Text
                    ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР
УИДÆГТÆ
ÆМÆ
КЪАБÆЗТАУ
(Литературон-критикон уацтæ)
ЦХИНВАЛ 1985


Æлборты X. Уидæгтæ æмæ къабæзтау. Литературон-крити- кон уацтæ. «Ирыстон», 1985. ЗЫНАРГЪ ЧИНЫГКÆСÆГ Курæг дæ стæм, цæмæй нæм дæ фæндиæгтæ æрбар- витай ацы чиныджы мидис æмæ полиграфион арæз- ты тыххæй ахæм адресыл: 383570, г. Цхинвал, Ле- нины уынг, 5, рауагъдад «Ирыстон» ® Издательство «Ирйстон», 1985 г.
АВТОРÆЙ Ацы чыныджы, ис, поэ- тикон уацмыстæй фæс— тæмæ къорд азты лите- ратурон критикæйы жан- ры кæй фæфыстон, уыдон: иу хай. Стæмтæй фæстæ- мæ раздæр мыхуыр уыды- сты журналтæ æмæ га- зетты. Ныр мæ бафæндыд уыдон иу чиныджы ра- уадзын. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæтæй ифтонг нæ уыдзысты, æппæт нæ зæгъдзысты, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма æвди- сынц уыцы азты дæргъы литературæйы, етæй хи- цæнфысджытæ æмæ чин- гуыты тыххæй цы æмæ куыд хъуыды кодтон, уый„ ис сыл сæ рæстæджы æрм- дзæф, хæссынц уый æу- уæлтæ. Æмæ кæд чиныг- кæсæджы дæр бацымыдис 3
кæндзьъсты, кæд ын йæ зæрдæйы дуар бакæндзы- сты, раст æмæ зылыи æв- зарынмæ йæм фæсиддзы- сты, уæд авторы нысан сæххæст, Æрмæг чиныджы мидæг дихгонд у æртæ хайыл. Фыццаджы сты уацтæиу- мæйаг литературон фар- стыты фæдыл, дыкка- джы — хицæн фы,сджыты тыххæй уацтæ, æртык- каджы — рецензитæ. Чиныг адресгонд у ирон литературæйы дæснытæм, .фысджытæм, уæлдæр скъолаты ахуыргæнджы- тæ æмæ ахуырдзаутæм, ирон литературæйы фар- стытæм . чидæриддæр цы- мыдис кæны, æппæт уы- донмæ. 4
I ТОХ ÆМÆ САБЫР АЗТЫ ЛИТЕРАТУРÆ Ирон советон литературæ йæ райгуырды азтæ нымайы Октябры революцийы фæуæлахизæй, 1917- æм азæй, кæд ма уæдæй ноджы æртæ аз æмæ æр- дæджы бæрц алыгъуызон меньшевикон-урсгвардион фыдгæнджытæ Ирыстоны ратон-батон кодтой æмæ дзы Советон хицауад кæронмæ фæуæлахиз æрмæст- дæр 1921-æм азы 28-æм фев’ралы, уæддæр. Уыцы азтæ ирон адæмы дæргъвæтин историок зын фæндагыл сты тæккæ уæззаудæр азтæ. Фæлæ нæ адæм уæд, революци æмæ мидхæсты заман, стонг æмæ уазалæй куы скъуыдысты, халер æмæ тифæй куы цагъды кодтой, урс бандæтæ сæ æнæ- вгъауæйкуы ’ргæвстой æмæ сын меньшевиктæ сæ бæстæ фæнык æмæ æвзалы куы фестын кодтой, уæд равдыстой æрдхæрæны удыхъæд æмæ сæрибармæ сæ æнæбасæтгæ .тырнындзинад. Уыцы азтæ уыды- сты ирон лæджы хъайтарон характер бæрæггæнæг. Уæд нæ фысджыты зынгæ хай, сæ къухыхæ- цæнгарз, афтæмæй тох кодтой Советон хицауады сæрыл — Цæгат Кавказы хæхтæ æмæ быдырты хæд- хæцæгады базырсаст æрдонгтæ — урс гвардионти- мæ, æмæ Хуссары — меньшевикты æфсадимæ. Уы- дон уыдысты алы æмæ алы кары, алыгъуызон цар- 5'
ды фæлтæрддзинадимæ, фæлæ, сæрибармæ иу бæл- лиц, иу тырнынадимæ: Барахъты Гино, Дзаттиаты Алыксандр, Багъæраты С.озыр, Токаты Алихан, Малиты Гиуæрги, Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо, Нигер, Гатуты Дзахо, Гаглойты Рутен, Гаглойты Никъала æмæ æндæртæ. Гæдиаты Цомахъ Сыбырмæ хастæй æрыздæхт æмæ активонæй слæу- уыд сæрибары сæрыл тохгæнджыты раззаг рæн- хъыты. Уыцы заман нæ фысджытæ цæуыл рыстысты, цй сæ æндæвта æппæтæй тынгдæр, уы-й нын æвди- сынц æвзонг поэт — Санибайы керменистты раз- дзог Токаты Алиханы цыбыр, фæлæ зæрдæйы бынæй рацæугæ ныхæстæ: «Æз зонын тæхын уæларвмæ, дзурын зæдтимæ, хъазын стъалытимæ,. æз атæхин уæларвмæ. Æз зонын хауын дæлзæхмæ, хъусын æнæ- бын дæлзæхы мæлдзыджыты зарын, æз ныххауин дæлзæхмæ. Фæлæ æз цы адæмæн кусын, уыдон ныр- ма агурынц æрмæст кæрдзыны къæбæр, цæмæй ма бахуысса сæ уынгæг цард. Уыдон тох кæнынц кæр- дзын ссарыныл æмæ уал сын .раттын хъæуы кæр- дзын». Гъе, уый тыххæй та хъуыд царды рохтæ хи къухмæ райсын æхсарæй, туг ныккалгæйæ, æмæ нæ фысджытæ дæр адæмыраз, революцийы раз æх- хæст кодтой сæ историон мисси. Революци æмæ мидхæсты дугæн характерон чи .уыд, уыцы уæлахизмæ сидæг пафос фыццаджы-фыц- цагдæр фæзынд, нæ поэттæ уæд бæрцæй цы цъус æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдоныл. Æрыдоны" ди- ны семинарийы фæстаг курсы ахуыргæнинаг, æв- зонг поэт Нигер 1917-æм азы сидт: Каем стут, лæппутæ! Цæмæй ма тæрсут?! Æрцæут, — ысласæм Æлдарæн *йæ уд! -6
Гæд^аты Цомахъг— профадсмон революционер, Къостайы литературон традицитæ дарддæргæнæг— Ирыстоны уæрæх зындгонд уыд революцийы агъом- мæ дæр, тохы монцæй артау стъæлфæнтæ чи æп- пæрста, йæ уыцы зарджытæй.^ 1918-æм азы Цæгат Ирыстоны Советон хицаудзинад куы расидтысты/ уæд фыста йæ симво’ликон æмдзæвгæ «Арв нæры»- йы: Арв нæры... - • Арвы æрттывдæй дуне фæхъусау, Фестъæлфы бæстæ арвы гæрæхтæй. Уалдзыгон халсар райхъали буцау, Царды хос дæттæг уарыны ’ртæхтæй. Арв. нæры... Мигътæ фæлйдзынц хуры æндæвдæй. Йæ фыдыбæсты ивгъуыд æмæ райсомыл сагъæс кæнгæйæ, ног дуджы къæсæрыл циндзастæй æмæ йæ сомбоныл æууæндгæйæ, зæгъы: «Ей! Баззад æгасæи фæлтæрты фæлтæрдæй, ног цардмæ раг цыд Ирыстон, нæ бæстæ». . Багъæраты Созыры сфæлдыстад кæрæй-кæрон- мæ у сæрибары сæрыл тохæй равзæргæ. Йæхæдæг активон керменист, йæ царды- х.ай арвыста Сове- тон хицауады знæгтимæ тохы. Февралы революци йын йæ зæрдæйы бауагъта царды ныфс: «Нæ уалдзæг, нæ уалдзæг, цы дзæбæх дæ», зæгъгæ. Уæ- рæсейы Октябры революци куы фæуæлахиз, уæд йе ’мдзæвгæ «Фæдис»-ы хъæлæсыдзагæй сидтис: «Фæдис, фæдис, нæфæсивæд, цьг фæдæ!» Арф сагъæс æмæ катай æвдæрзта æвзонг поэт Беджызаты Чермены зæрдæ, йе ’фхæрд адæмæн йæ бон баххуыс кæ[й нæ уыд, уымæ гæсгæ. Раст цыма йæ къухтæ баст уыдысты, уыйау нæ зыдта, цы ба- кодтаид-, уый. Фæлæ Октябры революцийы фæрцы бамбæрста йæ царды нысан, йæ хъарутыл баууæн- 7
дыд æмæ 1918-æм азы ныфсджынæй зæгъы æмдзæв- гæ «Æлвæст у мæ кард», зæгъгæ, уым: Нæ зонын æз тъизын — Тымыгъты раз ризын: Мæ къухты — цæхæркал фæринк. Ныр Ленин —мæ фæтæг, Ныр парти — мæ кæнæг, Мæхæдæг, мæ ном — большевик. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фыццаг хатт ирон поэ- зийы, номхуындæй ацы æмдзæвгæйы, ссардта Чер- мен адæмты фæтæг Леннны ном. ’Æмæ канд ирон поэзийы нæ, фæлæ æмткæй советон поэзийы дæр у, Лениныном фыццагдæр цы уацмысты фæзынд, уыдонæй. Фæстæдæр, 1920-æм азы 27-æм июлы зынгæирон революционер Козаты Разден, Мæскуыйы Комин- терны П-аг конгрессы делегат уæвгæйæ, фембæлд Ленинимæ æмæ йæм цы ’нкъарæнтæ сæвзæрд, уы- дон ныффыста ирон’адæмон зарæджы уагыл: «Цæ- рай нын, цæрай, нæ Ленин, мæгуыр адæмæн сæ фыд...» Автор адæмон поэтикон амæлтты ’руаджы фыссы Ленины фæлгонц, æвдисы адæмы ахастфæ- тæгмæ, хоны йæ «мæгуыр фæллойгæнæг, адæмы сæйраг!» Цалдæр боны фæстæ та, 5-æм августы Чермен сæрмагондæй ныффыста Ленины тыххæй æмдзæв-^ гæ—«Иу ном», зæгъгæ. Уый у, куыд авторæн йæ- хи, афтæ ирон поэтикон Ленинианæйы дæр хуыз- дæр уацмыстæй. Афтæмæй, ирон советон литературæйы тæккæ райдиан азты нæ поэттæ, Ленины — адæмы фæтæ- джы нысаниуæг ног историон заманы фæлгъаугæ- йæ, сгæрстой ног истор.ион мидис, æвдыстой ног, революцйон цæстæнгас дунемæ. Уыцы рæстæджы нæ фысджытæ цы--цъус уац-. 8
мыстæ сфæлдыстой, уыдонæй^дæр уæд æрмæстхæрз- стæмтæ федтой рухс, уымæн æмæ нæма уыдысты*- кæм сæ хъуамæ ныммыхуыр кодтаиккой, уыцы ор- гантæ. Советон хицауад Цæгат Ирыстоны кæронмæ куы, фæуæлахиз, уæд 1920-æм азы, 18-æм апрелы, Дзæу- джыхъæуы рацыд фыццаг ирон Советон газет «Кер- мен», фæлæ, хъыгагæн, бирæ нæ ахаста, æмбæлон кадртæ, стæй материалон фæрæзтæй хъуаг кæй æййæфта, уымæ гæсгæ, æмæ банцад 1921-æм аз 18-æм декабры. Цы чысыл рæстæг цыд, уымæйдæр аивадон уацмыстæ хæрз цъус ныммыхуыр кодта.. Фæлæ уый^ыгъд йæ;редактор Барахъты Гино 1921- æм азы бацæттæ кодта æмæ рауагъта «Ирон зар- джыты чиныг». Уым уыдысты ирон адæмон хъай- тарон æмæ лирикон зарджытæ, хъæлдзæг ныхæстæ,, Хетæгкаты Къостайы, Гæдиаты Секъайы,. Нигеры,;„ Барахъты Гинойы, Беджызаты Чермены, Æлбор-- ты Барисы, Биазырты Зауырбеджы, Бутаты Хъа- зыбеджы æмæ æндæрты æмдзæвгæтæ. Уый уыд Со- ветон заманы ирон уацмыстæ æмбырдæй рауадзы- ны фыццааг бафæлвæрд, æмæ йын цы бантыст, уы- мæй фылдæр дзы радомæн дæр нæ уыд, йæ рæс- тæг æмæ йæ фадæттæм гæсгæ. 1921-æм азы Дзæуджыхъæуы ирои литература&’ æмæ культурæйы кусджытæ цы литературон къорд. сарæзтой, уый-1922-æм азы, Бекъойты Гиуæргийы (Дзибкæйы) редакцийæ, рауагъта альманах «Ма- лусæг». Ацы чиныгæн фылдæр бантыст ныммыхуыр кæнын революцийы агъоммæ фыст ирон уацмыс- тæй. Уыдысты дзы: Хетæгкаты Къостайы «Дзæби- дырдзуан» (Тотиты Амыраны тæлмацæй), Гæдиаты Секъайы «Азау», Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыу уæ хойы», Гæдиаты Цомахъы, Коцойты Арсены, Малиты Геуæргийы, Токаты Алиханы, Æлборты Барисы, Барахъты Гинойы, Æбаты Шамилы æмæ 9^ч
.«æндæрты радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ, стæй -Че- ховы пьесæ «Усгур», талмацæц. Альманахы редак- тор, йæ бон цы уыд, уымæй тырныдта, цæмæй ирон литературæйы æппæт жанртæй дæр, суанг тæлмацы онг, фæхай кодтаид, чиныгæн. Æмæ уыцы хуызы уы]й дæр у фыццаг æмæ серьезон бафæлвæрд.Тъе, фæлæ «Малусæг» дæр банцад уыцы иу чиныгыл, материалон фæрæзтæ æмæ . ма æндæр > бæрæг ах- -хосæгтæм гæсгæ.1 Альманах рауадзæг йæ раздзырды куыд зæгъы, афтæмæй йæ разы не ’вæрдта исты бæрæг-бæлвырд политикон нысæнттæ, уый йæ хæ- сыл нымадта ирон аив дзырды хæзнатæ-æмбырд кæнын æмæ сæ мыхуыры уадзын, цæмæй -ма фе- сæфтаиккой. Фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ яльманах йæ дæрддæры чингуыты ногфыст уацмыс- тæ нæ мыхуыр кодтаид, зæгъгæ. «Малусæг» рауа- дзæг ма, чиныг цæттæ кæнгæйæ, йæ разы æвæрдта ноджы æндæр нысæнттæ дæр. Уыдонæн та сæ сæй- рагдæр æмæ ахсджиагдæр увд скъолаты ирон_æв- заг ахуыр кæнын. «Малусæг»-æн йæ бон бацыда- ’ид уыцы хъуагдзинад чысыл уæддæр баххæст кæ- нын. 1923-æм азы, 14-æм марты, Дзæуджыхъæуы ра- цыд газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр æмæ 1924- æм азы январы мæйы та — «Хурзæрин», (абон «Со- ветон Ирыстон») Хуссар Ирыстоны. Ацы газеттæ фадат радтой ног советон ирон литературæйы рæз- тæн. Сæ фæрстыл мыхуыр цыдысты, куыд нæ фæл- тæрд фысджыты, афтæ æвзонг авторты уацмыстæ дæр. 20-æм азты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ра- 1 Уый тыххæй бæлвырддæр кæс ацы чиныджы уац, «Бе- тсъойты Гиуæрги — ирон литературæиртасæг- æмæ критик», зæгъгæ, уым. 10
уагъдадты ныммыхуыр сты Гæдиаты Цомахъы, Ко- цойты Арсены, Барахъты Гинойы, Малиты Геуæр- гийы, Гулуты Андырийы, Къубалты Алыкеандры, Багъæраты Созырьг, стæй Нигер; Фæрнион æмæ Хъамбердиаты Мысосты (иумæйаг æмбырдгонд), Хъуылаты Созырыхъо æмæ æндæрты чингуытæ. ’ Ацы фысджытæ де ’ппæт дæр, Мысост æмæ Фæр- нионæй дарддæр, литературон куыст райдыдтой реврлюцийы агъоммæ азты, æмæ цы чингуытæ ра- уагътой, ’уыдоны дæр фылдæр æвдыст цæуы зæ- ронд рæстæджы цард, кæд дзы иуæй-иутæ советон дуджы фыст æрцьгдысты, уæддæр. Нæма сæм уыд нрг цард æвдисыны арæхстдзинад, революци æмæ мидхæсты азты классон тохты цаутæ сныв кæны- нæн нæма фæхæст сты .советон дуджы идейон-эсте- тикон принциптыл. Æвзонг дзы чи уыд, уыдонæн уый уыдис цард æмæ аивады се ’вæлтæрды аххос. Хистæртæн та сæ бон нæма бацис сæ дунем’барынад раивын, зæронддуджы цы царды фæлтæрддзинад райстой, уымæн афтæ æнцонæй нæ уыд рацаразæн. Нрг царды æцæгдзинад нырма йæхæдæг дæр рæ- зыны стадийы уыд, нæма æрбадт-æрбæстон ис. Ног эстетикон дуг" ирон советон литературæйæн ’рай- дайдзæн фæстæдæр — дыууынæм азты’ кæрон æмæ æртынæм азты райдиан. Фæлæ уал ныр цы уац- мыстæ фыстой æмæ уагътой, уыдоны уæддæр фæл- гъуыдтой ног адæймаг, уый классон-социалон æрдз’. Газеттæ æмæ чингуытæ системой æгъдауæй кæй райдыдтой уадзын, уыимæ баст уирон лите- ратурон критикæ æмæ’ литературæзонынады рæ^т дæр. Уыцы азты нæ литературон критикæйы раз лæууæг ахсджиагдæр фарстытæй иу уыд ивгъуыд заманы литературон бынтæ æмбырд кæнын æм& сын раст зонадон аргъ скæн^ын. Уыцы къабазы ак: тивон к^ьгст кодтой Гæдиаты Цомахъ, Тыбылты Алыксандр æмæ Бекъойты Гиуæрги. 11
1921-æм азы ирон ахуыргонд дзыллæ Дзæуджы- хъæуы цытджын æгъдауæй банысан кодта Хетæг- каты Къостайы амæлæтæй фынддæс азы рацыды бон æмæ 1923-æм азы та, ирон фыссынадыл 125 азы кæй сæххæст, уый. Дыууæ юбилейы дæр сæй- раг докладтæ сарæзта Бекърйты Гиуæрги. Уыцы докладты лæмбынæг аргъгонд æрцыд, куыд Къос- тайы æмбæстагон æмæ литературон, сгуыхтдзина- дæн, ирон фыссынад æмæ культурæйы дарддæры рæзты йæ генион нысаниуæгæн, афтæ йæ равзæрдæй фæстæмæ ирон литературæйы рæзты процессæн дæр. Ацы дыууæ уацы нæ литературæзонынады рæзты райдиан этапы сты цæстахадгæ æмæ сæ зонадон-тео- ’ретикон дырысдзинады руаджы абон дæр сæ кыса- ни|уæг нæ сафынц. Фæзынд хицæн уацтæ Къостайы, Мамсыраты Темырболаты, Гæдиаты Секъайы, Цо- махъы, Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстады фæдыл. Уыдон сты советон дуджы ирон литерату- рæйы критикон хъуыдыйы сæрæвæрæн уацтæ. Сæ автортæ уыдысты Ирыстоны тæккæ зынгæдæр куль- турон-литературон архайджытæ — Гæдиаты Цо- махъ, Тыбылты Алыксандр, Бекъойты Гиуæрги, Нигер, Къосыраты Сæрмæт. Уацтæ кæд иумæйаг- гонд сты, уæддæр сæ ныхас цы хъуыддæгты алы- варс цыд, уыдонмæ гæсгæ нæ бон у афтæ зæгъын, æмæ суанг 20-æм азты райдианы ирон литерату- рон критикæйæн, ранымад адæймæгты хуызы, йæ бон уыд вазъггджын литературон-теоретикон фар- стытæ скъуыддзаг кæнын, ^ома дуджы домындзи- нæдты раз нæ уыдысты дзыхъхъы ^лæуд. Ирыстоны æвзонг советон литературæ æмæног ’ социалистон культурон арæзтады историйы ахсджи- аг бынат ахсынц альманах «Зиу>> æмæ уыцы ном- хæссæг æхсæнад. 20-æм азты уыдонимæ æнæфæ- хицæнгæнгæ баст сты Ирыстоны пролетарон фыс- джыты ассоциацийы (ИПФА) фæзынд, куыст æмæ 12
архайд, литературæйы фронты идейон карз тохтæ.1 Ирон литературæйы рæзгæ тыхтæн уæлдай стыр- дæр ахъаз фæци литературон-аивадон æмæ æхсæ- надон-политикон æрвылмæйон журнал «Фидиуæг» (1927). Уый суанг 1934-æм азмæ уыд дыууæ Ирыс- тоны фысджытæн иумæйаг орган. Ам ныммыхуыр сты уыцы азты зынгæдæр ирон уацмыстæ — Гæди- аты Цомахъы драмæтæ «Амондмæ цæуджытæ», «Ос- Бæгъатыр», уацау «Фыдæлты намыс», Фæрнионы роман «Уады уынæр», Нигеры поэмæ «Мулдар», Коцойты Арсены, Хъуылаты Созырыхъойы, Бе- джызаты Чермены, Барахъты Гинойы, Мамсыраты Дæбейы, Дзесты Куыдзæджы радзырдтæ. «Фиди- уæджы» фæрстыл мыхуыр кодтой сæ критикон уац- тæ нæ литературæйы ахсджиагдæр фарстыты фæ- дыл Гæдиаты Цомахъ æмæ Тыбылты Алыксандр. Дыууынæм азты дыккаг æрдæджы ирон лите- ратурæмæ æрбацыд æвзонг фысджыты æнæхъæн къорд: Мамсыраты Дæбе, Хъамбердиаты Мысост, Хуытъинаты Цыппу, Дзанайты Сергей, Ардасенты Хадзыбатыр, Бесаты Тазе, Хъайтыхъты Геор, Епхи- ты Тæтæри, Плиты Харитон, Плиты Грис, Боциты Барон æмæ æндæртæ. Ацы фæсивæд сæ фыццаг уац- мыстæ мыхуыр кодтои фылдæр газет «Рæстдзи- над»-ы литературон уæлæмхасæн «Размæ»-йы фæр- ^стыл (1928—1930). Уыдон се *ппæт дæр уыдысты ног царды зиу- уæттæ, къæрццхъусæй хъуыстой, цырддзастæй кас- тысты алы ногдзинадмæ дæр, фæлæ цы ’мдзæвгæ- * тæ фыстой, уыдоны сæ цин, сæ зæрдæйы уаг фыл- дæр æвдыстой патетикон-помпезон хуызы, дугæн æвдыстой æрмæстдæр йе ’ддаг фæлыст, арфдæр æм нæ ныхылдтой. 1 Уый тыххæй бæлвырддæр кæс ацы чиныджы уац «Ирон пролетарон фысджыты ассоциоци «Зиу»-ы сæвзæрд æмæ ар- хайды тыххæй». 13
Уыдон уыдысты советон литературæйы райдиа- ны азтæ, йе ’ндидзын æмæ æхсцдыны азтæ æмæ куыд хисдæр фысджытæ, • афтæ æвзонг пролета- рон фысджытæй дæр алчи бæлвырдæй нæ фæл- гъуыдта вазыгджын уавæры йæ бынат цард æмæ литературæйы. Æгæр уæлмонц, экстазон цин æмæ^ æбæрæг-æбæлвырд æрхæндæг, катай уыдысты ха- рактерон уыцы азты иукъорд æвзонг поэты æм~ дзæвгæтæн. Бирæтæ дзы, æрсдонау, гыбар-гыбур- гæнгæ, цыдысты æмæ кæд æррæсуг уыдаиккой, уый бæрæг нæ уыд. Гъе, уыдон тыххæй фыста Максим Горький суанг 1925-æм азы, зæгъгæ, «Нæ бæстæйы хъæуы мингай фысджытæ, æмæ мæнæ ра- цæуынц. Æнæарæхст æмæ æгæр. хъæргæнгæ, фæлæ уæндон æмæ стыр хъаруимæ. Бирæтæн дзы сæ худ- тæ æмæ сæ сæры мæгъзтæ дæр сты зулмæ сагъд, фæлæ уый раивдзæн». (Советор бирæнацион лите- ратирæйы историйæ ист, т. 1, ф. 33). . Куыд организацион фарстытæ æрбæстон кæны- ны, афтæ иумæйаг литературон-аивадон фарстытыл’ æруынаффæ кæныны дæр Ирыстоны 20—30-æм азты литературон культурон царды ахъаззаг цау уыд Иры- стоны фысджыты фыццаг съезд (Цхинвал, 1930-æм. азы, 10-æм октябрь). Уый уыд, 1927-æм азæй, ома «ЗИУ»-ы дыккаг номыры рацыдæй, уæлдай тынг- дæр чи ныххæлиутæ, уыцы ирон литературон тых- ты консолидаци кæнынмæ бафæлвæрд. Съезд лæм- бынæгæй æрдзырдта Ирыстоны пролетарон лите- ратурæйы фæндæгщл æмæ литературон бынты тыххæй. Фæлæ ацы фарстытыл дзургæйæ, алы хатт раст хатдзæгтæ нæ арæзтой, куыд сæйраг доклад- гæнджытæ — Хъуылаты Созырыхъо. æмæ Къосы- раты Сæрмæт, афтæ ныхасы рацæуджытæ дæр. Хетæгкаты Къостайы кадæг «Хетæг», Брытънаты Елбыздыхъойы трагеди «Амыран», Цомахъы драмæ «Ос-Бæгъатыр», Нигеры, Æрнигоны, Малиты Ге- 14 - Ч
уæргийы æмæ хистæр фæлтæрæй ноджы æндæртьг сфæлдыстадæн не ’рцыд раст аргьгонд, гуымир, ’вульгарон социологизмы методтæй сæ æфхæрдтой. Нæ аскъуыддзаг, куыд æмбæлд, афтæ ирон лите- р’атурон тыхты консолидацийы фарст дæр. Уымæет æмæ пролетарон фысджытæн сæ тох сси, сæйраджы- дæр, гегемони административон æгъдауæй райсы- ныл, дæрæн кæныны мадзæлттæй. Афтæмæй съездьг фæстæ Ирыстоны фысджыты ’хсæн ахастыт& но- джы фæкарздæр сты. Ирыстоны литературан тых- ты консолидацийы фарст аскъуыддзаг кодта æр- мæстдæр сфæлдыстадон организациты куыст ра’- царазыны фæдыл партийы ЦК-йы 1932 азы 23 ап- релы уынаффæ, литературæйы алыгьуызон къорд- тæн кæрон скæнгæйæ. Уый фæрцы сулæфыдысты нæ хисдæр фæлтæры фысджытæ, фервæзтысты «æм- дзугæнджытæ», «буржуазонтæ» æмæ сæ æндæр ахæмтæ кæй хуыдтой, уымæй, сæхи банкъардтойг æмбар æмæ сæрибарæй. Ахæм уавæрты гуырд, рæзт æмæ фидар кодта ирон советон литературæ. Кæд зын утæхсæнты цыд уыцы процесс, бирæ цъæмæл æмæ згъæллаг уыд йæ найы, уæддæр ыл бафтыд, йæ дарддæры рæзтьг историйы ахсджиаг бынат чи бацахста, ахæм уац- мыстæ. Уыдон, ’фыццаджы-фыццагдæр, сты: Бры- тъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Амыран», Гæдиа- ты Цомахъы драмæтæ «Амондмæ цæуджытæ» æмæ «Ос-Бæгъатыр’», Фæрнионы роман «Уатхы уынæр», Коцойты Арсены къорд радзырды, Нигер æмæ Хъамбердиаты Мысосты æмдзæвгæтæ æмæ æндæр- тæ. Уыдон сæ жанрон миниуджытæй куыд хицæн кæнынц кæрæдзийæ, афтæ алыгъуызæттæ сты сæ * фысты амæлттæ æмæ сæ цардон-аивадон пробле- матикæйæ дæр. 30-æм азты, куыд æппæт Советон бæстæйы, аф- тæ ирон адæмы царды дæр æрцыд стыр ивындзи-* 15 ’
нæдтæ. Иæ райдианы фыццаг азтæм Ирыстоны хъæуты кæмдæриддæр фæуæлахиз коллективон хæ- дзарад, горæтты стыр темптæй рæзыдысты заводтæ æмæ фабриктæ, арф, талынг кæмттæм гæрстой фæндæгтæ.1 Стæм хохаг хъæу баззад, скъолатæ кæм нæ байгом сты. Æппæт адон та арф æндæвтой адæ- мы -зондахастыл, сæ цæстытæ сын гом’ кодтой цард- мæ, рухс сынкодтой сæ сæры магъз æмæ, кæдд^р •æфхæрд, ссæст, æбар чи уыд, уыды хохаг ирон ныр .йæхи банкъардта йæ хъысмæты хицауæй, царды хицауæй. Æмæ куыд æхсæнадон царды, афтæ адæ- мы психологийы дæр уыцы ивындзинæдтæ фæн/аг ^ардтой ирон фысджыты уацмыстæм. Фæзынд ног мыхуыры органтæ, ирон литерату- рæйы дарддæры рæзтæн чи феххуыс. 1932-æм* азы рацыд альманах «Абон» æмæ журнал «Литерату- рæйы хъазуатон». 1934-æм азэей Дзæуджыхъæуы мыхуыры цæуы æрвылмæйон литературон-аивадон журнал «Мах дуг», рацыд сывæллæтты журнал «Пионер» æмæ æндæртæ. Хуссар Ирыстоны фæзын- дысты: газет — «Болыпевикон аивад», журналтæ — «Кæфхъуындар», «Æххуыс ахуыргæнæгæн». 20;æм азты нæ литературæмæ цы курдиатджын ^фæсивæд æрбацыд, уыдон 30-æм азты сæхи æвдисын райдыдтой хæдхъом фысджытæй. Нæ периодикæйы кæрæдзийы фæдыл фæзынДысты, ног цард реалис- тонæй æвдыст кæм цыд, ахæм уацмыстæ. Револю- ци æмæ мидхæсты темæ дæр нæ литературæйы ныр ссис сæйраг темæтæй. Уæлдай цæрдхъом æмæ дзырд- хъомæй йæхи æвдисы прозæйы жанр,' уый та ууыл дзурæг у, æмæ ирон советон литературæ бацыд Ææ кары, йæ къабæзтæ айвæзта. Гæдиаты Цомахъы уацау «Фыдæлты намыс»-ы (1930) фæзындæй нæ литературæмæ, уæлдайдæр та прозæмæ, æххæст барджьшæй æрбакъахдзæф кодта æвæрццаг хъайтар, æмæ йын уæдæй фæстæ- 16
мæ уый бацамыдта йæ сæйраг идейон-аивадон здæхт. Уæдæй фæстæмæ нæ фысджыты сæйраг мдейон-эсте-. тикон хæцæнгарз сси социалистон реализмы метод. «Фыдæлты намыс» — ЦомахъЫ сфæлдыстады вазыг- джын эволюционрæзты кæройнаг хатдзæг, йæ иу- уыл бæрзонддæр бынат, разынд ирон советон ли- тературæйы ног социалистон дунембарынады рай- диан, «уыцы уацмысæй ирон советон литературæ асины къахыл уæлдæр схызтис», фæцис хицæн адæймаджы, хъайтар гоймаджы рæстæг, æмæ ныл- лæууыд коллективизмы дуг, ног рæстдзинады дуг куыд объективон царды, афтæ адæмы зондахасты дæр. 30-æм азты ирон литературæйы идеон мидис, сæйраджыдæр, æнцой кæны зæронд æмæ ног, ив- гъуыд æмæ абон, талынг æмæ рухсы ’хсæн контрас- тыл. Уый амыдта рæстæг йæхæдæг æмæ уыд ак- туалон цардон-аивадон æрмæг. Уыцы ныхмæвæрд- дзинад нæ фысджыты уацмысты зыны, куыд йæ шбъективон-историон ’хгуызы (фæллойгæцджытæ æмæ урсгвардионтæ, меньшевикты ’хсæн тох), аф- ч^е иумæйаг философон аспекты дæр (фыдгæнд æмæ лæгуарзондзинады æнусон æнæбафидаугæ тох конкретон уавæрты, конкретон рæстæгмæ йæ ра- хæсгæйæ). Журнал «Фидиуæг» 30-æм азты цалдæр номыры фæд-фæдыл мыхуыр кодта Беджызаты Чермены мидхæсты заманы бонæг—«Ссыгъди цард». . Бо- нæг кæрæй-кæронмæ амад у уыцы карз, драмати- кон контрастыл. Реалистон, алцы æнкъаргæ-баргæ фыст, хиуылхæцгæ темперамент, масштабон ныхас, конкретон деталтæ, нывтæ се ’ппæт дæр сты иу хъуыддагмæ здæхт, иу хъуыддагæн хъæуæг, уый та у, æгъатыр классон тохы заман адæмы сæрибар- дзинады сæрвæлтаут. йæ уд . ныврцдæн чи хæссы, уыцы адæймаджы ^ондахаст^^зæрд^ейыуаг равди- 2. Æлборты X. 17
сын. Бонæг «Ссыгъди цард» йе ’ппæт аивадон хæр- зиуджытæй дарддæр ма у 20-æм азты Хуссар Ирыстоны революцион тохты историон документ дæр. 30-æм азты, æмæ канд уæд нæ, фæлæ æмткæй ирон литературæйы дæр сæхи æнæфæивддзаггæн- гæ ахсджиаг бынат ис Чермены радзырдтæ — «Æртæ фæкасты», «Уад асаста гæды бæласы» æмæ уацау «Бирæгътæ»-йæн. Ацы уацмысты автор йæ- хи равдыста иттæг дæсны прозаикæй, нысан сæ æрцыд (уæлдайдæр та радзырдты), нæ прозæ йæ дарддæры рæзты йæ хъус тынг кæмæ хъуамæ аз- дæхтаид, уыцы æууæл — психологизм реалистон уацмысы мидæг хицæн деталы бирæнысаниуæгон- дзинад, æнкъарæнты, нывты экспресси. Хъыгагæн, Чермены традици нæ литературæйы нæ райтынг, дарддæры фæлтæртæ йын фылдæр фæхæст сты йæ диссаджы «Мæсгуытæ дзурынц»-ы таурæгъон-афыс- гон манерæйыл, уымæн йæхимæ та Секъа æмæ адæмон сфæлдыстадæй чи цыд. Уыцы азты нæ прозæйы арф фæд ныууагъта Хъуылаты Созырыхъо. Нæ литературæмæ æрбацыд, йæ радзырдты хæххон патриархалон цардуаг æмæ уый амæттаг нывæндтæ — хохæгты æнахуыр, фæ- лæ уæддæр зонгæ ситуациты чи ’вдыста, ахæм фыс- сæг: '«Фиййауы катай», ;«Хохаджы хъæстытæ»^ «Номылус», «Идæдз ус Госæда». Йæхимæ фылдæр арæхстдзинад куы банкъардта, ног царды æцæг^ дзинад фыссæджы цæстæй куы байдыдта уынын, уæд /рахызт æввахсдæр ивгъуыдмæ-—революци’ æмæ мидхæсты темæмæ, йæхæдæг активон хайад- исæг кæм уыд, æмæ сфæлдыста аив, зæрдæмæ- хъаргæ радзырдтæ: «Тугæй æлхæд» (мысин^гтæ мидхæсты б^онтæй) ,1. | «Æртындæсæй иумæ», «Му- зейы», «Мæрдты бирæгъ», «Иудзонгон». Ацы ра- дзырдты фыссæг æвдисы дыууынæм азты Хуссар 18
Ирыстоны фæллойгæнджыты хъæбатыр тох мень- шевикты ныхмæ, сæ тухитæ. Ирон литературæйы коллективизацийы темæ- йыл фыццагдæр радзырд ныффыста Созырыхъо— «Æфсæн уæйыг»,'йæ фæстæ фæзындысты ноджы- дæр къорд уацмысы. Фыссæджы фыццаджы-фыц- цагдæр æндавы, ног царды æцæгдзинад адæмы пси- хикæйыл куыд зыны, сæ зондахастæй сын зæронд патриархалон дунеæмбарынад куыд суры, уый. Созырыхъойы радзырдтæ тынг зæрдæмæдзæугæ сты сæ ачв сюжет æмæ композицион амадæй, нывæф- тыд, тас æ-уасгæ ирон æвзагæй. 30-æм азтæ зынгæ бынат бацахстой нæ рагон- дæр æмæ фæлтæрддæр фыссæг Коцойты Арсены сфæлдыстады. Уæд фыссæг уæлдай æввахсдæр ба~ лæууыд ног цард аразджытæм æмæ коллективи- зацийы темæйыл сфæлдыста йæ зынгæдæр уац-, мыс «Джанаспи». Уацауы автор кæд бафæлвæрдта æвæрццаг’фæлгæнцтæ саразыныл, уæддæр дзы æп- пæты тыхджындæр, аивадон æгъдауæй хæрзхъæд- дæр рауад Джанаспи — кулачы фæлгонц, фæлæ æмткæй уацмыс идейон-эстетикон æгъдауæй 681 аздзыд фыссæджы сфæлдыстады у размæ егъау къахдзæф æмæ ирон литературæйæн зынгæ ,хуын.' Уыцы азты нæ прозæйы сæхи бынат бацахстои Дзесты Куыдзæг, Мамсыраты Дæбе, Боциты Ба- рон. Сæ фыццаг уацмыстæ ныммыхуыр кодтой Бекъойты Елиоз, Дзаттиаты Тотырбег, Щоциты Резо, Бесаты Тазе æмæ æндæртæ. 1930-æм азы «Фид^уæджы» № 2 Дзесты Ку|ыдзæ~ джы радзырд «Хорхæссæг» куы ныммыхуыр, уæд ын критикæ йæ иуæй-иу лæмæгъ бынæттæ нæ бач сусæг кодта, афтæмæй загъта, зæгъгæ, ирон ли- тературæмæ æрбацыд ног курдиат æмæ йæм нæ ли- тературæ æнхъæлмæ кæсы стыр аивадон хæрзиу- джытæм. Цалдæр азмæ Куыдзæг рацыд нæ раззаг 19»
фысджыты рæнхъмæ. Иæ ног радзырдтæ «Дис- саджы куырой», «Дæндаг асаст» æмæ æндæрты аевдисы ног социалистон ахастытæ хъæууон адæмы "’хсæн, йæ хъайтартæ коллективы ’руаджы .бамба- рынц цард, баууæндынц сæ тыхтыл. Алыфарсонæй æвдисынц 30-æм азты ирон хъæу-' уон цард Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ. Куыд сæ тематикæйæ, афтæ сæ цардон æрмæгæй дæр сты хъæздыг æмæ алыгъуызон. Ирон радзырды .жанры зынгæ бынат бацахстой йæ уацмыстæ«3ал- дуз» — зæронд талынг æгъдæутты раз сылгойма- джы æбардзинад æвдисæг таурæгъ, «Фыццагкъах- дзæф» æмæ «Цыт» — ног социалистон ахастытæ земæ зæронд фæстæзад æгъдæутты ’хсæн тохæй хьацыд. Банысангонд период нæ литературæйы харак- терон у царды уæрæх фæлтæртæ æмæ социалон ивындзинæдтæ егъау гуырахстджын уацмысты æв- дисынæй. Уыцы заман фæзындысты Боциты Барон æмæ Мамсыраты Дæбейы романтæ «Саст рæхыс» æмæ «Уæззау операци». Фыццаг уацмысы хуымæ- тæджы æххуырст лæппуйæ Цæлыкк байрæзы боль- шевикон æмбарынады онг. Афтæмæй нын равдисы социалон тохы фæндæгтыл хъайтары зондахасты эволюци, уый классон химбарынады сырæзт. Дæбейы «Уæззау операци»-йы (1932—34) ак- туалондзинад уый мидæг ис, æмæ фыст у тæккæ ногдæр хабæрттыл — Цæгат Ирыстоны колхозты арæзтады фæдыл. Бирæ сценæтæ æмæ цаутæ дзы нст сты комкоммæ цардæй. Автор иртасы хъæу- уон зæхкусæджы мидпсихологи, хисæрмагонд иса- дæй иумæйаг хæдзарадмæ хизгæйæ, уый зондахас- ты ивд, йæ коллективон æмбарынад æмæ æнкъа- рынады рæзт. Ирон советон литературæйы ацы роман, æнæмæнгдæр, у зынгæ фæзынд, фæлæ уыи-. мæ иумæ йæ композицион-сюжетон нывæзты цас- 20
дæр бæрцæй æнкъардæуы схематизм, æгæр цæст- уынгæ у, Шолрховы «Саст зæрæстон»-ы æндæв- Дад ыл кæй ис,’ суанг иугъуызон ситуацитæ æмæ характерты онг дæр, уый. Афтæмæй ацы дыууæ романы, Фæрнионы «Уа- ды уынæры» фæдыл’аразынц ирон романы райдиа- ньг период, æвдисынц ын йæ характерондæр миниу- джытæ. 30-æм азты нæ поэзи рæзы канд бæрцæй нæг фæлæ гъæдæй дæр йæ хуыздæр минæвæртты хуы- зы. Уыдон аккаг фæдонтау райстой сæ хисдæр æм- бал, ирон поэзийы революцийы уадфидиуæг Гæдиа- ты Цомахъы фæдзæхст. «Аразæм, амайæм мах Стыр коммунизмы гæнах. Æмбæлттæ, удфидар ут1 Иумæйаг цардмæ бырсæм, Иумæйаг зондыл лæууæм. Æмбæлтæ, размæ тындзут!> Цомахъ йе ’мдзæвгæйы, призмæйау, æрбамбырд кодта дуджы сæйраг мидис: заман стыр æмæ карз у, æмæ уымæ гæсгæ егъау бæрндзинад ис адæмыл удвидар уæвынæй, иумæйаг зондыл лæууынæй, размæ тындзынæй. Вазыгджын æмæ арф поэтиконæй раргом Ни- геры æмбæстагон удыхъæд. Æцæгæлон ын у æн- цой, æвæлмондзинад. Йæ уд æмæ йæ зонды рас- сæнд-бассæнд кæны æгъатыр, карз заман æмæ йæ зæрдæ æвдисы алыгъуызон хуызтæ: цин æмæ маст^ ныфс æмæ фæсмон, сагъæс æмæ æхсар. Уыдон кæ- нынц Нигеры поэзи хъандзал, арф драматикон. Иæ уыцы заманы æмдзæвгæтæ: «Æнкъард дæн æз...», «Прометейы сынтæг», «Хидыл», «У фадаг аразæг», «Нæ тæрсын æз», «Арт уадзы риу» æмæ 21
аендæртæ сты, нæ поэзи хуыздæрæй цы сфæлдыста, уыдонæй. Æвдисынц нын, поэты зæрдæ æмæ зонд йæ рæстæджимæ цы алыгъуызон тæгтæй баст уыд, уыдон. > Уыцы азты поэзийы жанры ахадгæ сты егьау эпикон формæтæ — поэмæтæ, кадджытæ, сæ фыл- дæр зæронд царды хабæрттыл фыст, -фæлæ ног .адæймаджы концепциимæ. Бирæты дзы зæронд æмæ ног æвæрд цæуынц фæрсæй-фæрстæм контрасто- нæй. Ахæм принципыл амад сты Нигеры «Гыцци», «Терчы цур», Гулуты Андырийы «Тох» æмæ но- джыдæр къорд æндæр поэмæйы. Уыцы принцип йæхæдæг сæрысуангæй схематизммæ æргом здæхт у, æмæ дзы нæ аирвæзтысты ацы поэмæтæ дæр. Фæлæ нын Нигеры поэмæтæ нæ зæрдæ æлхæнынц, сæ авторæн характерон чи у, уыцы уæздан лириз- мæй, хæхбæсты царды нывтæ, деталтæй сты хъæз- дыг. Нигер ма ныффыста цалдæр поэмæйы адæмон мотивтæм гæсгæ. Уыдон сæ аивадон хæрзиуджы- тæй дарддæр æвдисынц фольклорон темæтæ, мо- тивтæ, вариацитæ æмæ æндæртæй индивидуалон сфæлдыстады куыд нæ хъæуы пайда кæнын, уый, пассивон сæ у авторы нидивидуалон поэтикон хъо- мыс. Адæмон-фольклорон мотивты бындурыл фыст сты Барахъты Гинойы кадджытæ «Азджериты Куы- цыкк» æмæ «Уæлладжыры кадæг». Уыдон кæд сæ тематикæйæ рагон замантæм хауынц, уæддæр сæ идея у æнусон æмæ уымæй дзуапп лæвæрдтой сæ ныффыссыны заманæн дæр. Автор бæрзонд æвæры сæрибардзинад, фыдыбæсты уарзондзинад, кад кæ- ны, адæмы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи х’æс- сы, уыцы æхсарджын адæймæгтæн. Кæд Куыцыккмæ таурæгъы миниуджытæ ис, таурæгъон сгуыхтдзи- нæдтæ равдисы, уæддæр ын мах аргъ кæнæм, куыд реалон адæймагæн, реалон фæлгонцæн, риссæм йæ 22
рисæй æмæ йын тæригъæд кæнæм. Уый у авторы сфæлдыстадон ’сусæ^гдзинад. Уыцы сусæгдзинад, æз æнхъæл дæн, æмбæхст у Гинойы сæрмагонд поэтикон æрмдзæфы. Уый раиртасгæйæ мах феник- кам уыцы иууацмысы фæрсæй-фæрстæм, науæдта кæрæдзийы мидæг дæр, таурæгъон æмæ реалон æм- дзард куыд кæнынц, уый, цæйбæрц у кадæджы сæй- раг хъайтар индивидуалон, реалон, æмæцæйбæрц — бадзырдтон, таурæгъон. Иумæйагæй та ацы кадджыты тыххæй афтæ зæгъын æмбæлы, æмæ аивады прогресс æвдисæг реализмы фæндагыл ирон поэмæйæн, æмткæй, ирон поэзийæн хуыздæрæй, рæгъмæ рахæссинагæй цы бантыст, уыдонæй дарддæр, бæрзонддæр нæ цы- дысты. Уыдонæн се ’ргом æндæрæрдæм здæхт уыд — адæмон сфæлдыстады хъæбысмæ. Уымæй уы- дон иууыл хорз лæггад нæ бакодтой, фæстæдæр заманты сæ чи фæзмыдта, уыцы автортæн дæр. 30-æм азты сæ фыццаг чингуытæ рауагътой, бирæтæ та фæйнæ цалдæргæйттæ дæр, æвзонг по- эттæ: Фæрнион, Хуытъинаты Цыппу, Хозиты Яков, Ардасенты Хадзыбатыр, Хъайтыхъты Геор, Епхи- ты Тæтæри, Нига, Бесаты Тазе, Плиты Грис, Дзу_ гаты Георги, Гæззаты Сослан, Зæгъойты Сарди, Хъороты Хъазбег, Гафез, Кавказаг æмæ æндæртæ. Ацы фæсивæд ирон поэзимæ æрбахастой соци- алистон арæзтады комулæфт, ног темæтæ æмæ ритмтæ. Социалистон фæллойы романтикæ у тæк- кæ характерондæр миниуæг уыцы азты ирон поэт- ты сфæлдыстадæн. Фæлæ сæ фылдæрмæ нырма литературæйы дæр æмæ царды дæр фаг фæлтæрД_ дзинад кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ уацмыстæ уы- дысты уæлæнгай, тырныдтой куысгы механикон процесстæ равдисынмæ, адæймаджы характер, пси- хологи æвдисынмæ та нæ арæхстысты. Бирæтæ дзы афтæ дæр. хъуыды кодтой, зæгъгæ, ног поэты 23
хæс нæу .хъайтары миддунемæ ныккæсын, уый хъуамæ æвдиса æрмæстдæр куыст, тæрхытæ æмæ моторты змæлд. Афтæмæй кæд тынг бирæ æмдзæв- гæтæ фыстой æмæ мыхуыр кодтой ног арæзтадтыл, заводтæ æмæ колхозои быдыртыл, уæддæр уыдон цух уыдысты æцæг, æвæлхат поэтикон зæрдæйы цæхæрæй. Се ’мдзæвгæтæ поэтикон æгъдауæй уæлæнгай, æнæахадгæ кæй уыдысты, уымæн ма йæ аххосаг уынын хъæуы сæ дунембарынады иувæрсыгдзина- ды дæр. Сæ цæстæй цы уыдтой, уый сæ æндæвта, фæлæ йæ нæ фæлгъуыдтой перспективæйы, нæДæр ын, йæ уидæгтæ кæцæй цыдысты, уый æвзæрстой. Не ’взонг поэттæм уæлдай ныллæгдæр та уыд æмдзæвгæйы культурæ. Арæх механикон æгъдауæй истой алыгъуызон формæтæ. Маяковский æмæ æн- дæр зынгæ поэттæ сын кæд стыр авторитеттæ уы- дысты, уæддæр сын фæзмыдтой æрмæстдæр се ’ддаг формалон миниуджытæ, зын сын уыдис ми- дис æмæ формæйы ’хсæн вазыгджын æмахастытæ фæлгъауын. Гъе, уымæ гæсгæ уыд афтæ карз Цо- махъы критикæ дæр Хуытъинаты Цыппуйы æм- дзæвгæты чиныг «Сидт»-ы тыххæй. Цыппу алы дзырд дæр æнæ исты логикæйæ хицæн рæнхъыл кæй æвæрдта, уый растыл нæ нымадта Цомахъ, «алы дзырдæн хицæн рæнхъ, уый дын ног формæ», зæгъгæ. Фæлæ уыдон уыдысты рæзыны процессы къуых- цытæ. Цард литературæйы раз цы.фарстытæ æвæрд- та, уыдонæн хъуыдис дзуапп раттын, æмæ лæ- вæрдтой дзуапп не ’взонг фысджытæ дæр, йæ арæхстдзинад æмæ дзы йæ курдиат кæй куыд амыд- та, афтæ. Сæйраг æмæ сæм æвæрццаг уый уыд, æмæ цыдæриддæр царды ногæй гуырд, уый ацахсынмæ уыдысты къæрцхъус, тырныдтой алы ног фæзындæй дæр литературон факт скæнынмæ. 24
Æртынæм азты æппæт советон фысджыты цар- ды, уыцы нымæцы ирон фысджыты царды дæр, ахъаззаг нысаниуæг уыд советон фысджыты фыц- цаг съездæн Мæскуыйы. Съезды куысты хайад ис- та ирон фысджыты къорд. Уым советон литера- турæйы дарддæры рæзты фæдыл, йæ идейон- аивадон хæрзхъæддзинады тыххæй цы принципи- алон ныхас цыд, уæлдайдæр та Максим Горькийы доклады, уый хæрзаудæнгæнæг хъуыдытæ бирæ бæрцæй бандæвтой нæ фысджытыл. Хорзæрдæм сыл фæзындысты съезды рæстæджы советон æмæ дунейы прогрессивон фысджытимæ лæгæй-лæгмæ фембæлдтытæ, беседæтæ. Уæдæй фæстæмæ нæ фыс- джытæ сæхи хъузджы нал цардысты, фæлæ фæ- уæрæхдæр сты сæ интерестæ, арæхæй-арæхдæр æмбæлдысты æфсымæрон литературæты минæвæрт- тимæ сфæлдыстадон нысæнтты фæдыл. Фæцырын- дæр ирон æвзагмæ æндæр литературæты хуыздæр уацмысты тæлмац кæныны хъуыддаг дæр. Уыдæт- ты руаджы та сæхицæн дæр уæрæхдæр кодтой се сфæлдыстады идейон-тематикон фæлгæттæ, фæбæр- зонддæр сæ аивадон æмвæзад. Фæлæ нæ фысджытæ се сфæлдыстадон куысты тæмæнмæ куы бахæццæ сты, уæд нæ литературæ- йыл йæ уæззау дамгъæ нывæрдта культы заман — æнæаххосæй бабын сты нæ фысджыты хуыздæртæ. Иæ фæдыл, 1941 азы 22-æм июны, нæ бæстæм æрбабырстой фашистон Герман æмæ цыппар азы дæргъы, ирон фысджытæй хæстхъом чи уыд, уы- дон, сæ иу къухы — кард, иннæйы — топп, афтæмæй лæгæрстой уæрагмæ туджы малы. Фронтмæ ацы- дысты: Плиты Грис, Гаглойты Никъала, Гаглойты Федыр, Хъайтыхъты Геор, Дзаттиаты Тотырбег, Цæгæраты Максим, Дарчиты Дауыт, Асаты Реуаз, Мыртазты Барис, Мæргъиты Къоста, Джимиты Георги, Дзугаты Георги, Бекъойты Елиоз, Дзат- 25
-тиаты Гиуæрги, Нафи, Гаглойты Григол, Пухаты Бетъре æмæ бирæ æндæртæ. Фронты дзы чи нæ уыд, уыдон та хайад истой адæмон мастисджыты рæн- хъыты, партизанты къордты. Нæ курдиатджын литературон фæсивæдæй бирæтæ сæ цард æрхас- той адæмы сæрибардзинады сæрвæлтау знаджы ныхмæ тохы. Уыдон сты: Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег, Ходты Хазби, Бекъойты ’Амыран, Хæ- мыцаты Гиуæрги, Елехъоты Мурат, Баситы Дзам- болат, Къæбулты Елиоз, Гасситы Георги, Тъехты Барис, Цоциты Герсан æмæ ноджы бирæ æндæртæ. Уыцы фæсивæдæй иутæ сæ литературон куыст рай- дыдтой хæсты размæ азты, ныммыхуыр кодтсэй къор æмдзæвгæйы, науæд та рауагътой сæ фыц- цаг .чингуытæ дæр, иннæтæ та мыхуыр дæр ницы- ма ныккодтой, афтæмæй 17—20-гай аздзыдтæй ацыдысты фронтмæ. Фæлæ-иу уым дæр тохæй-то- хы ’хсæн цыбыр æмгъуыдмæ улæфты рæстæджы фыстой æмдзæвгæтæ,ххæрз сонтæй цыдысты карз, æгъатыр хæстон скъолайы уæззау фæндæгтыл. Би- рæтæн дзы сæхиау сæ фыстытæ дæр нал сæмбæл- дысты сæ фыды уæзæгыл. Фæлæ дзы алы рæтты æрæмбырд кæнын цы бантыст, уыдон а-фæстог аз- ты иумæйаг æмбырдгæндты рацыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны рауагъдадты. Калоты Хазби æмæ Кочысаты Мухарбеджы та сæрмагонд чингуыты фæрцы базыдтам, куыд нæ хæстон фæлтæры хуыз- дæр поэтты, афтæ. Фыссæг æдзардæй куы фæмард вæййы, уæд æрхæндæгæй фæхъуыды кæнæм иу фарстыл: уæдæ ма йын цас цыдæртæ бантыстаид саразын, зæгъгæ, цас хæрзиуджытæй фæкодта æнæ- хай нæ литературæ. Хазби æмæ Мухарбеджы чин- гуытæ кæсгæйæ дæр вæййæм ахæм уавæры: фæй- нæ 22—24-гай аздзыдтæй кæй ныффыстой, уыдон афтæ цæстæвæрæн сты, æмæ хъуыды кæнæм, цы ма нæ ныффыстой, уыдоныл дæр, аргъ сын кæнæм
уыдонæй дæр, мæнæ сæ цыма бакастыстæм æмæ сæ зонæм, афтæ. Уый стæм, хæрз стæм хабар у. Йæ бæрц азты Калоты Хазби куыд арф бам- бæрста æмæ банкъардта куырыхон лæгау цæрæн- боны нысаниуæг, уый хæр^иуæг æмæ мæлæты тра- гизм, уый дис æфтауы лæгыл. Ацы дыууæ ты- хыл лæууы йæ диссаджы нуарджын поэзи, туджы къæвдаты æмæ зды арты чи райгуырд æмæ сæрыд, ацы дыууæ тыхæй у æнæрынцой æмæ цардæмхиц: Мæн хъæуы фæстаджы тохы ’рхауын, Мæн хъæуы сæрыстырæй мæлын... («Æз мæ царды...») О фыднæмыг. фæуром дæ тахт — Мæн цæрын фæнды... Оххай, æрра дæн... («Митыл мæйы æртхутджытæ хъазынц») Хазбийы поэзи у йе ’мцахъхъæнты хъæбатыр- дзинады æнусмæ æвидигæ цыртдзæвæн. Хæсты азты нæ поэттæ ’хсæнмæ-’хсæнты фрон- ты цы ’мдзæвгæтæ фыстой, уыдонæй-иу бирæтæ æртæкъуымон фыстæджыты фæхæццæ сты редак- цитæм, æмæ сæ мыхуыр кодтой, кастысты сæ адæм. Уыдоиæн, сæйраджыдæр, сæ нысан уыд адæмы знаджы ныхмæ тохмæ сразæнгард кæнын, тыхгæ. нæгæй сæрибар цард бахъахъхъæнын. Хæсты азты нæ поэзийы фæзындысты Нигеры къорд зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæ æмæ поэмæ «Сырх- æфсæддон дзурдзæн», (Боциты Барон, Гулуты Андыри, Епхиты Тæтæри, Плиты Харитъон, Сау- лохты Мухтъар æмæ æндæрты æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ. Фæлæ хæсты темæ ирон литературæйы йе ’цæг бынат бацахста фæсхæсты азты. Хæстæй æрыздæхтысты ирон поэттæ тохвæлтæрдæй, уæ- 27
лахизæй кæроц кæмæн скодтой, уыцы туг^алды арф тæлмæнтимæ. Æмæ ныр цы поэтикон æмбырд- гæндтæ уадзынц, уыдоны сæйраг у хæстон лирнкæ. Ахæмтæ сты: Плиты Грисы «Салдат», Гафезы «Адджын у цард», Дзугаты Георгийы, Асаты Ре- уазы, Мыртазты Барисы, Мæргъиты Къостайы, Джусойты Нафийы, Хъайтыхъты Георы, Цæрукъа- ты Алыксандры, Дарчиты Дауыты, Епхиты Тæтæ- рийы æмæ æндæры чингуытæ. Уыдон арф æмæ алыфарсонæй равдыстой ирон советон салдат-хъай- тары фæлгонц Стыр. Фыдыбæстæйон хæсты карз тохты. Уыцы азты нæ прозаиктæ комкоммæ, науæд та иу кæнæ иннæрдыгæй æвдисынц хæсты темæ. Ахæм- тæ сты Дзаттиаты Тотырбеджы, Цæгæраты Мак- симы, Цоциты Резойы, Гаглойты Никъалайы, Ни- гайы æмæ æндæрты радзырдтæ, уацаутæ. Саулохты Мухтъар ныффыста цалдæр драмæйы — «Хæхтæ сдзырдтой», «Хандзериффæ», «Знауыр», «Бега». Нæ драматурги фæхъæздыг ахæм пьесæтæй, куыд Плиты Грисы «Чермен», Джимиты Георгийы «Сау мигъ», Токаты Асæхы «Усгуртæ», Туаты Да- уыты «Пæсæйы фæндон», «Хистхортæ» æмæ æндæр- тæй. Хæсты фæстæ азты, номхуындæй 40-æм азты кæрон æмæ 50-æм азты райдиан, нæ прозæйы зын- гæ бынат бацахстой гуырахстджын уацмыстæ — романтæ иугай, дыгай, æртыгай, суанг цыппæргай чингуытæй. Нæ фысджытæ æрæвнæлдтой, нæ адæм сæ хъайтарон зын царды цы даргъ æмæ уæззау фæндæгтыл рацыдысты, уыдон уæрæх эпикон фор- мæты равдисынмæ, монументалон характертæ ара- зынмæ. Фылдæр-фылдæр сæ æндавы хæстæг ив- гъуыд заман — классон тохты дуг, ома не ’нусы рай- дианæй мидхæсты заманмæ рæстæг æмæ Фыды- бæстæйон хæсты период. 28
Романы жанры нæ литературæйы зынгæдæр бынат бацахста Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстад. Уый йæ романты равдыста ирон адæмы царды дæргъзæтин период — дыууынæм æнусы райдианæй суанг фæндзайæм азты кæронмæ. Иæ роман- трилоги «Хъæбатырты кадæг», куды йæхи сфæл- дыстады, афтæ æмткæй ирон прозæйы дæр у ахъаз- заг уацмыстæй. Уым æвдыст цæуы Ирыстоны соци- алон-политикон цард Уырыссаг буржуазон-демо- кратон революцийæ Советон хицауады фæуæлахиз- мæ. Автор сарæзта ирд реалистон фæлгæнцты æнæхъæн галерея. Уæрæх социалон-историон периодтæ æвдисынц сæ романты Бекъойты Елиоз («Фатимæ») æмæ Джиоты Дауыт («Æнæбасæтгæ тых»), Гаглойты Никъала («Уæхски-уæхск») æмæ Санахъоты Уасо («Арф фæд»), Цоциты Резо («Амонд»), Цæгæраты Максимы, Дзугаты Гиуæргийы, Дзаттиаты Тотыр- беджы æмæ иннæты уацаутæ æмæ романтæ. Зынгæ æнтыст сты Гафез, Плиты Грис, Дзуга- ты Гиуæрги, Цырыхаты Михал æмæ иннæты поэ- мæтæ æмæ балладæтæ. Хæсты рæстæджы æмæ уый фæстæ нæ литера- турæмæ цы фæсивæд æрбацыд, уыдон уæрæх сфæлдыстадон фæндагмæ рахызтысты фæндзайæм, .æхсайæм азты. Джусойты Нафи, Цæрукъаты Алык- сандыр, Букуылты Алыкси, Гаглойты Владимир, Цырыхаты Михаил, Хацырты Сергей, Мæрзойты Сергей, Гæбулты Мелитон, Мæргъиты Къоста, Бо- газты Умар, Гæлуаты Аким, Æгъуызарты Æхсар- бег, Хуыбецты Раисæ, Нартыхты Михал, Темыраты Дауыт, * Козаты Исидор, Пухаты Алыксандр æмæ æндæртæ. Уыдон сæ радзырдтæ æмæ æмдзæвгæты, уацаутæ, романтæ.æмæ поэмæты ирон литерату- рæмæ æрбахастой ног уылæн, зынгæ йæ фæхъæз- Дыг кодтой идейон-тематикон æгьдауæй, æвдисынц 29
ног адæймаджы, коммунизмаразæджы арф æмæ вазыгджын миддуне, уый интересты национ æмæ интернацион уæрæхдзинад. Ныр литературæйы ахæм серьезон жанр, куыд роман, нæ литерату- рæйы бацахста сæйрагдæр бынæттæй иу. Ныртæккæ æртын-цыппор азы кæуыл цæуы, уы- цы литературон фæлтæр æвдисынц, нæ дугæн ха- рактерон чи у, уыцы вазыгджын дунембарынад, бæрзонд эстетикон адæнкъарынад. Уыдон фæлди- сынц сæхи, фæстаг дæс — дыууын азæн характерон чи у, уыцы аивадон дуне, ирон литературæйæн дæлдæр ранымад фысджытæ ныронг цы хæрзты бацыдысты, уыдон æй исынц ног æмвæзадмæ, зын- гæ йæ фæхъæздыг кодтой формæ æмæ мидисæй: Бестауты Гиуæрги, Бицъоты Гришæ, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъодзаты Æхсар, Тедеты Рюрик, Джыгкайты Шамил, Хъодалаты Герсан, Малиты Васо, Гуыцмæзты Михал, Харебаты Леонид, Бул- къаты Михаил, Тедеты Ефим, Хуыгаты Сергей, Хостыхъоты Зинæ, Бахъаты Нугзар, Кьæбысты Зауыр, .Ходы Камал, Миндиашвили Серго, Агъ- наты Гæстæн, Чеджемты Æхсар æмæ Геор, Хъа- зиты Мелитон, Гуыцмæзты Алеш æмæ æндæртæ. Абон ирон литературæйы характерон миниуæг у бæрзонд профессионализм, дуг æмæ аивады раз бæрндзинад æнкъарын. Æхсызгон у йæ сæйраг тенденциты ’хсæн иу ахæм, йæхи чысылгай æвди- сыи чй райдыдта: фысты масштабондзинад, уыцы стилон миниуæг цæуы фыссæджы историон æмба- рынадæй æмæ истори æнкъарынадæй. Ивгъуыд æмæ абон, абон æмæ сом, уыдон сты, фыссæджы инте- рестæ кæуыл лæууынц, ахæм æртæ цæджындзы. Йæ сомбон базонын кæй фæнды, уый æнæмæнг хъуамæ зона йæ ивгъуыд дæр. 1976 30
ИРОН ПРОЛЕТАРОН ФЫСДЖЫТЫ АССОЦИАЦИ «ЗИУ»-ы СÆВЗÆРД ÆМÆ АРХАИДЫ ТЫХХÆИ Ирыстоны литературон æмæ культурои цар- ды вазыгджын æмæ знæт рæстæг — 20-æм азты æмбисæй 30-æм азты райдианмæ æиæфæхицæн* гæнгæ баст у пролетарон фысджыты ассоци- аци «ЗИУ»-ы куыст æмæ архайдимæ. «ЗИУ» æмæ зиууæттæ уыдысты социалистон арæзтады фыццаг азты романтикæ, æмæ уыимæ иумæ, «æппæт æмæ алыгъуызон гамхудтæ æгъатырæй чи рæдывта»* уыцы карз цардон реализмæй райгуыргæ. Революцийы агъоммæ ирон рауагъдадон æх- сæнад «ИР» — йæ куыст æнæинициативон æмæ фылдæр формалон кæмæн уыд, ууыл куы нæ дзу- рæм, уæд.«ЗИУ» уыд фыццаг ирон æцæг литерату- рон организации, йæ куыст, йæ хъуыддæгтæй ирон литературæйы иу æнæхъæн период чи аразы, ахæм. Уымæ гæсгæ цымыдисаг сты йæ сырæзыны хабæрттæ, — чи уыд йæ цырв, организацийы фыц. цаг уæнгтæ чи уыдысты, цавæр нысæнттæ ’вæрд- той сæ куысты сæрæн, куыд архайдтой, æппæт уы- дæттæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй «ЗИУ»-ы организа- ци сæвзæрд Мæскуыйы 1924 азы. Уыцы рæстæджы уым уæлдæр скъолаты ахуыр кодтой ирон студент фæсивæд. Уыдон-иу арæх æрæмбырд сты журна- листикæиы паддзахадон институты агъуыстмæ æмæ кастысты сæ уацмыстæ. Кæрæдзи хорз куы ’рæм- ’бæрстой, уæд бацæдис кодтой æмæ 1924 азы октя- бры 8-æм бон бацыдысты Мæскуыйы пролетарон фысджыты ассоциацимæ, куыд сæрмагонд ирон сек- ци, афтæ. Ирон пролетарон фысджыты ассоциаци, Уæрæ- 31
сейы пролетарон фысджыты ассоциацийы кæсдæр æфсымæр уæвгæйæ, уый фарсмæ хъомылгонд, стæй та ам, Ирыстоны, йе ’мдзугæнæг, йæ фæдзæхстытæ, йæ лозунгтæ æххæстгæнæг — æнгом баст уыд РАПП-имæ (Уæрæсейы пролетарон фысджыты ас- социаци). Уымæ гæсгæ, цæмæй хуыздæр æмбæрст уой «ЗИУ»-ы организацийы хъуыддæгтæ, цавæр хъуыдыты æндæвдадæй сырæзт ирон пролетарон фысджыты ассоциаци, цавæр нысæнттæ йæм уыд йæ куыстæн, фыццаг Мæскуыйы, стæй та Ирысто- ны, уый тыххæй иумæйагæй уæддæр зонын хъæуы, Мæскуымæ æрцæугæйæ, ирон фæсивæды алфæм- блай цахæм литературон атмосферæ уыд, цавæр идейæтæ æмæ тырнындзинæдтæй цардысты уыцы рæстæджы Уæрæсейы пролетарон фысджытæ, уый. 20-æм азты фыццаг æмбис æмткæй Уæрæсейы æмæ номхуындæй Мæскуыйы тынг арæх уыдысты алыгъуызон сфæлдыстадон къордтæ æмæ органи- зацитæ. Уыдонæй йæхи пролетарон чи хуыдта, уыцы къордæй 1925 азы январы мæйпролетарон-фысджы- ты фыццаг Æппæтцæдисон конференцийы фæсти- уæгæн сырæзти РАПП, куыд Æппæтцæдисон проле- тарон фысджыты раззагдæр къорд, афтæ. Уы- дис ын сæрмагонд мыхуыры орган дæр, «На посту», зæгьгæ, цыран мыхуыр кодтой бирæ алы- гъуызон политикон æмæ литературон лозунгтæ, декларацитæ, докладтæ æмæ æндæртæ. Парти йæ къух æвæрдта уыцы организацийыл, уæлдайдæр райдианы æмæ йын æххуыс кодта алы ’гъдауæй дæр. Цæмæн? Уымæн æмæ бæстæйы идеологон фронты уæд нырма знагиуæггæнæг элемент, уыд, классон тох нæма фæци, пролетарон организацитæ та уыцы хъуыддаджы хъæуæг æнцой уыдысты пар- тийæн, уыдон ’руаджы литературæ æмæ аивады биноныг кодта коммунистон идейондзинад. Афтæ, æмæ парти уыд пролетарон фысджыты гегемо- 32
нийы фарс. Фæлæ сæ уыцыиу рæстæджы фæдзæхс- гæ Дæр кодта, цæмæй пролеткультон рæдыдтытæ мауал сфæлхат кæной, уæлейæ уырдыгмæ ма кæ- сой иннæтæм, ма фæрынчын уой, комчванство кæй хуыдтой, уыцы низæй. Æмткæй парти стыр арæхст- дзинад æмæ хиуылхæцгæ такт æвдыста литерату- рæ æмæ аивады вазыгджын фарстытæ лыг кæны- ны хъуыддагмæ æмæ уæззау архайын кæм хъуыд, уым тагъд нæ кодта. Зыдта, сфæлдыстадон интел- лигенцийы ’хсæн, зæрдæ æмæ зондæй дæр фæллой- гæнæг адæмы интересты фарс чи у, уыдонæй дæр нырма бирæтæ кæронмæ кæй нæ бамбæрстой, цы стыр историон ивындзинад æрцыд, уый. В. И. Ле- нин суанг 1918 азы уымæн фæдзæхста, зæгъгæ, «Ре- волюции, которая бы "сразу могла победить и убе- дить, сразу заставить поверить в себя, такой ре- волюции нет»1. Уымæ гæсгæ бæлвырд идеологион платформæ- йыл чи нæма слæууыд, уыдон, гæнæн уыди, æмæ пролетарон фысджыты æнарæхст архайды фæсти- уæгæн бынтондæр иуварс аздæхтаиккой ног цард- арæзтадæй. Уый уыд ахсджиаг момент æмæ йæ парти 1925 азы бахынцыдта йæ зындгонд уынаф- фæйæ «Аивадон литературæйы фæдыл партийы по- литикæйы тыххæй», зæгъгæ, уым, цыран загъдæуы: «Материалон æмæ моралон . æгъдауæй дæр про- летарон æмæ пролетарон-зæхкусæгон литературæ- йы фарс хæцгæйæ, «æмвæндагонтæн» æххуыскæн- гæйæ... партийæн йæ бон нæу кæцыфæнды къордæн дæр, æгæрстæмæй, йæ идейон мидисмæ гæсгæ æп- пæты пролетарон чи у, уымæн дæр, монополи рат- тын, уый нысан кæнид фыццаг рады пролетарон литературæйæн йæхи бабын кæнын»2. 1 В. И. Ленин. Уацмысты æххæст æмбырдгонд, т. 37, 228 ф- 2 Аив литературæйы фæдыл партийы политикæйы тыххæй 1925 азы 18 июлы УКП(б) ЦК-йы резолюцийæ. 3. Æлборты X. 33
Æмткæй пролетарон фысджыты ассоциацийæн бирæ бантыст литературæйы мидæг партион сыгъ- дæгдзинад бахъахъхъæныны, уый алыгъуызон оп- портунистон æмæ формалистон идейæтæй бахизы- ны хъуыддаджы, фæлæ йыл куыд фæстагмæ тын- гæй-тынгдæр æндæвтой йæ къухдариуæггæнджыты, пролеткультæй рахæсгæ, рæдыд ч хъуыдытæ æмæ цæстæнгæстæ. Ие стырдæр рæдыдтытæй иу уыд, зæронд интедлцгент фысджытæм æмткæй æнæууæн- чы цæстæй кæй акаст, «æмвæндагонтæ» кæй хуыд- той, уыцы фысджыты, химæ æрбаввахс кæныны бæсты, йæхицæй кæй аиуварс кодта, уый. Æгæр- стæмæй сæ комкоммæ знаггадгæнæгыл дæр ны- мадтой, зæгъгæ, «Æмвæндагон» литературæ — уый бындуронæй у революцийы ныхмæ арæзт литерату- рæ»1. Æмæ канд æмвæндагонтæ æмæ иннæ фысджы- тимæ нæ хыл кодтой РАППонтæ, фæлæ æрæджиау сæхимидæг дæр нал фидыдтой, уый адыл фæ- къордтæ сты æмæ, никæцыуал арæнтæ хъахъхъæн- гæйæ, кæрæдзи æгъатырæй байдыдтой дæрæн кæ- нын. - Афтæмæй ирои ахуырдзау ф"æсивæд, Мæскуымæ æрцæугæйæ, пролетлитературон змæлды фыцгæ донмæ куы ныккастысты, уæд дзы сæхи нал ратыд- той. Æнæуый дæр æхсæны куыстмæ цæхæр фæси- вæд, институты лекциты ’вджид куыд фæлæууы- даиккой æмæ уыдон дæр литературон змæлды ба- цыдысты. Сæ алфæмблай цытæ цыд, уыдон цъус- гай æмбаргæйæ, литературон къорд скодтой, æмæ сæ организацийæн закъонон ахаст æмæ бартæ куыд уыдаид, афтæ балæууыдысты РАПП-ы базыры бын, йæ архайд, йæ куыст, йæ тырнындзинæдтæй сæхи 1 Газ. «Правда», 1925 азы 1 февраль. В. Ивановы чиныг «Советон литературæйы идейон-эстетикон принциптæ», зæгъ- гæ, уырдыгæй ист, дыккаг’ рауагъд, 1975 аз, 147 ф. 34
æмхуызон хайджын кæнгæйæ. Æниу, уæд се ’хсæн,. литературон-сфæлдыстадон куысты чысылтæ фæл~ тæрд чи уыдаид, ахæм иу дæр нæма уыд, фæлæ уый хыгъд революцион энтузиазм æмæ исты ахс- джиаг куысты бацæуыны монцæй — æххæст. Орга- низацион хъуыддæгтæм се ’хсæн уæлдай æнæзи- вæгдæр æмæ арæхстджындæр уыд Къосыраты Сæр- мæт, уæд ыл бæрцæй 24 азы йеттæмæ нæма цыд, ахуыр кодта журиалистикæйы институтьГ æмæ куы- ста редакторæй центрон рауагъдады дæр. Хъуыд- дагæн йæ сæрбос уый сси. Иугæр къорд органнзацион æгъдауæй бæлвырд кæпын куы байдыдта, уæд, цæмæй сæ хъуыдытæ^. сæ аивадон продукци реализаци кæнынæн амал æмæ фæрæз уыдаид, уый ты^хæй Сæрмæт зилын. байдыдта журнал рауадзыныл. Сæрмæты æнувыддзинад æ’мæ фæндвидар- дзинад сæхион акодтой æмæ 1924 азы декабры мæ- йы ССР Цæдисы Центрон рауагъдады правленю бар радта Мæскуыйы ирон студент фæсивæды хъæп- пæрисæй альманах (периодикон æмбырдгонд) уа- дзынæн, йæ тираж — 2500 экземпляры, æцæг æй уадзгæ та ракодтой 3000 экземплярæй, 5 мыхуы- рон сыфимæ. Цы хæрдзтæ йыл æрцыдаид, уыдон йæхимæ айста Центрон рауагъдад. Уый фæдыл 1925 азы, марты 28 боны, паддза- хадон журналистикæйы институты агъуысты Цент- рон рауагъдады .ирон секцийæн ’уыд æмбырд. Уы- Дысты дзы: Бутаты Хъазыбег, Кокиты Гиуæрги^ Дзассохты Уасо, Плиты Арон, Баскъаты Хадзы- Мурат, Хъуылаты Созырыхъо, Брытъиаты Цæрайй Джиоты Иуане, Дзаттиаты Антъон, Абайты Ладир Зутаты Харитъон æмæ Къосыраты Сæрмæт— æдæп- пæт 12 лæджы. Æмбырдæн сæрдариуæг. кодта Сæр- мæт, нымæрдар — Абайты Лади. Уым альманахæн сæвзæрстой редколлеги ахæм скондæй: Къосыраты- 35г
Сæрмæт — редактор, Брытъиаты Цæрай, Плиты Арон, Бутаты Хъазыбег æмæ Хъуылаты Созыры- Хъо — редколлегийы уæнгтæ. Æрмæг æмбырд кæныныл бирæ ницыуал бафæс- тиат сты. Сæрысуангæй къорды сæргълæууæг Къосыраты Сæрмæты хъуыды уыд афтæ, цæмæй журналыл сæ- хицæй дарддæр макæй бар цыдаид, уыдаид хæд- бар орган, редакци дæр æй кодтаиккой Мæскуы- йы. Уый ныхмæ уыдысты, куыд Цæгат Ирыстоны партком, афтæ, хъуыддагимæ зонгæ чи уыд, Ирыс- тоны уыцы фысджытæ дæр. Уый бæлвырдæй зыны, Сæрмæт 1925 азы Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ , Цомахъмæ цы фыстæг арвыста, уымæй, цы ран зæгъы: «Æз афтæ бирæ кæй тыххæй дзырдтон, æмæ сымах уæддæр æмæ уæддæр алцы дæр кæй тых- хæй ’фехъуыстат, уыцы журналмæ дæ ахаст уыд уазал... Хæдбар чи хъуамæ уыдаид (парткомы иу- мæйаг къухдариуæгæй дарддæр), уыцы æхсæнадон, литературон-зонадон журнал саразыныл мах аф- тæ зæрдиагæй цæмæн архайдтам (сымах та цæмæн уыдыстут йæ ныхмæ)?»1. «Мах» æмæ «сымах», зæгъгæ, Сæрмæт цæхгæр кæь хицæн кæны кæрæдзийæ, уый дæр дзуры хъуыд- даджы бæрæгыл. Цæй мидæг уыд, æцæгæйдæр, хабар? Цæвиттон, РАПП-ы ортодоксалон зондамонджы- тæм хъусгæйæ, пролетаронтыл, революци æрхæссæг æмæ фæуæлахизуæвæг классы минæвæрттыл æр- мæстдæр йæхи æмæ йе ’мзиууонты нымайгæйæ, гъай-гъайдæр, Сæрмæт нæ быхста хисдæр фысджы- 1 ХИЗИИ-йы архив, Сæрмæты фонд, № 3, 1-аг сфыст, 140— 141 фарс. Ам æмæ дарддæр дæр фыстæгæй цы цитатата хаст цæуы, уыдон сты уацы авторы тæлмац. 36
ты. РАПП-он схъаёлдзинад æвдисгæйæ, Сæрмæт фиппайы йæ фыстæджы: «Махæн ис стыр план, мах стæм кусджытæ. Коминтерн — сæйраг индзылер. Гъе, уый дын, ныртæккæ литературон æмæ цавæр- фæнды æндæр аренæмæ дæр рахизынмæ йæхи чи цæттæ кæны, уыдон альфа æмæ омега... Уыдон сты кондадонтæ, уыдон сты коллектив аразæг кусджы- тæ», зæгъгæ. Хисдæртæ та йын уыдысты: «Æрвон уæлтæмæны адæймæгтæ»... уыдонæн поэзи у хи- сæрмагонд, индивидуалон мондæгтæ исыны суадон, поэзи — флер». Цомахъæн йæхимæ дæр феххæлд: «Ды дæр æнæтæригъæдтæ куы нæ дæ? И? Ды дæр уыцы иннæ «æнусон литературон апостолтæй» куы дæ», зæгъгæ. Афтæмæй «Зиу»-ы организацийы сæрбос æппæ- ты райдианæй слæууыд оппозицийыл хисдæр фæл- тæры фысджытимæ. Уый та сайдта æргом æнахъо- ла быцæумæ, фæлæ йæм диссаг нæ каст, уымæн æмæ, дам, ам, Мæскуыйы дæр, афтæ у, æрмæст стырдæр масштабты, цæуы æнæаскъуыйгæ хæст бирæ литературон фронтты. Цомахъ, кæй зæгъын æй хъæуы, царды фæлтæрд лæг, развæлгъау зыдта, æвзонг фысджытæ хисдæр- тæй хицæнгондæй кусынмæ кæй хъавынц, ноджы сæ зæрды хылы’, быцæуы азар хæсгæйæ, уый хорз- мæ не ’ркæндзæн хъуыддагæн йæ кæрон. Фысджы- ты ’хсæн рауайдзæн хæццæдзинад æмæ уымæ гæс- гæ уыд фæсивæды хицæн къорд аразыны ныхмæ. Фæлæ зиууæттæ сæ фæндонæй нæ чъил кодтой: «Æз ме ’ппæт тыхтæ дæр ратдзынæн уыдон сорга- низаци кæнынмæ. Æниу сæ æз организаци кæнон æви нæ, уæддæр уыдон сæхæдæг сорганизаци уы- дзысты, уымæн æмæ уыдон сæхæдæг алкæмæйтых- джындæр тыхсынц сæ закъонон уæвынады тых- хæй»,—фыста Сæрмæт. Мах æууæндæм, Сæрмæты тырнындзинæдтæ 37
сыгъдæг зæрдæйæ кæй цыдысты, фæсвæдмæ хъуы- ды, дæлгоммæ ми сæ кæй нæ уыд, ууыл. Фæсивæды «æрæмбырд кæныныл дæр уымæн архайдта, цæмæй сæ хъару уыдаид фылдæр ног цардарæзтады. Уый адыл «ЗИУ»-ы разныхасы фыста: «ЗИУ»-ы куыст- мæ чи æрæмбырд, уыдон сæхицæн стырдæр хæсыл нымайынц, фæллойгæнæг адæмæн сæ нывгæндæй, сæ дзырдæй æххуыс фæуын æмæ ныронг тарф фы- нæй чи уыди, уыцы арæхстджын адæмы æрыхъал кæнын, уыдон æрæмбырд кæнын. Дуне кæй никуы- ма федта, уыцы революцион хæсты зарæг ныккæ- нын... Дуне кæй никуыма федта, ахæм социалис- тон куыст нæ бæсты æмæ нæ заманы сбæлвырд кæнын... Дуне æнхъæл кæй никуыма уыд, уыцы коммунистон цардуаджы талатæ нæ алфæмблай фенын æмæ уыдон сырæзынæн феххуыс кæнын — уыдæттæ сты «ЗИУ» æмæ зиууæтты кæнинæгтæ»1. Куыд уынæм, афтæмæй зиууæттæ сæ куысты сæ- рæн æвæрдтой иттæг хорз нысæнттæ. Фæлæ уыцы’ раппæлинаг декларациимæ иумæ разныхасы фæбæрæг сты, хисдæр фæлтæры фыс- джытæм ахасты РАПП-ы къухдариуæггæнджытæй Сæрмæт цы рæдыд хъуыдытæ рахаста, бирæбæр- цæй механиконæй, æнæбындурæй, уыдон дæр; зæгъ- гæ; «Ирон "фыссæгæн кæй зыдтам ныронг, уыдонæй иу дæр бæлвырдæй не ’рлæууыд революцион лите- ратурæйы фæндагыл. Къостайы æнæхъару фæзмы- надæй дарддæр никæдæм ацыдысты сæ фысты. Ни- кæмæ фæсидтысты, никæй æрбакодтой литерату- рæйы гæнæхтæм. Ног цардаразæг адæмимæ æнæ- бастæй, иугæйттæй баззадысты»2.. Афтæмæй Сæрмæт раздæр хицæн фыстæджы 1 «ЗИУ», 1925, 3—4 ф. 2 «ЗИУ», 1925, 4 ф. 38
хуызы цы рæдыд тенденцийы сæрыл хæцыд, уый ныр альманахы фæрстыл æргомæй рахаста адæмы размæ. Цомахъы æмрæнхъ (Цомахъ фæсаууонмæ бы- цæуы) альманахы рацыди хæрзуæлвæд Бекъойты Гиуæрги уайтагъддæр фæхатыд ацы рæдыд цæстæн- гас æмæ цæхгæр сдзырдта йæ ныхмæ: «Цы нысан кæнынц æмбырдгонды къухдариуæг- гæнæджы æцы ныхæстæ? Уый, æмæ иуварс аппарын хъæуы, цыдæриддæр нæм литературон хæзнатæй ис, уыдон, «ЗИУ»-æч фæстæмæ, Ахæм хъуыдытæ канд цæхгæр æвзæрыл баны- маинаг не сты, фæлæ ма карзæй растын хъæуы сæ ныхмæ дæр: уыдонæн нæй бындур, сты зианхæссæг. Мах æндæр хъуыдыйыл лæуд стæм нæ литерату- рæйы тыххæй. Мах фидарæй зæгъæм уый, æмæ нæ литературæ йæ равзæрдæй фæстæмæ у æмткæй ре- волюцион»1. Сæрмæт хисдæр фысджытæм цы ахаст равды- ста Цомахъмæ фыстæджы, стæй «ЗИУ»-ы разныха сы дæр, уый йæхи нæ басусæг кодта альманахы фыццаг номыры Цомахъы «Царды уылæнты» тых-. хæй йæ рецензийы дæр. Развæлгъау йæ зонды цæт- тæйæ ны рæдыд хъуыды уыд, уый йæ, поэты уац- мыстæн аргъ кæнгæйæ, æркодта æнæраст хатдзæг- мæ: «Адæмы тохмæ, адæмы революцион хъазуаты хæстмæ, фæллойгæнæг адæмы ног цардаразынмæ куырмæй, къуырмайæ æмæ æгомыгæй базздд за- рæг æмæ фыссæг Цомахъ. «Царды уылæнты» ног ирон чиныгкæсæг æмæ фæзмæг ног фыссæг райси- наг зонд не ’ссардзысты»2. Афтæмæй йæ цард-цæ- рæнбонты æфхæрд адæмы сæрибардзинады сæрыл тохгæнæг, ахæсты æмæ Сыбыры каторгæйы йæ хуыз- 1 ЦИЗИИ-йы уацхъуыдты чиныг, 1926, т. II, 637 ф. 2 «ЗИУ», 1825, 114 ф. 3$
дæр бонтæ арвитæг, Гæдиаты Цомахъ, Сæрмæтмæ гæсгæ ницы бамбæрста, йæ алыварс цы уыд, уымæн. Хисдæртимæ оппозицийыл лæууыны тенденци бæрæг’у æмткæй альманахы æрмæгæй. «ЗИУ»-ы фыццаг чиныджы оригиналон уацмысæй — æмдзæв- гæ, радзырд, уацæй цы уыди, уыдон се ’ппæт дæр уыдысты æвзонг авторты фыст — Хъуыла- ты Созырыхъо, Дзесты Куыдзæг, Болайы фырт, Биазырты Зауырбег, Дзассохты Уасо, Дзанайты Сергей, Дзаттиаты Алыксандр, Кокиты Гиуæрги æмæ Къосыраты Сæрмæты. Æппæт уыдонæй йæ за- маны литературон фактыл банымайæн уыд æмæ абон дæр аивадои цымыдиедзинад æвзæрын кæ- нынц бæрцæй цалдæр уацмысы, уыцьг нымæцы: Дзаттиаты Алыксандр æмæ Дзассохты Уасойы ра- дзырдтæ «Хæсты заман» æмæ «Натæ», стæй Сæр- мæты радзырд «Бонизæрмæ». Уырыссаг æвзагæй цы тæлмæцтæ ныммыхуыр кодта, уыдон. æхсæн йæ сыгъдæг ирон аив æвзагæй хицæн кæны Доро- шевичы «Балад-адат» Æмбалты Цоцкойы тæлм’а- цæй. Уæлдай лæмæгъдæр рауад йæ поэтикон про- дукции, уый не схызт æрвылбонон хабæрттыл при- митивон æмдзæвгæфыссынадæй уæлдæр. Уыдонуы- дысты ’æвзонг, райдайгæ фысджыты фыццаг фæл- варæнтæ сæ зын æмæ вазыгджын фæндагыл. 1925 азы зиууæттæ каст фесты Мæскуыйы уæлдæр скъолатæ æмæ уыцы аз пролетарон ’фыс- джыты организаци йæ редакци «ЗИУ»-имæ йæ куыст рахаста Ирыстонмæ. Уым пролетарон фысджытæ дыууæ къордæй æрбындт кодтой Дзæуджыхъæу æмæ Чъыребайы. Ам бафиппайын хъæуы уый, æмæ, Мæскуыйæ рацæугæйæ, æмæ фæйнæ къордæй Ирыстоны, Хус- сар æмæ Цæгаты, æрæнцайгæйæ, ирон проле- тарон фысджыты ассоциаци (ИПФА) «ЗИУ» фак- тон æгъдауæй адих æмæ уæдæй фæстæмæ йæ 40
хæйттæ организацион æгьдауæй, кæд бынтон ип* пæрдæй нæ, уæддæр афтæ зæгъæн ис, æмæ уæвы- над кодтой хæдбарæй, кæрæдзиимæ æнæбастæй* Уыдис Хуссар Ирыстоны пролетфысджыты ассо- циаци (ХИПФА) æмæ уыдис Цæгат Ирыстоны пролетфысджыты )ассоциаци (ЦИПФА). Уыимæ ма банысан хъæуы уый дæр, æмæ альманах «ЗИУ> йæхигъæдæй сси локалон орган Цæгат Ирыстоны фысджытæн, æмæ йæ дыккаг чиныг куы рацыд, уæд дзы Хуссары пролетарон æмæ иннæ фысджы- тæй дæр хайад ничи райста. Фæлæ мах хъуыды кæнæм афтæ, æмæ уый рауад исты бæрæг прин- ципы бындурыл миййаг нæ, уымæн дзы бынат нæ- дæр уыд. «ЗИУ»-ы организаци Ирыстонмæ куы ’рцыд,. уæд йæ куысты сæйраг нысан скодта йæ алфæм- блай литературон фæсивæд сæмбырд кæнын, йæ рæнхъытæ фæфылдæр кæныц колхозтæ æмæза- водты кусджытæй. Уый тыххæй арæх мыхуыр кодтой газеттæ: «Ирыстоны пролетарон фысджы- ты ассоциацийы къордмæ цæуæн ис алы кусæгæн дæр, фыссæг уæвгæй...» «Кæй фæнды зиууæтты рæнхъмæ ног фысджытæй, уыдонæн ис уæрæх фæндаг «ЗИУ»-мæ, бадæттæнт куырдиат ассоциа- цийы бюромæ»1 æмæ афтæ дарддæр. Пролетарон фыоджщты ассоциаци/гæ алыран дæр куыд кодтой, афтæ Ирыстоны дæр, куыстуæт- тæ æмæ уагдæтты, скъолаты арæзтой литерату- рон къордтæ, цыран цæттæ кодтой пролетарок фыс- джыты. 1926 азы сентябры 13-æм боны ХИПФА-йы бю^ ро — Хъуылаты Созырыхъо, Тыбылты Алыксандрг Дзассохты Уасо æмæ Чилæхсаты Г. газет «Хур- зæрин»-ы фæрцы фехъусын кодтой, зæгъгæ, сы- 1 «Рæстдзинад», 1926, 1Й[Ш$нь. 41
рæзт Хуссар Ирыстоны пролетарон фысджыты ао* социаци, уымæ гæсгæ «Мачи бахæлæг кæнæд йæ куыст! Сидæм Хуссар Ирыстоны пролетарон фыо- джытæм се -’ппæтмæ, куыд æртыгуыр уой нæ къор- ды алыварс, куыд зæгъой сæ барджын ныхас». Кæд ХИПФА йæхи тыххæй фехъусын кодта 26-æм азы, уæддæр официалон æгъдауæй фидаргонд æр- цыд æрмæстдæр 1929 азы июлы 21-æм боны Хуссар Ирыртоны ’Дар.ткомы [Президиумы уынафф’æйы бындурыл1. Цæгаты та ноджы фæстæдæр — 1931 азы октябры. ХИПФА-йы ассоциацийы бюро ма уым фехъуг сын .кодта, зæгъгæ, «амалтæм гæсгæ, рæхджы уа- дзинаг стæм литературон журнал». Уыцы журнал уыд, абон мах не ’ппæт дæр кæй зонæм, уый — «Фидиуæг» æмæ рацыд, уыцы хъусинаг куы ным- мыхуыр, уымæй æртæ мæйы фæстæдæр— 1927 азы январы. Æвæццæгæн, уымæ гæсгæ нал.бахъуыд ХИПФА-йы уæнгты альманах «ЗИУ»-ы дæр сæ уац- мысты мыхуыр кæньгны сæр. «ЗИУ», Ирыстонмæ æрцæугæйæ, уым æрæййæф- та хисдæр фысджыты, йе ’хсæнадон æмæ сфæлдыс- тадон куыст революцийы агъоммæ чи райдыдта, æмæ ног культурон арæзтады активон архайæг чи сси, уыдон: Гæдиаты Цомахъ, Къубалты Алык- сандр, Коцойты Арсен, Барахъты Гино, Нигер, Малиты Гиуæрги, Гулуты Андыри, Багъæраты Со- зыр, Тыбылты Алыксандр, Бекъойты Гиуæрги, Æлборты Барысби, Беджызаты Чермен æмæ æн- дæрты. Зæгъæн ис афтæ, æмæ пролетлитераратурæ- йы змæлды артдзæсты, алыгъуызон къордтæ кæ- рæдзийы ныхмæ быцæуыл лæуд кæм уыдысты, 1 Хуссар Ирыстоны адæмон хæдзарад сæндидзын кæнын æмæ рæзт, 1960, I т., 450 ф. 42
Мæскуыйы уыцы литературон атмосферæйы фæс- тæ зиууæттыл Ирыстон сæмбæлд бирæ бæрцæй сабыр æмæ иударон хуызы. Зиууæттæ се ’рцыдæй Ирыстоны литературон цардмæ бахастой бæрæг диссонанс. Уый фæбæлвырд Ирыстоны ивгъуыди- мæ баст хъуыддæгтæ æмæ адæймæгтæм зулмæ кæ- сынæй, æнæууæнчытæ сыл кæнынæй. Фæлæ кæс- дæрты знæтдзинад, схъæлдзинады ныхмæ хисдæр фысджытæ, традициты удæгас хæсджыты хуызы, æрæвæрдтой фæлтæрд хъуыды, уæзбын ахаст æмæ сын уый нæ лæвæрдта иудадзыг сæрбихъуырæйт- Ис кæныны фадат. Æнæуый дæр уæд нырма «ЗИУ»-ы тыхтæ уыдысты хæрз чысыл, бæрцæй цалдæр лæ- джы. Афтæмæй-25—27-æм азтæн рахонæн ис ирон пролетфысджыты ассоциацийы рæзыны æмæ хис- дæр кары фысджытимæ æмдзæрины азтæ. Æмдзæ- рины, фæлæ фидыды нæ. Уый уыд банысан- гонд рæстæджы ирон пролетлитературæйы змæл- ды хæдхуыздзинад, РАПП-имæ абаргæйæ. Уыцы æмдзæриндзинадæн ма Ирыстокы феххуыс сты ВАПП-ы 1926 азы пленумы уынаффæтæ дæр. Уым делегатæй уыд ирон пролетфысджыты лидер Къо- сыраты Сæрмæт. Уый фæстæмæ куы ’рыздæхт, уæд Дзæуджыхъæуы æмæ Ирыстоны пролетфысджы- ты ассоциацийы æмбырды раныхас кодта пленумы куысты тыххæй. Бафиппайдта, зæгъгæ, ныры лите- ратурон змæлды ис бирæ къордтæ æмæ органи- зацитæ. Уыдон ставд нымадæй сты æртæ дихы: иутæ сæ фыстытæй сты буржуазийы фарс, иннæ- тæ — пролетаронты фарс, дыууæты ’хсæн сты æм- вæндагонтæ. Партийы пленумы уынаффæмæ гæс- гæ уыдон хъуамæ нæхимæ æрбаввахс кæнæм, зæ- гъгæ; «Уый тыххæй аразын хъæуы æппæт Цæдисы фысджыты организациты федераци æмæ уый ми- / 43
дæг тох кæнын хъæуы буржуазон зондыл арæз- тимæ»1. Ацы хъуыды фæахъаз пролетаронты ’здыгæй Ирыстоны хисдæр \фыеджыты быхсындзинадæн. Æгæрстæмæй, пролетфысджыты ассоциацийы ра- замындгæнæг советтæм æмæ секцитæм дæр æрцы- дысты конд фæлтæрдджын фысджытæ, ахæмтæг куыд Гæдиаты Цомахъ, Тыбылты Алыксандр, Къу-. балты Алыксандр, Барахъты Гино, Гулуты Андыри æмæ æндæртæ. Уыдон лæвæрдтой литературон кон- сультацитæ ног пролетарон фысджытæн æмæ ахæм хуызы уыдысты сæ бæрæг æндæвдады бын. Уый, ома, кæсдæрты æмæ хисдæрты æмдзæрин, æмкуыст уыд иууыл реалондæр æмæ уымæ гæсгæ, позитивон мадзал литературæйы фронты. Уый ’руа- джы фидар кодта литературæйы иуæй иннæмæ хиз- гæ традицй, фæлтæртæ баст цыдысты диалектикон æгъдауæй кæрæдзийыл. Ууыл архайдтой æмæ уы- мæ сидтысты сæрысуангæй нæ парти æмæ нæ раз- загон фысджытæ дæр, уæлдæр куыд федтам, афтæ- мæй. Уыцы хъуыды уыд сæйраг фарст лыггæнæг, «ЗИУ»-ы дыккаг æмæ фæстаг чиныг аразгæйæ дæр. Рацыд Дзæуджыхъæуы 1927 азы. Уым Сæрмæт — йæ редактор — хицæнæй пролетфысджыты æмбырд- гонд уадзæг нал у, фыццаг чиныджы куыд уыд, аф- тæ, фæлæ, йæ разныхасы цæйау загъта, зæгъгæ, дам, «Æмбырд æмæ арвистон кæнæм зæронд æмæ ног литературон хæзнатæ. Фæлæ уыцы арвистонæй нæ тæрсæм. Ног царды фæндагыл чи’ ныллæууыд, уы- цы пролетариаты ныфс, тых æмæ фæрæзтæ æнæкæ- рон стыр сты. Ивгъуыд заманты литературон хæз- 1 «Рæстдзинад», 1926, 23 декабрь. 44
натæ ралуардзыстæм, абон æмæ райсом заманты ног, социалистон цард аразыны хъуыддаджы куыд сбæззой, афтæ»1. Уый уыд куырыхон зонд æмæ оптим,истон зæр- дæйы кыхас æмæ канд ныхас нæ, фæлæ хъуыддаг. Уый та зыны сæйраджыдæр чиныджы æрмæгæй. Уым ныммыхуыр сты ирон литературæйы ахæм зынгæ ^уацмыстæ, куыд Брытъиаты Елбыздыхъо- йы «Амран» æмæ Хетæгкаты Къостайы æнæфæуд поэмæ «Хетæг», Цомахъы, Нигеры, Коцойты Арсе- ны, Æрнигон Иласы, Багъæраты Созыры, Барахъ- ты Гинойы, Малиты Гиуæргийы, Гулуты Андырийы æмæ æндæрты æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ, Цо- махъы уæрæх критикон-библиографион афæлгæст Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстадыл. Зæгъæм æй ноджыдæр: кæд æмæ альманах «ЗИУ»-ы дыууæ чиныгæн дæр редактор уыд Къо- сыраты Сæрмæт, уæддæр уыцы дыууæ чиныджы бæрæг хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Фыццаджы æв- зонг пролетарон фысджытæ рауагътой хисдæр фысджытамæ аппозицийыл лæугæйæ æмæ уыцы оппозици бæлвырд кæнгæйæ, дыккаджы та — хис- дæртимæ цæдис кæнгæйæ. Уый иудадзыг Сæрмæты идейон эволюцийы фæрцы уыдаид, зæгъгæ, уый зæ- гъæн нæй. Уыцы эволюци Сæрмæтæн уæд афтæ тыхджын нæ уыд, æмæ къæссавæлдæхт фæуыда- ид. Уымæй фæстæмæдæр заманты дæр ма канд хи- цæн не сси йæ РАППон цæстæнгæстæй, фæлæ сæ сæрыл дзырдта карзæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ альманахы дык- каг чиныджы хисдæр фысджытæн сæ уацмыстæ куыд парахатæй мыхуыр æрцыдысты, уый бæрц ыл сæ бар дæр цыд æмæ разныхасы дæр ахæм хъуыдытæ загъд уымæн æрцыд. Сæрмæт фæстæдæр 1 «ЗИУ», 1927, 3 ф. 45
афтæ куы^ фыста, зæгъгæ: «...грекаг рагон æмби- сонды тройаг бæх йæхимæ æрбауагъта ирон про- летарон фысджыты ассоциаци æмæ ссæст æрцыд»1, уæд уыцы ныссæндджытыл нымадта зæронд фыс- джыты. Раст æм нал фæкаст, йæ разныхасы зæ- ронд æмæ ног хæзнатæ иу кæй кодта, уыцы хъуыд- даг дæр. Иугæр «ЗИУ»-ы редакци æмæ ассоциаци дæр сыгъдæг пролетаронты ’вджид нал уыд, æмвæнда- гонтæ—æнæуый та лыстæг буржуазонтыл кæй ны- мадтой, уыцы фысджытæ сæм æрбаирвæзтысты, уæд пролетарон фысджыты ассоциацийы уæнгтæй чидæр- тæ фæдисы хъæр байдыдта, зæгъгæ, амард «ЗИУ»2, «ЗИУ»-ы организаци йæ райдианы хæстæ кæй нæ бафæрæзтæ сæххæст кæнын, уымæ гæсгæ кæнæ хъуамæ иттæг лыстæгæй луæрст æрцуа, кæнæ та бынтон æхгæд æмæ йæ бæсты ног организаци арæзт æрцæуа. Уыцы ног организацион куысты сæй- рагæн хъуамæ райсæм нæ заводты, фабрикты, хæз- накъахæнты, колхозты кусджыты, уыдонæй къордтæ бакæна æмæ сæ сараза пролетлитературæйы фæн- дагыл»3. — Фыста Сæрмæт, «ЗЙУ»-æй тæргай куы фæлыгъд, уæд. «Иæ райдианы хæстæ сæххæст кæнын нæ бафæ- рæзта», уый æмбарын хъæуы афтæ, ома, хицæн къорд не скодтой æмæ уыцы къорд зæронд фыс- джыты ныхмæ карз тохы нæ бацыд. Цæмæй уыцы нысан ныр сæ къухы бафта, уый тыххæй хъуыд фыццаджыдæр уыцы фысджыты политикон æгъда- уæй дæуццаг фæкæнн, идейон рæдыдтытæй сæ азы- мы бадарын æмæ, дыккаджы та, сæ рæнхъытæ цы- фæндыйæ дæр сбирæ æмæ сфидар кæнын. Гъе, æмæ- райдыдтой «лыстæг луарын». 1 «Рæстдзинад», 1930, 18 июнь. 2 «Рæстдзинад», 1931, 30 август. 3 «Рæстдзинад», 1930, 18 июнь. 46
Уыйадыл боны фæткмæ раразмæгонд æрцыд, авд-аст азы размæ ирон литературон къорд цы альманах рауагъта «Малусæг», зæгъгæ, уый, æмæ иæ иудадзыг дæр банымадтой буржуазон интелли- генцийы органыл. Бафæрсæн ис, цæмæн бахъуыд зиууæтты ном- хуындæй «Малусæг»-мæ здæхын æмæ ууыл фаутæ æвæрын? Уымæн æмæ сын уый хорз фадат лæвæ- рдта уый фæстæ «ЗИУ»-ы дыккаг чиныгмæ рахи- зынæн æмæ йæ лыстæг буржуазон идеологийæ азы- мы бадарынæн. Цæвиттон, «Малусæджы» автортæй бирæты уацмыстæ мыхуыр æрцыдысты «ЗИУ»-ы дыккаг чиныджы дæр. «Афтæмæй «ЗИУ» проле- таронты организацион хаххæй ахызт æмæ ссис... революцион фысджыты орган (революцион дæр сын уыд фæуддзаг, — Æ. X.), бæлвырдæй та æм- бæлццæтты, националон интеллигенцийы орган»1, зæгъгæ. Алы ’взагæй райдыдтой кæривд кæнын: «Махæн нæ фысджыты ’хсæн ис бирæ хицæндзинæдтæ, ис нæм идеалисттæ æмæ пролетарон фысджытæ, ис нæм æмдзугæиджытæ æмæ революцийы знæгтæ»2. Æцæгæй та се ’ппæт дæр уыдысты иу туг, иу стæг, фæллойгæнæг лæджы фырттæ, æрмæст — чи фæл- тæрддæр, чи — æвæлтæрддæр, чи — курдиатджын- дæр, чи — æнæкурдиатдæр, чи — хисдæр, чи — кæс- дæр. Рæстæвзарæг тæрхонгæнæджы роль æххæст кодтой ИПФА-йы æвзонг автортæ, тæрхонгонд фысджытæ та уыдысты, æмвæндагонтæ, лыстæг буржуазонт,æ кæй} хуыдтой, уыдон — Ирыстовы зынгæдæр фысджытæ: «К/ьубалты Алыксандр, Бры- тъиаты Елбыздыхъо, Гæдиаты Цомагъ, Хетæгкаты 1 «Фидиуæг», 1930, № Ц, 12. 2 «Рæстдзинад», 1930, 15 август. ’ 3 «Размæ», 1929, 1 май, уац. «Фыццæгæм май æмæ ирон оеволюцион фысджытæ»-йæ ист. 47
Дауыт, Барахъты Гино, Гулуты Андыри, Коцойты Арсен, Нигер, Баизер, Малиты Гиуæрги æмæ æн- дæртæ... кæд фæллойгæнæг адæмæй рацæугæ сты, кæд-иу сæ фыстытæ дæр хаттæй-хатт революцион уыдысты æмæ мæгуь}р адæмы кой кодтой, уæддæр дзы къорды фыстытæ фæхъæстæ сты буржуазон литературæйы тæвагæй æмæ иууыл хæстæг нæ ба- цыдысты пролетарон революцимæ» , зæгъгæ. Фæцис æмдзæрины, фидыды рæстæг, райдыдта хылы, быцæуы заман. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы рæстæгмæ — 20 азты кæронмæ ирон æвзонг пролетарон литерату- рæйы къухы бафтыд бæрæг æнтыстытæ, фæфидар- дæр сты сæ позицитæ, рахъомыл ног литературон фæсивæд. Кæд нырма фæлвых, хус, декларативон уыд сæ фысты миниуæг, уæддæр хъуысын райдыд- та сæ хъæлæс Хуытъинаты Цыппу, Мамсыраты Дæбе, Бесаты Тазе, Боциты Барон, Хъайтыхъаты Геор, Хъороты Хъазбег, Плиты Харитъон, Дзанай- ты Сергей,,Плиты Грис, Ардасенты Хадзыбатыр æмæ æндæртæн. Литературон фæзынд уыдысты уы- цы заман Хъамбердиаты Мысост, Фæрнион, Хъуы- латы Созырыхъо æмæ Дзесты Куыдзæджы ра- дзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ. Уыдон иууыл иумæ стыр ныфс уыдысты Ирыстоны пролетлитературæ-- йы дарддæры рæзтæн. Хъазуатонтæ — литературæмæ, РАПП-ы ацы лозунгæн дзуапп дæтгæйæ, ИПФА ноджы æнувыд- дæрæй байдыдта хъазуатонты литературæмæ хо- нын, цæмæй, малусæгад кæй хуыдтой æмæ ма «ЗИУ»-ы дыккаг чиныг рауадзджыты æмæ авторты дæр кæмæн бамбал кодтой, уыдон ныхмæ сæ тох уыдаид тынгдæр ахадгæ. Уый уыд пролетаронты ’рдыгæй литературæйы гегемони административон æгъдауæй къухмæ рай- сынмæ тырнынад. Литературæмæ ивылын байдыд- 48
той, сфæлдыстадон куыстимæ .иумæйагæй кæмæн ницы уыд, уыцы фæсивæд. «Иу хæдзар нал баззад, алкæм «поэт»1, зæгъгæ, сарказмы хуызы фыста уы- цы рæстæджы Фæрнион. Цы фыстой æмаа куыд фыстой, уый сæм нымады дæр нæ уыд, уый хыгъд сын стыр цины хос уыд, сæ рæнхъытæ къæвдабоны зокъотау бæр кæй кодтой, уый. Ирон -пролетарон фысджыты ассоциаци «ЗИУ» нал баввæрсыд, йæ позицитæ чи радта, уыцы жур- налыл, рахуыдта йæ малусæгонты орган æмæ йын йæ ном дæр аппæрста йæхицæй. 29-æм азæй ирон пролетарон фысджыты ассо- циацийы къордон тох фæлтæр кæнын байдыдта æмæ кæрæдзи мидæг дæр нал фидыдтой. Алы лыс- тæг хъуыддæгтыл хиутæ-быцæутæ сæ уыйонг æр- кодтой, æмæ ма Ирыстоны пролетарон фыссæг ис- чи ис, ууыл дæр нал æууæндыдысты. Афтæ бирæ рæстæг ахастаид, уый гæнæн нæ уыд, цард размæ цыд æмæ домдта бирæ фарстытæн конкретон æмæ æмбæлон дзуапп раттын. Рæстæг домдта литера- турон бынтæм æркæсын æмæ сын аргъ скæнын. Хъаугъа сайдтой организацион фарстытæ дæр, дарддæр цавæр фæтк хъуамæ уа сæ куыстæн: чи дзырдта — æмвæндагонтæй, пролетарон фыссæгæй хъуамæ уой иу организацийы, чи дзырдта проле- тарон фысджыты ассоциаци нæ хъæуы, уый бæсты хуыздæр у иугонд федераци революцион фысджы- тæн, чи та домдта гутондар фысджыты организаци. Уымæй дарддæр Ирыстоны дыууæ пролетарон фыс- джыты ассоциацийæн дæр — Хуссар æмæ Цæгатæн кæрæдзиимæ æппындæр ницыуал бастдзинад уыд. Æппæт адон уыдысты æнæаргъæвгæ аскъуыддзаг кæнинаг фарстытæ æмæ сæ уынаффæмæ æрæвæ- 1 «Хурзæрин», 1930, 4 август, æмдз. «Фыццаг ныдздзæхст кæмæндæрты». 4. Æлборты X. . 49
рын æмгъуыдгонд æрцыд Ирыстоны пролетарон фысджыты фыццаг съездмæ— 1930 азы 10—16 ок- тябрмæ. Ирон пролетарон фысджыты ассоциаци «ЗИУ» æппæтæй дæр уыд йæ заманы фæдон, къахæй-къух- мæ ног цардарæзты сæрыл цæттæ цавæрфæнды тохмæ дæр, фæлæ йæ архайд, йæ тохы методты 6и- рæ уыд тæвдтуг сæртæгдзинад. Социалистон куль- турон арæзтады аивад æмæ литературæйы фæдыл Ленины фæдзæхстытæ æмæ партийы уынаффæтæй дæр бирæ цыдæртæ æмбæрста наивонæй, ноджы сæ иста йæхи фæлтæрддзинад æмæ æмбарындзи- надмæ гæсгæ нæ, сæ фыццаджы сыгъдæг суадæт- тæй нæ, фæлæ РАПП-ы разамонджыты къухæй. Фæлæ цавæрфæнды фарстытæ иртасгæйæ дæр мах хъуыддагæн аргъ кæнæм йæ заманы барæнтæй. Уым та «ЗИУ» æмæ æмткæй пролетЛитературон змæлдмæ уыд, быцæуаг чи нæу, ахæм хорздзинæд- тæ. Уыдон уыдысты сомбоны хъомысджын социа- листон культурæйы хуымы фыццаг æвзартæ, фыц- цаг фидиуджытæ. Сæ тох, сæ архайд, кæд дзы здыхт митæ уыд, уæддæр арæзт уыдысты ног со- циалистон царды фæуæлахизмæ. Стыр ахъаз фес- ты æмткæй культурон змæлды сытынгæн, фæсивæ- ды ног цардарæзтадмæ æрбангом кæнынæн. Зиу- уæттæй бирæтæ фæстæдæр систы зынгæ фысджы- тæ, ирон литературæйы уæз йæ уæхсчытыл кад æмæ радæй чи рахаста. .50
АДÆИМАДЖЫ МИДДУИЕ ÆВДИСЫН — НЫВГÆНÆДЖЫ НЫСАН (1975 азы прозæйыл афæлгæст) Иу аз мыхуыр æрцæуæг æрмæгæй æмткæй ли^ тературон азæн аргъ кæнын зын хъуыддаг у, уæл- дайдæр дзырд мах уавæрты куы цæуа, уæд. Уымæн ис йæхи аххосæгтæ: нæ периодикæйæн йæ бон нæу гуырахстджын уацмыстæ сæрæй кæронмæ мыхуыр кæнын, скъуыддзæгтæм гæсгæ та æнæхъæн уацмы- сæн аргъгæнæн нæй, уымæй дæр сюжетон куы уа? уæд. Ахæм скъуыддзæгтæ та нæ журнал æмæ га- зеты дæр арæх сты, — кæнæ баззайынц скъуыд- дзæгтæй, кæнæ та хизынц азæй-азмæ. Уæдæ, ра- уагъдад «Ирыстон»-æн дæр йæ бон нæу ацы хъуыд- даг æххæстæй кæнын. Хатт рауайы афтæ дæр, æмæ- дзæбæх уацмыс фыст æрцыд, фæлæ æртæ-цыппар азмæ рухс нæ фены, уымæн æмæ рауагъдады дæр хъæуы рады лæууын цалдæргай азты. Афтæмæй нæ бон нæу, фыссæгæн дæр æмæ нæ литературæйæн дæр афоныл ахъазгæнæг ныхас зæгъьш. Уый та, ома афоныл ныхас, уæлдай ахсджиаг у литерату- рæйы нæ тагъдивæг рæстæджы. Прозæйы хуызы фыст уацмыстæй æппæты опера- тивондæр у радзырд. Уымæн абарæн ис поэзийы жанры æмдзæвгæимæ, æрмæст уыцы хъауджыдзи- надæй, æмæ поэттæ æмдзæвгæтæ арæхдæр æмæ фылдæр фыссынц, прозаиктæ та радзырдтæ — къад- дæр. Нæ прозаиктæ фылдæр бахъуыдысты гуырахст- джын уацмыстыл — уацаутæ, романтыл (цалдæр- гай чингуытæй), нæ периодикæ дæр уымæ гæсгæ арæхдæр мыхуыр кæны скъуыддзæгтæ. «Фидиуæг> аивгъуыйгæ аз фылдæр радзырдтæ кæй ныммыхуыр кодта, уым бузныг зæгъын хъæуы, хуыздæр радзырд ныффыссыны тыххæй конкурс кæй расидт, уымæн. 51
Фæлæ уæддæр стырдæр хъусдард здахын хъæуы ра- дзырдтæ фыссын æмæ мыхуыр кæныны хъуыддаг- мæ, уымæн æмæ радзырд у прозæйы куырдадз, аив дзырды дæсныйады куырдадз. Егъау прозаикон уацмыстæм фæндаг хъуамæ уаид радзырдыл, уым сфæлтæрын хъæуы, уым уал ссарын хъæуы аив фыссыны стиль. Махмæ та ацы закъонбæрцад арæх ферох кæнынц æмæ æвæлтæрд къухæй балæууынц егъау эпикон уацмыстæ фыссыныл. Афтæмæй тæс- саг у, цæрæнбонты романтæ фыссай, даргъ æмæ уæ- рæх сюжеттæ кæрæдзпйыл рабæтт-бабæтт кæнай, алы амæлттæй сæ мыхуыры дæр уадзай, фæлæ, бо- ныфæстагмæ, фыссæг ма суай. Номхуындæй гуырахстджын уацмыстыл дзырд дæлдæр цæудзæн, фæлæ мæ ам се ской уымæн ба- хъуыд, æмæ уыдон хицæн скъуыддзæгты хуызы ра- дзырдты бынат ахсынц нæ периодикæйы, афтæмæй та уыдон къаддæр куы уаиккой, чиныгкæсæг скъуыд- дзæгтæ зивæгæй кæй кæсы, уымæ гæсгæ, уæд, чи зоны, радзырдтæ фылдæр фыст æмæ мыхуыр цæ- уид. Иугæр радзырд прозæйы оперативон хуыз у, уæд уый хъуамæ сгара, æвдиса алы ног фæзынд дæр. Цалынмæ уыцы ног фæзынд æххæст барджын суа, уæдмæ йæ хъуамæ равдиса эскизы хуызы. Æз ам нæ исын радзырдæн йæ хихуызы биноныг бартæ, фæлæ зæгъын прозæйы жанры иннæ хуызты ’хсæн йæ къæрцхъусдзинадыл. Уыимæ иумæ ра- дзырд хъуамæ амад уа мидпсихологон коллизийыл, æнæуи уыдзæни хуымæтæджы информацихæссæг. Нæ прозаикты зынгæдæр минæвæрттæй иу — Дзесты Куыдзæджы номимæ ирон чиныгкæсæг иу æмæ дыууæ дæсазы, миййаг, нæу зонгæ. Ие ’рмдзæ- фы характерондæр миниуæг уый у, æмæ æмхиц нæу тыхаразгæ оригиналон фыстмæ. Нæ фысджытæй, æвæццæгæн, классикæйы аивадон-эстетикон прин- 52
циптыл дыккаг ахæм иузæрдион зынтæй разын- дзæн. Фарон ын «Фидиуæджы» фыццæгæм номыры цы радзырд ныммыхуыр, уый дæр у ацы хабарæн бæлвырд æвдисæн. «Фыццаг къахдзæфтæ», зæгъгæ, афтæ хуыйны радзырд. Абон ирон хъæу, нæ хæх- бæсты цард, йе ’ппæт цинтæ æмæ хъыгтимæ, къуых- цытæ æмæ ныфсытимæ у фыссæджы хъусдарды объект. Лугæнис нæ алкæмæн дæр у зындгонд хъæу, кæд ын йæ ном фыццаг хатт хъусæм, уæддæр. Зынд- гонд нын у йæ царды хабæрттæй, йæ адæмы хъуыд- дæгтæй. Фыццаг хатт нæ хъусæм, æвæццæгæн, уы- цы хабæрттæ æмæ хъуыддæгтæ нæ литературæйы дæр. Фæстæзад колхоз йæ хорз къухдариуæггæнæ- джы ’руаджы раразмæ, уымæн æмæ адæмы зæрдæ- мæ фæндаг ссардта, адæм ыл баууæндыдысты, фыццаг хатт нæ хъусæм ахæм хабар, ай-айдæр. Уæ- дæ ма нын нæ зæрдæ цæмæй æлхæны? Ам сæйра- джыдæр зæгъæн ис — фыссæджы ахастæй, цæуыл фыссы, уымæ, фыссæг куыд уацмысы сæйрагдæр архайæг, афтæ йæ уды хæрзиуджытæй. Уыдон та вынынц алы æмæ алы хъуыддæгты, афтæмæй сиу вæййынц нæ цæсты раз, нæ хъуыдыкæнынады æмæ сæ рæзы иу фæлгонц, уацмысы сæйраг архайæджы фæлгонц, уымæн та, уадз, æмæ йæ ном Хъæба дæр хуыйнæд, Хосдзауты Хъæба, зæгъгæ, Лугæнисы хъæу «Бæркады» сæрдар, уæддæр дзы мах фыс- сæгæн йæхи мондæгтæ исæм. Уацмысы- хъайтар у активон, хæдзардзин, нæй йæм йæхи сæры кой, зынаргъдæр ыы у иумæйаг хъуЫддаг. Ацы хæрзвæткон миниуджытæ кæддæ- риддæр уыдысты социалистон реализмы литерату- рæйы сæйрагдæр бæрæггæнæнтæ. Абон дæр уыдо- нæн сæ нысаниуæг къаддæр ницæмæй фæци, мий- йаг, уый нæ, фæлæ ма уæлдай ахсджиагдæр сты. Уыдонмæ гæсгæ мах аргъ кæнæм иу кæнæ иннæ ли- 53
тературон хъайтарæн, иу кæнæ иннæ литературон уацмысæн. 'Куыдзæджы курдиат йæхи æххæстæй æвдисы .æвæрццаг фæлгонц аразыны æмæ уый зæрдылдари- лаг хъуыддаг у. Æвæрццаг хъайтартæ махмæ фыл- дæр-фылдæр рауайынц джиппыуагъды хуызæн, рыг сыл нæ абаддзæн. Хъæба ахæмтæй нæу. Чиныг- кæсæг хаты, уый кæй архайы, цы адæмы ’хсæн цæ- ры æмæ кусы, уыдон раст фæндагыл бафтауыныл, сæ удты сын хъомыл кæны иумæйаг хъуыддагмæ уарзондзинад, рæстдзинадыл иузæрдиондзинад æмæ афтæмæй йæхæдæг дæр рæзы семæ, коллективы зондыл хъомыл кæны йæхæдæг дæр. Бонæй-бонмæ кæрæдзимæ кæнынц хæстæгдæр æмæ, æппынфæс- таг, свæййынц уыцы иу тых, иу хъуыддагыл тохгæ- нæг æхсар. Ирон литературæйы суадæттæ кæддæриддæр гуырдысты нæ сыгъдæг хъæууон æрдзы хъæбысы, уымæн æмæ нæ адæм сæ бирæ бæрцæй сты хъæууон адæм, æмæ нæ фысджытæ дæр схъомыл сты хъæу- уон царды æууæлтыл. Абоны онг хъæу махæн у, кæд нæ фысджыты фылдæр горæты цæры, уæддæр, иу- дадзыгдæр нæ зæрдæйы тæгтæй æнгом баст кæимæ стæм , ахæм хæрзвæткон æмæ этикон фактор. Хъæу æппынæдзухдæр ис немæ, цæры нæ психикæ- йы, хъалы уæм æви фыны. Æгæрыстæмæй кусæг классыл цы уацмыстæ фæфыссæм, цы кусджыты фæлгæнцтæ фæаразæм, уыдонмæ дæр ма лæмбы- нæг æркæсæм, кæддæра сæ нæ фениккам зноны хъæууонты. Горæт, заводтæ æмæ сæ æрмадзтæ зы- нынц æддаг декорациты хуызæн, нæма сын ис, куыд хъуамæ уаид, ахæм æнгом ахаст кусæг хъайтарты характертимæ. Гъе, уымæ гæсгæ фарон мыхуыры рацæугæ уацмысты бæрæг фылдæр хай дæр фыст æрцыд хъæуыл, уыдон сты алыгъуызæт- тæ куыд жанрон-тематикон æгъдауæй, афтæ сæ 54
фысты дæсныйадæй дæр. Дзесты Куыдзæджы ра- дзырды кой нæм уыд. Уымæй дарддæр «Фидиуæ- джы» алы номырты æмæ ма хицæн чингуыты дæр хъæууон темæйыл фыст радзырдтæ ныммыхуыр код- той: Букуылты Алыкси—«Малхазы ног чындз», Къæбысты Зауыр — «Хъулон кæсæгтæ», Фæрниаты Дзибуш— «Царды фæндæгтæ», Гугкаты Шамил — «Дæхæдæг зоныс», Гуыцмæзты Алеш — «Куы фæ- ниуынц куыйтæ», Коцты Юри — «Артдзæсты узæлд», Гаглойты Григол — «Агроном». Ардæм ма ахæсдзыстæм, иумæйаг философон хъуыдыздæхт кæмæн ис, стæй моралон-этикон темæтыл фыст æн- дæр радзырдтæ дæр, уыдон иуæй се ’ддаг бæрджы- тæй, иннæмæй та сæ мидархайдæй баст сты, науæд та хæстæг лæууынц хъæумæ. Ахæмтæ сты Мæргъи- ты Къостайы радзырдтæ «Æхсæркъутæр», «Æнæн- хъæлæджы мæлæт», «Силæм», «Кæрæф», Дзугаты Георгийы «Хъæбæрсæрст», Букуылты Алыксийы «Мæйдар æхсæв», Хъазиты Мелитоны «Царддард- дæргæнæг», Гуыцмæзты Алешы «Æнахуыр бындз», Цхуырбаты Уасджейы къорд радзырды æмæ басни- тæ, Хуыгаты Уасилы «Арв куыд нæры, афтæ нæ цæ- вы» æмæ æнд. Ацы радзырдтæй иутæ сæрæй кæронмæ амад сты быдырон куысты процессыл, иннæты хъæу зы- ны æндæр æмæ æндæр эмоцион-психологон хуызты. Букуылты Алыксцйы радзырд «Малхазы ног чындз», Гугкаты Шамилы радзырд «Дæхæдæг зо- ныс» æмæ Гаглойты Григолы «Агроном»-æн иумæ- йаг уый у, æмæ-сæ фæсивæд сты фæллойыл æнувыд. Ацæргæтæ сын сæ архайд, се ’гъдаумæ исдуг кæ- сынц скептикон цæстæй, фæлæ уыдон дæр фæстагмæ сразы вæййынц семæ æмæ сæ райгондæй базза- йынц. Ацы радзырдты архайд цæуы æнгæс фадæт- ты, æнгæс сюжетон формæты. Чи сæ дæсныдæр фыст у, зæгъгæ, ууыл куы цæуа дзырд, уæд æнæ- 55
мæнгдæр æмбулы Алыксийы радзырд йæ компози- цион æндыгъд æмæ хæрзконддзинадæй, стæй бæрæг цæрдхъомдæр ахорæнтæй æвдисы йæ хъайтарты. Хъæууон темæ рагæй дæр йæ зæрдæмæ хæстæг дары Фæрниаты Дзибуш. «Царды фæндæгтыл» («Фидиуæг» № 6) Герийы уыиæм, цыфæнды зын уавæрты дæр, адæмæн лæггадгæнæгæй. Уый у дох- гыр, æмæ зæрдæ æмæ удыхъæдæй бæрзонд дары ацы ном. Цафонфæнды йæм ма ’рбадзурæнт æххуысмæ, фæстæ нæ фæлæудзæн. Радзырдыл цасдæр бæрцæй зыны авторы хи фантазийы хъомыс: куыд рабæрæг, афтæмæй душеттаг фиййау Ладойы Гери мæлæтæй ирвæзын кæны ныр дыккаг хатт. Фыццаг хатт уый фронты уыд. Гери йæ йе ’ккой фæхаста хæсты быды- рæй, йæ цæфтæ йын бабаста, цæмæй та уал азы (фæстæ ногæй сæмбæлдаиккой мæйдар æхсæв хохы рындзыл. Дзибушы хъайтаримæ канд профессион хæстæг- дзинад нæ, фæлæ ма удыхъæды хæстæгдзинад дæр уынæм Коцты Юрийы радзырд «Артдзæсты узæлд»-ы хъайтар Сауимæ дæр. Юри фылдæр ар- хайы йæ хъайтары миддуне æвдисынмæ æмæ йын уыцы хъуыддаджы æнтысгæ дæр бакодта. Сауи йæ удыхъæдæй у хъæздыг, уымæн характерон сты канд дохтыры фæлмæн æмæ зæрдиаг миниуджытæ нæ, фæлæ ма растдæр поэтау у интимон, лирикон зæр- дæйы хицау. Уыцы æнкъарæнтæ йын у’æлдай тынг- дæр^раргом вæййынц, йæ райгуырæн хъæумæ куы ’рцæуы, уæд. Æппынфæстагмæ йæ йæ къах нал ахæссы уырдыгæй æмæ баззайы уым, йæ адæмы ’хсæн, уыдонæн сæ тыхсты дæр æмæ сæ цины дæр æххуысгæнæгæй. Коцы фырты ацы радзырды фæ- бæрæг фæстаг азты нæ литературæйы иу тенден- ци — ирон хъæуы абон æмæ райсомыл сагъæс. Иугæр дзырд ацы фарстыл æрцыд, уæд æнæ- зæгъгæ нæй æвзонг прозаик Гуыцмæзты Алешы ра- 56
дзырд «Куы фæниуынц куыйтæ», зæгъгæ, уый тых- хæй. Уый дæр мыхуыр уыд «Фидиуæджы» 6-æм но- мыры. Радзырд йæ фыстмæ гæсгæ не ’вдисы æмæ нæ дзуры уæрæх хъуыддæгтыл, фæлæ уый хыгъд бæрц хабæртты къаннæг зылды кæронмæ у æндыгъд æмæ дзы чиныгкæсæг исы аив дзырды æхцондзи- над. Фыст у диалоджы хуызы, Джулбарс æмæ йæ хицауы ’хсæн хъарм, зæрдиаг ныхасæй. Ам æргом цæуынц, кæмдæр фæсфæд иунæгæй æдзæрæг хъæ- уы баззайæг зæронд лæджы мидсагъæстæ, йæ катайтæ йæ уæзæджы тыххæй, йæхи æмæ йæ амæ- лæг зонгæты тыххæй. Чи зоны æмæ уыцы ныхæстæ патриархалон лæджы дзыхæй цæуынц, фæлæ сæ ис, нæ абоны ^адæймæгтæ дæр сæ зæрдыл кæй хъуамæ бадарой, ахæм зонд. Ис сæ царды фæдфæдылон рæзты æмæ фæлтæрты ’хсæн æмбастдзинады хъуы- ды. Ацы радзырды Гуыцмæзы фырт у аив дзурынмæ арæхстджын’. Ноджы ма нын фенын кодта, йæ уды- хъæд уæздан миниуджытæй хайджын кæй у, йæхи- цæн хæстæг кæй кæны нæ адæйш царды историон- духовон райдайæнтæ æмæ уыдон кæй æвæры йæ уацмысы бындур. Æрмæст ыл æмбæлы ноджы фыл- дæр æмæ арфдæо кусын. Хъуамæ рауæрæхдæр кæна йæ фысты диапазон, уæндондæр æмæ уæрæхдæр æв- нала царды æцæгдзинад æвдисынмæ. Мæргъиты Къоста фыццаг хатт ралæууыд чи- ныгкæсæджы раз куыд прозаик, афтæ, фæлæ йæ уы-, цьг бафæлвæрдæй фæбæрæг, кæй йæм ис прозæйы жанды зæгъинаг, стæй арæхсы йæ хъуыдытæ ны- вæндынмæ. Поэт прозæйы, гъе, æндæр жанры куы райдайы фыссын, уæддæр уæлæхох не свæййы, мий- йаг, йæ поэтикон æрмдзæфыл, къæссавæлдæхт нæ фæвæййы. Афтæ мæм кæсы, цыма Къостайæн йæ поэтикон æрмдзæфы миниуджытæ ам дæр зынынц, кæд сæхи æндæр хуызы æвдисынц, ома прозæйы 57
хуызы, уæддæр. Йæ ацы радзырдтæн характербн сты йе ’мдзæвгæты иумæйаг гæччытæ: радзырдтæ райдайынц æмæ фæвæййынц æнæ диссæгтæй, æнæ уæлдай ракæ-бакæтæй, нæ сæм фиппайæм кæцыдæр бынæтты архайды æндыгъддзинадыл уæлдай ак- цент æрæвæрын, нæ тырнынц кульминацион бæр- зæндмæ, фæлæ нын дзурынц, цауы кæцыдæр бæ- рæг-бæлвырд скъуыддзаг, хабар — йæ бæрæг уа- вæры. Автор нæ архайы хъайтарты миддунейы пси- хологон операцитæ ;аразынмæ искæцы критикон моментты, æрмæст нын æвдисы, цард æмæ хъайта- ры биографийы дæр æрвылхатт кæуыл фембæлдзыс- тæм, ахæм хабæрттæ. Афтæ æмæ, хъайтарты царды цавæрфæнды кризисон уавæр æвдисгæйæ дæр, Къос- та нæу тæвдтуг романтик, фылдæр у философ. Æрцыд царды æппæты карздæр цау — мæлæт («Æнæнхъæлæджы мæлæт»). «Сылгоймаг цыдæр хæссинæгтимæ фæцæйхызт æфсæнвæндагыл, поезд æй æрбаййæфта, ныццавта йæ æмæ дæлвæндагмæ асхъиудта: æдзæм мард фæци. Чидæртæ йæм фæ- фæдис кодтой, фæлае уæдмæ байрæджы...» Чи уыд уыцы æнамонд ус, кæцæй кæнæ кæдæм цыд æмæ цæуыл сагъæс кодта йæ мæлæты размæ — нæ зо- нæм уый, фæдисы йæм чи фæуад — нæ зонæм уы- доны дæр. Фæстæдæр мах базонæм, кæй уыдис уы- мæн хæдзар, цардæмбал, хъæбул, æмæ автор æвди- сы уыдоны зæрдæйыуаг, уыдоны быхсгæ судзгæ маст. Кæд мæлæт æрцыд æмæ хæдзарыл æруæз кодта, зæрдæтæ сагайдта, уæддæр дзы нæй паталогон мо- мент. Мæлæт дæр у царды хуызæн æрдзон фæзынд. Цард та у æппæтæй тыхджындæр. «...адæймаг æр- дзæй афтæ конд у. Цалынмæ бæрæг рæстæг рацæ- уы, уæдмæ йæ йæ зæрдæйы дудгæбон нæ рох кæ- ны». Стæй ферох уыдзæн. Рæстæг алцæмæн дæрхос кæны. 58
Ахæм у авторы хатдзæг, чи зоны, æгæр иувæрсыг, фæлæ йæхицæн сæйраг уый нæ кæны, сæйраг ын сты амæлæг, усы къай æмæ хъæбулы зæрдæйыуаг сæ зынаргъ адæймаджы амæлæты фæстæ, æмткæй авторы эмоцион позици. Уый та у бæлвырд æмæ хызт у уазал æдыхстдзинадæй. Къостайы иннæ радзырд «Силæм» дæр фыст у, уæлдæр цы радзырды кой кодтам, уый идейон-эмо- цион фæлгæтты. Авторы дзы æндавынц иумæйаг моралон-цардуагон фарстытæ, лæгуарзондзинад æ,мæ хæрамдзинады æмахастытæ. Æрмæст æгæр иударон хатдзæг аразы кæронæй. Ома «...æнæ адæй- маг та куыдзæн цæй цæрæн ис! Уый кæм ис, йæхи дæр уырдæм æппары». Номхуындæй моралон-этикон æмæ хæрзвæткон фарстытæм здахынц сæ хъусдард Дзугаты Георги — радзырд «Хъæбæрсæрст»-ы, Букуылты Алыкси — «Мæйдар æхсæв» æмæ «Денджызы был», Хъазиты Мелитон — «Царддарддæргæнæджы». Иннæты хъауджы Дзугаты Георги тынгдæр æм- хиц у цардуаг æвдисынмæ. Уымæн уæлдай æхцон фесты хохаг лæджы бæллицтæ, йæ характеры алы лыстæг фæзилæнтæ дæр ын зындгонд сты. Георги- йы курдиат схъомыл хохаг лæджы эстетикон-эмо- цион культурæйыл æмæ рæзы уыдон фæлгæтты. Йæ ног радзырды Цæргæсон у хохаг чызг. Хо- хæй æрцыд горæтмæ уазæгуаты йæ фыртмæ æмæ хохы цытæ зыдта, уыдон домы ам дæр. Иæ фырт кæд ахуыргонд у, уæддæр ын бацамондзæн зонд, нæ фæчъил уыдзæн, йæ чындзæн дæр афтæ. Æмæ йæ митæ, йæ архайд, æппæт йæ ахаст райсынц, горæты этикон-цардуагон нормæтыл чи нæ бады, ахæм гро- тескон формæтæ. Натуралистон ад кæны радзырды кæрон, Фаризæт йæхи ног сæвзæргæ гуырдзæй кæм сæрибар кæны, уый. Æнæуый та Цæргæсоны æмæ уыимæ иумæ фыссæджы катайæн дæр ис реалон 59
бындур, ома нæ адæм хъуамæ кæной фылдæрæй- фылдæр. Æндæр идейон-аивадон фæлгæтты фыссынц. К^æбысты Зауыр æмæ Хуыгаты Уасилсæ радзырд- тæ. Сæ иу дзуры, хъæууон фæллойгæнджыты ’хсæн цы негативон фæзындтæ ис, уыдон тыххæй. Иннае- та æвдисы, нæ рухсад-хъомыладон куыстгæнджы- тæй иуæй-иутæ хи пайдайы фæндагыл куыд ацæ- уынц æмæ афтæмæй куыд халынц нæ социалистон æмдзæрæны моралон-этикон нормæтæ. Кьæбысты Зауыр зоны хъæууон лæджы психи- кæ. Иæ радзырд «Хъулон кæсæгты» архайд æмæ уый цы аивадон амæлттæй фыст цæуы, уый ис йæ райдианæй кæроны онг ирон традицион радзырды фæлгæтты, цæуы уæзбын реалистон æвзагæй,'хъай- тарты архайдæн психологон аргъ кæнгæйæ. Æрмæст уацмысы финал хицæн кæны радзырды иумæйаг буары кондæй, уый райсы детективон æууæлтæ æмæ кайы йæ эстетикон ахадындзинадæй. Уыцы аипп æрхæссæн ис Хуыгаты Уасилы радзырдмæ дæр, «Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы», зæгъгæ. Иу уацмысы мидæг ахæм жанрон раив-баивдзи- нæдтæ æддейæ бакæсгæйæ куыд æнæзынгæ хабары хуызæн сты, афтæ нæу се ’цæг нысаниуæг. Уый у серьезон аивадон-эстетикон фаост æмæ баст у фыс- сæджы фæлтæрддзинадыл, йе сфæлдыстадон интуи- цийыл. - Æнæмæнгхъæуæг нæу, !æппæрццаг хъайтартæ-^ иу сæ рæдыдыл æрфæсмон кæной закъоны раз, сæ чъизи митæ сын æргом кæной оперативон кусджы- тæ. Уый æндæр жанры спецификæ у æмæ нæ бады традицион-реалистон уацмысы фæлгæтты. Ам фыс- сæджы хæцæнгарз æндæр хъуамæ уа: ныв кæнын, психологон æгъдауæй æвдисын хъайтарты харак- тер, сæ моралон-хæрзвæткон хъуыддæгтæн чиныг- кæсæг йæхæдæг куыд уа тæрхонгæнæг. 60
Уæлдæр нæм уыд кусæгон темæйы кой æмæ ба- нысан кодтам, зæгъгæ, нæ литературæйы нырма уый не сси хæдбындур, уæрæхкъабазджын, нырма йæ, куыд нсихологон фактор, ахæм-æй нæ уынæм, кæд закъонбæрцон у нæ абоны царды æцæгдзина- ды, уæддæр. Фæлæ нæ фысджытæ тырнынц кон- дадимæ, науæд та кондады мидæг, равдисой адæй- маджы, кондад хъайтары миддуне хуыздæр раргом кæнынæн ахъазгæнæг куыд уа, афтæ. Аны темæйыл нæм фарон ныммыхуыр цалдæр радзырды: Хъазиты Мелитоны «Зæдæнвиц Эллæ», Гугкаты Шамилы «Æз уазæг нæ дæн», Букуылты Алыксийы «Арф уидæгтæ», «Мæстыгæр лæппу». Хъазиты Мелитон уæлдай æмхиц у æвзонг адæй- мæгты фæлгæнцтæ аразынмæ, æвзонг адæймаг та кæддæриддæр тæвдтуг æмæ романтикон вæййы. Суанг ма йæ ног радзырды сæргонд дæр æвдисы цасдæр бæрцæй . йæ иумæйаг романтикон ахаст, «Зæдæнвиц Эллæ», зæгъгæ. Хуымæтæджы ирон чызджы ном нæ, фæлæ модæджын импортон ном — Эллæ, уымæй дæр цы хуызæн? Зæды хуызæн? Нæ. Зæдæнвиц. Æниу, уыцы зæдæнвиц чызг йæхи равдисын дæр зоны: заводы ерысæй сиды алкæ^æ дæр. Радзырды астæу хъазтизæрмæ фæзыны æнæ- зонгæ, даргъсæрыхъуынджын æмæ зачъеджын лæп- пу, уый йемæ æрбахæссы, радзырды иумæйаг бæ- рæгбонгъуыз, мажорон зæрдæйыуагæн чи нæ фаг кодта, уыцы æндыгъд, сусæг драматизм. Фæлæ ацы сюжет нæ райрæзт психологон æгъдауæй, æрмæст йæ контуртæ æрцыдысты нысангонд. Радзырды та номхуындæй хъуыдис уый, уæд рауадаид нуар- джын, оригиналон. Букуылты Алыкси æмæ Гугкаты Шамил дæр сæ радзырдты кондады темæйы уынынц канд æфтиагон хæрзйуæг нæ, фæлæ ма адæймаджы хæрзæгъдаудзи- 61
над æмæ’моралон сыгъдæгдзинады бындур дæр. Куыст у адæймаджы удыхъæд рæсугъдгæнæг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты раргом сты нæ адæ- мы удыхъæды бирæ бæллиццаг миниуджытæ: йæ сæрибаруарзондзинад, патриотизм, гуманизм, адæм- тæ æмæ дуджы раз йе стыр историон-сэ^рибаргæнæг миссийы ’нкъарынад, хъæбатырдзинад æмæ æндæр- тæ. Хæсты темæ цæры нæ литературæйы дæр иннæ литературæты æмрæнхъ, æрмæст махæн ам стыр æитыстытæ ис, зæгъгæ, уый зын зæгъæн у. Нырма нын советон салдæтты æмæ, номхуындæй та, ирон хæстоны æвæджиау сгуыхтдзинæдтæ Стыр Фыды- бæстæйон хæсты быдырты фыссинаг сты. Ацы фарс- ты фæдыл тых" бахæссæн ис, нæ фысджытæй лæ- гæй-лæгмæ йæхæдæг фронты чи архайдта, уыдонмæ, уымæн æмæ уыдон сæхиуыл бавзæрстой хæсты цæ- хæр æмæ сæм фæлтæрддзинад дæр уымæ гæсгæ фылдæр ис. Ивгъуыд аз нæм хæсты темæйыл ныммыхуыр бæрцæй цыппар къаннæг радзырды, сæ фысты гъæ- дыл сын куынæ дзурæм, уæддæр сæ бæрц æвдисы уый, æмæ фаг нæ кусæм нæ адæмы ивгъуыд, хъæ- батыр бонтæ равдисыныл... Цхуырбаты Уасджы сæйраджыдæр фыссы къан- нæг радзырдтæ моралон-этикон æмæ цардуаджы фарстытыл, уæлдай фылдæр та — фæсномыгтæ. Ивгъуыд аз журнал «Фидиуæджы» цы радзырдтæ ныммыхуыр кодта, уыдонæй дарддæр ма рауагъта «Фæсномыгтæ æмæ радзырдты» чиныг рауагъдад «Ирыстоны». Автор уыны, нæ царды ма цы иуæй-иу антипод- тыл æмбæлæм, уыдон — эгоистты, карьеристты, гæр- тамхорты, хиуарзон адæймæгты. Уыимæ иумæ аи- вадон тугхæстæгдзинад уынæм йæ радзырдты æмæ фæсномыгты ’хсæн, кæд радзырдты реалон адæймæг- тæ æмæ фæсномыгты та цæрæгойтæ архайынц, уæд- 62
дæр. Уыцы хæстæгдзинады ис хирдыгон хорздзинад дæр æмæ аиппдзинад дæр. Иуæрдыгæй уыцы иу ны- санмæ здæхт у дыууæ жанры дæр, йæхи дихтæ нæ кæ ны, ома сатирикон сисы фæрцы хурмæ калы, не ’хсæн цы хъæндзинæдтыл æмбæлæм, уыдон. Иннæ ’рдыгæй та йæм нæ хатæм бæрæг-бæлвырд принцип ацы дыууæ жанры кæрæдзийæ иртасыны хъуыдда- джы, уымæн æмæ дыууæ ран дæр нæ лæууы типи- зацийыл, фæлæ уыцы иугъуызон æнæсистемонæй фелвасы цаутæ æмæ сæ нысан кæны гæххæттыл. Æрмæст иу ран архайджытæ вæййынц цæрæгойтæ, иннæ ран та — адæймæгтæ, ситуацитæ баззайынц æнæивгæ. Уыцы иугъуызон райдайæнтæ æмæ кæрон- бæттæнтæй фæлмæцы хъус: «Бирæгъ фысты ахас- та...», «Бирæгъ фыс раскъæфта...», «Бирæгъ сырдты æмбырды растад...», «Арс фæмæсты æмæ расырдта рувасы. Рувас хъаст балæвæрдта домбаймæ. Уый бирæгъ æмæ арсы фæсырдта». Чиныджы кæрæй- кæронмæ уыцы иугъуызон ситуациты сырдтæй иу иннæуыл бадæтты хъаст арсмæ, науæд та домбай- мæ, уыдон та сты гæртамхортæ æмæ сын гæртам чи фылдæр ратты, уый фарс рахæцынц, парахатæй сæ тыхы сты джунглиты закъæттæ, сырдты æгъдæут- тæ. Хуыздæр уыдаид, уыдонæй автор, стæй йæ ре- дактор дæр куы равзæрстаиккой сæйрагдæр, аива- дон æгъдауæй æххæстдæр уацмыстæ æмæ чиныг уыдон бындурыл арæзт куы ’рцыдаид, фæлæ уый нæ бакодтой æмæ рауадис арвистоны хуызæн. Уæдæ, цавæр хатдзæгтæ скæнæн ис цыбыртæй, ивгъуыд аз нæ периодикæ, номхуындæй, «Фидиуæ- джы» æмæ рауагъдад «Ирыстоны» рацæугæ ра- дзыодты тыххæй? Сæйрагдæр, нæ радзырды жанр (æз зæгъын, чи ныммыхуыр, уыцы радзырдтæм гæсгæ, уыдонæй та бирæтæ фыст æрцыдысты раздæр) рæзыд, æмткæй нæ ирон радзырдтæн характерон чи у, уыцы таурæ- 63
гъон-сюжетон фысты ссадвæдыл. Уыимæ иумæ, мах фиппайæм иуæй-иу радзырдты мидпсихологон ана- лизмæ тырнынад, уый та у ахсджиаг хабар"(Мæр- гъиты Къостайы радзырдтæ «Æнæнхъæлæджы мæ- лæт», «Силæм»), Гуыцмæзты Алешы радзырд «Куы фæниуынц куыйтæ»-йы фæбæрæг сты аивадон фæл- гонц æмæ дзырды масштабондзинад, хъуыдыкæны- нады интенсификаци. Фæлæ уæддæр нæ радзырдты иумæйаг сахъат- дзинад нæу сусæг, уый та у баналон (ихсыд) ха- бæрттыл дзурын, баналон реалондзинад кæй хо- нынц, уый фотографи кæнын, уымæй дæр зындгонд формæты, ихсыд мадзæлттæй. Афтæмæй нæ ра- дзырдтæ рауайынц стереотипты хуызæн: архайды уавæртæ — иу, ситуацитæ — иу, характертæ дæр, чысыл ивддзинæдтæй фæстæмæ — иугъуызон, мæнæ сæ цыма кæрæдзийæ фелвæстæуыд. Кæцæй цæуы ацы хабар? Уæддæр æмæ уæддæр нæ иу кæнæ не ’ннæ автор, нырма йæхæдæг цы у,цы йæм ис ми- дæгæй, уый кæй нæ зоны. Науæд йæхи куы базонид æмæ йым афтæмæй исты зæгъинаг куы разынид, уæд иу лæг иннæйы хуызæн никуы вæййы, — иу- гъуызон нæ вæййынц цаугæ дæр. Иу тенденци ма фиппайæм нæ радзырдты: стæм- тæй фæстæмæ сæ арæх сты алыгъуызон экскурстæ, фылдæр та æвзонджы бонтæм. Хъуаджы куы уа, уæд — хорз, фæлæ хатт æгæр æргом вæййы, фыс- сæгмæ абоны тыххæй дзуринаг кæй ницы ис, уый, æмæ йæ уæд бахъæуы алырдæмты æвналын, лири- кон æмæ æндæр экскуретæ кæнын. Цæмæннæ хъуа- мæ æрымысæм ахæм рæстæджы Пушкины ныхæс- тæ: «Точность и краткость — вот первые достоинст- ва прозы. Она требует мыслей и мыслей — без них блестящие выражения ни к чему не служат... С вос- поминаниями о протекшей юности литература наша далеко вперед не продвинется». 64
Æмæ ма ноджы иу: нæ цæст куы рахæссæм канд ивгьуыд азы нæ, фæлæ æмткæй нырыккон ирон но- веллистикæйыл, уæд æнæфæфиппайгæ нæ фæуы- дзыстæм, нырма куыд къуындæг сты нæ радзырды жанрон авналæнтæ, уый. Иузаманы нæм арæх фыс- той лирикон новеллæтæ, ныр сæ ферох кодтой, Цæ- мæн? Исты йæм æвзæрæй фæхатыдысты? Лирикон новеллæмæ ис йæхи хорздзинæдтæ æмæ сыл къух ауигъын нæ хъæуы. Уым.æппæт дæр лæвæрд цæуы авторæн йæхи æнкъарæнты призмæйы, ныхас рай- сы эмоцион, интимон æмæ уыцы иурæстæджы инди- видуалон характер. Уыдон та сты, уæлдæр цы ха- барыл цыдис дзырд, ома хи базоныныл, уымæн ахъазгæнæг. Лирикон новеллæйæн йæ бындуры ис мидпсихологизм æмæ уый дæр нæ прозæйæн у ахсджиаг. Уыцы хъуыддаджы мах фаг нæ ахуыр кæнæм нæ алыварс адæмты литературæты фæлтæрддзина- дыл, цыран æххæст дзырдхъом сты ахæм формæтæ, куыд новеллæ-исповедь (зæрдæргомгæнæн), новел- лæ-монолог, новеллæ-аргъау, новеллæ-миф æмæ аф- тæ дарддæр. Мах баналон реалондзинадыл тынг æнувыд стæм, фæлæ æвзæр нæ уаид, хатт-иу куы ныхъхъусиккам нæ адæмы историмæ дæр, нæ адæмы ивгъуыд хъай- тарон цардмæ, аргъæуттæ æмæ мифтæм дæр, уæд нын уыдон фæхъæздыгдæр кæниккой куыд нæ уды- хъæд, афтæ нæ аивадон уынынад дæр. * * * Уæдæ цы уавæры ис нæ прозæйæн йæ иннæ хай, йæ гуырахстджындæр хай та — уацаутæ, романтæ?.. Цъус нæм нæ цæуы фыст ацы жанрты. Æцæг сæ мыхуыр кæнын зындæр хабар у, йæ аххосæгты тых- хæй уæлдæр дзырд цыд. 5. Æлборты X. 65
Фарон журнал «Фидиуæг» æртæ номыры ным- мыхуыр кодта Джусойты Нафийы уацау «Адæйма- джы мæлæт». Рауагъдад «Ирыстоны» рацыдысты Букуылты Алыксийы уацаутæ хицæн чиныгæй, йæ кой нæм уыд^. ис дзы æртæ уацауы. Гæбулты Мелитон æмæ^ Гуыцмæзты Михалы романтæ «Цардиппæрд» æмæ «Æууæнкхортæ». Зæгъын хъæуы уый, æмæ абоны онг нæ прозæ- йы радзырды æмрæнхъ йæхицæн бæстон бынат чи скодта, уый у уацау — æппæты популярондæр æмæ дзырдхъомдæр нæ литературæйы. Фылдæр (æмæ йæ арæхдæр кæй фыссынц нæ прозаиктæ, уый дæр æнæнхъæлæджы хабарыл ма хъуамæ нымайæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам сæм ис сæхи къуыхцы- тæ, фæлæ се ’нтыстытæм дæр скептикон цæстæй нæ хъæуы кæсын. Суанг нæ прозæйы фыццаг фæзындæй Гæдиаты Секъайы сфæлдыстады уацау райдыдта йæхи бæр- джытæ нысан кæнын, радзырды фæлгæтты йын уыд къуындæг æмæ фæстæдæр Гæдиаты Цомахъ, Коцойты Арсены сфæлдыстады ссардта йæхи сæр- магонд формæ, ссис æххæстбарджын. Уæдæй фæс- тæмæ уацау нæ литературæйы рæзы интенсивонæй, афтæ, æмæ ма хатт романы бартæм дæр авналы. Гъе, уый мидæг нæ вæййы, миййаг, хатт уацауы жанры деформацийы аххосаг дæр? Арæх романмæ тырнгæйæ фехалы йе спецификон жанрон миниу- джытæ, роман та уæвгæй не свæййы, æрцæуы йыл, сæрвæты кæрон стуры хизгæ цы хæфс федта æмæ уыйас суæвьш кæй бафæндыд, уый æмбисонд. Гуы- мир абарст у, фæлæ хъуыддаджы æцæгдзинад хорз æвдисы. Уæддæр уый хицæн хабар у æмæ хицæн ха- бæрттæй та иумæйаг хъуыддагæн аргъгæнæн нæй. Куыдфæнды ма уæд, фæлæ нæм фарон цы уацаутæ ныммыхуыр, уыдон нæ цасдæр бæрцæй æфтауынц 66
оптимистон хъуыдыйыл. Алыхуызонæй æвдйсынц абоны ирон уацауы жанрон-аивадон æууæлтæ. Сæрмагондæй зæгъын хъæуы Джусойты Нафи- йы уацау «Адæймаджы мæлæт»-ы тыххæй. Уацмыс фыст у^фыссæджы царды фæндзайæм аз æмæ нын дзуры йæ фæлтæрд хъуыдыйыл. Сæрæй кæронмæ дæр ис йæ хъайтары миддунейы. Уыцы нывыл у уацмысы сюжетон-композицион структурæ йæхæдæг дæр. Цæвиттон, архайд рæзы фæйнæрдæм нæ, фæ- лæ вертикалон здæхтыл. Хъайтары царды хабæрт- тæ цыма æваст фæйнæрдыгæй цыхцырджытау ныл- лæууыдысты йæ миддунемæ, алы рæттæй здæхынц æмæ æмбырд кæнынц йæ уды мидæг æмæ чиныгкæ- сæг ис уыцы хъуыдытæ æмæ сагъæсты зилдухæны. «Адæймаджы мæлæт», уый нæу хуымæтæджы мæ- лæт, мах удæгас дунейы кæй зонæм. Уый нысан кæны фылдæр цыдæр, хæссы фылдæр мидис æмæ зæлы царды апофеозы хуызæн. Æниу уацмысы уы- цы пафос æддейæ бакæсгæйæ цыма норст у, афтæ зыны. Сюжетæй нæу вазыгджын æмæ архайдæй та — хъæздыг. Хуымæтæджы хохаг лæг, кусæг лæг, Уырызмæг, зæгъгæ, йæ ном, рæхджы йыл æхсай азы сæххæст уыдзæн, хуыссы рынчындоны. Гъе, ардыгæй райдайынц йе ’ппæт сагъæстæ æмæ зæрдæдзурæнтæ. Йæ низыхатт базонгæйæ, Уырыз- мæг æваст ницы уабæрæг реакци равдыста, кæд бамбæрста, цы нысан кæны, уый, уæддæр, æгæрыс- тæмæй ма йæ ныхас хъазгæмхæст дæр у. Фæлæ йыл куыдфæстагмæ тæфсын байдыдта, æмæ йæ цæрæн- бонтæ бирæ кæй нал сты, уыцы хабар ын рафæл- дæхта æппæт йæ уды конд. Дохтыртæ нал сопераци кодтой Уырызмæгæн, уымæн æмæ уый уæлдай фы- дæбон уыдаид, фæлæ уый хыгъд ныр фыссæгæн фа- дат ис йæ хъайтары миддунейы алыгъуызон психо- логон операцитæ аразынæн. Зæрдыл æрлæууы æнгæс ситуаци Гафезы ра- 67
дзырд «Хæс»-ы, мыхуыр ис йæ радзырдты æмбырд- гонд «Цард дын фестон»-ы. Уым дæр Ахмæт базо- ны, ракъæй рынчын кæй у, æмæ йын бирæ цæрæн- бон кæй нал ис, уый, рæхджы амæлдзæн, фæлæ йæ афтæмæй амæлын нæ фæнды — фыдлæг куынæ цæ- рид йæ фæстæ, æмæ Муциимæ йæхи аппары былæй. Ситуацийы райрæзæн иу, фæлæ архайды дард- дæры фæндæгтæ æмæ фарст скъуыддзаг кæныны хъуыддаг та — цæхгæр æндæр. Уырызмæг удыхъæ- дæй у хъæздыг æмæ тыхджын адæймаг, æгæрыстæ- Мæй йæм мæлæт куы ’рбгввахс, уæддæр хызт у^ ныфссастдзинадæй, нæ йæ æвдæлы царды фæндтæ æмæ сагъæстæй мæлынмæ, нырма йын æрбæстон кæнинаг хъуыддæгтæ бирæ ис. Йæ мæлæты хабар базонгæйæ, ссис æнахуыр æнкъараг: «Ныр æм ал- цы дæр каст ног æмæ цымыдисаг, раст цыма фыц- цаг хатт уыдта дуне». Иæ царды æппæты стырдæр критикон момент куы ’рлæууыд, уæд ын уый сæр- гом кодта йе ’цæг уд — уый та уыд фæлмæн æмæ лæгуарзон. Нырыонг æй не ’вдæлд йæ зæрдæйы хъуыддæгтæм, нырыонг æддæмæ здæхт уыд иуда- дзыгдæр — цардмæ, дунемæ, ныр цæстытæ цыма азылдысты мидæгæрдæм æмæ кæны йæ зæрдæщ>1 ныхас. Æддаг, реалон цардимæ йын цы бастдзинæд- тæ ис, уыдон дæр цæуынц йæ удыл. Æмткæй ис миданализы. Иудадзыгдæр йæ зонд зилдух кæны адæймаджы царды мидис, царды нысаны алыварс. Зынгæ æмæ æнæзынгæ тæгтæ нывæнды йæ хъуы- ды алырдæм — абон æмæ знонмæ, фыдæлтæ æмæ сомы фæлтæрмæ, суанг æй космосы хабæрттæ дæр æндавынц. Зæрдылдаринаг у уый, æмæ йæ удыхъæд нудадзыгдæр кæй ивазы йæхи нæ адæмы моралон- духовон царды фидыцджын райдайæнтæм. Мæнгæй нæм не. ’взæрын кæны Нарты Уырызмæджы ассо- циаци дæр. Иæхæдæг дæр намыс æмæ æхсары бæр- зонд критерийæн уый зоны æмæ йæ уд уынгæджы 63
ран куы ис, уæд дзуры уый фарнмæ: «Æтт, ме ’мном, дæ уды хъаруйæ мын иучысыл уæддæр куы фæхай кæнис... Æз дæр дæуау мæ фæстаг балцы сæр лæууын, æмæ тæрсын худинагæй... Мæ низыхатт æмæ мæ царды кæрон кæй зонын, уый мын куы байса мæ зæрдæйы цин, мæ цардуарзон». Мæлæты къæсæрыл лæугæйæ, уæддæр йе стырдæр тас цы у> уый — миййаг ын мæлæт куы байса йæ зæрдæйы цин, йæ цардуарзон. Адон æм- сты адæймаджы ми- дæг бæрзонддæр фидыцыл нымад. Иугæр нæртон Уырызмæг æмæ уацауы хъайтар Уырызмæджы ’хсæн аналоги арæм, уæд ацæуæм ацы фарсты чысыл арфдæр. Æз дæр дæуау мæ фæс- таг балцы сæр лæууын, зæгъгæ, зæгъы, æмæ зонæм, нæртон Уырызмæгæн уыцы балц цы уыдис. Нарты Уырызмæг, йæ мæлæтмæйы фæндагыл цæугæйæ^ уæддæр йæ адæмæн бацыдис хæрзиуæджы æмæ сын сæ къухы бафтыдта знаджы фос-фæллæйттæ, йæ заманы сгуыхт лæджы нысан. Уæдæ уацауы Уы- рызмæг та цы хæрзиуæг ракæнинаг у йæ хъæубæс- тæн, йæ кæсдæртæн? Цы йæ фæнды уыдонæн? Зæр- дæйы цин æмæ цардуарзон—ацы хæрзвæткон ми- ниуджытæ сæ иууыл уæрæхдæр æмбарынады. Уы- дон сты нæ дуджы адæймаджы иууыл бæллиццаг- дæр æмæ фидыцджындæр æууæлтæ æмæ сæ Уырыз* мæг дæр, цæсты гагуыйау, хъахъхъæны йæ фæстаг сулæфты уонг, къæм абадын сыл нæ уадзы. Кæд уацмысы хъайтар цыфæнды конкретон уа- вæрты архайы æмæ цæры, уæддæр æмткæй йæ фæл- гонцы ис условондзинад, Ууыл дзурæг у, эпикон Уы- рызмæджы фæлгонцимæ цы тугхæстæгдзинад агу- ~ ры йæхицæн, уый дæр. Фæлгонцы баиугонд-усло- вондзинады тыххæй зæгъы автор йæхæдæг дæр. «Чи зоны мæ фыд уыд, чи зоны, дæ фыд, цы уæлдай у, хæрзæг æппæтæн иумæйаг вæййы». Æниу, чи зоны, æмæ ахæм характеристæкæйы сæр хъæугæ дæр нæ 69
кодта, уымæн æмæ уый уæддæр авторы хицæн~хъуы- ды у кæронæй, æмæ йын нысаниуæг нæй. Æцæгдæр, цы уæлдай у, кæй фыд уыд, — уый уыд адæймаг, конкретон адæймаг, йæ алы мисхалы онг, æмæ уый æгъгъæд у. Адон æз зæгъын уацмысы аивадон фæлгонцы структурæйы тыххæй. Уымæн нæй иу барæнæй ба- рæн. Уырызмæджы фæлгонц йæ конкретондзинады у уæрæх, æххæссы условондзинады арæнтæм æмæ йæ условондзинады та у конкретон, суанг предме- тон. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фыссæджы позици тынг хæстæг кæй лæууы хъайтары позици- мæ æмæ уыцы хæстæгдзинады зыны бæрæгæй авто- ры хъуыдыкæнынад, йæ дунембарынад, йе ’мбæс- тагон æмæ адæймагон мисси. Ацы уацауы фæбæрæг æмткæй нæ литературæ- йы иу ахъаззаг æмæ ахсджиаг миниуæг, уый у пси- хологизм, адæймаг æмæ æхсæнады æмахасты син- тетикон мадзал. Уыцы фæдыздæхтыл æнæмæнг æн- хъæлмæ кæсын хъæуы нæ прозæйы дарддæры æн- тыстытæм. Фиппаинаджы хуызы мæ зæгъын фæнды, æмткæй, уæлдайдæр та йæ фыццаг æмбнсы, уæддæр æгæр тынг кæй у, мæлæты азар, рагон латинæгтæ «ме- менто мори» кæй хуыдтой, уый. Æмæ ацы хабар уа- цауы иумæйаг тызмæг, .карз стилмæ æфтыд куы ’рцæуы, уæд кæны уæззау. Ривæддоны тæрсбæлас, зæгъгæ, ис дзы ахæм, уацмысы хъазы бæрæг-бæлвырд ролы, æмбæлæм ыл дыууæ раны — æппæты разæй æмæ кæронæй. Афтæ мæм кæсы, цыма дыккаг хатт фæтыхджын- дæрхъуаг у йæ символикон нысаниуæг. Уацауы кæрон цы комментаритæ ис цард æмæ мæлæты тыххæй, зондджын адæймæгтæй цы ныхæс- тæ хæссы, уыдон мæм уæлдай кæсынц, ахæмтæ 70
фылдæр характерон сты иумæйаг психологон трак- татæн, ай та аивадон уацмыс у, æмæ йæ, мæнмæ гæсгæ, уыдон сæр. нæ хъæуы, æнæ комментаритæй дæр бæрæг куы сты уацмысы мидæг адæймаджы цард æмæ мæлæты нысаниуæг, сæ мидис. Кæд æмæ Нафийыуацауы архайд цæуы иу адæй- тладжы алыварс, растдæр зæгъгæйæ та, иу адæйма- джы мидæг, йæ идейок-аивадон тырнындзинæдтæй у мидæгæрдæм здæхт, амад у мидпсихологон сюже- тьтл, хæссы баиугонд философон хъуыды, уæд Бу- куылты Алыксийы уацаутæ та цасдæр бæрцæй сты цардуагондæр. Ие ’сфæлдыстадон интересты центры ис нæ абоны хъайтары хæрзвæткон моралон-этикон биографи. Уацаутæн се ’ртæйæн дæр ис бæрæг-бæлвырд цауон-архайдон сюжет. Афтæ, æмæ чиныгкæсæг у æвдисæн, иу кæнæ иннæ характер куыд рæзы, уы- мæн. Уыцы хъуыддаджы уæлдай цымыдисаг сты «Зæрдæйы хæс, кæнæ дæ амонд — дæхи», æмæ «Былкъахыр амонд». Дыууæ уацауы дæр ис ирд, тсарз коллизи. Æвæрд сæ цæуынц ахсджиаг проб- лемæтæ. Уыдонæй сæйрагдæр сты: уарзт æмæ фæл- лой, хæрзæгъдаудзинад æмæ моралон сыгъдæгдзи- над. Сæ сæйрагдæр бæрæггæнæг миниуæг у монцты, æнкъарæнты тох. Фыццаг уацауы «Зæрдæйы хæс, кæнæ дæ амонд — дæхи»-йы хабæрттæ райдыдтой сабыр æмæ уæз- бын равгыл. Æз зæгъын царды мидæг сæ рæстæгон фæдфæдылондзинадмæ гæсгæ, æндæра уацауы сæ композицион равæрдæй афтæ не сты, уым сын ав- тор аивта сæ бынæттæ, æрбалвæста сæ, æмæ дзы æннойдзинадæн фесæфт йæ фæд. Уацмысы сæйраг архайджытæ Розæ, Созыр æмæ Бесæ сты иу кары адæймæгтæ. Иумæ æмæ иугъуызон уавæрты хъо- мыл кодтой, фæлæ дзы алкæмæн дæр разынд йæхи сæрмагонд хъысмæт. Сæ цард афтæ рауад, æмæ 71
фæцæуынц фæйнæрдæм, фæлæ та сæ уый йæ тых- джын æмæ барджын къухæй кæрæдзимæ æрбахæс- сы, кæрæдзийыл сæмбæлынц сæ уды карз монцты тыхджын 'Инерцийæ, æмæ та асхъиуынц фæйнæ- рдæм. «...Цыфæндыйæ дæр макуы алæу фæстæмæ. Цард æмæ амонд тохы бон райгуырдысты иумæ, тохы сæ ссардзынæ æрмæстдæр». Ацы ныхæстæ сты уацауы иумæйаг пафос æвдисæг. Хъыгагæн, Бесæйы хуызæн æппæрццаг адæй- мæгтæ нырма æмбæлынц нæ царды æмæ сæ ныхмæ фæстаг рæстæджы расидтæуыд æппæтадæмон тох республикæйы. Фыссæг ам разынд къæрццхъус æмæ ныфсхаст, уый ацы типы тæссагдзинад рафæл- гъуыдта рагацау, цалынмæ йæ ныхмæ уæлейæ цæх- гæр мадзæлттæ ист не ’рцыд, уæдмæ, æмæ нæ фæ- дзæхсæгау кодта, цæмæй уæм цырддзаст, хъахъ- хъæнæм социалистон æхсæнады адæймаджы мора- лон сыгъдæгдзинад. Нæ иумæйаг цард рæсугъд кæмæй у, уыдон сты уацауы хъайтартæ Созыр, Розæ, Наташæ æмæ ин- нæтæ. Адон сты фæндвидар, цæрдхъом адæймæгтæ. Зын рæстæджы сæхимæ райсдзысты искæй зынад, нæ ныббыхсдзысты искæмæн йæ рæдыд дæр.Гъе, адонимæ ис æцæг адæймæгты æхсæнад аразæн. Æнгæс, фæлæ уæддæр хæдбындур хабæрттыл амад у йæ иннæ уацау «Былкъахыр амонд». Ам дæр фыццаджы хуызæн, æмæ, чи зоны, ноджы карз- дæр уавæрты æмбæлæм уарзондзинады ситуацийыл. Уацмыс фыст у бонæджы хуызы. Бонæг та райдайы хæсты фæуæлахизæй раст афæдз фæстæдæр — фа- растæм майæ. Хæст кæд Хуссар Ирыстонæй дæрддзæф цыдис, уæддæр йæ азар ахъардта æппæт нæ царды алы лыстæг тугдадзины дæр æмæ дзы йæ фыццаг æгъ- дауыл ницыуал баззад. Тынг бандæвта Алыксийы 72
уацауы хъайтарты зæрдæйыуагыл дæр. Кæд архайд фæсхæст цæуы, уæддæр хæст нæма~ банымæг зæр- дæты мидæг, уым судзы æмæ сæ æвдæрзы. Зæрдæ- тæ, чи зоны, æмæ хæсты трагизм ныр ноджьгтынг- дæр æвзарынц. Мæдтæ æмæ фыдтæ, хотæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хъæбултæ æмæ се ’фсымæртæм хæстьг артæй æрыздæхынмæ.' Æнхъæлмæ кæсынц, ны- мæхст æнхъæлмæгастæй, уарзон чызджытæ дæр. Гъе, ахæм у уацауы мидæг æрыгон чызг Таисæ дæр, — карз хъысмæты хицау. Нæ разынд йе ’ууæн- чы аккаг Барысби, æмæ куыд сусæг зынд фæкодта хæсты фæстæ, афтæ та афардæг вæййы йæ уырыс- саг чызг Аксанæимæ. Таисæйы ныууадзы йе ’намонд хъысмæтимæ. Нæ зонын, фыссæг Барысбимæ йæ- мид-зæрдæйы цы ахаст дары, уый^ фæлæ мæм- аф- тæ кæсы, цыма йæ азымы нæ дары, цыма йынг алцы дæр уавæрты аххос кæны. Æрмæст махæн зонгæ сты ахæм адæймæгтæ: уыдонмæ нæй фидар характер, царды исты хабар сæхицæн дырысæй ас- къуыддзаг кæнын нæу сæ бон æмæ ратас-батас фæ- кæнынц. Аксанæйæ куы фæлыгъд, уæд йæхимæ хæ- цы, æдылы гæпп акодтон, зæгъгæ, фæлæ йæм уыцы сæртæг митæ мах фиппайæм сæрысуангæй дæр, Таисæйы куы байрох кодта, æмæ Аксанæйыл йæхи* куы ныццавта, суанг уæдæй. Цы у йе ’фсон ам? Йæ* мидбылты-иу мæм бахудти, хорздзинæдтæ мынг арæзта, зæгъгæ. «Æмæ рынчынтæй алкæуыл дæр* афтæ ради уый», зæгъгæ, куы зæгъы, уæд ма уыдон хъауджы усгурæй цæмæн агæпп ласта? Науæд та ныр дæр, фаг уыд, цæмæй Аксанæ фæзындаид, æмæ та Барысби афардæг. Уый фæстæ йæм ноджы фыс- сы: «Æрымыс-иу, иумæ цы цыбыр, фæлæ адджын рæстæг арвыстам, уый... Стæй бон цæуы æмæ фарæ йемæ хæссы... Æз ам нæ баззайдзынæн». Æмæ нæ, æцæгдæр, уырны, Барысбийæн цы зæрдæйы конд ис,. уымæй уым кæй нæ баззайдзæн, фæлæ кæд æмæ 73:
"кæм æрбынæттон уыдзæн, хъуыддаг ис уый мидæг. Барысби у баелвырд тип æмæ йын фыссæг йæ ха- рактер равдыста фаг бæрцæй, кæд алыфарсон æмæ лæмбынæгæй нæ, уæддæр. Уацауы ма ис æндæр фæлгæнцтæ дæр. Уыдоны характертæ афтæ æххæст æмæ тыхджынæй æвдыст не сты, фæлæ уæддæр зæр- дæйы баззайынц. Ис сын сæхи æууæлтæ, сæхи ахаст цардмæ. Ие ’ртыккаг уацау «Цы ’рцыди, цы нæ ’рцыди»- йы фыссæджы хъусдард сæйраджыдæр здæхт у би- нонты цардмæ. Уацмыс йæ сюжетон-композицион кондæй афтæ амад у, æмæ дзы архайд цæуы уæз- заугай, нæ тырны уæлдай æндыгъд формæ райсын- мæ, кæд æм уыцы тенденци иуцъус хатæм, уæддæр. Ам конфликт аразæг у лæг æмæ усы ’хсæн дызæр- дыгдзинадыл, уыцы дызæрдыгдзинад та цæуы.усæр- дыгæй — Фатъимæтæй, æмæ цасдæр бæрцæй хæссы рог, комедион характер, æниу, хъайтарты æнкъа- рæнтæ афтæ æвдыст сты, æмæ сын æууæндæм се ’цæгдзинадыл. Быхсы Мæхæмæт, кæд йæ зæрдæ Антонинæимæ ис, уæддæр, уымæн æмæ йын йе уæнгтæ бæтты би- нонты бæрн. Чысыл цыдæр ма, чысыл активондæр разынд, зæгъгæ, Антонинæ, уæд æнæмæнгдæр кæронмæ ра- бæрæг уыдаид Мæхæмæты удыхъæд. Фæлæ уый не ’рцыд. Æндиуддзинад куыд нæй Мæхæмæты харак- теры, афтæ нæй Антонинæйы конды та къæйныхдзи- над. Уыдон разындысты, зæгъгæ, сæ иумæ дæр æмæ се ’ннæмæ дæр, уæд та мах æвдисæн уыдаиккам но- гæй раззаг уацауы Барысби æмæ Розæйы æнгæс историйæн. Уый зæрдылдаринаг хабар у ацы фæл- гæнцтæн аргъкæнгæйæ. Лыстæггай куы ныккæсæм Мæхæмæты миддунемæ, уæд дзы фæфиппайдзыстæм Барысбийы характеры потенциалон миниуджытæ. Уымæ гæсгæ Барысби у æххæстдæр фæлгонц. 74
Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, Алыксийы уацау- тæ, стæй йæ радзырдтæ дæр куыд амад сты, уый тыххæй. Алыксимæ нæй, кæнæ та йæм бынтон дæр нæй фабулæйыл нывæзт уацмыстæ, ома, цаутæ æцæ- гæй царды куыд фæдфæдылонæй æрцæуынц, афтæ сæ не ’вдисы, фæлæ сын сæ бынæттæ аивы. Уый у, уацмысы композици аразгæйæ, авторы уарзондæр амал. Уый фæрцы йæ уацмыстæ рауайынц æлвæст, цыргъ интригон. Уый хорз, æгæрыстæмæй, бæллиц- цаг хабар дæр у, фæлæ хатт фегæр вæййы. Æмæ уæд уацмыс йæхимидæг свæййы цыдæр æхгæд, герметикон. Уый æвзæрын кæны бæрæг зындзинад уацмыс æнæхъæнæй бамбарынæн, куыд идейон æмæ аивадон æгъдауæй иууон организм, афтæ. Уыцы æгъдау тынгдæр зыны уацау «Зæрдæйы хæс, кæнæ дæ амонд — дæхи»-йы. Уацмыс æнæмæнгдæр фыл- дæр рамбылдтаид, æлхъывд- композицион хъада- мантæй чысыл куы фæсæрибардæр уыдаид, уæд. Нæ абоны ирон прозæйы Алыксийы уацаутæ сты аккаг фæзынд. Уыдон æвдисынц цард æмæ харак- терты сагъæсты, æнкъарæнты æцæгдзинад æмæ уый у йе стырдæр æнтыст, уымæй сты йæ хъайтартæ цардхæцин. Фарон нæ рауагъдады цы уацмыстæ рацыд, уы- донæн сæ тæккæ гуырахстджындæртæ уыдысты Гæ- булты Мелитон æмæ Гуыцмæзты Михалы романтæ «Цардиппæрд» æмæ «Æууæнкхортæ». Ацы уацмыс- тæ сæ дыууæ дæр лæмбынæг æмæ алыфарсонæй æвзаринаг сты, фæлæ нын ам, афæлгæстон уацы уый фадат æххæстæй нæй, уымæ гæсгæ сын баны- сан кæндзыстæм сæ иумæйаг тёнденцитæ. Романтæ сты хинæн æмæ хицæнтæ куыд сæ мид-жанрон æу- уæлтæй, афтæ, цы царды хабæрттæ æвдисынц, уы- мæй дæр. Мелитон фылдæр æмхиц у йæ хъайтары дæргъ- вæтин периоды нывкæнынмæ. Уым ын фадат ис 75
сæйраг характеры йæ рæзынады æндæр æмæ æндæр этапты равдисынæн. Иннæтæ фæзынынц æмæ байсæфынц, мæнæ фæндаггон йæ балцы алыгъуызон адæймæгтыл куыд æмбæлы æмæ сæ ивы, афтæ. Уы- имæ иумæ фыссæг йæ сæйраг хъайтарæн ратты æцæг историон адæймаджы æууæлтæ æмæ нæм кæсьг документалон уацмысы хъайтары хуызæн. Зæгъæм ма ноджыдæр, Мелитоны æрмдзæфæн характерон чи у,.иу ахæм миниуæджы тыххæй: йæ сæйраг хъай- тар у æнахуыр биографийы хицау, -йæ алфæмблай адæмæй хицæн кæны алцыппæтæй дæр. «Зымæг дзы никуы ничи фехъуыста, уазал мын у, сæрд никуы рахъаст кодта — тæвд мын у, кæнæ мын дойны у. Йæ къæхты бынтæ афтæ хъæбæр сты, æмæ. дæ цæмæн хъæуы хайуаны сæфтджытæ. Хуыртыл, цыргъ дуртыл, æвæд рæтты, цъыфты, кæрдæджы — уæлдай йын нæ уыд. Кæмфæнды дæр цыд уыцы иу- гъуызон æдæрсгæ. Раст ыма йæ къæхтыл салдаттаг цæфхадджын цырыхъхъытæ уыд, уыйау. Хæринагæй ннцы здæхта — хом æви æрдæгфых, адджын, туаг æви маст, судзаг æви тæвд — уæлдай йын нæ уыд: хордта сæ уыцы иугъуызон адджынæн». Уыцы лæг цард 25—26 азы размæ Хуссар Ирыстоны, быдираг хъæуы. Æмæ канд йе ’ддаг конд æмæ уагæй нæ уыд ахæм, фæлæ æнахуыр уыд йæ зæрдæйыуагæй дæр: мадзура, быхсаг, æгасæй дæр сусæгдзинады къуы- бар. Чи зоны, æмæ, æцæгæйдæр, нæ хъуыдис авто- ры йæ хъайтары ахæм гротескон хуызты равдисын. Гротеск кæддæриддæр арæзт вæййы æрæмысгæ, фан- тастикон хабæрттæй, романы та рæстæг, цаутæ æмæ адæймæгтæ сты реалон. конкретон-историон. Романы уымæн йæ цард æвдыст цæуы суанг йæ райгуырды сахатæй фæстæмæ. Уый у хъæздыг би- нонтæй рацæугæ, уæздан мыггаджы бындар, фæлæ йæ, авторы хъуыдымæ гæсгæ, йæ царды уавæртæ 76
уыцы бынатмæ æртардтой. Сарат та, йæ ном ма Са- рат куы уыдис, уæд хъуамæ æндæр адæймæг уьь даид, æндæрхуызон хъуамæ уыдаид йæ сомбон. Æв- зонгæй уыд зæрдæргъæвд лæппу, цыргъ хъуыдцкæ- нынад æмæ хъæздыг фантазийы хицау, нывгæнæг, раст ренессансон Бенвенутто Челлинийау, сыгъзæ- рин къухты хицау, зæрингуырд. Фæлæ Сараты цар- ды уый уыд æрмæстдæр хицæн цау, аскъуыд æмæ дзы ницы фæд баззад. Чи зоны æмæ фæлгонц аха- дæндæр уыдаид, нывкæнынад йæ хъысмæт куы суы- даид, уæд. Гуыцмæзты Михалы романыл дзургæйæ, мах хъуамæ комкоммæ дæр ракъахдзæф кæнæм^нæ або- ны цардыуагмæ, цыран уынæм æндæр ахастытæ, æндæо кнтерестæ, æндæр ситуацитæ. Михал фылдæр æмæ хуыздæр йæхи æвдисы са- тирæйы жанры — уым фыссы радзырдтæ, уым фыс- сы пьесæтæ, уым ныффыста ныр роман дæр «Æууæнкхортæ», зæгъгæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ иу- нæг-иу гуырахстджын уацмыс у йæхи хуызы нæ литературæйы, æмæ уымæй дæр у зæрдылдаринаг. Сатирæйы жанры та гуырахстджын уацмыстæ фыс- сынæн ис йæхи спецификæйæ цæуæг, бæрæгч зындзи- нæдтæ. Гуыцмæзы фырт фырæмхиц у, нæ царды æгъ- дæуттæ нын чи халы, нæ социалистон моралæн йæ уагахастæй дзуапп чи нæ дæтты, уыцы адæймæгтæм æмæ сын сæ хин митæ, сæ цæстфæлдахæн архайдты- тæ хурмæ калы кæмфæнды ма уой, цавæрфæнды бынæттæ ма ахсой не ’хсæнады. Бæрæг-бæлвырд æм у иу тенденци, уый у æнæкомпромиссдзинады тен- денци, хатт йæ фырæргомæй натуралистон куы уа, уæддæр. Нæ литературæйы романты уавæр сæрмагонд абарстон-типологон ныхас кæй домы, уый бонæй- -бон бæлвырддæр кæны. Ацы жанры фæндæгтæ æмæ 77
алвæндæгтæ, афтæ зæгъæн ис, æмæ рох сты канд критиктæй нæ, фæлæ литературæиртасджытæй дæр æмæ рæстæг куыд цæуы, афтæ æбæрæгдзинад тынг- дæр йæ быны нуæрды, романы нæм цы хабæрттæ ис, уыдон. Цы у ирон роман? Науæд ис æви нæй ирон рома- нæн йæхи национ миниуджытæ, чи зоны, исчи афтæ дæр бафæрса, æмæ, æз æнхъæлын, нæ литературæ- зонæн æмæ нæ критикæ дæр уымæн æххæст дзуапп нæма ратдзысты, Афтæмæй та нæм æрвылаз дæр мыхуыры раца^уы цалдæргай романтæ. Аивгъуыйгæ литературон азы прозæ ракастыс- тæм сæрæй кæронмæ, бафæлдæхтам фæстаг чины- джы фæстаг фарс æмæ ныр нæ хъуыдыйы æвзарæм: Цы бафтыдис йæ къухы? Цæмæй фæхъæздыгдæр кодтам нæ адæмы уды цард? Æмæ кæддæриддæр нæ хъуыдыйы цы фарст вæййы, уый: истæмæй ай- йæфтам иннæ адæмты литературæты? Афтæ зæгъæн ис, æмæ фарон нæ прозæ æмткæй царды фæдыл байраджы хъиамæт нæ кодта, фæлæ йæм йæхи дзуринæгтæ уыд, стæй йын зæгъын дæр бантыст. Фæлæ уæддæр цы дзырдта, уыдонæн сæ бæрц æмæ гъæды ’хсæн стыр дæрддзæг ис. Уæлæн- гай фактты фæдыл æмæ уыдон алыварс хуымæтæ- джы беллетризацигонд ныхасы хайон уæз нæм фыдуаг стыр у. Лыстæг темæты проблемæ нæ разы лæууы цæхгæр æмæ тыхсы къæхтыл, æдæрсгæ къахдзæф кæнын нæ нæ уадзы, рæстæг та домы, домы нæ адæмы дæргъвæтин æмæ вазыгджын исто- рион цард йæ фысджытæй зынгæ сфæлдыстадон æнтыстытæ, адæмты размæ рахæссыны аккаг уац- мыстæ. 1976 78
ПОЭЗИЙЫ АКТИВОНДЗИНАД ÆМÆ АНАЛИТИКОНДЗИНАДЫ СÆРЫЛ 1 Нæ поэзийы абоны уавæры тыххæй ис алы- гъуызон хъуыдытæ, уыцы нымæцы, кæрæдзийы ных- мæвæрд чи у, ахæмтæ дæр. Иутæ æнæдызæрдыгæй разы сты, æнтыстытæ йын кæй ис, ууыл, иннæтæ та не сты: «Нæ абоны поэзийы æнтыстыл уый ис банымайæн æмæ, цас йæ бон бацис нæ ног дуджы æцæгдзинад равдисын, ц<арды судзаг фарстытыл сдзурын, адæмы цард æмæ куыст, сæ хъуыдытæ æмæ сын сæ бæллицтæ фенын кæнын. Ацы хъуыд- даджы ирон поэзи басгуыхт» (Гафез). «Ныр нæ поэттæ Къостайы сфæлдыстад дæр ба- зыдтой, дунейы стырдæр фысджыты фæлтæрддзи- надыл дæр сахуыр сты æмæ... бавнæлдтой дзырды дæсныйадæй вазыгджын нывтæ’ кæнынмæ» (Грис), «...Ирон поэзи абон нæ бæстæйы иннæ поэзиты фарс’мæ куы ’рæвæрæм, уæд къæмдзæстыг ницæ- мæй уыдзæн» (Мæргъиты’ Къоста). «Фæстаг азты ирон поэзийы ис, нæ бир-æнацион советон литературæйы стырдæр æнтыстыты фарс- мæ æрæвæрыны аккаг чи у, ахæм уацмыстæ» (Хъодзаты Æхсар). Æндæр у йæ хъуыды, нæ поэзийы счъилдысæй чи кусы, уыдонæй иу, Джусойты Нафийæн: «Нæ поэзийы фæстаг азты иумæйаг æнтыст исты схо- нæн ис, уый æнхъæл нæ дæн. Ныр иу-цыппар азы цыма иу ран лæууæм, афтæ мæм кæсы. Æниу, чи* зоны, рæдийын». Ацы ныхæстæ иууылдæр ист сты журнал «Фи- диуæджы» 1973 азы ногбонон анкетæйæ. Уыцы ан- кетæйæ фæстæмæ рацыд æхсæз азы. Æхсæз азы дæргъы цард иу ран нæ лæууыд — рæзыд, ивта. 79
Рæзыд æмæ ивта нæ поэзи дæр. Бирæ цыдæр хъуыд- дæгтæ дзы фæбæлвырддæр уыдаиккой уæдæй-уæд- мæ. Фæлæ мæнæ хæрз æрæджы, журнал «Фидиуæ- джы» (1979, № 7) фæзынд Скифироны уац «Нæ уды бонтæ—поэзи!», зæгъгæ. Уый та — ног. Уый райдайы ахæм цæхгæр ныхасæй: «Рагон философ Диогены цырагъы рухсæй агурын поэзи æмдзæв- гæты циклты æмæ æмдзæвгæты чингуыты». Чизоны, æцæгæйдæр, нæ абоны, ома æвдайæм азты поэзи, æхсайæм, кæнæ та фæндзайæм азты дыккаг æрдæджимæ абаргæйæ, нæ фæхуыздæр, чизоны, цауддæр фæци, фæлæ мæнæн мæ бон нæу ууыл æнæбыцæуæй сразы уæвын. Æркæсын хъæуы хъуыддагмæ. . Цард йæхæдæг куыд диалектикон у, афтæ у уы- цы цардæвдисæг литературæ дæр, . кæрæдзийыл баст сты, кæд алыхатт кæрæдзимæ гæсгæ нæ вæй- йынц, уæддæр. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ фæс- таг рæстæджы — мæ нымадæй дыууын азæй чы« сыл фылдæр, ирон поэзи рæзыд интенсивонæй йæ хуыздæр минæвæртты хуызы, кæд йæ алы къабазы нæ, уæддæр лирикон жанримæ баст сты йæ хуыз- дæр æнтыстытæ. Интимон, æмбæстагон æмæ ма æндæр темæтæм дæр æвнæлдта уæндон æмæ па- рахатæй. Уыдонæй сфидыдта йæ удыхъæд æмæ цардгъуызæй равдыста йæ цæсгом. Никуыма рæзт ирон поэзи.хъомысджынæй афтæ дæргъвæтин рæс- тæджы. Уæлдай æнтыстджындæр уыдысты банысангонд рæстæгæн йæ фыццаг дæс азы, Поэзийæн кæддæ- риддæр æмбæстагон активондзинад уыд йæ цæрд- хъомдзинады сæйраг бæрæггæнæг æмæ уый у ацы азты нæ поэтты хуыздæрты сфæлдыстады харак- ’терон миниуæг. Ирон поэзийы ахæм рæзт, йæ идейон-аивадон 80
сгарæнты уæрæх историон-социалон диапозон, кæй зæгъын æ^хъæуы, баст у не 'х;сæнады рæзыны объективон закъонбæрцтимæ. Нæ поэзимæ та здæ- хын райдыдта нæ классикты сфæлдыстады бæрзонд реалондзинад, нæ абон, не знон æмæ нæ сомбоны æмиудзинады æнкъарæн, аивадон уацмысы уд æмæ туг чи уадзы, уый. Уалдзæг дæттæ куы фенкъуысынц, куы раивы- лынд, уæд хъæр æмæ цъæхахст фæкæнынц, се ’хсар, сæ хъаруйæн ныккæнæнтæ нал вæййы æмæ сæ былтæй акæлынц. Нæ поэзийæн, мæ хъуыдыйæ, ахæм заман уыд фæндзайæм азты дыккаг æрдæг æмæ æхсайæм азтæ. Фæлæ уый фæстæ дæттæ æр- сабыр вæййынц, рæсуг кæнын байдайынц, донма- рæнты сæ алчи йе ’гъдау, йæ гаччы æрбады. Æз афтæ æнхъæлын, æмæ Нафийы фиппаина- гæн дæр йæ рахæцæн ис уый мидæг, æхсæз азы размæ афтæ кæй загъта, зæгъгæ, «Ныр иу-цыппар азы, цыма, иу ран лæууæм, афтæ мæм кæсы». Хъæр æмæ хъæлæба куы фæсабыр, уæд, цыма дуне фе- гуыппæг, нал ис змæлд, нæ поэтты ныууагъта сæ уæлтæмæн, нæ поэзи фæцух йæ раздæры активон- дзинадæй. Ахæм хъуыды канд махмæ нæ уыд æмæ нæй. Уый-.тыххæй арæх фехъуыстæуы центрон мыхуыры дæр. Фæлæ алы хъæр æмæ хъæлæба æх- сарыл дзурæг куыд нæу, афтæ алы сабыр та нæу æдыхы, æгуыдзæджы нысан. Мæнмæ гæсгæ нæ по- эзийæн æвдайæм азтæ сты ныхъхъуыдыйы азтæ, ивгъуыдæй хатдзæгтæ аразыны æмæ дарддæры фæндæгтæ сгарыны азтæ. Нæ поэттæй æгæрстæ- мæй уæлдай тæвдтугдæр чи уыд, темпераментонæй йе ’мбæстагон æмæ поэтикон принципты сæрыл чи дзырдта, йæхи сæрмагонд цæстæнгас фидарæй чи бæлвырд кодта, уыдоны дæр ныр ныхъхъуыды кæ- нынмæ, ныссагъæс кæнынмæ æрæвдæлд, баргæ, аргъгæнгæ акастысты, цы фæндагыл рацыдысты, 6. Æлборты X. 81
уымæ, се сфæлдыстадмæ. Сæ алфæмблай царды змæлдмæ куыд ныхъхъуыстой, сæхимæ дæр афтæ: алæ-ма цы дæн, цæмæй цæргæ у мæ уд, зæгъгæ. Уый ахсджиаг момент у, уый у, зонд æмæ зæрдæ кæрæдзимæ контакты куы бацæуынц, ахæм момент. Характерон сты нæ поэттæй Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæйы ныхæстæ, æмдзæвгæ у 1975 азы фыст: «Лæг дæ? — дæхимæ хъусын зон: /кæй бон нæу хи- мæ хъусын, / уымæн куыд у мæнмæ хъусын йæ бон». Адон æвæдза нæ загътаид уымæй фынддæс-стдæс азы раздæр, уæд химæ ныхъхъусынмæ кæй æрæв- дæлдаид? Нафи, æгæрстæмæй, 1973 азы цы æмдзæвгæты чиныг рауагъта, уымæн йæ ном дæр рахуыдта «Са- быр ныхæстæ», мыхуыр дзы сты, хæрзстæмтæй фæ- стæмæ, æхсайæм азты кæрон æмæ æвдайæм азты райдианы фыст æмдзæвгæтæ. Ацы факт æ3| æмбарын афтæ: зæрдæ фæцъæх хъæр, фæдис ныхасæй, ныр зæрдæ домы сабыр, æмбаргæ ныхасмæ хъусын. Нæ зæгъын, «сабыр хъуыды», «сабыр1 уæвын» куыд констатаци кæны, уымæй, ома цæйнæфæлтау хъæр кæнай, «фæлтау фæраз дæ мид-зæрдæйы сау зын, фæдис кæнынмæ макуы ’рдар дæ сæр.» Æз зæгъын æмткæй сабыр, æмбаргæ хъуыдыйы ахадындзинад ,æмæ нысани,- уæгæй, æндæра бахъуыды заман фæдисы хъæрмæ цæуылнæ хъуамае ’рдара йæ сæр поэт, уый нæ, фæ- лæ ма хæсджын дæр у фæдисы цæуынæй. Къаддæр кæй| фыссынц, уымæн дæр йæ аххосаг кæд уый мидæг ис миййаг, æмæ уæд — хорз: «Ныр мæм бирæ зындæр кæсы фыссын, æмæ кæд тых æмæ рæстæг фылдæр хардз кæнын, уæддæр æм- дзæвгæты нымæц фæкъаддæр æппынцухæй фондз хатты» (Нафи). |Бæрц цы давы аивады, кæд æмæ бæрн фæфылдæр, кæд æмæ, куы сфæлтæрдта, уæд тых æмæ рæстæг фылдæр хардз цæуы аив уацмыс 82
сфæлдисыныл. Уæдæ бынтон «иу ран лæууæм», уый раст нæ уыдзæн. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, аб- солютон нæу æмткæй нæ поэзийæн. Ривад куыройы зылд чи кæны, ахæмтæ уыдис, ис æмæ уыдзæн, æвæццæгæн, нырæй фæстæмæ дæр. Ис нæм ахæм уацмыстæ, ахæм «къайны фидар» поэттæ, къæрт- тæй цъула чи нæ аппæрста. Сæ характер уыдонæн «олимпон æвæлмæст, æнæхъыгдардæй» хъауджы- дæр нæу. Кæддæр, талынг заманы Гæдиаты Секъа фыста, Ганис алкæмæй иппæрд, рох кæй уыд, уый тыххæй, зæгъгæ, «Æгас дуне иннæрдæм куы фæзи- ла, уæддæр Хъуды коммæ иу азы фæстæ кæнæ фе- хъуысдзæн, кæнæ — нæ». Поэт дæр афтæ, иппæр- дæй куы цæра, йæхи хъузджы бырдæй, йæ алы- варс пы цæуы, уымæ йæ хъус куы нæ дара, куы нæ йæ æндавой, уæд уым ныхæстæ уæлдай сты. Ахæмы цæхæры куы баппарай, уæддæр не ссудз- дзæн, уый нæ, фæлæ йæхæдæг цæхæрæн доны хос фæуыдзæн æмæ арт ахуысдзæн. 2 Цы у нæ абоны поэзийæн йæ сæйраг? Цы ис йе ’нтыстыл банымайæн? Уæлдæр, фынддæс азы æмæ ноджы фылдæр кæуыл рацыд, уыцы хабæрттыл дзургæйæ, банысан кодтон, зæгъгæ, уыдон уыдысты нæ поэзийы лæджыхъæдджын мотивты ногæй тых- джыи сырæзыны азтæ. Уыцы поэтикон романтикæ- йæн кæд цыфæнды характерон уыд мажорон фыст, боны судзаг фарстытыл дзурыны публицистон цыргъдзинад, уæддæр уымæн йæ бынты цыд перс- пективæйы хуызы сабыр, æмбаргæ хъуыды, куыд- фæстагмæ тыхджындæр чи кодта, рохтæ иудадзыг- дæр йæхимæ райсынмæ чи тырныдта. Уым, гъай- гъайдæр, алцы рæстæджы быгъдуан нæу, рæстæг 83
æй цæттæйæ не ’рхæсдзæн, хъæуы дзы дæсны лæг- ты къух, хъæуы аудгæ поэтикон атмосферæ скæ- нын. Цыфæндыйæ дæр нæм цъусгай тыхджынæй-тых- джындæр чи кæны, уыцы сабыр, æмбаргæ хъуыды- йы руаджы, нæ поэзи абон тырны цард мидæгæй æвдисынмæ, кæны диалектикондæр, аналитикон- дæр, ома рæзы поэтикон хъуыдыйы уæрæх фило- софон баиугонд хатдзæгтæм. Æниу, уый характе- рон у абон канд нæ поэзийæн нæ, уый фиппайæм нæ прозæйы хуыздæр уацмыстæм дæр æмæ уый у абоны аивады иумæйаг характерон миниуæг. Алы æцæг аивадон уацмысмæ дæр, бирæ æви цъус къаддæрæй, уæддæр ис уыцы миниуæг, æмæ адæймаг зонд æмæ удæй фыдæлтæй фæстæмæ цы фæндæгтыл рацыд, цытæ бавзæрста, кæдæм, цы уавæрмæ йæ æркодтой, уыдонимæ баст вæййы исто- рион, психологон æгъдауæй, уыдон æй кæнынц хуызджын, æндавынц йæ туг, йæ зондахастыл. Дзырд цы конкретон рæстæгыл цæуы, уымæн йæ хуыздæр миниуджытæй иу у поэтикон фæлгон- цы масштабондзинад, рæзынц йæ фæлгæттæ, куыд фæйнæрдæм, афтæ æрфæнмæ дæр, хъацыдгонд цæ- уы, историон дамгъæ йæ уæлæ фидыцæн чи хæс- сы„ ахæм хуымæтæджы æддаг атрибуттæй нæ, фæ- лæ историондзинады мидисæй, уый зыны,, цæры, аивадон амæлттæй скæнгæ характерæн йæхи ми- дæг, ис йæ туджы, йæ конды. Лирикон поэзийы та уыцы характер кæддæриддæр вæййы поэт йæ- хæдæг. Ам нæ бон у банысан кæнын нæ иукъорд поэт- ты сфæлдыстад, куыд хисдæр, афтæ астæуккаг æмæ иннæ фæлтæрæй дæр. Кæд æмæ Цæрукъаты Алык- сандрæн ивгъуыд. æмæ сомбонимæ цы бастдзинад ис, уый нæ цæсты раз сысты вазыгджын филосо- ^он, историон ассоциациты фæрцы, уым æмбæлæм $4
бирæ алыгъуызон, царды æрцæуæг цаутæ æмæ зын- гæ удгоймæгтыл раг антикон замантæй ацырдæм, уæд Нафи æмæ Гафезмæ та уый, уыцы бастдзинад, у лирикондæр, гуыры поэты мид-зæрдæйы æнкъа- рæнтæй. Нафийæн йæ ныййарæг мады фæхъуыдæй йæ зæрдæйæ, йæ интимон дунейæ стыр хæрзиуæг ахи- цæн æнустæм æмæ йыл риссы, риссы йыл аивадон уацмысы фæлгæтты индивидуалонæй, фæлæ уыи- мæ иумæ рæзы, лæгæн ахсджиаг адæймаджы амæ- лæты тыххæй адæмон хъуыдыкæнынадæй равзæргæ баиугонд эмоцион-психологон фæлгонцмæ. Иæ зæрдыл æртæфсынц зонгæ æмæ æнæзонгæ ассоциа- цитæ дардæй, нæ адæмы рагæй фæстæмæйы зын, трагикон цард-уæвынадæй. «Уый ныккалди мæ рухс бон, нызгъæлæнтæ мын ис, авгау, — кæсын æм æдзæмæй,^—ницыуал мын ис гæнæн»... фæлгонцон æнкъарынад у сыгъдæг индивидуалонгонд. Иæ хæд- фæстæ — «Уый дæлзæхмæ куы атылд, мæ сæрмæ цы хур зылд хъавгæ»... чысылгай ахуырсы адæмогс поэтикон фæлгонцон уынынады æмæ уырнынадьг фæлгъуызы — хур махæй ацæуы-амæлы. Æмæ стæй: «Æмæ мын куы нал ис Дзыццамæ бадзурыны бон мæнæн....» Æнкъарæн схæццæ йæ кулминацимæ æмæ баиу адæмон сагъæсы трагикон фæлгонцимæ. Фæлгонц цыма нæуæгæй райгуыры, нæ хъустыл * ауайынц ирон зынгхуыстыты хъæлæстæ тохы бы- дырæй, стæры фæндæгтæй: «Ой, Дзыццамæ мын чи бадзурдзæн!..», «Ой, Дзыццамæ мЬш чи фæуыдзæн хурæй хъæргæнæг!..» Дыууæ уыцы иугъуызон су- дзаг — адæмон æмæ индивидуалон сагъæсы бацæ- уынц кæрæдзийы æмбуар æмæ фæлгонц райсы арф историон-психологон масштабондзинад. Фæлгонцы ахæм арф ассоциативон хъомыс ха- рактерон уыд не ’хсæнæй афтæ æнафоны фæхъæ- уæг Бестауты Гиуæргийы курдиатæн; уæлдайдæр 8?
йе сфæлдыстады фæстаг периоды: «Хъисфæндыры ’лвæст тагау дзыназгæ /рæстæг искуы ку’ аскъуыйа мæ царды, /ме стяхтæ уæгъдидон бæхтау, уасгæ, /къахындзæг кæндзысты уæд мæ мардыл...» Гафезмæ уыцы лирикон æнкъарæн хаттæй-хатт раргом вæййы сюжеты ’руаджы, предметонæй. Алайнаджы байзæдтаджы йæ фыдыба^стæй дард фæхаста хъысмæт æмæ кæд йæ материалон уæвы- над алцыппæтæй дæр æххæст у, уæддæр йæ удæн нæ фаг кæны цыдæр, — нæ йын фаг кæны йæ фы- дыуæзæджы уынд. Цалынмæ йæ бон у, уæдмæ æр- цæуы æмæ Ирыстоны хæхтæ æмæ быдырты фæзи- лы. Фæлæ базæронд æмæ Ирыстонмæ цæуын йæ бон нал у. Уæд иу бон фæцыд æмæ Ирыстоны къæ- сæр — Дайранæй æрласта къæйтæ æмæ сæ йæ къæ- сæры раз састæрдта. Дур дур у, фæлæ райгуырæн уæзæджы дур фылдæр цыдæр амоны, уый свæййы адæймаджы духовон уæвынады иу хай. Гафезы ли- рикон хъайтарæн уыдон сты, йæ фыдыбæстæимæ, уый знои, дард ивгъуыд æмæ фидæнимæ йæ чи бæтты, ахæм: «Куы ’рцыдысты аланы къæйтæ ардæм, / мæ хæдзар — райдзаст, хъæлдзæг æмæ хъарм. /Æз нал кæсын мæ фыдыбæстæм дардмæ, / мæнмæ дæр ’ис йæ ном æмæ йæ фарн,» — зæгъы, удæнцой ссаргæ- йæ. Ивгъуыд æмæ абонмæ сæ ахаст æвдисгæйæ хæд- хуыз у се ’рмдзæф Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ Хъодзаты Æхсарæн, Джыгкайты Шамил æмæ Хъо- далаты Герсанæн, Ходы Камал æмæ Хостыхъоты Зинæйæн, Козаты Исидор æмæ Малиты Васойæн, Харебаты Леонид æмæ Бахъаты Нугзарæн, Скифи- рон æмæ Миндиашвили Сергойæн æмæ æнд. Ацы фæлтæры курдиатджындæртæй æнафоны чи фæхъуыд, — Нартыхты Михал, Дзаболаты Хаз- би, Бестауты Гиуæрги, уыдон семæ ахастой сæ би- 86
рæ рæсугъд фæндиæгтæ, фæлæ сын сæ цыбыр аз- ты саразын цы бантыст, уый нымад у нæ иумæйаг æнтыстыл, нæ поэзийы абоны уæлахизыл. Нæ абоны поэзийы цæрдхъом æмæ куыстхъом поэттæй кæй ранымадтон, уыдонмæ ма ноджыдæр ис бафтауæн, фæлæ дзырд номхыгъд фæдаргъдæр кæныныл нæу. Дзырд ууыл у, æмæ фæндзайæм-æх- сайæм азты нæ поэзимæ цы фæлтæр æрбацыд, уый йемæ æрбахаста йæхи дзуринæгтæ, йæхи цæстæн- гас, йæхи тыхджын хъæлæс æмæ йæ дарддæр кæ- нынц æвдайæм азты. Номхуындæй уыдонимæ баст у, банысангонд азты нæ литературæмæ цы ног зæр- дæйыуаг, цы ног уæлтæмæн æрбанхъæвзта, уый. Ранымадгонд поэттæ кæд сæ курдиаты миниу- джытæ, сæ фысты манерæйæ алыгъуызæттæ сты, уæддæр сæ фылдæрæн характерон у алфæмблай дунейы йе ’ппæт ныхмæдзыдтимæ уынын, поэтикон фæлгонцы полифониондзинадмæ тырнынад. Нæдæр Дуццаты Хадзы-Мурат, нæдæр Æхсар, нæдæр Шамил... нæ дзурынц, зæгъгæ, æз дæн мæ- нæ ахæм æмæ ахæм, фæлæ агурынц æмæ нысан кæ- нынц, алкæмæн дæр сæ характерон цы у, уый, кæр- дæджы сыфыл цæуа дзырд, ныры дуджы зонадон- техникон прогрессыл, æви Ирыстоныл, уæддæр. Ис поэзи кæмдæриддæр, æмæ йæ чи кæм ссары, чи та кæм. Кæй зæгъын æй хъæуы,, кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр уæлахиздзау нæ вæййынц. Хадзы-Мурат ног фенгæ, ног æнкъаргæ куы цин кæны, куы дис кæны алфæмблай дунейыл, кæнæ та йын куы фауы йæ фауинæгты, азым æй куы кæны, азымы йæ дарын цæмæй хъæуы, уымæй, уæд уый вæййы цæсты ахадгæ, ды дæр æй уыныс æмæ йыл дин кæныс, гъе, йæ фауыс, хъыг кæныс. Фæлæ фæл- гонц æмæ хъуыды æмдзу куы нæ фæкæнынц, кæ- рæдзи æххæстгæнгæ, кæрæдзи æмбаргæ-амонгæ, 87
уæд æмдзæвгæ кайы йæ хъуыдыджын аивдзина- дæй. Ахадгæ, пластикон фæлгæнцтæй хъæздыг æм- дзæвгæ «Хохаг этюд»-ы («Азты æфсæрм», ф. 13) алцы дæр у нывыл, скульптурон. Мæнæ хохаг æрдз — «Хъæуæй æрхаста æмуырдыг дурджын къул, сыгъд-уырыд...» (йæ хæдфæстæ «цыма йыл нывгæнæг æруагъта къæдз-мæдзытæ хахх» — уæл- дай биби у, нывгæнæджы «къæдз-мæдзытæ хаххæй» поэты скæнгæ ныв æрдзондæр, тыхджындæр у). Иу- къахвæндагыл хæрдмæ фæцæуынц дондзау усты- тæ, хурсыгъд сæ цæнгтæ, сæ зæнгтæ, схæссынц сæ уæхсчытыл едзаг ведратæ сындæггай,, æрттив- гæ, уæззау. Æппæт дæр у сабыр, зæрдæйыл ивы- лы фæлмасдзинад æмæ дзы гуыры уæзбын æхсар. Ныв конкретон пейзажæй у бирæ уæрæхдæр, нæ хъуыды, нæ фантазийы арæнтыл нын ахæцы фæй- нæ’рдæм. Поэтикон фæлгонц ноджы хъæздыгдæр кæны мæнæ ахæм нывæй: Устытæ куы фæцæуынц, уæд «Сæ фæрсты дуркъулыл незаманæй цæуынц сæ аууæттæ». Цæстæн дæр æмæ хъуыдыйæн дæр — фаг. Фæлæ дарддæр устыты аууæттæй хъæддаг лæ- джы нывтæ кæм зæгъы, устытæ хуыцæутты хуызæн кæм кæсынц хохы сæрæй уырдыгмæ, уыдон базза- йынц æрмæстдæр нывæй æмæ нын нæ агайынц нæ эмоцитæ. Ныв-фæлгонц хъацыд куы вæййы цардон миди- сæй, уæд вæййьт удæгас, ’хъæздыг кæны цæст æмæ зонды æнкъарæнтæ дæр: «Цъититæ — урс æрсытæ схызтысты хæхты дыдæгътæм, / се ’мбæлттæ айстой сæхи цæгатмæ — их-æрсыты рæгъаумæ. /Адон та хуыссынц, кæсынц дæлæмæ — кæмттæм æмæ рæгъ- тæм, / кæсынц уалдзæджы райгæ рæвдаугæ рæдау- мæ» («Цъитийыуарзт»). Афтæ зæгъæн ис æмдзæв- гæ «Зымæджы урс лайнертæ», зæгъгæ, уымæй дæр. Уый у сæрæй-кæронмæ уыцыиу метафорон фæлгонн. 88
Фæлæ мæнæ: «Рæстæгмæ, куыстдзагъд лæгау, куы ’рхуыссыдтæ, мæрдвынæй куы бадæ, — / Лабæйы дæ бавæрдтой, устытæ сау кæрдæнтæ бабстой. / Фæ- лæ дæ уый фæстæ скъахтой фæстæмæ дæ иубæстон адæм/æмæ дæ Дзæуджыхъæумæ раластой," рахас- той». Зæрдæ нæ агайынц, кæд æмæ алы ирон лæ- гæн дæр зæрдæсудзгæ чи у, ахæм хабарыл дзу- рынц, ома Къостайы амæлæтыл, уæддæр. Уымæн æмæ не сты аивадон фæлгонц æмæ поэтикон хъуы- дыйыл амад, дæттынц нын æрмæстдæр иумæйаг ин- формаци, поэт цы зæгъинаг у, уый тыххæй.. Мæ зæрдæ мын нæ балхæдтой Нафийы дыууæ æмдзæвгæйы, «Бадын нæ хæдзары...» æмæ «Ацы къæсы...» («Фидиуæг», 1978, №10). Æмæ, ’чи зо- ны, сæ кой нæ ракодтаин, дыууæ æмдзæвгæйы цы давынц, зæгъгæ, фæлæ сæм мæ зæрдæ цæмæй æх- сайы, уый зæгъинагыл нымайын, фылдæр та уы- мæн, æмæ Нафи ахæм тадзгæ-баргæ лыстæг ха- бæрттæм йæ хъус никуы дардта. Йæ уаты чиныг кæсы æмæ æваст йæ зæрдыл æрлæууыд, «бирæтæ» куыд цæрынц, уый афтæ цæуылнæ цæры, зæгъгæ: «Чиныг бæргæ кæсын, / фæлæ къуызыппа, / рагон уынгæг къæс у, / афтид, мæ дзыппау. Й’ алы мигæ- нæн та / хъæд æмæ цинкæй, / Уый дын — мæ гæнæн- тæ./ уый дын — мæ цинтæ!,. /Бирæтæн афтæмæй, / йедзаг — сæ къуымтæ,/ се ’хцайæн рафтæн нæй, / сихсыд — сæ бынтæн». Æмдзæвгæйы цы хъазгæмхæст мидбылхудт фип: пайæм, уый уæддæр нæ иуварс кæны материалон æнæмаст, хъæрмарт-цардыл хъуыды. Уый та, куыд æй загътон, афтæмæй Нафийæн æмæ æмткæй поэ- тæн идеал никуы уыд æмæ йæ рæгъмæ нæ хъæуы хæссын. Уый зæгъинаг дæн дыккаг æмдзæвгæйæ дæр. Ирон поэзийæн йæ равзæрдæй фæстæмæ йæ 89
хуыздæр традици у адæмы интерестыл цæрддзу кæ- нын, ;уыдон хи интерестимæ æмиу кæнын. Ам поэ- тæн йæхи хæрзвæткон удыхъæд свæййы’ сæйраг хъуыддаг лыггæнæг, æппæт райдайæнты райда- йæн. Адæймаджы хæрзвæткон æрдзы конд фæлгъауын, ууыл фыссын йæхицæн сæйрагыл нымайы Хъодала- ты Герсан. Уый йын дæтты зæрдылæмбæлгæ адæй- магондзинад, фæлæ æгæр-æгæр цъæх дæндаг кæны. Антропоморфизм характерон у æмткæй поэтæн, поэ- зийæн — æппæтыл аудын, æппæтмæ адæймагон æнкъаргæ зæрдæйы цæстытæй кæсын, фæлæ уы- мæй иппæрдгæнæн нæй нæ дунейы конды ныхмæ- вæрд вазыгджындзинæдтæн, науæд хъуыды пасси- вон кæны. Герсан уыцы вазыгджындзинад кæм уыны, кæм фæлгъауы, уым йе ’мдзæвгæ вæййы нуарджын, ахадгæ: «Фæлæ мын зæххыл æнæцæу- гæ нæй, / цыфæнды кæрдæг мыдулæй хъæрзæд, / цардмæ куы кæсон мæлдзыджы фæндæй, / чи са- раздзæнис дзыллæйæн хæрзæг,». Кæнæ æндæр æм- дзæвгæйы: «Дæ уды знæгтæ — хур дæр æмæ калм ’дæр». Ахæм æнæнхъæлæджы хатдзæгтæ кæддæрид- дæр цырын кæнынц хъуыды... Къух сисын хъæ- уы — иуæрдыгæй æнкъарæнджын зондамонæнтыл — «Кæрдзыны сыгъд æз никуы ’ппæрстон зæхмæ», «Барст мын уæд мæ низы хатт, мæ риссаг /уемæ ныр кæй дих кæнын æмбисыл»; иннæрдыгæй та — парадон рæсугъд абарстытыл. «Уынджы фæцæуын мæ риуы æмбæрц, — / хохаг сæрыстыр уæздан са- джы сих»; «Бон хуримæ кæнын æмсыгъд», «Мæ сагъæстæ — фыцгæ вулкантæ». Уыдон ницы дæт- тынц цæстæн дæр æмæ хъуыдыйæн дæр. Хиуыныны, поэтикон позæйы тенденци æмткæй арæх у нæ уацмысты. Истæуыл хъыг кæныс, маст кæныс, уæд дæ хъыг, дæ маст у денджыз, æмбал ын нæй, цин кæныс, уæддæр — афтæ. 90
Дæхицæй афтæ куы зæгъай: «Дуджы карз цæ- вæнтæм, хохмæсыгау, риуыздæхт лæууын» (Коза- ты Исидор); кæнæ «Сырхзынг нæмгуытау, ивгъуы- ды фæныкыл мæ царды бонтæ уарæгау кæнынц», «Куы амæлон искуы, уæддæр ма æрвнæрдау, мæ дзыхыдзаг зардмæ æнусон ингæнтæй фыдæлтæ стдзысты» (Ходы Камал), уæд æй рагацау алчи дæр зоны, уыдон æцæг ныхæстæ кæй не сты. Иу кæнæ иннæ миниуæг, фæзынд, хабар сыстыр кæ- нын, рахицæн кæнын иннæтæй, уый аивады специ- фикæ у, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр рæстдзинадыл хъуамæ æнцой кæна, рæстдзинадæй уæлдæр ма хъуамæ уа.. Раст у, поэтикон ныхас метафорондзинады фæс- тиуæгæн цасдæр бæрцæй абстрактон кæны, фæлæ уæддæр зæххæй иппæрд ма хъуамæ уа, йæ дыу- уæ къахæй дæр фидар хъуамæ лæууа, цæрыны дæт- тæ кæцæй исы, уыцы зæххыл. Аивад никуы быхста фæтчыхъæды ми. Фæтчы- хъæды ныхас та, иуæй-иутæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй уæлдай æнцондæр æмбæхсæн у поэзийы рифмæтæ æмæ рнтмикон къæр-къæрджыты. Гæ- джиты Барис æмдзæвгæтæ рагæй фыссы, æнтыст ын ис, ууыл æууæнды æмæ зæгъы: «Ныр бынтон рухс у зæронд йæ цардæй, — /æз кæй бахызтæн фæсарцæй саргъмæ». Иннæ ран та: «Райстон уа- дындз — сæрмагонд йæ хъæлæс». Ацы ныхæстæ фæтчыхъæдæн нæ уыдаиккой, хъуыддагæй нын сæ куы равдыстаид, уæд. Науæд уый фыссы: «Зары куырой, зары, — / хорæй у æфсæст, / никæйы хъыг дары, фиды йе стыр хæс; адæмы фæллæйттæм хорз цæстæй кæсы, / хъарм кæрдзын нæ хъæуæн / бахæрын кæны»... Нæй, «сæрмагонд хъæлæс» йæ уадындзæн нæ уыдзæн, ахæм æмдзæвгæтæ куы фыс- са, уæд, фæсарцæй саргъмæ дæр нæ бахиздзæн. 91
3 Арæх фехъусæм алыгъуызон ныхæстæ хуымæ- тæгдзинады тыххæй. Домæм аивадон уацмысæй хуымæтæгдзинад æмæ уым диссагæй ницы ис. Уæл- дайдæр нæ иумæйаг Цæттæдзинад ныллæг куы вæй- йы, уæд нæ хъæуы, нæ сæр кæуыл нæ фæрисса, ахæм хуымæтæг фыст. Бирæтæм, æвæдза, æгъгъæд фæкæсид, уæлдæр куыройы тыххæй цы ’мдзæвгæ æрхастам цæвиттонæн, уый дæр, æндæра мыхуыры дæр куыд рацыдаид. Мах хъуыдыйæ та уый у поэ- тикон анахронизм, поэтикон хъуыдыкæнынады фæ- стæзаддзинад æвдисæг. Ма ма хæццæ кæнæм- аивадон хуымæтæгдзинад æгуыдзæг примитивиз- мимæ. Æмæ ахæм цæвиттонтæ стæм куы уанккой, уæд сæ кой дæр не скæнин, фæлæ замана уый у, æмæ арæх сты, уымæй дæр тынг къæйныхæй домынц, сæ сæр сын сæрмæ куы хæссикой, уый. Афтæмæй куы газетты, куы та журналты фæрстæй радарынц сæ сæртæ, сæрмагонд чингуытæй дæр раивылынц. Ахæм «поэтикон» продукцийы автортæ уæлдай зæрдиагдæрæй æвналынц бæрнон æмæ цытджын темæтæм, развæлгъау сæ фæнд сæ зæрдыл даргæ- йæ, ома темæйы актуалондзинады, цытджындзина- ды фæрцы уæддæр ныммыхуыр уыдзысты. Æмæ цы? Сæ фæнд цæуы. Цæмæй мæ ныхасы рæстдзи- надыл чиныгкæсæг хуыздæр баууæнда, уый тых- хæй æрхæссæм- дæнцæг: «Не стыр æфсымæртæ, номдзыд уырыссæгтæ, / афтæ уæ фæрцы у цард. / Рацыд дзæвгар рæстæг, хохаг ирæттимæ / иумæ куы бахордтат ард.../ Не стыр æндон Цæдис, уар- зон фыдыбæстæ / буц у (Ирыстон дæуæй./ Уарзон Уæрæсейы абон Къостайы кад/райгæ, хæларæй цæры. / Зары сæрибарæй, зары фидыдадыл,/семæ^ æнгомæй цæры. / Цин кæнæм иумæ, нæ уарзон æф- сымæртæ / не стыр бæрæгбон кæнæм. / Аразæм 92
стьтр фидæн, иумæ коммунæмæ / размæ æнгомæй цæуæм. («Советон Ирыстон», 1979, 27 август). Æм- дзæвгæ хуыйны «Æфсымæртæ» æмæ йæ авотр у Цхурбаты Иван. Цы хъауджыдæр ис ахæм æм- дзæвгæ æмæ хуымæтæджы газетон уацæй? Мæнмæ гæсгæ, ис уæддæр æмæ уæддæр: ’дзырдæй-дзырд- мæ ахæм уац зынтæй исчи ныммыхуыр кæндзæн, уымæн æмæ былалгъæй фыст у, йе ’взаг — гуыры- мыхъ, хæццæ-мæццæ, фæлæ æмдзæвгæйæн, куыд æй уынæм, афтæмæй, бирæ у йæ бон быхсын. Иван- мæ ахæм æмвæзадыл фыст æмдзæвгæтæ донарæ- хæн сты, зынтæй сæ ссардзынæ аив поэтикон фæл- гонц, дзуапп нæ дæттынц поэзийы элементарон до- мæнтæн: «Цалдæр азы туг фæкалдтой / ’фсымæрон Вьетнамы адæм / Фæлæ цард — хъæддыхдæр тул- дзæй. / Нæй сæрибарæн ныссæттæн, / адæм раста- дысты карзæй/æмæ янкиты æфсæдтæ / фесты ли- дзинаг æгадæй». (Уый дæр уым). Ахæмтæн прими- тивон уацмыстæ рахонæн дæр куыд ис, кæд æмæ сæ туджы æрхъис) æмæ хуызы мур нæ баззад, сте- рилизацигонд æрцыдысты. О, æнтыстытæ ис, фæлæ нæм фæстæзаддзинад дæр цас ис! Ууыл дæр къух æмбæрзæн нæй. Сте- рилон поэзи нæ литературæйы йæхи æвдисы сæри- барæй алы æмæ алы хуызты: Хатт’йæ уæлæ гам- худ дæр æркæны æмæ йæ уæд, иу бакастæй, гæнæн ис, æмæ ма фæхатай, фæивддзаг дын уа, фæлæ йæм лыстæгдæр æркæс, уæд дын йæхи нæ басусæг кæн- дзæн. Сæйраг у, ма дæ ферох уой, ацы литературон типмæ уацмыстæ цы миниуджытæм гæсгæ хауынц, уыдон: уацмыс кæуыл, цæуыл, цæмæн æмæ йæ чи, цыхуызæн поэт фыссы, уый бæрæг ма хъуамæ уа. Иудзырдæй, хъуыддаг дæ ис суррогаттимæ: Мæнæ, гъе дæнцæгтæ цæвиттонæн: «Лæг — бæлццон, æдзу- хдæр размæ — /фидæнмæ кæсы./ Тохы ’хсыст нæр- тон тырыса/’ндон къухты хæссы». (Фидиуæг», 93
1978, №12, ф. 3) «Парчы фæхсбандоныл бадын, / уадзын.мæ фæллад æмæ/хъусын æхцонæн æхсар- джын / Леуахи-доны хъæрмæ». (Уый дæр уым). «Æрыгонæй дæр æз / æмдзæвгæтæ фыстон, / æмæ куы схастон рæз, — / мæхиуыл тынг куыстон» (Фи- диуæг», 1977, №7, ф. 34). «Мад æмæ саби кæрæ- дзи / афтæ тынг уарзынц, — / æмæ æнæ сæ кæрæдзи /никуы фæразынц. (Уый дæр уым, 37 ф.). «Дæу зæрдæрыстæй ма мысон, / нæй мын уый бар, мæ мад, / (йæ мад мард у, — Æ. X.) иу æмдзæвгæ дыл афыссон, уый фадат мын-иу ратт» («Фид.», 1978, №7, ф. 24). «Дзурын демæ къæмдзæстыгæй / æз мæ ныййарæг мад, / гъе, кæм мын дæ, цы бæсты дæ?..» (Уый дæр уым, уыцы æмдзæвгæйы). Ма дис кæн, чиныгкæсæг, ууыл, йæ мад мард уæвгæйæ, уæддæр кæй нæ зоны, кæм ын ис, уый, куы йæ загъ- тон: стерилон уацмысы бæрæг хъуамæ мацы уа; къæмдзæстыг цæмæн у йæ разы, уый дæр ма хъуа- мæ зона. Æнхъæл дæн, ныр дын бæрæг у, стерилон поэзимæ цавæр уацмыс æмæ цæмæ гæсгæ хауы, уый, æмæ дæ нал фæлмæцын кæндзынæн дæнцæг- тæй, дæхæдæг сæ кæс чингуыты, журналты æмæ га- зетты, зыныссарæн дын нæ уыдзысты. Æз та ма иу хатт æрыздæхон хуымæтæгдзина- ды фарстмæ. Нæй хуымæтæгдзинады эталон. Уый цæуы ивгæ, дуг, рæстæг куыд ивы, афтæ. Иу нæу Секъа æмæ Къостайы хуымæтæгдзинад, афтæ иу нæу Къоста æмæ Цомахъы, Нигеры ... хуымæтæг- дзинад дæр, вазыгджынæй-вазыгджындæр кæны. Æркæсæм-ма Къостайы «Ирон фæндыр»-мæ: стæм дзы сты метафорон вазыгджын фæлгæнцтæ, хæрх — эмоцион фæлгæнцтæ. Ам эмоцион уæзхæссæг сты дзырдтæ сæхæдæг, дзырдтæ ахæм ахастыты бацæ- уынц, æмæ нын арф поэтикон æнкъарæнтæй ныц- цæвынц нæ зæрдæ. Уый æмткæй характерон у æну- дæсæм æнусы классикон поэзийæн. Уыйхыгъд дыу- 94
уынæм æнусы поэзийы сæйраг миниуæг сси вазыг- джын, уæрæх поэтикон фæлгонц-метафорæ. Ахæм метафорæ банкъарын хъæуы комплексон æгъдауæй, уый нæй, уæд фылдæр хатт разыны уазал, кæнæ та йæнæ банкъарæм кæронмæ æмææххæстæй:Бур-бу- рид, царвы хъуырауау, /кæрдо йæхимид ныссæлæф/ мачи йæ ратона хъуамæ,/ уадз æмæ афтæ ызмæ- лæд. /Чи зоны уый фæрцы фæззæг /махимæ дарддæр фæцæра». (Дзугаты Георги). Æмдзæвгæйы кæрдо æмæ фæззæджы дзырд ис, фæлæ махыл та царды сагъæс æртæфсы. Цыма хуымæтæджы фæлгонц, фæ- лæ нын цас загъта лæджы сагъæсты тыххæй. Ноэтикон метафорæйы уидæгтæ арф æмæ дар- дыл сты, йæ ассоциативон фæлгæттæ дæрдтыл æн- хъæвзынц. Уый чиныгкæсæгæй домы бæрæг цæттæ,- дзинад йæ бамбарынæн, йæ банкъарынæн, уымæ гæсгæ иуæй-иутæн ницæуыл дзуры, у хуымæтæджы сæрсæттæн, иннæтæн та у æнæхъæн истори чысыл мисхалы. Ахъары зонд æмæ-зæрдæйы, базмæлын нын кæны нæ уды тæгтæ, нæ уæвынад. Фæуæрæх- дæр .дзырды семантикон мидис, уый руаджы фæ- уæззаудæр æмдзæвгæ. Ам мæ банысан кæнын фæнды иу хабар: фæл- гонны вазыгджындзинад уæлдай характерондæр у нырыккон æмдзæвгæйæн, сæрибар формæ кæй хо- нынц, уымæн. Уый йæхи рады æндавы традицион æмдзæвгæйыл дæр. Фæлæ уыцы æндæвдад алы хатт нæ вæййы хæрзахадгæ. Нæ поэзийы иу, дыу- уæ, æртæ æмæ фылдæр уæладзыгон эпитеттæ-бæ- рæггæнæнтæ кæй сарæх сты, уый бирæ бæрцæй цæ- уы ног æмдзæвгæйы æндæвдадæй. Кæмæдæрты уый цыдæр хорзау фæкаст иу ран дæр æмæ иннæ ран дæр, афтæмæй та дзы хорзæй ницы ис, æмдзæвгæ æнæхъуаджы хæмпæл цы кæны, уый еттæмæ. Эпи- тет хъуамæ цæсты ма хауа. Уый хъæуы бæрæггæ- нинаг дзырд хуыздæр равдисынæн, мах та дзы цы- 95
дæр стырдæр поэтикон хæрзиуæг æнхъæл вæййæм, хъæуа-нæхъæуа, уæддæр æй номдарыл аныхасæм: Æрхæссæм дæнцæг: Асаты Реуаз йæ царды азтæй зæгъы — «Худынц мæм, сырхфарс фæткъуытæ. Цы- ма сты рæсугъд чызгайы хъуырыл арвы роны авд хуызы фæрдгуытæ» («Фидиуæг», 1978, №2, ф. 21). Авторы æмдзæвгæйы зæгъын фæнды, зæгъгæ, мæ азтæ сты бæласы цонгыл фæткъуыты хуызæн — ра- дымдта æмæ нызгъæлдысты. Поэтикон хъуыды дзы ис, æнкъарæнтæ дæр — афтæ, фæлæ утæппæт эпитеттæ сæ уæлæ стыгуыр сты æмæ дзы лæг рæ- стмæ ницыуал хаты. Мæнæ куыд рауад: азтæ сты фæткъуытæ, уый — иу, уыцы фæткъуытæ сæхи ра- ды сты фæрдгуытæ, уый — дыууæ, фæрдгуытæ сты арвы рон, уый — æртæ, арвы ронæн ис авд хуы- зы — цыппар, арвы рон у чызгайы хъуырыл ауы- гъд — фондз, чызгай та у рæсугъд — æхсæз. Авторы хъуыды — йæ азтæ сты фæткъуытæ, уый нæ рох дæр фæци. Зæгъын нæ цы фæнды, уымæн æппæт амæлттæй дæр æрттивæнтæ-фидауæнтæ кæй агурæм, уый нæ арæх æркæны æвидыц, гуылмыз хабæрттæм. Но- джы Реуазмæ «Хърихъуппытæ, хус чъерчъиты ха- лау, айвæзтысты». Пухаты Алыксандырмæ тулдзæн «Дурынвидар — йæ къабæзтæ, / лалымдыппыр — йæ гуыр». (Æниу, кæд йæ къабæзтæ дурынвидар сты, уæд ма йæ гуыр лалымдыппыр куыд. уыдзæи, стæйдæркæм исйæ-гуыр та?). Козаты Исидормæ «Удты тæригъæдæй зæрдæ ныллалым». -Ныллалым, зæгъгæ, фæзæгъынц æфсæст кæнæ расыгæй... Хорз загъта Алексей Толстой кæддæр эпитеты тыххæй: «Эпитет — это ужасная, это вульгарная вещь. Эли- тет надо употреблять с большим страхом, только тогда, когда он нужен...», Æмæ ма ноджы: мах æппæт амæлттæй дæр тырнæм куыд нæхи ирон поэзи, афтæ æфсымæрон адæм- 96
ты æмæ дунейы поэзи зонынмæ дæр. Фæлæ иу хатт кæйдæр къухы цы бафтыд, уый фæстæдæр фæл- хат цæмæн кæнæм сыгъдæгæй, кæнæ та вариант- ты хуызы. Къостайы æмдзæвгæйы рæнхъытæ «Мæ гутон, мæ галтæ — / мæ фæндыр, мæ зонд/мæ ка- дæг, мæ зарæг — / мæ цард хоры конд.» сабийæ зæ- рондмæ алчи дæр зоны. Ныр Реуазы уæддæр ба- хъуыд се сфæлхат кæнын йе ’мдзæвгæйы, цыма нæ- уæг цыдæр загъта, уыйау: «Мæ цæвæг, мæ галтæ, мæ гутон — / мæ кадæг, мæ одæ, мæ зарæг.» («Фи- диуæг», 1978, №2, ф. 21). Мæнæ уый та ноджы ногдæр æмæ цæстæфтгæ- дæр хабар: уырыссаг поэт Николай Асеевы æм- дзæвгæ «Песня о Гарсиа Лорке», зæгъгæ, уым ис ахæм ситуаци: номдзыд испайнаг поэт Гарсиа Лор- кæйы 1936 азы испайнаг фашисттæ æрцахстой æмæ йæ боны цъæхтыл фæсгорæт фехстой. Уый фæстæ лæгмартæ минасы фынгыл æрбадтысты æмæ Лор- кæйы зарджытæ кæнынц: «А жандармы сидели лимонад попивая, И слова его песен про себя на- певая.» Хæрз æрæджы, 1979 азы, журнал «Мах дуджы» № 10-ы 49 фарсыл кæсæм Гаджиты Георгийы æм- дзæвгæ «Зарæг». Уым дæр уыцы ситуаци: Хетæг- каты Къостайы пæлицæ æрцахстой æмæ йæ ахæс- тоны дарынц. Иæ хъахъхъæнæг у ирон жандарм æмæ уый дæр, испайнаг жандармтау, зары, æр- мæст — Къостайы «Додой»: «Ирон жандарм та хъахъхъæнæг лæууыд, / йæхинымæр Кьостайы «До- дой» зарыд.» Иудзырдæй, уырыссаг цытджын поэт, сыгъзæрины къæрттау, кæй ссардта, уыцы поэтикон фæлгонц æввонгæй, æнæфсæрмæй бахызт ирон поэ- ты æмдзæвгæмæ. 7. Æлборты X. 97
4 Ныр ам æрæвæрин стъæлф æмæ ууыл балхынцъ уайккой мæ фиппаинæгтæ, фæлæ мын æнæзæгъгæ нæй, не ’ппæтæн дæр хъуыдиаг чи у, иу ахæм хаба- ры тыххæй. Мах тыхсæм нæ поэзийы абоны уавæр- рыл æмæ йыл дзурæм,, фæлæ мин хатты фылдæр тыхсинаг чи у, уый та нæ сомбон у, æмæ ууыл нæ дзурæм. Чи уыдзæн райсом нæ литерату- рæйы рохтыл хæцæг? Кæм сты? Ныр къорд азы нæ литературæмæ ног, зæрдæ кæмæй бавæрдæуа, ахæм фæлтæр нæ зыны. Æвзонгдæрыл кæй нымайæм нæ фысджыты ’хсæн, уыдоныл цæуы 30—35-гай азтæ. Уыдонæй дæлæмæ нæм литературон фæсивæды но- мыл чи ис, уыдонæн, гъе, сæ хъысмæт литературæ нæу, гъе, та сæм æндæр цыдæр аххосаг ис — йæхи равдисынхъом дзы ничи у. Фыссынц æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ сæ журналтæ, газеттæ мыхуыр кæ- нынц, рауагъдадтæ сæ чингуытæй уадзынц æрмæ- стдæр уымæн, æмæ фæсивæды номыл хъуамæ ис- ты мыхуыр цæуа, зæгъгæ. Ахæм лæхстиаджы уа- вæр нæ кæдæм’ æркæндзæн, уый зын рахатæн нæу. Цæмæн афтæ смæгуыр стæм курдиæттæй?1 Кæд, миййаг, не ’дыхст, не ’нæмæты аххос у, алчи дæр нæ йæ зынаргъдæр аудинагыл нымайы йæхи чысыл дуне, йæхи сæрмагонд уды уæвынад? Раст у, кур- диæттæн административон æгъдауæй нæй самал- гæнæн. Фæлæ сæхигъæдæй дæр куы нал гуырой, уæдуым цыдæр аххосаг ис æмæ катайаг дæр уый у. Литературæйы цы уæвæг цæрдхъом тыхтæ ис, уыдон сæхимидæг трансформацигонд куы цæуой, уæд уый хорз у æмæ уый иу.хабар у, фæлæ лите- ратурæйыл ног æмæ ног тыхтæ куы ’фта, ног хъæ- лæстæ дзы куы хъуыса, уый та — æндæр. Номхуын- 98
дæй уыдонмæ у не скаст, уыдон сты йæ сомбон ли- тературæйæн. Литературæмæ чи ’рбацæуы, уый йæ хъуамæ йæ- хицæн нымайа уæлдæфыл, йæхи йын дæтта зондæй дæр, зæрдæйæ дæр, материалонæй дæр æмæ алцы- ппæтæй дæр. Æз нæма федтон мæ дыууæ цæстæй æмæ нæ фехъуыстон чингуыты бакæсгæйæ дæр «уд- уæлдай фыдæбонæн» табугæнæг поэттæй цардæй æфсæст, хиввæрсон, хъал чи уыдаид, иунæг ахæм дæр. Уыдон зонынц хуыцауæн дæр æмæ æлдарæн дæр иу — поэзи æмæ рæстдзинад, сæ куыст та у «æххуырсты куыст», поэзийы раз уа, æви «æнусон- дзинады раз», — уæлдай нæу. Уый мидæг уынынц сæ царды, сæ уæвынады мидис, хорз сын уа æви æвзæр, пайда сын уа æви зиан, уæддæр. Æниу, цæй пайда æмæ цæй зиан, кæд æмæ «поэзия — езда в незнаемое» æмæ цы ран «успех — не успех». По- эзимæ бархъомыс ис, «удуæлдай куысты» хъизæ- мар йæхицæц’ барвæндæй амондæн чи равзæрста, уыдонæн, æмæ йæм нæй, истæй — кады, гъе, æф- тнаджы æнхъæлцау чи у, уыцы адæймæгты бар- хъомыс. Гъе, ахæмтæ сты, нæ абоны ирон поэзийы тыххæй цы ’хсæны ныхас æрæфтыдтам, уым мæ фиппаинæг- тæ æмæ фæндийæгтæ дæр. Æцæгдзинадæй цас раст æмæ рæгъмæ рахæссинаг сты, уымæн та сæйраг тæрхонгæнæг фæуæд чиныгкæсæг йæхæдæг. 1979 99
ФЫЛДÆР АКТИВОНДЗИНАД: СФÆЛДЫСТАДОН ÆМÆ ÆМБÆСТАГОН Кæцыфæнды литературæйы хъысмæт дæр — йæ цæрдхъомдзинад, йæ сомбоны перспективæтæ бæ- рæггонд цæуынц’ æппынæдзух ивгæ-рæзгæ сфæл- дыстадон фæлтæрæй, уый цардон активондзина- дæй, курдиатæй йæ раттæг адæмы уды гуырæнтæм æмæ тырнындзинæдтæм цæйбæрц хæстæг лæууы, уымæй. Уымæ гæсгæ алы национ литературæйæн дæр цахæмфæнды хорз аивадон уацмыс сфæлдисы- нæй къаддæр нысаниуæг нæй литературон ’фæл- тæр схъомыл кæнынæн. Уый хъуамæ ацæуа дард- дæр, рæза,уд æмæ туг уадза хистæрты традициты. Ирон литературæйы æппæты фæстаг рæстæджы — 70-æм азты, махмæ рацыд æвзонг фысджыты ног фæлтæр. Уыдонæй_иутæ, куыд Цæгаты, афтæ Хус- сары дæр, мыхуыры сæхи æвдисын байдыдтой 60-æм азты кæрон, фæлæ æмткæй уæрæх фæндаг- мæ рахызтысты фæстæдæр азты. Иннæты сфæл- дыстадон биографи та райдыдта нырма еныр. Адонæн сæ фылдæрмæ, кæд нырма æвзонг сты, уæддæр ныридæгæн бæрæгбæрцæй уынæм .бæрæг цардон æмæ сфæлдыстадон фæлтæрддзинад, уый æвдисынц сæ уацмысты — æмдзæвгæты, радзырдты, уацауты. 70-æм азты фæлтæр кæд 50—60-æм азты фæлтæримæ уд æмæ тугæй хæстæг у, уæддæр хицæн кæны йæ иуæй-иу гъæдон миниуджытæй. Афтæ, æмæ кæд фыццæгтæ литературæмæ цыдысты гом риуæй, уынæргæнгæ, темпераментонæй, тырныд- той æппæт амæлттæй дæр литературæйы сæхи æр- бæстон, æрбиноныг кæнынмæ, сæхи тыххæй ин- нæты дæр сдзурын кæнынмæ—ардыгæйцыдсæ иу- 100
цасдæры бæрц декларативондзинад æмæ райдианы цыфæндыйæ дæр формæйы хæдхуыздзинадмæ тыр- нын, уæлдайдæр та поэзийы, уæд уый нæ зæгъдзы- нæ ныры æвзонг фæлтæрæй. Аивгъуыдта романти- кон уæлмонцдзинад æмæ æвзонг фысджытæ ныхъ- хъуыды кодтой сæхиуыл æмæ сæ алфæмблай ду- нейыл, кæд иудадзыг нæ, уæддæр афтæ зыны. Уы- донæн фылдæр характерон у хиуылхæцондзинад, талф-тулфæй нæ архайынц, фæлæ сабыргай сæ хъус дарынц цардмæ. Ам ис, кæ#г зæгъын æй хъæуы, цæмæй раппæ- лæм, уый. Ахæм ахаст аивадон уацмысы предмет- мæ, æмткæй алфæмблаймæ фадат дæтты нæ царды диалектикон мидис фæлгъауынæн, цауты рæзт хъайтарты мид-зæрдæйы сагъæстæ анализ кæны- нæн. Фæлæ уый йæ мидæг æмбæхсы иу тæссагдзинад дæр, æмæ йæ рохуаты уадзын нæ хъæуы. Уыцы тæс- сагдзинад райдианы нæ зыны, цæсты нæ фæахады, фæлæ куыдфæстагмæ тыхджынæй-тыхджындæр кæны — уыйадыл миййаг куы фæкъуымых уа де ’мбæстагон активондзинад, цæстытæ ’цырдæй алцы куынæуал ахсой, мид-зæрдæйы дзурæнты куы ацæуай, куы ныууазал уай æппынфæстаг æмæ*дæ куы ницыуал æндава. Уымæ гæсгæ сфæлдыстадон фæндаджы райдиан цы позици æрцахсай, дæ уды сфæлдыстадон уæвынад цы пафосæй сулæфа, уы- мæн стыр нысаниуæг ис. Уымæй бæрæг цæуы, æвзонг авторæн йæ дарддæры фæндаг цыхуы- зæн уыдзæн, уый дæр. Номхуындæй уыцы пафо- сы ’руаджы вæййы аивадон уацмыс социалон æгъ- дауæй цыргъ æмæ æмбæстагон æгъдауæй та — активон. Ацы фарстыл ам ныхас бæрæг-бæрджытæй уый тыххæй æрæфтыдтон, цæмæй нæ адæмæн аи- вадон дзырдæй лæггад кæныны фæндагыл не ’взонг 101
фæлтæрæн сæ къухы бафта зæрдæзæгъгæ уæлахиз- дзинæдтæ, цæмæй уыцы фæндагæн йæ абон куыд ныфсæвæрæг у, афтæ рæсугъд æмæ тылрæгджын уа йæ сомбон дæр. Зæгъæм бæрц ныхасæй не ’взонг фысджытæй цалдæры сфæлдыстады тыххæй. Ам фыццаг рады ракой кæнын æмбæлы, мæнмæ гæсгæ, прозаиктæ Гуыцмæзты Алеш, Хъазиты Ме- литон, Жажиты Анатоли æмæ поэт Хаджеты Тай- муразы нæмттæ. Ахæм рæстæджы кæддæриддæр фыццаг поэтты коп ракæнынц, стæй та прозаикты — традициахæм у. Фæлæ ныр æз прозаикты фæраздæр кодтон. Уып æнæнхъæлджы нæу. Йс, æвæццæгæн, цыдæр закъонбæрцад уым дæр, æмæ не ’взонг сфæлдыста- дон тыхтæ фæстаг рæстæджы фылдæр прозæйы кæй кусынц. Раст зæгъгæйæ, се ’нтыстытæм дæр сын уым фылдæр æнхъæлмæ кæсæм. Æмæ канд æв- зæнгтæ нæ, ныр нæ фæлтæрд поэттæй дæр бирæтæ се ’р^ом аздæхтой уымæ, алы национ литературæйы рæзты æмвæзад дæр чи бæрæг кæны,' уыцы жанр- мæ — прозæмæ. Æмæ сæ хъиамæт, зæгъæм æй ком- коммæ, доны къусы сæфт нæ кæны. Иудзырдæй, æнкъардæуы, ирон прозæ абон ног хъарутæ кæй æмбырд кæны, ног бæрзæндтæм кæй æвналы æмæ уым нæ фæлтæрд фысджыты ’мрæнхъ ис æвзæнгты хъомыс дæо. Уæлдæр ранымад æвзонг фысджытæ, чи чысыл раздæр, чи чысыл фæстæдæр, фæлæ уæддæр иу рæстæджы æрбацыдысты литературæмæ æмæ ныр дæс азы, гъе та фылдæр кусынц фæрсæй-фæрстæм, баисты фæйиæ кæнæ дыгай чингуыты автортæ, науæд та «Фидиуæджы» ныммыхуыр кодтой^ ра- дзырдты циклтæ æмæ уацаутæ. Адонæй алкæмæн дæр ис йæхи бæрæг-бæл- 102
вырд темæтæ æмæ проблемæтæ, йæхи хъæлæс, сфæлдыстадон æрмдзæф. Мæнæ Гуыцмæзты Алеш — се ’ппæты кæсдæр. Ацы æвзонг фыссæджы «Фидиуæджы» фæрстыл чиныгкæсæг йæ фыццаг радзырдтæй базыдта, куыд курдиатджын суинаг прозаик, афтæ. Критикæ дæр æй рохуаты нæ ныууагъта. Иыр урадзырдты æмæ къаннæг уацауты æмбырдгонды автор, цæттæ кæны дыккаг чиныг дæр рауадзынмæ. Йæ хуыздæр уацмысты, традицион таурæгъон манерæ бахъахъхъæнгæ/йæ, иуæрдыгæй йæм ирон эпосæй æмæ иннæрдыгæй та литературон классикæ- йæ чи цæуы, уый ары йæхи стилон хæдхуыздзинад. Уымæн манерæ рахонæц дæр цыма нæй, ахæм æр- дзон, ахæм аивадон туг æмæ стæгой конд у. Алешы фысты сæйраг æмæ хорз миниуджытæй иу уый у, æмæ йæм дзырд у сæрибар, хæдбар, уырзæй сга- рæгау æй æнкъарæм. Уый у ныхас нывæндыны фæ- рæз, фæлæ ма уыимæ иумæ свæййы, афтæ зæгъæн ис, нæ хъусдарды, нæ узæлды сæрмагонд предмет дæр. Не ’нкъарæнтыл æмбæлынц йæ алы фæлгъуы- зтæ, йæ ад, йæ тæф... Цæуыл фыссы æвзонг фыссæг?. Уый у хъæу, хъæууон цардуаг, хуымæтæджы хъæууон цæрджы- ты психологи, сæ митæ, сæ куыстæгтæ, сæ бæллиц- тæ. йе сфæлдыстадон иртасыны сæйраг объектæн исы йæ хъайтарты миддуне æмæ уымæй йæ уац- мыстæ кæнынц æлвæстдæр, хъандзалдæр, ахадæн- дæр. Æцæг æм уыцы фæндагыл ис къуыхцытæ, уы- дон уæлдай арæхдæр уыдысты райдианы. Лыстæг- гай психологон анализмæ тырнгæйæ-иу уацмысы архайд куыддæр æрбакъуындæги, йæхимидæг-иу нылхынцъытæ, йæ базыртæ айтындзæн æй нæ уыд. Ахæм фау æрхæссæн ис къаннæг уацау «Æхсæви- дармæ» ацы уацмысы æмном чиныджы. 10с
Уыцы миниуæг нал уынæм йе ’ннæ къаннæг уа- цау «Дæ чъызгæ уарзт»-ы. Ам психологон хахх сæрæй бынмæ цæуы ирдæй, уырны нæ, архайды нæй ныллæг æрхауæнтæ кæнæ цæхгæр сысхъиудты- тæ, здыхт бынæттæ. Психологон хаххы рæзт æмæ архайд сты кæрæдзиимæ æнгом баст, цæуынц иу- мæ, мæнæ æмвæтæн доны цыдау. Алы чысыл лред- мет, чысыл ныв дæр æй хъæуынц, йæ сæры хицау- æй адæймагон æхцондзинад чи не ’взары, уыцы уарзæгой сылгоймаджы сагъæстæ хуыздæр, арф- дæр раргом кæнынæн. Ис дзы иу æнахуыр ситуаци — калм æмæ сыл- го«ймаджы хæлар, интимон ахаст. Искæмæ æрæ- мысæггаг фæкæсдзæн, миййаг. Æз та йыл æууæн- дын. Уый фæрцы хуыздæр æргом цæуынц ус æмæ лæджы характертæ, сæ кæрæдзимæ ахаст. Гуыцмæзты Алешы уацмыстæм.ма фиппайæм иу миниуæг, йæ курдиаты хъæд ын чи бæрæг кæны, ахæм. Уый у характерты æнкъарын рæстæг æмæ тыгъдады, уыдон психологон æгъдауæй бацæуынц рæстæджы цыд æмæ тыгъдады ’вæзты æмбуар, æмæ сын мах сæ реалондзинадыл, се ’цæг адæймагон цардыл ницæмæй дызæрдыг кæнæм. Ацы историон- психологон æмбуардзинады, æмуддзинады, исто- ризм кæй хонæм, уым сты алы æцæг аивады уи- дæгтæ дæр. Æхсызгон у, уыцы курдиатæй Алеш йе сфæлдыстадон куысты райдианы хайджын кæй у, уый. Уымæй нын йæ сомбонæй хорз ныфс æвæры. Характерты уыцы нсторизм æнкъарынад ис драма- тикон таурæгъ «Уæлзæххон сау дзыдзыда»-йы, психологон радзырд «Куы фæниуынц.куыйтæ»-йы, ноджы иннæ, ногдæр «Чи адавта марды», цыран миф æмæ реалондзинад аивæй æддæг-мидæг ауа- дысты^ саби лæппуйы арф æнкъараг зæрдæйы. Алеш æвдисы ныфсхастдзинад йæ хъайтарты карз цардон ситуациты æвдисынмæ, фæлæ нырма 104
æвзонг у æмæ йæ фæлгъаугæ цæстæнгас, йæ зæр- дæйы хъуыдымхиц æнкъарынад цæмæй се ’мбæрц сырæзой æмæ сæ гаччы сбадой, уый тыххæй йæ куыд сфæлдыстадон, афтæ æмбæстагон активон- дзинад дæр фылдæр æвдисын хъæуы, хъуамæ цар- ды удæгас, иудадзыг ивгæ æмæ змæлгæ, диалек- тикон ныхмæдзыдтæй йе ’мыдзаг, буармæ хæстæг- дæр, æнгомдæр балæууа, уæд ын йæ объективон вазыгджындзинæдтæ хуыздæр æвзардзынæ. Уый фæрцы дæхи дæр хуыздæр бамбардзынæ, перспек- тивæйы фендзынæ, дæ куыст цас æнæмæнгхъæуæг у, уый. Æндæр сфæлдыстадон æрмдзæф ис нæ иннæ ’взонг, æнæмæнгдæр курдиатджын прозаик Хъази- ты Мелитонæн. Уый ныридæгæн у радзырдтæ æмæ уацауты дыууæ чиныджы автор. Хæрз æрæджы ныммыхуыр кодта ноджы дæр иу уацау «Фидиуæ- джы» фæрстыл, «Алмас», зæгъгæ. Йæ уацмыстæн уый æрмæг исы, цардæй йын хуыздæр зындгонд, хи удыл æвзæрст цы хабæрттæ ис, уырдгæй. Уыдон та сты нæ фæсивæды цард æмæ фæллой. Иæ йъайтарты йын æнцонæй равзар- дзынæ рæстæджы арæнты — уыдон сты 60—70-æм азты адæймæгтæ. Искæй фæрсын æй нæ хъæуы уыдон тырнын- дзинæдтæ, бæллицтæ, ахастытæ базоныны тыххæй,, уый йæхæдæг у уыцы фæлтæрæй, йæхæдæг у йæ уацмысты хъайтартай иу. Уымæй æвзонг фыссæ- джы сфæлдыстад йæхимæ здахы нæ сæрмагонд хъусдард. Иу хабар у, фæсивæды цардыл куы фыс- са ацаргæ фыссæг, йæхи царды фæлтæрддзииадæй, йæхирдыгонау царды !скъæрæнтæ бавзаргæйæ, ин- нæ та, уыцы темæйыл куы куса æвзонг фыссæг, йæ литературон хъайтары æмцахъхъæн адæймаг. Ам нæ цымыдисдзинад кæны дывæр фылдæр: куыдæй, цыхуызæнæй уыны, зоны автор йе ’мцахъхъæнты — 105
абоны рæзгæ фæсивæды, цæмæй цæрынц æмæ цæй тыххæй цæрынц, æмæ иннæмæй та — куыд у, цыхуызæн у йæхæдæг рæзгæ фыссæг, йæ хъайтарты æмкар, куыд нывгæнæг, афтæ йын цардмæ цахæм цæстæнгас ис, цахæм, нывгæнæджы концепциимæ хъуамæ бацахса йæ бынат литературæйы хисдæр фæлтæры фæдыл... Мелитон абоны онг цы уацмыстæ ныммыхуыр кодта, уыдонмæ гæсгæ йæ цымыдис фылдæр здæхт у йæ хъайтарты интимон дунемæ. Бæлвырддæр нæ бон уый зæгъын у, æмæ йæ радзырдты фылдæр хай, стæй йæ уацаутæ, иуæй фæстæмæ, нывæзт сты хъайтарты кæрæдзимæ уарзон ахастыты коллизи- йыл. Ам ьщ мс æнтыстытæ: йæхи хизы æддаг бæр- джытæ фыссынæй, хуымæтæджы, алкæмæн дæр зындгонд чи у, уыцы цардон хабæрттæ æмæ факт- тæй. Æвзонг прозаик йæ хъайтарты хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсы, йæ зæрдæмæ сæ хæстæг кæй исы, уый руаджы йæ уацмыстæм æмхиц у зæрдæбын лиризм. Къорд радзырды, стæй уацаутæ «Уарзтмонц зæрдæты кадæг» (æмном чи- ныджвг, 1976, «Ирыстон») æмæ «Алмас» (Фиди- уæг», № 2, 3. 1978) —уымæн æвдисæн. Ацы уанмысты æвзонг прозаик кæй арæхсы хъай- тарты уды чиныг кæсынмæ, се ’взаг æмæ харак- терты кæрæдзийæ хипæн кæныпмæ, сюжет нывæн- дынмæ, уый тыххæй бнр’æ дзурыны сæр нæ хъæуы. Ам нын йæхи æвдисы ифтонгæй, хатæм æм арæхст- дзинад. Мæн фæнды æндæр хъуыддаджы тыххæй зæгъын, уый мæм кæсы хъæуæг: цавæрфæнды проб- лемæйыл кусгæйæ дæр, моралон-хæрзвæткон дæр уæд, кæсын хъæуы, адæймæгты ’хсæн, адæймæгтæ æмæ рæстæджы ’хсæн цы реалон ахастытæ ис, уы- донмæ, æмæ афтæмæй кæрд дæ хъуыды. Уæд бæ- рæг уыдзæнис нывгæнæджы царды концепци дæр, 106
æмæ характертæ дæр уыдзысты реалистон, уыр- нинаг, æцæг. Гъг, фæлæ мæм ахæм нæ кæсы Мур- таз уацау «Зæрдæрыст æхсæвидар»-æй. Уый йе ’взонджы бонты æрратæ кодта Сафиаты уарзон- дзинадæй, æрмæст бæрæг уавæртæм гæсгæ сæ цард не сиу. Муртаз афардæг, иыууагъта йæ райгуырæн къуым. Фæлæ та æрæздæхы фæстæмæ стдæс азы фæстæ æмæ ныр та бауарзы Сафиаты чызг Зали- ханы. Хъысмæты фыдæвзарæн нæ баурæдта Са- фиат æмæ амæлы. Хъуыддаг ууыл дæр нæ аскъуыд- дзаг. Муртаз, — «зæрдæрыст æхсæвидар», йæхи айсы- хъæумæ, йæ зæронд мадмæ, цæмæй Залиханыл ма- уал æмбæла. Уырдыгæй æрвыл æхсæв йæ сау «Вол- гæ»-йыл æрцæуы Сафиаты уæлмæрдмæ æмæ йыл дидинджытæ пыууадзы. Залихан æмæ йæ фыддис кæнынц, чи уыдзæн, чи сын хæссы сæ уарзон адæй- маджы уæлмæрдмæ дидинджытæ, зæгъгæ. Афтæ у уацауы сюжет. Зын рахатæн нæу, йæ саразыны авторы хъомысæй цъус кæй нæй, раз- вæлгъау æй кæй снывæзта йæ сæры æмæ хъайтарты йæхи фæндонæй кæй «кусын кæны». Уый æнæфæ- зынгæ нæ фæцис мидисыл дæр. Интимон дуне знон æмæ раджы куыд вазыгджын æмæ алыфарсон уыд, афтæ у иыр дæр æмæ йæм кæсын хъæуы уыцы вазыгджын æмæ алыфарсонæй. Уарзопдинад иудадзыг нæу ахæм иппæрд æмба- рынад æмæ йын кæнай, цы дæ фæнды æмæ куыд фæнды, афтæ. Уый мах стæм нæхæдæг, уым зыны мах мидис. Мелитоны ацы уацауы кой конкретонæй уый тых- хæй, миййаг, нæ ракодтон, æмæ мæ фæнды авто- ры цæстмæ йæ бадарон. Нæ. Уымæн уый йæ раз- дæры фыстытæй у, æмæ мæ нысан æппындæр уый скритикæ кæнын нæу. Мæн фæнды уый зæгъын, æмæ аивадон уацмыс цыфæнды рæсугъд сфæлындз, цыфæнды цымыдисон сюжетыл æй самай, уæддæр 10?
ын бындурæн характерты кæрæдзимæ ахасты цар- дон рæстдзинад куы нæ уа, уæд къуындæг сты йæ фесгуыхыны фадæттæ. Цалдæр азы размæ,«Фидиуæджы» фæрстыл кæ- рæдзийы фæдыл фæзындысты Жажиты Анатолийы къаннæг уацаутæ цикл «Хур æмæ хæхтæ»-йæ. Ныр- ма дæр кусы уыцы циклыл. Ис цыдæр докумен- тондзинад, æцæгдзинад уыцы уацмысты, кæд сæй- раг архайджытæ — Чипа æмæ Дзибыл, стæй ин- нæтæ дæр æрæмысгæ сты, уæддæр. Æгæрыстæмæй архайд кæм цæуы, уый дæр у бæлв’ырд — хæххон хъæу Къобет, авторы райгуырæн къуым. Фыссæг йæ архайджытимæ у хорз зонгæ æмæ сæ махæн дæр зонын кæны — кæм нын равдисы сæ конд, сæ ахаст, кæм нын ракæны сæ хабæрттæ, мæнæ цыма æцæг уæвæг адæймæгтæ сты, уыйау. Ацы уацмыстæн сæ сæйраг аивадон миниуæг у, зæрдæ кæмæй никуы схъыг уа, ахæм юмор. Уыцы юморхæссæг, науæд та юморы аххосаг сты дыууæ хъæууон хъæлдзæг адæймаджы — Чипа æмæ Дзи- был. Адон, хатт лæгмæ афтæ дæр фæкæсы, цыма адæмон хъæлдзæг эпосæй æрцыдысты, иудадзыг сты кæрæдзиимæ быцæуыл лæуд, кæрæдзиимæ хъа- зыныл хæст. Автор сæ иу уысм дæр йæ цæсты ти- гъæй цух нæ уадзы, куы сæм кæцæй бакæсы, куы кæцæй æмæ сын йæхæдæг дæр худы сæ митыл. Уы- дон, æцæгæй, адæмон сфæлдыстады куыд вæййы, афтæ сты цыргъзонд, хæлдзæг, алы хатт дæр сæм æнхъæлмæ кæс — ахæм исты æрымысдзысты, æмæ сæм мард дæр æнæфæхудгæ нæ фæлæудзæн. Сæ уыцы хъæлдзæг ахуыр сæ никуы хицæн кæны, æгæр- ыстæмæй æнкъард рæстæджыты дæр. Уыцы аивадон миниуæгæй бæрæг цæуы уац- мысты стиль дæр — ирд, рог, хъуыдыуæттæ цыбыр æмæ æлваст, алы дзырд дæр æххæст кæны бæрæг хæс уыцы хъуыдыйæдты. 108
Æнæзæрдæлгъæдгæнæг юмор рагæй фæстæмæ дæр у æцæг курдиаты бæрæггæнæг миниуæг æмæ уый фылдæр хæсджын кæны æвзонг фыссæджы йæ дарддæры куысты. Ноджы хъуамæтынгдæр куса йæ фысты ахорæнты алыгъуызондзинадыл, хъæздыг кæ- на йæ цардвæлтæрддзинад, цæмæй йæм юмор кæ- ронмæ баззайа æцæг юморæй. Æрмæстдæр царды мидисæй йе ’мыдзаг чи у, уыцы хъуыды дæтты юмо- рæн бирæ азты цæрæнбон. Уæлдæр мах загътам, зæгъгæ, Ирыстоны лите- ратурон фæсивæдæн йæ бирæ фылдæр хай ныр- тæккæ кусы прозæйы жанры, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ нæм поэты мад амард, поэзи сидзæрæй баззад. Нæ. Не ’взонг фæсивæд, фыцца- гау, фыссынц æмдæвгæтæ, цъус нæ, фæлæ сæ бæрц æмæ сæ гъæды ’хсæн æгæр стыр хицæндзинад ис. Бирæтæн уый у рæз хæссыны «низ». Фæлæ се ’хсæн ис ахæммтæ дæр, йæ хъарутыл нæ чи баууæндын кодта æмæ фидæны та хуыздæр æнтыстытæм кæмæ хъæуы кæсын. Уыдон æхсæн банысæн кæнын хъæ- уы Хаджеты Таймуразы. Таймураз хохаг лæппу у, æмæ уыцы уавæр йе ’мдзæвгæтыл æнæфæзынгæ нæ фæцис. Хатæм сæ лæппуйы тæвдтуг темперамент. Æнкъараг зæрдæ йын кæй ис, уый ’руаджы йæ фыстытæ сты æргом- зæрдæ, фæнды йæ, йæ зæрдæйы цы сагъæстæ.æрæм- бырд, уыдон алкæмæн дæр радзура æмæ уымæй сты сыгъдæг æмæ адæймагуарзон. Иронау цы дыууæ чиныджы рауагъта, уыдоны зынгæ бынат ахсы нæ хæххон пейзаж. Ацы æмдзæв- гæтæн сæ характерон миниуæг уый у, æмæ сæ пей- заж нæу хуымæтæджы æрдзы ныв, фæлæ æххæст кæны адæймагон роль, ома сæ поэт æвдисы йæ мид- зæрдæйы уаг, йæ бæллицтæ, йæ сагъæстæ. Æрмæст банысан кæнын хъæуы уый, æмæхаттуыцы сагъæс- тæ вæййынц фæирддæр кæнын хъуаг, фæлгæнцтæ 109
æгæр схæмпæл вæййынц æмæ уæд зын у, уыдонæй исты бæрæг-бæвлырд æнкъарæн рахæссын. Зæр- дæбындзинад арф æмбæстагон хъуыдыйæ куы нæ вæййы хъацыдгонд, уæд йæ базыртæ тæссонд сты, йæ бон бæрзонд стæхын нæу, æнкъарæнтæ сæхими- дæг фыцынц, нæ зæрдæ нын нæ бакъуырынц, мах не свæййынц, афтæмæй. Æвзонг поэт ацы хабар æнæмæнг хъуамæ айса йæ зæрдæмæ, цæмæй хуыздæр æмæ арфдæр рар- гом уа йæ лирикон курдиат, цæмæй йе ’мдзæвгæтæ зæлланг кæной арф æмбæстагон мидисæй. Æз хæрз цыбыртæй æрдзырдтон не ’взонг фыс- джытæй цалдæры сфæлдыстады характерондæр миниуджытыл, цæмæй сты сæхи хуызæн, цы сæм ис сæхицæй, цæй мидæг сты сæ къуыхцытæ та. Æмæ æнхъæлын, æнæмæнг сын фендзыстæм се стырдæр æнтыстытæ сом, кæд сæ абонæн саргь кæной æв- ронг зондæй, активонæй æрæвналой хъуыддагмæ. Бæрндзинад æмæ ноджыдæр бæрндзипад, æмбæс- тагон æмæ сфæлдыстадон активондзинад... 1978 ДЗЫРД —ДЗЫРДУАТÆЙ ÆВИ ЗÆРДÆИЫ БЫНÆИ? Не ’взаг — не стырдæр аудинаг. Не ’взаг — нæ адæмы уды цард æмæ зонды айдæн, нæ нацийы стыр историон, культурон хæзна. Иæ кæцыфæнды хицæн фарстыл ма цæуа дзырд, уæддæр дыууæ зæгъын не ’мбæлы уый тыххæй, — алцы дæр дзы у ахсджиаг æмæ сæйраг. Фæлæ уым цы иуæй-иу ха- бæрттæн стæм ныртæккæ æвдисæн, уыдон, æргом 110
зæгъгæйæ, иууыл зæрдæрухеы хос не сты. Иры жур- налтæ æмæ газетты фæрстыл ирон æвзаджы сыгъ- дæгдзинады фарст сæрмагондæй æвæрд кæй æр- цыд, уый йæхæдæг дæр ууыл дзурæг у, æмæ нæ ахæм ныхасы сæр бахъуыд, ис ын бæрæг аххосаг. æрдомдта йæ уавæр. Фарст йæ сæрмагонд фæлгæт- тæй хизы уæрæхдæр нысаниуæгмæ. Нæ журналтæ, иæ чингуытæ нæма рацæуынц рухсмæ, газеттæ æххæст нæма ахæлиу вæййынц адæмыл, афтæмæй фæйнæрдыгæй æрыхъусæм се ’взаджы хæрзхъæддзинады тыххæй алыгъуызон ны- хæстæ. Æз мæхæдæг лæгæй-лæгмæ зонын ахæм адæймæгтæ фæллойгæнджыты ’хсæн, ирон мыхуы- ры хъуыддаг йæ куыст кæмæн нæу, фæлæ йын’уæд- дæр йæ алы фæзынд дæр йæ зæрдæмæ арф чи исьь Уыдон сæ хъуыдытæ фæдзурынц æргом. Цы йæ æм- бæхсæм, — бирæ цæмæйдæрты разы не сты. Уый иуæй æхсызгон у, иннæмæй та — катайаг. Æхсыз- гон уымæй у, æмæ нæ чиныгæн, ома ирон мыхуыр дзырдæн, хорз хæлæрттæ ис адæмы ’хсæн, сæ хъус æм дарынц. Катайаг та уымæй у, æмæ алы хатт се ’ууæнчы аккаг нæ разынæм, нæ къухты фæллой сын хæрзахадæн нæ вæййы. Æмæ хорз у, афонмæ дæр хъуыдис, нæ уацмыс- тæ фысгæйæ цавæр æвзагæй пайда кæнæм, уый нæ ныхасы сæр кæй сси. Æрмæст афтæ хъуыды кæнын, æмæ иу хъуыддаг æххæстæй нæ хынцæм. Цæвиттон, дзырдæй нæ царды пайда кæнæм дыууæ хуызы — аивадон уацмысы æмæ публицис- тикæйы хуызы нывæзт ныхасы. Уыйадыл ис аива- дон æвзаг, аив литературæйы æвзаг æмæ публицис- тон. Се спецификæ фæйнæхуызæн у. Дзырд аивадон уацмысы (поэзийы, аивадон прозæйы) иу ад кæны, публицистикæйы та — иннæ. Аивадон уацмысы дзырд бирæфарсон у æмæ бирæ хъуыддæгтæй бæ- рæггæнгæ. Зæрдылдаринаг сты Л. Толстойы ныхæс- Ш
тæ, зæгъгæ: «Каждое художественное слово... тем- то и отличается от нехудожественного, что вызыва- ет бесчисленное множество мыслей, представлений и объяснений». Уым сæхи нысаниуæг ис алыгъуызон фактортæн, дзырды семантикон мидис æмæ ахадын- дзинад кæмæй кæнгæ у, уыдонæн: уацмысы жанрæн, литературон здæхтадæн (направление), фыссæджы индивидуалон сфæлдыстадон стилæн, заманы (рæс- тæджы) стилæн æмæ æндæртæн. Æнæуи ныхасы, публицистикæ кæй хонæм, уым дзырд ирвæзт у уы- донæй, ома вæййы йæ «сыгъдæг» хуызы, вæййы йын коммуникативон нысаниуæг. Дзырд йæ «сыгъдæг» хуызы куы вæййы, уæд цæры грамматикæйы за- къæтты хъомысæй, аргъ ын кæнæм, куыд грамма- тикæйы категори, афтæ. Дзырд аив дзырды «сим- ды» куы бацæуы, уæд фæивы йæ конд, скæны æн- дæр дарæс, райсы бирæ фæлгъуызтæ æмæ йын аргъ кæнын дæр хъæуы уыцы хуызы. Аргъ кæнын ын хъæуы, куыд фыссæджы аивадон уацмысы аи- вадон мадзал, куыд эстетикон зынаргъдзинад хæс- сæг, афтæ. Журнал «Фидиуæг» цы рубрикæ байгом код- та — «Ирон аивдзырды сæрвæлтау», зæгъгæ («Фи- диуæг» 1983, № 1, ф. 84), уым загъдæуы: «Нæ ны- хасы сæр уыдзысты, куыд лексикон, афтæ стилис^ тикон æмæ грамматикон цухдзинæдтæ дæр». Куьц^ уынæм, афтæмæй ныхасаг кæны нæ мыхуыр дзыр- * дæн æрмæст йæ «сыгъдæг» хуыз, дзырд публицис- тон æрмæг куы вæййы, æрмæстдæр коммуникати- вон уæз куы хæссы, уæд цы ’гъдæуттæ æмæ закъæт- тæй цæры, уыдон. Дзырд куыд аив фæлдисыны сæй- раг мадзал, аивадон факт, уый кой нæм нæй, кæд рубрикæ уымæ амоны, уæддæр. «Стилистикон... цухдзинад» зæгъы, фæлæ уый ам цы хуызы æвæрд у, уымæ гæсгæ йæ æмбарын хъæуы йæ лингвистон нысаниуæджы, куыд «аивадон ныхасы стилистикæ», 112
афтæ нæ, фæлæ куыд лингвистон дисциплинæ, аф- тæ... Уæдæ, рубрикæйы бын цы уацтæ ныммыхуыр ныронг, уыдон дæр æрмæст «лексикон, стилистикон (лингвистон) æмæ грамматикон хъæндзинæдтæ» фæлгъауынц. Фарстыл ахæм хуызы дзурæн ис? Ис. Фæлæуый иу хъуыддаг у, хицæн хъуыддаг, нæ хъусдард нын æрмæстдæр > æвзагон æрмæгмæ, дзырды функцион æрдзы кондмæ чи аразы, ахæм. Æмæ уым кæд ал- цыдæр нывыл нæу (нывыл та æцæгæй нæу), уæд аххос не ’нахуырдзинадмæ хауы, не ’взаджы «лек- сикон, стилистикон æмæ грамматикон» закъæттæ æмæ æууæлтæ кæй нæ зонæм, уымæ. Уыдон та амынд цæуынц астæуккаг æмæ уæлдæр скъолаты бæлвырд ахуырадон уагæвæрдмæ гæсгæ, бæлвырд ахуыргæнæндзаумæтты бындурыл ахуыргæнджыты æххуысæй. Афтæмæй бæрæг куы’ у, хъуыддаг иуда* дзыг скъоламæ кæй здæхы> уый, уæд ма йыл ам та цы дзурæм,]дискуссиаг нын цæмæн у? Æмæ кæд æцæгæй, уый мидæг ис хъуыддагæн йæ рахæцæн,. уæд уый тæккæ стырдæр зындзинад нæу, — сахуыр кæн грамматикæйы фæткойтæ, æмæ ууыл проблёмæ алыг. Æцæгæйдæр, «фондз сом» æви «фондз сомы», «ныд- аргъ» æви «ныддæргъ», «уыцы рæстчæг» æви «у.ыцы æстæджы» æмæ бирæ æндæр ахæмты, нæ фысты- ты дæрх чи у, комкоммæ хæлд цæуынц граммати- -кæйы фæткойтæ, кæнæ та сæ дзырды нысаниуæг раст æмбæрстгонд нæ цæуы. Уыдонæн ис сахуыр- гæнæн, базонæн æмæ рарастгæнæн, сæ рараст кæ- ныны комкоммæ хæс ис редакциты кусджытыл. Уы- дон сты, зæфцыфыдæй не ’взаг фыдуынд, дыркъуым кæмæй кæны, ахæм хъуагдзинæдтæ, рæдыдтытæ. Мах та дзурын хъæуы нæ аив литературæйы (поэзийы, аив прозæйы) æвзагыл, сæйраг уый у. Номхуындæй ууыл архайæг æмæ тохгæнæг уыд сæ- 8. Æлборты X. 113
рысуангæй Хетæгкаты Къоста. Елбыздыхъо дæр «...рæсугъд æвзаг!..~ Тыхджын дзыхы дзуапшзонд æмæ зæрдæйы дуар...» гомгæнæг уый хуыдта — ирон аив дзырд, ирон аив æвзаг, нæ хъуыдытæн формæ дæттæг <æмæ аив фæлгойц аразæг чи у: О, абон нæ ныхасы сæргуый хъуамæуаид, скъо- лайы пæртæйылбадæг, ахуырдзауты ’хæс чи у, уый нæ ахуыргонд адæммæ мауал хъуамæ кæсид, уы- -дон .ахсджиагдæр хъуыддæгтæ хъуамæ лыг кæник- кой бæрзонддæр æмвæзадыл. Фæлæ ныридæгæн цы цалдæр уацы фæзынд, куыд «Фидиуæджы», аф- тæ.газеттæ «Советон Ирыстон» æмæ «Рæстдзина- ды» фæрстыл, уыдон тынг ирдæй равдыстой, цас рохуаты аззад иронау нæ аив фыссын æмæ дзуры- ны культурæ, æмæ йыл уый фыдæй цы зиæнттæ цæ- уы, уый. Ахæм’алыгъуызон æрмæг уæлдай фылдæр ис филологон зонæдты кандидат Тедеты Герасы уац — «Не ’взаджы сыгъдæгдзинад — нæ сагъæс- саг», зæгъгæ, уум («Фидиуæг», 1983, №3, ф. 59 — 67). Кæд иуæй-иу рæтты быцæуаг вæййынц, æрхæс- гæ цæвиттонтæм гæсгæ цы хатдзæгтæ аразы, уы~ дон, уæддæр ныл уац æмткæй уадзы хорз тæлмæн> зæрдæрисгæйæ дзуры нæ мыхуыр æвзаджы тых- хæй. Хатт нæхи мидæг дис дæр фæкæнæм, зæгъгæ, кæм ссардта ахæм «ирон» хъуыдыйæдтæ: «се ’нкъа- рæнты реалон, материалон æмæ предметон, бæл- вырд деталтæ æмæ афыстытæй, конкретон-истор^он уавæртимæ органикон бастдзинадæй, сæ типикон- объективон æмæ индивидуалон-субъективон уагæй, ома не сты, иррацион». Æрдмæст сæ кæцæй сцста, журнал «Фидиуæджы»*уьщы номыр æмæ фарсдæр ма куы фæнысан кодтаид, уæд’-ыл хуыздæр æууæн- дыдаиккам, науæд сæ лæг кæм агура. Ахæм «ирон» æвзаг, æвæдза, æцæгæйдæр, дисы аккаг кæм нæу!? Дырыс куыст у Джусойты, Нафийы уац «Сæй- раг -ирон æвзаг — нæ дзуринаг», зæгъгæ («Фиди- 114
уæг», 1983, № 1, ф. 84—86). Нывыл нывæзт, нывыл ныхас, нæ литературон æвзагыл сагъæсгæнæджы ныхас. Не ’взаджы сыгъдæгдзинады тыххæй жур- нал йæ ныхас дæр уымæй райдыдта. Фæзынд ма æндæр уацтæ дæр нæ аив. уацмыс- ты æвзаджы тыххæй.4Се ’ппæты кой ракæнинаг нæ дæн, фæлæ мæ дзы дыууæйы тыххæй фæнды зæ- гъын, цæмæй уæлдæр ;цы дзырдтон, уый равдисон цæстуынгæ цæвиттонты ’руаджы. Уыдон сты Дзат- тиаты Гиуæргийы фыст, æмæ кæд ч<Фидиуæджы» ракойгонд рубрикæйы бын не ’рцыдысты мыхуыр- гонд, уæддæр сæ иумæйаг проблематикæмæ гæсгæ* тырнынц уырдæм. Фыццаг хуыйны — «Джусойты Нафийы роман^«Сырдоны цæссыгтæ» («Советон Ирыстон», 1982, 31 июль). Уац цы æртæ сæрæй конд у, уыдонæй романы æвзагыл дзуры фыцца- джы. Дыккаг — «Райдайæг фысджыты хъомыл кæ- нын — ахсджиаг æмæ вазыгджын хъуыддаг» (газ. «Сов. Ирыстон» 1983, 28 июль). Уац йæ номмæ гæс- гæ æвзаджы фарстмæ ницы бар дары, фæлæ уый хъуыддаг нæ ивы. Уый та фыст у поэт Хъодалаты Герсаны иу яритикон уацы фæдыл. Дыууæ уацы дæр, кæд се ’хсæн йфæдз дæрддзæг ис, уæддæр кæ- рæдзийыл æнгом баст стьг, канд иу хъуыддагыл кæй дзурынц, уымæй нæ, фæлæ уыцы.иу цæстæн- гас кæй хæссынц, иу метод сæ кæй бæтты кæрæ- дзийыл, уымæй. Уыцы цæстæнгас, уыцы метод та сты, фæстаг рæстæджы поэтикæйы фæдыл нæ кри- тикæйы ’цы газетоьг æмæ журналон уацтæ фæзынд, уыдон иумæйаг æмæ бæрæг-бæлвырд тенденци æв- дисæг. Уымæ гæсгæ сæ нымайын -рæгъмæхæссина- гыл. ^ ’ ’Автор Нафийы романæй фæд-фæдыл нымайы ахæм цæвиттонтæ: «Бахудызмæл сты Сырдоны был- тæ», «Мыггагмæ сæ æрмист уыдзынæн», «Уадз æмæ сæ сылгоймæгтæ чысылæй зæронды онг мадардæй 1-И: " 1К
фæцæуæнт Арпаданы былмæ»^ «Знон хъæды лæн- чы мигъы дзылар ныббадт»... Æрхæсгæ цæвиттонты банысангонд дзырдтæ нæ цæуынц Гиуæргийы зæрдæмæ, уымæн æмæ, зæгъы, «бахудызмæл» нæу нывыл арæзт, нæ йæ райсдзæн ирон æвзаг; «æрмист уæвын» нæ бады ирон^ныха- сы стилистикæйыл; «мада,рд» дæр нæ бады ирон æвзаджы стилистикæйыл; дзылар бæхæн вæййы, æмæ куыд бамбæрстæуа «хъæды лæнчы мигъы дзылар ныббадт?» Ацы дзырдтæ фаугæйæ йе ’фсон цы у, уый хурæргом у — нæ сæ райсдзæн ирон æв- заг, афтæ нæ дзурынц ир, не сты дзырдуаты. Дарддæр зæгъы/ критик: «Ис романы, ирон син- таксисы ныхмæ чи’лæууы,, ирон лæг куыд хъуыды кæны, уый ныхмæ чи;лæууы, ахæм ныхасы здæх- тытæ дæр. Зæгъæм;1 «уæдмæ йæ нæ хъæр кæны ни- кæмæн» — зæгъын хъæуы: «уæдмæ йæ никæмæн хъæр кæны». «Нæ тарст никæмæй иунæг Бурæфæр- дыг» — зæгъын хъæуы: «никæмæй тарст иунæг Бу- рæфæрдыг» æмæ афтæ дарддæр. Ахæм цæвиттонтæ бирæ æрхаста Дзаттиаты Ги- уæрги Джусойты Нафийы романæй, фæлæ махæн адон дæр — æгъгъæд, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый рафæлгъауынæн. Уæлдæр куы загътон, зæгъгæ, не ’взаджы сыгъ- дæгдзинадыл дзургæйæ, дискуссийы’предметæн рай- стой дзырд йæ коммуникативон функцийы, йæ «сы- гъдæг» хуызы. Гиуæрги æндæрæрдыгæй бацыд хъуыддагмæ, æмæ уый хорз у, — дзырдтæ исы сæ аивадон функцийьг, аивадон дамгъæ сыл куы вæй- йы, эстетикон «архайæнгарз» куы свæййынц, уæд. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыцы хабар йæ хъуыдыйы.нæ дары, дзырд аивадон дарæс куы скæны, уæд аивадон зак.ъæттæй кæй цæры, аивадон функцитæ кæй æххæст кæны, уый нæ хъшцы. Сырдоны был.тæ бахудызмæл сты, заегъгæ, уым 116
цы зын æрцахсæн ’ психологон’ момент ис, уый йæ хъусдардьц иувæрсты ацыд æмæ йæ фауы, ирон æв- заг æй нæ райсдзæн, зæгъгæ, нæу нывыл арæзт. Уыи бæсты, дам, зæгъын хъуыд — йæ мидбылты бахудт. Æцæг у, афтæ дзурынц адæм, фæлæ Нафи- мæ Сырдон йæ мидбылты нæ бахудт, æрмæст ба- худызмæл сты йæ былтæ. Уый мидбылхудт нæма хуыйны, Леонардо да Винчийы æмбисонды ныв «Джокондайы» бахудызмæлы æнгæсæн у. Фæлæ ирон, стæй канд ирон нæ, æндæр искæй æвзаджы дæр ахæм дзырдтæ арæх нæ уыдзысты. Райсдзæни йæ ирон æвзаг? Гæнæн ис — райса йæ, гæнæн ис — ма йæ райса. Сæйраг уый дæр нæу. Сæйраг у, На- фи — аив дзырды дæсны, йæ хъайтары мидпсихо- логон уавæр равдисынæн амалтæ кæй агуры. Æнæуый та зæгъын хъæуы, ацы дзырд йæ хи- цæн хæйттæ æмæ арæзтæй дæр ирон æвзагæн æцæ- гæлон! кæй нæу, уый. Ноджы ирон æвзаджы дыгу- рон диалекты дæр ис — «бахудизмол», зæгъгæ. Ныхасздæхттæ æмæ диалекттæ та иумæйаг лите- ратурон æвзагæн кæддæриддæр уыдысты хъæздыг кæныны хуыздæр амал\ Дзурынц æй Цæгаты ир. Цы зæгъæн ис «æрмист» æмæ «мадард’ы» тых- хæй та? Гиуæргийы хъуыдыйы логикæмæ гæсгæ Нафи «æрмисты» бæсты хъуамæ загътаид «мæ къух сисдзынæн», «мадардæй фæцæуæнты» бæсты та — «бæгънæгæй фæцæуæнт», æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ уыдон иударон, æрвылбонон кæй сты. «Мигъы дзылар» та ам фæлгонц у, дзæбæх фæл- гонц. Бæхы дзылары æнгæс вæййы мигъ фæскъæв- да кæмтты скъуыдтæ-скъуыдтæй, бырæгътæй куы фæбады, уæд. «Мигъ дзылæрттæй арвыл бады»—^ афтæ дæр фæзæгъынц адæм. Фæлæ нæ зонын, кæ- дæй нырмæ нал бæззы фæлгонцджын дзырд аив ли- тературæйы, уый. Æнгæс уавæры сты, афтæ цы хъуыдыйæдтæй 117
зæгъы, ирон синтаксисы ныхмæ лæууынц, зæгъгæ, уыдон дæр. Дзырдæн: иударондæр у—«уæдмæ йæ никæмæн хъæр кæны». Æмæ мæгуырау нæу. "Фæлæ авторы фæнды, ныхас эмоцион æгъдауæй тыхджын- дæр куыд уа, уый, æмæ уый тыххæй диссагæй ни- цы сарæзта, фæлæ спайда кодта хуымæтæДжы ин- версийы амалæй, ома дзырдтæн баивта æрмæст- дæр сæ бынæттæ æмæ рауад: «уæдмæ йæ нæ хъæр кæны никæмæн». Æндæр дзы «ирон синтаксисы ныхмæ чи лæууы, ирон лæг куыд хъуыды кæны, * уый ныхмæ чи лæууы», иу ахæм ныхасыздæхт дæр нæй, æмæ иннæ дæр. Фæлæ Дзаттиаты Гиуæрги ирон æвзаджы ’инверсийы аивадон амалы ныхмæ дæр у. Æз нал кæнын, бынтон æнæисты принципæй хи- цæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ кæй фауы, уы- дон йой, уым йæ азымтæ æгæр бæгънæг сты, æцæ сæ рæгъмæ цы хæссæм? Фæлæ^ хуымæтæджы ирон дзырд — «рапуси» (пуси, фæпуси) ратыппыр кæй ’ нысан кæны, уый ма зон, æмæ»дзы зæгъ «пуси дзу- рынц нартхоры цæкуытæй», уый уæддæр цæсты æфтгæ æнæрæстдзинад у. Ноджы зæгъы: «Хуыцау иу у ирон мифологийы». Цы нæ зоныс, уый ’ма зæгъ. Уæдæ, таурæгъты, аргъæутты афтæ куы фæзæ- гъынц: «Хуыцæутты хуыцау», уæд уый та цы нысан кæны? Хуыцæуттæ бирæ кæй сты, уый нæ? Æцæг, ирон мифологийы æппæт хуыцæуттæн ноджы сæ- хицæн дæр^ ис хуыцау — Стыр хуыцау, æмæ йæ кæд уый зæрдæ фæсайдта?. Гиуæргийæн аив дзырд, аив ныхас ;хуымæтæ- джы информацихæссæг «æхсад» дзырды ад кæй кæны, '«æхсад» дзырды домæнтæй йын кæй аргъ кæны, уыцы цæстæнгас ноджы тынгдæр фæбæ- рæг йæ дыккаг уацы, дæрзæг, азымгæнæг ныха’сы- уагæй фыст чи у, уым. Иæ азымтæ райдыдта уымæй, æмæ йæ æппæты 118
сæрæй æмткæй банымадта фæуддзагыл, зæгъгæ дзы «стæм ссардзыстæм, исты грамматикон кæнæ сти- листикон айпп кæм нæ разына, ахæм хъуыдыйад». Стилистикон, уæлдайдæр та грамматикон аипп кæй разындзæн, агургæйæ, ракойгонд уацы, уый тыххæй ницы зæгъæг дæн. Уыцы «грамматикон æмæ стилистикон аиппытæ», æвæццæгæн, Нафийы рома- ны дæр ссардзыстæм. Корректор нæм кæй не сгуы-. хы, уый та нын б&щæуаг дæмæн у? Фæлæ Нафи дæр’ æмæ Герсан дæрнæ аив дзырды дæснытæй сть^, æмæ сын сæ фысты хъæдмæ фаутæ агурæн куы кæнæм, уæд-иу фæстæмæ дæр фæкæсын фæхъæ- уы, — раст ст'æм,-нæхи фыстыл, цымæ, никæй зæр-, дæ бахуддзæн? Уый( йеттæмæ, искæй критикæ кæн- гæйæ, дæхæдæг афтæтæ }куы фыссай: «...канД уы- дормæ гæсгæ нæ, фæлæ критикæн, йæхи æвзагмæ гæсгæ дæр. Уыдонмæ гæсгæ...»; кæнæ: авторы цы зæгъын фæнды; уый, чи зоны, уырыссагау хорз чи зоны, ахæм лæг нæ рахата...» науæд: «Йæ романы ирон синтаксисы ныхмæ чи- лæууы, ирон лæг куыд хъуыды кæны, уый ныхмæ чи лæууы, ахæм ныхасы здæхтытæ дæр...». Уæд дæ критикæ кæй зæрдæмæ фæцæудзæн? Уæлдайдæр / та искæй фысты стиль критикæ кæнгæйæ. Æмæ ахæм, стилистикон æгъда- уæй здыхт хъуыдыйæдтæ æмæ аиппытæ та Гиуæр- гийы, къаннæг уацты агурын дæр нæ хъæуы. Герсаны уацæй критик рафыста ахæм бынат. «Æз’категорион æгъдауæй уый ныхмæ нæ дæн,'æмæ æвзонг кæнæ райдайæг авторæн баххуыс.кæнай, йæ хъуагдзинæдтыл ын цæстмæхъус æрдзурай...' Уый хæрзиуæгон хъуыддап у. Æз ма абон дæр мæ зæр- дыл хорзæн дарын, иу чысыл дæр мæм æххуысы -къух чи фæдаргъ кодта, уыцы хисдæр æмсисты». Æмæ йæ комментари кæны афтæ: «Цы у катего- рион æгъдауæй? Куыд бамбарын хъæуы «хъуагдзи- нæдтыл «цæстмæхъус æрдзурын?» Дзырд «цæ.ст- 11«
мæхъус» амоны бафауинаг миниуæг — цурон, цу- рондзинад, дыдзæсгом, дыдзæсгомдзинад (кæс ацы. дзырд Къостамæ æмдзæвгæйы «Халон æмæ ру- вас»). Ам та йын æвæрдцаг, раппæлинаг хъуыды ис, ома адæм куыд дзурынц, афтæ нæ, фæлæ, æцæг- дæр, иннæрдæм, зыгъуыммæ. Кæнæ цы у æмсис?». «Категорионæн», бæлвырд, зæгъæн уыдис иро- нау дæр, фæлæ интернацйон дзырд у, алы адæмтæ дæр дзы пайда кæнынц, Герсан дæр дзы спайда кодта, æмæ йæм уымæй стыр тæригъæд нæй. Уæдæ, цы амоны «цæстмæхъус» ныхас та? Уый, æмæ дæ лæг цæстæй дæр куыд уына æмæ хъусæй дæр куыд хъуса, йемæ афтæмæй ныхас кæнын. Хор- зæй дарддæр уым æвзæрæй ницы ис, адæм дæр æй æвзæрыл нæ нымайынц. Герсан дæр æй уыцы хъуы- дыйы загъта. Фæлæ лæгæй цæстмæхъус, ома йæхи цур куы ’ппæлай, уæлдайдæр та цы нæу, уымæй (Къостамæ халон рувасæй куыд æппæлы, афтæ), уæд уый хорз нæу, «фыдбылыз хæссы». Халонæн ру- васы мæнгæппæлд уыцы фыдбылыз уыд, — йæ цых- тæй афтид абадтг Къоста «цæстмæхъус ныхасæй» ам пайда кæны фæлдæхт хуызы, ома «цæстмæхъус æппæлд», Ги- уæрги та йæ комкоммæ æмбары. Комкоммæ дзы кæм пайда кæны, ахæм бынат дæр ис Къостамæ: «Загъд..кæнынц, сæ кæрæдзийы Уазæджы цæстмæхъус фауынц» («Булкъ æмæ мыд»). Ома кæрæдзи фауынц, уазæг сæ’уыны æмæ хъусы, афтæмæй.- «Æмсис» хорз æмбæрст цæуы, Герсан æй цы хъуыдыйы зæгъы, уым, ома — æмпоэт, иу фыссæ- нæй, иу сисæй, науæд та иу перойæ чи кусы-, уы- дон. Фæлæ йæ Гиуæрги зонгæ-зонын уæддæр дæуц- цаг кæны, уымæн æмæ, дам, «ахæм дз.ырд нæй дзы- рдуаты», æмæ уымæ гæсгæ «иронау нæу...» , Нæй ирон дзырдуаты)дзырд «хæрзиуæгон» дæр\. 120
æмæ уый тыххæй дæр разы нæу Герсанимæ. Гиуæр- ги зæгъы: «Иронау дзурынц «хæрзиуæг кæнын». Æмæ йæ амоны: «хæрзиуæг кæнын», ома, æфстау дæттын, .дæвар кæнын». Дзырдуаты куыд у, афтæ. Мæнмæ гæсгæ, цыдæр раст нал æмбарæм не ’взаг, æндæра «хæрзиуæг ракæнын»;æфстау раттын куыд хъуамæ нысан кæнид? Афтæ æмæ нæ поэттæ, фысджытæ, Гиуæргимæ гæсгæ, ;дзырдтæ хъуамæ агурой дзырдуаты, стæй сæ ноджы сæ уацмысты пайда кæной, уым цыдæ- риддæргъуызон сты, уыцыгъуызонæй. Æндæр амал сын нæй, дзырдуат — фетиш. Гиуæрги æууæнды æр- мæстдæр дзырдуатыл, поэт, .фыссæджы зæрдæйы ныхасьгл — нæ. Гъе уымæ гæсгæ йын дзырд «цæст- мæхъус», цыма, дыдзæсгом у, æмæ «хæрзиуæгон» та — æфстау дæттын, дзырдуаты дæр сæ раст ’аф- тæ амонынц. «Фыссæгыл æмбæлы, исты куы фысса, уæд, дзы- рдуатмæ æркæсын, дзырд, уырзæй æвзарæгау,, æв- зарын.’Фæлæ куыд зыны, афтæмæй Герсан ницæмæ дары нæ дзырдуæтты, афтæмæй йæхæдæг æмбисонд фæци ног дзырдтæ мысынмæ... не ’взаг ч кæй нæ райсдзæн: хæднысан, мигъвæлыст, дзæнхъирд, мигъвæлм, категорион, æмсис, хæрзиуæгон, ирон- дзинад æмæ æндæртæ...» — зæгъы критик йæ уацы кæрон. . Фыссæг, æцæгдæр, дзырдтæ хъуамæ уырзæй æв- зара, фæлæ Гиуæргимæ гæсгæ, уый нысан кæньг дзырдуаты сæ агурын, уым сæ æвзарын. Уым цы нæ ссарай, уый нæй, æмæ йæ фысгæ дæр^ ма кæн. Фæлæ кæм ис ахæм универсалон дзырдуат? На- уæд кæм ис ахæм универсалон æвзаг, æмæ æрдз, æхсæнад æмæ адæймаджы уды царды алы мисхал фæзындæн дæр ном кæм уа? Нæй æмæ никуыдæр уыдзæц. Нафи ^æм^ Герсан кæд, æцæгæй, дзырдтæ «æрымысыдысты», ^уæд æрмæстдæр уый тыххæй, 121
æмæ сын сæ хъуыдытæ,(се ’нкъарæнтæ равдисы- нæн, дзырдуаты цы дзырдты кæритæ ис, уыдон æгъгъæд æмаэ ахъаз нæ уыдысты/ Стæй никуы’ни-, кæмæн -дæр уыдзысты æгъгъæд æмæ ахъаз, фæлæ «мысдзысты», ома, фæлдисдзысты, дзырдтæ, адæм сæ райсдзысты, литературон æвзаджы сæ архай- дзысты, ууыл нæ сагъæскæнгæйæ. Диссаг у, Дзат- тиаты Гиуæрги, йæхæдæг фысджыты Цæднсы уæнг уæвгæйæ, йæхи фæлтæрддзинадæй уæд та куыд нæ фæхатыд уый? Иудзырдæй, нæ зæрдæты рис æмæ цин, нæ уды утæхсæн нын йемæ чи хæссы, уыцы «зонд æмæ зæр- дæйы дуар» гомгæнæн аив дзырд ’хъуамæ’нæ риу- ты мидæг ныммыр кæнæм ’æмæ фыссæм дзырдуæт- ты æнæуд, хус, ноджы арæх цæнкуыл чи вæййы, уыцы дзырдтæй. Гъе, уырдæм нæм сиды Дзаттиа- ты Гиуæргийы хорз зондамынд. Æвзаг æхсæнадон фæзынд у, æмæ йыл кæд адæймаджы бархъомыс и, уæд йæхи бархъомыс дæр къаддæр бæрцæй нæй адæймагыл. Ивы æмæ рæзы, рæзы æмæ ивы, адæмы дæр’ ивы, афтæмæй.’Иу ран никуы лæууы. Кæддæр Коцойты Арсен кæд æмæ ирон æвза- джы суффикс «-он»-ы ныхмæ уыд «онты» низ æй хуыдта, уæддæр æй йæхæдæг дæр райдыдта фыс- сын, æмæ йын уæд йæ ^критикæ йæхиæрдæм фездæх- гой, æппындæр «ивгæ» чи нæ кодта, уыцы критиктæ. Нæй, дам, «хæдзарон мæргътæ» зæгъæн, хъæуы, дам, дзурын «хæдзары мæргътæ». - Хабар уый мидæг ис, æмæ Арсенæн дæр æвза- джы мидхъомысы, йæ рæзыны мидлогйкæйы ныхмæ йæ бон ницы бацис, фæлтау -йæхæдæг бакаст йæ коммæ. Æвзагæн рæстæджимæ æмæ аив дзырды дæснытæн æвзагимæ цы æнгом ахастытæ ис, уыдон вазыгджын æмæ бирæфарсон сты æмæ сæ райха- .лынмæ, сæ бамбарынмæ, саргь кæнынмæ йæ гæр- 122
зтæ чи рабæтты, уый гæрзифтонг хъуамæ уа йæхæ- дæг. Науæд афтæ схæццæ-мæццæ вæййы хъуыддаг, æмæ бынтондæр куы ницыуал бамбарæм не ’вза- гæн, уымæй тæссаг у. 1983 УИДÆГТÆ ÆМÆ КЪАБÆЗТАУ — ИУ1 Мæн фæнды бæрцæй цалдæр ныхасы зæгъын нæ национ аивадон традицитæ æмæ нæ абоны ли- тературон сфæлдыстады иудзинады тыххæй. Стæй ма уый дæр хъуамæ зæгъон, æмæ мæ ныхæсты миг дис у Хуссар Ирыстоны фысджыты активы иумæ-. йаг хъуыды. Нæ литературæ йæ райдианæй фæстæмæ уыд нæ адæмы цард æмæ удыхъæд æцæг реалистон хуызы нывгæнæг. Ирон адæмы удыхъæд^ иууыл аивдæр æмæ вазыгджындæрæй æвдыст кæм æр- цыд, уый у, сæйраджыдæр, Хетæгкаты Къостайы генион поэтикон сфæлдыстад. Стæй"4санд йе сфæл- дыстад нæ, фæлæ ма йæхи æхсæнадон архайд æмæ сæрмагонд удыхъæд дæр. Ахæм у Гæдиаты Секъа æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстад дæр. Уыдон сты нæ духовон уæвынады бындурты бындур, ирон лæджы-зонд æмæ зæрдæ æнусбонты цæмæй цард, цы историон тæфæгтæ æмæ æндæв- дæдтæй хъацыдгонд цыд, цы ’сæ кодта цард æмæ рæстæгæн . фарсылхæцгæ, æппæт’ уыцы æууæлтæ æвдисæг. .1 Автор æй бакаст Цæгат Ирыстоны фысджыты VII съез- ды Г982 азы майы 31 бон. 123
Уыдоы, уыцы аивадон-офæлдыстадон хæзнатæ, сты ирон адæмы æнусыккон цард æмæ ног заман кæрæдзийыл сæмбæлыны, иумæ диалектикон æнæ- хъæндзинад аразыны фæстиуæг. Уымæ гæсгæ сæ цасдæриддæрбæрцæй хонæм ног, новаторон фæ- зынд нæ культурон царды, уый бæрц сты тради- цион дæр. Уыдонæй райдайынц нæ национ тради- цитæ æмткæй духовон сфæлдыстады. Ацы объективон рæстдзинад нын амоны иу хъуыддаг: нæ зынгæ классикты сфæлдыстад цы эстетикон идеалтæй конд у, уыдонæн ис сæхи сæр- магонд национ формæ æмæ мидис, хæссынц сæхи конкретон культурон-историон дамгъæ, æмæ уы- донæй æнæфæхицæнгæнгæ, уыдоныл амайгæ аёмæ афтæмæй дарддæр рæзгæ хъуамæ ’ уой не ’ппæт сфæлдыстадон с-гарæнтæ æмæ æнтыстытæ дæр. Х1Х-æм æнусы фæстаг дыууæ уæззау, æрхæн- дæг дæсазы дæргъы Хетæгкаты Къоста иунæгæй афтæ бæрзонд цы ирон литературæ систа, йæ уæл- вæд Секъа æмæ Елбыздыхъо, Къостайы фарсмæ слæугæйæ, сæ домбай зонд æмæ курдиат кæмæн снывонд кодтой, уыцы ирон литературæйæн ныр дæр йæ мидсконды, йæ хуылфы стыр, потенцион хъарутæ ма уа, уый гæнæн нæй. Ацы уавæр, дзырд дæр ыл нæй, абон ирон фыс- джыты æппары дывæр зындзинады: зын у уыцы бæрзонд æмæ уæззау традици уромын, фæлæ уый ныллæгмæ æруадзын та —^ноджы зындæр. Зын у, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм корифейтæ цы лите- ратурæйы ис, уым буц уай, æгæрыстæмæй, дæ иу- уыл хуыздæр уацмысæй дæр. Лæг бирæ хорз уацмыстæ бакæсы зæронд фыс- джытæм дæр, æмæ ног фысджытæм дæр, фæлæ арæх мæхицæн фæзæгъын: тæхуды, æмæ Секъайы «Азау»-ы хуызæн дыккаг уацмыс! Æз дис кæнын, уый цы адæймаджы зæрдæ æмæ цы сфæлдыста- 124
дон тыхæй æрцыд фыст, ууыл. Фысх нæ, уым алы фæлгонц дæр у стыр дæсны скульпторы кæлæнгæ- нæг армæй амад. Чи зоны, мæ «тæхуды» искæмæ диссаг фæкæса, фæлæ уым диссагæй ницы ис. Диссаг уый у, æмæ хатт нæ литературæиртасджытæй иуæй-иутæ, хъуыддагмæ серьезон цæстæй æркæсыны бæсты, ногæй куы ранывæндынц, чи базæронд, уыцы æнæ- раст хъуыдытæ, ноджы ма сыл сæхицæй дæр куы бафтауынц ног æнæрæстдзинæдтæ... Æрæджы Секъайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй иу мыхуыр уацы кæсæм: «В поте лица ра- ботал он (Секъа, — Æ. X.) над фор’мой своих про- изведений, над каждым словом. Стоит взглянуть на его рукописи, чтобы убедиться в этом». .Иттæг раст ныхæетæ! Æцæгæйдæр, афтæ фæкусы алы профессион фыссæг дæр йæ уацмыстæ аив кæ- ныныл. Фæлæ уацы автор йæ раст ныхæсты хæд- уæлвæд расидт: «Трудно было. Сказывался недо- статок образования, фактическая оторванность от внешнего мира». Куыд бамбæрстæуа ацы ныхæстæ? Ома, йæ уацмыстыл бирæ кæй куыста, уый йæ æнахуырдзи- нады аххос уыд? Æмæ уæд ахуыргонд фысджытæ т& цæмæн фæкусынц хидкалгæ сæ уацмыстыл? На- уæд цы нысан ’кæны «Фактическая оторванность от внешнего мира»? Секъайы иннæ фысджыты хъауджы дунейæ иппæрд рахон, уый бынтон æры- мысæггаг хабар у. Секъа царди æмæ куыста йæ дзыллæйы астæу, йæ хъуырмæ ныгъуылд уыд цар- ды хъуыддæгты. Иæ уацмыстæм, æгæрстæмæй, уæ- лæнгæйтты куы ’ркæсæм, уæддæр дзы фендзыс- тæм, дунеимæ хæрз æнгом кæй царди, кæй йæ æн- д’æвта дуне æмæ адæмты хъысмæт. Раст зæгъын хъæуы, Секъайы тыххæй бирæ æнæрæстдзйнæдтæ æрцыд загъд, фæлæ дзы ахæм 125
нæма уыд, ныр та уый дæр фехъуыстам. . Ацы фиппаинаджы с&р, чизоны æмæ нæ ба- хъуыдаид, фæлæ ууыл баст у æндæр ахсджиах хъуыддаг, бæстон æрдзурын кæуыл хъæуы, ахæм. Аз, дыууæ азы - размæ ирон мыхуыры (куыд Хуссары, афтæ_Цæгаты дæр) активон ныхас ба- цайдагъ, нæ классикты уацмыстæ куыд ^ъуамæ уадзæм^уый алыварс. Раст критикон, иумæйаг хъуыддагæн пайда чи уа, ахæм хъуыдытæ æрцыд уым загъдгонд. Æвæццæгæн, ууыл дæр нæ ахицæя уыдзæн хъуыддаг. Дарддæр дæр ма йыл цæудзæн. ныхас. Фæлæ мæн фæнды, уыимææмхæст чи у, аф- тæмæй уымæй ноджы ахсджиагдæр, нæ литерату- рæйы иу ахæм проблемæйы тыххæй зæгъын. Уый та у: куыд хъуамæ кæсæм æмæ ахуыр кæнæм, ир- тасæм нæ классикты литературон-сфæлдыстадон бынтæ? Кæй нæ куыд фæнда, кæмæ нæ йæ зæрдæ куыд сдзура, афтæ æви литературæзонæны бæл- вырд æмæ дырыс, рæстæвзарæн критеритæм гæс- гæ? Уый,у традицитæ æмæ ногдзйнад æмиу кæны- ны иумæйаг-культурон ахъаззаг фарст, æмæ йæм цæйбæрц æмбаргæдæр ахастимæ бацæуæм, уый- бæрц-фылдæр ахъазгæнæг уыдзæн нæ национ ли- тературæйæн, уæрæхдæр — нæ национ культурæ- йæн. Классикон бынтæ не сты, æмæ ’мадæр хъуа- мæ уой цахæмдæр æнæзмæлгæ, пайдакæмæй нæ кæнынц, ахæм капитал. Уыдон хъуамæ кусой æп-. пынабдзух, хуыздæр, рæсугъддæр æмæ бæрзонддæр кæной адæмы духовон цард. Гъе, уый тыххæй сæ хъæуы лæмбынæг зонын æмæ ахуыр кæнын. Ирон аив литературæ-иу у, нæ адæм йæхæдæг куыд у иу, афтæ. Хуссар æмæ Цæгаты сæрыл нæ дих кæнынц нæ литературæйы проблемæтæ. Уыдон уыдысты æмæ сты иумæйаг не ’ппæтæн дæр. Æмæ ^æд абон ирон литературæ стыр советон литера- турæйы иу органикон хай у, уæддæр ын, иннæ на- 126
цион литературæтау, ис йæхи сæрмагонд хъуыд- дæгтæ, скъуыддзагкæнинаг фарстытæ. Мах сыл æмбæлæм æрвылбон дæр нæ куысты. Нæй уыдо- нæн хицæнтæй, æнæиумæйаг тыхтæй алыггæнæн. Махыл рагæй æмбæлы нæ йумæйаг, дарддæр аргъæвæн кæмæн нал ис, уыцы литературон фарс- тытыл æрдзурын, æруынафф.æ кæнын тымбыл фын- джы алыварс. Æнхъæл дæн, æмæ дызæрдыг ничи’ фæуыдзæн, кæй нын ис се ’рбæстон кæнынæн æм- бæлон фадæттæ, кæй нæм ис фаг цæттæдзинад æмæ хъарутæ, хъæуы æрмæст фæндондзинад &мæ ини- циативæ. Нæ литературæ æмæ йæ аразæг тыхтæ механикон æгъдауæй дих кæй кæнæм, уый зонгæ- зонын нæ’национ культурæйы фадæттæ æмæ ав- налæнтæ кæны къуындæг. - Нырма куыд æмбæлы, ахæм иумæйаг хъуыд- дагон ныхасы сæр никуы сси, нæ литературæйы хицæн жанрты нæм цы æмæ куыд рæзы, уый, кæд ыл афæлвардж’ытæ уыд, уæддæр. Нæ критикæ ни- кæцыма ахсджиаг проблемæ æрæвæрдта, цы бирæ проблемæтæ аск-Буыддзаг кæнын нæм кæсы, уы- донæй. Афтæмæй та сæ нæхицæй дарддæр. ничи бакæндзæн. Нæ критикæ фаг размæдзыд кæй нæу-, эмпи- ризм æмæ комплиментарондзннад кæй сты йæ ми- ниуджытæ, уымæ гæсгæ иын хорз ’æмбæрстгоид нæу, æцæгæй нæм цы ис, уый. Афæдзæй-афæдзмæ цы’литёратурон продукци уадзæм, уымæ критикæ нæ бавналы, фæныхылынæй’ дарддæр, нæ фæзæ- гъы йæ барджын лыхас. Ахæм уавæрты фауинаг цы у, уый арæх æнтысгæйæ -бацахсы хорзы бынат, цаудæн хорзы флрсмæ лæвæрд цæуынц уæрæх фæндæгтæ нæ журналты, газетты æмæ рауагъдад- ты.. Хатт лæгыл дис дæр бафты, литературон æгъуыздзинад куыд æмхуызон у нæфысджытыбæ- 127
рæг хаймæ, куыд хæлæфæй йæ парахат кæнынц, уымæй. Аив литературæ кæддæриддæр уыд æмæ ныр дæр у, объективон царды рæстдзинад фæлгъауæг æмæ адæймаджы зæрдæйыуаг æвдисæг. Уый ма- хæй алчи дæр зоны. Зонæм уый дæр, æмæ адæй- маджы зæрдæ кæддæриддæр æнæхъæн дуне. кæй уыд æмæ кæй у, иу æнкъарæн æмæ иу сагъæсæй кæй никуы цæры. Æмхиц кæй у куыд цин кæнын- мæ, афтæ хъыг кæнынмæ дæр, фæхудынмæ æмæ фæкæуынмæ дæр. Адæймаджы зæрдæ æрмæст цин- кæнынмæ арæзт нæу. Тыхджын æмбæстагон хъыг къаддæр бæрцæй нæ бæрзонд кæны æмæ нæ сыгъ- дæг кæны лæджы уд. Раст нæ уаид афтæ зæгъын, ома, нæ поэттæ адæймаджы зæрдæйæн йæ цинтæй дарддæр ницы хатынц, нæ сæдо хъары лæджы мæт æмæ сагъæс. Æмæ сæм фенхъæлмæ кæсæм, нæ ду- джы сæ зæрдæтæм цы ма^т æмæ тыхст фæхæццæ вæййы, уыдон равдисынмæ. Гъе,- фæлæ, лауызтæ æхсырысæртæй куыд айсæрдай, раст уый хуызæн адджын, цинджын зарджытæ, хъæлдзæг ныхæстæ нывæндыныл афтæ фæцайдагъ сты нæ иуæй-иу поэттæ, æмæ сæм æндæр мацæмæ æнхъæлмæ кæс. Æрмæст сыл мах нæ цин кæнæм, нæ кæнæм хъæл- дзæг, уымæн æмæ нæм ничердыгæй хъарынц, хъар- гæ та уымæн, æмæ нæ вæййынц конкретон адæй- маджы зæрдæйы цин, фæлæ иумæйаг æмæ уымæ гæсгæ — æгъуыз. Мæнг ’ ныхас, былалгъ дзырд æфтауынц поэты чиныгкæсæджы цæсты, йæ аргъ ын доны къус’ы сæфт кæнынц. _ . Мах цæрæм ахæм дуджы, æппæт — дунейон æмæ хисæрмагонд хъысмæттæ æмб(уар æмæ æнгом баст. кæм систьт. Абоны литературон хъайтары уды кон- ды — кæд æцæг хъайтар у, уæд! — зыны æппæт дунейьг хъысмæт, дуджы карз æмæ вазыгджын- дзинад. 128
Ирон литературæйæн йæ равзæрдæй æцæгæлон уыд къуымондзинад, провинциализм. Уый дæр нын у Къостайæ баззайгæ традици. Афтæ мæм кæсы, цыма уыцы провинциализмæй хайджын у нæ або- ны ирон литературæ. Провинциализм канд нæ фысты мидæг нæй, фæлæ ис нæ хъуыдыкæнынады дæр. Хетæгкаты К/ьоста бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы ирон дзырдаивад йæхæдæг у нæ национ фæл- дисæг тыхтæ æмæ дунейы размæдзыд литературон традици æмиу кæныны фæстиуæг. Махыл æмбæлы уыцы фæндагыл фидарæй цæуын. 9. Æлборты X. 1129
II. НЫХАС ГÆДИАТЫ СЕКЪАЙЫ ТЫХХÆЙ Фыссæг цас стырдæр вæййы, уыйас йæ цард æмæ йе сфæлдыстадон хъысмæт дæр вæййынц ва- зыгджындæр, хæдбындурдæр, зындæр. Ирон литературæйы æнусы кад æмæ намыс Гæ- диаты Секъайы цард æмæ сфæлдыстадон хъысмæт дæр сты ахæм. Секъа нæ адæмæн цы стыр зонд æмæ лæгуар- зон зæрдæйы хæзнатæ ныууагъта, уыдон не ’види- йынц рæстæджы æгъатыр хъомысæй, сæ хуыз нæ сафынц, уый нæ фæлæ ирдæй-ирддæр кæнынц, хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæнынц, рæстæг куыд цæ- уы, афтæ се ’рфæнтæ æмæ сæ фидыцтæ дæр хуыз- дæрæй разынынц. Уый у, йæ заманы царды æцæг- дзинад стыр дæсныйадæй нывгонд кæм æоцыд, ахæм реалистон аивады миниуæг, æмæ Секъа та уымæй пайда кодта, æцæг дæсны лæгыл куыд фи- дауы, афтæ. Уый тыххæййын фаг уыди алцы дæр — æрдзæй рахæсгæ æвæджиау курдиат, адæмы цард канд зондæй зонын нæ, фæлæ уд æмæ зæрдæйæ дæр арф æнкъарын, æмæ сæйраджы та—стыр лæгуарзондзинад, лæгуарзондзинад, лæджы сæры кад къæхты бын ссæст куы цыд, уæд. Гъе, уыцы æртæ хъуыддаджы сбæлвырд код- 130
той Гæдиаты Секъайы — стыр фыссæг æмæ гума- нисты, æппæтадæмон ахадындзинады арф лирикон поэт æмæ ирон прозæйы бындурæвæрæджы сфæл- дыстадон хъысмæт. Фæлæ йын цæмæй уыцы хъысмæт афтæ ирдæй æмæ курдиатджынæй сбæлвырд уыдаид, уый тых- хæй Секъа рацыд царды тынг зын æмæ дæрзæг фæндагыл. Уый йе ’мыдзаг уыд алыгъуызрн къуы- лымпытæ, мæстытæ, хъыгтæ æмæ зæрдæдзурæн- тæ$. Цæмæй сæ æмбарæм, уый тыххæй зонын хъæ- уы, цы заманы цард æмæ фыста Секъа, уый, зонын * хъæуы, уæлдайдæр, фыссæгæн йæхи цард, фæлæ, хъыгагæн, Секъайы цард зонынæй мах нырма би- рæ хъуаг стæм. Уый аххосæй абон дæр цух нæу йе сфæлдыстад иуæй-иу æнæраст ныхæстæй, хъуыд- даджы æцæгдзпнадмæ дард чи лæууы, ахæмтæй. Поэты цард ахсы æнудæсæм æнусы дыккаг æм- бисы бæрц æмæ дыууынæм æнусы райдиан. Секъа- йы сфæлдыстад туг æмæ стæгæй у. Х1Х-æм æнусы кæрон — ХХ-æм æнусы райцтгш ирон адæмы цар- ды æцæгдзинадæй равзæргæ. Уыцы рæстæг Ирыс- тонмæ дæр æнхъæвзын байдыдтой, царды йæхи- цæн бынат агурын чи райдыдта, уыцы ног исто- рион-социалон цардæвæрды уылæптæ. Уыдон сæ разæй ссæндгæ æмæ пырхгæнгæ цыдысты рагон патриархалон æгъдæуттæ, хъуыддæгтæ. Капиталы закъæттæ цъусгай, фæлæ æгъатырæй систы Ирыс- тоны дæр барджын æмæ æхсарджын хицау. Уый уыд иттæг вазыгджын исгорион процесс, ирон лæ- джы царды ныхмæдзыдтæ, æвирхъаудзинæдтæ чц æвзæрын æмæ æвзарын кодта, ахæм. Уыцы азтæй авд æмæ ссæлз сомбоны фыссæг^ батыдта йæ райгуырæн хъæу Ганисы — Хъуды кй- мы, æвæццæгæн, æгас Кавказы дæр уымæй мæ~ гуьтрдæр, æфхæрддæр, талынгдæр къуым нæ ра~ зындаид. Уьтй тьтххæй Секъа йæхæдæг афтæ фыс- Ш
*та: «Æгас дуне иннæрдæм куы фæзила, уæддæр Хъуды коммæ иу азьгфæстæ кæнæ фехъуысдзæн, кæнæ—нæ. Арвæй сын куыннæ ис хай, афтæ сын адæмы рухсдзинадæй дæр нæй хай». Гъе, ахæм ран 1855 азы райгуырд Гæдиаты Куыцырийы фырт Секъа, йæ аргъуыды ном Ги- уæрги. Иæ сомбоны царды хъысмæт скъуыддзаг- гæнæг разынд, сæ хъæумæ цы сауджын æрцыд кусынмæ, уый. Уый йын бацамыдта аргъуаны чи- ныджы кæсын æмæ фыссын. Фæстæдæр ын йæ автобиографион поэмæ «Иунæджы» стыр бузныг- адæй æрымысыд йæ ном: «Иу мæгуыр сауджын Нæ хъæумæ æрцыд. Фæдæн ын адджын,—Мæ цу- рæй нæ цыд. Сахуыр мæ кодта Чысыл чиныджы. Иæ фырт мæ хуыдта, — Зыбыт-иунæджы». Лæппу йæ удыйас бауарзта чиныг, æмæ уый рухсæй йæ адæмæн лæггад кæнын ссис йæ царды сæйраг нысан. Секъайæн йæ фырт Гæдиаты Петр, фыссæджы æрвылбонон цард æппæты хуыздæр чи зыдта, уый йæ фыды æвзонджы бонты тыххæй йæ мысинæгты афтæ зæгъы, зæгъгæ, «Секъайы фыд Куыцыри афтæ хъуыды кодта, мæ фырт куы са- хуыр уа, уæд мæ ныууадздзæн, уый тыххæй йæ нæ уагъта ахуыр кæнын, фæлæ-иу Секъа сусæгæй алыгъди æмæ-иу ахуыр кодта.» Уыцы ныхæстæ, æвæццæгæн, йæ фыдæй фехъуыстаид. Æрдзæй зæрдæргъæвд лæппуйæн йæ къуын- дæг царды уавæрты цы иунæг фадат уыд, уый — æрмæстдæр аргъуаны чиныджы кæсын æмæ фыс- сын базонын, дины ахуырад райсын, æмæ уый баф- тыд йæ къухьт. Кæд дины мæнг амындтыл никуы æууæндыд, уæддæр йæ бирæ бинонтæн — фараст удгоймагæн — уый уыд, сæ хъуагдзинæдтæ, бирæ нæ, фæлæ чысыл бæрцæй кæмæй æмбæрзта, уыцы иу- нæг æфтиаг, æмæ йын ууьтл къух сисæн ницы ама- лæй уыд. 132
1882 азы Цæгат Ирыстонмæ цардагур куы алыгъд, уæд бæргæ ацархайдта йæхицæн зæххы гæбаз самал кæныныл æмæ зæххы куыстæй, — цæвæджджын æмæ гутондарæй — йæ бинонтæ да- рыныл, фæлæ уый йæ къухы нæ бафтыд æмæ та йæ, бар-æнæбары, бахъуыд фæстæмæ аргъуаны куыстмæ баздæхын. Афтæмæй Секъа, дæс азы сæхимæ Ганисы æмæ дæс æмæ ссæдз азы та Цæгат Ирыстоны, йæ царды бонтæ арвыста дины иерархийы æппæты дæллагдæр къæпхæны — пълагъоцы бынаты. Лæджы сæры кад бæрзонд æвæрд кæм цыд, уыцы патриархалон цардуаджы хъомылгонд æмæ ууыл хæст адæймагæн хъысмæт скодта карз тæрхон, цæмæй йæ райгуырæн Хъуды комы хохы фæхстæ æмæ айнæг тигътæ зæйы уæз æмæ тымыгъты над куыд быхстой, афтæ уый дæр быхстаид царды фæлывд хъысмæты фыдуаг митæ. Секъа цы бæсты ’гъдау æмæ адæмы удыхъæд ра- хаста, уыдонау кæд цыфæнды уромаг æмæ быхсаг уыд, уæддæр-иу æппынфæстаг уымæн дæр йæ маст бауромын йæ бон нал уыд æмæ-иу дзы сæхъуысты- сты судзаггаг масты хъæлæсы мыртæ: «Æнæгъдау- дзинад бирæ уынын мæ цæстæй», «Хаттæй-хатт дзырд нал фембарын мæ мæстæй». Нал-иу басусæг кодта йæ мид-зæрдæйы дзурæнтæ: «Бафхæрдта мæ мæ амонды цалх, Не скастæн иу хатт мæ цæстæй. Рад- та мын уый масты пуазæн: Баназ, дам, æй — цу дæ бæстæй... Уыцы нуазæнæй мæ зæрдæ ыскодта сау цъар, сау агъуд», — зæгъы поэт, йæхи тыххæй кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæйы, «Мæ фæндаг», зæгъгæ. Ирыстоны алы къуымты йæ хъеллауаг цардæй Секъа фервæзт æрмæстдæр 1910 азы, уæд ыл сæх- хæст фынддæс æмæ дыууиссæдз азы. Дзæуджыхъæ- уы йæхи къухæй скодта йæ бинонтæн хæдзар æмæ уым æрбынат кодта. 133
Гæдиаты Секъа у, иронау аивадон уацмыстæ фыссын чи райдыдта, уыдон фыццагдæртæй. ’Фыс- сæджы биограф — йæ фырт — зынгæ ирон фыссæг æмæ революционер Гæдиаты Цомахъ куыд зæгъы, афтæмæй Секъа фыссын райдыдта, Ганисы ма куы цард, уæд, ома ивгъуыд æнусы æвдайæм азты кæ- рон. Йæ царды уьтцы заман махæн у уæлдай сусæг, йæхæдæг йæ автобиографион поэмæйы цы зæгъы, уымæй дарддæр дзы ницы зонæм. Зындгонд у иу хабар, уый, æмæ Ганисы цæргæйæ, сахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг æмæ каст, уыцы æвзагыл йæ къу- хы цыдæрнддæгэ æфтыд, уый. Уыдон та уыдаиккой хъуамæ алыгъуызон — агиографион фыстытæй рай- дайгæйæ историон æмæ аивадон литературæмæ. Уыцы æвзаг афтæ хорз базыдта, æмæ йыл фыста оригиналон уацмыстæ дæр. Куыд æмткæй йæ царды, афтæ йе сфæлдыста- дон хъысмæты дæр стыр нысаниуæг уыд, Хъуды талынг æмæ уынгæг комæй фæсхо’хмæ, Цæгат Ирыстонмæ, кæй афтыд, уымæн. Дзæуджыхъæу уæддæр уыд Цæгат Кавказы культурондæр центр- тæй, æмæ дзы кæд Секъа йæ царды фæстаг рæстæ- джы æрцард, уæддæр йе ’ндæвдад йæ алфæмбылай зылдыл дæр æнæахадгæ нæ уыд, æндæвта Секъайы хъуыдыкæнынады рæзтыл дæр. Хæстæгдæр балæу- уыд иумæйагнацион судзаг фарстытæ, ристæ æмæ низтæм, уый руаджы иырындæр кодта йæ зонда- хасты демократондзинад. Фæлæ фыссæгæн йæ райгуырæн хъæу Ганис, йæ райгуырæн Хъудьт комбæстæ систьт йе сфæлдыс- тадон уæлтæмæны æвидигæ æнусон суадон. Иæ кæцыфæнды уацмысы дæр — поэтикон уа æви про- заикон, комкоммæ Хъуды номимæ баст чи нæу, уы- доны дæр зын раиртасæн не сты уыцы бæсты æрдз æмæ адæмы царды бæрджытæ. Хъуды комы исто- рион, социалон æмæ психологон атмосферæ йæ был- 134
тæй æнхъæвзы Секъайы хъæздыг, бирæкъабазджын сфæлдыстадæн. Уыцы уацмыстæй Секъа сарæзта æхсæз чиныджы. Иæ цæргæйæ дзы рухс федта æр- мæстдæр иунæг. Дæс æмæ дыууиссæдз аздзыд фыссæг 1905 азы Дзæуджыхъæуы рауагъта йæ уац- мысты фыццаг æмæ фæстаг чиныг, уый уыд æм- дзæвгæтæ :æмæ æмбисæндты æмбырдгонд «Ирон фиййау». Секъа сфæлдыстадон куыстмæ каст, куыд йæ раттæг ирон адæмы сæ низтæй фервæзын кæныны сæраппонд æмбæстагон архайдмæ, стыр намысы хъуыддагмæ, афтæ. Абайты Вассо йæ нымайы сгуыхтдзинадыл: «Сгуыхтдзинады коймæ, — зæгъы уый, — нæ хъуыды æмæ нæ цæстыты раз сысты хæстон лæджы фæлгонц, хъус ахсы хæцæнгæрзты зæлланг! Фæлæ цымæ къаддæр хъæбатырдзинад ис Секъайы ухуызæн адæймаджы æрвылбонон фыс- сæджы сгуыхтдзинады?» Фыссæджы æппæт хъуыдытæ æмæ «сагъæстæн дæр ис иу рахæцæн, алы тæгтæй баст кæимæ уыды- сты, уый у йæ фыдыбæстæ, йæ Фыдыбæсты ивгъуыд æмæ сомбоныл сагъæс уысмы бæрц дæр цух нæ уа- дзы Секъайы. Уый бацахста йе ’ппæт цард, ссис йæ поэтикон æнкъарæнтæ æмæ фæлгæнцты гуырæн. Фыдыбæстæ æмæ адæмы темæ фыссæджы сфæл- дыстады куыдфæстагмæ кæны æндыгъддæр, вазыг- джындæр, тьтнгдæр ахуырсы йæ уды æнæнцойдзи- надæй. Йæ фыццаг чиныг «Ирон фиййау»-ы уымæ сты фыццаг уырыссаг буржуазон-демократон револю- цийы агъоммæйы æнкъард хъуыдытæ æмæ зæрдæ- йыуæгтæ, поэт йæ ныхас нывæнды уæзбынæй, хи- уылхæцгæ. Æвдисы йæ райгуырæн бæсты мæгуыр- дзинад, тыхстдзинад. Бæллы уый сæрибарæй фе- нынмæ: «Тæхуды Ирыстоны сæрмæ Куы фенин æз 135
хурæн йæ тынтæ, Йе, искуы ирон лæджы царды Куы фенин æцæгæй мæ фынтæ», — зæгъы поэт. Арф æмбæстагон сагъæстæй, æвæлхат поэти- кон æнкъарæнтæй цæрæццаг у прэты уыцы заманы сфæлдыстад. Иæ фыдыбæстæ æвæгæсæг кæй у, йæ хуыздæрты зæрдыл кæй нæ лæууынц йæ бирæ мæс- тытæ, уый йæм æвзæрын кæны æнкъард хъуыды. Ахæм рæстæджы райгуырынц, Секъайæн чи у ха- рактерон, уыцы уæззау, маст æмæ æрхæндæгæй се ’мыдзаг рæнхъытæ: «Нæ арв-иу йæ мигътæй къуыригай фæкæуы нæ цардыл, Нæ хæхтæ дæр уа- дзынц сæ цæссыг мæнау... Фыдмигътау, æрбахъуы- зынц, мигътау, æрбатыхсынц Нæ сонт сæртыл сау хъуыды, мæт æмæ æнкъард!..» («Æнкъард хъуы- ды») уыцы мотив ноджы ахадæгдæр у ирон лири- кон поэзийы хуыздæр æмдзæвгæтæй иу—«Хæхты маст»-ы. Райгуырæн бæсты темæ, уый рис æмæ са- гъæс Секъамæ куыд æргом, цæстуынгæ сты, ахæм нæ зоны ирон поэзи, йæ поэтикон хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ сæ зæрдæбындзинадæй, æндыгъддзи- надæй æмзæлланг кæнынц Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтимæ. Уыдон мидæг алфæмбылай æрдз — хæхтæ, цъититæ, къæдзæхтæ адæмимæ цæрынц æм- цардæй, риссынц уыдонау. Фыдыбæсты æфхæрд æмæ мæгуырдзинад æвди- сæг реалистон нывтæй хъæздыг уæвгæйæ, поэт йæ фыццаг чиныгмæ цы уацмыстæ бахаста, уыдоны ми- дæг нæма ис æргом протест, фæлæ йæ уырны, уьтцы æфхæрд æм^ мæгуырдзинадæн кæй æрцæудзæн кæ- рон: «Уырны мæ, фыццаг, Æрцæудзæн рæстæг, Нæ хъæлæсы дзаг Ныззардзыстæм уæд... Уырны, мæ, хæстæг у Ныр ахæм рæстæг», фыссы æмдзæвгæ «Къæвда»-йы. Уыцы рæстæгæн, мах зонæм, йæ ном хуыйны сæрибар дуг, фæлæ йæ поэт номхуындæй нæма зæгъы. Патриархалон Ирыстонмæ ^.эг историон-социа- 136
лон цардæвæрд куыд æнхъæвзта, фыдæлтыккон на- туралон хæдзарад куыд хæлдта европæйаг сæу- дæджергæнæг капитал, афтæ ирон адæмы ’хсæн дæр тынгдæр рæзыд социалон дихдзинад. Мулчы, æхцаны монц деградацимæ скъæрдта ирон адæй- маджы мыггагон цардыуаджы бандидзæг психо- логи. Ирыстоны дæр уыцы рæстæджы æвзæрын байдыдтой францаг фыссæг Бальзакы кæрæф зæр- дæ Гориойы сихтæ. Секъа нын сныв кодта иу ахæ- мы фæлгонц йе ’мдзæвгæ «Ирон хъæздыджы». Уы- мæн йæ царды нысан ссис хъæздыгдзинад, фæллой æрæмбырд кæнын, фæллойыл йæ хъæбулы дæр ныу- уæй кæны, бæхау, афтæмæй, исджын æмæ бонджы- нæй, цæры æнахуыйæн къæбæрæй, йæ фæллойæ йæхицæн дæр нæ уарзы йæ цæст. Уыцы ног заманы «хъайтартæ», мулчы нывæнд- тæ, буржуазон индивидуализмæй чи схъæстæ, уыдонæн зынаргъдæр у сæхи уды хæрзæбон, иумæ- йаг хъуыддаг, адæм æмæ фыдыбæсты интерестæ сæ æппындæр не ’ндавынц, сæхицæн хуыздæр кæм уа, уым — сæ фыдыбæстæ: «Мах цæрæм, хæрæм,— нæ фæстæ Урссæр цъититæй, нæ хæхтæй Мацы баззайæд, — зæгъынц.» Афтæ æргом кæны поэт уы- донæн сæ ницæйаг уды философи. Уыдон ныхмæ æвæры, поэтæн йæ фыдыбæстæм цы сыгъдæг æн- къарæнтæ, хъæбулы уарзондзинад ис, уый, æмæ сæрыстырæй зæгъы: «Уадзут!.. Уарзон бæстæй ли- дзæнт — Махæй бафсæдынмæ, дард, Уым хъæздыг рæтты фæхизæнт, Урс дзул, цаийæ нæ ивæм Мах нæ хохы дæтты зард!», зæгъгæ. Дыууынæм æнусы революцион уадтымыгъты размæ поэты сагъæсты хъаймагдæр уыд ирон адæ- мы сомбоны хъысмæтыл мæт æмæ катай. Уыцы мо- тив æмткæй ирон классикон поэзийы у иууыл тых- джындæртæй, бындзарæй агайдта нæ поэтты зæр- дæйы уидæгтæ: «Иугай ныйистæм, ныууагътам нæ 137
^æстæ, Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд», Фæдисы хъæр кодта Хетæгкаты Къоста. Ирон адæ- мы, фосы дзугау, цы сырд ныппырх кодта, уый уыд алыгъуызон — нæ хæхбæсты мæгуырдзинад, чы- сыл адæмты социалоя æмæ политикон æбардзинад æмæ, æппынфæстаг, хæдхæцæг паддзахы æфхæ- рæг политикæ. Тыхы бон иумæйаг знаджы ныхмæ æппæт адæм- мæ национ иудзинадмæ сидын уыд прогрессивон хъуыддаг. Уымæ гæсгæ æмбæрстгонд у Секъайы бæллиц: «Тæхуды, æфсымæртау, размæ Куы цæ- уиккам рухсмæ цæрдæгæй, кæрæдзи зæрдиагæй уарзгæ...» Фæлæ уыцы зæрдиондзинадæй хъуаг уыдысты ирон адæм, сæ мæгуырдзинады уæлдай, хицауæй иу бузныг ныхас райсыны тыххæй нымудзынмæ цæттæ чи уыд, ахæмтæ арæх уыди се ’хсæн. Уыдон тыххæй Секъа фыссы: «Комдзог фæуай», — фыдæл- тæ Æлгъыстæн уый нымадтой, Ныр Ирыстоны æв- зæртæ Сæхи уымæй ысхастой». Ноджы сыл карз- дæр та фæхудт йæ зындгонд æмбисонд «Бæлæсты хъаст», зæгъгæ, уым: «Бæлæсты разæй Рагон тулдз бæлас Райдыдта гъдауæй Сæ хъасты ныхас: — Фæ- рæт нæ ныццагъта, — Нал нæ ис мыггаг... Тæрс та сын загъта: — Фæрæт нæу хъæстаг, Уый уæ нæ цæгъдид, — Йæ хъæд у уæхицæй, Æнæ уый нæ кæ- сид Фæрæт къæбицæй». Ирон адæмы ’хсæн, сæ кæрæдзийыл сæ чи бас- та, уыцы национ æнкъарынад уæлæнгай кæй уыд æмæ уый аххосæй нæ дзыллæйы риссаг фарсты- тæм хъусдарæг кæй ничи уыди, уый стыр хъыгдзи- над æвзæрын кодта поэтмæ: «Лæг нæм чи вæййы, уый искæй тавы, Мах та цъыф сæрфæм», зæгъгæ. Революцийы заман æфхæрд адæм сæ бартыл кæй сдзырдтой, барджынæй æмæ æхсарæй сæхи- 138
цæн сæрибардзинад агурын кæй байдыдтой, уый поэтæн фæцис сфæлдыстадон уæлтæмæны хос, ра- зæнгардгæнæг стимул, йæ зæрдæмæ йын бауагъта хуыздæр сомбоны ныфс æмæ кусы дывæр хъарутæй. Дæс æмæ дыууиссæдз азы дæргъы поэт адæмы цар- ды тыххæй йæ хуылфы норстæй цы судзгæ æмæ уæззау хъуыдытæ фæхаста, уыдонæн-иу уый размæ кæд стæм хатт’радта урс гæххæтмæ рахизыны фа- дат, уæд ныр йæ зæрдæйы дуæрттæ уæрæх байтыгъ- та æмæ дзы æнæсцухæй иу иннæйы фæдыл гуы- рынц æмдзæвгæтæ æмæ æмбисæндтæ, фыссы радзырдтæ ирон адæмы ивгъуыд цардæй, бæлвырд- дæр та, Хъуды комы адæмы цардæй, фыссы йæ рæстæджы цардыл дæр, куыд радзырдтæ, афтæ публицистон уацтæ дæр. Мыхуырмæ бацæттæ кодта æмдзæвгæтæ æмæ æмбисæндты æмбырдгонд «Ганис», фæлæ йын рухсмæ рауадзын нæ бантыст, кæд ын цензурæйæ дæр мыхуырмæ бар лæвæрд уыд, уæддæр. Бæрæг нæу йæ ныкъкъуылымпыйы аххо- саг. Зонæм æрмæстдæр уый, æмæ чиныджы æрмæг- мæ Секъа фæстæдæр лæмбынæг æркаст, бирæ уац- мыстыл дзы ногæй æмæ бындуронæй бакуыста æмæ сæ афтæмæй бахаста йæ иннæ, 1911 азы арæзт чиныг «Цæсты сыг»-мæ. Фæлæ уымæй ма-' хæн нырмæ исты бæрæг хатдзæг саразыны фадат нæй, цалынмæ лæмбынæгæй иртæстгонд æрцæуа, уæдмæ. Уым сæйраг бынат лæвæрд цæуы поэты æмбæс- тагон бæрндзинадæн, æхсæнадон царды йын цы бынат ис, уымæн. Чи æмæ цахæм хъуамæ уа поэт, уый тыххæй къорд хæттыты фыста Секъа. Поэты æмбæстагон кредо Секъайæн уыд бæлвырд, уый йæ нымадта рæсттæрхонгæнæгыл, поэт макуы, макæ- цы уавæрты хъуамæ сайа, «искæй ныхæстæй ма кæна йæ куыст», фæлæ уа хæдбар. Мæнæ, гъе, поэт цыхуызæн хъуамæ уа, растдæр зæгъгæйæ та, цы- 139
хуызæн ма хъуамæ уа, уый тыххæй Секъайы цы- быр, фæлæ бæлвырд характеристикæ. «Цы поэт искæмæ хъуса, Уымæн йæ аргъ — хъæмпы хал; Искæй фæндонæй куы куса, Уæд нæу иууыл йæхи бар». Секъа йæхæдæг бæлвырдæй уыд ахæм, уый нын æвдисы йе ’ппæт цард æмæ сфæлдыстадон куыст, йæ уарзондæр ныхас уыд: «Искæмæн цы амонай, уый хуызæн дæхæдæг хъуамæ уай», зæгъгæ, науæд дыл нæ баууанддзысты. Поэт йæхицæй куыд домы йæ заманы тыххæй рæстдзинад зæгъын, афтæ йе ’мсисонтæй дæр, хъуа- мæ æвдисой, «сæ цард сын цы хъыгдары», уый: «Исты нын зæгъ ныры дугæй, — Ай нæ рæстæг цытæ кæны?!» зæгъгæ. Поэт хъуамæ уа æргом, тæрсгæ ма кæна йæ фыссæн фынджы цур: «Ма фæтæрс, лæг, нæртон кæд дæ, Дæ удæн та цы хи- цау ис?» Фыссæджы номимæ йæ къухмæ фыссæн чи рай- ста, уый макуы хъуамæ рох кæна, цы стыр хæс ыл ис йæ адæм æмæ йæ бæсты раз, уый, фæдзæхсы сын: «Адæмы маст, бæсты сагъæс Сæ зæрдæтыл куыд дарой», афтæ. Секъа, тæрсын чи нæ зыдта, рæстдзинад æргом чи дзырдта, адæмы тыххæй цырагъау чи сыгъд, ахæм поэты мондæгтæ иста Хетæгкаты Къостайæ æмæ æппæты бæрзонддæр ран æвæрдта уый ном. Тæккæ революцийы размæ заман Къостайы ’хсар æмæ лæджыхъæлы тыххæй кæй сдзырдта, йæ фæл- гоиц равдисынмæ йе ’ргом кæй аздæхта, уый йæ- хæдæг дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у: уый адæ- мы тыххæй æййæфта æфхæрд, æмæ фæсивæдмæ сидьт, цæмæй уыдон дæр фæзмой уый, хæцой уый æгъдæуттыл. Адæм революцион æгъдауæй сæ бартыл куы сдзырдтой, уæд Секъа банкъардта сæрибардзина- 140
ды хуры хъарм æмæ ’хцонæн 1р,улæфыд: «Хæрз- ифтонг — мæ галтæ, мæ фæндаг—уæрæх», зæгъ- гæ. Уыцы азты активон хайадисæг у Ирыстоны æх- сæнадон царды. Уый, фыццаг хатт чи фæзынд, уы- цы ирон периодикон мыхуыры фæрстыл ралæууыд, .куыд поэт, прозаик æмæ публицист, афтæ. Арф хъуыды кæны йæ адæмы ивгъуыд æмæ райсомы бо- чыл, тайы æмæ райы алы чысыл культурон хъуыд- дагыл дæр. Æнæкæрон цины хос ын уыд фыццаг ирон газеттæ æмæ журналты фæзынд. Алы ама- лæй дæр уарзын кæны адæмæн ирон чиныг: «Фæс- тæгтæн æз фæдзæхсын мæгуыр ирон чиныджы... Мах фæкуыстам цыдæртæ, Сау бындз галæн æмба- лау, Раттæд хуыцау æндæртæ, Куыд рухс кæной цырагъау.» Революци састы бынаты куы баззад, поэт сæри- барæй йæхицæи цы ныфсытæ æвæрдта, уыдон фæз- зыгон хуры тынтау уазал мигъты фæстæ куы фесты, уæд уымæн дæр йæ зæрдæ æрбакъуындæг, раздæ- ры мæт æмæ та йыл сагъæс æртæфстысты, æмдзæ- рин систы йæ уацмысты. Поэт уыцы азты цæмæй рыст æмæ хъæрзыдта, ууыл нын дзурынц йæ къорд æмдзæвгæйы: «Мæ- гуыры зæрдæ», «Цъиу йæ лæппыныл хъарæг кæ- ны», «Хæфсыты къароль Хъазар», «Фын», «Цард», Сагъæс», «Дидинæг», æмбисæндтæ — «Цырыхъ ’æмæ къалос», «Дзæбидыр æмæ мæлдзыг», «Домбай» æмæ бирæ æндæртæ. Поэты хуыздæр лирикон æмдзæвгæтæй иу, ра- хонæн ын ис лирикон поэмæ дæр, — «Фын», зйегъ- гæ, уый бæлвырдæй æвдисы поэты зæрдæйы уаг. Уым фыны хуызы дзырд цæуы йæ фыдыбæстыл, æппæтæй рæсугъд, æппæтæй æххæст чи у, ууыл, фæ- лæ уый æрмæстдæр фынæгъдауæй у афтæ. Æцæгæй та уыцы фыдыбæсты «Адæмты царды тыхстдзинад Хуыздæрты зæрдæ ныссæтты», зæгъгæ. Аллегорийы 141
хуызы Терк дзуры йæ маст, йе ’рхæндæджы аххо- сæгтæ. Уыдон уыдысты, революцийы састы базза- йыны фæстæ сау реакцийы заман Ирыстоны наци- он куынæгмæ, дæлдзиныгмæ чи скъæрдта, уыцы социалон æмæ.политикон уавæртæ. Поэт йæ хъæл- дзæг фынæй куы фæиртæст, йæхи та йё ’цæг уавæ- ры куы федта, уæд фырмæстæй ссыгъди. Æмæ кæ- ронæй йæ зæрдæйы судзгæ маст равдыста карз æл- гъысты ныхæстæй: «Хурмæ баззайа сæ хæдзар,— Махæн нæ цардæй чи хъазы. Сæхи амарой сæ кардæй, — Нæ сæр нын хуыскъæй чи дасы!» Æндæр æмдзæвгæйы та æфхæрд фыдыбæсты, къæхты бын ссæст сæрибардзинады баиугонд фæл- гонц æвдисы дидинæджы хуызы («Дидинæг»). Се- къа æмткæй æмхиц уыд фæсномæй дзурынмæ, æр- гомæй йын йæ хъуыдытæ дзурыны фадат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй йæхæдæг зæгъы иу æмдзæвгæйы, зæгъгæ, «Зындоны тæсæй, Фæсном чыхасæй Мæ фынтæ хъарын». Банысангонд æмдзæвгæйы дидинæг—\фыды- бæстæ æмæ сæрибары символь схъыг ис æнкъардæй сындз къутæры бын, уымæн æмæ «йæ марæг сын- дзытæ Йæ алварс лæууынц». Дымгæты фæрсы, афтæмæй æйхъæлмæ кæсы: «— Кæд уыдзæн мæ рæстæг, Кæд æркæс’дзæн хур?!. Кæдмæ мын тон- дзысты Сындзытæ мæ сæр?!.» тыхстæй, протест- гæнгæ, фæрсы дидинæг. Райгуырæн бæстæ æмæ сæрибары символы хуызы кæй æвдисы, уыцы дидинæг кæд 1911 азы, ома революцийы састы баззайыны фæстæ фыст у, уæддæр уый нал у, революцийы агъоммæ йæ фыды- бæсты цы.бæласы хуызы равдыста («Мæ бæлас»), уыйау æнæбон, дæлдзиныг. Уым бæласыл иууыл- дæр тых сты, уымæн æмæ, поэт куыд зæгьы, афтæ- мæй «Царды дуджы фæкалд». Дидинæг та нæ фæ- калд, æрмæст йæ алыварс сындзытæ — йе ’фхæр- 142
джытæ ’рхъула сты æмæ уыдонæй цы амалæй ссæ- рибар уа, уый у йæ сагъæсы сæр. Поэты уыцы азты фыстыты уæлдай æргомдæр, цæстуынгæдæр хуыз райстой царды контрасттæ. Ам Секъа арæхстджынæй пайда кæны, мæгуырдзинад æмæ хъæздыгдзинад, хъæлдзæгдзинад æмæ æн- къарддзинад ныхæй-ныхмæ æвæрыны. Хетæгкаты Къостайы поэтикон амалæй. Уый ’руаджы йæ къухы æфты йæ рæстæджы царды æцæгдзинад документы ■ хуыз&н бæлвырдæй æмæ уыцы иу рæстæджы арф поэтиконæй æвдисын. Æмдзæвгæ «Мæгуыры зæрдæ»-йы цардæй райс- гæ реалистон нывты руаджы равдыста йæ заманы социалон царды мидис, æхсæнады классон гæлир- тæ. Уым мæгуыр фæллойгæнæгæн — «Æххормаг — йæ зæнæг, Хæрзбæгънæг—йæ ус, Фырмæстæй йæ- хæдæг Ие стджытыл ныххус», уымæн æмæ «Иæ куыстæй æндæртæ Цæл-минас кæнынц, Сæ къух- тæй фæндыртæ Хъæлдзæгæй цæгъдынц». Секъа уыд стыр реалист æмæ йæ заманы цард- мæ куы акаст, уæд дзы федта раздæрæй ноджы фыддæр æнæрæстдзинæдтæ: «Цард ыстыхст, ыс- мæгуыр — алырдæм — кæлæнтæ... Кæмæн нæй кæр- дзын дæр, чи ’фсæстæй ныхъхъæрзы... Кусæг лæг — æнæхай, Аргъ ын нæй йæ куыстæн»... («Ныры дуджы цард»). Мæгуырæй чи цæры, уыцы фыдæн йæ фырт, æлдарау, алцыппæтæй дæр — æфсæст, йæ чындз та — æхсин, уый нард гогызы фыдыл дæр нал æв- вæрсы æмæ базары гогызтæ куы равзар-бавзар кæнынц, уæд сæ фыд та сæ цуры — бызгъуырты мидæг, «йæ рихи ныссалд» æмæ уазалæй гæв-гæв кæны. Уый дæр ног заманы æрхæсгæ фæзындтæй. Царды хъулон-мулон æцæгдзинад афтæ контрасто- нæй, афтæ’ цæстуынгæ æргомæй, æвæдза, æрмæст- дæр Секъа æвдыста. 143
Кæмдæриддæр адæмы царды тыхст, æнæзæр- дæрухсдзинад бæрæг дарынц поэты уыцы азты фыст æмдзæвгæты. Революцион тох йæ цыреныл куы уыд, кæд æмæ уæд хосдзауæн йæ галтæ уы- дысты хæрзифтонг, йæ фæндаг — уæрæх, уæд ныр та гутондарæн «Иæ гутон — æдзæттæ, Йæ галтæ — быцæу» («Æнæрхъуыды хæст»), зæрæдтæ хъаст кæнынц: «Нæ сæфт уынæм нæ цæстæй, Ныууагъ- той нæ нæ фырттæ» («Зæрæдты сагъæс»), поэт скатайаг: «Нæ уарзæм нæ бæстæ, ныууагътам нæ хох, Кæмдæрты дзæгъæлзад, дзæгъæл мард кæ- нæм... Урс сынтау сæфдзæн нæ мыггаг, нæ кой»... («Ирыстон»). Алы фыдгæнæг, уæййаг адæм сарæх сты æмæ уыдон æнæгъдау митæ поэтæн æнад кæ- нынц йæ цард: «Сау лæгтимæ куы нæ уаин, Уæд ма фылдæр фæцардаин», зæгъгæ, «Банызтой мын мæ туджы цъыртт...» («Сагъæс»). Секъа зæрдæрисгæйæ сагъæс кæны, сæрибары сæрыл адæмы тох састы кæй баззад, ууыл, хъуыды кæны йæ аххосæгтыл æмæ сæ федта, адæм сæ дзырд, сæ зонд иумæ кæй не сфыхтой, уый мидæг. Æмæ бæллы адæмы иудзинадмæ, уæд «Сæрибар дуг, æмвæнд æфсымæрдзинад Быдырты цæуид нæргæ. Афтæ тыхст-уырыд нæ уаиккой Сæ цардæй уæлæуыл бæргæ...» «Сæрибар дуг, æмвæнд æфсымæрдзинад» Се- къайæн уыдысты, йæ царды фæлтæрддзинад ын кæй бацамыдта æмæ йæ адæймагуарзон уды до- мындзцвад чи сси, ахæм бæллиц. Æрмæст ын нæ бантыст уый царды æххæстæй фенын. 1915 азы 22 июлы, æртиссæдзаздзыд, æрдзæй домбай уæнгты хицау Секъа бæхуæрдоны Дзæуджыхъæуæй рараст йæ райгуырæн хъæу Ганисмæ. Горæты уынджы тигъыл бæхтæ машинæйæ фæтарстысты, афтæмæй уæрдон ахастой, Секъа ма ацархайдта бæхтæн сæ рохтæ æрцахсыныл, фæлæ йæхи дуртæм æрхаста 144
æмæ уым æвирхъау æгъдауæй йæ цард фæци. * Секъайы сфæлдыстад, куыд зонæм, афтæмæй,, нæ фæуд кæны иунæг поэзийыл. Уый у ирон лйте- ратурон æмбисонд рафæлдисæг, уыдон ахъаззаг бынат ахсынц йе сфæлдыстады. Секъайы æмби- сæндтæ комкоммæ ист сты ирон адæмы цардæй. Рувæстæ, домбæйттæ, тæрхъустæ, цæргæстæ, цъиу- тæ æмæ æндæртæ, иу дзырдæй, цæрæгойтæ æмæ за- йæгойты хуызы тынг арæхстджынæй æвдисы йæ заманы ирон æхсæнад. Уыдон мидæг комкоммæ, удæгас дæнцæгты хуызы, ноджы бæлвырддæр зыны Ирыстоны социалон-классон цæсгом. Ие ’мбисæнд- ты персонажтæ ц’æрмæстыгъд кæнынц ирон хъæзд- гуытæ æмæ мæгуырты. Уыдон уыйбæрц æцæг цар- дон æмæ аивадон сты, æмæ ма æрмæст Къостайы зарджытæ сты афтæ популярон адæмы ’хсæн. Мæнæ сырдтæ æвзарынц, се ’хсæн чи у сыгъдæг- дæр, рæстуддæр. Алчи дæр дзы йæхимæ цыдæр тæригъæд хаты, фæлæ гал стонг заман кæмдæр хо- сы-бындзыг кæй ахордта, уый йын банымадтой стыр фыдракæндыл. Æмхъæлæсæй сдзырдтой: «Цæмæй’ хордта искæй хос, Тæригъæд у искæй фос!» Афтæмæй йæ сæ быны рафсæрстой. Стыр сырдты ’хсæн минасы фесты рувæстæ æмæ тæрхъустæ дæр, фæлæ сæ семæ бадын нæ уа- дзынц, зæгъгæ, «Бандон пылæн æвæрд у, Хуыца- уæй йын лæвæрд у, — Лыстæг сырдтæ фæстæдæр Бахæрдзысты æхсæвæр!» Тыхджыны цур æдых—æбар, æнæбон. Бирæгъ æмæ рувас кæд сæхи рагон хонынц, уæддæр арс у тыхджындæр æмæ сын зæгъы, фондз азы йеттæмæ мыл нæ цæуы, фæлæ сæргуыбырæй лæуут мæ ра- зы — холы мæн у, зæгъгæ. Афтæмæй Секъа йæ бирæнымæц æмбисæндты хурмæ хæссы классон æхсæнады алыгъуызондзи- нæдтæ, низтæ æмæ хъæнтæ, адæймаджы характе- 10. Æлборты X. 145
ры фæуддзаг миниуджытæ. Поэты æмбисæндтæ цæстуыигæ хуызы ноджы тынгдæр бæлвырд кæ- нынц Секъайы зондахасты адæмондзинад, йе ’мбæстагон позицийы демократондзинад. Секъа у, иронау фыццаг хатт аив прозаикон уац- мыс чн ныффыста, ирон литературæйы фыццаг хатт прозæйæ чи райдыдта дзурын, уый. Æмæ дзырд, канд фыццаг кæй у, ууыл дæр куы нæ цæуа, уæддæр фыссæджы ттрозæ йæ идейон æмæ аивадон хæрзиу- джытæй афтæ стыр ахадгæ у, адæймаджы лæгдзи- над æмæ хæрзæгъдаудзинады идеалтæ дзы афтæ бæрзонд сты, æмæ фидарæй у ирон аивадон про- зæйæн бындур аразæг. Иæ уыцы ахсджиаг миниу- джытæй уый бацамыдта ирон прозæйы дарддæры рæзты сæйраг фæндаг. Секъа прозаикон уацмыстæ фыссынмæ куы ’рæвнæлдта, уыцы рæстæг хауы йæ активон сфæл- дыетадон куысты периодмæ — адæмы революцион, сæрибармæ бæллæг уд, ивылд донау, куы сыстад æмæ æхсарджынæй куы бафæлвæрдта, уыцы рæс- тæгмæ. Уымæ гæсгæ адæймаджы уды бартæ, æмт- кæй адæмы сæрибардзинады мотив сæйраг у Се- къайы прозаикон сфæлдыстады. Кæд йæ идейон мидисæй, цардмæ йын цы цæст- æнгас æмæ ахаст ис, уымæй фыссæджы прозæ æвæрд у, йæхæдæг цы рæстæджы цард, уый фæл- гæтты, ома Х1Х-æм æнусы кæрон — ХХ-æм æнусы райдиан, уæддæр сюжетон-цаууон æгъдауæй та у ретроспективон, ома сæйраджыдæр сты ивгъуыд заманы историон цаутыл амад. Секъайы идеалон хъайтар æппæт физикон æмæ уды хæрзиуджытæй у цæвиттойнаг, йæ сæрмæ нæ хæссы æгаддзинад, нæ бары æфхæрд. Ие ’ппæт уацмысты дæр сæйраг хъайтар ’сты адæм, — æп-. пæтхъом, æппæтаразæг. Иæ уацмысты уыдон рай- сынц щахæмдæр индивидуалон архайæг цæсгомы 146
миниуджытæ. Нæ хъус ма æрдарæм, фыссæг нын сæ куыд æвдисы, уымæ: «Раст хуыцаубон уыд æмæ адæм ныхасы бадтысты», «Æлдар Хъуды комы адæмæн фæстаг хуыцаубонмæ æмгъуыд скодта», «Адæмы зæрдæ тæригъæддаг мардæй тынг фæрыс- ти. Адæм æмхуызон ысхъæр кодтой: Бахæрæм, ба- хæрæм! Ард бахæрæм!», зæгъгæ. Иу адæймагау ар- хайынц адæм. Хицæн адæймæгтæ дæр æвдисынц, æххæст кæнынц адæмы фæндондзинад, се змæлын- гæнæг у адæмы хъомыс. Секъайы прозæйæн характерон у социалон-æх- сæнадон карз конфликт æмæ æвдыст цæуы уæрæх гдасштабты. Иæ хъусдарды сæйраджыдæр ис адæ- мы хъысмæт иу кæнæ иннæ бæрæг-бæлвырд исто- рион-социалон цардæвæрды, хицæн хабæрттæ йæ цыма не ’ндавынц, афтæ зыны. Адæмы цард ахæм хуызы кæй æвдисы, уый зыны йæ аивадон амæлт- тыл дæр. Уым æппæт змæлынгæнæг, архайд цырын- гæнæг æмæ ’ндыгъдгæнæг у сюжет. Уым фыссæгмæ цы сусæгдзинæдтæ ис, уацмысы къаннæг фæзуа- тыл, бæрцæй дыууæ-æртæ сыфыл æнæхъæн романы фаг æрмæг æмæ аивадон æгъдауæй æххæст амад фæлгæнцтæ куыд бацæуынц, уыдон нырм.а махæн базонинаг, рафæлгъауинаг сты. Уым хицæн уац- мыстæ историон-социалон контексты тырнынц иу эпикон, уæрæхпланон аивадон кондмæ. Æндæр æмæ æидæр уацмысты уыцыиу персонажтæ кæй арха- йынц^уый дæр æнæнхъæлæджы нæу. Секъайы прозæион уацмысты арæх сты иу кæ- нæ иннæ историон заманы цыбыр æмæ дырыс ха- рактеристикæтæ. Кæцæй сæ истаид цымæ? Фехъу- сæггаг ныхасæй? Уый гæнæн нæй, сæ историон конкретондзинад нын афтæ хъуыдыкæнынæн бар нæ дæтты. Секъа уыдон каст чиныджы. Каст гуыр- дзиаг æмæ уырыссаг æвзагыл ирон адæм æмæ. Ирыстоны тыххæй цыдæриддæр йæ къухы æфтыд,ч 1475
уый. Афтæ дзурджытæ уыд, æмæ ма ныр дæр нс, цыма Секъа уырыссагау нæ каст, уырыссагау нæ зыдта. Уыимæ сразы уæвæн нæй. Дæс æмæ ссæдз азы дæргъы зæрдæргъæвд лæг Цæгат Ирыстоны ирæттæй фæстæмæ уырысимæ дæр æмбæлд æмæ цард, уырысьт ’хсæн ын уыд хæлар адæймæгтæ, уæд сын се ’взаг куыд нæ базыдтаид. Æппынфæс- тагмæ, йæ архивы ирон æвзагмæ ивдæй ис зонд- джын лæгтæй бирæ ныхæстæ, уыдон се ’ппæт ирон кæнæ гуырдзиаг æвзагыл кастаид, уый тынг зын зæгъæн у. Цæвиттонæн^ Секъайы æмдугон, шотлан- диаг фыссæг Джон Рескинæй куы зæгъæм, уæд уый дæр — æгъгъæд. Уый бакастаид æрмæстдæр уырыс- саг æззагыл, номхуындæй та 1900 аз, кæнæ уый фæстæ, уымæн æмæ Рескины уацмыстæ уырыссаг æвзагмæ ивдæй рацыдысты уæд, йæ афоризмтæ йын рауагътой хицæн чингуытæй дæр. Афтæ зæ- гъæн ис иннæтæй дæр бирæты тыххæй. Æмæ уы- рыссагау нæ зыдта, уый, чи зоны, рæгъмæ дæр нæ рахæссиккам, фæлæ уымæй уый зæгъинаг сты, æмæ, дам, Секъамæ нæ хæццæ кодта професспон литературæйы тæфаг, уый та бынтондæр нæу раст. Секъа скъолайы нæ каст, фæлæ уыд чины- джы ахуыргонд, мыхуыры фæрцы иста культурон царды информаци, æмæ лæууыд йæ дуджы домæн- ты æмвæзадыл. Уый кæй нæ уырны, уый æркæсæд лæмбынæг фыссæджы сфæлдыстадмæ, уæлдайдæр та йæ публицистикæмæ. Секъа бирæ куыста йæ уацмысты идейон æмæ аивадон хæрзхъæддзинадыл, уыцы иу уацмысæн æм ис цалдæргай варианттæ, сауфыст тексттæ сты тынг хъулонгонд, уый дæр дзуры, йæхицæй домаг кæй уыд, алы æцæг профессион фыссæг дæр куыд вæййы, афтæ. Чидæртæ та йын уый æнæ- .ахуырдзинады аххос кæнынц, цыма фыссæг профес- 1.43
сион у, ахуыргонд у, уый сыгъдæг фыссынæй бæрæг чындæуы, уыйау. Секъайæн йæ адæмондзинад нæ уыд фолькло- рондзинады, фæлæ цард реалистон æгъдауæй ти- пизаци кæныны. Ис æм, æцæг, фольклорон уацмыс- тæ дæр, адæмæй комкоммæ, æнæаивгæйæ, кæй ныффыста, ахæмтæ, фæлæ уый хицæн хъуыддаг у. Поэт йе ’мдзæвгæтæ классикон æмдзæвгæйы бæрцбарæнтæм гæсгæ кæй нæ фыста, уый дæр ын фольклоры аххос кæнынц, цыма, дам, ямбтæ æмæ хорейтæ нæ зыдта, нæ сыл арæхст. Фæлæ йæм уы- цы бæрцбарæнтæй дæр ис цалдæр æмдзæвгæйы фыст æмæ сæм фау ничи ницæмæй æрхæсдзæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыцы æмдзæвгæамад Секъа ирон ’æвзагæн нымадта æцæгæлоныл. Ком- коммæ ууыл дзурæг у, ЦИЗИИ-йы ар’хивы йык (фонд — 6, хъуыддаг—17, фарс—15) цы æнæ- рвыст фыстæг ис йе ’нæзонгæ оппонетмæ, уый дæр. Æнæзонгæ адæймаг дзы домы, цæмæй Секъа йе ’мдзæвгæтæ фысса зындгонд бæрцбарæнтæм гæсгæ, фæлæ уый йемæ нæ разы кæны, уымæн æмæ уы- дон хоны ирон æвзагæн æцæгæлон, кæйдæр: «Ис- кæй науы бадын нæ бакомдзынæн», зæгъгæ. Но- джы уым кæсæм: «Уыцы æддагон низæй Къостайы стихтæ дæр сыгъдæг не сты, фæлæ æрцæудзæн афон, æмæ ирон лæг сау хохы сæрæй ныззардзæн иронау». Мæнмæ гæсгæ, уый фæстæ бирæ дзурын уæлдай у. Секъа цы æмдзæвгæамадыл фыста — силлабон, уый равзæрста хуыздæрæн, уымæн æмæ йæ ны- мадта «иронау»-ыл, нымадта йæ, йæхи æгъдауæй лæгъз чи цæуы, ахæмыл. Растдæр сæ кæцы уыд, уый та æндæр фарст у. Секъа уыд стыр цардвæлтæрд, цард-зонæг куы- рыхон адæймаг. Иæ цард-цæрæнбонты архайдта ууыл, æмæ йæ йæ уацмыстæ дæр хъуыдысты æр- 149
мæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ адæм искæдбон рухсмæ рацыдаид, фервæзтаид, талынг æй чи кæ- ны, уыцы æвзæрдзинæдтæй. Дзырдта: «Адæм се ’взæрдзинæдтæй иу куы нæ аппарой, дæс куы нæ фесафой, уæд æвзæрæй-æвзæрдæр кæнынц». Амыд- та сын, цæмæй царды фыдæвзарæнты ма фæкайой сæ хорз зæрдæйæ, сæ хорз æгъдауæй, уой зæрдæ- хæлар æмæ куыстуарзаг, уымæн æмæ, зæгъы, «Æнæ- тæригъæд хъæздыгдзинад æрмæст куыстæй ыссар- дзынæ». Секъайы сфæлдыстадон хæзнатæ нæ адæмæн сты егъау аивадон æмæ духовон хъæздыгдзинад, иæ абон æмæ нæ сомбоны фæлтæртæн стыр зонд æмæ хæрзæгъдаудзинады æнæбайсысгæ ’æнусон суадон. 1980. БЕКЪОЙТЫ ГИУÆРГИ — ИРО|Н ЛИТЕРАТУРÆИРТАСÆГ ÆМÆ КРИТИК 1. Бекъойты Гиуæрги (Дзибка) у, революцийы агъоммæ уæззау царды скъола чи бакаст æмæ фæсреволюци Ирыстоны ног социалистон культу- рæ аразыны бæрæг фæд чи ныууагъта, уыцы раз- загон ирон интеллигенцийæ. Гъе, фæлæ карз æмæ вазыгджын рауад йæ цард, йе ’сфæлдыстадон хъыс- мæт куыд йæ удæгасæй, афтæ йæ амæлæты фæстæ дæр. Цардæгасæй баййæфта æнæвгъау æфхæрд пролетарон культурæ вульгаризацигæнджыты ’рды- гæй, йæ амæлæты фæстæ та бынтондæр рохы амæт- 150
таг фæци. Æрмæстдæр фæстаг рæстæджы зынын байдыдта йæ ном, æмæ æвзæрын кæны бæрæг цы- мыдисдзинад. Фæлæ йæ царды хабæрттæ, йæ зон- ды фæллæйттæ æмткæй бæрæг нæма сты, бæрæг дзы цы ис, уыдонæн та æмбæлон аргъ нæма æрцыд æмæ згъуыдæй зыны нæ литературæзонады. Бекъойты Григорийы (Гудзуйы) фырт Гиуæрги райгуырд 1878 азы, марты 19-æм боны, Дзæуджы- хъæу!ы зылды, Даргъкъохы (Хъахъæдуры) хъæ- уы. Иæ ныййарджытæ уыдысты мæгуыр цæрæг. 1891 азы каст фæци сæхи хъæуы райдиан аргъуа- ны скъола æмæ, дыууæ азы йæхи фæцæттæ кæ- ныны фæстæ, экзаментæ радта Æрыдоны дины лхуыргæнæндонмæ (1895 азæй — дины семинари). Гиуæрги ахуырмæ равдыста стыр зæрдæргъæвд- дзинад æмæ 1899 азы семинари æнтысгæйæ каст куы фæци, уæд æй скъолайы къухдариуæггæнджы- тæ бахастой фыццаг къæпхæны хъомылгæнинæг- ты хыгъдмæ. Гиуæрги семинарийы авд азы дæргъы стипенди кæй фæиста, уымæ гæсгæ ныр, иумæйаг фæткмæ гæсгæ, фараст азы хъуамæ æххæст кодтаид дины æхсæнады хæстæ, службæмæ бацæугæйæ, семина- рийы правленийæн хъуамæ бафыстаид, цы йыл сфæлхас кодтой, уый — 480 сомы. Афтæмæй, цард- мæ фыццаг къахдзæф ракæнгæйæ, къахæй-къухмæ баст æрцыд, сæвæрдтой йыл фиддонты уаргъ. Фæ- лæ нæ ферхæцыд æвзонг лæппу æмæ семинари цы аз фæцн каст, уыцы аз Хъазаны дины академимæ радта экзаментæ. Цыппар азы фæстæ йæ каст фæци хуыцауы ахуырады кандидаты номимæ. Гиуæрги, академийæ рацæугæйæ, йæ царды кæ- ронмæ кодта рухстауæджы куыст. Райдианы дыу- уæ азы бæрц бакуыста г. Мстиславлы дины ахуыр- гæнæндоны, стæй дины скъола бынтондæр ныу- уагъта, кæд ыл цы хæрдзтæ скодтой семинарийы, 151
стæй та академийы ахуыр кæнгæйæ, уыдон иууыл- дæр бафыста, /уæддæр, ныууагъта йæ, йæхæдæг- куыд зæгъы, афтæмæй «сыгъдæг идейон характер кæмæн уыд, ахæм мотивтæм гæсгæ», æййæфтон дзы, зæгъы, «моралон æфхæрд». Уæдæй, ома 1906 азæй, суанг 1918 азмæ гимна- зы амоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, фыц- цаг Лабæйы (1906—1914), стæйта Бакуйы (1914— 1918). Скъолайы »кусгæйæ, æгæрыстæмæй, фæсфæд хъæуты дæр, Гиуæрги йæхи не схицæн кодта нæ- дæр дунейæ æмæ нæдæр, йæхи цы хъуыддагæн цæттæ кодта, уымæй — литературæйæ. «Системон æгъдауæй куыстон литературæйы истори, теори æмæ аивадон сфæлдыстады психологийы фарсты- тыл», — зæгъы йæ автобиографион цыбыр фæны- санкæнинæгты. Скъолайы Гиуæрги ноджы хæстæгдæр базонгæ адæмы уæззау цардимæ, йæ зæрдæмæ йæ ноджы арфдæр айста, æмæ Уæрæсейы кусæг кълас 1905—1906 азты сæ барты сæрыл æргомæй куы сдзырдтой, уæд Гиуæрги дæр уыд Ирыстоны ре- волюцион растадонты ’хсæн.. Уый 1906 азы ирон адæмы съезды номæй Терчы облæсты наместникы минæвар , инæлар Михайловмæ балæвæрдта пети- ци, цыран домдта сæрибардзинады æппæт бар- тæ — мыхуыры, æмбырдтæ аразыцы, «у(ыстурæд кæнын æмæ æндæр хъуыддæгты. Уыцы петици ныффыссыны ма активон хайад райста зынгæ ирон революционер Такоты Симон. Уæд Симон уыд Сы- бырæй лыгъд æмæ йæхи аууон кодта Даргькъохьь Дзырд дæр ыл нæй, уыцы архайд нæ аирвæзта- ид хицæутты хъусдардæй æмæ Гиуæрги йæ цыбыр автобиографийы афтæ куы зæгъы: «мæнæн суанг 1918 азмæ нал у.ыд мæ райгуырæн бæстæйы кусы- ны бар», зæгъгæ, уæд ын йæ аххосаг, чи зоны, уы- 152
нын хъæуы уый мидæг. Уыцы хабар æнæфæзынгæ нæ фæци йæ политикон цæстæнгæстыл дæр æмæ куыдфæстагмæ активон æхсæнадон архайдæй йæхи иуварс айста æмæ æнæхъæнæй йæ рæстæг лæвæрд- та скъолайы куыстæн. Мах бирæ цыдæртæ нæ зонæм Бекъойты Гиуæр- гийы цардæй, цы кадавар бæрæггæнæнтæ дзы ис„ уыдон æвæрд сты ЦИАССР-йы ;паддзахадон ар- хивы. < Гиуæрги Хъазаны куы ахуыр кодта, уыцы рæс- тæджы ма уым йемæ уыдысты ирон фæсивæдæй бирæтæ, иуæй-иутæ дзы фæстæдæр систы ирок культурæйы зынгæ архайджытæ, куыд, зæгъæмг Хъоцыты Бидзина æмæ æндæртæ. Уым, дам, сын уыд литературон къорд, уагътой къухфыст газет дæр. Ахæм литературон къорд ма уыд Бакуйы дæр. Гиуæрги уым куы куыста, уæд, фæлæ уый тыххæй дæр фылдæр ницы зонæм. АЛтæ хъуыды- гæнæн ис, æмæ уыцы къордты архайдтаид Гиуæр- ги дæр æмæ сæ исты фæд ныууагътаид. Ирон интеллигенцийы раззагон минæвæрттæ сæ райгуырæн бæстæм куы рыздæхтысты, уæд сæ- хицæн фыццаг кусинагæн цы равзæрстой, уый уыд сæ фыдыбæстæ’йы талынг къуымтæм социалистон революцийы фæрцы ссудзгæ рухсдзинады цырæгъ- тæ бахæссын, ног дуджы хъæрмæ йæ райхъал кæ- нын, скъолайы хъуыддаг саразын. Уый охыл 1917 азы, 10—16 июлы, Дзæуджыхъæ- уы куыста фыццаг Æппæтирыстоны" ахуыргæн- джыты съезд. Уым активон ханад райста Бекъой- ты Гиуæрги дæр. Съезды уый бакаст сæйраг док- ладтæй иу: «Ирон æвзаг æмæ литературæ астæук- каг скъолаты». Гиуæрги, фæлтæрд ахуыргæнæг уæвгæйæ, хора æмбæрста мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ны- саниуæг æмткæй нацийы царды æмæ хицæнæй сы- 153
вæллон хъомыл кæныны хъуыддаджы. Уымæ гæс- гæ ирон æвзаг[æмæ литературæ уыцы рæстæджы скъолайы фарст]ыты боны фæткы лæууыдысты фыц- цаг рады. Уымæн æмæ уыдонимæ баст уыдысты ног социалистон арæзтады иумæйагнацион-полити- кон æмæ идеологон фарстытæ. Гиуæргийы докладæн фылдæр уыд историко- литературон ахйст, цы фарстытæ дзы банысан код- та, уыдон фæстæдæр рауæрæхгонд æрцыдысты йæ очерк «Ирон фыссынады равзæрд æмæ рæзт»-ы, фæлæ йæ ныхас арæзт уыд астæуккаг скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæ амоныны фарстмæ, æмæ уый мидæг уыд йæ конкретон нысаниуæг. Ирон литературæйы уавæр æмæ астæуккаг скъолаты йæ амоныны фарст бахынцгæйæ, Гиуæр- гй дзырдта: «Ирон литературæ ахуыр кæнынæн ис æхсæнадон нысаниуæг. Уый астæуккаг скъолаты куы амоной, уæд уымæй æмткæй литературæйы курс ницы зындзинад æвзардзæн, методикæйы ’рды- гæй та уыдзæн хъуыддаг хуыздæр ифтонггæнæг». Афтæмæй, Гиуæргийы докладмæ гæсгæ, съезд округон ахуырадон Советæн бахæс кодта, цæ- мæй тагъддæр аскъуыддзаг кæн^ фарст æмæ Дзæуджыхъæуы горæты астæуккаг скъолаты про- граммæмæ бахæсса ирон æвзаг, литературæ æмæ историйы предмет. 1918 азы Терчы адæмон республикæйы Совад- комы декреты бындурыл Ной Буачидзейы къух- фы’стæй Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты скъола рацарæзт æрцыд ахуыргæнджыты ирон семинари- мæ æмæ дзы директорæй баурæдтой Бекъойты Ги- уæргийы, уый тыххæй йæ Цæгат Ирыстоны Ахуыр- гæнджыты Совет (ЦИАС) æрбахуыдта Бакуйæ. Уыцы семинарийæ адæмон институт арæзт куы "^рцыд (1920), уæд йæ бынаты байгом I—II къæп- 154
хæны фæлварæн-цæвиттойнаг скъола, æмæ уым дæр 1930 азы онг куыста директорæй. Гиуæрги уыд ЦИАС-ы уæнг, æмæ йæ раздæры сæргълæууæг Уырыймæгты Харитоны амæлæты фæстæ (1919) та — йæ сæрдар. Уæлдай стыр æмæ ’хсызгонхъæуæг куыст бакод- та Ирон историко-филологбн æхсæнады. Иæ сæв- зæрдæй фæстæмæ (1919 азы райдианæй) уыд уы- цы æхсæнады правленийы уæнг, æртæ азы та — 1921—1923 азты — директор. Æхсæнад 1925 азы апрелы мæйы ^си Цæгат Ирыстоны бæстæзонæг зонад-иртасæг иститут æмæ дзы Гиуæрги лæууыд культурон-историон хайады сæргъ. Уыцы азтæ Бе~ къойты Гиуæргийы царды сты уæлдай ахадгæдæр. Иæ куыст, йæ тырнындзинæдтæн æвдисæн сты исто- рико-филологон æхсæнады суагъæтæ. Зæрдиагæй архайдта, цæмæй алы лыстæг хъуыддæгтыл ма фæс- тиат кæной, фæлæ, уавæртæй æххæстæй спайда кæнгæйæ, бæстонæй æрæвналой хъуыддагмæ. 1920 азы Дзæуджыхъæуы Советон хицауад куы ’рфидар, уæд адæмон ахуырады хайады цур арæзт æрцыд литературон къорд. Уым уыдысты ирон фыс- джытæ, культурæйы кусджытæ. Уыдон бирæ ныхас кодтой литературæйы алыварс, сфæнд кодтой журнал рауадзын дæр, фæлæ фæсхæст стонг æмæ бæгънæг бæстæйы журнал афтæ æнцон рауадзæн нæ уыд, уымæ гæсгæ-иу фæдзырдтой æмæ та-иу фæйнæрдæм ныппырх сты. Уæд цалдæрæй фæхи- цæн сты, æмæ сæхæдæг сарæзтой литературон къорд, сæргълæууæгæй йын сæвзæрстой Бекъойты Гиуæргийы. (Уый тынг разæнгардæй æрæвнæлдта куыстмæ æмæ цыбыр рæстæгмæ журналæн æрмæг дæр æрæмбырд кодта. Уыдон уыдысты революцийы агъоммæ уацмыстæ, уыдис дзы тæлмæцтæ дæр уы- рыссаг æвзагæй. Сбæрæг кодтой альманахы ном дæр — «Малусæг». Ном æрымысæг уыд Брытъиа- 155
ты Елбыздыхъо. Ацы хабар уæлдай зæрдылдари- наг уымæй у, æмæ Елбыздыхъойы сфæлдыстады мах арæх æмбæлæм Малусæджы фæлгонцыл, куыд. уарзондзинады, рæсугъддзинады, рæстдзинадьг символ, афтæ. Ирон литературæйы æппæт жанртæ дæр фыц- цаг хатт æвдыст кæм æрцыдысты, ахæм чиныг уыд «Малусæджы» фыццаг æмæ фæстаг æмбырдгонд, æмæ куыд йæ заманы, афтæ æмткæй ирон литера- турæйы историйы дæр у зынгæ фæзынд. Цы уац- мыстæ дзы ныммыхуыр, уыдонæй бирæтæ аккаг бынат æрцахстой ирон аив дзырды хæзнадоны: Хе- тæгкаты Къостайы радзырд «Дзæбидырдзуан» (ирон æвзагмæ Тотиты Амыраны тæлмацæй), Бры- тъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы», Гæ- диаты Секъайы радзырд «Азау», Коцойты Арсены радзырд «Цуанонтæ», Гæдиаты Цомахъ æмæ То- каты Алиханы æмдзæвгæтæ. Уый фæстæ ма Гиуæрги бæргæ ацархайдта «Малусæджы» дыккаг чиныг рауадзыныл дæр, фæ- лæ йын нал бантыст, йæ къухы фæрæзтæ кæй нæ бафтыд, стæй ма йæ æндæр аххосæгтæ кæй ба- хъыгдардтой, уымæ гæсгæ. Афтæмæй альманах «Малусæг» баззад иунæг чиныгæй, «Ирон литера- турон къордæн» иунæг цыртдзæвæнæй. Фæлæ уы- мæй уæддæр нæ фæкайдта чиныджы нысаниуæг, нæдæр, йæ алыварс цы стыр хъаугъатæ рауад, уы- дон фæсабырдæр сты." Уыцы хъаугъатæ уæлдай карздæр ахастой 20-æм азты дыккаг æмбисæй 30-æм азты райдианы онг. Гуымир вульгарон амæлт- тæй йыл мысыдысты цыфыддæр æвзæрдзинæдтæ. Ахæм уавæрты фæзынд нæ литературæйы, æцæ- гæй чи нæ уыд, фæлæ вульгарон социологизмы апологеттæ кæй æрæмысыдысты, уыцы «малусæ- гад». Разæй* ма-иу æм афтыдтой, фæцæхджындæр кæныны тыххæй, амæй-ай хъæбæрдæр дзырдтæ: 156
зшнтррезолюцион, буржуазон, антипартион, анти- советон гемæ афтæ дарддæр. Уæддæр, «Малусæг»-æн аргъ кæнгæйæ, æнæба- нысангæнгæ нæй, альманахы раздзырды цы иуæй- ну æнæраст хъуыдытæ æрцыд загъд, уыдон, уымæн æиæ быцæу ныхас фылдæр уыдон аххосæй сцырын. «Хи батымбылтæ кæнын», «стыр змæсты фæйла- уæнты ма фесæфыны» тыххæй кæй зæгъы, уыдон иппæрд уыдысты . адæмы революцион змæлдæй, фæллойгæнджыты кълассон зондахастæй. Уый уыд Бекъойты Гиуæрги-интеллигент.ы дунембарынады лæмæгъдзинад, фæлæ банысан кæнын хъæуы уый -дæр, æмæ ацы ныхæстæ загъд куы ’рцыдысты, ома 1922 азы, Октябры революцийы фæуæлахизæй фондз азы фæстæдæр, уæд уыдонæн ницыуал ны- саниуæг уыд. Æмткæй раздзырды тыххæй куы зæ- гъæм, уæд та у позитивон, ног цард аразынмæ, ирон адæмы духовон культурæйы хæзнатæ бахъахъхъæ- нынмæ разæнгардгæнæг, уыдоныл аудæг. Бынтон- дæр сразыуæвæн та уыимæ нæй, æмæ раздзырды загъд цы хъуыдытæ æрцыд, уыдон æмткæй альма- нахы аивадон æрмæгмæ кæй хастой, æмæ йын аф- тæмæй йæ нысаниуæг нæ культурæйы артдзæсты дæлæмæ кæй æппæрстой. Куыд «Малусæджы» раздзырд, афтæ йæ мидæг цы уацмыстæ уыд, уыдон тыххæй дæр æппæты фыц- цаг мыхуыры раст хъуыды загъта дыууынæм азты ирон культурæйы зынгæ архайæг Тыбылты Алык- сандр. Банысан кодта, «объективонæй «Малусæг» нæ царды зынгæ факт кæй у». «Малусæг» хъуамæ уа ахæм тырыса, ирон адæмы сæндидзыны хъуыд- дагæн йæ тыхтæ раттынмæ цæттæ чи у, уыцы кур- диатджын фæсивæд кæй бын слæууой», зæгъгæ. Алыксандр бафиппайдта «Малусæджы» ’раз- дзырды быцæуаг бынæттæ дæр, фæлæ, зæгъы, уы- дон «ницы хуызы дæлдæр кæнынц куыд литерату- 157
рон къорды идейæтæ, афтæ литературон аивадон æмбырдгонд «Малусæджы» дæр. Ирон курдиæтты плеядæ аивадон æмбырдгонды алыварс стыгуыр кæнын, се ’мбæхст сфæлдыстадон потенцитæн сын размæ тырныны фадат раттын æмæ сæ дзырдаива- дæй рæсугъддзинадæн лæггад кæныныл сбæттын — уый йæхæдæг хицæнæй дæр ахсджиаг культурон фактор у ирон адæмæн». Фæлæ Тыбылты Алыксандры ахадгæ хъуыды- тæ бирæ рæстæджы дæргъы нымæггонд æрцыдыс- ты дæрæнгæнæг вульгарон критикæйы бын. 30-æм азты райдиан Бекъойты Гиуæрги Цæгат Ирыстонæй рацыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ цард Чъребайы. Куыста областон библиотекæйы (1933— 34), стæй та педтехникумы ирон æвзаг æмæ лите- ратурæйы, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. 1936—37 азты пединституты æвзаг æмæ литературæйы факультеты каст лекцитæ уы- рыссаг литературæйæ. Чи йæ зыдта, техникум æмæ институт(ы кус- гæйæ, уыдон абон дæр ракæнынц йæ лæгдзинæд- ты кой, уыди, зæгъгæ, тынг хæдæфсæрм æмæ уæз- дан адæймаг, фæлмæн зæрдæйы хицау, литерату- рæйы арф ахуыргонд. Гиуæрги йæ царды фæстаг азты кодта æрмæст- дæр ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы куыст, литера- турон уацтæ ма фыста, уый тыххæй бæлвырдæй нæ бон ницы зæгъын у. Кæимæ куыста, йæ къухы чи ахуыр кодта, уыдон зæгъынц, литературон фарс- тытыл-иу иттæг зæрдиагæй кæй ныхас кодта, фæлæ ма уымæй дарддæр исты фыста, уый никуы бафиппайдтам, зæгъгæ, мыхуыры дæр йæ номыл никуы ницы фæзынд. Æгæр тынг æм бахъардтой, «Малусæгады» тыххæй йыл цы стыр цæфтæ сæм- бæлд, уыдон, æгæр ын бавдæрзтой йæ уд, æрдзæй йæм цы сыгъдæг æмæ уæздан зæрдæ уыд, уый„ 158
æмæ нал æртасыд, асаст. Чи йæ зыдта, уыдон дзу- рынц, зæгъгæ, дам-иу иунæгæй йæхи æвджид куы аззад, уæд-иу нынкъард, бирæ рæстæджы-иу йæ дзыхæй дзырд нал хауд. Афтæмæй йæ æрæййæфта 1937 аз, æмæ уый дæр> иннæтау, культы азарæй бабын. 2. Бекъойты Гиуæрги у, ирон литературон фæ- зындтæн зонады бындурыл аргъ кæнын чи райдыд- та, уыдоны фыццагдæртæй. Уый йæ зæрдæмæ хæс- тæг иста уырыссаг революцион демократты лите-. ’ратурон традицитæ, ахуыр кодта литературæйы фарстыты фæдыл уырыссаг литературæзонады ака- демион скъолаты хъуыдытыл. Ам ын уæлдай хи- цондæр уыдысты культурон-историон скъолайы социалон-психологон къабазы домæнтæ, иу заман æвæдæй нæ аирвæзтысты йæ литературон цæстæн- гæстæ символизмы æндæвдадæй дæр. Уыдонæй кæд фыццаг, — социалон-психологон æууæл, — уыд ахадгæ, куыдфæстагмæ кодта хъæз- дыгдæр, зæгъæм^йæ аргъгæнæн критериты йæм социалон-психологон æууæлы фарсмæ аккаг бы-1 нат бацахста уацмысæй эстетикон хæрзхъæддзинад домын дæр, уæд æм фæстаг та, символистты æн- дæвдад кæй рахуыдтам, уый, фæзынд эпизоды хуы- зы йæ литературæзонадон архайды райдиан, æмæ дзы фæстагмæ бынтондæр ссæрибар. Ацы дыууæ миниуæджы тынгдæр фæбæрæг сты йæ фыццаг уац «Поэт æмбæстаджы». Уый фыст æр- цыд Хетæгкаты Къостайы поэтикон сфæлдыстады тыххæй, æмæ йæ бакаст поэты амæлæтыл фынд- дæс азы сæххæсты сæраппонд мысæн изæры, Дзæуджкхъæуы 1921 азы. Уац адæмы раз бакæ- сынæн фыст кæй у, уый зыны йæ иумæйаг пафосыл 159
дæр. Автор сæйраг хъусдард здахы поэты æ^мбæс- тагон архайдмæ, цы æппæтнацион -хъуыддаг æх- хæст кодта, уымæ. Уыимæ иумæ, ацы фарстытæ æнæфæхицæнгæнгæ бæтты æмæ сæ æвдисы поэт- гоймаджы сæрмагонд удыхъæды миниуджытимæ. Поэты мидпсихологон конд у йæ хъусдарды пред- мет, куыд йæ поэтикон æмæ æмбæстагон архайд стимулгæнæг, амонæг, афтæ. Уый банысан кæны те- зисы хуызы суанг уац-ныхасы (афтæ йæ куы рахо- нæм, уæд растдæр уыдзæн) хæдрайдиан хъуыдыуа- ты, зæгъгæ, «Хетæгкаты Къоста у уыцы поэттæй, сæ индивидуалон миниуджытимæ бæтгæйæ кæмæн хъæуы æвзарын се сфæлдыстад». Æмæ дарддæр: «Цы сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта (Къоста — Æ. X.), уыдон æвзаргæйæ, мах алы къахдзæфæн дæр æмбæлæм поэты гоймагыл, йæ алыгъуызон сагъæстимæ, зæрдæйыуагимæ, идейæтæ æмæ иде- алтимæ». Ома йæ поэзи, йе сфæлдыстадмæ йын кæсы, аргъ ын кæны, куыд «поэты уды архайд», афтæ. Нæ ’цæсты раз сысты Кьостайы фæлгонц, куыд адæймаг æмæ поэт, йæ уды карз драмæимæ. «Уый уыд стæм намысы хицау адæймаг, æмæ йæ- хицæн нæ ныббарстаид йæ намысы карз домындзи- нæдты сæрты ахизын. Йæ намыс та йæм афтæ æгъатыр уыд, æмæ дзы домдта, цæмæй йе ’ппæт уды хъарутæ æмæ фадæттæй лæггад кæна идейæ- йæн». Уац кæсгæйæ, мах автор иудадзыгдæр уæгъд нæ уадзы æмæ нын æвдисы, царды уавæртæ куыд арф æндавынц поэты удыл æмæ дзы цахæм тæл- мæнтæ уадзынц, уый, афтæ æмæ йæ дуджы цард- мæ мах кæсæм æмæ йæ уынæм поэты уды цæсты- тæй. Фæлæ ам уынæм авторы хъуыдыты бæрæг ных- мæвæрд ахаст дæр. Уый куыддæрæгон хицæн кæны кæрæдзийæ, поэты æрдзæй рахæсгæ курдйат æмæ 100
йын цард цы фæндон ныббаста, уыдон. Афтæмæй дывæрццаг кæны поэты гоймаг, йе сфæлдыстадон фæлгонц. «Йе сфæлдыстады характермæ гæсгæ Къоста у сыгъдæг лирик, юмормæ тынг здæхт», зæгъы кри- тик, фæлæ, дам, йæ царды хъысмæт афтæ рауад, æмæ йæ мах уынæм поэт-æмбæстагæй: «Поэт æдзух- дæр лыг кæны йæ базыртæ æмæ дæлбар кæны йæхи идейæйæн. Нæ разы сысты Къоста, куыд адæймаг æмæ поэт, йæ уды драмæимæ. Дызæр- дыггæнæн нæй ууыл, æмæ поэт цы уды драмæ æв- зæрста, уый кæй гуырд, идейæйы карз домæнтæ æмæ сæрибар поэтикон фантазийы тырнæнты ’хсæн быцæуæй». Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст нæу, поэты уды драмæ уырдыгæй æвзæргæ нæ уыд, уый æв- зæрд, сæйраджыдæр, йæ бæстæ, йæ адæмы социа- лон æмæ национ æфхæрдæй, уыдон знæгтимæ æнæм- сæр тохæй. Уыцы драмæ карздæргæнæг уыдысты æндæр лыстæгдæр хъуыддæгтæ дæр, фæлæ уæддæр скъуыддзаггæнæгыл нымайын хъæуы фыццæгты. Ууыл нын дзуры «Ирон фæндыр»-ы æмбæстагон лирикæ кæрæй-кæронмæ, уый æвдисынц, æмбæста- гон мотивтыл уырыссагау цы æмдзæвгæтæ &ыф- фыста, уыдон дæр. Ам Гйуæргийы хъуыдытæм, æнæмæнг, фæхæццæ символистты аивадон теори «аивад — аивады тых- хæйы» тæфаг: «Афтæ зыны, цыма поэт æппын- æдзух йæ рæзтæ æхгæны, йæ музæ дары сындз- джын æрмкъухты. Уымæй аивадон сфæлдыстады хъуыддаг, ай-айдæр, æмбылды кæны, райсы зон- дæй фæлгъауыны миниуæг. Фæлæ уый хыгъд по- эты мидæг рамбул.ы æмбæстаг»... «Иæ курдиаты æцæг характер фæбæрæг вæййы хицæн бынæтты, цыма æнæнхъæлæджы, афтæ» . Нæй адонимæ сразы уæвæн. Къоста поэты ны- 11. Æлборты X. 161
саниуæг кæддæриддæр уыдта, дзыллæйы раз ыл цы стыр бæрн ис, уымæн лæггад кæныны. Уымæн æвдисæн у йе ’ппæт архайд, куыд поэт æмæ адæй- маг, афтæ, уый тыххæй æргомæй дзырдта йе ’мдзæв- гæтæ æмæ уацты дæр иу æмæ дыууæ хатты мый- йаг нæ, æмæ уымæй йе сфæлдыстад æмбылды нæ кодта мыййаг, фæлæ иннæрдæм — уыдис ын цæрд- хъомдзинад дæттыны фæрæз. Ахæм дывæрццаг хъуыдытæ кæй ис Къостайы тыххæй фыст уацы, уый йын нымайæм йæ сæйраг хъæндзинадыл, ничердыгæй бадынц Къоста — ре- волюцион демократыл, «йæ дзыллæйы зæрдæ йæ хуымгæнды хай» æмæ «йæ бæсты сагъæстæ йæ фæззыгон найыл» чи нымадта, уый зондахаст æмæ дунеæмбарыкадыл. Фæлæ цард размæ цыд, ивта æмæ кълæсты карз революцион тохты рæстæджы, поэзийы нысан иу- дадзыг «рæсугъд зарджытæ кæныны» чи уыдта, уыдон духовон кризисы кæй хауынц, декаданс сæ йæ уацары кæй бакодта, уый федта Гиуæрги æмæ уымæ йе ’нæразыдзинад ма равдыстаид, уый йæ бон нæ уыд, æмæ йæ æвдисгæ дæр ракодта — «В но- чи бессонные» (1925) æмæ Малиты Тиуæрги, Гулу- ты Андыри, Æмбалты Цоцкъойы тыххæй (1926) рецензиты. Уыдон фауы «фылдæр адæмы тыххæй нæ, фæлæ, йæ зæрдæйы хъуыддæгты тыххæй» чи фыста, индивидуализмы чи хауд, уыдон уацмыстæ. Гиуæргийы уацы Къостайы роль, сæйраджы- дæр, æвдыст цæуы, куыд ирон адæмы национ æф- хæрд æмæ ссæсты ныхмæ тохгæнæг, куыд ирон адæ- мы духовон æгъдауæй сæндидзын кæныныл арха- йæг. Æмæ куы зæгъæм, уæд Гиуæргийæн йæхицæн дæр уыцы æнкъарæн уыд æппæты æхсызгондæр, зæрдæбындæр. Æмткæй нацийы духовон æгьдауæй сæндидзын кæнын уыд, Ирон историко-филологон æхсæнад йæ разы цьт хæстæ æвæрдта, уыдон сæрæ- 162
вæрæн, Гиуæрги та уыд уым активон архайæг. Æмæ уый цытджын хъуыддаг у йæхæдæг хи- цæнæй дæр, фæлæ, цасдæрбæрцæй, аууоны цыма ис, афтæ зыны адæмы социалон æфхæрдæй ссæри- бар кæныны сæрыл поэты тох. Къоста куыд «мæ- гуыр хæххон адæмы зарæггæнæг», афтæ. Æниу дзы уыцы мотив дæр ранæй-рæтты йæхи сæргом кæны, фæлæ нæ райсы сæрмагонд ахаст, размæ йыл нæ рахæцы. Мæнмæ гæсгæ ам ис йæ аххосаг, Гиуæрги фыссæджы адæмондзинад куыд æмбæрста, уымæн дæр. Уый тыххæй сæрмагондæй зæгъы æндæр уацы æмæ йыл дæлдæр æрдзурдзыстæм. Гиуæрги 1923 азы ирон фыссынады равзæрдыл 125 азы сæххæсты бонмæ ныффыста куыст «Ирон фыссынады равзæрд æмæ рæзт», зæгъгæ. Ацы куыст у фыццаг бафæлвæрд ирон литера- турæйы зынгæдæр уацмыстыл, ирон фыссынады ахсджиагдæр моменттыл историко-литературон æгъдауæй афæлгæсынмæ, ирон литературæйы фæ- зындтæ бæрæг системæмæ æокæнынмæ. Ирон литературон-рухсадон кусджыты фæл- лæйттæ æмæ литературон уацмыстæн аргъ кæнгæ- йæ, Гиуæрги уыдон барста, адæм сæ дæргъвæтин царды рæстæджы цы духовон æмæ социалон фæл- тæрддзинад райстой, уымæй, уырдыгæй хаста йæ сæйраг идейон-эстетикон критери. Æмбæлон аргъ æрцыд очеркы нæ адæмон сфæл- дыстад æмбырдгæнджыты зæрдиаг фæллойæн. Уы- дон, зæгъгæ, хорз фадат арæзтой, ирон аив литера- турæ чи хъуамæ сфæлдыстаид, ирон адæмы духовон сырæзтæи кæй курдиат хъуамæ фæахъаз уыдаид, уыцы фысджытæ æмæ культурæйы кусджыты фæ- зынынæн. Уыимæ иумæ уь^й нæ басусæг кодта, сæ куысты методты цы цухдзинæдтæ уыд, сæ дарддæ- ры куысты кæй хъуамæ бахынцыдтаиккой, уыдон дæр. Фæлæ Гиуæргийы ацы куысты уæддæр сæй- 16?'
"рагдæр сты, ирон аив-литературон уацмысты фæ- дыл цы хъуыдытæ загъта, цы хатдзæгтæ сарæзта, .уыдон. Кæд ма 1917 азы дæр (ахуыргæнджыты съезды доклад аразыны рæстæджы) уый ирон про- фесион литературæйы объекитвон ахадындзп- надмæ иу цасдæр скептикон ахаст дардта, нæ йæ нымадта нырма фаг хъæздыгыл, уымæн та йæ аххосаг, куыд зонæм, афтæмæй уыд, ирон уацмыс- тæй нырма бирæтæ мыхуыр кæй не ’рцыдысты, стæй се ’ппæтимæ критик зонгæ кæй нæ уыд, уый, уæд ныр та зæгъы: «Мыхуыры нæм цы ’рацыд, уы- донæй куы зæгъæм, уæддæр нæ бон фидарæй зæ- гъын у уый, æмæ махмæ сты аивадон сфæлдыстады яеппæт хуызтæ дæр, лирикæйæ райдайгæйæ, суанг драмæйы онг». Иæ зæрдæ йын уæлдай тынгдæр зелхæдтой Кьубалты Алыксандры поэмæ «Æфхæрд- ты Хæсанæ» æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы тра- геди «Амран». «Амран», зæгъы, сыгъдæг адæмон бындурыл лæугæйæ, равдыста, не ’взагыл кæй ис -æппæтадæймагадон уацмыстæ сфæлдисæн: «Æмткæй нæ чысыл адæмæн гом кæны дунейы культурæйы аренæмæ рахизыны фæндæгтæ». Æмæ уымæй раст уыд, «Амран», æцæгдæр, æвæджиау курдиатджын уацмыс у, йæ вазыгджын проблематикæйæ, царды æцæгдзинады конкретон-историон хъуыды æмæ бæрзонд лæджыхъæдджын идеалты ’руаджы нæ литературæйы историйы ахсы тæккæ ахъаззагдæр бынæттæй иу. Фæлæ не ’взагыл æппæтадæмон аха- дындзинады уацмыстæ чи ныффыста æмæ «нæ чы- •сыл адæмæн дунейы культурæйы аренæмæ рахи- зыны фæндæгтæ» чи байгом кодта, уый уыд Елбыз- дыхъойы разæи Хетæгкаты Кьостайы генион сфæл- дыстад, фыццаг рады та йæ «Ирон фæндыр», æмæ уый æнæбахынцгæ ма хъуамæ фæуыдаид критик. Елбыздыхъо æмæ иннæтæн дæр уый уыд стыр цæ- виттон се сфæлдыстадон куысты. Æнæмæнгдæр, 164
очеркы хъуагдзинадыл нымаинаг у, Къостайы сфæлдыстадыл дзы ныхас кæй нæ рауад, уый. Æцæг, Къостайы лирикæйы тыххæй дыууæ афæдзы раздæр Гиуæрги ныффыста сæрмагонд уац, уæлдæр нæм йæ кой уыд, стæй 1925 азы ЦИЗИИ-йы уац- хъуыдты чиныджы мыхуыр дæр фæрсæй-фæрс- тæм æрцыдысты, фæлæ уæддæр уыдон сты фæйнæ сæрмагонд куысты æмæ сæ алкæмæн дæр ис йæхи сæрмагонд хæстæ æмæ нысæнттæ. Гиуæргийы очеркы сæйраг хорздзинæдтæй иу у йæ проблемондзинад, нæ фысджыты сфæлдыстад теоретикон æгъдауæй бамбарын, раиртасынмæ здæхт кæй у, уый. Ам банысан кæнын хъæуы, ирон литературæ- йæн йæ ахсджиагдæр миниуджытыл адæмондзинад æмæ царды æцæгдзинад æвдисын (реализм) кæй нымайы, уый. Ацы фарстытæ афтæ хицæнгондæй нæ литературæзонады æмæ критикæйы фыццаг хатт Гиуæрги æрæвæрдта. Очеркы сæрмагондæй дзырд цæуы, адæмон сфæлдыстад æмæ нæ аивадон литературæйы ’хсæн цы бастдзинад ис, ууыл. Уьтцы бастдзинадмæ гæс- гæ нысан кæны, «нæ аивадон литературæ æцæг адæмон кæй у, уый». «Нæ аивадон литературæ адæмон кæй у, уый бæрæг у уымæй, æмæ нæ фыс- джытæй бирæтæ æппынæдзух се ’ргом здахынц адæмон’сфæлдыстадмæ, уырдыгæй исынц сюжеттæ дæр, идейæтæ дæр, формæтæ дæр», зæгъгæ. Аивады адæмон мидис Гиуæрги национ мини- уæг æвдисынимæ кæй баста, уый ноджы бæлвырд- дæрæй зыны, уымæй афæдз раздæр альманах «Ма- лусæг»-æн цы раздзырд ныффыста, уырдыгæй дæр» Раздзырд балхынцъ кæны ахæм ныхæстæй: «Къорд (Ирон литературон къорд, — Æ. X.) йæ зæрдæ да- ры нæ фæсивæдыл, æнхъæл у, фæзындзæн нæм ахæм зынгæ фысджытæ, кæцытæ нывы хуызæн нæ 165
цæсгыты раз æрæвæрдзысты нæ адæмы цард, нæ , зæрдæйы конд, нæ зонды ахаст, кæцытæ афтæмæй равдисдзысты иннæ адæмæн нæ зынаргъ хæзнатæ: нæ бæсты уаг, нæ æгъдæутты бæрзонддзинад, нæ æвзаджы хорздзинад, нæ æхсар, нæ намыс». Адæмондзинад национ миниуæг æвдисынимæ кæй баста, уый махмæ хъуамæ диссаг ма фæкæса. Хабар уый мидæг ис, æмæ аивады адæмондзинад æмткæй ахæм хуызы æвæрд æмæ æмбæрст цыдис XIX æнусы уырыссаг литературæзонады дæр, ома литературæйы хæсыл нымадтой нацийы культурон домындзинæдтæ ифтонг æмæ хъæздыг кæнын. Уы- мæ, æцæг, 60-æм азты хæд райдиан Добролюбов бахаста бæрæг баххæсткæнинæгтæ йæ революцион- демократон зондахасты бындурыл. Фæлæ уыдон сæ фæдыл райтынггонд не 7рцыдысты. ХХ-æм æну- сы та йæ 30-æм азты æмбисы онг сæрмагондæй æвæргæ ничиуал æркодта. Гиуæргийæн дæр ацы проблемæйы фæдыл йæ бон нæ бацис иумæйаг хъуыдыйы сæрты уæндонæй ахизын, фæлæ йæ уæд- дæр, æндæр хъуыддæгтыл дзургæйæ. баххæст кæны. Ирон литературæйы адæмондзинады тыххæй йын йæ очеркæй уæлдæр цы хъуыдытæ æрхастам, уыдон фæстæ Гиуæрги ацы проблемæ хæрз хæстæг æрбакæны цард аивадон æгъдауæй æвдисыны прин- цип — реализммæ, æрæвæры сæ иу армытъæпæныл æмæ сæ æвдисы афтæмæй кæрæдзийыл бастæй. Уый цасдæрбæрцæй зынæмбарæн кæны хъуыддаг, фæлæ лыстæггай куы бакæсæм текст, уæд дзы нæ бон у рахæссын æргом æмбæрст хъуыды. Уый зæ- гъы: «Нæ фысджытæ сты адæмы хъæбултæ, æцæг хъæбултæ, йæ туг æмæ йе стæг. Æмæ се сфæлдыс- тад уыдонæн гуыры цахæмдæр иппæрд идейæтæй мыййаг нæ, фæлæ комкоммæ цардæй цы фæлтæрд- дзинад исынц, уымæй. Уыдон иттæг хорз зонынц адæмы уд æмæ йæ домæнтæ, æмæ уымæ гæсгæ се 166
’сфæлдыстад у реалон. Реализм у нæ аивадон лите- ратурæйы ахсджиаг миниуæг». Афтæмæй ирон литературæйы реализмы миниу- джытæ раст бæрæг кæнгæйæ, ома нæ фысджыты «сфæлдыстад гуыры цахæмдæр иппæрд идейæтæй нæ, фæлæ комкоммæ цардæй цы фæлтæрддзинад исынц, уымæй», «зонынц адæмы ... домæнтæ» — æргом кæны, ирон литературæ æцæг адæмон цы миниуджытæй у, уый дæр — адæмы царды’ социа- лон-историон æууæлтæ æвдисынæй, иунæг «царды- уаг, æгъдæуттæ, национ характер» æвдисынæй мый- йаг нæ, фæлæ. Гиуæрги йæ уацы æмткæй ирон литературæйæ афтæ кæй зæгъы, зæгъгæ, «уым тынг тыхджын у æмбæстагон уд, æвдисы бæрæг-бæлвырд политикон идеалтæ» (уыдоныл та нымайы национ æмæ соци- алон сæрибардзинад, хæдбардзинад), уый дæр ууыл дзуры, æмæ ирон аивадон литературæйы адæ- мондзинад цыд, адæмон сфæлдыстадимæ йын цы бастдзинад уыд, иунæг уымæй æмæ канд уымæй нæ, фæлæ ма царды æцæгдзинад фæлгъауын æмæ æвдисынæй, фæллойгæнæг адæмы царды интерес- ты сæрыл тох кæнынæй. Автор йæ очеркы цы «царды фæлтæрддзинад исыны» кой кæны, уый йæхимидæг хынцы царды конкретбн историон фадæттæ, нывгæнæгæн историз- мы æнкъарынад чи дæтты, уый, афтæмæй æмбуар балæууы реалистон аивады историзмы принципмæ. Уый у иттæг ахсджиаг æмæ, дыууынæм азты хæд райдианы, нæ литературæзонад фыццаг къахдзæф- тæ куы кодта, уыцы рæстæджы .æхсызгонæн зæр- дылдаринаг хабар. Гиуæрги бирæ нæ ныффыста, уымæн алыгъуы- зон аххосæгтæ ис, фæлæ цы ныффыста, уыдоны зы- ны, йæ зондахасты, йæ хъуыдыкæнынады цы эволю- цион рæзт цыд, уый. ^ымæн фенæн, равдисæн ис 167
ног литературон уацмыстыл фыст къорд рецензи- йæ. Критик лæмбынæг йæ хъус дардта, 20-æм азты, Ирыстоны цыдæриддæр мыхуыр цыд, уымæ. Иу- къорд чиныг, стæй периодикæйы фæзынгæ уацмыс- ты тыххæй ныффыста сæрмагонд уацтæ. Уыцы азты уæлдай стырдæр хъусдард здæхт цыдис адæмон сфæлдыстад æмбырд кæнынмæ, уы- мæн æмæ уый стыр ахъаз уыд тæккæ сæрбахъуыды рæстæджы не скъолатæн дæр. Фæзынд цалдæр чи- ныджьт. Гиуæрги Ирон историко-литературон æх- сæнады кусгæйæ, правленийы æмбырдты цы док- ладтæ арæзта, уыдоны сæрмагондæй дзырдта ацы фарстыл. Хицæн рецензитæ ныммыхуыр кодта Æмбалты Цицкъойы чиныг «Ирон адæмон тау- рæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ», стæй Быте- мыраты Бимболат æмæ Быдтаты Агуыбечыры «Иоон хъæлдзæг ньтхæстæ æмæ фыдæлты æмби- сæндты» тьтххæй. Адæмон сфæлдыстад æмæ уый æмбарын кæныны амæлттьт тыххæй Гиуæргимæ ис бæрæг-бæлвырд цæстæигас. Уыцы -фарстмæ цалдæр хатты æрæз- дæхт йæ уацтьт æмæ-иу алы хатт дæр йæ раздæры загъд хъуыдымæ бахастаид истьт ног хъуыдьт фæ- ирдзæр, фæконкретондæр кæныньт охьтл. Ома: адæ- мон сфæлдьтстадчу тынг стыр хæзна нæ культурон царды, хъуамæ фыст цæуа, адæммæ куыддæрид- дæр у, афтæ, ницы йæм хъæуьт æфтауын. Уьтцьт ссадвæдыл ам банысан кæнын æмбæлы, Æмбалтьт Цоцкъойьт куысты тьтххæй цы фиппаи- наг аразьт, уый: «Цоцкъо адæмæй цы уацмыстæ æмбьтэд кæны, уыдонæн сæ характерон миниуæг у субъективизм». Ома уый адæмон таурæгътæ хуы- мæтæг æмбьтрдгæнæг нæу, фæлæ йæхæдæг у тау- рæгъгæнæг, «æрдзон адæмон зарæггæнæг»^ æрмæст фыдæлты таурæгъгæнджыты хуызæн нæ, «уымæ 168
æнахуыр хуызы æмбæлынц кæрæдзийыл дыууæ культурæйы». Иуæй интеллигент, зонад, аивад æмæ æхсæнадон царды фарстытæ кæй æндавынц, ин- нæрдыгæй — хуымæтæг хохаг, хъахъхъæны йæ адæмы традицитæ, æгъдæуттæ, цæры семæ иу цар- дæй. Уый у таурæгъгæнæджы ног тип. Аудгæ, фæлæ объективонæй принципиалон сты йæ фиппаинæгтæ æвзонг советон литературæйы фæзындтæн аргъ кæнгæйæ, æвзонг фысджыты сфæлдыстады тыххæй цы уацтæ фыссы, уыдон. Аивадон ’хæрзхъæддзинадыл дзырд кæм цыдис, уым Гиуæрги уыд домаг, нæ зыдта компромистæ. Уый нын æвдисынц йæ уацтæ: «Не ’взонг тыхтæ», «Ахуыр — фылдæр, фысгæ уал — къаддæр», «Про- шинская Шараповайы драмæ «Хæххон Ирыстоны дидинæг» æмæ æндæртæ. Гиуæрги йæ критикон уацты нæ фысджытæй домдта цард æмæ аивады рæстдзинад, фотографи ма хъуамæ кæной царды фæзындтæ, фæлæ æвди- сой адæймаджы зæрдæйы диал’ектикæ, мидпсихо- логи. Æмæ альманах «Зиу» æмæ «Фидиуæджы» мыхуыргонд æмдзæвгæтæй афтæ куы зæгъы, — «нæй сæ иунæг хъуыды, иунæг удæгас фæлгонц», «æмдзæвгæтæ бирæ не сты, фæлæ дзы цы ис, уый дæр мыхуыр кæныны аккаг зынæй у, иу дæр дзы нæ бæззы», уæд уыд иттæг раст. Гиуæргийы хъус- дардæй нæ аирвæзтаид иунæг аивадон мæнгдзинад дæр. Уый та уыд критикы цырддзаст æмæ къæрц- хъусдзинадыл дзурæг. Фæлæ-иу уый хыгъд искæмæ хорз уацмыс фед- та, уæд йæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Æмæ уый дæр уыд критикы æнæмæнгхъæуæг миниуджытæй иу . Гиуæрги-критик уацмысы ахсджиаг миниуæгыл нымадта, царды ног комулæфт, ног æууæлтæй цас бæрцæй у ххацыдгонд, уый. Ууыл дзурæг сты, арæх 169
æм кæуыл æмбæлæм, уыцы ’ хицæн фиппаинæгтæ дæр: «уый нырыккон нæу», «уый у Надсон æмæ Минскийæ ист», «цы ахаст ын ис революцион эпо- хæмæ?» æмæ афтæ дарддæр. Коцойты Арсены пьесæ «Сау мигъ» «Фидиуæ- джы» (1929, № 1—2) куы бакаст, уæд æй бафаудта æнæреалистондзннадæй»,; «цавæр рæстæджы кой кæны фыссæг—ныры, æви рагон», зæгъгæ, уый бæрæг нæу. Барахъты Гино йæ радзырд «Æртæ рæсугъды» æвдисы сылгоймаджы хъысмæт рагон нæртон тау- рæгъы нывьтл. Гиуæрги йын хорзыл нымайы йæ идейæ, фæлæ йæм фау хæссы, ивгъуыд заманмæ здæхт кагй у, уымæй: «Нæртон æмбисондимæ йæ куы нæ бабастанд, фæлæ йæ ныры царды нывтæй куы равдыстаид», зæгъгæ, уæд уыдаид актуалон. 20-æм азты Ирыстоны тынг сарæх сты стихфыс- джытæ, æмæ уый æмбæрстгонд дæр у, — ног дуджы романтикæ фæсивæдыл базыртæ сагъта æмæ йын уыдон дæр æнæвгъауæй лæвæрдтой сæ зæрдæты уарзт, фæлæ бирæ хъуаг уыдысты поэтикон дæс- ныйадæй. Гиуæрги сын амыдта: «Ахуыр — фыл- дæр, фысгæ уал — къаддæр». Поэтæн ахуырдзинад æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый хынцгæйæ фыста. «Курдиат стыр куы нæ уа фыссæгмæ, афтæмæй теори уæддæр хорз куы зона, уæд адæмæн пайда чи уа, ахæм уацмыстæ фыссын йæ бон бауыдзæн. Æнæ теори зонгæ та курдиатджын фыссæг дæр уы- дзæн кæддæриддæр æнахъом, æдых». Гиуæрги йæ удыйас уарзта литературæ æмæ уыд йæ хуыздæр тыхтæн табугæнæг. Бирæ лæггад бакодта нæ ивгъуыд культурон бынтæн раст аргъ скæныны хъуыддаджы. Нæ быхста, фаутæ сыл чи æвæрдта, ног историйы науæй сæ æддæмæ асхо- йынмæ чи хъавыд, уыдонæн. Гъе, уымæн уыд афтæ карз йæ ныхас, «Зиу»-ы № 2 раздзырды нæ хисдæр 170
фысджыты тыххæй цы рæдыд хъуыдытæ æрцыд загъд, уыдон фæдыл: «Уыдон канд æнæбындур не сты, фæлæ ма сты зианхæссæг дæр», зæгъгæ. Бекъойты Гиуæрги алыфарсонæй зыдта, канд аив литературæйы фарстытæ нæ, уый уыд гуманитарон зонæдты уæрæх профилы ахуыргонд, куырыхон адæймаг. Уый нын æвдисынц йæ уацтæ истори, этнографи æмæ æвзагзоныны фарстыты фæдыл. Фæлæ уæддæр йæ удæн уæлдай адджын уыд аив литературæ, йæхæдæг йæ иу уацы цæйау загъта: «Æз мæ царды аив литературæйæ зынаргъдæрыл ницы нымайын, уæлдайдæр та нæхи æвзагыл фыст». Æмæ йын уым цы бантыст саразын, уыдон кæд сæ бæрцæй бирæ не сты, уæддæр нæ литера- турæ, нæ культурæйы тыххæй сты сыгъдæгзæрдæ- йы ныхас, зондджын хисдæры фæндиæгтæ. 1982 «ХУЫЗДÆРТÆЙ ИУ» Канд æрдзæй цы ныхыфыст рахаста, уый хъо- мысæй нæ, фæлæ ма йæ царды реалон фадæттæ куыд самыдтой, кæцырдæм ын скодтой йæ фæн- дæгтæ, уыдонæй кæнгæ разынд йæ хъысмæт Ты- былты Алыксандрæн. Афтæ ахъуыдыгæнæн ис: куыиæ æрæййæфтаид Октябрьпреволюци, куынæ федтаид йæхи цæстæй, йæ адæм ног историон фæндагыл кæй ныллæууы- дысты, уый, уæд цыхуызæн уыдаид йæхи цард — куыстаид иннæ дæсгай æмæ сæдæгай адæймæгтау уый дæр, цардæй йыл цы хæс уыд, уый æххæст кæ- ныныл. Æни|у, мах уырны, уæддæр нæ уыдаид 171
æгъуыз, æнæзынгæ: ахуыргæнæджы куыстæй дард- дæр йæ къух куы ницæмæ фæкодтаид, уæддæр стыр ном ныууагътаид йæ адæмы зæрдæйы, фæлæ уымæн абарæн ницы хуызы уыдаид, абон Алыксандр цы у, нæ культурæйы цы бынат ахсы, уыимæ. Тыбылты Алыксандр, куыд ирон культурæйы зынгæ ахрайæг, баст у Октябры революцийы фæуæлахизимæ, уый йын сныв^кодта йæ хъысмæт кæрæй-кæронмæ, уый фæрцы базыдта йæхи дæр, раргом кодта йæ уды потенцион хъарутæ, фадат ын радта йæ алыфар- сон курдиатæй, йæ куырыхон зондæй йæ адæмæн балæггад ’кæнынæн. Хатт вæййы афтæ, æмæ иу исчи зæгъы æцæгдзи- надæй раст ныхас, хъæугæ чн кæны, ахæм хъуы- ды. Фæлæ, гъе, йæ цæфыл нæ фæвæййы, гъе, та æндæр цыдæр аххосæгтæм гæсгæ, æнæбафиппайгæ, æнæфæстиуæгæй баззайы, мæнæ æнæниз хоры нæ- мыг мæрыл куыд нæ бафты æмæ тау куыд не суа- дзы, афтæ. Тыбылты Алыксандр уыд 20—30-æм аз- ты Ирыстоны культурон царды бæстастæу, йæ тæк- кæ гуылфæны æмæ ахадгæ уыд йæ ныхас, аргъ уыд йæ дзырдæн. Стæм къабаз баззад нæ адæмы духо- вон-культурон царды, Алыксандр йæ барджын ны- хас кæм нæ загъта, дзырдта хъуыддагзонгæ æмæ зæрдæрисгæ, ахæм ныхас та йæ нысаныл ’æнæсæм- бæлгæ нæ фæвæййы. Абон дæр куы ’ркæсæм, нæ мадæлон æвзаг, нæ иумæйаг литературон æвзаджы тыххæй Алыксандр цы уацтæ ныффыста, уыдонмæ, цьг тохтæ, цы бы- цæуты фæци, уыдæттæ куы базонæм, уæд ныл дис æфты йæ[ арф зонд æмæ хæрзуд хъуыдытæй, нæ цæсты раз сысты. сыгъдæгзæрдæ, рæстæвзарæг адæймаджы фæлгонц, уыцы лæг йæ удæн хæлар ницы кодта æнæ иу’мæйаг хæрзæбон, æнæ мадæлон æвзаг, æнæ Ирыстоны амонд; абон дæр йæ рæнхъы- ты бынæй, йæ дзырдты ’хсæнæй хъус ахсы йæ риз- 172
гæ хъæлæсы мыртæ, йæ тыхст улæфт, йæ зæрдæйы риуыгъд: «Цæмæй нæ къахыл слæууæм, уымæн йæ æйраг амæлттæй сæ иу у не ’взаг. Не ’взаджы ’руа- джы райхъал уыдзæн нæ зонд, æрмæст уый фæр- цы, æнæфæрисгæйæ, бауыдзыстæм хайджын сæри- бары æрхæсгæ хæзнатæй». Алыксандр тынг ,'хорз зыдта, арф æмбæрста, мадæлон æвзагæн цы стыр хъомыладон нысаниуæг ис, уый, мадæлон æвзагыл цы зонындзинæдтæ æмæ зонд райса лæг, уыдон къайны фидарæй хъауджыдæр не сты, мадæлон æв- заг адæймаджы кæны удæй рæсугъд æмæ лæгуар- зон, зондæй — хъæздыг. Алыксандр йæ литературон æмæ ’хсæнадон уац- •ты цы алыгъуызон фарстытæ æвæрдта, уыдонæй йын нæ уыд чысылтæ æмæ стыртæ, Ирыстоны ног культурон арæзтадыл дзырд кæм цыд, уым æппæт дæр нымадта хъæуæгыл, ахсджиагыл, хорз хъуыд- дæгтæй йæ фæндыд æгъдау кæнын. Алыксандр цардбарæг (йæхи термин у — Æ, X-) лæг уыд, йæ алыварс каст æмæ уыдта, кæд ны- ронг рæстæг уæззаугай цыд, кæд 125-аздзыд ирон чиныг цы рæстæг рацыд, уый æмбæрц не сырæзт, уæд уымæн уыд йæхи аххосæгтæ, ныр та, зæгъы, «цард фурдау размæ тындзы» æмæ нæ фезмæлын хъæуы, ныронг нæ къухы цы нæ бафтыд, уый ныр хъуамæ бафта, лыстæг хъуыддæгтыл ма хъуамæ ныххиутæ уæм, фæлæ нæ тыхтæ æрбамбырд кæ- нæм æмæ иу зондыл хæстæй аразæм нæ хъуыддаг. «Нырæй фæстæмæ хъуамæ афтæ хорз бакусæм, æмæ нæ чиныджы хъуыддаг рæхджы сæдæ хатты фæхуыздæр кæнæм. Ис нæм тыхтæ, стыр сты нæ фадæттæ. Хъæуы æрмæст кусын!» — дзырдта уый. Гъе, уымæн уыд афтæ зæрдæзнæт иумæйаг литера- турон æвзаг, иумæйаг графикæ æмæ æндæр иумæ- йаг организацион фарстытæ æрбæстон кæныныл дзургæйæ. Ацы фарстытæ сæ иу бакастæй куыд 173
хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн зынынц, афтæ нæу се ’цæг мидис, алчи сæ иугъуызон не ’мбæрста. Сæ аскъуыддзаг кæнынмæ бирæтæ дардтой къуындæг ахаст, къуымон, мыггагон зондыл хæст уыдысты. Алыксандр касти дарддæр, карста раст, уый рав- дыста рæстæг. 20-æм азты культурон арæзтады раз цы ахс- джиаг фарстытæ лæууыд, уыдонæн сæ тæккæ хъай- магдæртæ уыдысты зæронд æмæ ноджы кæрæдзи- мæ ахастытæ. Баргæ, фæлгъаугæ’зондæй саргъ кæ- нын хъуыд ивгъуыды бынæтæн, саразын сæ хъуыд ног цардарæзтадæн лæггад кæнынмæ, <æрмæстдæр афтæмæй уыд аразæн ног культурæйæн. Гъе, фæ- лæ ацы фарстытæ разындысты æппæты вазыгджын- дæр æмæ се скъуыддзаг кæнын арæх сайдта иттæг карз быцæутæ. Алыксандр, нæ интеллигенцийы иннæ минæвæрт- тимæ иумæ, ацы куыстмæ æрæвнæлдта счъилды- сæй. Цыфæндыйæ дæр æрæмбырд кæнын æмæ мы- хуыры рауадзын хъуыд нæ адæмы сфæлдыстады хуыздæр æмæ зынгæдæр цыртдзæвæнтæ, нæ клас- сикты сфæлдыстад. Иæ тыхтыл нæ ауæрста Хетæг- каты Къостайы сфæлдыстад æрбæстон кæныны, уый алы хахуыргæнджыты мæнгæфхæрдæй бахизыны хъуыддаджы: «Махыл ис стыр хæс Къостайы раз’: хъуамæ йæ базонæм, æмæ йыл уæд алы хъинон ны- хас нал уыдзæн?» — фыста 1929 азы. Ныффыста цалдæр уацы. Мæнмæ гæсгæ иттæг ахадгæ у йæ фæстагдæр уац «Ирон литературæйы бындурæвæ- рæг» — мыхуыр уыд «Фидиуæджы» 1936 азы, 5—6- æм номыры. Къаннæг уац, фæлæ — проблемон, те- зисты хуызы цы хъуыдытæ зæгъы, уыдон сты арф, алыфарсонæй бацамыдтой Къостайы нысаниуæг ног заманы ирон адæмы культурон царды, уыдысты фидар бындур поэты сфæлдыстад дарддæр ахуыр кæнынæн. 174
Стыр^ у критикы лæггад Брытъиаты Елбызды- хъойы сфæлдыстадæн раст аргъ скæныны дæр, би- рæ бакуыста, йæ уацмыстæ цæмæй рухс феной, уый тыххæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста нæ театры бындурæвæрæджы стыр лæггæдтыл нæ культурæ- йы раз, хуыдта йæ «сæрибары фидиуæг». Уæлдай стыр аргъ кодта йæ трагеди «Амыран»-æн: «Арф у йæ хъуыды, хæрзконд æмæ дæсны — йæ арæзт, рæ- сугъд — йæ нывтæ, хъæздыг æмæ тыхджын — йе ’взаг». Æппæт адæттæ Алыксандрæн академион цымы- дисдзинад нæ уыдысты миййаг, уыдон домдта рæс- тæг, домдта сæ тагъдрæзгæ ирон адæмы культурон цард? цыдæриддæр нæм ивгъуыд заманты культу- рæйы хæзнайæ уыд, уыдон ныр æхгæд (дуæртты æвæрынæн не ’нтысынц, хъуамæ сæ базоной адæм, сæ зонд сæ*срухс кæной, схъæздыг сæ кæной сæ УД- Алыксандр хорз æмбæрста, литературæ иутæ æмæ дыууæтæй аразгæ кæй нæу, уадз, æмæ стыр курдиаты хицау фестæнт, уæддæр. Æгæрыстæмæй Къостайы бон дæр нæу иунæгæй уый бакæнын. Уый тыххæй хъæуынц бирæты, æнæхъæн фæлтæрты скæнгæ традицитæ. Уыдон та, уыцы традицитæ, фæткæн нæ баззайдзысты, интенсивонæй куынæ цæ- уа литературон процесс, литературæйæ куынæ улæ- фой дзыллæтæ сæхæдæг, уæд. Æргомæй зæгъын ,хъæуы, махмæ нырма дæр сгуыхт кæй не сты уыцы традицитæ. Нæ литерату- рæйыл дæ цæст куы рахæссай, уæд дзы фендзынæ цъæтæнгæс (спиралообразный) хаххы бæсты скъуыдтæ-скъуыдтæ хахх. Ирон фыссæг, стыр уа — чысыл, кусы, фыссы, фæлдисы уацмыстæ, æмæ куы фæвæййы йæ цард, уæд йæ фæдылцæуæг уымæй нæ райдайы, фæлæ, цыма æрцæуы æндæр кæцæй- дæр, афтæ зыны, йæхицæн фæкусы уый дæр, æмæ 175
1а ацæуы, фылдæрхатт кæрæдзийыл не сæмбæ- лынц, афтæмæй... Ацы хабар цæмæн афтæ у, уымæн ’дзуапп иу дзырдæй нæ ратдзынæ, фæлæ æз уæд- дæр æнхъæлын, æмæ йæ сæйраг аххосæгтæй иу у, нæ литературон процесс интенси^онæй кæй нæ цæ- уы, уый. Ам уæлдай стырдæр хæс ис нæ литерату- рон критикæйыл. Уый хъуамæ рухс кæнид нæ ли- тературон хæдзары алы къуымтæ, агурид иу кæнæ иннæ процессы, иу кæнæ иннæ фæзынды ’хсæн бастдзинад, амонид, иртасид, иу кæкид факттæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ бæрцæй крити- кы хи индивидуалон’ миниуджытæй кæнгæ у æмæ нæу иудадзыг йæ литературон-теоретикон цæттæ- дзинадæй аразгæ. Ам критик-академикæн уый нæ бантысдзæн, цæйбæрц бантыса критик-пиблицис- тæн. Номхуындæй ахæм уыд йæ рæстæджы нæ ли- тературæйы Тыбылты Алыксандр, æппæтмæ хъус- дарæг, æппæтыл аудæг, йæ сæрмæ хаста цыдæрид- дæр литературæйы сæраппонд. Æз нæ зæгъын уый, æмæ йæм нæ уыд къуыхцытæ, нæ уыд йæ хъуыдыты æнæраст бынæттæ. Уыдон уыдысты, æмæ уыдысты объективонæй, абон уæлдай бæрæгдæрæй зынынц, фæлæ 20—30-æм азты уый нæ литературæйæн, æмткæй нæ культурæйы рæзтæн, цы хæрзты бацыд практикон æмæ теоретикон æгъдауæй дæр, уыдон сты æрттиваг дамгъæтæй фыст, æмæ сæ ма фенай, уый гæнæн нæй, куы дæ фæнда, уæд. Алыксандр, раст сывæллонау, цин кодта нæ фысджыты, нæ литературæйы алы мисхал æнтыс- тыл дæр æмæ йын-иу уайтагъддæр агуырдта бынат иумæйаг литературон процессы, кæд æмæ йын уым бынат нæ разындаид, уæд хъыг кодта, раст цыма йæхи рафæлдисгæ уацмыс нæ фесгуыхт, афтæ. Тынг цырддзастæй каст, тæккæ бахъуыды сахат царды цы хъæуы, уымæ. Куыд байрад, Зæнджиа- ты Бæбу уырыссаг литературæйæ цы уацмыстæ ра- 176
ивта, уыдонæй, фæлæ «Челкаш», «Хъазахъ», уы- лдон, зæгъы, ныртæккæ афтæ æхсызгон нæ хъæуынц, «искуы нæ уыдонмæ дæр æрæвдæлдзæн», фæлæ уал нырма раивын хъæуы, революцион дугæн дзуапп чи дæтты, ахæмтæ. Тынг карз уыд йæ ныхас, бахъуыды сахат ма- дæлон æвзагыл фыст уацмыстæм - æнхъæлмæ цы адæм каст, уыдон-иу фыдæнхъæл кæмæй фесты, йæ мадæлон Ьевзаг-иу чи ферох кодта æмæ æндæр æвзагыл чи фыста, уыцы фысджытæн, æмæ канд уый тыххæй дæр нæ; фæлæ: «нæ фысджытæ сæхи куы аиртасынц сæ райгуырæн бæстæй, сæ райгуы- рæн æвзагæй, уæд рагон уæигау сæ тых асæтты æмæ зарын нал сарæхсынц... хъуыддаг канд курди- аты мидæг нæй, фæлæ нæ поэттæн никуы бауыдзæн сæ бон æцæгæлон. æвзаджы лæмбынæг бамбарын». Ахæм фысджыты æнхъæлцау, кæй зæгъын æй хъæ- уы, стыр æмæ размæцыд литературæтæ никуы уы- дысты; уыдон уым бирæ ницы сахадыдтаиккой, фæ- лæ сæм сæ мадæлон æвзаг, сæ чысыл æмæ æвзонг литературæ та æнхъæлмæ каст. -_ Стыр хъусдард здæхта Алыксандр литературон фæсивæдмæ. Зындгонд у, куыд æхсызгонæй сæм- бæлд Хъуылаты Созырыхъойы,- Фæрниаты Къоста- йы, Дзесты Куыдзæджы фыццаг уацмыстыл. Ра- дзырд «Æфсæн уæиг» фнццаг хатт «Фидиуæджы» куы ныммыхуыр, уæд йæ хæдфæстæ критик фыста: «Царды ног æууæлтæ раст фæфиппайын - зенцон хъуыддаг нæу, уымæн хъæуы дæсны фыссæг, уы- мæн хъæуы стыр курдиат. Ахæм курдиатæй æххæст у Хъуылаты Созырыхъо». Фæлæ фыццаг уацмысæй æвзонг фыссæджы курдиаты æууæлтæ раиртас, уымæн дæр хъуыд æв- зыгъд критичы фæлгъауæг-уынаг цæст. Æнæмæнг- дæр, 20—30-æм азты, æвзонг ирой фысджытæ амондджын уыдысты, литературæйы ахæм хисдæр 12. Æлборты X, 177
збндамонæг кæмæн уыд. Уый-иу тæккæ афоныл ф&хатыд сæ алы æнтыст, сæ алы къуыхцы дæр. Уыцы азты стыр быцæутæ цыд Фæрнион Кьос- тайы сфæлдыстады алварс. Алыксандр уымæн ни- куы басусæг кодта йæ хъæйдзинæдтæ, фæлæ йæ æнæхъуаджы гуымир æфхæрдæй дæр хызта, «æвæ- рын хъæуы ног фысджыты», — уыд йæ фæдзæхст. «Цы цъус æвзонг фысджытæ нæм ир, уыдон дæр. нырма суинаг æмæ тыхджын æвæринаг сты. Афтæ- мæй ныр уыдон æнæвгъау хæфтытæ райдай æмæ дымгæмæ ныддар, уæд нæ литературон фронтыл иу фæдисон дæр нал баззайдзæн». - ■ Уый у, литературæйы интерест’æй чи цард, йæхи- (сæрмацонд уды хъуыдтæгтау сæ йæ зæрдæмæ арф чи иста, мадæлон литературæйы абон æмæ сомыл сагъæс чи кодта, ахæм адæймаджы зæрдæйы ныхас. Алыксандры авторитет, уый æмбаргæ ахаст бирæ бæрцæй хорзæй æндæвта 20-æм^ азты кæрон æмæ 30-æм азты райдиан, Ирыстоны литературон фрон- ты вульгарон социалогизмы принциптæй цы карз _ быцæутæ цыдис, уыдоныл, кæд уыцы заман йæхи- уыл дæр цасдæр бæрцæй раппон идейæтæ æнæбан- давгæ ,нæ фесты, уæддæр. Нæ критикы сфæлдыс- тадыл уыцы æндæвдад хауы уæлдæр банысангонд ^периддмæ. Хъыгаг хабар у, фæлæ дзы диссагæй дæр ницы ис: Алыксандр æппæтæй дæр уыд йæ ду- джы хъæбул æмæ йыл уыцы дуг йæ’фæд ма ныу- уагътаид, уый гæнæн.нае уыд. Вазыгджын уыдысты йæ цæстæнгæстæ Гæдиа- ты’Цомахъы сфæлдыстадмæ, уæлдайдæр та баны- сангонд рæстæджы. Куыд \«Фидиуæджы» къухдариуæггæнæг кус- длштæ, афтæ, æмткæй «Фидиуæг» йæхæдæг дæр, уыцы заман тынг æнувыд уыдысты пролеткульты догмæтыл., Уый фæбæрæг, драмæ «Ос-Бæгъатыр» мыхуыр кæнгæйæ, уымæн редакци ^цы фиппаинаг 178
сарæзта («Фидиуæг», 1929, № 3) уымæй, зæгъгæ, Цо- махъ ахызт историон рæстдзинады сæрты». Ацьк фиппаинаг кæрæй-кæронмæ райста Алыксандр, рас- тыл æй банымадта, фæкарздæр кæныны тыххæй. ма иæм ноджы йæхицæй дæр бафтыдта, æмæ йæ æрæвæрдта Цомахъы ныхмæ. Быцæу цæхгæр ахас- та, фæлæ критик раст на^ раиртæста, иуæрдыгæй драммæйы апп суанг йæ райдизнæй, æмæ’ иннæ- рдыгæй та Ос-Бæгъатыр — Гæбайы фаэлгонцы ва- зыгджындзинад, «паддзахы, Ос-Бæгъатыры, кусæг адæмы фЬтæг скодта», .зæгъгæ, раппон критикæйы позицитæй бацыд историон темæйæн аргъ кæнын- мæ, развæлгъау ыл сдызæрдыг, æрмæстдæр исто- рион кæй уыд, уымæ гæсгæ, æмæ йæ уый æркодта? рæдыд хатдзæгмæ. - ’ " Цомахъæн йаёхи дæр, куыд автор, афтæ бахъуыд. дискуссийы хайад райсын ’ æмæ йæ рæстдзинад. æнæкъæзгæйæ сбæлвырд кæнын. Ацы фарсты фæ- дыл Алыксандр фæстæдæр йæ хъуыдытæм бахас- та бæрæг коррективæтæ, фæлæ сæ кæронмæ _уæд- дæр нæ аиуварс кодта (кæс Цомахъы тыххæй уац,. «Фидиуæг» 1931, № 8—9). Ам Алыксандр лæмбы- нæг анализ сарæзта фыссæджы сфæлдыстадæнг стыр аргъ ын кæны, хоны йæ «хуыздæртæй иу», бацдмыдта йæ зынгæдæр уацмыстæ — «Ос-Бæгъа^ тыр», «Амондмæцæуджытæ» æмæ «Фыдæлты на- мыс»-.ы" ’хсæн »идейон-историон бастдзинад, зæгъ- гæ, уыдон стыг фыссæг рагæй кæуыл хъуыды код- та,,уыцы трилогийы хæйттæ. Уацау «Фыдæлты намыс»-ы идейон-аивадон ’хæрзхъæддзинæдтæ ба- нысан кæнгæйæ, загъта: «Уыцы^ таурæгъæй ирон пролетарон литературæ асины къахыл уæлдæр схызт». Пролеткульты æндаевдад критикыл фæзынд, нæ литературæйы æндæр фысджытæ æмæ уацмыстæн аргъкæнгæйæ дæр. ’ 179
Уацмысæн бæрзонд идейон-аивадон критеритæй *ш аргъ кодта, эстетикон. аивдзинæдтæ дзы чи домдта,уый дæр иу хаттуыд, æмæ «Кружковщинæ» æмæ «Цеховщинæйы» æндæвдады бын бахауд, <ли- тературæмæ сидт ног фæдисонтæм кусджытæ æмæ колхозонтæй, афтæ йæм фæкаст, цыма фысджытæ æмæ нывгæнджытæ раттæн ис административон æгъдауæй, æрсидтытæй. Вульгарон социологизмы домæнтæй аргъ кæны . къорд ног ирон адæмон зарæгæн. Афтæмæй «Ирон адæмон зарджытæ цух уыдысты аив фæлгæнцтæй, нæ уыдысты рæсугъд фæлыст эпитеттæй, метафо- рæтæй», «Иумæйаг ныхæстæ» йæм фæкастысты «Ботазы зарæг»-æй æмбисонды рæнхъытæ: «Дзæбидыры сæныкк цъитийыл баззад Дæ иунæг тугисæг дзидзийыл баззад». Уыйхыгъд аив рæнхъытыл нымадта: «Бацæуæм колхозмæ, Ратæрæм кулæкты. Бакæнæм мæгуырты, Фесафæм нæ зын цард» æмæ афтæ дарддæр. Адонæй критик райгæйæ зæгъы; «Атыдтой нæ" зæронд куплетты агъуд æмæ æрбахæстæг сты ли- тературон стихмæ. Сæфы зæронд «адæмон» зар’æУ, æмæ рæзы нæ пролетарон литературæ». Афтæмæй алыхатт, «социалон апп» агургæйæ, Алыксандры бахъуыд дыккаг^ бынаты эстетикон хæрзхъæддзи- над æрæвæрын. Фæлæ мах, критикы сфæлдыстадон куыстæн аргъкæнгæйæ, раст хатдзæгмæ не ’рцæудзыстæм, факттæм историзмы цæстæнгасæй куынæ бацæуæм, уæд. Алыксандрæн уыцы рæдыдтытæ уыдысты 180
раппонты-теорийы вульгарон-социалогон идейæтæй гуыргæ, не сты йе сфæлдыстадæн характерон, æмæ уыдонмæ гæсгæ ницы хуызы ис аргъгæнæн нæ про- фессион критикы куыст æмæ фæллойæн. Ис Алык- сандры уацты ахæм хъуыдытæ дæр загъд, ахæм формулæтæ, сæ мидис кæронмæ кæмæн нæ бахын- цыдта. Зæгъæм: «Цас поэтикон уацмыс хуымæтæг- дæр уа, æнцондæр æмбарæн уа,,уыйас хуыздæр вæййы». Хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн иудадзыг поэ- тикон уацмысы хорздзинадыл дзурæг нæ вæййынц, афтæ вазыгджын æмæ зынæмбарæн дæр нæ вæй- йынц поэтикон уацмысы, цаудыл дзурæг. Уый афтæ куы уаид, уæд дунейон литературæйы бирæ ра- загъды уацмыстæн сæ ахадындзинад æмæ кад ныр цы сты, уымæй уыдаид. бирæ ныллæгдæр. Ацы фарст вазыгджын аивадон-эстетикон проблемæ уь æмæ йæ афтæ хуымæтæггондæй нæ хъуыд æвæрын, Хатт йæ хъуыды нæ раргом кæны кæронмæ, цы- дæр йæ зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ цæмæн, уый нæ райхалы. Зæгъæм: «Дактилимæ рагæй нæ арæхсыд Къоста, фæлæ уæддæр йæ «Хетæджы» уыцы уæз- зау д’актилæй ныффыста, афтæмæй тынг уæззау æмæ æнахуыр куыддæр рауадис «Хетæджы» æв- заг». Къоста дактилæй нæ арæхсыд, зæгъгæ, уый æгæр загъд у, уымæн æмæ йæ хуыздæр уацмыс- тæ — «Додой», «Салдат», «Ахуыр», «Бирæгъ æмæ хъырихъупп» æмæ æндæртæ ныффыста уымæй. Ноджыдæр ма ис ахæмтæ æрхаессæн Алыксан- дры уацтæй, фæлæ дзырд ууыл дæр нæу, кæмæ нæ вæййынц уыдон та. Хабар уый мидæг ис, æмæ Алыксандры рæстæ- джы ирон литературон критикæ фыццаг къахдзæф- тæ кодта, æз зæгъин — фидар, фæлæ уæддæр — фыццаг. Критикæ (та аивады тæккæ вазыгджын- 181
дæр къабаз у, æниу ын къабаз дæр куыд ис схонæн, кæд æмæ ахуыр кæны, амоны аивады æппæт къа- бæзты æмрæзт, уыдон нормæтæ, у æмткæй аивады зонад, ивгæ, змæлгæ зонад. Уæд, Советон Хицау- дзинады фыццаг азты, канд Ирыстоны нæ, фæлæ .æнæхъæн Цæдисы дæр литературон критикæйы иде- йон-эстетикон" принциптæ нæма уыдысты куыстгонд, уымæн æмæ нæма уыд йæ тыхы ног дуне, ног адæй- маджы социалон-хæрзвæткон удыхъæдæвдисæг ли- тературæ йæхæдæг дæр. Фылдæр тых, фылдæр рæс- тæг хардз цыдис орханизацион фарстытыл, лите-~ -ратурон тыхты сконсолидаци кæныныл. Уымæ гæо гæ 20—30-æм азты литературон критикæ фылдæр иумæйаг литературон æмæ организацион фарсты- тæ æвзарыныл уыд. Тыбылты Алыксандры лите- ратурон-критикон бынтæ — уымæн хорз ,'æвдисæн. Ис афтæ зæгъæн, æмæ Алыксандры критикон уац- тæн сæ сæйраг тых, сæ нысаниуæг ис сæ публи- дистондзинады, уымæн банымайæн ис сæ хорздзи- надыл, дзурынц, сæ рæстæджы литературон царды объективон азфыст кæй сты, ууыл. Тыбылты Алыксандр кæд иудадзыг литературон нроцессы ныгъуылд уыд, уæддæр уый размæ афта* никуы х.ъуыды кодта, зæгъгæ, æз æнæмæнг% дæр хъуамæ кæнон литературон куыст, хъуамæ уон кри-. тик. Æмæ йæм йæхи дæр сæрмагондæй никуы цæт- тæ кодта. Фæлæ йæ царды фадæттæ афтæ самыд- той, ирон культурæйыл, ирон литературæйыл,афтæ цæрддзу кодта, æмæ сæр куы бахъуыд, уæд сæ тæккæ гуылфæнæй йæхи нæ атыдта, уый нæ, фæлæ ма сын æнæхъæнæй йæхи нывондæн æрхаста. Алыксандры литературон уацтæ иронау иро»н критикæйы фыццаг къахдзæф кæй кодтой, уый сыл зыны бирæ хъуыддæгты ’рдыгæй. Нæма уыд дырыс .литературон "терминологи, уымæ гæсгæ конкретон литературон мидисхæссæг терминты бæсты арæх 182
пайда кбдта иумæйаг дзырдтæй. Хатт-иу барæй дæр йæ ныхас уыцы хуымæтæджы ранывæзта, раст цыма критикон уац нæ фыста, фæлæ аивадон уац- мыс. Йе ’взаг та диссаджы фидыцджын у, ирон æв- заджы хъæздыг дзырдæвæрæнтæ стæм фыссæг зыд-, таид уый хуызæн. Дыууиссæдз азæй фылдæр рацыд, Алыксандр культы азарæй куы бабын, уæдæй^фæстæмæ, фæ- лæ цы бирæ хæрзиуджыты бацыд нæ адæмæн, уы- дон нырма дæр æххæстæй нæ зонæм..Иæ литерату- рон, историон, -æвзагзоцынадон æмæ æндæр фæл- лæйттæ æххæстæй æмæ æмбæлон æгъдауæй нæма рахастам адæмы размæ æмæ сыннæма саргъ код- там. 1964 азы йын цы иунæг чиныг рацыд, уырдæм бахауд æрмæстдæр йæ уацмысты иу хай. Чиныг æнæуый дæр бирæ цæмæйдæрты уыд- фæхуыздæр- кæнын хъуаг, нæ йæм фæцис цæстфæдарæг æмæ æдзæллагæй рацыд: къорд уацы средакцичындæ- у’ыд, хицæн уацтæй аппæрстæуыд æнæхъæн хæйт- тæ. Ахæм хуызы нæй-фыссæджы, уымæй дæр кри- тикы сфæлдыстадæн аргъгæнæн. Кретикы уымæн зæгъын, æмæ уый хæцæнгарз сты хъуыдытæ, тæр- хон хæссыны, ло’гикæ æмæ уыдон хъыгдард куы æр- цæуой, уæд уый фæстæ сæ ахадындзинад сæфга? кæны. Тыбылты. Алыксандр 20 азы дæргъы уыд Ирыс- тоны^культурон^царды бæстастæу, уый куыст% уый архайдимæ æнгом баст у ирон адæмы духовон æмæ культурон цардæй æнæхъæн заман — революцийы фæуæлахизы, æндидзыны æмæ" социализмы фæуæ- лахизы заман, æмæ уый бынтæ æххæстæй, тексто- логон æгъдауæй куыстгондæй куы рацæуой, уæд сын уыдзæн стыр культурон æмæ æхсæнадон ны-* саниуæг, уымæй мах фæхъæздыг кæндзыстæм нæ- хи æмбарынад нæ адæмы ивгъуыд æмæ хæстæг ивгъуыд царды^фæлтæрддзинадæй. Уæдæ, æркæсæм 183
ацы хъуыддагмæ, сраст кæнæм, нæ критикы уацмыстæ мыхуыр кæнгæйæ, цы- рæдыдтытæ æр- уагъдæуыд, уыдон.' Уый уыдзæн, нæ культурæйы, нæ мадæлон литературæйы стыр куыст чи бакодта, уыцы адæймагæн нæ чысыл лæггад. 1978
III. НОГ ФЕМБÆЛД ПОЭТИМÆ (Ноджыдæр та нæ классикты сфæлдыстадон . бынтæ мыхуыры уадзыны фæдыл) Æрæджы Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæн «Ир»- ногæй рухсмæ рауагъта нæ фыццаг поэт Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæты чиныг «Ирон зарджы- тæ». (Фыццаг-хатт поэты æмдзæвгæтæ æххæстæй мыхуыры рацыдысты 1926 азы, Дзæуджыхъæуы, Æлборты Барысбийы публикацийæ Хæххон педаго- гон институты хабæртты æмбырдгонды æртыккаг томы. Дыккаг хатт, иу æмдзæвгæ цухæй—1965- азы, Цхинвалы, разныхас æмæ комментариты ав- тор — Нафи. Ахæм хуызы ма рацыдысты «Ирон аив дзырды |хæзна.т1ы» сернйы чиныг «.Уалдзæггеед- джыты», 1978 азы). Æндæр æмæ æндæр азты йæ уацмыстæ мыхуыр цыдысты журналты, фысджы- ты иумæйаг æмбырдгæнлты, антологиты, хицæн ^уацмыстæ ахуыр кæнынц скъоладзаутæ хрестома- титы. Поэты æмдзæвгæты ног рауагъд (1982) мыхуыр- мæ бацæттæ кодта Хъодзаты Æхсар, комментари- тæдæр сарæзта уый. Разныхас та ныффыстой Хо- ды Камалимæ иумæ. Чиныг у аив иллюстрацигонд. 185^
Ныронг зындгонд уацмыстæ дзы иууылдæр сты, ^мæ уый у йæ сæйрагдæр хорз миниуджытæй иу. Разныхасы авторты сæ фадæттæ цæйбæрц амыд- той, уымæй æрæмбырд кодтой æмæ лыстæггай ана- лиз сарæзтой позты цард æмæ сфæлдыстадмæ ха- уæг æрмæджьггæн. Афтæ зæгъын æмбæлы коммен- тариты тыххæй дæр. Чиныгкæсæг сæ æхсызгонæй бакæсдзæн, бæлвырдæй цы нæ звдтй поэты тых- хæй, ахæм иуæй-иу хъуыддæггæ хуыздæр бамбар- дзæн. Уыдон та дзурæг сты, чиныгмæ йæ къух чи фæкодта, чи йæ срæвдз кодта, уыдон æнæзæрдæ- худт фæллойыл. Ирон профессион зарæДжы райдайæг Мамсы- •раты.Темырболат у ирон литературайы историйы сæрмагонд фæзынд. Уымæ гæсгæ чиныгкæсджытæн -йемæ фембæлын алыхатт дæр æхсызгон цæйбæрц вæййы, уый бæрц у цымыдисон дæр. Бирæ фарсты- тæ нæм æвзæры æмæ æвзæрдзæн нырæйфæстæмæ дæр. Уый уымæн афтæ у, æмæ Темырболаты цард . æмæ хæдбындур сфæлдыстадыл кæрæй-кæронмæ æвæрд ис хъысмæты æвирхъаудзинады дамгъæ. Æнæнхъæлæджы æмæ æвирхъау чи æрцыд ирон адæмы царды, ахæм хабарæй райгуыргæ у йæ поэ- зи. Æнæнхъæлæджы уымæн ^æгъын, æмæ уый нæ уыд ирон адæмы мидисторион царды фæстиуæг, фæлæ. æддаг фыдаудæнгæцæг тыхты æвирхъау хъомысæй равзæргæ. Уыцы æвирхъау хабар та кæд аивгъуыйгæ æнусы æхсайæм азты æрцыд, уæддæр йæ уидæгтæ рæстæджы арфдæр фæлтæртæй цæ- уынц. Уььй практикон æгъдауæй райдыдта баны- сангонд æнусы æртынæм азты хæдрайдиан Кав- казы адæмтæм хæдхæцæг паддзахы æфсады зынд- гонд æфхæрæг экспедицитæй. Сусæгæй та ноджы раздæр райдыдта цæт?æ кæнын. Уымæ гæсгæ фæ- бæлвырдкæнинаг у Нафийы æмæ стæй Æхсар æмæ Камалы хъуыды, Темырболаты поэзи цы «Ирон 186
,национ трагедийæ равзæрд», уый фæдыл. Темырбо- латы поэзи цардмæ рауадзæг тыхтæ — Туркмæли-. дзæг адæмы трагикон цаутæ—уыдысты раздæр райдайæг хъуыддæгты фæстиуæг. Æмæ канд уы- донæй æвзæргæ дæр нæ уыд Темырболаты поэзи. Уыдон ын фесты, къуырццмæ цæмæй æрцыдаид, æрмæстдæр уый ахъаз. ’ Темырболат «йæхицæн æнæнхъæлæджы» ссис, Турчы хай чи баци, уыцы ирон, æмткæй, хæххон адæмы кæуинаг хъысмæты зарæггæнæг. Зын зæ- гъæн у, ам, нæхимæ цæргæйæ, паддзахы æфсады йæ службæ æрвитгæйæ, цахæм уыдаид йæ царды хъысмæт, уый. Æнæнхъæлæджы, æвирхъау æгъдауæй сæмбæл- дысты йæ фыдыбæстыл, абон йе сфæлдыстадæй ’цы цалдæр æмдзæвгæйы зонæм, уыдон дæр. - Гæнæн ис, æмæ йæ мах ма зыдтаиккам абон дæр, йæ мады ’фсымæры лæппу Къуындыхаты Бе- чыр Мæскуымæ Турчы хъуыддæгтæ. лыг кæнын-г мæ куы нæ æрцыдаид, æмæ уырдыгæй «æнæнхъæ- лæджы»" 1920 азы,- фæззæджы, Дзæуджыхъæумæ ’йемæ куы нæ æрластаид-йæ хæрæфырты фысты- тæ, уæд. Сæйрагдæр фаротытæ сты, гъе, уыцы фысты- тæй гуыргæ, æмæ фæстæмæ уыдонмæ здæхгæ. Уы- донæн дзуапп раттын, уыдон. æрбæстон кæнын,- тек- стытæ сраст, ссыгъдæг кæнын ныр дыууæ æмæ æртиссæдз азы кæсы литературæйы истори-иртас- джытæм. Фæлæ, куыд зыны, афтæмæй æнцон ба- бæстонгæнæн не сты, ис бирæ ныхдуртæ. Цы сты уыдон? Поэты сфæлдыстадæй нæ’кухы ис бæрцæй иу- æндæс ’ æмдзæвгæйы. Уыдонæй иу — «Сагъæстæ», Ирыстонмæ æрбафтыд раздæр, аивгъуыйгæ æнусы æвдайæм азты. Æрхастой йæ, ирæттæй Турчы хæс- ты чи уыд, уыдон адæмон зарæджы хуызы. Ис ын 187
цалдæр варианты, Æхсар сæ хæссы йæ коммента- риты. Бындурон текст’ фыццаг хатт мыхуыры ра- уагъта В. Миллер йæ «Ирон этюдты» (1881). Мах нæ зонæм, зарæг кæмæй фехъустой, уы- цы туркаг ирæтты дзургæ текст, поэты фыст тексти- мæ абаргæйæ, цас раст уыди, уый. Стæй йæ Ирыс- тонмæ чи æрхаста, уыдон дæр фехъусæггаг зарæджы ныхæстæ æнæрæдыдæй бахъуыды кодтаиккой, ни- цы дзы ферох кодтаиккой, кæнæ йæм сæхицæй ни- цы бафтыдтаиккой? Зарæджы рæнхъыты нымæц нæ зæрдыл куы дарæм (æнæхъæн 60 бæрц),уæд нæм нæ фарст, æцæгдæр, æнæбындур нæ фæкæс- дзæн. Ацы уавæр стыр зындзинад æвзарын кæны текстологæн: зарæджы сæйраг текст цæмæ гæсгæ сбæлвырд кæна, уый нæй, уымæ гæсгæ йæ хъæуы интуицййæ архайыны сæр. Нафи æхсызгон куыст бакодта, уацмысы цы æнæдызæрдыггаг хæлдтытæ уыд, уыдон сраст кæны- нæй, композицион æгъдауæй йæ рацарæзта нывыл^ Уыдон не ’взæрын кæнынц уацмысы удыхъæд æмæ кондимæ исты бæрæг ныхмæдзыд; Уымæ гæсгæ æмткæй Нафийы конъектурæ райста Æхсар дæр «Сагъæстæ» мыхуыр кæнгæйæ. Не сразы æрмæст, рæнхъцух строфæмæ цы рæнхъ бафтыдта, ууыл, æмæ йæ аппæрста, йæ бæсты бирæ стъæлфытæ сæвæргæйа^. Æхсар, Нафиимæ цы конъектурæ рай- стой, уым амоны зарæджы иннæ варианттæм дæр, конъектурæ аразынæн сын чи фæпайда, уыдонмæ, куыд æхх’уысгæнæг æрмæг, афтæ, æмæ уымæй хорз бакодта. Иннæ дæс æмдзæвгæйы, куыд зонæм, афтæмæй’ æрласта поэты мады ’фсымæры лæппу. Фæлæ уы- дон дæр нæ уыдысты поэтæн йæхи къухфыстытæ. Мах нæ зонæм, æгæрстæмæй, поэты къухфысты- тæй сæ комкоммæ рафыстæуыд æви копиисæгæн йæ разы уыд æндæр текст. Науæд сæ фысгæ ра- 188
кодта æви йын сæ исчи каст æмæ сæ афтæмæй ныф- фыста? Бечыры æрласгæ текстытæ фыст уыдысты фран- цаг дамгъæтæй, уыдон та ирон ныхасы мыртæ рав- дисынæн хæрзвадат не сты. Францаг алфавиты нæй кавказаг хъæбæр мыртæ æвдисæг дамгъæтæ, нæй сæм, ирон æвзаджы æппæты арæхдæр мыр æ чи равдиса, ахæм дамгъæ дæр. Уыцы францаг дамгъæтæй фыст’текстытæ дæр не сты нæ къухы, фæстæмæ сæ аласта. Уыдонæй дыууæ экземпляры рафыста Хъаныхъуаты Ина- лыхъ. Иу дзы радта профессор Æлборты Барысби- мæ, иннæ ныууагъта йæхимæ, æмæ йын Бакомæ цæугæйæ фæндагыл фесæфт. Барысбийы экзем- пляр — Тецырболаты ^æмдзæвгæты бæлвырддзи- надæн иунæг-иу документ, абон æвæрд ис Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты архивы. Гæнæн ис, æмæ баууæндæм, зæгъгæ, копиисджы- тæ, Иналыхъ æмæ иннæтæ, цы дзырдтæ нæ рав- зæрстой, уыдонæй дарддæр æппæт иннæ дзырдтæ æмæ хицæн рæнхъытæ дæр раст бакастыты, раст сæ рафыстой? Мæнмæ гæсгæ, зын баууæндинаг ха- бар у уый дæр. Æмдзæвгæты мах æмбæлæм сти- листикон æгъдауæй здыхт бынæттыл, кæрæдзийыл æххæст аив чи нæ бады, ахæм хъуыдытыл. Уыдон, гæнæн ис, æмæ уой копиисджыты ахХосæй. Сæйраг текст бæлвырд кæнгæйæ, зæрдыл да- ръш хъæуы, æппæт, кæй ранымадтон æмæ ма кæй кой нæ ракодтон, уыцы хабæрттæ дæр. Æмдзæв- гæты æцæгæлон армæй цы хæлд бынæттæ ис, къу- хæй-къухмæ æмæ дзыхæй-дзыхмæ цæугæйæ, алы- гъуызон ивæнты фæстæ, уыдон сæ гаччы сæвæрын, сраст кæнын текстологæй домы стыр арæхстдзи- над. Уый нæ хуындзæн редакци, уый уыдзæн, æцæ- гæлон дзырдтæ а^шаргæйæ æмæ хæлд бынæттæ 189
раст кæнгæйæ, авторы сæйраг текст бæлвырд кæ- нын, , - Ам мæ фæндыæрлæууын иу-цалдæр конкретон цæвиттоныл Нафи æмæ Æхсары конъектурæтæй. Бирæ ис уыдонæй, райсын кæй хъæуы, ахæмтæ. Бирæтæ ма та домынц фылдæр асагъæс кæнын, ног конъектурæтæ агурын. * Фыццаджыдæр фарстæуы: цы бачындæуа, дзырд- цух чи у, уыцы рæнхъытæн, кæнæ рæнхъцух чи_у, уыцы строфæтæн, гъе, та строфæтæ цух чи у, уыцы. æмдзæвгæтæн? Æмдзæвгæ строфæ кæнæ строфæ- тæ цух куы уа, уæд уыдон ’снывæндынæн прак- тикон æгъдауæй амал нæй. Æндæр хабар у* хицæн дзырдтæ кæнæ хицæн рæнхъь1ты хъу’ыддаг: кæд контекст уый фадат дæтты, конъектурæ дызæрдыг- дзинад не ’взæрын кæны, уæд текстолоджы арфæ- йаг хæс у, цæмæй сæ баххæст кæна, уыдон ^редак- торон ныхты бакæнгæйæ, науæд та сæ коммента- риты фæнысан кæнгæйæ. ч Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр уый хъуыдиаг ха- бар у, æмæ :йæ кæнын хъæуы тьшг арæхстгай. Ко- нъектура хъуамæ цæуа текстæй, бада канд йæ бу- арыл нæ;'фæлæ йæ удыхъæдыл дæр. «Сагъæсты» цы рæнхъ хауд ис, уымæн уæвæг цалдæр конъектурæйæ хуыздæрыл банымаинаг у Нафийы он, фæлæ уый дæр æмткæй дызæрдыггаг_у,. æгæр нырьжкон литературон ад кæны: «Куы нал хъæцыдтæн сагъæсыл», зæгъгæ/ Хицæн кæны, йæ цуры цы рæнхъытæ ис, уыдонæй. Æхсар æй систа^ " фæлæ йын й>æ бæсты æндæр не ’рымысыд, æвæц- цæгæн, «фæрæдийыны» тасæй. Иæ раны нæй, ацы хауд рæнхъ «Уалдзæггæнджыты» кæмæй ивд. æр- цыд, уый дæр, нæй йын хуымæтæджы грамматй- кон бастдзинад строфæйы иннæ рæнхъытимæ. Æмдзæвгæ «Амонд»-ы фыццаг строфæйы æр- тыккаг рæнхъæн,. æз æнхъæлын, райсын æмбæлы
Нафийы конъектурæ. Уый дызæрдыгдзинад не ’взæ- рын кæны. Фактон æгъдауæй, рæнхъæн йæ сæйраг хай авторæн йæхи у: («Гæмттæ.уыди >æгасæй»)> уый лæууы авторы тексты æмбуар. Хъуамæ тынг зын ма уаид, æмдзæвгæйы фæс- таг хауд рæнхъ цæуыл дзурæг уыди, цы хуызæн * хъуамæ уыдаид, уый сбæлвырд кæнын дæр. Гол% лаг уыд хæлд, йæ мидæг нæмыгнæ лæууыди, фæ- лæ йæ æрæджиау «...хонын байдыдтой Нæ тол- джытæн сæ хуыздæр» .Уый æнæрастдзинад у æмæ автор уайдзæф кæны, æнæрастдзинад чи аразы, уыдонæн. Кæронæй йæ ныхас здахы чиныгкæсæг- мæ, зæгъгæ: «Ныр дæ курын æз, мæ хур, Æркæс- ма йæм, «хуыздæр у? Кæд ыл мæ зонд рæдийы...» æмæ дарддæр хъуыДыуаты æрдæг нæй, фæлæ &æ ныхасы логикæ амоны, домы: ома, кæд æз рæди- йын, æз æй раст не ’мбарын, уæд цы? «Уæд ын тæрхон ды фæу». Уый, фактон’ æгъдауæй, хъуыдыуа- ты цæттæ конструкцийы .хай у. Æмдзæвгæйы ахæм • рæнхъ йæ, ассонансон рифмæ æмæ, Темырболатæн характерон чи у, уыцы адæмон стилыздæхтæй, мæн- - мæ гæсгæ, фидауы æмткæй ’ æмдзæвгæйыл. Уыцы æмдзæвгæйы æртыккаг строфæйы дык- каг рæнхъы райсинаг у Нафийы конъектурæ: «Сæ зонд(ы) цæст нæ уыны». Науæд ныр куыд у, аф- тæмæй дзырдтæ кæрæдзи нæ амонынц. Афтæ ма баххæст кæныны амал ис, мæ хъуы- дыйæг æмдзæвгæ «Рынчын æмæ рынчынфæрсæджы» фыццаг æмæ æвдæм строфæйы цы иугай рæнхъы- тæ хауд ис, уыдонæн дæр, хъуыдыйы логикæ сæ йæхæдæг амоны. Æрмæст, куыд загътон, афтæ- мæй уый аразын хъæуы тынг арæхстгай, ахæм хуы- зы, æмæ, зæгъæм, Темырболат йæхæдæг наб цуры куы у’аид, уæд æй уый куыд загътаид... Æхсар æвдисы, текстытимæ архайгæйæ, ахæм арæхстдзинад, уый аргъ кæны, йæ разы цы уац- 191 ’
мыстæ ис, уыдон аивадон зынаргьдзинадæн нæ лоэзййы, нымайы сæ ахсджиагыл, уырдыгæй гуы- ры йæ тадзгæбаргæ ахаст дæр. Иæ размæ цы ко- нъектурæтæ уыди, уыдонæй къордимæ сразы, къор- димæ нæ, æмæ сæ ныууагъта сæ фыццаг уагыл. Æмдзæвгæ «Дыууæ æмбалы» фыццаг строфæ- йы цыппæрæм рæнхъы райдиан, мæнмæ гæсгæдæр нæ домдта барасткæнинаг, ам «уæд та» йæ раны ис, æмæ йæ нæ хъæуы ивын «уæд ма»'-йæ. Дыууæ дзурæгæй хисдæр æнкъард у, æмæ дзы цæмæй йе ’рхæндæг ферох уа, уый тыххæй кæсдæр куры хис- дæрæй, зæгъгæ, «Уæд та радзур иу таурæгъ». Ноджы уым цыппæрæм строфæйы фыццаг рæн- хъы дзырд «къæрдтæ» (къордтæ) дæр æмбæрст- гонд у,уый тыххæй комментариты ис фаг уырни- наг æрмæг. Хъаугъа расайдта амæйразмæ уыцы æмдзæвгæ- йы дзырд — эпитет ’ «цъыфтæ». Ома та мын мæ зæрдæ фæриссын кодтай, мæ мæстаг мысинæгтæ ногæй мæ зæрдæйыл кæй рацыдысты, уымæй: «Мæ удæн та йæ цъыфтæ Ды сæ ныхтæй куы ’ртыдтай». Дызæрдыггаг у ацы дзырд. Уд абстрактон, æнæ предметон у, æмæ йæ уæлæ «цъыфтæ» кæй ныхъ- хъæбæр сты, уый йын фылдæр дæтты нырыккон поэтикон æууæл. Фæлæ фарстæуы? Бамбарæн, бан- къа’рæн ын ис. Мæнмæ гæсгæ, ис. Нафи йæ баивта «цæфтæй» æмæ дзы рауад: «ЭДæ’удæн та йæ цæф- тæ...» Æмæ уый кæд аивдæр, «поэтикондæр» у, уæддæр тексты нæй, ’ æмæ ахæм рæстæджы раст- дæр уыдзæн йæ фыццаг уагыл æй ныууадзын. Поль- шæйаг текстолог Конрад. Турский афтæ ^фыста: «Цæйнæфæлтау ног рæдыд æруадзай, фæлтау ав- торы рæдыдыл хъæц». Райсæн нæй ацы дзырдæн, уæлдайдæр та «Уалдзæггæнджыты» цы конъек- турæ æрымысыдæуыд, уымæн. Уым та «цъыфтæ» ивд æрцыд «цъæрттæй» æмæ дзы рауад: «Мæ удæн 192
та йæ цъæрттæ Ды дæ ныхтæй куы ртыдтай». Конъ-. ектурæ цæйбæрц арæхстгай аразинаг куыст у, уы- мæн цæстуынгæ цæвиттон. Растыл, райсинагыл банымайын хæуы, æмдзæв- гæ «Ме 'мгармæ»-йы фыццаг строфæйы дыууæ фæ- стаг рæнхъмæ Æхсар цы конъектурæ бахаста, уый дæр. Уый арæзт æрцыд, рæнхъытæ цы дзырдтæй конд уыдььсты, уыдон бындурыл. Иналыхъхъы тек- сты уыдон сты гæлиртæ. Æхсар сæ рараст код- та: «О, ме ’мгар, мæ уарзон! Ме ’фсмæр дæ куы хуыдтон, Мæ царды ис, базон, Æнæ дæу цæрын нæ зыдтон». Дыккаг строфæйы фыццаг рæнхъ — «Мæ фос, мæ цин, мæ сусæг»... Ам фæстаг дзырд Нафи ба- ивта «мæ рисæй». Æхсар æй ныууагъта йæ фыц- цаг уагыл, мæнмæ гæсгæ дæр æм нæ хъуыд æвна- лын. Кæд рифмæйæ хæрз аив нæу, уæддæр аив у иннæ хъуыддæгтæй — «Мæ фос, мæ цин, мæ су- сæг Дæуæй хицæн нæ дардтон», зæгъгæ. Ноджы: «Ныр мæ дæ уарзын ныууагътай» — абон афтæ ничиуал дзуры, фæлæ кæддæр дзырд- таиккой, æвæццæгæн. Уымæ гæсгæ нæ фæрæдыд чиныгаразæг, йæхи адыл æй кæй ныууагъта, уымæй. Æвдисы, не ’взаг ма хом куы уыд, уæд цы хуы- зæттæ уыдаид, уый. Æмдзæвгæ «Рынчын æмæ рынчынфæрсæджы» иуæндæсæм строфæйы æвтыккаг рæнхъы дзырд- баст «ме стыр» кæрæдзийы фæдыл фæлхат цæуы дыууæ хатты, ноджы нæ бады цæппæрæм >рæнхъи- мæ. Ам райсинаг у Нафийы конъектурæ, кæд æй исчи фæхуыздæр кæна, уæд уый æндæр хъуыддаг у: «Æз ме стыр мулк, мæ фæллой...» зæгъгæ. Иæ фæстæ лæууæг цыппæрæм рæнхъ бирæон нымæцы кæй ис, уый дæр дзуры уый фарс. Цыппæрдæсæм строфæйы дæр дыккаг рæнхъу æнæмидис, нæ бады фыццаг рæнхъыл^ «Дзугтæ 13. Æлборты X. 193
скодтой чызджытæй, Царды риуыл бафынæй». Чи бафынæй царды /риуыл — бæрæг нæу. Æнæмæнг хæлд у æмдзæвгæйы рæнхъ. Чизоны, растдæр уы- даид дыккаг рæнхъ афтæ: «Цард риуы бафынæй». Уый’’Нафийы конъектурæ у. Æз ракой кодтон, Нафи æмæ Æхсары конъекту- рæтæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ, сæйрагдæртæ кæцы- тæ сты, уыдонæй цалдæры тыххæй. Æнæуый, сæ нымæц бирæ фылдæр у. Ис дзы, хицæн дамгъæтæ æмæ пунктуацион барастгæндтытæ. Бараст кæнын ма кæй хъæуы, ахæмтæ дæр цъус не сты нырма. Ам рæгъмæрахæссинаг у иу ахсджиаг хъуыддаг: Темырболаты æмдзæвгæты арæх сты, ирон æвза- джы рагон гакк кæуыл ис^абон ирон æвзаджы кæ- мæй нæ пайда кæнæм, ахæм дзырдтæ, дзырдты конструкцитæ, хицæн дзырдты ’хсæн ’ грамматикон бастдзинады формæтæ æмæ æндæртæ. Уыдон хаст цæуынц ахуыргæнæн æмæ иумæйаг кæсыны чин- гуытæм, æмæ сæ ахуыр, сæ бамбарыны хъуыдда- джы æвзæрын кæнынц бæрæг зындзинæдтæ. Куыд алыг кæнын хъæуы ацы фарст? Уыцы проблемæ зындгонд у гуырдзы, уырыс æмæ æндæр адæмтæн дæр. Уыдонмæ ис ахæм практикæ: рагон уацмысы иуæй-иу архаикон дзырдтæ, дзырдты формæтæ ра- царазынц абоны литературон æвзаджы домæнтæм гæсгæ. Темырболаты уацмысты зонадон рауагъдты- ты бахъахъхъæнинаг сты се ’ппæт сæрмагонддзи- нæдтæ, фæлæ æнæуый чингуыты, уæлдайдæр та ахуыргæнæн чингуыты, хрестоматиты, хуыздæруа- ид, мыхуыр куы цæуиккой иум:æйаг литературон æв- заджы нормæтæм гæсгæ. Æрхæссæм цалдæр цæвит- тоны: «дунеуыл»— дунейыл («Чъынды лæг»), «кæ- рæдзиуыл»— йæр»æдзийыл (уыйдæр уым), «са- гъыд» — сагъуыд («Дыууæ æмбалы»), «Ныр мæ дæ уарзын ныууагътай» — ныр мæ дæ уарзон ныууа- гьта, («Ме ’мгармæ»), «ЛЬянгæйттæи-ку ныгæдтам 194
Æнæмæрддзаг ызмисæй» — Мингæйттæ-иу ныгæд- там, æнæмæрддзаг, ызмисы (уый дæр уым) æмæ афтæ дарддæр. 1 Цалынмæ мæ ныхас балхьшцъ кæнон, уæдмæ ма мæ фæнды иу хъуыддаджы тыххæй(зæгъын: Те- мырболаты иуæндæс æмдзæвгæйæ иу — «Уæ, мæ хуыцау», фыццагхатт мыхуыры фæзынд Æлборты Барысбийы публикацийæ (1926), уæдæй фæстæмæ йыл нæдæр иумæйаг æмбы’рдгæндты, нæдæр поэты сæрмагонд рауагъды (1965), никуыуал сæмбæлды- стæм. Ныр фæзынд Темырболаты ног рауагъд чи- ныджы. Уымæ гæсгæ нын нæ хъусдард йæхимæ зда- хы, æмæ йæ хъæуы бамбарын. Æмдзæвгæ «Уæ, мæ хуыцау^>-ы кæд хуыцауы кой чындæуы, кæд фæуд нæу, бæлвырддæр зæгъ- гæйæ, йга кæрон сæфт у, уæддæр органикон æгъ- дауæй баст цæуы поэты иннæ уацмысткмæ. Дзу- ры канд поэты дунембарынадыл нæ, дзуры йæ ду- ненкъарынадыл, цы ахаст дары алфæмблай цард- мæ, адæммæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Темырбола- тæй домæн нæй æрдз æмæ адæмы царды тыххæй зонадон материалистон хъуыды. Уый уыд йæ зама- ны хъæбул, цы уавæрты цард, уыдонæй рæзгæ, æмæ йыл уыдон хъомыс æндæвта кæрæй-кæронмæ. Фæлæ бæрæг у иу: хуыцауæй-иу ныфс авæрдта, æрмæст- дæр уымæн, æмæ йæ тыхст æмæ уырыд уавæры йæ зæрдæ æндæр цæуыл банцой уыдаид, цæуыл, баулæ- фыдаид, уый цын нæ уыд. Уый æргомæй зыны «Са- гъæсты» дæр. Йæ бæстæй чи фæхæтæнхуаг, афтид дзы чих баззад, уый йе ’нæкæрон катай æмæ хъый- цъым куы нæ уал урæдта,. уæд æм æрдзырди кæ- цæйдæр: «Уæ! бæстæй скъуыд, æфхæрд лæг! - Дæуæн куы ис æнхъæлцау, — Куы йæ зоныс дæхæдæг, — Дæ дин æмæ дæ хуыцау». 195
Поэт^кæм, цы адæмы ’хсæн цард, уым уыдта бирæ æбуалгъдзинæдтæ. Уыдон нын æвдисы йæ бæрц æмдзæвгæты иттæг цæстуынгæ æмæ зæрдæ- рисгæйæ. Дзырд цы æмдзæвгæйыл цæуы, уый кæд фæуд нæу, уæддæр ыл зыны, ам дæр ын уыцы æн- къарæнтæ кæй\ райсын кодтой йæ къухмæ фыссæн сис. Ома, дуне сфæлдисæг тых — хуыцау тыхджын æмæ æгæрон у, уымæй искуыдæм алидзæн, бам- бæхсæн нæй, алчидæр æмæ цыдæриддæр «Цæрынц æмгъуыдæй иу-бонмæ,— Хъæуы та сæ дæ размæ». Æмæ æмдзæвгæ ууыл фескъуыйы. Уæлдæр кæй кой скодтон, уыцы тыхст лæджы хъуыдыйæн йæ рахæ- цæн сты ацы фæстаг дыууæ рæнхъы: ома, нæ, ба- сусæг уыдзысты сæ алы митæ, «хъæуы та сæ дæ размæ». Ам дæр сусæг нæу, рагон патриархалон цардæвæрды æндæвдадæй чи æвзæры, поэты уыцы иумæйагдемократон хъуыды: чъизийæн, æнæсæр- мæхæссинаг митæю, æфхæрдæн барст ма хъуамæ уа. Фæлæ чи уыдзæн(маст райсæг, чи сын нæ ныб- бардзæн? Поэт цы заман æмæ цы бæсты цард, цы хæтæнхъуаг, «æнæбæстæ æнæхицау» уавæрты æр- выста йæ бонтæ, уым ныфс кæмæй бавæрдтаид, ахæм ын нæ уыд, æмæ, йæ фырдудгæбонæй, хуы- цаумæ здæхта йæ хъуыды. Ныр мæ ам мæ ныхас бабæттын фæнды ахæм хъуыдыйæ: Рагон текстытæ мыхуыры уадзыны хъуыдда- джы нæм ис бæрæг фæлтæрддзинад, стæй æнтыс- тытæ дæр, фæлæ дзы, лæмбынæг ахъуыдыгæнгæ, кæуыл хъуамæ ныссагъæс кæнæм, ахæмтæ дæр цъус нæй. Нæ фыццаг поэты сфæлдыстад сахуыр кæнын, уый текстологон æгъдауæй бакусын æмæ нывыл ауадзыныл хорз бафæллой кодтой Æлборты Барыс- би, Джусойты Нафи, Хъодзаты Æхсар. Сæ алкæйы фæллоймæ дæр сæ ис йæхи æнæбыцæуаг хорздзи- .196
нæдтæ, алчи дæр сæ æнцой кодта, йæ размæ цы фæлтæрддзинад уыд нæхимæ æмæ æндæр литера- турæты 'Текстологийы хъуыддаджы, ууыл. Фæлæ уæддæр уыдон сты фæйнæ хицæн сæрмагонд куыс- ты, сæрмагонд цæстæнгæстимæ. Ныр уыдон хъæуы баиу кæнын, кæрæдзийæ сæ схъæздыг кæнын, иу хатдзæгмæ, иу фæстиуæгмæ куыд æрцæуа хъуыд- даг, афтæ. Ам коллегналондзинад аппаринаг нæ, фæлæ райсинаг у. 1982 СÆЙРАГ — ЦАРДЫ РÆСТДЗИНАД Цалдæр азы размæ.Гафезы радзырдты æмбырд- гонд «Дзаджейы рухс» мыхуыры куы фæзынд, уæд чиныгкæсджытæ дæр æмæ критикæ дæр æмхъæлæ- сæй сразы сты: Гафезы ныры онг зыдтам дæсны поэтæй, ныр прозæйы(жанры дæр бæрæг у йæ фи- дар хъæлæс. Æмæ, æцæгдæр, уый фæстæ азтæ Га- фезæн прозæйы разындысты æнтыстдзинæдтæ хæс- сæг азтæ. Периодикон мыхуыры, стæй хнцæн чингуытæй зынын байдыдтой йæ прозаикон уац- мыстæ, поэзийыл йæ зæрдæ не сивгæйæ. Иронау нæ- химæ, стæй уырыссагау Мæскуыйы рауагъта йæ ро- ман «Уæ бонтæ хорз, адæм». Ныффыста цалдæр пьесæйы, дыууæйы дзы федтой театрдзаутæ сценæ- йыл. Æрæджы та фæзынд йæ ног чиныг — радзы- рдтæ æмæ уацауты æмбырдгонд «Цард дын фес- тон». Гафезæн прозæ æнæнхъæлæджы хабар нæу, уы- мæ сæрысуангæй цæттæ уыд мидæгъдауæй. Æгæр- ыстæмæй йæ къаннæг лирикон æмдзæвгæтæ дæр 197
сты бæлвырд мид, арæх æддаг æргом сюжетыл амад. Чиныгмæ Гафез цы ’хсæз уацмысы бахаста, уы- доиæй алчи дæр дзуры нæ царды иу кæнæ иннæ бæрæг моралон-этикон фарстыл. Уый сæраппонд’ йæ хъайтарты æвдисы æндæр æмæ æндæр ситуа- циты: бинонты царды, æхсæнадон куысты, хæсты быдыры. Сты алы æмæ алы профессийы, алы æмæ алыгъуызон зæрдæйы хицау адæймæгтæ. Дуне едзаг у æрцæугæ хабæрттæй, фыссæг дзы райсьг, æрмæстдæр йæ хъайтарты удыхъæд, сæ сагъæстæ, сæ катæйттæ хуыздæр æмæ æххæстдæрæй ’кæм ра- зынынц, ахæмтæ. Агургæ кæны фидар, хъæздыг удыхъæдтæ, уæлиау сæ сисы, дæлдзиныг, кадавар, хи хъузджы бырд чи у, уыдоныл худы лæгдзинады бæрзæндæй. «Диссаг нæу цард! — зæгъы автор йæ иу радзыр- ды кæрон, — гыцци кæугæ кæны, Маринæ — цин». Гъе, афтæ ма фæкæсы хур, æмæ уыцы иу рæстæ- джы къæвда уары. Мæнæ, гъе, Зæрæда, комбинаты раззагон кусæг («Уаз мæнгдзинад») æмæ Нинæ Никъалайы чызг («Дæу аххос нæу»). Ацы радзырдтæ иу чиныджы дзæбæх фидауынц — сæ хъайтартæ — кæрæдзийы ныхмæ æвæрд. Зæрæда — бонзонгæ, бавзæрста цар- дæн йæ цпнтæ дæр æмæ йы хъыгтæ дæр. Нинæ Нн- къалайы чызг — хъал, «къуындæг ын у канд Æх- сары хæдзары нæ, фæлæ... а-дуне дæр». Хæсты цæфтæй йæ лæджы амæлæты фæстæ Зæ- рæдайæн нæ асæтты йæ ныфс, хъомылкæны йæ иу- нæг чызг Маринæйы, архайы дзыллæйон царды. Рæхджы фæсаууонмæ каст фæуыдзæн уæлдæр ахуыр дæр. Мад аемæ чызджы иугъæдон, иунæг цардмæ рагуалдзæджы комулæфтау у Васяйы — хæсты хъæбатыры, Зæрæдайы æвзонджы бонты æм- гары фæзынд. Маринæйы мæнг ныхас йе ’мбæлт- 198
тæн, ома мæнæн дæр ис фыд, уæдæ Вася чи у, зæгъ- гæ, — сæцæг. Вася йæхæдæг дæр мæнгдзинад ра- дзырдта ахуыргæнинæгты æмбырды, фæлæ уый уыд уаз мæнгдзинад, сæдæ æцæгдзинадæй æхсызгон- дæр чи хъæуы, ахæм. Бæрæг у авторы хъуыды: цард ма хъуамæ бам- пыла, хъуамæ рæза. Маринæ фырцинæй зæххыл дæр нал бады, Васяйы хъæбысæй нал хизы, — æгайтма нæ амард йæ фыд, удæгас разынд. Нинæ Никъалайы чызгмæ нæ разынд уыцы уды фидар, уый уарзы бархи цард, ныууадзы йæ цардæмбал Æхсары, ныууадзы йæ къаннæг сы- вæллон Витяйы æмæ адзæхст кæны кæдæмдæр. Уый нæ райгуырд фæллойæн, бинонты хъарм цар- дæн. Бæлвырд у йæ философи: «Гайлайы цæрын мæ бон нæу. Цад хъуына кæны, тулгæ дур — ихси- гæ. Зæххыл уаллон дæр цæры æмæ цæргæс дæр. Цардæй тулгæ дур равзæрстон. Уадз æмæ уæлхъæ- дæй хауон...» Фæлæ йын хур йæ базыртæ басыгъ- та. Йæ хъеллауы цардæй кæй ницы рамбылдта, ууыл сæтты, уæддæр фæстæмæ раздæха, уый хъару йæм нæй. Хъуыдыйаг у æнæмæнг йæ хъысмæт: æнусмæ хъеллауаг цард, цæй охыл? Цы ’лгъыст фæци? Зын у, канонтæм гæсгæ дæ хъайтары цард аразай, æмæ Гафез дæр уый нæ кæны. Уый нын сарæзта цæрду- дæгас фæлгонц æмæ нæ йæ цæвиттонæй хъуыдыйыл æфтауы, цы хатдзæгтæ дзы скæнæм, уыцы бæрн фыссæг чиныгкæсджытæн ныууагъта. Æмæ уыдон та бæлвырд сты, чи йæ бакæса, уымæн. Фиппаинаджы хуызы мæ уый зæгъын фæнды, æмæ Æхсармæ йæ къайæ гæххæтты гæбазыл цы фыст баззад, уый сæр радзырды нал хъæуы. Æнæ- уый дæр дзы цы ис, уый фаг у, цæмæй Нинæ Ни- къалайы чызг базона йæ хъæбулы. Науæд, уыцы гæххæтты гæбаз уæдæй уæдмæ æвæрдæй дардтаид 199
Æхсар? Цæмæн? Стæй йæ Алан йæ чиныджы хас- таид? Уый æгæр у. Нинæ Никъалайы чызджы фæлгонц чиныджы иннæ фæлгонцты ’хсæн йæ сæрмагонд миниуджы- тæ, йæ удыхъæды индивидуалон æууæлтæй хицæ- нæй лæууы, никæуыл æй абардзынæ. Æнабуый та дзы иу уацмысæй иннæ уацмысмæ архайджытæ æх- хæст кæнынц кæрæдзи. Уыцы хъуыддаджы бæлвырд цымыдис гуырын кæнынц радзырд «Хæс» æмæ уацау «Схъис»-ы хъай- тартæ. Уæлдайдæр та сæ сæйраг архайджытæ Муци («Хæс») æмæ Хилæг («Схъис») иуырдыгæй æмæ Ахмæт æмæ Сослан та — иннæрдыгæй. Дыууæ уац- мысы дæр æвæрццаг æмæ æппæрццаг хъайтартæ сты цæхгæр дифференциацигонд, суанг сæ уацмысы фыццаг фембæлдæй, фыццаг сныхасæй дæр базон- дзынæ, æвæдза сæ нæмттæй дæр бæрæг сты, «Нæу сусæг хорзæн йе ’цæг ном, æвзæрæн та йæ фæсно- мыг». Ома дзы чи цы у, æцæгæй царды цы ху.ызæн у, ахæм сты сæ нæмттæ дæр. Ам автор хæцы æрдзы рæсугъд æгъдауы фарс — æрдз зоны, чи цы у, уый, æмæ сæ ахæмтæй сфæлдисы, нæ сæ хæццæ кæ- ны. Æниу кæддæр чидæр загъта: цы фæрæдыдис куыдз, кæд æмæ кæйдæрты разæй хъуамæ уыдаид адæймаг. Дыууæ уацмысы дæр æвæрццаг æмæ æп- пæрццаг хъайтартæ афтæ активон, кæрæдзийæн æнæбарон сты, æмæ сæ хъæуы æрмæстдæр кæрæдзи- мæ æрбаввахс кæнын, уый йеттæмæ электрон тыхы дыууæ фазæйау цæхæртæ акалынц. Уый æруаджы уацмыстæ сты æндыгъд, сæхимæ ныббæттынц чи- ныгкæсæджы. Ахмæт («Хæс») йæ царды бонтæ кæрæй-кæ- ронмæ дæр рæстагæй рацард фыдæбонгæнæгæй, фæллойгæнæгæй. Иæ сабийæ йæ лæджы кармæ ни- куы никæй зæрдæхудты бацыд. Æмæ цард та куыд нæ уарзта, фæлæ йын низ, æгъатыр низ мæнæ йæ 200
бонтæ куынæгмæ æркодта — йæ игæр æй баййард- та, дохтыртæ йæ рафæлгъуыдтой — ракъ. Цы ма уа уымæй фыддæр. Фæлæ Ахмæт йæ удхæссæгыл дæр сæмбæлд лæгау, йæхи цæрдудæй нæ ныгæны: «Лæг куы дæн, худинаг у... Æтт, мæнæуый, мæлæтæй аф- тæ тынг фæтарстæ!» Худинагæй, нымад бонтæ ма йын куы баззад, уæддæр тæрсы Ахмæт. Уыцы æн- къарæн, лейтмотивау, зыны чиныджы кæрæй-кæрон- мæ йæ хуыздæр хъайтарты, стæй авторы позицийы ’руаджы. Адæймаджы цыфыддæр низ — ракъыл, уыдзæн рæстæг, æмæ фæуæлахиз уыдзæн адæймаг. Фæлæ ис лæгæн ноджы æндæр низтæ дæр, уымæй дæр къаддæр тæссагдæр чи нæ у, ахæмтæ, уыдон цæ- уынц зæххыл, не ’хсæн æмæ цæттæ сты кæддæрид- дæр адæймаджы царды къæм ныппарынмæ, æнæ- рхонгæ уазджытау, тыхæй бырсынц нæ удтæм, нæ цардмæ. Уыдон сты Муцийы хуызæттæ — удæй хæлд, хъуынджын адæймæгтæ, кæрæф, дуне иууыл- дæр сæ хъуыры куы аирвæзид, уый сæ фæнды. Хуымæтæг у сæ философи: «Мæхимæ чи ис, уый мæн у. Мæн ^а фæндыди»... Зæгъы Муци. Цы йæ фæндыдис? Ратона кæнын, бирæгъау байсын, уый сæраппонд цæттæ у алы фыдракæндмæ дæр. Гафез ацы дыууæ знаджы ныв кæны лыстæг- гай. Уымæй дæр сын сæ архайдæн аргъ кæнгæйæ, арвмæ æхсидæвтæ нæ калы, фæлæ хиуылхæцгæ ауадзы йæ фыст, зыны дзы гæзæмæ мидбылхудт, цыма Муцийы хуызæттæн афтæ зæгъынмæ хъавы — уæвгæ, куыд ницæйаг стут, куыд: «Муци ныггуы- быр æмæ æууилы. Фынгыл йæ дыууæ къухы рауай- бауай кæнынц... Домкраты кæхцау, йе ’нгуылдзтæ... куы цы фелвасынц, куы цы, æмæ сæ калынц дзых- мæ. Æфсæртæ, раст дурыссæн машинæйау, змæ- лынц æмæ, дæндæгты бын цы фæвæййы, уыйч æу- 201
уæрдынц, карчы сгуытæ æндон дæндæгты ’хсæн хъæрзынц, къыбар-къыбур кæнынц.» Цалдæр азы размæ Муци Ахмæтæй* хæс райста æнæхъæн фыиддæс азы фæллой, фæлæ сыл уый, куыдз стæгыл куыд ныххæца, афтæ ныххæцыд, йæ- хæдæг машинæ сæлхæдта — «Волгæ». Ныр Ахмæт Дзæуджыхъæуы дохтыртæй зæрдæскъуыдæй здæ- хы Хуссармæ Муцийы машинæйы. Скъæргæ дæр æй Ахмæт йæхæдæг кæны. Муцийæн дзы æгæр ан- тыст æмæ саткыл бадын йæ бон нал у. Кæддæр Ах- мæтæн æххуысгæнæгæй куыста машинæйыл. Ка- лакæй Чъребамæ товартæ ласта æмæ та-иу дзы Муци фæндагыл бамбæхста. Уый адыл экспедиторы æрцахстой, бабын, ахæстонæй нал æрцыд, фæлæ Муцийы уый дæр ничердыгæй æндавы. Ацы хабар ныр схъæр кодта Ахмæтæн, æвæц- цæгæн, загъта — уæддæр мæлгæ кæны æмæ ма дзы цæмæй тæрса: «Ахмæтæн цыма йæ сæр дзæбугæй фæцæф, уыйау фæцис. Ие ’муд куы ’рцыд, уæд, йæ- хицæн дзурæгау, афтæ бакодта: — Фыдлæгæн хъуамæ цæрæнбон ма уаид... — Ацы дунейыл калм дæр цаеры æмæ уæрыкк дæр. Стæм экземпляр у, уæвгæ, Муци. Иæ къахæй йæ сæрмæ индивидуализм, эгоизмы цъымарайы сагьд, моралон цæнкуыл. Циу^ хæлар, æрвад, адæм, уыдон æм нымады не сты. Æппæтыл уæлæхох. Цæ- ры йæхи къуындæг, меркантилон дунейы. Æмæ уы- мæй æддæдæр цы ис, уый йæ никæцæй æндавы. Иæ мораль: «Æмæ дæ цæсгом та цы фосæн бахъуыд? — зæгъы Ахмæтæн, — уый лæджы хъуыддæгтæ сафæг у». Ахмæт æй куы бафæрсы, зæгъгæ, дис дæм нæ кæсы, уæддæр уыцы товартæ куыд сæфтысты, уый, уæд ын йæ дзуапп: «Æмæ дын чи загъта, уыдон сæфгæ кодтой, уый? Ды а-дунейы лæг нæ дæ, æмæ дзы цас тагъддæр фæиуварс-уай, уыйас дæхицæн 202
хуыздæр у... Товар никуы сæфы, хорз лæг. Уый æрмæст иу бынатæй иннæмæ цæуы». — Нæ фæлæ, Муци, дæхимæ дунейы æхца куы уыди уыцы экспедиторы мæлæты аргъæй, уæд ма мæнæй та æхца цæмæн айстай? — Нæ дын загътон, дæ сæрæн дын хос кæнын хъæуы... Мæхимæ чи ис, уый мæн у. Мæн та фæн- дыди...» Цымыдисæг у иу хабар: Автор никуы дзуры Муцийæн йæ хæдзары цардыл, йæ бинонтыл æмæ уый бæрæг у — ахæм налатæн уыдон уæлдай сты, интимон дуне йын æцæгæлон у. Дард нæ ацыд Муцийæ Хилæг дæр (Уацау «Схъис»). Бирæ цæмæйдæрты сты кæрæдзийæн хи- цон, тугхæстæг. Æрмæст Хилæг Муцийы фæлгонц- мæ бахаста йæхицæй дæр бæрæг цыдæртæ. Уый уæрæхдæр диапозоны адæймаг у, йæ характер ва- зыгджындæр, —( авантюристх тæссаг провакатор), нымудзæг. Йæ нысан: рæстаг фæллойгæнæгыл ха- хуыр кæнын. Фæлтæрд у йæ куысты, йæ бын хуы- лыдз кæнын куыд зоны, афтæ йæ сур кæнынмæ дæр арæхсы. «Схъис» уацау кæм у, уым йæ авналæнтæ уæрæхдæр сты. Иæ архайджытæн, куыд æттаг цар- ды сæ ахастытæ, афтæ сæ миддуне дæр æвдыст æр- цыд уæрæхдæр æмæ æппæтфарсондæрæй. Кæд ра- дзырды архайд, сæйраджыдæр, дыууæ" адæйма- джы алыварс цыдис, уæд ам та уыдон сты фылдæр. Æниу, ам дæр уацмысы æппæт уæз дыууæйæ хæс- сынц — Тулаты Калманы фырт Хилæг æмæ Сос- лан, уацмысы конфликт дæр уыдоны æмахастæй рæзы. Сослан хæсты хъæбатырæй тох кодта, цæф- тæ дæр фæцис, иу схъис дзы йæ зæрдæйы хæссы ныр дæр. Исы пенси. Фæлæ Хилæг — собесы хицау ныффыста, зæгъгæ, Сослан æмæ уый хуызæттæ пен- си уæгъды исынц, æнæниз сты, хицауады фæллой цъирынц æмæ сæ сыхгæнын хъæуы. Тæккæ хосгæр- 203
дæнты куысты афон Сослан хъеллауаг фæцис хъæ- уæй горæты ’хсæн. «Схъис» фыццаг мыхуыр æрцыд «Фидиуæджы» æмæ уæд къаннæг радзырд уыд. Уый фæстæ йыл ав- тор бакуыста, фæуæрæхдæр æмæ фæарфдæр. Фæл- гæнцты психологон дуне æвдыст æрцыд биноныгæй. Сæйраг архайджыты цард дзы алыгъуызон экскур- ситы фæрцы ныв кæны сæ æвзонджы бонтæй фæс- тæмæ. Фæцæуынц фæйнæрдæм æмæ та сæ хъысмæ- ты фæндæгтæ кæрæдзимæ æркæнынц. Автор у, хъай- тарты хабæрттæм фæрсырдыгæй йæ цæст чи дары, ахæм æртыккаг архайæг. Гафезæн ацы уацмыс уæлдай хуыздæр æвдисы характертæ аразынмæ йæ арæхстдоинад — йе ’вæрццаг хъайтартæ цас лæгуарзондæр сты, цас æмгарыл, хæлар’ыл тайынц æмæ цæрддзу кæнынц, уыйас йе ’ппæрццаг хъайтартæ та сты тæссагдæр æмæ сæм чиныгкæсæг æнцойзæрдæ никуы уыдзæн. Гафез арæхстджынæй пайда кæны абарсты аи- вадоп амалæй. Схъис хæсты бонтæй баззад Сосла- ны зæрдæйы. Схъис уацмысы у аивадон фæрæз, уымæй аргъ кæны Хилæджы удыхъæдæн. Уый дæр схъис у Сослан æмæ иннæ рæстзæрдæ фæллойгæн- джыты царды, уый сын фесафы сæ удæнцой. Хилæджы фыдракæндты хал иу бон нæ райдыд- та æмæ иннæ бон нæ фæцис, фæлæ фыд кæнын цы- ма йæ хæс æмæ йæ нысан у, уыйау йемæ цæуы иу- дадзыг. Культы заманы иу æмæ дыууæ æнæазым лæджы нæ бабын кодта, мыййаг, йæ хахуыртæй. Уæд ын цыдæр амондæн аирвæзт фæскомцæдисон кусæг Сослан. Фæлæ та сæ цыдæр фыдбылызтæ хæсты цæхæры иумæ æркодтой, уым æй Сослан æмæ Ахмæт фервæзын кодтой мæлæтæй. Хæсты бы- дыры Сослан цы зындзинæдтæ бавзæрста æмæ цы хъæбатырдзинæдтæ равдыста, уыдон та йын Хи- лæг йæ хахуыры бын фæкæнынмæ хъавыд, фæлæ 204
та ам дæр йе ’цæг цæсгом рабæрæг æмæ йæ иварон батальанмæ арвыстой. Цыдæр амæлттæй «раир- вæзт» уырдыгæй дæр, тæппуды лыгъд фæкодта. Ныр та хæсты фæстæ сабыр царды йæхицæн хъарм бынат æрцагуырдта æмæ хæстæй хъæдгæмттæ æмæ цæфтæй чи рыздæхт, уыдоны йæ ныхтæ ныссагъта. Аивады æнусон темæ — лæгуарзондзинад æмæ хæрам, — уыдон сты царды рæхысы дыууæ кæро- ны. Гафез ыл фидар хæцы æмæ уыцы æнусон æнæ- бафидаугæ тохæй йæ хъайтарты иу фарс нæ уадзы, тыхджынæй йæ тыхджындæр кæны, хæрам цас на- латдæр уа, уыйас лæгуарзондзинад фæразондæр у. Ивгъуыд æмæ абон, хисдæр æмæ кæсдæр, уы- дон сты «Цард дын фестон»-ы кæрæдзийыл баст, традицион. Хисдæр æмæ дзы кæсдæры, ивгъуыд æмæ абоны сæрыл азым никæмæ хауы. «Лæг йæ ра- цæугæ фæндаг куы уына, уæд ын йæ сомбон агу- рын æнцон у». Ацы хъуыды канд иу ран нæ, фæлæ чиныджы зыны кæрæй-кæронмæ дæлтекстæй. Адæй- маг цас фылдæр æмæ хуыздæр зона йæ размæйы цард, йæ фыдæлты истори, уыйас хъæздыгдæр у йæ уд. Гъе, уымæн зæгъы йæ радзырдтæй иуы хъай- тар Алан дæр: «Лæгæн фыдæлтæ куы нæ уа, уæд йæхæдæг дæр ницы у. Æз мæхимæ хæс райстон: хъуамæ ссарон мæ фыдæлты хæзнатæ, сæ къух- фыстытæ, сæ цыртытæ». Бирæ хорз традицитæ нын ныууагътой, абон хисдæр фæлтæр кæй хонæм, Мулдароны («Цард дын фестон») фæлтæр, уыдон. Ныр дæр, Мулдарон кæд базæронд, æндæр дуджы уыд йæ хурхæтæн, уæддæр цардæн нæ базæронд, йæ хъуыдытæ, йæ сагъæстæ дæр сты нæ абоныл, цы мораль æм ис, уый дæр иппæрд нæу нæ абонæй, уый у фæллой- гæнæджы, цардаразæджы мораль: — «Уый (йæ алы- фарс ын дзаумæттæ бæндæныл чи сауыгъта, чи йæ не ’рхъуыды кодта, уымæй зæгъы), æрмæстдæр 205
кæны йæхи уды мæт. Кæд æй искæй æххуыс хъæ- уы, уæд æй ссардзæн, кæд нæ, уæд йæ фæрсты ахиз- дзæн». Адæймагыл цы "’ууæнк дары, уый у æнæкæ- рон, уымæн æмæ йæ тыхсты заман адæм уыдысты йæ уæлхъусг фæцудын æй нæ бауагътой æмæ йын ныр сыхы устытæй кæцыдæр куы радзырдта, зæгъ- гæ, дæ дæ фырттæ кæрæдзийæ уымæн раскъæф- баскъæф кæнынц, æмæ сæ фæнды фылдæр фатертæ райсын, фатер дзы кæй бахъæуы, уый та дæ йæ- химæ акæны, зæгъгæ, уæд æваст зæронд усæн йæ зæрдæ, цыма ныфтыд, уыйау фæцис. Иæхи уай- тагъд акæнын кодта йæ чызгмæ, æмæ уыцы æхсæв йæ уд систа. Мулдарон цы федта æмæ бавзæрста йæ зын .царды, уыдонмæ фыссæг йæхицæй ницы бафтыдта, афтæ сæ сныв кодта, æмæ сæ рæстдзинадыл дызæр- дыгтæнæн нæй. Фыссæг æууæнды йæ чиныгкæсæ- гыл æмæ йын уый дæр уыцы æууæнкæй дзуапп дæт- ты, афтæмæй сæ дыууæйы ’хсæн сывзæры, иттæг ахсджиаг чи хъæуы, уыцы æмуддзинад. Гафезы уацмысты уыщл æмуддзинадæн йæ бын- дуры ис цардыл æнувыддзинад, царды рæстдзинад. 1972 «ДÆ ТУРÆЙ ФЫСТ...» Аивгъуыйгæ аз (1972) нæ литературæйыл цы про- заикон уацмыстæ бафтыд, уыдон æхсæн нæ фæивд- дзаг уыдзæн Гæбулты Мелитоны роман «Дæ тугæй фыст» (рауагъдад «Ирыстон»). Уацмысы мидис даргъ æмæ бæрæг-бæлвырдæЙ 206
дзурыны сæр нæ хъæуы: сюжетон æгъдауæй нæу тынг вазыгджын, композицийæ та — æддаг-мидæг уад, фæлæ йын йæ иумæйаг контуртæн æнæбаны- сангæнгæ нæй. Автор, ома, дзырд кæй номæй цæуы, уый, æвзонг лæппу Будзи, чиныгкæсæгæн нымайы йæ фыдæлты царды хабæрттæ хæрз дардæй — суанг йæ цыппæ* рæм фыдæй йæхи онг. Хъайтарты ракæны зындзæ- уæн, хъару æмæ лæгдзинад æвзарæн фæндæгтыл. Уацмысы даргъ æмæ уæрæх рæстæг, социалон- классон тохы периодтæ кæрæдзийыл бæттынц Фи- дараты хæдзары байзæттаг. Сæйраджы та Тикъуын æмæ йæ фырт Хъырым, — Гигуц æмæ Будзи. Гъе, адон сты, уацмысы дзырд кæуыл æмæ кæй алыварс цæуы, уыдон. Фæллойгæнæг, бонзонгæ адæм цæмæй вæййынц цæрдхъом, Фидаратæ дæр — уымæй. Æнæхин фæл- лойæ цæрын сæ нысан у суанг сæ раг фыдæй. Уый ма кæмдæр дард хохы цъассы цард, фæлæ йе ’вæл- лайгæ куыст, йæ къухарæхсты руаджы йæ бинон- тæн къæбæр арынхъом уыди. Уымæй къаддæр нæ разынд йæ фырт Тикъуын дæр. Царды фæдыл Ти- къуьтн хохæй рафтыд æмæ быдыры сæрибар хиза- нæй æрцард. Йæ удуæлдай куыстæй йæ бинонты дардта, æрмæст ын æлдары зæххыл йæ уæнгтæ ай- вазæн нæ уыд. Фæлæ æнахуыр зæрдæ фæци Ти- къуынæн: «Исты хъуыддаг-иу куы сфæнд кодта, уæд йæ фæндон никæмæн дзырдта, никæй фарста Ти- къуын, йæ зæрдæ йын куыд дзырдта, афтæ-иу скар- ста æмæ-иу æй аразгæ дæр скодга». Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы: йæ фыдæлтæ дæр хохы æлда- рæн хъалондар никуы уыдысты, æмæ кæд Тикъуын йæ дуджы уæз йе ’ккой уаргъæй хæссы, уæддæр йæ уæнгты ’хсиды йæ фыдæлты нæрæмон туг æмæ йьгн уый бар нæ дæтты тыхы раз йæ сæр æркъул кæнынæн, нæ уд цы бæрзæндыл ис, уырдыгæй дæл- 207
дæр никуы фæуыдзæн. «Фæлæ æлдар æлдар у. Уый тæригъæд нæ зоны». Æмæ ам кæрæдзийыл сæмбæ- лынц дыууæ ныхмæвæрд удыхъæды, дыууæ мора- лы — æлдар æмæ фæллойгæнæджы мораль. Сæ иу — рæсугъд æмæ уаз, иннæ—гуымир æмæ змур, æлдары чапар Пълатоны хуызæн: «Йæ къухы ба- хаудтæ — дæ гуырæй райгонд у. Цыбыр, фæтæн- тæконд, тъæпæнкъах лæг... Йæ ных — чысыл, йе ’рфгуытæй иу — урс, иннæ — сау, йæ фындз гæды- йы зæвæты хуызæн тъæпæн, фæлæ пæлæхсар. Ком- коммæ бакæсгæйæ, афтæ зыны, раст ын цыма фьш- дзы хуынчъытæ нæ уыд». Кæд рæстæгмæ гуымир, чъизи тых ныцъцъист кæны, уæлхох цъитиау, рæсугъд фæллойгæнæджы уд, уæддæр æнæхин курæг лæгмæ цы хъару хатæм, уый бæрæг тыхджынд’æр у, æмæ йын йæ сомбоны уæлахизыл æууæндæм. Нæ ныббыхста Тикъуын æлдары хивæнд фыд- ми. Йæ къухты сЬæллой йын гæныстон кæй фæкод- той уый тыххæй сæ æлдарæй, чапарæй кæй кардæй скъуыхтæ кодта, кæй кауы михыл æрсагъта (æцæг, ацы сценæ æгæр аргъауы хуызæн рауад) æмæ йæ æдбинонтæ Сыбыры хай бакодтой: «Хъæу арвы цæфау фæцис... Тикъуыны ус Дыса йæ рустæ тыд- та, йе ’рдиаг, йæ марой хъуыст, куыдтой йæ чыз- джытæ, йæ лæппутæ, æгæрыстæмæй чысыл Сесе дæр. Куыйтæ хъæугæронмæ фæлыгъдысты æмæ уырдыгæй зæрдæхалæн ниуд кодтой. Фос дæр сыз- нæт сты»... Афтæ ныв кæны автор Фидараты бинон- ты фесæфты хабар. Æлгъин у Мелитон нывкæны- ны рæстæджы ныхасыл, уæрæх афыстытыл, фæлтау дын цалдæр штрихæй дæ цæсты раз сыстын кæн- дзæн цардæгас ныв, равдисдзæн дын хъайтары мид-зæрдæйы уавæр. Ныххæлæттаг Фидараты - бинонты цард. Ти- къуын, йæ цардæмбал Дыса æмæ сæ фырт Сесейæ 208
бынтондæр ницыуал бæрæг райхъуыст. Сæ дыууæ чызджы ма сын чиныгкæсæг фены Калачы мора- лон цæнкуылæй æнæуаг хæдзары, æгъатыр цард сын фæхъазыд сæ удтæй. Гъе, ууыл ахицæн æмæ балхынцъ вæцйы Фида- раты хæдзары дыккаг фæлтæры цард, романы сæйраг хъайтар Хъырымы разистори æмæ райдайы æртыккаг фæлтæр Хъырымæй, Тикъуыны зæнæджы хисдæрæй. Цымыдисон у чиныгкæсæгæн Хъырымы фæл- гонц. Чысыл сабийæ фæхицæн йæ райгуырæн хъæу, йæ уарзон биыонтæй. Хъысмæт ын цы фæндаг сныв кодта, ууыл йæ фыццаг къахдзæфæй банкъардта царды маст ад, йæ уазал армытъæпæнты дæрзæг, æнæвгъауæй йыл æруагъта йæ уæз æмæ-иу кæд уаргъы бын йæ уæрджытæ ныдздзойтæ кодтой. (Ьæ- калдис-иу, уæддæр йæ фазыл никуы æрхуыссыд, разæй йæм æнхъæлмæ кастис, уарзоны фæлгонцау, æндæр, ноджы зындæр, фæлæ йæ зæрдæ æдзухдæо кæимæ дзырдта, йæ бæллицты кæй ныв кодта, уыцы цард æмæ йæм тырныдта. Хъырым æвæгæсæг, иунаджы мæстæлгъæд царды цæстытæм фыццаг хатт лæгæй-лæгмæ фæ- комкоммæ калакаг хъæздыг базаргæнæг Погъозя- ны хæдзары. «Аст сывæллоны дарын хъуыд» æмæ йæ йæ фыд Тикъуын цумайы лæппуйæ радта ГЪ> гъозянмæ. Хорз ныв кæны фыссæг чысыл’ Хъыры- мы сагъæстæ Калакмæ фæндагыл æмæ ам, Погъо- зяны хæдзары. Иæ цыбыр азты сæ хъæу Хъилду- рæй дарддæр никуы уыд, æмæ ныр стыр горæт куы федта, уæд æй дисы æнкъарæнтæ сæ уæлных сис- той. Хъæууон сабийы цæстытæн алцыдæр у ног, æнæнхъæлæджы, экзотикон. Фæлæ уыцы экзотикæ зæрдæсайæн кæй у, æддейæ бибиты мидæг какон- сындзытæ кæй æмбæхсы, уый нæма ,зоны. Уыдон базондзæн чысыл фæстæдæр, мæнæ уал йæ фыд аз- 14. Æлборты X. 209
дæха сæхимæ æмæ иунæгæй аззайа æцæгæлон п> рæты, æцæгæлон адæмы ’хсæн. Æнгæс цаутæ типикон уыдысты уæды заманы Ирыстоны. Ома, капиталистон ахастытæ Кавказы дæр тыхджын кæнын куы байдыдтой, уæд, — æну- дæсæм æнусы кæрон æмæ дыууынæм æнусы рай- диан. Хъæууон фæсивæд се ’ргом тынгдæр аздæх- той размæдзыд горæтмæ, техникон æмæ культурон прогрессы артдзæстмæ. Хъæу æмæ горæты бастдзи- нæдтæ тыхджынæй-тыхджындæр кодтой. Хъырым кæд нырма æнæмбаргæ уыд, уæддæр уый дæр го- рæтмæ уыцы стихион уылæн рахаста. Хъырымы фæлгонц ирон литературæйы иунæг нæу, æмбæлттæ ма йын ис, фаг у, скойæн Боциты Бароны роман «Саст рæхыс»-ы сæйраг архайæг Цæлыкк дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонимæ абаргæйæ, Хъырымы фæлгонц æндæр фадæтты, æн- дæр масштабты ис æмæ уацмыс дæр йæхæдæг æн- дæр сюжетон æмæ композицион уагыл амад у. Æн- гæсдзинад ис, зæгъгæ, се ’хсæн кæй зæгъын, уый та цæуы дуджы æнгæс ситуацитæй æмæ нæ кайы фæлгонцы цæрдхъомдзинадæй. Революцийы агъоммæ Хъырым йæ хæтæнхъуаг царды бирæ зындзинæдтæ æмæ хъуырдухæнты фæндагыл рацыд. Æддейæ, йæ алыварс цы ха- бæрттæ цыд, уыдон æнæбандавгæ нæ фесты æвзонг лæппуйы удыхъæдыл, йе ’нкъарæнджын зæрдæйыл ын уагътой сæ арф фæд æмæ раджы бамбæрста, «хъæздыг æмæ мæгуырæн сæ фæндаг иу кæй нæу». Ууыл æ/1 сахуыр кодтой Калачы цумайы лæппуйы æвæгæсæг бонтæ, Бакуйы Гротсоны нефты промыс- лæты кусджыты æгъатыр эксплуатаци, Дард Хурыс- кæсæны уырыссаг-япойнаг фронты уæззау тохтæ æмæ, æппынфæстаг, классон быцæуты тæккæ тæ- мæн — Октябры революци, мидхæст æмæ коллек- тивизаци. 210
Хуымæтæджы ранымадæй дæр куыд зыны, аф- тæмæй Хъырымы фæндаг æнцонтæй нæ уыди, йæ- рæстæджы иунæг ахæм историон цау дæр нæ баззад, Хъырым активон хайад кæм нæ райста, æмæ диссаг нæу, йæ сæры иунæг сау хил дæр кæй нæ уал ис. «Митау урс-урсид. Йæ ныхы æнцъылдтытæ — дæ~ ргъытæ хуымау. Афтæ мæм каст, цыма сыл уæрдон дæр афæлдæхдзæн», — зæронд Хъырыммæ кæсгæ- Йæ зæгъы БудоИ. Уæлдæр ма йæ загътон, романы архайджыты ’хсæн Хъырым сæйраг кæй у, уый. Сæйраг канд уы- мæн кæу, æмæ йæ уацмысы кæрæй-кæронмæ кæй уынæм, æппæты фылдæр дзырд ууыл кæй цæуьк Сæйраг уымæн у, æмæ романы цы сюжетон тæгтæ цæуы фæйнæрдæм, уыдон се ’ппæт дæр Хъырыми- мæ баст сты. Уый у уацмысы змæлынгæнæг æмæ æппæты æххæстдæр фæлгонц. Иннæтæ, Хъырымимæ абаргæйæ, ст;ы эпизодон персонажгæ, фæзынынц. æмæ цæрынц хъырымы фæрцы. Цард, рæстæджы фæлтæрæнтæ рацагътой Хъы- рымы характер æмæ йын уыдон фæбæрæг кодтрй йæ удыхъæды арæнтæхуанг дыууадæс-æртындæс- аздзыдæй, цумайы лæппуйæ ма куы куыста, уæдæй: Погъозяны буцхаст лæппу Сейран æй йе ’гæнон ми- тæй йæ хъуырмæ куы скæны, уæд ын нал ныббары, марды ’фсон æй ныууадзы, йæхæдæг йæ сæр ф§- сафы Калакæй. Афтæ æрæфтыд Бакойы нефты про- мыслæтæм. Фæстæдæр, йе ’ппæт фыдæвзарæнтæн иууылдæр кæд Сейранæй «бузныг» у, уæддæр æй æрымысы æхсызгонæн, тæригъæдгæнгæ æмæ йæ фыдракæнд нæ бары йæхицæн. Уый дæр у Хъыры- мы æнæлаз удыхъæдыл дзурæг. Дард Хурыскæсæ- ны æфсæддон лагеры йæ кæддæры знаг Сейраныл куы сæмбæлы, уæддæр фырцинæй йæхи нал бауро- мы æмæ йæм фæдзуры, уый ма та йын мард æн- хъæл уыд. Ныр, паддзахы æфсады афицер уæвгæй, 21!
диссаджы лæг разынд. Бынтондæр аивта. Царды æвзарæнтæ ууыл дæр æнæбандавгæ нæ фесты. Ре- волюци рæзы, паддзахы раппарын хъæуы, гъе, ацы хъуыдытæ дæр Хъырым Сейранæй фехъуысы Дард Хурыскæсæны. Сейраны удыхъæд афтæ кæй фæ- ивта, ууыл мах æууæндæм, кæд йæ ныййарджытæ хъæздыг адæм уыдысты, базаргæнæджы фæллойæ цардысты,. уæддæр. Хъырымæн æппæтæй зынаргъдæр сты йæ клас- сон интерестæ, йæ мæгуыр мад æмæ фыды, йæ би- нонты раз цы хæс дары, уый. Нæ йæ æндавынц Гротсоны бибитæ, хъæздыг æмæ сыгъдæг цард. Нæ йын æлхæны йæ зæрдæ Гротсоны хо Елисабеды рæсугъддзинад дæр, афтæмæй та йын цы дисса- джы сомбон, цы æнæмæт, хъæздыг царды перспек- тивæ уыд! Фæлтау йæ амонд бабæтты бакойаг мæгуыр ирон кусæджы чызг, хæларзæрдæ Азауха- нимæ. Иæ зонд ын цы карста, уымæй йын æндæр- æрдæм ахизæн нæй, æнцон цард нæ агуры. Хъырым, æцæгæй, патриархалон æхсæнадæй ра- цæугæ у, æмæ уым цы !гъдæуттыл хъомыл кодта, мады ’хсыримæ цы уаз лæгдзинады æвæджиаг ми- ниуджытæ бададта, уыдон4 афтæ æнцон ныйивæн, ферохгæнæн не сты, уыдон, хъузæттау, кæмдæрид- дæр цæуынц йемæ, æмæ, цас хъæздыг царды мираж тынгдæр фæлтæр кæны йæ алфæмблай, Гротсоны хæдзары, уыйас йæ мæгуырдзинад, йæ ныййарджы- ты кадавар цард, æмткæй хъæздыг æмæ мæгуыры ’хсæн контраст тынгдæр сысты йæ цæсты раз. Фæстæдæр классон тохтæ куы стыхджын сты, революцийы сыгъдæггæнæг арт куы иу ран, куы нннæ ран, куы сгуыпп кæны, уæд Хъырым йæ цард, йæ куыст комкоммæ дæр сбæтты революцион ар- хайдимæ. Уый йын кæронмæ раргом кодта йæ мид- дуне, баххуыс ын кодта йæхи удыхъæд базонынæн. Уый Цæгат Кавказы мидхæсты заман контррево- 212
люцийы ныхмæ у активон тохгæнæг. Тынг ыл бан- давынц революционертæ Цæголты Гиуæрги æмæ Орджоникидзе Серго. Коллективон арæзтадмæ æр- цæуы революцион тохты, классон быцæуты фæл- тæрдæй, æхсæнадон фæллой йын у йæхи уды ин- терес, йæ царды æнæмæнгхъæуæг домындзинад. Хъырым цы даргъ æмæ гуыргъахъ фæндагыл рацыдис, уым алы цау дæр хицæнæй у æнæхъæк эпохæ æмæ сæ алкæйы дæр хицæнтæй равдисæн уыд алыгъуызон характертæ. Мелитонæн йæ хæс уыд, уыцы даргъ æмæ вазыгджын фæндагыл, стыр историон цауты цытæ бавзæрста сæдæтæй иу — Фидараты Хъырым, уый равдисын. Æнцон хæс нæу, æнцон уый тыххæй, æмæ зы- нæй бахиздзынæ дæхи ахæм даргъ фæндагыл схе- матизмæй, уымæй дæр иу чиныджы — 250 фарсыл. Афтæ мæм кæсы, цыма уыцы зын хæс Мелитон æмткæй сæххæст кодта. Ныр ыл кæрæй-кæрон- мæ нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы, кæй зæ- гъын æй хъæуы, фæфиппайдзыстæм дзыхъхъытæ æмæ къуыппытæ, иумæйаг афыстытæ хабæрттæ кæрæдзийыл бабæттынæн, фæл& сæйраг уый нæу. Сæйраг уый у, æмæ авторæн йæ бон кæй бацис Хъырымы хуызы удæгас фæлгонц саразын. Ам ын йæ къух амоны, чиныгкæсæджы хъусдард химæ аз- дахыны арæхст, уæлæнгай, формалон интригæ ара- зыны руаджы нæ, фæлæ- мидисджын хабар кæны- ны фæрцы. Хъæлæсдзæф аразын дзырд хабарыл, уымæн æмæ мæм ацы уацмысы жанр ахæм кæсы — роман-хабар, роман-хроникæ. Хабар кæй зæгъын, уый афтæ нæ амоны æмæ авторæн хабæрттæ уы- -дысты йæ сæйраг дзуринаг. Æниу, æргом дзырды къæм нæй, æз сæ кой кæмæн скодтон, æмæ фагæй уæлдай чи у иу романæн, уыдонæй дарддæр ма дзы бирæ хабæрттæ ис. Фидараты бинонт!ы цыппар фæлтæрæй, Хъыт 213
рымæй фæстæмæ, иннæ фæлгæнцтæ аивадон æгъ- дауæй рауадысты бæрæг фæлурсдæр. Æцæгæй, мах нæ зонæм, цы хуызæн характер у, зæгъæм, Гигуц, Хъырымы лæппу, æгæрыстæмæй, нæ зонæм, цы хуызæн у йæ портрет, уый дæр. Зонæм дзы æрмæст- дæр уый, æмæ колхозы трактористæй кæй куыста, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд йæ фырттимæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыд. Уый адыл нал æрыздæхт йæ фыды уæзæг- мæ, налдæр йæхæдæг, æмæ налдæр йæ фырттæ. Æндæр дзы ницы зонæм. Фидараты хæдзары рæбинаг цæджындз Хъы- рым йе ’ппæт царды таурæгъ, йæ тугæй фыст ха- бæртты чиныг, ракæны йæ фырты-фырт Будзийæн* æмæ сæ уый та чиныгкæсæгмæ фæхæццæ кæны. Æмткæй цъус архайджытæ нæй чиныджы, ин- нæты тыххæй сæрмагондæй иицыуал зæгъинагдæн, фæлæ дзы дыууæйы тыххæй мæ хъуыды фæбæл- вырддæр кæндзынæн. Азауханимæ чиныгкæсæг базонгæ вæййы Баку- йы. Рæсугъд у онгæй дæр æмæ удыхъæдæй дæр. Æрмæст зæгъын хъæуы уый, æмæ чиныджы фыццаг æрдæджы пассивон кæй у, æфсæрмдзæстыг, æнæ- сдзырд. Ирон рæнхъон сылгоймаджы уæлдай ма йæ уды цы ис, уый бæоæг нæу, æмæ романы дыккаг æм- бисы, æйттмардзæ, организатор æмæ ног царды сæрыл активон тохгæнæг, куырыхон адæймагæй кæй агæпп кодта, уый æрцыд æнæнхъæлæджы. Мæнмæ гæсгæ, чиныгкæсæг цы Азауханы зыдта, уый, æмæ Будзи чырыны кæй ссардта, уыцы бонæ- джы Азаухан, æидæр æмæ æндæр сты. Бонæджы Азауханы хъуыддæгтæ æмæ архайддат&м чины- джы фыццаг æмбисы Азаухан цæттæ нæ уыд. Уый онг куыд æмæ кæм сырæзт, цæй фæрцы? Бæрæг нæу чиныгкæсæгæн Азауханы царды кæрон дæр. Æнгæс уавæры ис Сейраны фæлгонц дæр. Ца- 214
лынмæ хъæуы йæ сæр, уæдмæ тынг активон у, ди- намикон у йæ архайд, æмæ, мæнæйдæр ма, уацмы- сы змæлынгæнæн нерв уый фæцагайдта, уымæй рай- дыдта æппæт дæр, фæлæ ма кæс, йæ сæр куынæуал хъуыд, уæд цы фæцис — механикон æгъдауæй ахауд. Уый фæстæ ма йæ автор дыууæ хатты сце- нæмæ кæй ракодта, уымæн нысаниуæг нал уыд. Хорз уыдаид, Сейран романы архайдæй куы ацы- даид уырыссаг-япойнаг хæсты. Уым ма фæстаг хатт фембæлд Хъырымыл, æмæ уыцы фембæлдæн ны- саниуæг ис. Дарддæр нал хъуыд. Мигъæхгæды баззадис Хъырымы хоты хъысмæт дæр. Иæ бирæ æнувыд агурыны фæстæ сæ куы ссары æфхæрд æмæ ссæстæй, уæд та сыл узæлгæ дæр нал бакæны, йæ зæрдæ сæм фæхъæбæр вæй- йы. Цæмæн? Бæрæг у йæ масты сæр, фæлæ куы зо- ны, уым йæ хотæ кæй ницы аххосджын сты. Аив рауад Азауханы мысинæгты чиныг. Уæл- дайдæр та Чысангоммæ кæм æрцæуы, уыцы бынат. Бæрæг у, Мелитон дзæбæх кæй зоны чысайнаг ко- лорит. Иæ фыст у масштабон, йæ фæлгæнцтæ Бы- тъи, Циури, Дзыбылон, сабитæ — сты цардæй комкоммæ чиныгмæ æрбацæугæ, кæд сæм цасдæр бæрцæй натурализмы тæфаг фæхæццæ, уæддæр æмæ сыл æууæнды чиныгкæсæг. Ацы сæргонд (но- веллæ дæр æй схонæм, уымæн æмæ йæхæдæг хи- цæнæй у сæрмагонд уацмыс) романы у аивдæр бы- нæттæй. Æнкъаргæ зæрдæйыуаг æмæ, уыимæ иумæ, рæв- даугæ мидбылхудтæй фыссы Чысангоймаг Хъониа æмæ йæ байзæттаджы цард. Æвдисы нын, цæй бæрц ахады лæджы удыл социалон æнæрастдзинад, со- циалон ссæст. Зæрдæргъæвд чиныгкæсæг æнæфæ- хатгæ нæ фæуыдзæн, автор Тикъуын æмæ Хъониа- йы ’хсæн цы æнæзынгæ параллел уадзы, уый. Мæ- гуыр лæг у Хъониа, фæлæ йын Тикъуынимæ аба- 215
рæн нæй. Уый у сшиалон ссæст, æбар царды амæт- таг. Раджы, тынг раджы йын амардта æлдары къæлæт йæ мидæг сæрибаруарз адæймаджы рæ- сугъдмæ тырнышк æнкъарæн, æфхæрды ныхмæ æргом растыны хъару. «Æлдар æм мацы сдзурæд, йæ зæххыл æй цæрын уадзæд, уый йеттæмæ Хъониа йæ сабиты дзыхæй сæ фæстаг къæбæр дæр фел- васдзæн». — Цагъары психологи. Нæ, афтæ ныллæг никуы æртасыдаид Тикъуыны уд, фæлтау асастаид. Ноджы ма иу фиппаинаг романы формæйы тых- хæй: Гæбулы фырт ныры онг фылдæр куыста де- тективы жанры æмæ мæм афтæ кæсы, цыма, уым йæ къух æмæ йæ ]цæст ахуыр цæуыл уыдысты, уый йыл ам дæр, уæрæх историон-эпикон пъланы уац- мыс фысгæйæ дæр фæзынд. Детективон уацмысы сюжетæн характерон чи у, ахæм фæзилæнтыл дзы æмбæлæм арæх, уæлдайдæр экскурситы хуызы кæй фыссы, уыцы бырæтты. Æмæ сын, чи зоны, ницы уыдаид, фæлæ цæсты æгæр хауынц. Афтæ мæм кæсы, цыма романы фæстаг хатт цы хабæрттæ æрцæуы, — коллективон арæзтад æмæ уый фæстæ сабыр фæллой кæныны заман, уыдон иумæйаг очеркондзинадæй хызт не сты. Кæронбæттæны мæ уый зæгъын фæнды, æмæ Гæбулты Мелитоны ног чиныджы хæрзтæ дзæвгар сты æмæ нын уый фадат дæтты афтæ хъуыды кæ- нынæн; автор ныртæккæ ис йæ тæккæ тыхыл æмæ нæ литературæйæн йæ бон у аккаг хæрзты бацæ- уын. 1973 216
БУЛКЪАТЫ МИХАЛЫ РОМАНТÆ I 1. ХÆСЫ ÆМБИС Историон цаутыл дзургæйæ, Булкъаты Михал- мæ иу хорз миниуæг ис — йæ зæгъинæгтæ агуры хъайтарты миддунейы. Уымæ гæсгæ йæ архайджы- тæ цымыдисон сты психологон æгъдауæй. Уымæн æвдисæн — йæ ног уацмыс, роман «Тер- кæй-Туркмæ» (мыхуыры рацыд Хуссар Ирысто- ны паддзахадон рауагъдад «Ирыстон»-ы 1970 азы кæрон). Ирон адæмы, æмæ канд ирон адæмы нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказы адæмты историйы дæр, æну- дæсæм æнусы æмбис зындгонд у уæззау дугæй. Адæмæн сæ ныфс асаст рухсдæр сомбонæй, сæри- барæй, сдыгъуырццæг æмæ схæтæгхуаг сты, но- джы сæ тынгдæр æлхъивын байдыдта хæдхæцæ- гад. Сæ фыдæлты зæххыл, сæ райгуырæн сыджы- ’ тыл ма сын цæрыны бар ис, уымæй сæхицæн^ зæр- дæ нал æвæрдтой. Афтæмæй дзы бирæтæ сæрзилæн авантюрæйы амæттаг фесты, сæ фыды зæххыл цæ- рынæй сæм Турчы гæмæх атагъаты амæлын хуыз- дæр фæкаст. Гъе, уыцы хабæрттыл фыссы Булкъа- йы фырт йæ роман. Уацмысæн фæзынд нырма йæ фыццаг чиныг «Терк абухы», зæгъгæ. Архайд цæуы Цæгат Ирыс- тоны æмæ хатт аххæссы Цæгат Кавказы иуæй-иу бæстæтæм дæр. Нæ адæмы историйы ацы ахсджиаг заманылт ома ирæтты Туркмæ фæлыгъдыл нæ мыхуыры бæрцæй цъус цыдæртæ уыд нырыонг—æрмæстд&р Мамсыраты Темырболаты æмбисонды къорд поэ- тикон уацмысы, Хъаиыхъуаты Иналы цымыдисон «Бæлццоны фыстытæ» æмæ ма ноджы цалдæр æн- дæр уацмысы. 217
Æрæджы ма фæзынд Богазты Умары роман «Уæ, нæ хæхтæ, нæ бæстæ». Уый -у, ныхас цы периодыл цæуы, уый тыххæй фыццаг гуырахстджын уацмыс. Кæд дыууæ уацмысы дæр дзырд цæуы уыцы иу ха- барыл, æгæрыстæмæй, уыцы иу æцæг историон адæймæгтыл, уæддæр се ’хсæн æнгæсдзинады охыл исты фиппаинаг зæгъын зын у. Булкъаты Михалы, ’сæйраджыдæр, æндавЫнц конкретон историон цауты архайæг конкретон ис- торион адæймæгтæ. Чи сты уыдон? Фыццаджы- фыццаг нæ профессион зарæджы райдайæг, Турк- мæ лидзæг адæмы трагеди йæхи уды рисæн чи айс- та, уый — Мамсыраты Темырболат. Уацмысы фыц- цаг чиныджы уал уымæн къаддæр бынат лæвæрд ис, ома йын æндæр гæнæн нæ дæр уыд, фæлæ бæ- рæг у, уый сæйрагдæр архайджытæй кæй уыдзæн романы. Къуындыхаты Муссæ — куыд йæ царды, афтæ чиныджы дæр æппæты вазыгджындæр, стыр мидхъуырдухæнты ахæст адæймаг. Чысыл фæрс- саг, фæлæ дзы уæддæр ахсджиаг архайæг у Терчы зылды хицау иналæр лейтенант Лорис Меликов. Дзæвгар дзы ис, уацмысы сюжетон змæлд йæхæ- дæг кæй æрдомдта, ахæм æрымысгæ фæлгонцтæ. Шамилы тохы басасты фæстæ паддзахы хæдхæ- цæгад Кавказы адæмты ’хсæн йæ колонизаторон политикæ дарддæр кодта. Цæгат Кавказы адæмтæ тыхы раз сæ сæр æркъул кæнын нæ куымдтой, уы- мæ гæсгæ паддзахы хицауад архайдта алыгъуызон мадзæлттæй: кæм тыхмийæ, кæм та фæлывд, са- йæн митæй. Хохæгты стын кодта дæлвæзтæй æмæ сын сæ бынæттæм æрвыста хъазахъхъы. Уымæй мардта дыууæ тæрхъусы: иуæй, бынæттон адæм хъазахъхъы ’хсæн куы ныйиугай уыдаиккой, уæд сæ тых асастаид æмæ ныхмæ зæгъынхъом на’л уыдаиккой, иннæмæй та се ’гъдау, сæ дин, се ’взаг тагъддæр ферох кодтаиккой. Иæ барты сæрыл-иу 218
дзы чи сдзырдта, ууыл-иу æрфыстой «абырæг» æмæ йæм топны кæсæнæй кастысты. Паддзахы хицауад æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, алыгъуызон сайæн миты ’руаджы бынæттон адæмæй йæхи ’рдæм кæй раздæхтаид æмæ йын йæ политикæ хо- хæгты царды ауадзынæн чи баххуыс кодтаид, ахæм- ты/ Æмæ-иу разындысты. Романы уыдон сты Чысыл Цæцæны Наиб Саад-Уллахъ (Садуллæ) æмæ æгас Цæцæны зылды æфсæддон хицау Тæ- гиан уæздан Къуындыхаты Мусса. Муссæйы ва- зыгджын фæлгонц иунæг ахæм примитивон ролы æвджид баззадаид, йæ мыггаджы номыл рыг аба- дын дæр чи нæ уагъта, йæ кадæй сæрыстыр чи уыд, уый иудадзыг æрцæуæг хæддзуты уæрдоныл бад- таид æмæ уыдон зарæг кодтаид!.. Нæ, Тæгиан уый нæ ныббыхстаид. Кæмæндæр сайд хъуыддæгты иу- зæрдыг цагъарæй ныллæууын Къуындыхы фырты хуызæн хиуарзон æмæ сгуыхт лæг йæ сæрмæ не схастаид. Уый ма цыдæр сусæгдзинæдтæ хастаид æнæмæнг йæ зæрдæйы. 0, уыдон уыдысты æмæ сæ автор дæр дзуры, æвдисы. Æрмæст бафиппаинаг у иу хабар: арæх Муссæ йæ алыварс зилдухгæнджы- тæй кæй сусæг кодта, цы фæндтæ æмбæхста, уыдон æххæст нæ раргом вæййынц чиныгкæсæджы раз дæр, афтæмæй та сæ уымæй сусæг нæ хъæуы. Мус- сæ йæхиуыл æрæууæндын кæны адæмы, паддзахы ныхмæ сæ растын кæны, стæй сæ банымудзы. Иæхæ- дæг, цыма сæ раздзог у, уыйау равдисы йæхи. Æп- пæты фыццаг уый баппары йæ кард инæлар Тума- нозы бæхы къæхты бынмæ, сразы кæны иннæты дæр. Афтæмæй Лорис-Меликовæн фадат фæвæййы йæ карз ультиматум æрæвæрынæн: «кæнæ раста- донты раздзæуджытæн ауындзæн, кæнæ та Туркмæ алидзын!» Гъе, ахæм у Булкъайы фырты романы фабулæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырахстджын уацмысæн 219
характерон куыд вæййы, афтæ амæн дæр къабуз- джын у йæ сюжет, куыд æрцог алыгъуызон ха~ бæрттæй, афтæ хъайтарты мидхъуырдухæнты рас- сæнд-бассæндæй, мидсагъæсты рæзты къæдз-мæ- дзытæ фæндæгтæй. Романы æппæт цауты дæр Муссæ афтæ сагъд у, æмæ дзы кæцыфæндыйы æвзар, уæддæр Кьуын- дыхы фырты иуварс- нæ ’рæвæрдзынæ, æнæ уый хъуыддаг нæ бакæндзынæ. Уыцы роль ын лæвæрд æрцыдис суанг чиныджы фыццаг фæрстыл. Æппæт дæр райдыдта «æхгæд дуæрттæй». Уым фидар æрбады къæлæтджыны Лорис-Меликов æмæ йе ’фсæддон къухдариуæггæнджытимæ тæрхон кæ- ны ахсджиаг фарстыл. Кæнæ хæцæнгарзæй хъуа- мæ фæсурæм хохрæбынты цæрæг бынæттон адæ- мы... Кæнæ та цадæггай хъуамæ архайæм, цæмæй бархийæ сыстой сæ цæрæнуæттæй æмæ хохрæбын- ты цы фидар рæхыс ис, уый нæ къухты бафта. Ахæм у йæ хъуыды. Фæлæ хохаг бархийæ куыд ныууадздзæн йæ цæрæн бæстæ! Сархайын хъæуы фыццаг мадзалæй — хæст хæст у! Ууыл ныллæу- уыдысты. Æваст сæ хъуыры фæбадт Муссæ «— Ми- хаил Тариелович, чысыл фæгæдзæ кæн... Тагъд чи скодта, уый худæджы бын фæци»... Бæрæг куыд у, афтæмæй Тæгиан раджы скарста йæ фабндон, «уый бархийæ куы нæ рæза, уæд æй йæ хъусæй æрлас- дзынæн». Дзырд цæуы адæмы Туркмæ алидзын- мæ сразæнгард кæныныл. Муссæ уыцы æбуалгъ хъуыддаг скарста йæ мидтæрхæтты æмæ йæ ныр ницыуал бауромдзæн, æппæт дæр æрхæсдзæн уый сæрыл, уымæн æмæ стыр паддзах рауагъта мани- фест. «Сæ сæртыл схæцдзысты сæмпæрчъитæ æмæ кæвдæсæрдтæ. Стæй ма сæ ноджы сæ бынæттæй куы сурой, уæд бынтон схæццæ уыдзысты мæлдз- гуытау! Куыдз йæ хицауы нал базондзæн. Баззай- дзыстут, Тæгиатæ, уæ кадджын номы æвджид!» 220
Куыд уынæм, афтæмæй Муссæ æппæтмæ дæр кæ- сы, æппæтæн дæр аргъ кæны Тæгиаты мыггаджы уæздандзинады бæрзæндæй, йæхи мыггагон-къла- сон интересты цæстæй. Уыдон сæраппонд йæ къух ауигъы, æгас Цæгат Кавказы бæстæты йæ туг кæй тыххæй фæкалдта, уыцы стыр паддзахыл дæр. Иæ ныв ын цырагъма æрдары æмæ йæ басудзы: «Ды адæмимæ хъазыс гæды æмæ мыстæй, æз та демæ!.. Дæу æмæ дæ фæсдзæуин Лорис Меликовимæ... Цæцæны Наиб?.. Уый рувас у æмæ рувас бирæ- гъæн цы хъом у?» Иæ уыцы интересты сæрвæлтау <æмхуызон пайда кæны ^абырæг, ф|æлæ алыгъуы- зон цæстфæлдахæн миты фæрцы шеихы ном чи райста, уыцы Абдийы авантюристон архæйдтытæй æмæ сæрибары тыххæй удуæлдай Æлдатты Бæ- тæхъо, Дзæрæхохты Алхаст, Малсæгты Тепса æмæ нырма æвзонг Мамсыраты Темырболаты æууæн- даг зæрдæтæй. Абырæг Абди, кæд йæхицæй хæйрæгдæр æмæ дардмæ уынæгдæр никæй æнхъæлдта, уæддæр æй Муссæ амбылдта, Абди адæммæ сиды джауырты ныхмæ тохмæ æмæ уымæй Тæгианы куыройыл уа- дзы дон. Куынæ уал æй хъæуа йæ сæр, уæд æй .амарын кæндзæн йæ туджджын Махмудæн. Бæтæхъо, Алхаст æмæ Тепса сæ иузæрдионти- мæ иумæ, риу-æмриу æрлæууыдысты, Лорис Ме- ликов ма хохæгты ныхмæ уырысæй ноджы цы иу полк ракуырдта, уыдоны ныхмæ æмæ Сауададжы туджы зæйтæ рауагътой. Хъазахъхъæй ма чи аир- вæзт, уыдон комы дзыхъхъы æрхъулайы бахауд- той. Муссæ бацæуы раздзоджиты (Бæтæхъоиты) æууæнчы, йæхи се ’мзæрдион, сæ сæрхъызой скæ- ны æмæ хъазахъхъы рауадзын кæны. Ам дæр та дыууæ тæрхъусы амары: иуæй, ссары Бæтæхъо, Тепса, Алхасты æууæнк, иннæмæй та Лорисы зæр- дæ. 221
Чысыл Цæцæны Наиб Садуллæйы æхгæд дуæрт- тæн дæр ссардта дæгъæл. Стæй йæ хæрæфырты, Мамсыраты Темырболаты зæрдæмæ дæр. Ахæм æвзонг лæппуйы афæливын Къуындыхы фырты хуызæн фæлтæрд дипломатæн цы хъæуы. Ууыл дæр сæвæрдта иннæты хуызæн сахсæн æмæ йæ коммæ- гæс скодта. Гъе, афтæмæй Муссæ æппæт хъарутæй дæр йе ’мбæхст агитацийæ ныггуьшпæввонг адæмы уылæнг ивылд донау, сарæзта йæхи куыройы нукмæ, Ацы хъуыддæгтæ аразгæйæ, Муссæйы мах уы- Ши дæсны æмæ тæссаг авантюристæй. Йæ алы фезмæлд дæр ын у хъуыдыгонд, йæ алы дзырд — нымад. Иæ амæттагимæ ныхас кæнгæйæ, йе ’взаг у цыргъ, нысаныл æмбæлгæ. Уый та мах хонæм ав- торы æнтыст. Муссæйы фæлгонц цæйбæрц вазыгджын у, цæй- бæрц лыстæг сусæг тæгтæй баст у йæ алфæмбы- лаймæ, æмткæй цардимæ, уыдонæн хуыздæр ра- зынын æнхъæл стæм дыккаг чиныджы. Ам ыл ныр- ма цасдæр бæрцæй тар дамгъæ æвæрд ис. Цæвиттон, нырма æххæст бæлвыр’д нæу адæм- мæ Муссæйы æцæг ахаст — иуæй сæм уæлейæ уыр- дыгмæ кæсы, сæмпæрчъитæ æмæ сæ кæвдæсæрдтæ хоны, иннæмæй та сыл иæхи ^мæтгæнæг скæны. Ацы фарст дарддæр хъуамæ раргом уа, уæд ра- зындзæн Муссæйы фæлгонц æххæстдæрæй. Мæнмæ гæсгæ, Тæгиан æлдары фæлгонц цæ- мæй фæирддæр, фæбæлвырддæр уыдаид, уый тых- хæй иу цасдæр зæгъын хъуыд, йæ алыварс цы инæ- лæрттæ уыд, уыдон тыххæй дæр. Чи уыдысты? Ца- вæр адæмæй рацыдысты? Ау, кæд ирон инæлары афтæ тынг бахъыгдардта паддзахы манифест, уæд уыдонæн цины хос уыд, æви уыдон хъазайраг би- нонтæй рацæугæ уыдысты. Кæд афтæ нæ уыд, кæд уыдон дæр Тæгиаты хуызæн уæздæттæ уыдысты 222
(уый та æцæгæй афтæ уыд), уæд сæм цæуылнæ исты реакци сæвзæрд? Науæд афтæ зыны, цыма автор йæ фæнд развæлгъау аскъуыддзаг кодта: Муссæ Туркмæ алыгъд æмæ йын исты ’фсон хъуа- мæ уа, уыдон та нæ алыгъдысты æмæ сыл дзургæ дæр цы кæнæм, зæгъгæ. Цасдæр бæрцæй мæм бауырнинаг нæ кæсы Тæ- гианы гæды æмæ мыстæй хъазт Кавказы барджын хицæуттимæ, сæйраджы та Лорис-Меликовимæ. Алыхатт ын афтæ æнцон сайæн уыдаиккой, уый зын зæгъæн у, йæ авантюристон комбинацийыл ын æппын куыд никуы фæдызæрдыг сты. Уæлдæр ма йæ загътон, романы сæйрагдæр ар- хайджытæй иу Мамсыраты Темырболат у, зæгъгæ. Ам нырма хъу|ыд|дæгтæ иннæтæ скъуыддзаг кæ- нынц — Муссæ, Лорис-Меликов æмæ æндæртæ, Те- мырболат дзы нырма, фæрссаг архайæг цыма у, афтæ зыны, фæлæ ныридæгæн дæр бæрæг у, йæ цæхæр зæрдæ æмæ æнæрцæф зондмæ райсом стыр зынæвзарæнтæ кæй æнхъæлмæ кæсынц. Уымæн æцæгæй царды дæр йæ хъысмæт ахæм уыд. Турк- мæ лыгъд адæмы зарæггæнæг уæвгæйæ, йæ зæрдæ- мæ айста сё ’ппæты маст æмæ хъыг, йæ фыны æмæ йæ хъалы дæр уыдои уыдысты йæ мæтаг. Дард фыдыбæсты уарзондзинад ын сси зæрыбонтæм æнæаскъуыйгæ трагеди. Чугуевæй йæ фыдыбæстæм раздæхгæйæ, бай- гом сты йæ цæстытæ царды æцæгдзинадмæ, æп^ пары йæ пъагæттæ æмæ ныллæууы йе ’мгæртты, йæ ныййарæг адæмы цардæгъдауыл. Бамбал вæйг йы раздзоджитæн сæ тохы Уæрæсейы хæдхæцæ- гады ныхмæ. Чысыл фиппаинаг Темырболаты фæлгонцмæ: Чугуевы ахуыр кæнгæйæ, йæ зондахастыд демо^ кратон хъуыдытæ кæцæй æмæ куыд бандæвтой, уыдон чиныгкæсæгæн радзуры, хъазахъхъ æй ах- 223
стæй куы фæцæй кæнынц, уæд, фæлæ уымæй раз- мæ, æмæ уымæй фæстæмæ дæр, уабæрæг нæ да- рынц йæ ахасты, гуырдзæй æнæрцæф æмæ рæст- ’уарзон .удыхъæд кæй рахаста, уымæй дарддæр. Хорз уыдаид, Темырболаты уыцы хъуыдытæм ма автор чиныджы мидæг искуыты йæ хъус куы ’рдард- таид, тынгдæр æй куы рахицæн кодтаид иннæ ар- хайджыты ’хсæнæй, цæмæй йæ кæсæг дæр хуыздæр бафиппайа, бауарза йæ æмæ æнхъæлмæ кæса йæ дарддæры хъысмæтмæ. Сæрмагонд бынат ахсы романы фæндырдзæгъ- дæг Хъуыбады. Цасдæр бæрцæй зæрдыл æрлæу- уын кæны Къостайы Хъуыбадыйы, фæлæ уый хгьауджы Михал йæ хъайтарæн ныббаста, кащд фæндыры цагъдæй нæ, фæлæ йæ ахастæй дæр сæ- рибары сæрыл активонæй архайын. Хъуыбадыйы фæндыр хъæуы фыдæлты таурæгътæ цæгъдынæн нæ, фæлæ адæммæ тохмæ сидынæн. Фиппаинаг: Ног заманы Ирыстоны истори нæ зоны иунæг ахæм цау дæр, фæндырдзæгъдæг йæ фæндыры зæлтæй тохы бон ф’æдисы хъæргæнæг кæм уыдаид. Объективон æгъдауæй уымæн гæнæн нæ уыд. Романы Хъуыбады хæссы егъау поэтикон условондзинады уаргъ æмæ цасдæр бæрцæй цуды йæ реалистон бындурæй. Йæ митæ арæх рауайынц æнæран, æнæнхъæлæджы. Зæрдæмæдзæугæ сты уацмысы эпизодон персо- нажтæй бирæтæ. Уыдон аяыгъуызон уавæрты фæ- зынынц, сæххæст кæнынц сæ хæс æмæ ацæуынц, фæлæ чиныгкæсæгæй къорд рæстæджы нæ ферох уыдзысты. Хъазахъаг салдæттæ Прохоров Кузьма æмæ Орлов Иваныл кæд цыбыр рæстæгмæ сæмбæлæм,^ уæддæр сын егъау нысаниуæг ис романы идейбн мидис раргом кæнынæн. Адон дæр, Бæтæхъо, Теп- са, Алхаст æмæ иннæ хохæгты хуызæн мæгуыр 224
адæм сты, фæлæ уыдон хъауджы æнæсдзырд, хæд- хæцæгады уæззау армы бын йæ астæу кæмæн ныкъ- къæдз, ахæмтæ. Мæ уацы райдианы бафиппайдтон,зæгъгæ, Ми- хал йæ сæйраг нысанæн райсы хъайтары миддуне. Æмæ уый æцæгдæр афтæ у. Романы нæй цауты иумæйаг, даргъ æмæ уæрæх афыстытæ, æрдзы ныв- тыл на хардз кæны цалдæргай фæрстæ. Уый хыгъд чиныгкæсæгæн фадат ис, дзæвгар рæстæджы уына хъайтарты миддунейы, мидæнкъарæнты алыгъуы- зон фæзилæнтæ, хъуса сын сæ алы унæрмæ дæр. Æддаг цауты змæлд дæр уынæм хъайтарты зæр- дæйы ныхасы æмæ афтæ зыны, цыма, романы ар- хайд рæзы, цæуы æддæмæ нæ, фæйнæрдæм н,æ, фæлæ хуылфмæ, мидæмæ хъайтарты уды. Уый у романы характерондæр миниуæг. Æрмæст æм уым æнхъæлмæ кæсынц йæхи зын- дзинæдтæ, уыдон ыл сæмбæлдысты ацы чиныджы дæр æмæ йыл иу цасдæр бæрцæй ныууагътой сæ фæд. Цы хуызы? Фыццаджыдæр: цауон-сюжетон, рæзты ахъаз- заг хай хъайтартæ сæ мид-зæрдæйы кæй хæссынц, фылдæр-фылдæр йæ нысан уырдæм кæй сарæзта, уый ром.аны хъыг дары йæ къабæзтæ айвазынæн, уæззау æй кæны. Фылдæр хатт архайджытæ сæ фæндон, сæ дзу- ринаг зæгъынц, скойæ, æххæст æй нæ раргом кæ- нынц æмæ кæсæг нæ бамбары хъуыддаг, науæд та йæ бамбары бирæ сæрсæттæнты фæстæ. Егъау гуы- рахстджын уацмысы ахæм, кæронмæ æнæзагъд хъуыдытæ зын кæнынц чиныгкæсæгæн. Мæнмæ гæс- гæ уый мидæг ис, Михалы æвзаг зынæмбарæн кæй ^хонынц, уый аххосæгтæй иу. Æнæуый йе ’взаг аив, æмæ нывæфтыд у. Æз нæ кæнынйæ фысты иуæй- иу стилистикон здыхтыты кой. Лыстæг хъуыддæгтыл, уыцы иу ран хойæгау, 15. Æлборты X, 225
тынг бирæ дзырд цæуы чиныджы, бирæ дæлæ-уæ-. лæтæ дзы ис. Уæдæ куыд æлхыкцъытæ у, Туркмæ алидзыны тыххæй Муссæ йæ зæрдæйы кæй сбыдта, уыцы операци! Цы фиппаинæгты кой скодтон мæ уацы, уыдон йæ хорздзинæдты цур бирæ нæ ахадынц. Кæд сæ автор хъæуæгыл банымайа, уæд сæ бахынцдзæн йæ дарддæры куысты. Булкъайы фырт йæхимæ стыр æмæ ахсджиаг хæс райста. Ныхдуртæй нæ фæтарст æмæ йык ахицæн кодта йе ’мбис. Бафæнддзæнис нæ цæмæй йын рæхджы фенæм йæ хæсы кæрон, йæхи та но- джы ныфсджындæрæй. 1971 2. «ДÆ ФЫДÆЛТÆ — РУХСАГ» Булкъаты Михал цы" хъуыддаг аразы, уый æх- сызгон хъæуы нæ литературæйы — ахуыр кæны нæ адæмы рагон æмæ фыдрагон царды цаутæ, лыстæг- гай сæ æвзары, куыд фысссæг æмæ историк æмæ сæ аив дзырды ’руаджы удæгас нывтæй хæссы чи- ныгкæсæджы размæ. Цалдæр азы рацыд, йæ исто- рион роман-дилоги «Теркæй-Туркмæ»-йы чингуытæ фæд-фæдыл рухсмæ куы фæзындысты, уæдæй фæс- тæмæ. Уым уый равдыста, йæ фыдыбæстæй чи фæ- хæтæнхъуаг æмæ ,йæ сæр Туркыл чи бафтыдта, уыцы пысылмон динджын ирон адæмы уæззау дуд- гæбæттæ сæ лыгъды рæстæджы. Ацы романы ’руа- джы йæ базыдтам арæхстджын аив ныхас нывæн- дæгæй — романон таурæгъ нæ фескъуыны, йæнуар 226 \%-я$
ын нæ фæлæмæгъ кæны, афтæмæй йæ хæссы кæ- ронмæ, чиныгкæсæджы хъусдард йæхимæ фидар ныббæтгæйæ. Цы характертæ дзы æвдисы, уыдон ифтыгъд сты уацмысы æндыгъд архайды. Уыцы миниуджытæй æнæхай нæ фæци йæ ног роман «Дæ фыдæлтæ — рухсаг» дæр (рауагъдад «Ирыстон», 1982). Фыссæг ацы уацмысы йæ цы- рагъы рухс бахаста нæ адæмы историйы талынг- дæр æмæ æрхæндæгдæр периодтæй иумæ — тæтæр- монголты ныббырсты заманмæ. Куыд зыны, афтæмæй Михал йæ историон ро- мантæн æвзары нæ адæмы социалон-историон æмæ национ царды карздæр моменттæ. Уыдон ын фа- дат дæттынц адæймаджы удыхъæд контрастондæ- рæй равдисынæн, йæ бæрзонд стæхæнтæ æмæ ныл- лæг æрхауæнтæ йын хуыздæр фенын кæнынæн. Афтæ, æмæ Булкъаты Михал мидæгъдауæй фыл- дæр æмхиц у историмæ, нæ монон уидæгтæм, адæй- мæгтæ æмæ адæм сæ характерты генеалоги кæцæй æмæ цæмæй хæссынц, уыдонмæ æмæ уыдон æв- дисгæйæ, йæхи дæр æвдисы æххæстдæрæй, хуыз- дæрæй. Ныртæккæ æз ам равзаринаг шæ дæн, — Ми- халæн уыцы миниуæг иудадзыгдæр йæ курдиаты сæрмагонд æууæл у æви ма йæм уымæй дард- дæр ноджы исты æддаг æндæвдад дæр хæццæ кæны. Æмæ йыл кæд, æцæг, миййаг, ахæм æд- даг æндæвдад дæр ис, уæддæр уый дæр æнæнхъæ- лæджы нæ уыдзæн, стæй фæуддзаг дæр нæу. Миха- ил зæрдæргъæвд фæлдисæг хъаруйы хицау адæй- маг у, æмæ йæ бон нæу, йæ алфæмблай литерату- рæты цы хæрзахадæн хъуыддæгтæ цæуы, уыдонмæ цъынд цæстæй кæса, æмæ æхгæд-зæрдæйæ хъуса. Историон темæ нырыккон темæйы æмрæнхъ ныр- тæккæ ахсджиаг бынат ахсы бирæ æфсымæрон адæмты размæдзыд литературæты. Уыцы темæ æп- 227
пæтцæдисон чиныгкæсæгæн дæр цæстæвæрæн у, Михал тынг хорз кæй зоны, абоны уыцы гуырдзиаг литературæйы. Уыдонмæ уæндонæй, арф сфæл- дыстадон æгъдауæй трансформацигонд цæуынц банысангонд жанры классикон традицитæ, формæ- аразæг æууæлтæ. Хатт рагон, фыдрагон историан кæнæ мифон сюжетты цы мидис æвæрд æрцæуы, уый нын ахæм хуызы рауæрæх кæны нæ хъуыдыкæныиады арæн- тæ адæймаг æмæ адæймаджы цардуæвынады ,ны- саниуæджы тыххæй, æмæ дзы уд æмæ зæрдæйæ дæр кæнæм хъæздыгдæр, зондæй — хæлардæр, æм- баргæдæр. Уыцы миниуджытæ га тынг ахсджиаг <сты нæ карз æмæ тызмæг заманы, адæймаджы зæр- дæйы ядерон тæссагдзинады азар куы бацард, хъуыдыкæнынады стандартизаци, кæрæдзийæ ир- тæсын æмæ æндæр ахæм глобалон проблемæтæ нæ разы цæхгæр куы слæууыдысты, уæд. Уæдæ хи æмæ иннæ адæмты абон æмæ сомы дарды хъысмæтыл хъуыдыкæнгæйæ, нывгæнæг йе ’ргом хатт рагон темæтæ æмæ сюжеттæм кæй азда- хы, уым æнæнхъæлæджы хабарæй ницы ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырыккон историон . романы жанр цы арф философон-психологон æу- уæлтæй хицæн кæны, ивгъуыд æмæ йын абон, ра- гон æмæ йын нырыккон, мифон æмæ йын реалон иумæ æмтадæй цы’ ног гъæдон миниуæг дæттынц, уый нырма бафæзминаг æмæ бахынцинаг хъуыддаг у нрон романæн. Фæлæ, цыма, уыцы фæндагыл .акъахдзæф кæнымæ ныридæгæн хъавы, афтæ мæм кæсы. Йæ фысты стилмæ, йе сфæлдыстадон хъуыды- кæнынадмæ гæсгæ уыцы фæндагмæ эволюцион æгъ- дауæй арæзт у Булкъаты Михал дæр. Уымæн йæ - аивадон дзырд тырны историон-психологон уæрæх- дзинад райсьшмæ, фæнды йæ, нырыккон хъуыды- ,228
кæнынадæй абонмæ куы ’рбахæстæг кæнид, раджьг æмæ ф&драджы чи æрцыд, уыцы цаутæ, куы сса- рид уыдонæй абонмæ, абонæй та уыдонмæ чи æх-г хæссы, ахæм иудзинады тæгтæ. Уый зындис йæ фыццаг историон романы, уый тынгдæр бæрæгæй ^разынд йæ дыккаг романы. Уыцы хабар зæрдыл даргæйæ, æнæнхъæлæджы ма хъуамæ уа йæ ног романы Азхынцæджы фæлгонцы фæзынд дæр. Аз- хынцæджы фæлгонцы зыны йæ рæстæг æмæ, цьг адæмы минæвар уыд, уыдон фарн — сæ цин, сæ* хъыг, сæ бæллиц. Уый нæу ахæм, хуымæтæджы, уазал зæрдæйæ чи нысан кæны царды æрцæуæг хабæрттæ æмæ цаутæ стæнхъыл, ома гæххæттьгл. Уый цæры мæлæт æмæ алы фыдбылыз адæмимæ æмдзæрин кæм кодтой, уыцы саудар заманы ристæ: æмæ низтæй, куывта уыдон цардбонмæ æмæ тох. кодта лæгæй-лæгмæ уыдон хæрзæбоныл. Æмæ канд Азхынцæг нæ, — ивгъуыдæй рацæ- уæг, равзæрæг æмæ сомбоныл хъуыдыгæнæг стьр æмткæй тæтæр-монголы сырдон æрдонгтимæ мæ- лæтдзаг тохгæнæг алайнаг фæсивæд дæр. Роман,. номхуындæй, фыст у, аланы мыггагæй Хъырымы æрдæг сакъадахыл цæргæйæ чи баззад, абон дæр ма уым сæ царды фæдтæ кæмæн зынынц, уыдоны удыхъæды бæрзонддзинад æмæ æхсарджын мæлæ- тыл. Фæлæ армыдзаг адæм, денджызы уылæнтау, ивылгæ æмæ йæ разæй алцы ссæндгæ æмæ дæрæн- гæнгæ чи цыд, тæтæр-монголы уьщы æнæнымæц: æрдонгты раз æбæрæг æмæ æнæахадгæ сæфт фæ- кæной, ууыл разы не сты. Романы персонажтæй- иу — зæронд лæг Базыг Азфыссæгæн афтæ зæгъыг «Нæ мард фесæфдзæн æмæ йæ агурæг нал уыдзæн... Хуыцаумæ кувын хорз у, фæлæ уымæй стырдæр? хъуыддаг та у, ацы зын дуджы дæ цæстæй цы фе- най, уый бахынцын. Чизоны, нæ мыггагæй лæг нал 223
баззайа, уæд нæ ном уæддæр баззайдзæн уæлæ- уыл». Æмæ азфыссæг фыста æппæт дæр. Фæлæ Хъы- рымы æрдæг сакъадахыл цæрæг алан — иры знæ- мæй баззайæг иу чысыл къордмæ йæ хъысмæт аф- тæ тынг æгъатыр разынд, æмæ, æппынфæстаг, тæг тæр-монголы арц æмæ кардæй бындзагъд фесты. Зынджы хай баци сæ сахар Дур-чъыр дæр æмæ фе- сæфтысты, азфыссæг кæй фæфыста, уыцы стæн- хъытæ дæр. Æрцыдис сыл нæртон æмбисонд — æгады царды бæсты кадджын мæлæт ссардтой. Уæддæр ирон адæмы фыдæлтæ аланты иу къаба- зæн се ’хсарджын цард æмæ кадджын мæлæт бын- тон æвæд сæфт нæ фæкодтой, — фæцис сæ фенæг æмæ фехъусæг æмæ сыл сæ дард байзæддаг ирон фыссæг Булкъаты Михал та йæ романæй кады за- рæг скодта. Михал цалынмæ йæ роман фыссынмæ нæ рыв- нæлдта, уæдмæ зæрдиагæй фæкъахта, фæцагуырд- та Хъырымы ирон туг æмæ стæджы царды фæдыл историон æмæ ’ндæр æрмæджытæ. Бабæззыдис ын ирон адæмы хъæздыг эпос дæр. Спайда кодта уы- цы заманы цæрæг фысджытæ æмæ философты хи- цæн хъуыдытæй, афоризмтæй. Уыдон мидæг цахст- гондæй зыны сæ рæстæджы хъуыды æмæ зæрдæйы æнкъарæн æмæ сæ эпиграфы хуызы хæссы, ро- ман цы бирæ сæргæндтæй конд у, уыдон мидис рай- халынæн. Йæхи зонд æмæ зæрдæйы цæстытæй дæр бирæ цыдæртæ бахынцыдта, баххæст кодта. Афтæ, æмæ фыссæг йе ’ппæт зонындзинæдтæ æмæ арæхст- дзинад сарæзта, тæтæр-монголы æрбабырсты за- ман — æртындæсæм æнусы кæрон — цыппæрдæсæм æнусы райдиан Хъырымы цæрæг ирон адæмы къа- баз цы дуг, цы уавæрты, цы хъуыдытимæ цард, уы- дон удæгас нывтæ æмæ цæрдхъом адæймæгты ха- рактертæй равдисынмæ. 230
Мæнмæ гæсгæ, аив бады авторы хъуыдыйыл, роман композицион æгъдауæй цы æртæ хайæ конд у, уый дæр. Уый йын амоны, цы заман æмæ хабæрт- тæ æвдисы, уыдон историон уавæр. Фыццаг хайы мах уынæм аланты сахар Дур-чъыры цæрджыты, сæ куыст, сæ архайд, сæ ахастытимæ кæрæдзиимæ æмæ æддаг дунеимæ. Уыцы ахастыты центры ис, тæтæр-монголимæ сын цахæм сыхагдзинад уыд, уый. Фыссæг арæхстджынæй æвдисы, армыдзаг алантæ сæ тугдзых тыхгæнæг сыхæгты — монгол- ты фарсмæ цæргæйæ, карды комыл цæуæджы уа- вæры кæй уыдысты, амалтæ кæнын сæ кæй хъуы- дис сæ цард бахъахъхъæнын æмæ загъды сæр ма ракъахыны тыххæй, фæлæ компромис дæр никуы агуырдтой, кæд сæ сыхаг цыфæнды налат æмæ тæс- саг уыд, уæддæр. Сæ маст райсыны охыл сæхæдæг дæр бабырсын æмæ ратæлæт кæнынмæ кæддæрид- дæр цæттæ уыдысты æмæ-иу сын фадат куы фæ- ци, уæд нæ ауæрстой. Дыккаг хайы фыссæг сæйраджыдæр ныв кæны, тæтæр-монголы варварон паддзахад Ордæ æмæ цы улустыл дих уыд, уыдон цард æмæ джунглиты за- къæттыл амад ахастытæ. Æртыккаг хай — аланты сахар Дур-чъыры фæстаг бон æмæ йæ хъазуат тох монголты ныхмæ æмæ йæ бабыны хабар. Роман ахæм хæйттыл дих кæй у, уымæн фылдæр- фылдæр ис формалон нысаниуæг, æнæуый та уы- цы хæйтты архайд у кæрæдзийы мидæг æддæг-ми- дæг цыд, æппынæдзух дзы хæлы архайды фабу- лон рæзт, иу ссадвæдыл никуы фæцæуы æмæ уы- мæй æмбулы сюжеты æндыгъд-æлвæстдзинад. Фæлæ цавæрфæнды цымыдисон аивадон сюжет дæр у афтид, æнæтуг, адæймæгтæ æмæ дзы рæстæ- джы æвæлхат хъысмæттæ цæрдудæй æвдыст куы нæ цæуой, уæд. Дзырд цы романыл цæуы, уым та 231
мах æмбæлæм; сæ хъысмæттæ цардон мидисæй цы- мыдисаг кæмæн сты, се ’вæлхатдзинадæй сæхицæн сæрмагонд бынат чи домы царды æмæ чиныгкæсæ- джы хъуыдыйы дæр, ахæм адæймæгты фæлгæнц- тыл. Уыдон нымæцмæ хауынц куыд æвæрццаг, аф- тæ æппæрццаг персонажтæ дæр. Номхуындæй сæ кæрæдзима^ ахаст —лæгуарзонæн лæгуарзонмæ æмæ фыддзинадмæ ’æмæ иннæрдæм — фыддзина- дæн лæгуарзонмæ цы ахаст ис, уый-у романы ис- торион-социалон æмæ психологон атмосферæ ара- зæг, ноджы уæрæхдæр — заманы, дуджы мидис аразæг, уый материалонгæнæг æмæ конкретонгæ- нæг. Уыцы æмахастытæ уацмысы зынынц æндæр æмæ æндæр æмвæзадтыл, куыд хицæн адæймæгты, аф- тæ мыггæгты, знæмты æмæ, æппынфæстаг, кæрæ- дзийы ныхмæ тохгæнæг адæмты — ам алан — ир æмæ монголы æнæбафидаугæ ахастьГ æмвæзадыл. Хицæн фæлгæнцты ’хсæн сæ психологон рæст- дзинадæй, сæ цардондзинадæй фыццаг рады ба- нысан кæнын æмбæлы аланты знæмы фæтæг Фар- наты Æмбазыджы, хæсты уа æви куысты, ныхасы, уæддæр — æхсарджын Кæфцийы, йæ ном æмбисон- дау кæмæн ныхъхъæр, уыцы алайнаг куырд Сæн- гибаны, азхынцæг Борыхъы æмæ ноджы бирæ æн- дæрты. Ис дзы, нæртон сылгоймаджы хæрзæгъ- даудзинад æмæ уæздандзинадæй æххæст чи у, ахæм сылгоймаг фæлгæнцтæ — Дзерассæ, З.æрæ- да. Ракойгонд персонажтæм цы хорз миниуджытæ бафиппайдтам, уымæй дарддæр се ’ппæты дæр иу кæны иу сæйраг миниуæг, уый у рæстылдзу, рæст- дзинадуарзон. Рæстылмард — ацы иу дзырдæй саргыæнæн ис, фыссæг романы æвæрццаг архайæ- гæн кæй равдыста, уыдонæн се *ппæтæн дæр. Адæй- маджы удыхъæды уыцы лæджыхъæдджын миниуæ- 232
гыл бындуриуæг кæны æмæ уымæй рæзы сæ хæрз- æгъдаудзинад, сæ ахаст. Ацы фæлгæнцтæн ма ба-- нысан кæнын хъæуы ноджы иу ахæм миниуæг дæрг. æмæ уый дæр у зæрдылдаринаг, характерон Миха- лы романæн: уыдон сæ цардон конкретондзинадæй, тырнынц уæрæхдæр æмбарынадмæ æмæ чиныгкæ- сæджы хъуыдыйы райсынц цахæмдæр баиугонд. таурæгъон-легендарон фæлпонцы æууæлтæ. Мæн- мæ гæсгæ, сæ нæмттæ дæр легендарондзинадæй: æнæнхъæлæджы ахуырст не сты. Уый чиныгкæсæ- джы зæрдæйы æрыхъал кæны æмæ сæм æрбахæстæг кæны сæ ивгъуыды æнкъарæн. Бандавы се ’мбудæн- тыл, сæ хъусæнтыл, сæ цæстуынондзинадыл. Хъæз- дыг кæныны фæрæз сын у ивгъуыдæй, æмæ уыцы ивгъуыд та абонæй иппæрд нæу, фæлæ бæрæг бæр- цæй уыимæ — æмиу, æмбаст, афтæмæй сæхи æрха- тынц, æрæмбарынц историйы комулæфты бын, сæ- уæнгты базмæлы историзмы æнкъарынад. Булкъайы фырты уацмысы уыцы æхсызгон ми~ ниуæг нырма тынг тыхджын нæу, нырма уымæй æххæстæй æмæ барджынæй нæ улæфы, уыцы* хъуыддаджы йæ ам цы хъыгдары, уый кой дæр ра- кæндзынæн дæлдæр. Фæлæ уый йæ къухы куы баф- та, уæд ын æрхæсдзæн стыр æнтыст. Дзæвгар сты, æппæрццаг фæлгæнцтæн фыссæг тæтæр-монголы æрдонгты ’хсæнæй кæй рахицæн кодта, уыдон дæр. Фæлæ дзы йæ хинтæ æмæ кæлæн- тæн бынтондæр æмбал нæй сохъуыр^ Ногъайæн. Чи- зоны, уый у романы æппæты цымыдисондæр, æх~ хæстдæр фæлгонц. Михал, уый аразгæйæ, равдыста: нывгæнæджы дæсны арæхстдзинад. Иæ персонаж- тæй кæцы фæндыйы тыххæй ма дзура, уæлдайдæр- та сæйраг архайæгæн кæй равзары, уыдон, уæддæр- æй ахæм хуызы ныв кæны, æмæ йе ’цæгдзинадьыг дызæрдыг нæ кæнæм, уынæм æй, æцæг адæймаджьь 233й
^уыд уынай, чафтæ. Уый йæ курдиаты сæрмагонд миниуæг у. Зæгъын хъæуы романы стилы тыххæй дæр. Ро- ман æмткæй ис, Михалæн характерон чи у, уыцы уæлмонц лирикон-романтикон стилы фæлгæтты. Уый йын дæтты зæрдæбын ахаст. Æниу^ уацмысы архайды æрдзон цыдæй, цыма, кайгæ дæр кæны. Фæлæ дзы фыссæджы сфæлдыстадон æз — йæ ха- рактеры индивидуалон хъæлæсыуаг уый бæрц ирд æмæ хъомысджынæй зыны, æмæ йæ нæ бон рахо- нын у роман-монолог йæ бирæ архайджытимæ. Уы- имæ иумæ, уый у роман-хъысмæт, ирон адæмы иу чысыл къабазы цард æмæ мæлæтдзаг тохы хъыс- мæт. Гъе, ацы ран нæм, уацмысы æрмæг лыстæггай бакæсгæйæ æмæ ахъуыдыкæнгæйæ, æвзæры иумæ- йаг фиппаинаг æмткæй романы æрхъуыдымæ, фау æрхæссыны охыл, миййаг, нæ, фæлæ хуыздæр куыд уыдаид, авторы чиныгкæсæгæн зæгъын цы фæн- дыд, уый йæ къухы хуыздæр куыд бафтыдаид, уый охыл. Фыссæг йæ ног роман нывæндгæйæ, куыд загъ- тон, афтæмæй сагъæс кодта йæ адæмы историон цардыл, се стыр тухитæ æмæ фыдæвзарæнтыл, се ’хсар æмæ лæджыхъæд цы историон фæлтæрæнты æхсыст, уыдæттыл. Фæлæ Михал уыдон равдисы- нæн райста ирон адæмы иу къабаз, Ирыстонæй æддæдæр, Ирыстонæй æмæ æмткæй ирон адæмæй локалонæй. Ирыстоны тыххæй, ома ирон адæм раз- дæр дæр, сæйраджыдæр æмæ фылдæрæй кæм цар- дысты, историон, психологон æмæ национ æгъда- уæй дæр нæ уды тæгтæй баст кæдæм æмæ кæимæ стæм, уый тыххæй романы æппындæр загъд нæй, иунæг-иу репликæйы кой куы нæ ракæнæм, «Ну- залмæ дæр искæй куы арвитиккам (æххуыс раку- рынмæ, — Æ. X.)» (198 ф.), зæгъгæ, уæд/ Ирон 234
адæмы иу^ къорды царды хъысмæт куыддæр иппæр- дæй аззайы, не свæййы æппæт адæмы трагедийы хай. Уый бæрæг-бæрцæй хъыг дары романы хабæрт- тæ æмæ фыссæджы фæндийæгтæ дæр зæрдæмæ арфдæр айсынæн. Уый аххос кæнын æз, фыссæг зæрдæбынæй кæ- уыл архайы, ома нæ адæмы ивгъуыд царды хъыс- мæт, царды хабæрттæ абонмæ æрбахæстæг кæнын, абонимæ сын бастдзинады тæгтæ ссарын, нæ уд, нæ зæрдæйы сæ сфыцын, нæ историон цард-уæвы- нады органикон хай сæ скæнын — уым уæддæр цы- дæр кæй не ’фты авторы къухы, уый. Æвæндонæй цыдæр æцæгæлондзинад, иппæрддзинад уæддæр хатæм нæ абоны хи æнкъарынад æмæ романы ха- бæртты, адæймæгты хъысмæтты ’хсæн. Уыцы ссадвæдыл ракойкæнинагыл нымайын, фыццаг бакастæй нæм уадиссаг рæгъмæрахæсси- наг чн нæ фæкæса, иу ахæм хъуыддаг дæр. Фыс- сæг кæны ирон адæмы (сæ иу хайы) историон цар- ды хабæрттæ, фæлæ сæ иунæг ран дæр ирон адæм нæ хоны, фæлæ алантæ. Цымæ цæмæн? Мах алан- тæ хуыдтой европæйаг адæмтæ, фæлæ нæхи нæхæ- дæг хуыдтам æмæ хонæм ирон. Уæдæ нæ уырыс та ас, яс хуыдтой, стæй гуырдзы та — ос, овс æмæ, историон роман фысгæйæ, нæхимæ уыцы нæмттæй куы дзурæм, уæд уый цас раст уыдзæн, стæй цы сæрæн хъæуы. Роман кæд сюжетон-композицион æгъдауæй æмткæй хæрзамад у, уæддæр æм хатæм æрбалва- сынхъуаг бынæттæ, уый хауы уæлдайдæр дыккаг хаймæ — Ордæ æмæ йæ дæлбартæ, зæгбгæ, уымæ. Æгæр лыстæггай нывæнды æмæ æвзары Ордæйы феодалты мидцарды сусæг хинтæ æмæ кæлæнтæ. Æниу нын нæ зæрдæ æлхæны уыдон царды хъуыд- дæгтæ бæрæг-бæлвырдтæй зонынæй. 235
Æмæ ма ноджы: историон романы жанрьгæгæр авантюрнстон ад кæнынц Саукуыдз-быдзæуы фæл- гонцимæ баст коллизитæ. Уый æнæуый дæр бирæ рæтты стыр æнахуыр диссæгтæ кæны, йæ митæ нæм æххæст уырнинаг нал фæкæсынц, æцæг Уас- тырджи-зæды мцниуджытæ райсы. Уæдæ, романы архайды райдиан, уый тæтæр- монголмæ цы хуызты æмæ цæмæн афтыд, стæй ма йемæ аланты рæсугъд Зæрæдайы дæр куыд æмæ цæй тыххæй акодта, сæ дыууæ дæр Саукуыдзы æф- сымæр Цæрайы хинтæ æмæ кæлæнты амæттаг цæ- мæн фесты, æппæт адæттæ æнцон райхалæн æмæ бамбарæн уыдзысты чиныгкæсæгæн? Æппынфæстаг мæ зæгъын фæнды йе ’взаджы тыххæй: романы аив, нывæфтыд æвзаг, æнхъæл дæн, æмткæй раппæлинаг у. Хъуыдыуæттæ фылдæрхатт сты цыбыр æмæцæ- вынц сæ нысан. Цы хъуыды зæгъинаг сты, уый хæссынц æххæстæй — сæ фыррационалонæй нæм, цыма, чысыл уазал дæр фæкæсынц, фæлæ. æртти- вынц тызмæг æрттывдæй. Уæддæр дзы стæм не сты стилистикон дыркъуымдзинæдтæ, хатт дзырд- тæй. нæ фæпайда кæны се ’цæг нысаниуæгмæ гæс- гæ, науæд та æвæрд вæййынц æнæраст формæты, Цыппæрдæсæм фарсыл кæсæм: «Мæ холыйы æрмæст Зæрæдайы маст не ’хсиды». Зæгъынæй фæндыд, ома " мын мæ буар канд Зæрæдайы маст не ’фхæры. Холы та цы у ам? Ацы фæлдæхт ныхасыл æмбæлæм гуырдзиаг æвзаджы, фæлæиро- нау нæ фидауы, кæд дзы метафорæйы хуызы пай- да кæны, уæддæр. «Разæйцæуæг йæ бæхы фæурæд- та» (22). Зæгъын хъуыд: фæурæдта йæ бæх. «Дæ мады ибкъæйы бын бамбæхс» (30). Ибкъæ нырык- кон дзаумайы ном у, нырыккон дзырд, .ныхас цы рæстæгыл цæуы (XII—XIV æнустæ), уæд нæма 236
уыд. «Дунейы артсыгъды мидæг» (39). Артсыгъд нæ — зынгирвæзт, арт. «Нæлыстæгыл бирæ дзу- рын нæ фидауы» (53). Ацы дзырд дæр арæх сæм- бæлы романы æмæ тыхаразгæ у, дзурынц сылыс- тæг, фæлæ -нæлыстæг— на^, — нæлгоймаг. «Цæ- мæн уарыс зæнæг» (53). Ома цæмæн арыс. Раст- дæр та уыдаид цæмæн. кæныс (уадзыс) зæнæг? «Сиучъытæ» (69) сиучыты бæсты. «Нæ зæрдæйы ныййарæджы азæлд æм фæхæццæ кæн» (150). Цы у ныййарæджы азæлд? «Бæрцыты сæртæ нызæф- тыд æвзистæй конд» (179). Уый анахронизм у. Монголты æрбабырсты заман ирон дарæсыл бæр- цытæ нæма уыд, бæрцытæн сæ нысан топпыхос да- рынæн уыд, топпæй та уæд нæма æхстой. «Митфæл- д-æгъдæн къултæ æхсадта» (195). К/ьултæ ныхс-- дзæп къæвда, фæлæ митфæлдзæгъдæн уый нæ бакæндзæн. «Æбуалгъ æмæ мæм æлгъыстæй мæ фаг ис» (202). Æбуалгъ хпцæнæй ницы амоны, уый эпитет у æмæ йæ фæдыл домы бæрæгкæ- нинаг дзырд —æбуалгъ хабар, æбуалгь ми æмæ •афтæ дарддæр. «Хуыцау ацы быцаты æвварс фæ- уæд» (204). Уый дæр гуырдзиаг æвзагæй тæл- мац у, уым фидауы, иронау-та зæгъын хъуыд:«Хуы- цау ацы бынаты æххуысгæнæг (фæдзæхсæг) фæ- уæд». «Симгæ уайæг бæх» (206). Бæх симгæ нæ уайы, — сиргæ æндæр хъуыддаг у. «Фадат нæ уард- та» (218). Ома нæ ардта. «Рузиктæ æмæ алантæ фаллаг фарсмæ бахизæд» (242). Мивдисæг бахизæд ^м ис иууон нымæцы, афтæмæ|й тй хъуамæ уыдаид бирæуон нымæцы, ома бахизæнт. Цæмæдæр гæсгæ - романы мидæг æмткæй бирæуон нымæцы формæ- йы бæсты пайда чындæуы иууон нымæцæй, «...зæгъы уый æмæ нæ мидæмæ хынцы» (279). Уазджыты хорз фæхынцыдта, балæггад сын кодта — дзурынц, мидæмæ, хæдзармæ та сæ хонгæ бакæнынц, хынц- гæ — нæ. 237
Ахæм дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ æгæр арæх сты романы, цы бирæ корректорон рæдыдтытæ дзы ис, уыдон кой нал кæнын. Уыдон иууыл иумæ къæм æппарынц уацмысыл. Æз романы æппæт хорздзинæдты тыххæй нæ загътон. Цы фиппаинæгтæ мæм ис, уыдон тыххæй дæр лыстæггай нæ фæдзырдтон. Уыдон сæйраг дæр не сты. Сæйраг у, Михал ирон литературæйы хæр- зæбонæн кæй кусы, цы фыссы, уыдоныл бæрæгæй кæй зыны дæсны лæджы æрмдзæф, уыцы æрмдзæф кæй хæссы, йæ ног роман «Дæ фыдæлтæ — рух- саг» дæр. Уый домы йæхимæ чиныгкæсæджы лæм- бынæг ахаст æмæ нæ ныфс ис, уыцы ахаст кæй ра- зындзæн, ирон литературæ чи уарзы, иузæрдион чиныгкæсæгыл йæхи чи нымайы, уыдонмæ. 1983. ПОЭТЫ НУАЗÆН Хурскæсæйнаг поэзийы классикты чингуытæм куы ’ркæсай, уæд дзы арæх фембæлдзынæ ахæм нывыл: поэт бады цъæх нæууыл, гъе та рæсугъд нывæфтыд тауызыл. Йæ дарæсæй, æппæт йæ кон- дæй у йæ алфæмбылай æрдзау идиллион. Иæ къу- хы — сырх сæнæй йедзаг нуазæн, йæ зæрдæйьг хъæлдзæгæн гаджидæуттæ уадзы. Зынтæй æрæмысдзæн чифæнды дæр ахæм æвæ- джиаг, зæрдæфæндон цард. Чи ма зæгъа, уый поэт нæ, фæлæ хуыцауы ’мсæр паддзах у. Цæмæн афтæ ныв кæнынц поэты? Нæ зонын,. чи куыд хъуыды кæны, фæлæ æз æнхъæлын — уьш 238
царды рæстдзинад нæй. Куыдфæнды ма уæд, уæддæр^ поэты æмбæстагон миссийыл нæ фидауы бухъ цард„ алцæмæй æфсæст æмæ разыйы цæстæнгас... Нæ вæййы афтæ. Æмæ царды цы нæй, уый аивады дæр ма агур. Уымæ гæсгæ йæ нымайын фæуддзаг тра- дицийыл. Уый мын Дзуаццаты Хадзы-Мураты æмдзæв- гæ «Æз ацы нуазæн...» æрæфтыдта мæ зæрдыл. Уы- мæй райдайы йе ’мдзæвгæты ног æмбырдгонд дæр «Фæдисы æртытæ» (1967), зæгъгæ. Поэты бæрн- дзинад æмæ хæс адæмы раз, царды раз æндæргъуы- зон сты ацы уацммысы. Æмдзæвгæ æргом кæны æмткæй чиныджы мид- хъуыды æмæ характерон у Хадзы-Мураты лæджы- хъæдджын, бæрзонд пафосон поэтикон темпера- ментæн. Æз ацы нуазæн мæ къухмæ куы райстон, уæд — Чидæр райгуырди... Кæуылдæр нывæрдта Иæ уадæмдых дамгъæ мæлæт»... «Цыдæр су^æг раргом...», «Чидæр... къæпийæ хидкалгæ рувы»... «Бомбæ уæлдæф-æмæ зæрдæты рæдувы...» Кæрæдзийы фæдыл, киноэкраныл æв- дисæгау, ’цæуынц зæххон цинтæ æмæ хъыгтæ. Чи- дæр загъта — поэт дунейы сæмæн у, зæгъгæ, æм-- дзæвгæйы лирикон хъайтар лæууы дуджы æмæ ду- неты тымыгъты астæу, йæ риу сæм байтыгъта. Буарæн йæ кæцыфæнды хай риссæд, уæддæр уды рис, у, дунейы кæцыфæнды къуымы хъæрзæнт адæм, чи фæнды дзы кæнæд рæстагæй утæхсæн, поэт æм кæса, æмæ фæдисы дзæнгæрджытæ ма цæгъда, уый бар ын нæй. Ахæм у Хадзы-Мураты. 239
«лирикон хъайтары æмбæстагон æмæ гуманистон *сагъæсы масштаб. О, ацы нуазæн, куыд маст дæ, куыд адджын дæ! Дуг дæ схай кодта ’мæнæн, мæ фадат — зынвадат, Æмæ дæ нæу мæ бон ныууадзын. Цыма Зæхх дæ мидæг, марг æмæ сæкæрау, батад Æмæ дæ бындзарæй нуазын. Гъе, ахæм у поэты нуазæн, уымæй æнцондæр нæ! Йæ хуылфы Зæхх, марг æмæ сæкæрау, батад, æмæ - йæ нуазы. Ма йæ баназа, уый гæнæн нæй, поэтмæ ’йæ хъысмæт у тынг æгъатыр. Ацы хъуыды йæ рай- диан хæссы, Хетæгкаты Къостайы тыххæй ирон адæммæ иы легендæ ис, уымæй. Уым, цыма, Къос- тамæ ралæвæрдæуыд нуазæн, йæ хуылфы марг кæ- мæн ныттагъдæуыд, ахæм, фæлæ йæ уый уæддæр нæ аздæхта, банызта йæ. Чиныджы лирикон хъайтар алыран у ахæм, — ’рæстдзинады сæраппонд сæрнывонд, зындзинæдты ныхмæ — фæразон. Зæрдæйæн дзурынц (æмдзæвгæ «Зæрдæ»): «Чыргъæды ахст дæ маргъау... арзмæ ма тæх... хорзæй хорз ма зæгъ»... фæлæ уæддæр «Зæрдæ ныффыссы бархи æмдзæвгæ... Зæрдæ атæ- хы арвæн йæ арфмæ... Зæрдæ хорзæн ракæны ар- фæ». Æфсымæртæ фæцыдысты хæстмæ (æмдзæвгæ «Хæдзар — тулдзкъул»), ничиуал сæ æрæздæхт фæс- тæмæ. Хæдзар «нал уыиы йæ зæронд сæрбосы, гуы- бырæй ацыдысты йæ зæронд усимæ... æ^мырæй ацыд сæ чызг дæр, ацыдсæ чындз дæр. Фæлæ хæдзар ,240
нæ амард... Иунæг лæгбындар йæ гутон хуымы ныс- садзы. Раивта... хистытæ, мардзæ, чындзæхсæвæй, хъарæджы раивта зарæг». Æндæр ран (æдзæвгæ «Ме ’взаг»): «Чи дыл нæ фæлвæрдта тых! Атилла дæ... тардта... Тимуры æфсæдтæ сæ къæхты бын ыссæстой дæ фæндтæ, дæ фæдтæ... фæлæ дæ фæдтæ... æрттывтой-иу зæх- хыл бæрæгæй, арфæй, цыма стъалытæ-арвæй!». Ноджы æндæр æмдзæвгæйы: «Хатт ацæуын зæххы (æмдзæвгæ «Æз чысыл дон дæн»)... Мæ цæры- нæй чи вæййы æнхъæл ма! Фæлæ рацæуы рæстæг — мæ ныхас та хъуысы, мæ хъæлæба». Нæ мæлы цард. Æмдзæвгæты уыцы оптимистон хъуыды-æн- къарæн куы уаид былалгъæй цæугæ, уæд нæ бирæ дзурыны сæр дæр нæ хъæуид. Æмдзæвгæты лæ- гуарзондзинад — хæрамыл, цард — мæлæтыл, æх- сар — тæппудыл, рухс — талынгыл уæлахиз кæ’- нынц иунæг рæстдзинады, цардон-аивадон рæст- дзинады бындурыл. Ацы контрастон атрибуттæ, уæлдæр цы ’мдзæвгæты кой скодтон, уыдон мидæг зынынц æргомæй, предметонæй, æмдзæвгæтæ ком- коммæ амад сты уыдоны кæрæдзиимæ æнæбафи- даугæ тохыл. Поэт иукъорд æмдзæвгæйы дзуры лæджы уды- хъæд сыгъдæггæнæг бæллицтыл, æмæ уæд бæл* вырддæрæй разыны йæхи индивидуалон зæр- дæйы уаг дæр, йæ хъæлæс вæййы æнæрцæф. Дон, цæугæдон, незаманы дæр цыдис. Цæмæн у йæ уад: фæдис! фæдис! 1 Фæрсы поэт йе ’мдзæвгæ «Фæдис»-ы. Ау! Незама- нæй нырмæ фæдис ’ хъæргæнæн куыд ис? — поэт, цыма, йæхæдæг дæр дисгæнгæ фæрсы. О, ис, 16. Æлборты X. 241
цæмæй æвæлмон, æнæмæт, пъæззыйау, ма ныбба- да уæнгтыл, цæмæй зæрдæты туг иудадзыг æхсида. Цæугæдон фæдисы хъæр кæны, цæмæй йæм æрцæ- уой, æмæ феной, «Уый куыд рæзы æдзухдæр, куыд сæры — æнæнцой», æмæ йæ адæм дæр бафæзмой. Топпы дзыхмæ цæугæйæ дæр иударон чи уыд æмæ сæрибар йæ тугæй чи æлхæдта, уыцы хæс- тонтыл поэт фыссы æмдзæвгæ, «Æнæном стъалы- тæ», зæгъгæ. Сæхи нæ мардтой чинтыл, хорзæхтыл, уазал пьедесталтæй нæ зындысты сæхимæ. Цызæхх судæст сæ тугæй, уым ссардтой се ’нусон æнцой дæр. Поэтæн æнæном салдæттæ сты æрттивгæ, æнæ- хуысгæ стъалытау: Мæ зæрдæ, сау арвау, уæ сæрмæ байтыгъди Æмæ дзы æнæном стъалытау судзут. Æндæр равг ис æмдзæвгæ «Судзы Ног Афон»- æн. 1899 азы Къоста фыста Ног Афоны моладзан- ты æнæгъдау, æдзæсгом миты тыххæй, уыдон æнæв- гъау эксплуатаци кодтой адæмы æууæндаг зæрдæ. Æмдзæвгæ у æндыгъд, импрессион. Хъызт ден- джыз æмæ знæт кипаристы фоны зыны Къоста, йæ иударон цухъа æмæ цардæфхæрд зæрдæимæ. Мо- ладзантæ йæм се ’рфгуыты бынты кæсынц: «хъа- майæ нæ, дæ цæстытæй дын тæрсынц». Къоста цæуы. Куы йæм баххæссиккой мола- дзантæ, уæд æй лыстæг пирæнгæмттæ ныккæник- кой, фæлæ йын йæ цæсстытæм куы бакæсынц, уæд æмбæхсынмæ фæвæййынц. Иæ цæстыты «Ног Афон судзы». Ног Афон ассоциативон æгъдауæй æмиу кæны ног рæстæгимæ, Ног Афонимæ æмæ уымæй йæ историон-социалон ахадындзинад кæны цæс- туынгæ æмæ тыхджын. 242
Лæджы сæры аргъ, лæджы ном æмæ кадыл дзурæг у æмдзæвгæ «Дзырдтæ». Дзырдтæн аслам- гæнæн нæй. Дзырдты нæ хъæуы ивын, уæй кæнын„ уыдон хъуамæ уой лæджы сыгъдæг намыс æвди- сæг. Дзырдтæ, æз уæ мæ дзыхы аслам кæнын нæ бауадздзынæн, — зæгъы поэт æмæ бæллы, куыд æхсызгон, куыд ад- джын уыд лæджы дзыхæй схауæг фыццаг дзырд, уымæ. Уый нæма уыдис ницæмæй чъизи, æрхæн- дæг Дуне йæм худтио; тæмæнкалæг миражау: Дзых схæлиу... Æмæ дзы райхъуыст — Уарзын! Йæ цæссыгтæ рустыл кæлынц гæр-гæрæй. Поэты сагъæс у, цæмæй дзырдтæ ма сафой сæ фыццаг аргъ. Рагсфæлдисгæ æрдзон хуымæтæгдзинадмæ бæл- лыны хъæлæс нæ дуджы, атомон карз, тызмæг ду- джы бирæ поэтты сфæлдыстады хъуысы.бæлвырдæй. ,Уый канд бæллиц нæу, фæлæ у сидт адæммæ, рæ- сугъддзинадмæ, кæрæдзи уарзынмæ, æнæхин, æнæ- хыл, сабыр цардмæ. Хадзы-Мураты лирикон хъайтар дзуры: «Æз абон сахарæй ацæуин... Ацæуин цъыф æмæ рыгæй... бацæуин хъæдмæ... хæларзæрдæ къутæртæй исин лæвæрттæ... сывæллоны удау нæ зониккой уай- дзæф... Ныггуыбыр кæнин суадоны авджын цæ- хæрмæ... мæхинымæр раин æмæ искуы къутæры фарсмæ къаннæг æрдузы митæмбæрзт къутæрау цадæг æрхауин». Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы,, æмæ лирикон хъайтар цивилизацийæ фæлидзын- 243-.
мæ рабаста йæ гæрзтæ. Æмдзæвгæйы кæд ис æрдз æмæ адæймаджы æмахасты æддагон-сюжетон ;афыст, уæддæр дзырд цæуы лæджы мид-зæрдæйы цардыл, лæджы уды æхцон сыгъдæгдзинадыл. Вæййы ахæм уысмтæ, æмæ адæймаг æхсызгон æнкъарæнты, цыма, сиу вæййы йæ алфæмбылай дунеимæ, æрдзимæ, цыма уый дæр, бæлæстау, къа- бæзтæ суадзы. Рæсугъд æмдзæвгæ ныффыста уый тыххæй поэт, «Уары», зæгъгæ. Уый ’ æрæмысыд саби уæлыгæсты æгъдау. Иæ дзаумæттæ раласта, дуры бын сæ бакодта, йæхæдæг бæгъæмЁад, бæгъ- нæгæй къæвдайы бын слæууыд: Мæ къæхтæ зæххы уидæгтæ уадзынц, Цъирынц зæххы сой, зæххы умæлад. Хатын, цыма рæзын.*. рæзын Мæ цæнгтæ цæуынц хæрдмæ, сыфтæр æфтауынц, Хадзы-Мураты курдиат æмхиц у, царды сæйраг цы у, адæймаг йæ цæст цæуыл хъуамæ æрæвæра, уыдонмæ, æрвылбонон хъуыддæгтæм, кæсы фæл- гъаугæ цæстæй. Цард кæддæриддæр цард у, æн- цон никуы’вæййы. Æнцон вæййы æрмæстдæр æбæрн, æнæмæт адæймæгтæн. Æмæ кæд иуæй-иу поэттæ былалгъæй фæзарынц царды «æвæджиаг, æввонг хæрзиуджытыл», алцæмæй дæр вæййынц къахæй- къухмæ ифтонг, æххæст, уæд уый сæ поэзийы æмæ сæхи уды цыбыркъухыл дзурæг у. Ахæм хъарм къухы ныхæстæ чиныгкæсæджы иуварс кæнынц царды ахсджиаг хъуыддæгтæй. Хадзы-Мураты ли- рикон хъайтарæн цæрын æнцон никуы вæййы, сом- бонмæ тырны, фæлæ йæ зоны, уым æм цæлы фынг- тæ не ’нхъæлмæ кæсынц, зоны йæ, цард кæ^й у тох :244
æмæ цæрыны бар кæй ис æрмæстдæр тыхджын уды- хъæды хицау «адæймæгтæн. Иæ иу æмдзæвгæйы, «Ды мæ саби...», зæгъгæ, фыдæн, цалынмæ йæ саби царды гуылфæнмæ нæ бацыд, уæдмæ йын фæ- дзæхсы, цард хъазын, худын кæй нæу. Æмдзæвгæтæ «Уадзыны элегн», «Мæн нæ уыр- ны» æмæ «Мæлæт» уымæй хицæн кæнынц, æмæ сæ поэт йæ зæрдæ кæронмæ «сбæгънæг» кæны, цы- ма йæ ничи хъусы, ничи йæ уыны, кæмдæр хибар ран бады, æмæ йæ зæрдæйы дзурæнтæ кæны. Рæсугъд, лæджыгъæдджьш æнкъарæнтæ ис асы- йаг æмдзæвгæты циклы. Авторы хи поэтикон нату- рæ дзы бæрæгæй зыны дыууæ æмдзæвгæйы: «Куыд тæф кæнынц дæ дзыккутæ...» æмæ «Галы сыкъаты». Уæлдай аивдæр дыккаг у. Хиныхæстæй йын нæй радзурæн, хъæуы йæ лæм- бынæг бакæсын, æрмæстдæр ын афтæмæй банкъар- дзынæ йæ поэтикон аивдзинæдтæ. Мæгуырау нæ уыдаид «Мæлæт Чегемы» дæр, фæлæ авторы æна- хуыр поэтикон уæлтæмæн æгæр асайдта йæ фæдыл, æмæ дзы кæд ис хицæн зæрдæмæ^съарæг бынæттæ, æмдзæвгæйы ритм -чиныгкæсæджы йæ уацары ба- кæны, уæддæр авторы хъуыды æххæстæй нæ раргом, знæт æнкъарæнты~ æмæ фæлгæнцты зæй йæ сæ бы- ны ныссæстой. Иæ поэтикон хъуыды æгæр уæлæн- гай, стæй аразгæ у æмдзæвгæ «Чи зоны»-йæн: «Чи зоны нæ фæнды хæхты æмæ дæттæ-хотæн исчи цъус сæ ад дæр бамбара...», фæлæ- уыдон уæддæр цæ- уынц, фос дзы сæхи найынц, донхæр дзы кæнынц. Æппынфæстагмæ дон фесты харбызтæ, нартхор, дыргъдон... Арф хъуыды æмæ æлвæст, гуырвидыц конд æм- хиц сты къаннæг æмдзæвгæтæм. Уæрæх афыстытæ сæ нæй, рæстæджы цæстныкъуылд рацахсын, ис- кæцы къаннæг деталæй поэтикон хъуыды рахæс- сын у сæ сæйраг миниуæг. 245
Чиныджы æппæт æмдзæвгæтыл æрдзурын, чи зоны æмæ тынг ахсджиаг дæр нæу. Сæйраг. у поэты æрмдзæфы иумæйаг æууæлтæ рафæлгъауын, фæлæ ма мæ ам цалдæр æмдзæвгæйы тыххæй фæнды мæ хъуыды цыбыртæй зæгъын. Уыдон чиныджы иннæ- ты ’хсæн зынынц бæрæгæй, сæ афыстæй дæр, стæй сæ цæуыл дзуры, уымæй дæр. Зæрдæбын, публицистон манерæйæ фыст у æм- дзæвгæ «Ме ’взаг». Публицистон кæй у, уый амоны йæ афыст, йæ хъуыдыты нывæзт. Даргъ æмæ цы- быр рæнхъытæ кæрæдзи ивынц фæд-фæдыл, уый йын дæтты хъандзал интонаци. Æмдзæвгæ раз- дæр мыхуыр уыд «Фндиуæджы», æмæ уæд бирæ стырдæр уыд, ныр æмбисбæрц фæкъаддæр. Раст. бакодта автор, кæй йæ балвæста, уымæй, фæлæ мæм афтæ фæкаст, цыма йæ æгæр бахсæста, йе ’нæпайда къабæзтимæ йын йæ дзæбæх цæнгтæй дæр ацагъта æмæ уацмыс фæцух йæ фыццагон гар- монийæ, композиицион кондæй. Тæккæ йæ фыццаг рæнхъы ныццæлхъ кодта тынг бæрзонд хъæлæсæй æмæ кæронмæ удаистæй згъорынмæ фæци. Ау, су- лæфын дæр дзы нæ хъæуы? Æмдзæвгæ аивад у канд йæ поэтикон хъуыдытæ æмæ фæлгæнцтæй нæ, фæлæ • йæ конд, йæ амадæй дæр, иу рæнхъæй иннæмæ, иу -хъуыдыйæ иннæ хъуыдымæ хъуамæ рæзгæ цæуа. Раст мæм нæ кæсы ахæм бынат дæр, — поэт зæгъы йе ’взагæй, æмæ уый хауы адæммæ дæр: «Дьт знаджы раз никæд ныггуыбыр дæ... ху- динаг сæрмæ нæ хæссыс». Афтæмæй та знаг Аланы куы сырдта, уæд «афтид армæй æфснайдтой нæ хæхты сæ сæртæ». Афтæ зæгъы æмдзæвгæйы, æмæ уый алан-иры æхсарыл дзурæг æппындæр нæу, тæп- пуддзинадмæ тасы. Хадзы-Мурат амæйразмæ бирæ фыста æмæ ным- мыхуыр кодта, кæй периодикæйы, кæй та хицæн чингуыты, даргъ, æнæхъуаджы даргъ æмдзæвгæтæ. 246
Уыдонæй цалдæр ацы чиныгмæ дæр бахауд. Ахæм- тæ сты: «Фæндаг», «Поездтæ», «Дæгъæлтæ». Æнæ- хъуаджы бирæ дзырдтæ сыл кæй бахардз кодта, уымæй дарддæр ма сæм цы фау мс? Фылдæр сты уазал зæрдæйæ, бакæсæггаг æмæ фехъусæггагæй фыст. Дæгъæлтæй 1адæм дуæрттæ æхгæнынц, сæ дзыппыты сæ дарынц, уый алчи дæр зоны, фæлæ æмдзæвгæ цæмæй поэтикон уацмыс суа, уый тых- хæй йæ хъæуы æндæр дæгъæл. Афтæ куы зæгьай: «Дæгъæлтæ! Мæ къух уæ сфæлмæцыд, мæ къух уæ бафæллад, хъуамæ мауал уат, мауал уат!», уæд уымæй æцæг нæ фесæфдзысты дæгъæлтæ æмæ æх- гæд-зæрдæтæ нæ байгом уыдзысты. «Дæгъæлтæй» бирæ хуыздæр нæ рауадысты «Поездтæ» дæр. По- ездтæ тулынц æнæрынцойæ рельсытыл, уыдон ла- сынц адæмы, ласынц хортæ, базайрæгтæ, тулынц зæххы цъарыл алы ран дæр. Адæттæ сты æмдзæв- гæйы, æмæ уымæй дарддæр зæрдæйыл ницы æнкъа- рæнтæ æфтауынц. Хицæн зæрдæмæдзæугæ нывтæ ис æмдзæвгæ «Фæндаджы», фæлæ æгæр ныддаргъ, нымайы, хæхтæ куыд ивтой ног дуджы сæ хуыз, куыд хъæздыг сты, куыд рæсугъд... Йе ’мдзæвгæты ;уыцы сахъатдзинад автор йæ- хæдæг дæр фæхатыд, æмæ фæстагмæ цы æмдзæвгæ- тæ фыссы, уыдоныл бæрæгæй зыны, кæй фелвæст- дæр сты, уый. Æмткæй Дзуццайы фырты поэзи у хъуыдыты поэзи, уый ноджы фæбæлвырддæр ис ацы чиныджы. Æвæццæгæн, йе ’мдзæвгæтæй бирæ- тæ хатт сур^уазал ’амад кæй вæййынц, уый дæр уырдыгæй цæуы. Сæрмагондæй зæгъыны аккаг у, поэт дзырдыл куыд кусы, йæ хъуыдытæ зæгъынæн цы поэтикон амæлттæй пайда кæны, уый. Хадзы-Мураты хуыз- дæр æмдзæвгæты зыны, дзьтрд, дæсны сисамайæгау, кæй фæрабар-бабар кæны, кæй йын ссæрфы йæ рыг æмæ йæ афтæмæй кæй бахæссы æмдзæвгæмæ.Шоэ- 247
ты хъуыдымæ гæсгæ дзырдæн уæз, хуыз куы нæ уа, уæд йæ сæр ницæмæн хъæуы. Дзырд хъуыдыйады æмæ æмдзæвгæйы дæр-хъуамæ уа æххæстбарджын æмæ’ бæрнджын, хъуамæ поэты хъомыс æнкъарой ’дзырдтæ, уойк йын.|коммæгæс. Фæлæ сын хатт æгæр хивæнд митæ куы бакæны, æгæр сæ куы сыздухы, уæд дзырдтæ цы сты, уый нал вæййынц: «Мæ цæ- рынаей чи вæййы æнхъæл ма!» — афтæ нæ<дзурынц иронау, стæй поэтау дæр. Æххæст аив нæу «талынг сæумæ» зæгъын дæр. Куыд бамбарæн ис: «Мæ бе- цыкк мæ ныууагъта, фæззыгон кæрдæгау, къуып- пыл». Чи кæй ныууагъта? Ахæм цæвиттонтæн сæ нымæц фæфылдæргæнæн ис, фæлæ се ’ппæты сæр, мæнмæ гæсгæ, ницæмæн хъæуы. Поэт сæ йæ зæрдыл куы бадара, ’уæд æн- цон скуынæггæнæн сты. Сæйраг у, йæ къухмæ цы нуазæн райста, уый кæй нæу хуымæтæджы зæрдæхъæлдзæггæнæн, куыв- ды, чындзæхсæвы рæгъыл лæгмæ кæй авæрынц, ахæм. Уый у бирæ бæрзонддæр, бирæ бæрнджын- дæр, зындæр. Уый у поэты нуазæн, поэзийы нуа- зæн, хъысмæты нуазæн. Иæ зын йæ райсыны куыд ис, афтæ ис йæ нуазыны дæр. 1968 ПОЭЗИ — ФЫЦЦАДЖЫ-ФЫЦЦАГ Фыццаг хатт нæ хъусынц Мыртазты Барисы ном ирон чиныгкæсджытæ. Рауагъта цалдæр поэтикон æмбырдгонды. Скъоладзаутæ йæ ахуыр кæнынц ли- тературæйы хрестоматиты. Барис нæ поэзийæн;цы хæрзиуджыты бацыд, уы- 248
дон быцæуаг не стьг, дзырдтой сыл нæ критикон ли- тературæйы дæр. Мæн фæнды бæрц ныхас зæгъын йæ ногдæр чиныг «Æз ирон дæн»-ы тыххæй. Мы~ хуыры рацыд 1968 азы Хуссар Ирыстоны паддза- хадон рауагъдады. Чиныгмæ хаст æрцыдысты, поэт фæстаг азты кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæты дыууæ стыр ци- клы: «Гаджидæуттæ» æмæ «Æнæ фæхудгæ, æнæ фæкæугæ сæм чи лæууыди»., Цы фæнды йæ ног чиныгæй зæгъын Барисы? Цы у йæ сагъæсты сæр? Æппæты фыццаг — Ирыстон, йæ фыдыбæстæ. Ирыстоны хæхтæ æмæ дæттæ, йæ адæм .æмæ йæ хæлæрттæ, йæ абон æмæ йæ сом- бон — уыдон нымайы поэт йæ дзуринæгтыл. Ацы чиныджы дæр та автор*йæхи равдыста цы- бæлзæрдæ поэтæй. Иæ иу æмдзæвгæйы, «Уырдыгыстæг», зæгъгæ, зæрдæйы æхцонæн мысы йæ лæппуйы бонтæ: «Нæ сыхы цин æмæ хъыджы бон æдзух уырдыгыстæг лæууыдтæн». Цин æмæ хъыджы дæр адæмимæ уæ- вын, семæ хæлар къæбæр хæрын бæллицаг хъуыд- даг у. Адæм^ы ’хсæн, адæмы ныхасмæ хъусгæйæ, йæ- хи афтæ амондджын æнкъардта æмæ «хуыцау куы ’рхызтаид мæ размæ, уæддæр нæ кастаин хуы- цаумæ», — загъта автор. Ныр поэт йæ тæккæ лæджы кары куы бацыд, йæ ивгъуыд, йæ а,бон æмæ йæ сомбонмæ дæр æмбаргæ цæстæй куы акаст, йæ царды нысан бæлвырддæр куы бамбæрста, уæд зæгъы: Тæхуды, хисдæрты хъæугæйæ, Фæцу сæ тымыгъты бæрзондмæ, Фæцæр уырдыгыстæг лæугæйæ, Нæ ирæн сабийæ зæрондмæ, Рагон* æмæ æрыгон сагъæс. Адæмимæ æмдзæрчнæй цæрын, сæ амондæй 249
амондджын уæвын ноджы арф æмæ поэтикондæ- рæй разынд йе ’ннæ æмдзæвгæйы — «Цы фаг у рæс- тæг?» (сæр ын нæй), «Мæ фыссæнгарзыл раст хæ- цын кæм зонын, уым гутондары фарнæй у фыццаг». Поэт йæ бæллицтæ иу кæны хуымгæнæджы бæл- лицтимæ. Фæлæ уæддæр йæхицæй бынтон райгонд нæу æмæ амондджыныл нæ нымайы йæхи, уымæн æмæ: Мæ райгуырæн боны цæуыл кæнон цин! — Мæ чиныгкæсджытæ æрмæст ысты мин. Уый дæр органикон æгъдауæй бады, уæлдæр цы хъуыдыйыл дзырдтам, ууыл — адæмимæ иу хъыс- мæт, иу амондæй цæрын. Поэт нырма æрмæст мин зæрдæйы уарзт ссардта(йæ фыстытæй. Цъус сты. Афтæмæй та куыд стыр у дуне! Поэт йæ бæллицтæн нæ зоны арæн, фæнды йæ æнæхъæн дунейыл аххæс- сын, æнæхъæн дунейæн йæ зæрдæ кæрдихгай байуа- рын. Уæлдæр загътам, зæгъгæ, чиныджы сæйраг мо- тив у Ирыстоны, фыдыбæстæйы уарзондзинад. Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы, ома Мыртазы фырт Ирыстонæн номарæн ’æмдзæвгæтæ фæфыста. Ахæм дзы, чизоны, иу дæр нæ разына. Ирыстоны фæл- гонц цæры поэты æппæт сагъæсты фæсаууон афтæ, æмæ йын бамбæхсæн нæй. Уый раппæлинаг хъуыд- дагыл нымаинаг у. Фæлæ уæддæр Ирыстоны уарзондзинад æппæ- тæй хуыздæр равдыста йæ иу цыппаррæнхъон æм- дзæвгæйы: Куы райгуырдтæн, уæдæй фæстæмæ Нæ хæхтæм сахуыр дæн кæсын; Куы нал сæ фæуынын хæстæгмæ, Уæд бакуырм уæвынæй тæрсын. Гæнæн уыд, æмæ автор йæ ацы къаннæг æм- дзæвгæйы цы хъуыды бавæрдта, ууыл бахардз код- 250
таид фылдæр дзырдтæ (хъыгагæн дзы ахæмтæ дæр ис). Иннæ’æмдзæвгæты хатт констатаци кæны уыцьт иумæйаг хъуыды, — ома уарзын Ирыстоны, æнæ уый мæ цард ницы у: Куынæ уынон, нæ Ир, дæ хурыскаст сæумæ, Дæ хæхтæй дард куы уон, зæххы цъарыл куы зилон, Адзалы бон уæддæр æрцæудзынæн дæумæ. Иу бакастæй, цыма, æмдзæвгæ бафауинаг нæу, фæлæ цы дæтты) фыццаджы уæлдай, фæлхат æй цы кæны, уый йеттæмæ? Поэт йæхицæн стыр хæрзиуæгыл нымайы, зæх- хыл иронæй кæй райгуырд æмæ кæй цæры, ирон туг йе уæнгты кæй фыцы, уый. Мæнгæй нæ зæгъы йе ’мдзæвгæ «Æз ирон дæн»-ы: «Æз ирон дæн, ирон дæн, ирон дæн». Иннæ æмдзæвгæйы та: Ироиау цæрын у зæххыл мæ хæс,( Мæлгæ дæр хъуамæ акæнон иронæй. Уый хорз бæллиц уь стæй фидар æмæ æнæаипп удыхъæдыл дзурæг, !фæлæ йæ дзырды сæйраг цæ- мæн кæны? Алчидæр, æнæмæнг, искæцы бæлвырд нацийæ у, фæлæ ма йæ ноджы адæмæн сæрыстырæй уæлдай хатт куы бæлвырд кæна, уæд æй йæ адæмы тыххæй, æвæццæгæн, уæлдай цыдæр зæгъын фæн- ды. Цы зæгъын фæнды Барисы та? — Бæрæг нæу. Бæрæг нæу, уымæн æмæ кæд æмдзæвгæйы удаис- тæй байдыдта йæ ныхас: «Æз ирон дæн, ирон дæн, ирон дæн», уæд фараст рæнхъы фæстæ та хъусын кæны: «Æз — уырыссаг, гуырдзиаг... æз — соми- хаг, таджикаг...» — Ацы ныхæстæ аивадæй кадавар сты æмæ чиныгкæсæджы зæрдæмæ никæцы ’рды- гæй хъарынц. Бирæ дзуры йæ чиныджы ирон адæмы рæсугъд æмæ цæрæццаг æгъдæуттыл: 251
Ирон æгъдау куы нал зона ирон, Уæд уый уыдзæн æнæуидаг бæЛасау. Ахæм поэтикон формулæйы ’фæрцы æргом кæ- ны, адæмон æгъдæуттæм ын цы ахаст ис, уый. Æмæ уый раст у, лæгæц йе ’гъдау йæ гакк у. Æрмæст Барис йæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ сæ материалон дунейыл кæм дзуры йе ’мдзæвгæты, уыцы бынæт- тæм тынг æмхиц у экзотикæ. Поэт сæ мысы, къух кæмæ нал æххæсы, ахæм зынаргъ хæзнатау: «Мæ фыдæлты рæсугъд фæлыст куыд рох у», «Нæ уыд кæсдæрæн хисдæрты цур бадæн... Кæсдæр йæ \уæл- хъус хисдæрæн лæууыд... Æдзухдæр кодта хисдæ- рæн лæггæдтæ». Æмдзæвгæтæн ма уыцы сагъæсæн бабыхсæн ис, фæлæ хъуыддаг уый у, æмæ æгæр уæлæнгай фыст сты. Ничиуал дары ирон дарæс, уымæн ис, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи аххосæгтæ, фæлæ уæддæр поэты фæнды, куы уаид ирон дарæс (цухъа, куы- рæт, нымæт, хъама æмæ афтæ дарддæр). Цæмæн? Уымæн æмæ: «Куы зыдта, уым (ирон дарæсы, — Æ. X.) нæртон æхсар æвдисын» (ныр æй европæйаг дарæс хъыг дары йе ’хсар æвдисынæн?) «Нæ азты нын æнгом дзаума æмбæхста, — зæрондæй д’æр лæппуйау уыд æмбæстап» (?) Поэ’т не ссардта ирон дарæс среабилитаци кæ- нынæн амал, æмæ йæ хъуыды фæцис ахæм хуымæ- тæджы рæнхъытæй: Ирон фæлыст европæйаг фæлыстæн Ахъаззаджы æмбал уаид, зæххыстæн. Ацы æмдзæвгæтæн сæ сæйрагдæр цухдзинад уый у, æмæ сæ поэт кæй не срухс кæны йæхи оригина- лон хъуыдыйæ, æгъдæуттæ баззайынц æгъдæуттæй. Ирон адæмбн æгъдæуттæ æмæ формæйон гаччытæ нымайгæйæ бафты фæлхаттыл. 252
Мæ фыд мæм хатыд: «Лæппу, цæй ысбад» — Иæ разы уымæн ’никуы сбадтæн æз. Мæнæн æнцондæр уыд лæууын йæ разы. Æфсæддон æгъдау... цотмæ-иу æй ратт. Куыд зæгъой цотæн: ’гъдау сыгъдæгæй хæес, Ирон лæджы фырт ахæм æгъдау уарзы. Уыдис афтæ, æмæ у ныр дæр, ирон лæджы фырт уарзы æгъдау, фæлæ уымæй цы фæнды поэты зæ- гъын? Ома хисдæрты цур кæсдæртæ ма бадæнт? Æмæ уый цы хуызæн бæллиц у? Цавæр поэтикон идеал у? Адæймагæн йæ туджы ис дис кæнын, цин æмæ хъыг кæнын. Уыцы миниуджытæй уæлдай æххæст хъуамæ поэт уа. Уымæн æмæ дис, цин æмæ хъыг сты аивады бындур. Поэттæй чи куыд дис кæны, чи куыд хъыг æмæ цин кæны, уымæ гæсгæ йын йе сфæлдыстадæн ис аргъгæнæн дæр. Ницæйаг хъуыддаг дис, цин кæнæ хъыджы мадзал кæм уа, уыцы уацмыс зæрдæ нæ бацагайдзæн. Мыртазты Барисмæ ахæм дистæ, цинтæ æмæ хъыгтæ зын ссарæн не сты. Мæнæ, гъе, йæ дистæ: Нæ хъæуы иу уырыссаг царди, Дзырдта иронау дæр сыгъдæг... Ирон æгъдау’ зыдтой йæ фырттæ, Иæ ус, йæ чызджытæ, йæ хо... Æмæ, дам, куы амард, уæддæр йæхи иронау ба- ныгæнын кодта. Ирон лæджы фырт, хорзæхджын инæлар, йæ сæрмæ бахаста ирон æгъдау æмæ фынгыл уырдыг лæууыд. Иæ-хъыг: Дæу, дам, хæдзар кæнын куы хъæуа, Уæд раздæр бацагур сыхаг. 253
Фæлæ æвзæр сыхаг куы фæуа, Уæд у мыггагмæ дæр хъыгаг. Уыдон чиныджы стæм æмæ хицæн эпизодтæ куы уаиккой, уæд сыл дзургæ дæр нæ кæниккам, фæлæ æгæр бирæ сты. Поэт хæсты азты цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уы- донæй цалдæр бахаста йæ ног чиныгмæ дæр. Ис сæ хицæн зæрдæмæхъаргæ бынæттæ. Ирон лæппу хæс- ты быдыры фехъуыста «ирæтты тохы зарæг дар- дæй» æмæ «цыма зынджы тымыгъы цардæй» йæм сæдæ азы æрхауд. Фæлæ сæ бирæтæм нæй, хæстон æмдзæвгæтæ сæ цæмæй схонæм, уыцы миниуджы- тæ. Мыртазты Барисы чиныджы æмдзæвгæты дæс- ныйадыл куы дзурæм, уæд æнæбанысангæнгæ нæй, дзырды экономимæ кæй тырны, йæ хъуыдытæ æр- гом æмæ алкæмæн дæр æмбæрст дзырдтæй зæгъын- мæ кæй хъавы, уымæн. Æрмæст æм хатт æгæр æм- хиц у трафарет, йæ хъуыдытæ фæраст вæййынц уыцы иу нукгонды æмæ сæ рагацау зоныс, кæдæм фæхæццæ уыдзысты æмæ сæм цы ’нхъæлмæ кæсы, уый. Ис сæ хицæн æбæлвырд рæнхъытæ дæр: Дыууæ зæрдæйы ис мæнæн мæ риуы, Дыууæ зæрдæйæ хонын Ир сæ иуы, Дыууæ зæрдæджын, нæй дæуæн фæчиуæн. Куыд исч уый гæнæн, æмæ поэт йæ риуы хæсса дыууæ зæрдæйы? Уыдонæй дæр Ирыстон у æрмæст сæ иу. Къоста дæр ма куы дзырдта, зæгъгæ, кæд æгас дунейы цыфæнды бирæ уарзы, уæддæр ын дзы йæ хъæу æмæ йæ адæмы ад ничи кæны. Æм- дзæвгæйы бæрæг нæу, иннæ зæрдæ та йын чи у, кæй у, уый дæр. Поэтæй ма мæм сахъатау кæсы, арæх рифмæ- дзуан кæй фæкæны,уый дæр. Уый йæ сайы форма- листон фæндагыл. 254
Мыртазы фырт йæ иу æртæрæнхъоц æмдзæв- гæйы фыссы, зæгъгæ, «Нæ рухс хæхтæм æдзух æз цас цæуын хæстæгдæр, гъе, уыйас мын кæнынц бæр- зонддæр æмæ уæд сæхи ’мбæрц сисынц мæн, — сæ (?) тугæй сын хæстæг дæн...» Бафæнддзæнис нæ, авторæн йæхи ном æмæ цытæн, нæ литературæйы хæрзæбонæн, цæмæй поэзиимæ кæронмæ уа тугхæс- тæг. 1968 ЗАРÆДЖЫ ФАРН —АДÆМЫ ФАРН Ирон æмæ ёелорусаг поэтты ’хсæн хæларадон контакттæ традицион систы. Периодикон мыхуыры, куыд иу ран, афтæ иннæ ран дæр арæх фæзынынц сæ уацмыстæ, кæрæдзиимæ сын вæййы лæгæй-лæг- мæ фембæлдтытæ. Хæрз æрæджы Минскы белору- саг æвзагыл «Мастацкая литературæ»-йы рауагъ- дады зынгæ поэт Клевко Ееннадийы тæлмацæй ра- цыд ирон советон поэтты антологи (Хуссар Ирыс- тоны чи цæры, уыдон) æмæ йыл æхсызгонæй сæм- бæлдысты чиныгкæсджытæ. Цæстуарзон рецензитæ йыл фæзынд прессæйы. Æмæ ныр та мах рауагътам белорусаг советон поэзийы ахæм антологи, «Хæстарыд зарæг», зæгъ- гæ. Чиныджы æдæппæт сты цыппор æртæ поэты уац- мыстæ — советон белорусаг поэзийы зындгонд клас- сиктæ—Купала Янкæ æмæ Колас Якубæй райдай- гæйæ, абоны æппæты æрыгондæр фæлтæры онг. Аф- тæмæй ирон чиныгкæсæг йæхи мадæлон æвзагыл бакæсдзæн иумæ (фыццаг хатт) советон дуджы бе- 255
лорусаг поэзийы æппæт фæлтæрты минæвæртты поэтикон сфæлдыстады хуыздæр уацмыстæй бирæ- ты. Се сирон кæныныл бакуыстой нæ поэттæ. Се ’ппæты нæ банымайдзынæн. Иу стæмы йеттæмæ дзы сты, Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы поэттæ иу- уылдæр. Чиныг райдайы Гилевич Нилы историон-лите- ратурон уацæй. Уый зæрдиаг фыст у, стыр цыт кæ- ны йæ адæмы истори æмæ духовон бынтæн. Æцæ- гæйдæр, белорусаг культурæйы истори хорз чи цæ зо- ны, уымæ афтæ фæкæсдзæн, цыма ацы адæмæн сæ литературæ хæрз æрыгон у, фæлæ уый раст нæу. Белоруссаг фыст литературæ дæр, иннæ славяйнаг литературæтау, у рагон, алыгъуызон æмæ хъæздыг. Уый у, йæ историон дæргъвæтин балцы фылдæр æрхæндæг кæмæн уыд йæ хъысмæт, уыцы адæмы уды царды скъуыдтæ-скъуыдтæ биографи, æххæс- тæй нæ, уæддæр биографи. Ирон дзыллæ ацы чи- ныгæй базондзæн белорусаг адæмы зын царды фæндаг, æнæхъæн нацийы хъысмæт-иу æрдуйыл куы хæцыд, белорусаг дзырд дæлдзиныг куы кодтой, белорусаг фыст гæххæтт фыдракæндыл куы нымад- той фыдызнæгтæ, æмæ йæ курдиатджын поэттæ сæ удтæ ахæстæтты куы истой... Фæлæ белорусаг адæм, — сæ культурæ, сæ литературæ, — æцæгæй разындысты æвдудонтæ æмæ нæ бакуымдтой дæл- дзиныг кæнын. Иæ мадæлон æвзаджы тыххæй мæн- гæй нæ фыста йæ хуыздæр зарæггæнæг Купала Янкæ, зæгъгæ: Дæу ахæсты дардтой, ныккодтой дыл хъоды,— Дзæгъæлы! Ды ногæй цæрыс. . Белорусы культурæ, литературæйы фронты сæрибарæй æмæ хъомысджынæй размæ æхсарджын къахдзæф акодта, æрмæстдæр удæй сæрибар куы 256
баййæфта, уæд — советон дуджы. Уыцы азты ам сырæзт нæ бæстæйы æппæты размæдзыддæр куль- турæтæй иу. Уый рæзы æмæ йæхи хайджын кæны æппæт адæмты уды хъæздыгдзинæдтæй, афтæ, æмæ йæхæдæг дæр сæ разы къæмдзæстыг ницæмæй у, йæхи уды хæзнатæ дæр æвгъау никæмæн кæны. Сæ иу абон ис нæ разы, æмæ нæ ныхасы сæр уый у. Иу бакастæй кæцыфæнды авторы, кæцыфæнды адæмы литературæйы дæр фыццаг цæст цæуыл схæ- цы, цы бафиппайы, уый у: цæй тыххæй дзуры, ома цы сты йæ дзуринæгтæ, цы йæ æндавы. Белоруси- йы поэзи — уый у нæ иумæйаг поэзийы национ къа- бæзтæй иу. Уымæ гæсгæ йын характерон сты, не ’ппæт литературæтæн дæр иумæйаг æмæ характе- рон чи сты, уыцы темæтæ æмæ проблемæтæ. Фы- дыбæсты уарзондзинад, адæмты ’хсæн æфсымæр- дзинад, хæсты темæ, интимон æмæ пейзажон лири- кæ æмæ æндæртæ, гъе, /уыдон фæлгъауынц нæ хæлар белорусаг поэттæ. Фæлæ сын уæддæр æп- пæт темæты ’хсæн, æппæт проблемæты ’хсæн уæл- дай ахадгæдæр, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд, зæрдæ- мæ уæлдай хæстæгдæр у хæсты темæ йæ историон- патриотон, гуманистон нысаниуæджы. Цæуылфæн- ды ма фыссой, æгæрыстæмæй, интимон, пейзажон куы уа уацмыс, уæддæр дзы хæсты тæвагæн æнæ- фæхатгæ нæй, зæрдæйы сагъæстæ цавæрфæнды рухс уæлтæмæн ма ’вдисой, уæддæр сагъæстæ ахуы- рсынц хæсты фæлгъуызты. «О, Белоруси, мæ мад дæ, мæ зарæг», хæстарыд зарæг. Æмæ уым æнæнхъæлæджы хабарæй ницы ис мур дæр. Хæсты азар басыгъта Белорусийы зæхх æмæ баууылдта белорусаг адæмы зæрдæ, æнустæм сыл дудгæ хъæдгæмттæ ныууагъта — хæс- ты фæмард алы цыппæрæм белорусаг. Гъе, уымæ гæсгæ хæст ацы адæмы ивгъуыд æрхæндæг хъыс- мæт куыд фестад, афтæ фестад йæ поэттæн дæр мыг- 17. Æлборты X. 257
гагмæ риссаг зæрдылдаринаг, сæ никуы ферохгæн- гæ историон, национ æмæ уыимæ иумæ поэтикон хъысмæт, поэтикон фæлгонцы хъысмæт: Дзыназынц, ниуынц дзæнгæрджытæ: «Ам Ныууагъта хæст йæ марг æмæ хæрам». Æмæ кæд уыцы дзæнгæрджытæ «дзыназынц, ниуынц» Хатины, Хатины трагедийыл, уæддæр уый у æмткæй Белорусийы трагеди, белорусаг хæста- рыд зæрдæйы трагикон аккорд. Хæст алыфарсонæй, комкоммæ æмæ ассоциати- вонæй æнкъарын белорусаг поэттæн ссис æппæт æнкъарæнты æнкъарæн. Ууыл баст сты, æмæ уы- мæй райдайыьщ фыдыбæсты; уарзондзинад дæр, адæмты ’хсæн хæлардзинад дæр: О, Белоруси, мæ мад дæ, мæ зарæг, мæ рис, уый мын фæлвæрд у, — хæст-арты куы сыгъдис мæ сæр, дард ран, уæддæр-иу ыздæхтæн, мæн д’ амонд хъуыдис, æмæ цæссыгæй æхсадтон дæ фарны къæсæр. Ацы ныхæстæ зæгъын йæ бон у алкæмæн дæр белорусаг поэттæй, хæст чи æрæййæфта æмæ бав- зæрста. Æгæрыстæмæй хæст йæхи цæстæй чи нæ федта, йæ кармæ гæсгæ фæстæдæр азты чи рахъо- мыл, уымæн дæр хæст истори нæу, фæлæ ссис йæ уды фæлтæрддзинад, йæ поэтикон бирграфийы реа- лондзинад. Бæргæ, æнцондæр ын уаид цæрын, уар- зын, фæллой кæнын: Фæлæ цал зæрдæйы бадон, Уыдон чи фæкæндзæн рох^ Цæрдхъом, æмбæстагон хъуыды .æмæ уыи,мæ иумæ ивгъуыдæй риссаг зæрдæйы сагъæс. Уыцы са- гъæс æй кæны лæджыгъæдджын, ивгъуыд, абон æмæ сомбон æмбаст кæмæн сты, йæ адæмь! ахæм аккдг фæдон. 258
Фæлæ æз æмдзæвгæтæй цы дæнцæнтæ æрхас- гон, уыдон афтæ нæ амонынц, æмæ нæ белорусаг æфсымæртæн хæст сæ адджын зæрдæйы равг байс- та, нæ тасынц зæрдиаг, фæлмæн" ныхасмæ. Нæ. Уыдоныл кæддæриддæр рухс сагъæс æфтауы сæ бæсты рæсугъддзинад, сæ фыццаг фенгæ æмæ бав- заргæ æхцон тæлмæнтæ сын сты никуы ферохкæн- гæ. Сабион къахвæндæгтæ, арвыл фæцæйтæхæг хърихъуппытæ, кæнæ сæууон æртæхтæй хуылыдз кæрдæг, сусхъæдтæ сын кæддæриддæр сты рæсуг æнкъарæнты суадон: «Мæнæ мæ разы лæууынц; Фæндаджы урс-урсид синаг, сусхъæд, æртæхæй хуы- лыдз... Зæрдæ фырцинæй тыхсы. Хатын, кæй нæ дæн æддагон Фæндæгтæн бæрзыты ’хсæн...» Белорусаг поэтты кæсгæйæ, æнæфæхатгæ нæй„ иумæйаг сын чи у, иу ахæм æууæлæн. Уый у фы- фыбæстæйы æнкъарынад, фыдыбæстæйы æнкъа- рынад кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр, йæ алы лыстæг фæзындты дæр: сыгъдæг пейзажон афыс- тæй, суанг бæрзонд æмбæстагон ораторитæм. Уы- цы æууæл сын сæ поэзи кæны цæрдхъом æмæ лæ- джыхъæдджын, дæтты йын æнæахуысгæ æвидигæ хъару. Белорусаг поэзийы оригиналондзинад афтæ бæлвырд у, æмæ йын, æгæрыстæмæй, тæлмацы дæр нæй фæивддзаггæнæн æндæр искæй поэзиимæ. Йæ характерондæр миниуджытæ сты æнæхин, æргом- зæрдæдзинад, поэтикон фæлгонцы сыгъдæг адæмон- дзинад, ’стихы музыкалондзинад. Поэзийы ацы ахс- джиаг миниуджытыл бæллицаг иузæрдион сты белорусаг поэтты æппæт фæлтæртæ дæр. Æнæнхъæлæджы хабар нæу, миййаг, дыууынæм æкусæн характерон чи у, стихы формæйы уыцы алыгъуызондзинад, стихы деформациондзинад ам: парахат кæй не сты, уый дæр. Белорусаг поэзи иу- зæрдион у традицийыл, фылдæр-фылдæр рæзыг 259»
хъæздыг кæны хи национ культурæйы фæлгæтты. Æниу, чъылдымыздæхт нæу æндæр поэзиты æн- дæвдадмæ. Уыдоны комулæфт, ног стихы интона- дион фердæхæнтæ, поэтикон уынынад, стихы зæл- лангдзинад хатæм комкцммæ иуæй-иу поэттæм æмæ сын уый у сæ поэтикон авналæнтæ уæрæхдæр земæ хъæздыгдæр кæныны хос. Хи дыргъдоны бæ- ласы бындзæфхадыл æндæр дыргъдонæй æрхæс- гæ къалиу куы ныдздзуарсæ кæнай, уæд йæ дыргъ уыдзæн зайæндæр, рæсутъддæр, хæрзаддæр. Растдæр ахæм цæстæнгасæй у аргъкæнгæ ма- хæн дæр не ’взагыл белорусаг поэзийы антологи- йы фæзынд... Дзырд ныртæккæ ам тæлмац чиныгыл кæй цæ- уы, уымæ гæсгæ мæ иумæйагæй тæлмацы тыххæй, фæлæ фарстæй æддæмæ нæ ахизгæйæ, фæнды цал- дæр фиппаинаджы зæгъын: Тæлмацы хъуыддаг стыр арæхстгай аразинаг æмæ дæсны лæджы куыст у, фæлтæрд зæрдæ æмæ цырен хъуыдыйы кусинаг у, дзырд поэзийы тæл- мацыл куы цæуа, уæд та уæлдайдæр. Æцæг поэзи кæддæриддæр алыгъуызон нюанстæ æмæ фæлгъуызтæй нывæзт вæййы, уыдон та тæлмац- гæнгæйæ стыр зынтæ æмæ тухитæй æфтынц къу- хы, кæд сын къухы бафтæн ис, уæд. Национ коло- рит дæр фылдæр хатт уыцы нюанстæ æмæ фæл- гъуызтае вæййынц, æмæ уыдон ахаудтой, нæ сæ ба- фæрæзтам рахæссын иу æвзагæй иннæмæ, зæгъгæ, уæд-ма ахъуыдыкæнæм, кæддæра цавæр æвæндон æнæрастдзинад аразæм — мах æнæхай кæнæм ттоэзийы, хуыз ын чи дæтты, цард ын чи дæтты, йæ уыцы ахсджиаг æууæлтæй, мæгуыр æй кæнæм зон- гæ-зонын. Æз мæ хъуыды уыцырдæм не здахын, зæгъгæ, тæлмацаивад дызæрдыггаг хъуыддаг у, фæлæ мæ 260
фæнды банысан кæнын, цæйбæрц зын, хидкалæн æмæ уыимæ иумæ ахсджиаг куыст у, уый. Тæлмац, уый дæр у сфæлдыстадон куысты хуыз, уый дæр домы, дæсны лæгæй сфæлдыстады иннæ хуызтæ цы домынц, уый — курдиат, стæй къаддæр, ома истæмæй æнцондæр чи уа, ахæм курдиат нæ. Сфæлдыстады иннæ хуызтау, уый дæр бар нæ дæт- ты лæгæн, цæмæй уа, сæйраг сфæлдыстадон куыс- тæй æхсæнмæ-æхсæнты æфтиаджы фæрæз. Тæлмац- гæнгæйæ дæр хъуамæ ныффыссай дæхи уацмыс* æрмæст алцæмæйдæр, оригиналы цы уацмыс ис, уый æмвæзадыл æмæ уый хуызæн куыд уа, уæддæр дæхи. Мæимæ гæсгæ, ахæм принципæй архайын хъæуы тæлмац кæныны рæстæджы. Æмæ уыцы цæстæнгасæй куы ’ркæсæм конкре- тон æрмæгмæ, уæд «Хæстарыд зарæджы» къорд уацмысы ис, тæлмацаивад чи æвдисы, ахæмтæ. Фæлæ дзы ис, аивадон тæлмацы категоримæ чи на& хауы, ахæмтæ дæр. Исчи зæгъдзæн: лæмæгъ уац- мыстæй иу стæм чиныг вæййы хызт. Раст у. Фæлæ лæмæгъдзинæдтæн сæ аххосаг, мæнмæ гæсгæ, ам зæфцыфыдæй у. Уæддæр æмæ уæддæр æз уый фарс дæн, цæмæй æндæр æвзæгтæй тæлмац кæныны хъуыддаг суа массон, фæлæ, ома тæлмацгæнджы- тæ уой массон, æнæ исты бæрæг бæлвырд миниу- джытæм гæсгæ, уый ныхмæ дæн. Оригиналы лæ- мæгъ уацмыс цы давы, лæмæгъ тæлмац дæр — уый. Æрмæст ацы лæмæгъдзинадæн йæ уæз фылдæр у: иуæй — кæмæй йæ ’тæлмац кæны, уыцы поэт æмæ поэзийы зæрдæхудты цæуы, иннæмæй та — цы ’взагмæ йæ тæлмац кæны, уый. Хатт кæсыс тæл- мац æмдзæвгæ, æмæ йæ хатыс, цыдæр серьезонг æндыгъд драматикон хабарыл дзы цæуы дзырд, фæлæ дын уый дæ интуици дзуры. Тæлмацы поэ- тикон амæлттæ та афтæ уæлæнгай æмæ былалгъ сты, драматикон æндыгъддзинад афтæ сронбæгъд, 261
æмæ дæм ничердыгæй хъары, хуымæтæджы инфор- мацийæ хъауджы. Цы у йæ аххосаг? Аххосæгтæ би- рæ сты, æмæ сын сæ сæйраг æмæ ахсджиагдæрты куы нæ зæгъæм, уæддæр банысан кæнын хъæуы тæлмацгæнæджы ахаст уацмысмæ, йæ бæрндзинад йæ дæсныйады раз. Адон та разынынц æндæр æмæ æндæр конкретон хуызты: стилы æвидыц, æнæх- сæстдзинады, прозæгонд рæнхъыты, ритмикон къуыхцыдзинæдты, рифмæйы сæрвæлтау гуылмыз хъуыдыйæдты, куыд, зæгъæм: «Дæ карæнтæ ’рхас- той ныр ус дæр» (84 ф.) устыты бæсты æмæ æн- дæрты. Уыдон та афтæ стæм не сты, дзырд цы чи- ныгыл цæуы, уым. Цæвиттонæн, 30-æм фарсыл кæ- сæм: «Уацары радтой удæгæстæ хи» (ома сæхи), 41—42-æм фæрстыл: «Æбæрæг хæстонæй æз мар- дæй хуыссыдтæн...» Афтæ ахъуыдыгæнæн дæр ис, цыма æбæрæг хæстон цавæрдæр марæн хос, науæд та мигæнæн у, æмæ уымæй мард уæвгæй хуыссыд- тæн. Кæнæ ахæм хъуыдыйад: «Æбæрæг салдатæй æрцыдтæн... ныгæд». Æбæрæг салдаты баныгæд- той, фæлæ ма дзы «æрцыдтæн» та цæмæн хъуыд? Æххæст поэтикон нæу «Æнусон арт судзы мæ уæ- лæ» дæр. Мæ уæлæ скодтон хæдон, кæрц, фæлæ ацы ран та «арт» судзы мæ риуыл». Бамбарæн кæмæн нæй, ахæм хæццæ-мæццæ сты мæнæ ацы ныхæстæ: «Мæнмæ уый, йæ рæдау фысыммæ, æрбауайы уды æхцон...» (Ома Мæскуымæ чи ’рцæуы, уыцы уазæг æбæрæг хæстоны ингæнмæ). О, «æрбауайы», æниу — æрцæуы, æрбацæуы хъæуы зæгъын, фæ- лæ ма мард хæстоны рæдаудзинад та куыд бам- баргæ у? «Сæхимæ мæ хоны хъæмæ» — сæхимæ .дæр æмæ хъæмæ дæр уыцыиу рæстæджы куыд? Дзырдтæ кæрæдзийыл ничердыгонау бадынц. Дард- дæр: «Мæскуымæ салам Белорусæй!» (84 ф.). Зæ- гъын хъуыд «Мæскуыйæн». «Хуры тыцтæм арвы ронау судзын» (86 ф.) — арвы ронæй нæ зæгъынц, 2$2
судзы, зæгъгæ. «Æрымыс-ма нæ мæдты «дæ-да- дæй» (149 ф.). «Дæ-да-дæй» нæу ныййарджыты хъарæг, тæлмацгæнæг куыд æнхъæлы, афтæ, фæ- лæ у зарæджы ном ирон адæмон сфæлдыстады, хуыдтой ма йæ «Чызгайы зарæг дæр (Къостамæ: «Уæддæр-иу дэе-да-дæй» куы ныззарыдтæн». «Лæу- уынц æврæгътæ сæ хæрзæддæ» (156 ф.), ома сæ цуры, æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыдæттæ лыстæг хабæрттæ сты, чизо- ны, фæлæ ахæм лыстæг хабæрттæ куы сбирæ вæй- йынц, уæд бæрæг къæм æппарынц æмткæй чиныджы аивадон гьæдыл. Иуæй-иу æмдзæвгæты ратæл- мац чынди талф-тулфæй, нæй сæ уд æмæ зæрдæйы хъарм. Ацы хъæндзинæдтæ куы хынцæм, уæд нын æнæ- ахъуыдыгæнгæ нæй тæлмацы иумæйаг фарстытыл æмæ практикон æгъдауæй сæ сæххæст кæныныл. Абон уал нæ разы ис белорусаг поэтты чиныг, æмæ дзырд ууыл цæуы, фæлæ нæм æндæр æвзæг- тæй хицæн уацмыстæ, стæй чингуытæ дæр тæлма- цæй арæх цæуын байдыдтой — газеты, журналы, рауагъдады æмæ ацы фарсты тыххæй лæмбынæг ахъуыды æмбæлы. Тæлмацы куыст сæвæрын хъæуы æгъдауыл, ор- ганизацигонд æмæ координацигонд куыд уа алы хъуыддагæй дæр, афтæ, уæд ахаддзæн иæ литера- турæйы рæзтыл. Æхсæнмæ-хсæнты, ныдзæвæгга- гæй æмæ æнæнхъæлæджы тæлмацгæнджытæй хъуыддаг размæ нæ ацæудзæн. Æцæг аивад мас- сон райдайæнтыл аразгæ никуы уыд, тæлмац аи- вад дæр массон никуы суыдзæн, уый дæр домы курдиат, курдиат та стæм у. Тæлмацы фарст принципиалонæй баст у иу ахс- джиаг хъуыддагимæ æмæ йæ зæрдыл дарын хъæ- уы: уацмыс иугæр ивд цæуы иу æвзагæй иннæмæ, уæд уый хъуамæ арæзтæуа комкоммæ, ома ориги- 263
налæй. Æрмæстдæр ахæм тæлмац уыдзæн ахадæн. Фæлæ махмæ не сты, алы æвзæгтæ чи зоны, уыцы адæймæгтæ. Уыдонæй хъуагдзинад æййафынц æп- пæты стырдæр адæмтæ дæр. Ахæм рæстæджы та пайда хъæуы дæлрæнхъонтæй, æрмæстдæр дæл- рæнхъонтæй æмæ тæлмацæй — никуы. Уый æнæ- фтиаг куыст у. Алы тæлмацгæнæгмæ дæр бæрæг сæрибардзинæдтæ кæй вæййы тæлмац кæныны рæ- стæджы, уым цы бæрæг ис, цæй, оригиналæй ма цас истытæ баззад йæ ног интерпретацигонд сихы? Стæй ма йæ ноджы уымæй æндæр æвзагмæ куы ивай, уæд та ахæм æмдзæвгæйыл цавæр метамор- фозæтæ æрцæуы, уый зын бамбарæн нæу. Кæд ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, æцæг поэтикон уацмыс цæ- ры æрмæстдæр, цы ’взагыл æй сфæлдисы йæ рат- тæг, уыцы æвзагыл, уæд ма йæ тæлмацæй тæлмацы тыххæй та цы хъуамæ загъдæуа? Зарæджы фарн адæмы фарн у, æмæ йæм къæрц- цхъус уæвын хъæуы, аргъуц дзы хъæуы. Уырны мæ, ныхас цы чиныгыл цæуы, уый ори- гиналæй, науæд та дæлрæнхъонтæй тæлмац куы ’рцыдаид, стæй тæлмацгæнджытæн дæр сæ бæрц фæфылдæр кæныныл къаддæр куы хъуыды кодта- иккой чиныгуадзджытæ, уæд йæ хорздзинæдтæ би- рæ фылдæр уыдаиккой, йæ поэтикон фидауцтæй фылдæр бахызтаид нæ поэзийы къæбицмæ. 1976 264
ХЪУАГДЗИНÆДТИМÆ, РÆДЫДТЫТИМÆ Мыхуыры рацыд уæлдæр ахуыргæнæндæтты фи- лологон факультетты студенттæн ирон литературæ- йы хрестомати. (Рауагъдад «Ир», Орджоникидзе, 1982 аз. Хрестоматиаразæг— Калоты Гиуæрги, бæр- нон редактор — профессор Гуыриаты Тамерлан, ре- цензенттæ — филологон зонæдты кандидæттæ Хæ- дарцаты Азæ æмæЦæллагты Владимир). Пайда дзы кæнынц куыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, афтæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты студенттæ дæр. Хрестомати арæзт у дыууæ чиныгæй. Фыццагмæ хаст æрцыдысты ХУШ-æм æнусы кæронæй суанг Стыр Октябры революцийы онг цыдæриддæр фыст æрцыд аив уацмысæй, уыдон хуыздæртæ. Дыккаг- мæ та — советон дуджы фыст уацмыстæ. Нырма уал нæ разы ис фыццаг чиныг. Уый дæр йæхи ми- дæг дих кæны дыууæ хайыл: фыццаг — ирон лите- ратурæ йæ рагзамантæй суанг 1905 азы.онг, дыккаг та — уырдыгæй 1917 азмæ рæстæг. Чиныджы алы фыссæгæн дæр ис цыбыр биогра- фион æмæ сфæлдыстадон характеристикæ. Кæро- нæй — æппæт уацмысты тыххæй комментари æмæ литературæ. Хрестоматийы сæйраг вæййынц аизадон уац- мыстæ — литературæйы цæсгом аразæг æмæ æвди- сæг. Цы чиныгыл дзурæм, уым бæрæг бæрцæй ис иронау Октябры революцийы агъоммæ фыст,аива- дон’уацмысты хуыздæр хай. Чиныгаразæг тырныдта, хрестомати цавæр прин- циптæм гæсгæ кæнгæ у, уыдон бахъахъхъæнынмæ, æмæ йæм хорзæй ’цы ис, уый ис, уый нал фесæф- дзæн. Уыдон тыххæй дзурын уыйбæрц ахсджиаг дæр нæу. Мæн, сæйраджыдæр, зæгъын фæнды, хъуагдзинадæй йæм цы бафиппайдтон, уыдон тых- 265
хæй. Уæлдайдæр хрестоматийы дыккаг чиныгыл нырма кусгæ кæнынц, æмæ сын мæ цыбыр уацæй, чизоны, исты ахъаз(фæуон. Хрестомати хуымæтæджы аивадон литературон уацмысты æмбырдгондæй хицæн кæны, зонады домæнты бындурыл арæзт кæй у, уымæй, йæ ны- сан та — ахуырадон, ахуыргæнджытæ æмæ студент- тæ дзы пайда кæндзысты, сæзоныидзинæдтæ лите- ратурæйæ фылдæр кæнгæйæ. Уымæ гæсгæ алы лыс- тæг хъуыддагмæ ,'дæр домы уæлдай лæмбынæгдæр хъусдард. Гæнæн æмæ амал уæвгæйæ дзы алцы дæр хъуамæ уа нывыл. Фыццаджыдæр уал периодизацийы тыххæй: Хрестоматийæн цы периодизаци райстæуыд, уый цасдæр ис ирон литературæйы историйы Октябры революцийы агъоммæйы рæстæджы фæлгæты. Æр- мæст æмбæрстгонд нæу, йæ равзæрдæй XIX æнусы æмбисмæ Къостайы агъоммæ рæстæг хицæнгонд цæмæ гæсгæ нæу, уый. Хрестомати дæр историйы нывыл арæзт хъуамæ ма уаид? Нæ литературæйы историйы ахæм хицæн рæстæг кæй ис, уый тыххæй зæгъы редактор йæ разныхасы, фæлæ йæ уайтагъд дызæрдыггагыл банымайы. Цæмæ гæсгæ? «Нырма ирон литературæйы историйæн нæй зонадон æгъ- дауæй бынтон æнæ зæрдæхсайгæ периодизаци», зæ- гъгæ. Æмæ уæд æнæ истæуыл æнцой кæнгæйæ ли- тературæйы историйы æнæхъæн хицæн рæстæг ахахх кæнын къаддæр «зæрдæхсаинаг» уыдзæн? Чиныг цы дыууæ хицæн рæстæджы бындурыл конд у, уыдон тыххæй сæрмагондæй æппындæр ни- цы загъдæуы. Афтæмæй та æмбæлд, чи сæ цавæр сæрмагонд æхсæнадон-политикон æмæ литературон æууæлтæм гæсгæ æвзæры æмæ рæзы, уый цыбы- рæй бамбарын кæнын. Æвæдза, уый арæзт куы ’рцыдаид, уæд нæ уырны, нæ литературæйы исто- рийы Къостайы агъоммæ рæстæг дæр сæрмагонд 266
бынат кæй ссардтаид, уый. Ныр куыд у, афтæмæй хицæн рæстæджыты фысджытæ иууылдæр сты иу æмвæзадыл æвæрд. Уый та- литературон рæзты цыд кæны уыцы иухуызон, æмлæгъз ын кæны йæ бæр- зæндтæ æмæ ныллæджытæ. Дыккаджы: хронологийы тыххæй. • Хрестоматийы тæккæ сæйрагдæр хъуагдзинæд- тимæ банымайын хъæуы, хронологийы фæтк арæх кæй фехæлы, уый. Æниу разныхасы загъдæуы,<;зæ- гъгæ, «хрестомати арæзт у хронологийы бындурыл, ’уый фадат ратдзæн нæ литературæйы рæзт хуыз- дæр бамбарынæн». Фæлæ дзы уый нæй, æмæ бирæ рæтты, нæ литературæйæн кадгæнæг æмæ зынгæ историон-литературон- фæзындтыл нымад чи у, уы- цы фысджытæ фæиртæстысты сæ бынæттæй. Уый- адыл хæлы историон-литературон рæзты цыд йæ- хæдæт дæр. Кьостайы хæд фæстæ æвæрд у Хъайтмæзты* Ас- лæмырзæ, дарддæр — Гу.ырдзыбеты Бласка, Къу- балты Алыксандр, æмæ æрмæстдæр уыдон фæстæ æрхауд Гæдиаты Секъамæ дæр рады бар. Цымæ . цæмæн? Иæ уацмыс сæ раздæр чи ныммыхуыр код- та, уымæ гæсгæ? Æмæ уæд Мамсыраты Темырбо- лат советоы заманмæ хъуамæ бахаудтаид: йæ уац- мыстæ фыццаг хатт рухс федтой 1925 азы. Нæ фæ- лæ Секъа фыссын райдыдта суанг ивгъуыд æнусы 70-æм азты кæрон, фæлæ идейон-эстетикон æгъда- уæй бавзæрста Кьостайы поэзийы тæваг, æмæ æх- сæнадон-литературон царды уæрæх фæндагмæ ра- хызт Кьостайы фæстæ. Иæ ахадындзинадмæ гæсгæ дæр йæ бынат уым ис, уый разæй никæмæ хауы; Дарддæр: дыккаг период — революциты дуг (1905—1917), нæ литературæйы «цыбыр, фæлæ ахадгæ рæстæг», райдайы Гулиты Ефим, Хæныкъа- ты Никъа, Абайты Уано, Гаглойты Рутен æмæ Да- титы Исламæй. Сæ разæй ма ис æрмæстдæр Цæ- 267
голты Георги, фæлæ уый Къостайы заманмæ хъуа- мæ хауид. Адоны фæд нæ литературæйы историйы бæрæ- гæй нæ зыны, сты фæйнæ цалдæр къаннæг радзыр- ды авторы. Фæлæ уыдон фæстæ уæддæр æвæрд æрцыд Коцоиты Арсен, уыдонæй раздæр чи рай- дыдта фыссын æмæ нæ литературæйы историйы дæр раздæр бынат чи æрцахста, уый, куыд нæ про- зæйы аразджыты тæккæ стырдæртæй иу. Гæдиаты Цомахъ та аззад ноджы фæстæдæр, кæд нæ литературæйы историмæ зынгæ революцион поэтæй, Къостайы æхсæнадон æмæ литературон традицитæ дарддæргæнæгæй 1905 азы æрбацыд* уæддæр. Æнæ исты бæрæг аххосæй иууыл фæстæдæр бы- наты та ис Брытъиаты Елбыздыхъо. Иæ разæй сты драматургтæ Кочысаты Розæ, Коцойты Ленæ, Хъо- роты Дауыт, Токаты Алихан. Афтæмæй та хресто- мати аразæг йæхæдæг дæр разы у, Елбыздыхъо «ирон драматургийы райдайæг æмæ бындурæвæрæг кæй у», ууыл. Уæд хрестоматийы æппæт драма- тургты фæстæ цæмæ гæсгæ хъуамæ уа? Афтæмæй хрестоматийы хронологион фæтк æр- мæстдæр ныхæстæй æрцыди загъд, хъуыддагæй — нæ. Ахæм хуызы «нæ литературæйы рæзт хуыздæр йамбар-ынæн» фаг а’хъаз^ куы нæ фæуа, уымæй тæс- саг у. Æртыккаджы: тексттæ куыд мыхуыр цæуынц, уый тыххæй. Уæлдæр загътон, хрестоматийы сæйраг сты аи- вадон уацмыстæ. Фыццаджыдæр бæрæг хъуамæуа, иу кæнæ иннæ уацмыс хрестоматимæ кæцæй, ца- вæр мыхуырæй хаст æрцыд, уый. Ам уый бæрæг нæу, кæнæ та бæрæг вæййы стæм хатт. Уымæ гæс- гæ адæймаг дызæрдыг кæны, текстты æнæхъуаджы хæлд бынæттæ нæй, ууыл. 268
Нæ дызæрдыгдзинад раст у æви нæ, уый сбæл- вырд кæныны тыххæй æркастæн иу къорд уац- мысмæ. Се ’ппæтæн дæнцæгтæ æрхæссынæн фадат нæй, фæлæ дзы мæнæ цалдæр. Нæ прозæйы бындурæвæрæг Гæдиаты Секъа- йы хуыздæр радзырдтæ «Азау» æмæ «Арагвийы æлдар Нугзар» ам сты скъуыддзæгтæй. Чиныг ара- зæджы хъуыдымæ гæсгæ, æвæццæгæн, цы хæйттæ сæ аппæрста, уыдон нæ хъуыдысты, гъе та дзы цы- дæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыДГ Æмæ уæд бафæрсын æмбæлы: «Азау»-æй цы хай аппæрста, уый мидис йæхи ныхæстæй цæмæн дзуры, цымæ? Æви йæм йæхи ныхас аивдæр фæкаст? Æмæ ууыл дæр куы баззадаиккой, фæлæ сæ ноджы средакци чындæ- уыд. Гъе, уыдон, нæ иумиаг æмæ сæйраг кæй хонын, уыцы фиппаинæгтæ. Хицæн рæдыдтытæй, хъуаг- дзинæдтæй, æнæраст бынæттæй дæр цух нæ баз- зад. Нузалы кувæндоны къулыл фыст хоны «фыц- цаг ирон аивадон уацмыс» (7 ф.). Ирон уацмыс иронау фыст хъуамæ уа, уый та иронау фыст нæу. Æмæ йæ уæд ирон куыд хонæм? Æгъуызаты Иуа- нейы тыххæй: «Иуане уыд ирон уæздæттæй (Цæ- разонтæй) (8 ф.). Нæ уыд Цæразонтæй. Иæ ном йæ уæлæ куы ис— Æгъуызатæй, зæгъгæ. Ацы дыууæ мыггаджы æмхуызон уæздан уыдысты, æмæ Æгъуызатæй йæхи чи хуыдта, уыдон Цæразонтæм ницы бар дардтой. Иуане йæ кадæг фысгæйæ дæр йæ зæрдыл уый куы дардта, цытджын Августы- Алгъуызы фæдон дæн, зæгъгæ, уæд ма Цезары- Цæразы фæдон чердæм уыд? Чиныгаразæг кадæг «Алгъуыз»-ы сæйраг миди- сыл нымайы: «Адæймаг йæ ныййарджыты коммæ хъуамæ кæса», кæннод ын хуыцау нæ ныббардзæн. Ноджы «Паддзах хъуамæ ма уа рæуæууæнк... кæн- 269
нод фæрæдидзæн» (9 ф.). Уыдон нæ сæххæст код- та Алгъуыз, æмæ, ома, уымæ гæсгæ бабын. Сæйраг уый нæу. Уыдон кадæджы быцæудзи- надæн бахъуыдысты æрмæстдæр. Фæлæ иугæр ны- хас «уацмысы сæйраг хъуыдыйы» тыххæй цæуы, уæд æй зæгъын хъуыд. «Алгъуыз»-ы кадæджы бæл- вырдæй зыны, Иуане йæхæдæг кæмæй уыд, уыцы Æгъуызаты мыггаджы уæздандзин&д æмæ æхсар бæрзонд кæнынмæ кæй тырныдта, уый. Авторы сæйраг нысан уыд, уый, æмæ уацмысы сæйраг хъуыды дæр æнцой кæны ууыл. ^ Кадæгæн йе ’взаджы тыххæй та афтæ зæгъы: «Иæ æвзаг у уæззау æмæ зын кæсæн...» (9 ф.). Кæд Хæныкъаты Никъайы тæлмацмæ гæсгæ зæ- гъы, уæд раст у. Фæлæ кадæг хрестоматимæ хаст æрцыд Бестауты Гиуæргийы тæлмацæй (æцæг ыл йæ ном фыст нæй). Уый та ахæм фиппаинагæн æгæр тæригъæд у. Чиныджы дзырд цæуы Колыты Аксойы æхсæ- надон архайды тыххæй (45 ф.). Уым, æнæмæнг, зæгъын æмбæлд, ирон адæмы иудзинады сæрыл куыд удуæлдайæ архайдта æмæ уый тыххæй турко- фил Куындыхаты Муссæимæ цы карз тохы бацыд, уый тыххæй. «Аксойы агъоммæ ирон æвзагыл ничи фыста аив уацмыстæ,— уым ис йæ ахадындзинад æмæ йæ лæмæгъдзинад дæр» (46 ф.). Лæмæгъдзинад та куыд? Аксо йæ уацмыст’æ дины тыххæй фыста, æмæ сæ лæмæгъдзинад ис уый мидæг. Фæлæ цы хъæздыг ирон адæмон аив æвзагæй фыст сты, уы- мæй сæм фау æрхæссæн нæй, кæд фыццаг сты, уæддæр. ■ : "**? 53 фарсыл Хъайтмæзты Аслæмырзæйы æмдзæв- гæты тыххæй дæр кæсæм «Фæсивæдæн уарзын кæ- нынц фæллой æмæ ахуыр кæнын, — уый мидæг ис сæ ахадындзинад дæр». Ахæм иувæрсыг характе- 270
ристикæ, чизоны, раст уыдзæн æрмæстдæр иунæг æмдзæвгæ «Фæллойы» тыххæй, срæлæ иннæ æм- дзæвгæтæй уый иумæ дæр нæ хауы. Ахæм аргъ- гæнд сын ныллæг кæны сæ аивадон ахадындзинад. Куыд бамбæрстæуа мæнæ ахæм ныхæстæ та: Секъа «адæмон æмоисæндтæм гæсгæ рацарæзта Крыловы баснятæй» (193 ф.). Куыд, цы хуызы сæ рацарæзтаид адæмон æмбисæндтæм гæсгæ? Ин- нæрдæм вæййы: адæмонæй профессион литературæ- мæ, фæлæ . профессионæй адæмонмæ рацаразын литературæйы истори нæма зоны. 488-фарсыл. Гæдиаты Цомахъы «Ахæстоны фыстытæй» загъдæуы: «Æмдзæвгæты цикл фыст æрцыд 1908—09 азты Сыбыры». Цомахъ та уыцы азты бадт ахæстоны Эстонийы. Сыбырмæ йæ аха- стой 1910 азы. «Ахæстоны фыстытæ» Сыбыры ныф- фыста, зæгъгæ, уый тыххæй ис 280 фарсыл дæр. Фæбæлвырддæр кæнинаг у ацы хъуыды. Цикл хуыйны «Ахæстоны фыстытæ», хасты фыстытæ — нæ. Уый та амоны, æмдзæвгæтæ фыст æрцыдысты, Цомахъ ахæстоны куы бадт, уæд. 394фарсыл та кæсæм: «Амраны суæгъды хъуыд- даг кæронмæ ахæццæ кодта Бесæйæн йæ фырт Цо- пан бирæ æндæр адæмтимæ». Елбыздыхъойы тра- гедийы уый" нæй. Уый дзы куы уаид, уæд абон мах «Амран»-ы тыххæй ныхас кæниккам, куыд бæрæг- бæлвырд социалон схемæйы бындурыл нывæзт уацмысыл. Фæлæ ахæм схемæ æцæгæлон у «Амран»- æн. Мамсыраты Темырболаты амæлæты аз уыцы-иу фарсыл (55 ф.), æвдыст цæуы дыууæ хуызы — 1898 æмæ 1899. Кæцыйыл дзы баууæнда кæсæг? Къубалты Алыксандры цæрæнбонтæ та нысан сты ахæм азтæй—1817—1944 (175 ф.). Ома, Алык- сандр фæцард 127 азы. Хъайтмæзты Аслæмырзæйы æмдзæвгæ «Си- 271
дзæр»-ы (155 ф.): «Уалынмæ базыдта Хизын кæр- дæг. «Сæныкк базыдта хизын кæрдæг? Афтæ зæ- гъæн дæр ис? Кæд мыййаг — «Уалынмæ базыдта Хизын, кæрдæг». Бафиппайын ма мæ фæнды, фысджыты тыххæй хрестоматийы цы биографион æмæ сфæлдыстадон характеристикæтæ ис, уыдоны тыххæй: æгæр уæ- лæнгай, иухуызон информациты ’нгæс сты, нæ сæ зыны фыссæджы æцæг сфæлдыстадон биогра- фи. Хицæн скъуыддзæгтæй уæрæхдæрмæ, иумæйаг литературон нысанмæ нæ тырнынц. Уыйбæрц хъуагдзинæдтимæ хрестомати рауа- дзын, уæлдайдæр та университеты студенттæн, æвæдза, хъуыдыйаг хабар у, йæ бацæттæ кæныны æмæ рауадзыны бæрны чи бацыд, уыдонæн. ÆНÆБЫНДУР ВЕРСИТÆ Æз æдзухдæр фæкæсын газет «Рæстдзинад» æмæ дзы рубрикæ «Афтæ цæмæн дзурæм»-ы бын арæх фембæлын иу кæнæ иннæ ном, топоним æмæ æндæр ахæмтæ æмбарынгæнæг уацтыл. Мæ зæр- дæмæ дзы кæд цы фæцыд, кæнæ нæ фæцыд, ныр- тæккæ ууыл нæ дзурдзынæн, фæлæ та æрæджы, 9-æм сентябры № 179 бакастæн бынаты ном Хи- лакъ; стæй Андиатæ æмæ Калоты мыггаджы рав- зæрды тыххæй Гуыриаты Тамерланы уац, æмæ мæ уый тыххæй фæнды зæгъын. Хилакъ.цы амоны, уый нын бамбарын кодта, фæлæ ма ноджы æвзары Андиатæ æмæ Калоты мыггаджы равзæрд дæр. Æцæг, зæгъы: «Бæлвырд 272
исты зæгъын нæ бон нæу», зæгъгæ. Фæлæ йæм уый уæддæр, рæгъмæ кæй рахастæуа, ахæм ныхдур нæ фæкаст æмæ дарддæр фыссы: «Ацы фарстæн бæлвырд дзуапп нæ ратдзыстæм, фæлæ уæддæр газеткæсæджы цæстæнгас хъуамæ аздахæм иу хъуыддагмæ. Нахаг (вейнахаг) æвзæгты ис кало, къало, ома «лæппу». Стæй цæцæн-мæхъæлмæ ис мыггæгтæ Калоевтæ (Колоевтæ). Мах нæхи ницы- уынæг, ницы зонæг куы скжнæм, уæд уый раст нæ уыдзæн. Факттæн æмбæхсæн нæй, раст аргъ- сын хъæуы кæддæриддæр (бахахх æй кодтон æз, — Æ. X.). Калоты мыггаджы фыдæл, æвæццæгæн, кало уыд, Фæлæ у#й чи уыд, кæнæ кæд уыд, уыдæт- тæн мах бæлвырдæй ницы зонæм. Ацы мыггаджы равзæрды тыххæй ис таурæгътæ, фæлæ уыдоныл дæр куыд хъуамæ баууæндæм, историои æрмæг куы нæ уа, уæд?». Ам æмбæрстгонд нæу, фыццаджыдæр, иу ха- бар: иугæр «фарстæн бæлвырд дзуапп нæ ратдзы- стæм», уæд ма уый фæстæ ууыл нæ тæрхон цæ- мæн хæссæм? Цы давы, вейнахаг æвзæгты кæй ис дзырдтæ кало, къало, стæй цæцæн-мæхъæлмæ кæй ис мыггæгтæ Калоевтæ (Колоевтæ)? Уымæй авторы уый зæгъын фæнды, ома уыдон, æнæмæнг- дæр æмæ æрмæстдæр сты цæцæн-мæхъæлон æмæ сæ, ома, мах нæхæдæг дæр зонæм, фæлæ уæддæр «нæхи ницы уынæг, ницы зонæг ыскодтам, раст аргъ сын нæ кæнæм», «факттæ æмбæхсæм». Иу дзырдæй, цыма искæмæй исты радавтам æмæ нæ- хи ныхъхъус кодтам,, уый хуызæн. Уæд цæмæн, цæй охыл зæгъы уый? Цæмæн бахъуыдысты æнæ адрисæй уыцы азымгæнæн ныхæстæ? Мæнмæ гæсгæ, «фарстæн бæлвырд дзуапп рат- тын нæ бон куы нæ уа», уæд газеткæсæджы зæр- дæмæ ахæм гуырысхотæ æппарын ницæмæн хъæ- 18. Æлборты X. 273
уы æмæ сын сæ цæстæнгас дæр æнæхъуаджы «зда- хæм» кæдæмдæрты... Автор фехъуыстаид, Калоты (Къалоты, Къа- латы) мыггаг Хуссар Ирыстоны дæр кæй ис фы- дæлтæй фæстæмæ, стæй канд Хуссар Ирыстоны нæ, — Гуырдзыстоны районты дæр. Нæ зонын, уы- дон хабар та йæм куыд фæкæсдзæн... Калотæм цæцæн-мæхъæл бархъомыс кæй хъуа- мæ дарой, уый тыххæй зæгъы: нахаг æвзæгты ис кало, къало. О, фæлæ уыдон сты, зæгъæм, нæ сы- хæгтæ — гуырдзиæгтæм дæр: Кало сæм нысан кæ- ны ус, къало та — мус. Уæдæ уыдонæн дæр пре- тензитæ хъуамæ уа Калоты (Къалоты) мыггагмæ? Ис сæм мыггаг Къаладзе (Къала + дзе, дзе ном- хуындæй у фырт, ома Къалайы фырт). Уый та кæ- цæй æмæ куыд уыдзæн, цымæ? Æмæ алы хатт фарст афтæ куы ’вæрæм, æндæр æмæ æндæр адæ- мы хаттмæ æнгæс нæмттæ æмæ мыггæгтæ куы агу- рæм, уæд кæйонг ахæццæ уыдзыстæм, æмæ, сæй- раджы та, нæ хъуыдыйæн цы зонадон бындур уы- дзæн? Ирон мыггæгтæ Абайтæ, Бабатæ æмæ æн- дæртæ тюркаг адæмтæм цас ис, æмæ сæ куыд ис афтæ зæгъæн, зæгъгæ, ассимиляцигонд æрцыды- сты иу кæнæ иннæ адæммæ? Ау, хатт ма мыггæг- тæ æнæнхъæлæджы кæрæдзийы ’нгæс дæр куы ра- уайынц. Науæд номæй равзæрынц, æмæ уыцы ном кæд дыууæ адæммæ дæр æмбæлы, уæд уым цы ис диссагæй? Æнæуый та стæм не сты ахæм цаутæ, æмæ иу адæмы национ формæ хæссæг хицæн адæймаг кæ- нæ æнæхъæн мыггæгтæ дæр æндæр адæмы ’хсæн куы фæцæрынц, уæд арæх кæй райсынц уыдон на- цион хуыз, аивынц се ’взаг дæр, хатт та сæхидæр ныффыссынц уыдоныл. Уыцы хабарæн бынат уы- дзæн ир æмæ цæцæн-мæхъæлы ’хсæн дæр, куыд иуæрдыгæй, афтæ иннæрдыгæй фарс дæр, æгæры- 274
стæмæй дзы иуæй-иу мыггæгтæ кæрæдзимæ æрва- ды зæрдæ дæр дарынц. Æмæ уый сæрмагонд фарст у. Ахæм процесстæ иртасынц сæрмагонд институт- тæ, сæрмагонд зонады къабæзтæ, куыд рагон æмæ кырыккон царды æцæгдзинады арæх æмбæлæг фæзындтæ, афтæ. Иртасынц сæ фактты бындурыл, зонадон цæстæнгасæй, комплексон æгъдауæй æмæ сæ «æмбæхсинаг» ницы ис. Калоты мыггаджы фыдæл Кало «чи уыд, кæнæ кæд цард, уый нæ зонæм», зæгъы автор. Чи зоны йæ куы бафæндыдаид йæ базонын, куы йыл бафы- дæбон кодтаид, уæд уымæй фенцоидæр уыдаид хъуыддаг, æмæ алыгъуызон ныхæстæ ахаудтаик- кой. «Ацы мыггаджы равзæрды тыххæй ис тау- рæгътæ», зæгъгæ, фæлæ уыдоныл дæр не ’ууæнды. Уæд цæмæннæ? Цы кодтой? Уæдæ æнæ исты бын- дурæй ныр мах куыд баууæндæм йæ верситыл? Куыд райсæм æнæазымæй йæ азымы ныхæстæ? - Ацы хабар, чи зоны, уый бæрц дзуринаг нæ уыд, æмæ йæ æз дæр не ской кодтаин, фæлæ нæм иу æнахуыр тенденци стыхджын æмæ уый махæй алкæй дæр хъуамæ катайы æппарид. Хатт афтæ дæр ахъуыды кæнын, цымæ, зæгъын, Ирыстоны цы топонимтæ, этнонимтæ, гидронимтæ, стæй мыггæг- тæ ис, уыдонæй ма ирон цал уыдзæн? Æгæр нæр- тон систæм. Æгæр нæртон та, уырыссаг æмбисонд куыд фæзæгъы, гæвзыккмæ тæры лæджы. Уымæй дæр, ноджы ма йæ зæгъон, кæд «фарстæн бæл- вырд дзуапп нæ ратдзыстæм», «бæлвырд исты зæ- гъын нæ бон нæу», уæд цы нæ уæлфад гал лæууы æмæ цы мысæм алы æнæбындур диссæгтæ? 15. IX 77 275
ЧИНЫДЖЫ ИС: I. Ирон пролетарен фысджыты ассоциаци «Зну»~ы сюважрд æмæ архайды тыххæй .... 31 Адæймаджы мнддуне æвдисын — нывгæнæджы нысаи 61 Поэзийы активондзинад æмæ аналитикондзинады сæрыл 79 Фылдæр активондзинад: сфæлдыстадон æмæ æмбæстагоы 100 Дзырд — дзырдуатæй æви зæрдæйы бынссй . . . 110 Уидæгтæ æмæ къабæзтау — иу 123 II. Ныхас Гæдиаты Секъайы тыххæй . . . .130 Бекъойты Гиуæрги — ирон литератураиртасæг æм» крптик 150 Хуыздæртæй иу 171 III. Ног фембæлд поэтимæ 185 Сæйраг — царды рæстдзинад .... 197 «Дæ тугæй фыст .» 206 Булкъаты Михалы романтæ 217 Поэты нуазæн 238 Поэзи — фыццаджы-фыццаг 248 Зарæджы фарн — адæмы фарн .... 255 Хъуагдзинæдтимæ, рæдыдтытимæ . . . 265 Æнæбындур верситæ * . 272 Хаджи-Умар Несторович Алборты Подобно корням и кроне (Литературно-крнтические статьи) 3$^о-«дЗдА БдЬфтАоЬ 6$ ьстотЛæо бгаасалсз «ззьзо&о «56 аспбо&о Редактор М. Р. Казиты. Худож. редактор А. Д. Ванеев. Техн. редактор В. А. Тедеева. Корректор Н. С. Тасоев. Сдано в набор 21. VI. 1984 г. Подписано к печати 25. II. 1985 г. Формат бум. 70x100782. Усл. печат. л. 11, 2. Учет.-изд. л. 10,7. ЭТ 00205. Заказ №1803. Тираж 1000 экз. Цена 95 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхннвал, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производственное объединение Госкомиздата ГССР, г. Цхинвал, ул. Московская, 5.