, мæ
ном — Хъамболат, уый мæ уæддæр зонат. (Мери нуа-
зæн дæтты Хъамболатмæ, уый йæ нæ исы, стæй йæ ай-
ста Хъасболат.)
Хъасболат. Цæй, уæдæ нын хуыцау тæригъæд
бакæнæд! Уастырджи бæлццæтты рахиз фарс цæуæг у
кæддæриддæр æмæ дын, дæ зæрды цы хъуыддаг ис,
уый сæххæст кæнæд, Хъамболат Хуыцау!
Хъамболат. Хæлар дын уæд! (Райста агуыв-
зæ.) Хуыцауы хорзæх уæд мæ фысымты! Æз дæр æнæ-
хъæн æртæ азы зилын, фыдæбон кæнын æмæ мын
ахæм амондджын фысымтæ фæуæд æмæ мæ хъуыд-
дагыл куыд фембæлон.
С а х т и н æ (рудзынгæй æрбадардта йæ пыхцыл
сæр). Уæ, мæ бон, Хъасболат! Нæ мæгуыр æхсæвæрæй
уазæджы хорз фен!
Хъасболат. Хуыцауæй — бузныг, нана, нæ уа-
зæг нын æнцонхæссæн фæци! Мери, схорз кæн дæ
фынг! (Сахтинæ æрбацыд гуыбыр-гуыбыр.)
С а х т и н æ. Æнафон дæр бæргæ у, фæлæ мæ нæ
уазæгимæ яныхæстæ фæндыд. (Йæ уæрджытыл æр-
бадт.) Дæдæй, мæ уæрджытæ æрхауынц.
Хъасболат. Уæу-уа, сымахардыстæн, æзынма,
38
схуыссыд... нана! Уастырджистæн, хуыссын афон у!
Райсом-иу фæныхæстæ кæн, ныр нæ уазæг дæр фæл-
лад у, Мери, хуыссæнтæ бакæн ’æмæ ацæут!
Мери (дыууæ хуыссæны бакодта). Хæрзæхсæв-
тæ ут!
Хъамболат. Хорз амонд дæ хай æмæ кæй æх-
сæв у, уый хæрзтæй хайджын ут! (Йæ фæстæ акаст,
ныуулæфыд къæхты бынæй.)
С а х т и н æ. Уæуу, æна! Ныры адæм цы хуызæн
сысты, цы хуызæн? Куы дæ хуыссын нæ уадздзысты,
куы та дæ тыххæй мæрдцъынд кæндзысты.
Хъасболат. Ех, нана, ныры адæмы сæ зæр-
дæйы фæндагыл ауадз, бирæ цæрæнбон сын куынæ и,
миййаг. (Дыууæ дæр сæ хуыссæнты æрхаудтой æмæ
ныххуыссыдысты. Сахтинæ йæ къух ауыгъта æмæ
рацыд.)
Æмбæрзæн
ÆРТЫККАГ АРХАЙД
Хъасболаты цæхæрадоны, бæласы бын—бандон; йæ фарсмæ
цъæх нæууыл нымæт тыд æмæ нымæтыл урс куырæты мидæг
Хъамболат.
I НЫВ
Хъамболат. Мæ худинаджы дуг æрзылдис æмæ
ма цы кæнон, чердæм ма цы кæндзынæн, уымæн куы
ницы зонын! Цас хорз уыдаид, мæ фыды æфхæрд рай-
39
сты фæстæ йыл куы сæмбæлдаин, уæд? Фæлæ, æвæц-
цæгæн, иууылдæр хуыцауы арæзт хъуы^дæгтæ сты.
Уыцы æгъдау мæнæн уадзæн нæй! Æнæ уыцы чызг та
мæ мæлæт мæ цардæй хуыздæр у! йæ бинонтæй бæр-
гæ нæ тæрсын, фæлæ йын иучысыл йæхи зæрдæйæн
исты куы бамбæрстаин. Хуыцæутты хуыцау! Уæдæ ма
мæ кæд исты амонд ис, уæд æй ацы хибармæ ра-
уадз! (Меретхан æрбацыд.) Гъæй, джиди! Нæ амонд
иу бауынмæ куыннæ скуывтон, куы! Ме ’скуывдæй йæ
рацыд тагъддæр куы фæцис! (Мери аздæхынмæ хъа-
вы. Хъамболат фестад.) Мауал фæлидз! Байхъус-ма
мæм æрмæст дыууæ ныхасмæ!
II НЫВ
М е р и. Цæсгом дæр мын нал ис, фæлæ мæ цæ-
уылнæ ауадзыс: дæу тыххæй мыл зæрдæниз кæй баф-
тыд, уый æгъгъæд нæу? Ноджыдæр ма дын дæ ныхæ-
стæм хъусон?..
Хъамболат. Мери! Ацы дунейыл æз худаи-
стæй цы хъуыддаг куырдтон, уый дæхи дзыхæй ссы-
ди. Фæсмон фæкæндзынæ æрæджиау, ныртæккæ дæ
зæрдæ цы æгъдауыл лæуд у, уый мын куы нæ зæгъай,
уæд! Зоныс æй, кæй тыххæй худинаг кæнын, уый...
æнæхъæн къуыри ам кæйдæр хæдзары кæй тыххæй
бадын, уый!.. Нал ис мæнæн ацæуæн ацы хæдзарæй
æнæ дæ бæрæг, æмæ мын ныртæккæ зæгъ, дæ фæстаг
ныхас цы уыдзæн, уый!
40
М е р и. Уæдæ, кæд æндæр гæнæн нал ис, уæд мæ-
нæн мæ мад æмæ ме ’фсымæры ныхасыл дыккаг зæ-
гъæн нæй.
X ъ а м б ол а т. Мери, иучысыл æрбад бандоныл,
миййаг, дæ мад куы æрбацæуа, уæд дæ фендзæни.
(Мери бæласыл банцой кодта, Хъамболат бандоныл
сбадти). Мæнæн абонæй фæстæмæ ничиуал ис ацы
мæнг дунейыл дæу йедтæмæ, æмæ мын ныр мæ ха-
бæрттæ хъуамæ базонай...
М е р и. Цæй-ма, уæдæ! Цымæ ныры онг цы ха-
бæрттæ нæ хъæр кодтай. (Худынц.)
Хъамболат. Ныр мæ уæдæ базон! Æз дæн фыц-
цаджыдæр Борыхъуаты Зауырбеджы фырт. Æртæ азы
цæуы мæ фыды амæлыныл; мæлгæ-мæлын æм радтон
}лæ къух, де ’фхæрд дын райсдзынæн, зæгъгæ. Уый
амæлæты бонæй фæстæмæ зилын æмæ æппæты бæсты
дæр дæуыл сæмбæлдтæн...
М е р и. Омæ чи у, дæ маст кæмæй исыс, уый, ца-
вæр зын арæн у, уагæр, æртæ азы кæуыл зилыс, уыцы
адæймаг?
Хъамболат. Дыууæ удыл зилын æмæ мын
хъауджыдæр нæу, кæцыйыл сæмбæлон, уымæй. Уыдон
сты Курдиаты Естъа æмæ йæ чызг.. Уыцы дыууæйæ
æз хъуамæ райсон иуæй мæ мæгуыр фыды хæс. (Ме-
рийæн йæ хуыз фæцыд, йæ къухæй къæбæл æрхауд,
цæсгом бамбæрзта æмæ ныцъцъæхахст ласта.)
Мери. О, мæ дуне! Цæй талынг мыл æрбадæ!..
41
Цæмæн нæ агурыс? Æз та дын цы кодтон! Естъа мæ-
нæн мæ фыд у, Хъамболат!
Хъамболат (фестад). Ма мын кæнын кæн
ахæм джиауыры кой дæ хуызæн зæды цур! Хъуамæ
Меретхан мæ уындæй арвы талынгты лидза. Мæнæн
æрмæст дæ ном сдзурын дæр тых куы кæны, æмнæмт-
тæ кæй стут, уый тыххæй.
М е р и. Æз уæдæ Естъайы чызг дæн! Хæссынмæ
мæ куы райстой нана æмæ Хъасболат, Мери мæ уæ-
дæй нырмæ хонынц.
Хъамболат (йæ тигъ фæзылдта Меримæ). Уæ,
хуыцау! Мæ мады гуыбыны мæ цæй æнамонд боны
сæвзæрын кодтай! Цы ма бакæнон, мæ зæрдæ мæ
хуылфы дыууæ æмбисы куы аци? Уæ, мæгуыр лæппу!
йе — уарзондзинад, йе — дæ фыды ныхас! (Йæ сæ-
рыхъуынтæм фæлæбурдта.) Худинаг райсæн нæй, æнæ
дæу та — фæцæрæн. (Аджих, стæй зæхх къахæй ньщ-
цæлхъ кодта.) Гъе, уæу-уæй, Хъамболат! Зауырбеджы
фырт куы дæ... Ма райс ныры лæппуты зæрдæ. Чъи-
зи цæсгомимæ ма бацу дæ фыды цурмæ! Мери, цы кæ-
нон! Æз æнæхъæн æртæ азы дæ джауыр фыдыл фæ-
зылдтæн æмæ мæ къухы нæ ба(фтыд... Дыккаг агуырд-
тон дæу, мæ зæрды дын уыд мæ мады ми бакæнын
æмæ фæстæмæ раскъæфын... Ныр нал у мæ бон иу ба-
кæнын дæр! Мæ зæрдæ дæу баци æмæ йе — ды, йе—
мæлæт. (Йæ дамбаца исы.) Худинаг у сылгоймаг ама-
рын, фæлæ æндæр гæнæн нал ис! Цы зæгъыс?
М е р и. Цы дын кодтон? Мæ уарзондзинад йедтæ-
мæ дын куы ницы ракодтон!
Хъамболат. Мæн мæлын хъæуы æмæ, Мери,
демæ мæлын! (Дамбаца фыццаг Мерийыл ныццавта,
стæй йæхиуыл.)
Мери. Куы мæ амардтай!.. Хæрзбон!..
Хъамболат. Ныббар мын, мæ фыд, мæ рæдыд-
дзинад! (Ахаудысты, фыццаг — чызг, стæй — лæппу.)
Æмбæрзæн.
^ТМГ*
НÆ ИРЫ ЧЫЗДЖЫТÆМ
Статья
1^ уы айхъусай алы адæммæ, уæд алчи дæр сæри-
**бары тыххæй дзуры æмæ йæ бон циу, уымæй сæри-
бардзинадмæ йæхи хъары.
Уырысы мужук, фыдæй-фыртмæ цагъайраджы
дуг чи фыста, уыдон дæр ма базмæлыдысты, æмæ агу-
рынц сæрибардзинад. Иу дзырдæй, адæмæн сæ цæсты-
тæ райгом сты æмæ рухс федтой; фæлæ уæддæр уыцы
рухсдзинадæй мах ницы-ма уынæм.
Махæн нæ цæстытæ нæма райгом сты, æмæ ницы-
ма уынæм, уымæн æмæ нæ сæрæн не ’стæм, æмæ сæ-
рибардзинад нæхицæн нæ агурæм. Дзургæ бирæ дæр
бæргæ кæнæм сæрибардзинады тыххæй, фæлæ хъуыд-
дагмæ куы æрцæуæм» уæд нæ бон ницы свæййы. Ныр
æй æрхъуыды кæнæм, цæмæн афтæ у, уый.
Чызгмæ курæг куы æрбацæуы, уæд чызджы бирæ
хæттыты фæрсгæ дæр нæ бакæнынц фæндонæй, æмæ
бинонтæ сæхуыттæг бафидауынц, уæлдайдæр та сын
44
лæппу бирæ ирæд куы фида, уæд. Лæппумæ нæ кæ-
сынц, фæлæ кæсынц, цы аргъ дæтты, уым>æ, æмæ уы-
цы хуызæнæй чызг ауæй кæнынц, кæй — зынаргъæй,
кæй та — асламæй. Уæлдай зынаргъ та нæм уыдысты
пысылмон чызджытæ. Уыдонæн сæ аргъ уыди 100 ту-
маны, уымæй асламдæр сæ чызг бирæ ничи лæвæрдта.
Хорз. Чызг уæйгонд фæци.
Ацыди йæ мойы хæдзармæ, æмæ уым кусы æххуыр-
сты куыстæй, уымæн æмæ йæ бон дæр нæу нæ кусын:
йæ бинонтæ йæ нæ> дардзысты, куы нæ куса, уæд, ал-
чидæр ын йæ цæстмæ дардзæн: «Бирæ ирæд дыл ба-
фыстам æмæ кус». Йæ мой ма йын тæригъæд бæргæ
кæндзæн, фæлæ уый бон дæр цы у, уæлдайдæр та ирæд
йæхи фæллой куы нæ уа, фæлæ бинонты фæллой куы
уа, уæд. Чызг арты судзы тыхстæй æмæ мæгуырæй.
Мæгуыр та куыннæ уа! Иæ фыд дзы бирæ аргъ куы
агуырдта, уæд-иу нæ хъуыды кодта, йæ чызг искуы
мæгуырæй цæрдзæн, уый.
Диссаг та куыннæ у махмæ ирæды хъуыддаг! Фыд
йæ1 хъæбулы ауæй кæны, æмæ йæ хъæбул цы хæдзар-
мæ цæуы, уый мæгуырмæ æртæры.
Фыдæн ис цот: лæппутæ ’æмæ чызджытæ. Лæппу-
тæн фыд фиды ирæд æнæ хъаугъайæ, алцæмæй дæр
сыл тыхджындæр ауды:
’Куы мæлы, уæддæр йæ бынтæ йæ лæппутæн ныу-
уадзы, фæлæ чызпæн та йæ цард мæгуырдæр кæны, йæ
мойы хæдзар ын куы сафтид кæны, уæд, афтæмæй та
45
фыд куы амæлы, уæд ыл чызг йæхи марынмæ æрцæуы,
йæ мæгуыр хæдзар ыл бахæры хистытыл.
Лæппу та йæ хъуыды дæр нæ кæны: ай-гъай, уы-
мæн дæр зиан у йæ фыды мард, уый тыххæй æмæ йæ
адæмы æфсæрмæй хистытæ кæнын уæддæр хъæуы.
Уыцы хъуыддæгтæм æркæогæйæ, махæн, чызджытæн,
бамбарын хъæуы, нæ фыдæлтæ нæм хъулон цæстæй
кæй кæсынц, уый, æмæ нæ фылдæр аргъыл ауæй кæ-
нынмæ1 оæхи кæй хъарынц, уый.
Уьш уымæн афтæ у, æмæ нæ сæрæн не ’стæм, æмæ
нæхи уæй кæнын уадзæм бирæ ирæдыл. Уыцы ирæдмæ
кæсгæйæ, мах фидæм цагъайраджы дуг, чындзы куы
ацæуæм, уæд.
Бирæ адæмтæм та чызджытæн сæхицæн фæдæт-
тынц æхца æмæ зæхх, махмæ та нын нæ царм сти-
гъынц. Омæ нæ зæхх дæр нæ хъæуы æмæ æхца дæр,
уымæн æмæ нæ ирмæ ахæм хъæздыг адæм дæр нæй,
оæ чызджытæн истытæ чи дæтта, æмæ сæ хъаст дæр нæ
кæнæм, фæлæ нæ ныййарджытæ уый хъом не ’сты,
æмæ сæ алчи дæр йæ хъæбулæн исты дзаума скæна?!
Фæлæ чындзы куы цæуа, уæд ма йын дзаума дæр кæй
цæстæй кæной! Афтæ фæхъуыды кæнынц: «Цы пайда
ма ис махæн чызгæй, чй йæ хæссы, уый йын дзаума
дæр скæнæд».
Бирæ чызгмæ зын кæсы æнæ арæзтæй ацæуын, фæ-
лæ хуыздæр у фæлтау æнæ арæзтæй ацæуын, нæхи уæй
кæныны бæсты. Лæппуйæи дæр, чи зоны, æмæ уыцы
46
сахатыл, йæ бон куы на§ уа дæу саразын, уæд æй уы-
цы сахаты тыхстыл ма ауæй кæн, дæ зæрдæйæн æй ад-
джынæн кæм бацагуырдтай, уым. Уый дæр дæ кæм ба-
цагуырдта, уым дæ фæдарынмæ йæ ныфс хæссы,
æвæццæгæн. Махмæ ирæд куы райсынц, уæддæр уыцы
ирæд æгасæй дæр чызгыл нæ бахардз кæнынц, фæлæ
йæ бинонтæ сæхицæн ныууадзынц. Иудзырдæй, уы-
мæй дæр та чызджы нæ бафæрсынц, дæ аргъ дын цы
фæкæнæм, эæгъгæ, æмæ та йын йæ æнæсæрибардзи-
над йæ цæстытыл бакæнынц.
Æгъгъæд у, æгъгъæд, чызджытæ, махæн уыцы
æгьдауыл хæцын! Афон у махæн дæр сæрибардзинад
агурын! Аппарæм нæ ирæды æгъдау æмæ нæхи уæй
кæнын мауал уадзæм. Æгадмæ æрцыдыстæм уыцы
æгъдауæй. Адæм сæрибардзинады тыххæй оæ туг куы
калынц æмæ талынг ахæстæтты куы мæлынц, уæд нæ
алчи дæр :йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: «Уæ,
мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн æмæ мæ цагъайраджы уæй
ма кæн». Хъуамæ нæ алчи дæр йе ’гады тыххæй йæ
ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ, æмæ ныууа-
дзын кæна ирæды æгъдау. Бирæ хъæуты адæм куы баз-
мæлыдысты, уæд бæргæ дзæбæх хъуыддæгтæ кæнын
райдыдтой ирæды тыххæй. Иудадзыг æй нæ аппæр-
стой, уыцы амонд та хуыцау кæцæй æрхæсса, фæлæ йæ
къаддæр фæкодтой. Пысылмон адæмыл хорз ныллæууы-
дысты, æмæ ирæд алыг кодтой 20 туманыл.
Чызг уыйас мæгуыр хæдзармæ нал цыди, ныр та
47"
фæстæмæ, адæм хуыздæр æнхъæлмæ цы хъæутæм кас-
тысты æмæ сæхи адæмы сæр цы хъæутæ хонынц, уы-
дон сæ кæнон райстой.
Нæй, нæй! Бирæгъ йæ кæнон нæ уадзы. Нæхуыт-
тæг, чызджытæ, куы нæ базмæлæм, уæд нæ ничи
суæгъд кæндзæн цагъайраджы дугæй.
Лрон чызг Олгинскæйæ.
□
УÆЛÆМХАСÆН
«ЗÆХХ — МЕ ’ВДИСÆН, ХУР — МÆ КОМДЗОГ»
Пьесæйы мидис
1-аг ныв. Ирон хæдзар. Уаты бады усгур лæппу Батырбег..
Чидæр дуар хойы, æмæ мидæмæ бацыд Хъасболат — Батыр-
беджы æмгар. Сæ ныхасмæ гæсгæ рабæрæг ис, сæ фембæлды раз-
мæ хъазты кæй уыдысты ,æмæ уыцы ран сæ дыууæйы зæрдæмæ
дæр иу æмбисонды рæсугъд чызг кæй фæцыд, уый.
Уыцы чызгмæ сæ чи цы зæрдæ дары, уый уыдон сæ кæрæ-
дзийæ иукъорд рæстæг æмбæхсынц. Æппæты фыццаг йæ хъуы-
ды загъта фысым йе ’мгарæн. Æрбацæуæг хабар куы базыдта,
уæд йæ ныфс нал бахаста, йæхæдæг дæр чызджы бирæ кæй
уарзы, уый схъæр кæнынмæ. Йæ хæлар æддæмæ куы рауади,
уæд уазæг йæ монолоджы равдыста йе ’стыр уарзондзинад æмæ
ард хордта, цыфæнды куы уа, уæддæр чызджы йæхи бакæ-
ныныл.
Уалынмæ Батырбег фæстæмæ æрбаздæхт. Стæй сæ дыууæ
дæр балцы ацыдысты.
Сценæйы фæзындысты Батырбеджы зæронд мад æмæ сæ-
сыхаг ус — чындздзон чызджыты нымудзæг. Уый мадæн лæгъстæ
байдыдта, йæ лæппуйæн, кæмæй йын зæгъа, ахæм чызджы куыд
ракурын кæна, афтæ. Фæлæ мад ууыл разы нæу; зæронд усмæ
гæсгæ, хъуамæ йæ фырт æрхæсса, йæхæдæг кæй равзара, кæй
уарза, уый.
2-аг ныв. Батырбег рæсугъд чызджы ракуырдта. Лæппу йæ-
хи хоны иттæг амондджын æмæ уый тыххæй дзуры йæ хæла-
рæн дæр.
Хъасболаты зæрдæйы рыст æмæ хæлæг сусæгæй тыхджынæй-
тыхджындæр кодтой.
Уымæн уæлдай стырдæр æхсæрфарсы цæф та уыди, Батыр-
бег æй йæхицæн къухылхæцæг куы скодта, уæд.
4 Рухсмæ бæлгæйае
49>
Фæлæ ма хæстæгдзинады æддейы Хъасболат фæсаууонмæ
уыди Батырбегæн йæ ныхмæлæууæг, уымæн æмæ йын уый æгæ-
рон уарзтæй уарзта йæ усы, ирон æгъдаумæ гæсгæ та — йæхи
ног хойы. Хъасболат чысыл бахъæлдзæг æрмæстдæр уæд, æмæ
йæ уарзон сылгоймагимæ зилгæ кафт куы акодта.
Уый стыр сагъæсты бахауди æмæ йæ хæлары усы æнæдзуапп
уарзондзинадæй уæлхъæдæй руади. Хъасболат йæхи хъардта
цæстмæхъус-хъæлдзæгæй дарыныл, фæлæ ахæм уавæры дæр йæ
•бон нал уыд. Фæстагмæ йæм æрцыд фыдвæнд: йæ бæллиццы
ныхмæ йын чи лæууыд, уыцы лæджы амарын, йæ усы та йын
йæхи бакæнын.
Хъасболат хинæй бацархайдта, цæмæй йе ’мбал йемæ хъæд-
мæ цуаны ацæуа.
3-аг ныв. Æхсæвыгон хъæды. Хæлæггæнаг æмбал цуаны фæ-
стæ бады дыдзы рухсуадзæг арты фарсмæ æмæ та йæ моноло-
джы дзуры йæ фырмонц уарзондзинады тыххæй.
Афæдзы фæстæ дæр ма Хъасболатæн йæ зæрдæйы фыдæ-
бæттæ мынæг нæ, фæлæ тыхджынæй-тыхджындæр кодтой. Йæ
•бон нал уыд уымæн йæ амондджын хæлармæ æнæкъæмдзæсты-
гæй комкоммæ бакæсын,
«Ацы хатт, — дзуры уый йæхинымæр, — хъуамæ æз йе мæ-
хиуыл топп ныццæвон, йе та хъуамæ уый амарон».
Уалынмæ æрбаздæхт Батырбег дæр. Хъасболат фæлвæрдта
йæ мидтыхст басусæг кæнын. Уый фæстæ райдыдтой æхсæвæр
хæрын, дзырдтой се ’нæнтыст цуаны фæдыл,
Дыууæйæ дæр æрхуыссыдысты арты фарсмæ. Батырбег ба-
фынæй, Хъасболат сыстад æмæ норттæ-æнкъуыстæй рацу-бацу
кодта. Уый æвиппайды балыгъди къудзиты фæстæмæ, цæмæй ма
фæзына, миййаг, йæ хæлар æдзæм мард куы нæ фæуа,
уазд.
Фехъуысти гадзрахаты гæрах. Батырбег мæлæтдзаг цæф фæ-
ци, фæлæ ма уæддæр йæ бон сси йæ сæр схъил кæнын æмæ
бамбарын, йæ хæлар ыл хинæй кæй рацыд, уый. Уыцы хабар æр-
цыд, райсомы хуры фыццаг тынтæ хъæды сыфтæрты æхсæнтæй
мæлæг хæлары риу куы ныррухс кодтой, уæд.
йе ’вирхъау хабарæн Батырбег æвдисæн хоны, зынгхуыст
кæуыл кæны, уыцы зæххы, йæ тæригъæдтаг сæфтæн та — райсо-
мы ферттивгæ хуры тынты. Уый зæгъы: «Зæхх — ме ’вдисæн,
хур —’ мæ комдзог».
Хъасболат йæ хæлары марды йæ бæхыл сæвæрдта, йæ усмæ йын
50
æй баласта æмæ йын бамбарын кодта, йæ лæг кадджын стæры
фæхъуыди, зæгъгæ.
4-æм ныв. Бирæ рæстæг марой кодта Батырбеджы идæдз ус
йæ уарзон лæджы марды фæстæ, сау ыл фæдардта. Хъасболат
уыцы рæстæджы архайдта рæсугъд сылгоймаджы ракурыныл,
фæлæ йæ къухы не ’фтыди. Æппынфæстаг ын басаста йæ зæрдæ
æмæ йæ æрхаста.
Бонтæ цыдыеты. Хаттæй-хатт Хъасболат йæ фьшы дзырдта
Батырбеджы ном. Уымæн йæ фæсонæргаæджы дæр нæ уыд, йæ
лымæны ус уый йæ зæрдыл кæй бадардта æмæ аивæй кæй
хъахъхъæдта йæ дыккаг мойы алы змæлд дæр... Уалынмæ фыд-
гæнæг йæхæдæг æнæнхъæлæджы раргом кодта, йæ бинойнагæн
йæ фыццаг лæджы марæг кæй у, уый.
Хъасболат хуыссыди сынтæджы. Уыцы афон рудзынджы
хуынчъытæй æрбалæгæрста хуры тынты ирд пуцал, йæ. р.иуыл æр-
хауд æмæ уæд йæ мидбылты бахудти. Сылгоймаг æм тыхджы-
нæй баздæхти, дæ мидбылты цæмæн худые, уый схъæр кæ, зæгъ-
гæ. Мой ууыл нæ разы кодта, алы æфсонтæ аргæйæ. Уæд дзы ус
ноджыдæр карздæрæй домдта хъуыддаг æргомæй зæгъын, стæй
барæй йæхи афтæ равдыста, цыма йæ бирæ уарата. Ус иузæр-
дионхуызæй узæлгæйæ архайдта, цæмæй лæгæн йæхи дзы-
хæй базыдтаид, цы æрцыд, куыд сидтис удисæг Батырбег хурмæ
æвдисæн уæвынмæ. Хъасболат хабар радзырдта, куыд уыд,
афтæ. Уымæ гæсгæ, Батырбеджы фæстаг фæдзæхст баххæст:
хуры тынтæ, Хъасболаты риуыл чи сæмбæлд, уыдон ын комдзог
разындысты йæ гадзрахатдзинадыл, йе ’мгары кæй амардта,
ууыл.
йæ ус фембæхста йæ маст, йæ тухи. Фæлæ куыддæр йæ бон
фæци, афтæ дамбаца ныццавта Хъасболаты зæрдæйы сæрыл æмæ
йæ мæлæтдзаг цæф фæкодта. Фæлæ ма уый, йæ фæстаг тыхтæ
æрæмбырд кæнгæйæ, хæрдмæ йæ сæр систа æмæ загъта:
«0, ме ’мгар, æрцыдысты мыл дæ ныхæстæ, ничи мæ уыны,
зæхх æмæ хур йедтæмæ, уыдон — де ’вдисæн æмæ дæ комдзог,
дæ тугисæг!»
51
ФИППАИНÆГТÆ
Гæды лæг (æнæуи — «Нæ пъырыстыф сæрра») (13 фарс).
Мыхуыргонд цæуы 1908 -азы р’ауагъды текстмæ гæсгæ «Гæды
лæг» (æнæуи — «Нæ пъырыстыф сæрра), (Дзæуджыхъæу,
Шуваловы .типографи, 1908 аз). Фыццаг халт мыхуыры фæзынд
«Зонды» (1907, № 1, №2). Бирæ хæттыты «яГæды лæг» мыхуьпр-
гонд уыди астæуыккаг æмæ уæлдæр скъолаты хрестом^атиты.
Революцийы агъоммæ æмæ уый фæстæ пьесæ арæх æвæрдтой
хъæууон сценæты. «Гæды лæг» цыди ирон театры дæр. Пьесæ у
1905 азы фыст.
Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас? (28 фарс). Мыхуыр-
гонд цæуы авторæн йæхи къухфыстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт мы-
хуыры фæзынд журлал «Мах дуджы» (1940, № 6). Уый фæстæ
уагъд æрцыд 9-æм къласы «Ирон литературæйы» хрестоматийы
(Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, Дзæуджыхъæу, 1946).
Стæй та рацыд Цæгат Ирыстоны паддза’хадон педагогон инсти-
туты студенттæн арæзт «Ирон " литературæйы» хрестоматийы
(Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, Орджоникидзе, 1955).
Пьесæ æвæрд цыди хъæууон сценæты, Розæ ма æгас куы уыди,
уæд. «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас?» у 1905 азы фыст.
Нæ иры чызджытæм. Статья (44 фарс). . Мыхуыргонд цæуы
газет «Ног царды» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт мыхуыры фæ-
зынд газет «Ног царды» (1907, № 13). Уый фæстæ мыхуыргонд
уыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты сту-
денттæн æмæ ирон скъолаты ахуыргæнджытæн арæзт «Ирон
литературæйы» чиныджы (Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад,
Дзæуджыхъæу 1951). Автор йе ’статьяйы бын бафыста афтæ:
«Ирон чызг. Олгинскæйæ». «Ирон чызг» у Кочысаты Розæйы
фæсномыг. Статья у 1905 азы фыст.
52
Уæлæмхасæн
«Зæхх — ме ’вдисæн, хур — мæ комдзог». (49 фарс). Пьесæйы
къухфыст фесæфт. Ам мыхуыргонд цæуы йæ мидис профессор
Æлборты Барисы текстмæ гæсгæ. Текст фыст æрцыди, льесæ
хъазгæйæ чи федта, уыдоны æмæ Æлборы-фыртæн йæхи мыси-
лæгтæм гæсгæ. Фыццаг хатт пьесæйы мидис афтæмæй мыхуыры
рацыд журнал «Мах дуджы» (1950, №2). «Зæхх — ме ’вдисæн,
хур — мæ комдзог» æвæрд цыди хъæууон сценæты, Розæ ма
йæхæдæг æгас куы уыди, уæд. Уацмыс кæд фыст у, уый бæлвырд
бæрæг нæу.
ЧИНЫДЖЫ ИС:
Кочысаты Розæйы цард æмæ сфæлдыстад. Раэдзырд ... 5
Гæды лæг (æнæуи — «Нæ пъырыстыф сæрра>) 13
Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас? 28
Нæ Иры чызджытæм. Статья 44
Уæлæмхасæн
«Зæхх ме ’вдисæн, хур — мæ комдзог». Пьесæйы мидис . 49
Фиппаинæгтæ 52
Ночисовл Роза Пишевна
МЕЧТА О СВЕТЛОЙ ЖИЗНИ
Редактвр Муртазов Б. А.
Составитель Мамиева Н. К.
Художник Лермонтов В. В.
Худ. ред. КануковУ. К.
Тех. ред. Д з г о е в А. А.
Корректоры С а в к у е в а М. Б.,
Кайтукова Т. А.
Сдано в набор 31-У-1960 г. Подписано к пе-
чати 6-\Г1-1960г. Формат бум. 70x108. Печат.
листов 2,39. Учетно-изд. листов 1,47
Заказ № 2050. Изд. № 63. Тираж 1000
ЕИ 00991. Цена 75 к.
Северо-Осетинское книжное издательство,
г. Орджоникидзе, пр. Сталнна, 11.
Республмканская книжная типогралня,.
г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.