Text
                    Иухатт дынджыр æврагъ арв сæх-
гæдта, æмæ æнæхъæн æртæ боны хуры
цæст нал разынд.
Карчыцъиутæ арвмæ скæс-скæс код-
той.
— Уæдæ хур цы фæци цымæ? —
дзырдтой цъиутæ.—Фæстæмæ йæ арвмæ
раздахын хъæуы.
— Æмæ йæ кæм ссардзыстут, кæ-
цæй йæ раздахдзыстут? — схъуыдаттсыл
кодта сæ мад. — Кæм цæры, уый зо-
нут?
з


— Зонгæ йæ нæ кæнæм, фæлæ ис- кæйы бафæрсдзыстæм, — дзуапп ын рад- той цъиутæ. Сæ мад сæ балцмæ срæвдз кодта. Радта сын дзæкъул æмæхызын. Дзæкъу- лы сын хоры гага нывæрдта, хызыны та — зыр-зыраджы нæмыг. Цъиутæ араст сты балцы. Цæуынц, цæуынц —æмæ ауыдтой: иу цæхæрадо- ны къабускайы зæнджы раз бады сæ- тæлæг. Дынджыр, сыкъаджын! Йе ’кко- йы та — йæ хæдзар. Æрлæууыдысты цъиутæ æмæ фæр- сынц: — Сæтæлæг, уæ, сæтæлæг, нæ зоныс, хур кæм цæры, уый? — Нæ зонын, —загъта сæтæлæг. — Уартæ кауыл гæркъæраг бады. Уый бафæрсут, кæд æй зоны, миййаг. Фæлæ гæркъæраг цъиуты бахæццæ- мæ нæ банхъæлмæ каст, йæхæдæг сæ размæ батахти æмæ уайтагъд йæ къæр- къæрæй бæстæ байдзаг. — Цъиутæ, цъ.иутæ, кæдæм цæут, кæ? И? 4
Цъиутæ йын загътой: — Мæнæ хур кæмдæр бамбæхсти. Ныр æртæ боны арвыл нал фæзынди. Æмæ рараст стæм уый агурæг. — Æз дæр цæуын сымахимæ! Æз дæр цæуын сымахимæ! Æз дæр цæуын сы- махимæ! — Æмæ хур кæм цæры, уый зоныс? 5
— Æз æй мæхæдæг нæ зонын, фæ- лæ йæ хъуамæ тæрхъус зона: уый ам хæстæг цæры, уæртæ ауæдзы фале,— скъæр-къæр та кодта гæркъæраг. Тæрхъус ауыдта, уазджытæ йæм кæй æрбацæуы, уый æмæ йæ худ йæ сæрыл адзæбæх кодта, йæ рихитæ адаудта æмæ кулдуар уæрæх байгом кодта. — Тæрхъус, тæрхъус, — æмхъæлæ- ч>
сæй сдзырдтой карчыцъиутæ æмæ гæр- къæраг,—нæ зоныс, хур кæм цæры, уый? Мах уый агурæм. — Æз æй нæ зонын, фæлæ йæ мæ- нæ мæ сыхаг, бабыз, æвæццæгæн, зоны: уæртæ доныбыл, хъамылы цæры. Тæрхъус се ’ппæты дæр акодта доны- былмæ. Уым уыди бабызы хæдзар. Йæ 7
цуры та доны, былгæронмæ бастæй,— лодкæ. — Гъей, мæ сыхаг, уæхимæдæ, цы?— бахъæр кодта тæрхъус. — Нæхимæ дæн, нæхимæ! —райхъуы- сти бабызы бапп-бапп. — Нал æмæ нал хус кæнын — æнæхъæн æртæ боны хур йæ цæст нæ равдыста. — Гъемæ мах дæр хур агурæг цæ- уæм! — загътой гæркъæраг æмæ тæр- хъус—Нæ йæ зоныс, кæм цæры, уый? — Æз æй нæ зонын, фæлæ уæртæ до- ны æдде, тæрс бæласы мæрайы цæры уызын—æмæ йæ уый зоны. Тæрхъус, бабыз, гæркъæраг æмæ карчыцъиутæ лодкæйы сбадтысты æмæ доны фаллаг фарсмæ араст сты уызыны агурæг. Уыцы рæстæг уызын бадти тæрс бæласы бын æмæ фынæй кодта. — Уызын, уæ уызын,—æмхъæр æм бакодтой карчыцъиутæ, гæркъæраг, ба- быз æмæ тæрхъус, — хур кæм цæры, уый нæ зоныс? Æртæ боны дæргъы арвыл нæ фæзынди, æмæ кæд рынчын фæци, миййаг. 8
Уызын ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы: — Куыд нæ йæ зонын! Бæгуыдæр æй зонын, мæнæ тæрсы фале ис бæр- зонд хох. Хохы цъуппыл —стыр æврагъ. у
Æврагъы сæрмæ —æвзист мæй, стæй уырдыгæй хурмæ дæр бирæ нал ис! Уызын лæдзæг райста, йæ худ сæ- рыл арф æркодта æмæ се ’ппæты разæй араст фæндагамонæг. Мæнæ схæццæ сты бæрзонд хохы сæрмæ. Уым дын æврагъ хохы тæккæ 10
цъуппыл ныххæцыд æмæ йæхицæн æн- цад-æнцойæ хуыссы. Карчыцъиутæ, гæркъæраг, тæрхъус, бабыз æмæ уызын схызтысты æврагъы сæрмæ, уым дзæбæх æрбадтысты, æмæ II
æврагъ атахти комкоммæ сыкъахуыз мæймæ. — Мæй, уæ мæй,—ныхъхъæр æм код- той карчыцъиутæ, гæркъæраг, тæрхъус, бабыз æмæ уызын, —бацамон-ма нын, хур кæм цæры, уый! Æртæ боны арвыл нæ разынди, æмæ уый агурæг рацы- дыстæм. Мæй сæ бакодта комкоммæ хуры хæдзары дуармæ; хæдзар уыди талынг, рухсы цъыртт дзы никуыцæй цыди: æвæццæгæн, хур тарф фынæй баци, нал æмæ нал хъал кæны. Уæд гæркъæраг йæ хъæлæсыдзаг ныкъкъæр-къæр кодта, цъиутæ сцъипп- цъипп кодтой, бабыз ныббапп-бапп код- та, тæрхъус йæ хъустæй сæмдзæгъд кодта, уызын та йæ лæдзæгæй дуар ныххоста: — Уæ нæ хурты-хур, нæ царды рухс, ракæс-ма нæм, срухс та кæн бæстæ! — Уый чи хъæр кæны мæ рудзын- джы бын?—бафарста хур.—Мæ фынæ- йæ мæ чи райхъал кодта? — Мах стæм, мах — карчыцъиутæ, 12
гæркъæраг, тæрхъус, бабыз æмæ уызын. Мах æрбацыдыстæм дæу райхъал кæ- нынмæ—стын афон у! — Оф, оф, оф!.. — ныхъхъæрзыдта хур.— Омæ уын куыд ракæсон арвмæ? Мигътæ мæ æртæ боны фембæхстой, 13
æртæ боны мæ сæ фæстæ аууоны фæ- дардтой, æниу ма ныр куыд сæрттив- дзынæн?.. Уыцы ныхæстæ айхъуыста тæрхъус— къæрта фелвæста æмæ дон хæссынмæ февнæлдта. Уыцы ныхæстæ айхъуыста бабыз æмæ донæй æхсын райдыдта ху- 14
ры цæсгом. Гæркъæраг æй хисæрфæ- нæй сæрфынмæ фæци. Уызын та йæ хафынтæ систа хъисын щёткæйæ. Цъиу- тæ дæр æм иуварсæй æнцад кæм каста- иккой: уыдон дæр бавдæлдысты, æмæ хурæн йæ рыгтæ сæрфыныл балæууы- дысты. Хур ныйирд ис, сызгъæринау сæрт- тывта æмæ уыцы цæхæртæ калгæйæ ракасти цъæх арвæй. Бæстæ ныррухс, ныррайдзаст ис. Хурмæ йæхи тавынмæ рацыди карк дæр. Рацыди, схъуыдатт-хъуыдатт код- та, фæсидтис йæ цъиутæм. Цъиутæ уайтагъд йæ алыварсамбырд сты. Кæрты разгъор-базгъор кæнынц, хоры нæмгуытæ агурынц, хурмæ сæхи тавынц. Кæй нæ уырны, уый йæхæдæг акæ- сæд æмæ фенæд; карчыцъиутæ кæрты разгъор-базгъор кæнынц æви нæ?
ДЛЯ ДОШКОЛЫКМО НОЗРЛСгЛ У СОЛНЫШКА В ГОСТЯХ Словацкая народная сказка На осетинскин язык перевел А. С а л а м о в * * * Редакюр В. Г. Г> е н у з а р о п а Художпнк Л. Я> Г лу х о в ц е в Художественный редикюр У. К. Ка н V /; о в , Техиическнп редактор Л. Л. Дз г о е в Корректоры Н. Д. К аб о а о в а, Т, Л. Кайпгукова Сдано в набор 4-11-1960 г. Иодписано к пе- чити 25-X1 -1960 г. Формат буыагн 60x84. Немат. лмсюв 0,91. Учетпо-нзд. листов 0,59. Заказ.М 521. Изд. № 16. Тнраж 2000 Цена 4 к. Сев«ро-Осетипское книжное издагсльство г. Орджоникидзе, ир. Сталина, 11. Республиканская книжная типогрифия, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.