Text
                    вМÆРЗОЙ1ГПЫ СГЕРГШР1
1ЫМ6ЫА ÆРДУЗЫ
Радзырдтæ
ЧИНЫГУАДЗÆН ,,ИР"
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1983


840сет М59 Рецензент С. С. А г у з а р о в Мæрзойты С. М59 Тымбыл æрдузы: Радзырдтæ. — Орджони|- кидзе: Ир, 1983.— 144 ф. Марзоев С Т. На круглой поляпс. 20 к. В нслегкую военную пору дети вместе со старшими несли тн- жесть испытаний, ироявлялн отвагу, смекалку, находчивость Их недетским заботам посвящено несколько ироизведений, вошедших в кннгу В рассказах поведано также о школьных буднях, разно- образных ннтсрссах и участин детворы в делах взрослых 483—69 М 54—83 840сет. М131(03)—83 Издательство «Ир», 1983
^^^^^^^^^^^Чк^^^^И!^^^^^^^ ХЪÆД БАНЦАД ЙÆ НÆРЫНÆЙ I Горæты сæрмæ зынын байдыдтой иугай немыцаг хæд- тæхджытæ. Фæззыгон фæлурю арвыл чъиэи фæд иыууя- дзынц, дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ афадынц арвы тыгъдад. Хъыгдарæг сæ уыйас нæй, æмæ сæ ’куыд фæнды, афтæ хъеллау кæньинц. Цæстдарджытæ уыдзысты, эилдух сис- той хохрæбынты, фæззыгæнд æмæ æнæтьшд нартхоры хуымтыл сæ аууæттæ кæлмытау бырывд. Горæтгæрæт- тæм, тынгдæр та, тохынаты фæздæг кæцæй кæлы, уыцы бынæттæм сæхи æввахсдæр ласынц. Ирд, æнæмигъ бон цæст уынаг у. Хæдзæрттæ уынгты æхсæн чырытæй æвæрд. Фæндаг ранæй-рæтты куырмæл- хынцъæй аззайы, фæлæ та уайтагъд йæхи размæ аппары. Къудз’иты бын фæмидæг вæййы, æрхыл ахизы, дурджы- ны фæсæттьш дæр зоны, хæрды суайы, уырдыджы нæ сайы, фылдæр-фылдæр та дугъ уарзы. Æмрастæй, æмвæ- тæнæй, æнæ ракæ-бакæйæ. Уæд уæрдоны цалх уаргъы уæзæй нæ чиуы, иогсæрст сæмæныл айкау фæтулы. Хай- уан нæ фæлмæцы. Бæлццон нæ фæллайы. Ар’выл баныхæст немыдаг хæдтæхæг, зæххыл — йæ аууон. Хæлуарæджы тьшау фæзыны фæндагæн куы йæ иуырдыгæй, куы йæ иннæрдыгæй. Цæстдарæгмæ, æвæц- цæгæн, ахъазьшвæнд ис. Ар.в дæр, зæхх дæр — йæ бар. Тулмондагæй сæфы. Æм,æ йæ тæккæ фыадзы бын замма- •пайы амæттаг фæзынд. Бæхуæрдон. Бинонты къорд. Сæ хæррæгътæ дæр семæ. Чысыл бомбæ дæр сæ фаг уыдзæн. Хэвдтæхæг ’йæхи ныллæг æруагъта. Моторы хъæр æмæ з
бомбæйы æхситтæй бæх йæ бæттæнтæ тоны. Уæрдоны бадджытæ хъамылты амбæхстысты. Зæхх срæмыгъта. Хъæбæр сыджыты къуыбæрттæ ихуарæгау ныккалдысты бæлццæттыл. Дрвæй сæм зулдзых тæхæг кæсы, йæ марг- дзæст нæ ныкъулы. Лæгсырд суагъта йæ «тыппыртæ» æмæ дарддæр афардæг фыдбылыз таугæ. Джена йæ рыгтæ æрцагъта, немыщагмæ тьимбылкъу- хæй бадодой кодта. Иæ æртхъирæнтæ йын чи фехъуыс- таид, фæлæ йæ маст уæддæр иучысыл ссыд. — Бæсты рын аныхъуыр! Хæдзархæлд фæу! Мæлæт дæ фæдыл бафтæд! Гъе-’и... Зæронд усы хъарджытыл куы схæцыдтæн. Аминæт, ды фестут? Гыццылтæ!.. Ме ’рдхорд Сосе нæ афтæмæй куы фенид, уаед ныл йæхи ху- дæгæй «е схæссид? Рæвдздæр, бирæ нæ нал хъæуы. Бæлццæттæ уайтагъд фæцæуынхъус сты, æмæ та фæн- даг йæхи айвæзта Майрæмадатмæ. Дженайы фæстæуæр- доны бадынц йæ иунæг æрдхорды бинонтæ—Аминæт йæ æртæ хъæбулимæ. Ацы змæст рæстæг сæ æнæрæвдыд, æвæгæсæгæй куыд ныууагътаид. Уæддæр та хъæуы æдас- дæр у, уæлдайдæр хъæдмæ æввахс. — Гъы, куыд дæ, дзьжъыла? — ахъыдзы кодта Дже- на сывæллæтты кæстæр Саучызджы.— Дæ карчы дæр демæ >куы рахастай. — Иунæгæй, мæгуыр, баззад,—’кæуынхъæлæсæй загъ- та чызг. — Æмæ уæд иннæтæ цы фесты? — Гæды сæ гыццылæй бахордта. — Уæууа, ахæм ма дзы æнаккаг гæды уа! Ма тыхс. Махмæ бирæ ис маргъы мыггаг. Гæдыйæ дæр ;нæ тæр- сынц, хъæрццыгъайæ дæр. II Дженатæм æцæг бирæ маргъ разьшд. 3,илæг дæр сæм нæ уыд. Ньимайгæ дæр сæ ничи кодта. Бон-изæрмæ кæр- ты къуымты, цæхæрадæтты, бæлæсты бын, уынгты, дон- 4
былты зылдысты, афтæмæй сæхи æфсæстой. Изæрда- лынгты дæр-иу нæмыг дæттын афон сæхæдæг эзрбам- бырд сты. Æнæм,аст, æнæмæтæй цардысты. Гъе, аармæст сæм æрмахуырæй мурдæр ницы уыд. Адæймагаæ хæстæг балæууын дæр нæ уæндыдысты. Хæринагмæ дæр сæ къу- бæлттæ ивæзтой. Гьщцыл эдсты—уæд лæррæст каркæй, уасæгæй, гогьизæй. йе та лæбургæ æмæ скъæфгæ, кæнæ фæдос, хъæр, хъæлæба. Саутæ, буртæ, сырхытæ, дзыгъуыртæ—цынæхуызон карк æмæ уасæг федтаис Дженайы кæрты! Се ’ппæтдæр хæрзхаст, сæ къæхтæ айсьш нæ фæрæзтой, тулгæ-здух- гæ цыдьгсты, дон дæр ма зынтæй ньихъуырдтой. Горæтаг карчы æппыедæр нæ бауарзтой. Урс-урсид уыд, се ’хсæн бæрæг дардта, стæй ма-иу гæккуырийы кæстытыл схæ- цыд. Инкубатс^ры чи рашæрд, уьимæй цы агурыс? Кæв- дæсыл баст рæуæдæй уæлдай нæу. Йæ хицауæй йæ нæ атондзынæ, йæ уæздан митæй ферхæцдзьшæ. Æви йын хъæуккаг кæрчытæ йæ буцхаст, йæ арæхстмæ хæлæг код- той? Уæвгæ цы нæ хаста йæ сæрм.æ. Уæд та дын куы стæ- хид æмæ чызджы уæхскыл куы абадид. Йæ базыртæ ба- тылдта, йæ къубал чызджы былтæм байвæзта, цыдæр дзы домдта. Чызг йемæ хъаэы, йæ комы дон ы.н авæры, кæрдзыны мур аууилы æмæ йæ дзыхæй-дзьихмæ карчы хъуыры ауадзы. Хæрзадаæр у, æвæццæгæн, афтæмæй. Карк йæ фырхъалæй йæхи оцæгъды, зынæрвæссон æмæ са^рыстырæй йæ алывæрстæм фæлгæсынтæ сисы. — Дадæй! Æйæфенд м,итæ! — алырдыгæй суасынц каркæй, уасæгæй, бабызæй, гогызæй, фæлæ уайтагъд сæ- хи кæрдæгыл андзарынц—уыдонмæ ахæм а^монд ’никуы æрхаудзæн æмæ ма сæхи та мскæй цæсты цæмæн æфта- уьинц? Никуы а!схуыстой уазæг карчы, фæлæ йæм хæлар зæрдæ дæр нæма равдыстой — иу джиппы уагъд не сты, æмдзæхдон дзы ницæмæн хъæуы. Иæ айчы æфтыд та сын сæ тъæнгтж ацагъта. Алкæ- 5
мæн дæр йæ æфтуан бæрæг р<ан—чи цармæ, хосы фæл- мæнмæ стæхы, чи сахуыр кæрвдоны тæсчъы бадын, чи та каурæбьш льисыраты ныууадзы йæ айк... Чи куыд арæх- сы, афтæ амал кæны, кæд хæдзары æфсины зæрдæхудты бацæуы, уæддæр. Иуæйниутæ ма юуанг цъиутæ дæр ра- уадзынц июкуы мжкъуылы рæбьин,, куыдз æмæ сын гæды- йæ тæосаг куыд нæ уа, афтæ. Фьидуаг дзæрпгъæн та ахæм къуьштæ йæ фæсонæркæджы дæр не ’рцæудзьгсты. Нæ горæтаг бæдæйнаг, нæ сыффытт дьин цирк ма рав- диса айк æфтаугæйæ. Йæ афон ^рхæстæг, уæд йæ льимæн Саучызджы аиурымыл сбæндæн вæййы. Скатай уыдзæн, бæстæ йæ сæрыл сиедзæн, йæ рог митæй йæхимæ æркæ- сын «æны. Стæхы чызджы хъæбысмæ, æмæ бадынтæ байдайынц æнцад-æнцойæ, цыма айк дыууæйæ фефта- уынц. Срæгъæд, сцæттæ, уæд кар(к йæ ’къæхтыл алæууы, æдзæсгом, йæ къубал ныттынг кæны, ныддымсы, йæхи ныллæмары. Чызг æм йæ куатæ бадары, æмæ айк уый хъæбьксмæ æрхауы. — Ку-ну! — ныттилы харк йæ базырггæ. Айк æфтаугæ никуьша фендæуыд! Нæ фæлæ иуæйниу йæ хъихъхъ дæр булæмæргъы зарæг фæхоны. Хæфсæн, дам, йæ лæппын—хуры тын, мæнгæй нæ загъдæуы... Хъал урс карк донгæрæтты фæхизы, æфсæстæй та Саучызджы хъæбьксы цъындцæотæй фæбады. Уый йæ хъæдын чындзау хæцъилты батухы, æмæ гакк-гуккау йæ сæр сдары. Тæхуды, тæхуды... III Рæстæггай у цард. Уый æнхъæл та ч,и уыд, æмæ хуры æвиппайды хурхортæ аныхъуырой, сау мигъты бын æй банордой æмæ боныгон баталынт уа. Бæстæ гæрах, хъæр æмæ амст, хæдтулгæты тьгр-тыр оои, æнæзонгæ адæм сæ уæззау цырыхъхъыты дыууæ- рдæм кæнынц. Каутæ фæлдахынц, фос кæдæмдæр скъæ- 6
рынц, маргъыл нæ ауæрдьшц, æвзæр тæфæй сафынц. Мæтыхтæ... Удæгасæй адæймаджы сæ хъуыры ауадздзы- сты. Уæвгæ, алчи йæ сæрæн схос кодта. Хъæу æдзаэрæ- гæй аззад. Стæмтæй фæстæмæ стырæй-чысылæй сæхи хъæдмæ айстой. Хистæрты тыхстæй тыхсти Саучызг дæр. Æ<рмæст сæ ыыхæстæй дæр зæрдæ бамæгуыр вæййы. Немыц Сани- байы балæууыдысты, Джызæлы дуæрттæ хойынц... Май- рæмадагмæ цьша сæ хъус уыйбæрц нæ дарынщ. Искуы- иу хатт фæзынынц мотоциклисттæ, джигул кæньинц хæ- дзæртты, астигъыиц цæрджыты, æмæ м,а сæ дым-гæ дæр æрбайсæфы. Хъæд хæрзхæстæг. Хъæды бадьшц сырхæф- сæддонтæ æмæ партизаитæ. Æдас не сты, æмæ знæт лæ- бурдтыты фæстæ уайтагъд сæ сæртæ бафснайыец. Фæззыгон хъæды фæуазал. Сыфтæр азгъæлд, кæрдæг фæбур, изæр.милты дьгмгæ футтытыл схæцы. Мусовджы ахæм заман бирæ нæ фæбаддзынæ, æмæ æфсæддонтæ, партизштæ хъæуккæгташæ æмвæндæй уæрмытæ скъах- той. Фидæр æмæ æхъарм сты, фыс кæнæ ма сæгъ кæмæ баззад, уый йæ фосы дæр уæрмы дардта. Дзидза уал сын баэргæ фаг кодта, фæлæ кæрдзынæй хъуаг æййæфтой лытъд адæм. Суанг маниу сæ дон агурæг зильш дæр ба- хъуыд. Уæлбын æрхытæ æмæ дзыхъхъыты бадт дон ни- зы хосæй уæлдай цы уыдаид, æмæ хистæртыл мæт баф- тыд. Уарывдонæй хи найæн æмæ гæрстæ æхсæн уыдис, æмæ Саучызджы мад Аммнæт йæх^имæ уыцы хæс райс- та. Бæгæныфьщæн а<гтæ æрæмбырд кодта, хæтæл’ифтыгъ- дæй сæ бæрзонд систа нæлгоймæгты æххуысæй, дурама- дыл сæ фæовæд ран сæвæрдтой, сæ быны сьш арт бан- дзæостой, æмæ айана скуыста, адæм сулæфыдысты. Аминæт азылд сылгоймæгтыл, зæрдæйæ-зæрдæмæ фæ- ныхас кодтой. Уыйфæстæ абанайы фарсмæ фаезынд ног халагъуд. Сылгоймæгтæ радытай æхсадтой æфсæддонтæ æмæ партизанты гæрстæ. Хус кæньшмæ-иу сæ изæры- гæтты байтыдтой къудзитæ æмæ бæлæсты къалиутыл. 7
Боныгон сæ немыцаг тæхджытæ бафиппайдтаиккой, æмæ уæд царæфтыд ше фæуыдаиккой? Иуизæр Аминæты уæрмы фæзынд партизанты хис- тæр. Бæласæй, уæр;мæй, къахвæндагæй ницы равзардзы- нæ, дæ цæст уыиаг куы нæ уа, дæ хъустæ—хъусаг, уæд. — Уазæг—цæттæ, фысым—æдзæттæ,—фырмæтæй ба- тыхст Аммнæт.—Хорз фенинаг бæргæ дæ, фæлæ нæ къух- тæ цыбыр сты. Ахæм боитæ ныл аокодта. — Бузньгг. Дæхæдæг дæ буц даринаг, дæ хъæбултæ— рæвдауинаг. — Æрцæудзæн та мах бæрæгбон дæр! Нæ былы- цъæрттæ йæм куы хæрæм... — Æйæмæнг, Аммнæт, фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссьгнц. — Дæ хорзæхæй, куыд нæ осардтай ацы мæйдары? Фæндагамонæг дьш фæци? — Уый та Куку уыдаид,— йæ ныхас баппæрста Сау~ чызг. — Иу кар,к нæм ис, æмæ уымæй зæгъы,—бахудт Ами- нæт. — Раст зæгъы, сгарджытæ мын фæндаг бацамыдтой, уæрмамонæг та Кужгу уыди. Урс карк бæрзы къалиуыл бады, мæйдары да^р чысьмтæ зьшы артдзæсты тæппау. Цырагъы мæнг рухомæ цыма уæрм къуындæгдæр фæ- ци, æмæ уазæг йæхи уæлдæфмæ райста. Иæ фæдыл ра- хызт Аминæт дæр. — Кæсыс? Бады нæ урс карк. — Уый мæхи карк у, мæхи Куку,— загъта Саучызг мады фэедджийыл хæцгæйæ. — Кæцæй та фæдæ? — афарста йæ чызджы Аминæт. — Æмæ æз æдзухдæр демæ куы вæййьга,— æнахуыр фарстыл фæдис кодта чызг/ — Сызгъæр.ин фест, мæнæ дьш сæкæры къадртт. Дæ хойæн дæр-иу дзы авæр,—лартизаиты хистæр барæвдыд- та сывæллоны, стæй загъта:—Дæ сæр нæ бахъуыд, Ами- нæт. Ма нæ стыхс, æнæуи дæр зынтæ фаг бавзæрстай. 8
— Табуафои. Æгайтма уьш истæмæн бæззын. — Немыцы бæрджытæ нæ базонын хъæуы. — Немыцы бæрджытæ æнæ Аминæт дæр базондзыс- тæм,— кæйдæр бæзджьш хъæлæсæй фæкъуыхцы парти- зан. — Чи дæ, кæцы дæ?—ныхасгæнæлмæ фæзылд уазæг. — Джена дæн, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр—Джена. — Алыбон æгас цу, Джена. Цæстæй дьин хай нал ис, æнхъæлдæн. Дæ бинонтыл дæр куы фестырзæрдæ дæ,— фæлмæн уайдзæфтыл фæци Амаднæт. — Ма зæгъ, чьшдз. Гæнæн мьш нæ уыд. О, Куку дæр ам куы ис! Æнæхъæн кæрчыты фермæ нæм уыдие, ныр Куку иуиæгæй быныл баззад. Цæй, бон цæуы æмæ йемæ фарн хæссы. Алцыдаф та йæ гаччы сбаддзæь. — Цыдæр фæнд дæм уыдис, Джена,—загъта парти- занты хистæр. — Бæгуыдæр ис. — Хъæуы хабæрттæ зондзынæ. — Хъæу сабьир у ньиртæккæ. Æнæхъæн къуыри ми- ’ нæйы амæттаг фæдæн,—йæ ныхас æндæрырдæм аздæх- та зæронд лæг. — Мæ арт бауазал,— фæтыхст Аминæт. — Минæ иыюсагъд хъæдын цæджындзы. Лидзæг фæ- дæн фыртæссæй, фæлæ уымæ хæлынвæнд нæ уыд, æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Хæдзармæ цæст дарын нæ хъæуы? Цыппарæй мьш хæсты сты æмæ куы фæзыной, уæд куыд, и?—азылд Джена партиза<нты хистæрмæ.—Фыдыуæзæг афтидæй нæ флдауы. Зæронд лæг цыма цæмæдæр æнхъæлмæ каст æмæ йæхи ныхæстыл дары, уыйау таурæгътыл схæцыд. — Уæд дын нæхи Саукуыдз куы фесгуыхид. Мæ хис- тæр æфсьгмæрæй зæгъын. Фондзьюсæдз азы йыл цæуы, уæддæр йæ конд (нæ ивы. Бындзытæ да(ры рагæй дæр, йæ мыды хъæстæ та ничима фæци. Хъæдгæронмæ, фæс- вæд раимæ йæхи айста. Немыи смудаг куитæй уæлдай не сты, сæ цæст æрæвæрдтой Саукуыдзы чыргъæдтыл. 9
Лæбурынц, сдæрынц... Ме ’рвад фырмæстæй рафыхт, йæ бындзыты оуагъта. Дæ фыдгул афтæ! Цæвæг марæджы нал æмбæрста. Сæ фæдис, æвæццæгæн, ардæм дæр фе- хъуыетаэд. Стæй йьин, мæгуыр, йæ чыргъæдтæ автомат- тæй сыхыриа фестын кодтой. Иæ сæры бæсты ацæуæнт. Уæддаэр дзы хуьштæ куы (нæ æрвьиста. Джена хъæ&ы мьшæг уынаэрмæ байхъуыста. Хус къæ- цæлы къæрщц ацахста йæ хъус. — Уььй иæхион у,— загъта зæронд лæг.—Æфсæддон сгарæг. — Чи у, кæцæй фæци?—фæрсы партизанты хистæр. — Уый тыххæй уæхæдæг аныхас кæнут,—иуварсма* ацамыдта Джена.—Сымахæн даэр феххуыс уыдзæн. Ныр та уал йæхæдæг у æхяуьисхъуаг. Чъисыл фæстæдæр партизан сгарæгамæ уæрмы цурмæ æрбаздæхт. — Гъем’æ хорз,— загъта партизаи.—Хабæрттæм æн- хъæлмæ кæсдзьистæм. Тæнтъихæг цырддзаст огарæг зачъетæ рауагъта, аф- тæмæй хæрзæрыгон у. Хæстон дарæсы æнавдастæй æф- сæрмы кодта æмæ къæмдзаэстьигæй лæууыд хистæрты цур- — Кæм И1С, кæ, мæ удæнцой? — æрæджиау йæ бинон- ты æрьшысыд Джена. Амийæтæн аивæй загъта:—Не ’фсин лæппуты дарæс кæмдæр зæххы бьш бамбæхста, æмæ йæ уымæй афæроин. Сгарæгæн ирондарæсы æдас- дæр уыдзæн. — Уый хорз æрхъуыды у, бæпуыдæр. Дженайы бинойнаг Сæиа хабар куы бамбæрста, уæд нырхæндæг. Зæрдæ нæ куьшдта лæппуты дарæсмæ бав- налын, стæй сæ кæмыты агурдзæн? Иæ катай æнцъылд- тæ цæсгомыл фæбæрæг, æмæ уьий Дженайæн хуымæтæ- джы хъыг фæци. Фæлæ лæг æмæ ус кæрæдздойы зæрдæ- йы уаг хорз зыдтой, æмæ хъуыддаг æнæ уæлдай ныха- сæй ахищæн. — Уый даэр нæхи хъæбул у, гормон,—загъта Джена 10
Сæнайæн, куы фæхибар сты, уæд.— Тæссаг у йæ балц, фæлæ хъу,а(мæ сæрæгаеæй раздæха йе ’мбæлттæм. — О, о, йæ рьштæ йын ахæрон, кæмæн у, уый вднтæй бафсæдæд,—фемæхст Сæнайы цæссыг.—Кæд искуы мах лæппутæ дæр тыхст баййæфтой. — Æдыхст та чи у ахæм заман? Цæссыгæй нæ, ныф- сæй февæрывд зæрдæтæ хæстон лæгæн. Уæ рæбьгнтæ фе- ’Нут,—æзылд Джена Амшæъмæ.—Уазæгæн фæндараст зæгъæм. Сгарæг æмæ Джша хъуамæ боньщъæхтыл араст уой хъæумæ. Лæппуйæн йæ дарæс—ивинаг, стæй ма кæд Са- лыгæрдæнмæ дæр рухсæй баирвæзид. Йæ дарддæры хъуыддæгтæ йæхи бар уыдзысты. Æфсинтæ арьгнг æр’цагътой. Аг уæларт авæрдтой. Фæндаггаг хæссьшæн рог, хæрынæн адджьш вæййы, фæ- зæгъынц. Скуьштой æртæ чъирийы, фæлæ комдзаг ничи скод- та. Бæлццоны хай, дам, нæфæтджиагæй уæлдай нæу. Хордзены бафюнайдтой чъиритæ хæцъилты тыхтæй. Фых н’асы карст дæр ма семæ фæ^и цалдæр картоф’имæ. Салдат фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уьшæн ницы- (уал зыдта. Фысьштæм камкоммæ бакæсьш нал уæндыд. Кæстæр чызджы хуынæй та бьгнтон фæкъæмдзæстыт. Уый куы баадæлид æмæ дын кæцæйдæр урс карк куы рахæсюид. — Уый та дын мæ лæвар,—загъта чызг,—уыды æнак- кæгты тагъддæр фæсурут. — Гъеуы’й дьш чызг, бабайы чызг,—Джена йæ хъæ- бысы анорста Са^учызджы. Ам1инæты цæсгом ныррухс. Сæна та йæ цæссыгтæ сæрфыныл схæцыд: — Мæгуыры бонтæ, сабийы дæр хæсты мæт бацыд. — Мæ мард фенут,— фестад сгарæг.—Уый та куыд? Мæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн. Саучызг джихæй каст салдатмæ. Цæуыл мæсты кæ- ны уазæг? Р1æ урс каркыл ын ые ’рвæссы? Æрмахуыр п
куы у, коммæгæс. Æндæр æм уæдæ нвды и, æмæ ды акæ- на? Салдат нæ баураедта сывæллоны цæстæнгас , иуварс- мæ азылд. IV Цырагъ ахуыюсыд. Бинонтæ бафынæй сты. Саучызг алкæйы дæр базондзæн йæ улæфтæй. Æна сулæфы тыхст æмæ фæлладæй. Аслан та йе ’хситтæй нал æмæ нал фен- цайы. Зæлийы улæфт рог æмæ уæлæнгай у, зыитæй йæ рахатдзынæ, ахуыр ыл куы нæ уай, уæд. Хуьиссæг йе ’мгæром дæр нæ цæуы Саучызгæн, æмæ йæхи алы хъуыдытæй ирхæфсы. Цымæ та уыцы зачъе- джын салдат тагъд фæзындзæн? Сгарæг... Хабархæссæг... Афтæ йæ хоньшц иууылдæр. Тæхуды, тагъддæр куы раз- дæхид хорз хабæрттимæ... Чызджы цæстыхаутæ æддæг- мидæг ауадысты, фæлæ та уайтагъд фæхицæн сты—æд- дейæ æрбайхъуыст къæхты уынэзр. Цымыдис чызг уæр- мæй йæ сæр сдардта. Боны рухсмæ бирæ нал уыд, цъæх- бын фæлмы бæлæстæ зыньш бавдыдтой. Стæй ма... Дже- на æмæ сгарæг салдат комыдымæгмæ се ’ргом сарæз- той. Саучызг сæ фæдыл джихæй каст, цалынмæ бæрзьг къохы нæ фæаууон сты, уæдмæ. Скатай, ихæнриз ыл ба- хæцыд. Фестъæлфыд. Уалынмæ цæйдæр хъармæй бай- рад—бамбæрста Кукуйы фæлмæн пакъуыйы æндæвд. Æриста йæ йæ къухтæм, адауы йын йæ базыртæ, йæ къæхтæ, йæ сæр. Карк фырбуцæй къуырт-къуырттыл сбæндæн. Саучызг йæ цæст нал исы къахвæндагæй. Цæуылнæ йьш айста салдат йæ лæвар? Чи зоны æмæ йын Ку1су йæ зын фæндагыл исты феххуыс уыдаид. Æиæнхъæлæджы, йæхæдæг дæр æй нæ бамбæрста, афтæмæй чызг фæуырдыг кодта къахвæндагыл. Тъæ- бæрттæй згъоры. Кæм дур, кæм та йын бæласы уидаг ацахсы йæ развæд. Уæддæр тæхы. Дзæбæх æрбаруха 12
Бæлæсты æхсæн ныр дардмæ дæр фендзьшæ адæйма- джы. Фæлæ бæлццæттыл цæст нæ хæцы. Скатай Сау- чызг, йæ тых-йæ бонæй тындзы размæ. Æрæджиау баййæфта Джена æмæ еалдаты. Уадвæл- дæхт тулдзы рæбын сæхи æруагътой. Хæцæнгæрзтæ уæгъд нæ уадзынц. Чызгæн фцрфæлладæй йæ зæнгтæ йæ бьшы фæта- сынц, къуылдыхтыл хауæгау бакодта, карчы йæхимæ балвæста. Чи зоны, цас фæбадтаид афтæ, фæлæ иуафон бæлццæттырдæм акает æмæ та йыл фырадæргæй ихæн- риз бафтыд. Джена æмæ салдат фехсынæввонг сиетой топпытæ. Дæрддзæфгомау апырх сты немыц. Хъуызгæ, гуыбыр-гуыбыр цæуынц бæласæй бæлаомæ, къудзийæ къудзимæ. Иучысыл ма, æмæ бæстæ гуыпп-гæрах фест- дзæн. Уыдон бирæ, махонтæ дыууæйæ. Саучызджы сæры фæзынд æнахуыр хъуыды. — Куку, фервæзьш нæ кæн! Куку, иуваромæ сæ асай. Карк буцдæрæн къуыртт-жъуыртт кæны. Чызджы хъармæй схъарм, æхгæдцæстæй бады. — Тæхгæ, Куку!— фехста йæ Саучызг немыцырдæм. Немыцаг салдæттæ фыццаг сагъдауæй аззадысты, стæй сæ хор-хор сирвæзт. Иу тæппуд та каркыл автомат суагъта. Сæ хистæры хъæрæй фæхъус сты. Байхъуыстой. Сыбыртт дæр никæцæй цыд, æмæ уæд каркдзуаныл фе- сты. Куку йæхи куы иуырдæм фехсы, куы иннæрдæм. Немыц йæ фæдыл адзæгъæл сты, æмæ фæндаг суæгъд. Саучызг ма ауыдта, Джена æмæ салдат цъыхырыты куыд аныгъуылдысты, уый æмæ æнцонæй сулæфыд. Куку кæмдазр хæмпæлты ньшбæхст. Немыц хъамыл ссæндгæ сæ фæд-сæ фæд авдæхтысты: карк хорз хабар- хæссæг нæу. Искуы хæрзхæстæг адæмæн æнæ уæвгæ нæй. Чи сты? Цас сты? Уьшæн ничи ницы зоны. Æмæ хъæдæй æвыдæй ахизынæй хуыздæр ныртæккæ ницы ис. Æвæццæгæн сæм ахæм хъуыды æрцыди. Пыхс сæ сæрыл дзæгъæлы нæ ахастой. Комыдымæг та бацахстой, фæлæ ныр бæлццæттæн тæссаг нал уыд. 15
Саучызг фестад, байхъуыста. Хъуе ахста рог базыр- ты пæр-пæр, карчы тыхст къуыртт-’къуыртт. — Куку, кæм дæ? Куку! Бæрзы къалиу фæта’сыди. Бур сыфтæрты бьшæй ра~ зынд урс карк. Уайтагъд Саучызджы уæхокыл абадт. — Мæхи Куку, мæ дзæбæх Куку,— рæвдауы карчы чызг.— Уый та циу? Дæ гакк фæцæф? Тьинг дьин риссы? Иугьгццыл бафæраз, æз дæ адуду кæндзьинæн.— Карчы йæ роны банорста.—Тагъд раздæхдзæн нæ салдат. Дже- иа дæр йемæ... Тагъд фæсурдзысты ацы цъаммарты, æмæ ’нæхимæ ацæудзыстæм. Мæнмæ ма смæсты у. Барæй нæ уыдтæн. Салдат æмæ Дженайæн тæссаг уыд, тьинг тæс- саг... Фæлæ ды сарæхстæ... Ды м»æхи Куку дæ. Æз дьш дæ къах бабæтдзьшæн, æмæ та пæррæстытæ кæндзынæ. Хъæд банцад йæ нæрынæй- Ничи ницы базыдта Сау- чы-зджы балц æмæ Кукуйы бæллæхтæн. УАЦХÆССÆГ Мит уары æмæ уары. Хæдзæртты сæртæ, уынгтæ, ’кæрт урс-уроид адардтой. Цæра зоны, уазал кæй нæу, уый. Æрмæст райсомæй раджы æмæ изæрырдæм фæхъы- зы—рудзьшгæй кæсгæйæ адæмы комулæфтæй бæрæг вæййы. Æиæуи та хæмпус миты тъыфылтæ кæрæдзийыл бæмбæгау фæлмæн æрбадьшц. Лæппу бады пецы фарамæ нанайы чырыныл. Зестæй æмæхгæд чырыньыьиу нырмæ æдзухдæр гуыдыр æвæрд уыд, фыдымад æм æвнальш никæй уагъта. Иокуы-иу хатт-иу æй куы байгом кодта, уæд-му Цæра зæронды цурæй нал иыди. Аргъæутты ма вæййы ахæм дынджыр чырынтæ—алцæмæй йæ тæкзкæ дзаг, йæ сæрниу æхгæньш «на’л куымдта. Æмæ дзы уæд цы нæ уыди? Сау æрттиваг сæрачы гæбæзтæ, хъулан-мулон хъуьшацы кæрстытæ, æрдæгхуыд къогъодзитæ. Уыдæттæм никуы бабæллыд 14
Цæра, фæлæ ма сырхварс фæшъуыты адджьш тæфæй æхсызгандæр цы у,а? Æмæ-му зæронд усы зæрдæ алхæ- ньшæн исты æнæ æрхъуыдыгæнгæ ’нæ фæцадаид. Зыдта йьш нана да^р йæ митæ, фæлæ-иу ьш сæкæры къæртты- тæ кæнæ рæгъаад дыргътæ аваардта. Иæ фыртæн Цæра йедтæмæ зæнæг нæ рацыд, æмæ кæд фыдуаг хаста, уæд- дæр æй йæ удæй фылдæр уарзта. Суаиг ма-иу ахуыргæ- нæгмæ дæр смæсты, йæ урок та нæ оакуыр окодта, стæй йæхи хорз нæ дары, зæгъгæ-иу сæм изæрыгæтты хъаст кæны!Н1мæ( куы æрбауад, уæд. Фыд хæстмæ ацыд, æмæ зæронд ус, цыма йæ уарзондзинад лæппуйæн нывондæн æрхаста, афтæ зыеди. Уайдзæф нæ, фæлæ йыл бындз абадьш дæр ншуы бауагьта. Ныр чырын сафтид. Немыц хъæумæ куы æрбаввахс сты, уæд н>а!на скатай. — Адон мæтыктæ сты, чьшдз, дæ фæллой бафснай, кæннод афтидармæй дæ уæлкъæсæр сбаддзынæ, — дзырдта Дарайæн. Цалдæр боны æмæ цалдæр æхсæвьг иу ран нал æрбадтысты. Ницыуал аззад хæдзары, чыры- ны цыдæридда^р уыд , уыдан дæр, мадимæ ныккæнды цы арф дзыхъхъ окъахтой, уым бамбæхстой. Йæ хуылфмæ йьш цавæрдæр бызгъуыртæ æмæ зæронд хъæдьш тæ- бæгътæ ньпккалдтой. Уыйфæстæ ш\иа йæ цæгаты афæс- тиат æмæ йьш ныр æрбаздæхьинæн фадат нал ис. Бады Цæра чырьшыл, пецы хъарм къулмæ йæ фæсон- тæ сарæзта æмæ йæх/ицæн хъуыдытæ кæны. Æлжъард у лæппу. Уынгмæ йæ нæ уадзьшц, хæдзары та, кæимæ ахъаза, уый нæй. Æдде ммт бæргæ ныууарыд. Афонмæ та Быдзынты цæхæрадоны къахдзоныгътæй бырмд. Фæ- лæ Бæппуитæ дæр сæ хавдзæртты къуымты бадьшц, æвæццæгæн. Ацы немыц, дам, удисджытау лекка кæнывд, æмæ уьшпмæ дæ фыадзы кæрон дæр ма равдис. Мад цъындайаг æлвисы, стæм хатт йæ æлхуийы гы- бар-гыбур пъолыл ссæуы, стæй бæстæ нысоабыр вæййы, æмæ та хъус, сугтæ пецы куыд къæрццытæ кæньшц, уы- мæ. 15
— Лæппу, арт ма ахуыссæд, æз стурмæ акæсон,— загъта Дар<а, йæ æлвисинаг сьштæгмæ баппæрста æмæ кæршæ ахызт. Цæра рæвдз фестад. Æгайтма йын исты куыст радта Æна. Хуылыдз каухалæнтæ йæ уæрагыл фæсæтты æмæ сæ педы æддæгуæлæ ацамайы. Арт ныггуыпп кæны, йæ сырх æвзæгтæй асдæры пецы къултæ, йæ гуыр-гуыр кæм- дæр тохынайы сæфы. Цæетытæ йæм нæ лæууьшц, æмæ Цæра дæрддзæф д&уццæджы бадгæйæ йæхи тавы. Мад, æвæццæгæн, хъугæн нартхоры хæтæлтæ агуры цæхæра- доны æмæ нæма зыны. Лæппу схъарм, уаты къуымты зилы. Бакаст сæ иннæ уатчмæ дæр. Цьима дзы никуьгма уыдис æмæ йæ никуьгма федта, афтæ йæм фæкаст — уа- ты иу мæйы ба^рц цæрынц немыцæгтæ, сæ иу аф,ицер, иннæ — салдат. Арæх сæ нæ уьшы Цæра, машинæты, дам, Салыгæрдæнмæ цыдæртæ фæласынц æмæ искуы-иу хатт фæзьшынц ардæм. Уæддæр æй мад дуарæй бакæ- сын нæ уадзы. Фыдбылызæй, дам, цас дарддæр уай,уый- бæрц хуыздæр. Æмæ ныр цьимыдисæй кæсы уаты къуым- тæм. Дыууæ ныллæг сынтæджы къулрæбын æиæфснай- дæй лæууьшц, цавæрдæр бур голлæгтæ æмæ чумæдантæ аддæгуæлæ æвæрд, æвгтæ, кружкæтæ... Дпссагæй дзы ницы пс. «Гъеуыдон сты сæ фыдбылызтæ»,—ахъуыды кодта Цæра, фæлæ гъеныр дуар ахгæнон куы загъта, уæд сæ зæронд бкъаппыл ауыдта радиоприемншк æмæ йæ фæнд аивта. Байхъуыста. Мады къæхты уынæр нæ цыди. Æмæ уæд йæхи нал баурæдта—бауад приемникмæ. Æркæсты- тæ йæм кодта—алыхуызон кънопкæтæ рæнхъ-рæнхъæй лæууьшц. Куы сæ иумæ бавналы, куы сæ иннæмæ. Урс æрттиваг тымбылæг æм рæсугъддæр фæкаст æмæ йæ æр- зылдта. Цæйдæр хæр-хæр ссыд. Лæппу бæтарст, фæстæ- мæ фæзылд, байхъуыста—мад нæма æрбацæуы, чи зоны, æмæ Гуыгъотæм ауад на!ртхорыхъæдтæ курæг. Прием- ник йæ дыв-дывæй не ’ицайы, æмæ дзы лæппу хъазы. 16
Æвипйайы Цæра йæ къух атыдта урс тымбылæгæй, йæ зæрдæйы гуыпл-гуыпп ссьгд, джихæй йæм баззад. — Дзуры Мæскуы, дзуры Мæскуы! — райхъуыст уы- рыссаг ныхас. Чидæр бæзджьш хъæлæсæй, раст цьгма исты цины хабар хъусьш ’кодта, уьийау дзырдта:—Мæ- окуыйы рæстæпмæ гæогæ у дыууадæс сахаты... Цæрайæ ферох æппæтдæр. Мæокуы... Уырыссаг ны- хас... Приемиичы сырх стъæлф оудзы æмæ зывджы стъæлфæнтау уæзэау ныхæстæ æппары. — Абан не ’фсæдтæ бæрзæйсæттæн цæф ныжкодтой фашистан лæбурджытæн... ^размæ абырстой... Къæппæ- джы бахаудысты фельдмаршал Паулюсы æфсæдтæ... ’Уацайрæгтæ... Трофейтæ... Лæппуйы цæстытæ цьша рухс стъæлфыл ньшдæгъды- сты, уыйау дзы атоньш нал куымдтой. Приемникæй та хъуьгсти: — Мæлæт немыцаг лæбурджытæн! Фырщшæй Цæра йæ мидбьшаты гæппытæ кæнынмæ фæци. Иæ къах скъуырдта чумæда-ныл æмæ йæ мæсты- йæ иуваромæ асхуыста. Фæлæ уьшæн нæ фæджих—йæ уæлхъус хуыздзыдæй лæууыд Æна. Цæстыты мигъау ныббадт цавæрдæр тас, былтæ кæрæдзийæ фæхицæн сты, цыдæр сдзуринаг уыди. Лæппу йæ сæр æруагъта—загъд та кæндзæн, чи зоны æмæ йын йæ хъустæ дæр сиваза. Афтæ-иу куы дзырдта: «Уыцы дуарæй макуы баи<æс, фыдбылыз нæ къæсæрæй нал хизы». Цæра æнхъæлмæ каст æфхæрæн ныхасмæ, фæлæ йьш мад нпцы загъта. Каст приемникмæ, цыма йæ сайгæ фæчьшдæуыд, уыйау. Радиойы дыв-дыв не ’нцад, кæд дзургæ нал кодта, уæд- дæр. Цæра урс тымбылæг æрзылдта. Мад ын йе уæхскыл йæ къух æрæвæрдта, æмæ сæхи уатмæ рахызтысты. Æнæдзургæйæ нанайы чырыныл фæбадтысты пецы фарсмæ. Æрæджиау Æ<на фестад, рагæпп кодта Цæра дæр. Мад чырыны сæрыл схæцыд, йе згæхæрд æвдузæн- ты къæс-’къæс лæппумæ адæймаджы хъæрзыны хуызæн фæкаст. Цымæ дзы цы агуры? Уалынмæ бызтъуырты бы- "2 Тымбыл эгрдузы 17
нæй сиета рагон тьимбыл саха-т, æрзылдта йæ, æа/æ куы скуыета, уæд йæ цæогом фæруходæр, ноджыдæр(ма йæ æрзылдта æм,æ йæ уæд Цæрамæ равдьиста. Сахат амыд- та дыууадæс сахаты æмæ фьинддæс млнуты. — Мæокуыйы рæстæг...— загъта Дара æмæ ныуулæ- фыд.— Ауай, мæ къана, æмæ йæ пъадвалы тæрхæгыл ис- тæй бьш бамбæхс. Цæра дис кодта йæ мады митыл, фæлæ йæ ныр бам- бæрста. Райста сахат, гамæ уайтагъд йæ къæхты гыбар- гыбур аоинтыл ссыд. Цæстыфæныкъуылдмæ фездæхт фæстæмæ, ма>ды та баййæфта йе ’лвисинатимæ. Уый, цы- ма æппыадæр нмцы æрцыд, йæхи афтæ дардта. Лæппу та æрхъæцмæ нал хъæцыд—эзрдæбоны хябæрттæ йæ оæры зилдух кодтой, фæндыд æй, мад куы бацин кæнид æмæ уьпмæн дæр истытæ куы радзурид. Фæлæ уый æл- В1исы йæ цъыидайаг, суаиг ма йе ’рфгуытæ дæр фелхынцъ сты. Лæппу йæм йæхи баласта. — Æна, немыц лидзьшц? Æ1мæ ма уæд махмæ цæ- мæн баззадысты? — бафарста Цæра. — С-с-с,— мад, цьгма сæм исчи хъуыста, уыйау йе ’нгуылдз йæ былыл аеæрдта.—Рæстæг змæст у... Фыдбы- лыз кæцæй нæ кæсы, ахæм ран куы нал баззад...—Стæй, æвæццæгæн, йæ хъæбулæн фæтæрмгъæд кодта æмæ ма ныллæг хъæлæсæй загъта:—Тагъд фæзындзысты нæхи- уæттæ... Фехъуыстай?! Лæппу ацы хатт мады «фехъуыстай» æфхæрдмæ нæ бамбæрста. Æмæ йæ уый дæр фыдбылызæй куы нæ ир- гъæвта йæ сусæг ныхасæй, цины хабарыл æй куы æу- уæндьш жодта! Цæра ницæмæйуал бафарста мады. Тагъд, тьшг тагъд фæзьгндзысты нæхиуæттæ. Немыцы асурдзысты, æм.æ та уæд Быдзынты цæхæрадоны бырдзæн къахдзоныгътыл... Уалдзæджы быдыр куы фæцъæх уа, уæд та йе ’мбæлтти- мæ портийæ хъаздзæн. Сæрды та донбылты гæлæбудзуан кæндзæн... Æ-мæ кæмыты нæ балæууыд йæ сæнтты! Рудзьинг-æй каст уынлмæ, салд гуыргъахъхъ фæндаг- 18
мæ, йфтæмæй хъуьгста мады æлхуийы дыв-дывмæ. Уа- лынмæтигъыл фæзынд сæ сыхаг зæронд лæг Гуыгъо. Йæ уæлæ фмпъызтытæ кæрц. Уæлдзармхуд цæстытыл æр- хауд æмæ лæппумæ йæ æнæдаст цæсгом зынд. Цæрайы сæры фæзьшд æнахуыр хъуыды: «Тæхуды æмæ Гуыгъо- йæн радзур Мæокуыйы хабæрттæ. Уæд афтæ тыхст нæ уаид, йæ урс рихитæ дæр афтæ мæсты змæлд нæ кæиик- кой». Ракаст Æмамæ æмæ йæ фæндтæ фæуагъта. Ис- куыдæр ма уый оразы уыдзæн? Фьидбылыз алы тигъæй куы кæсы!—загъта йæхинымæр мады ныхæстæ. — Охх,—сулæфыд Æна. Фестад, сынтæгыл æрæвæрд- та æлвисинаг. Скъуыдтæ сæрбæттæиы атыхта йæ сæр æмæ бедратæ райста. — Макуыдæм ацу, æз дон æрбадавон... Изæр у... Мад донмæ аивгъуыдта. Цæра кæсы рудзынгæй. Гуы~ гъо йæ лæдзæджы æнцой лæууы тигъыл, æргъæвст бал бæласы бьш. Лæппумæ та йæ æрдæбоны хъуыдытæ фæ- зындысты. Фæлæ нæй дуарæй акæсæн. Æиа йæм хæц- дзæн. Фыдбылыз... «Цьимæ афонмæ Æ’на фаллаг уынгмæ нæма бахæццæ уыдаид? Хорз уаид Гуыгъойæн хабæрттæ радзурын... Æна мын приемничы тыххæй куы иицы загъта, уæд Гуы- гъо...» Лæппу йæ цыбыр палтойы дысты йæ къухтæ атъыс- та, хъусджын худ раскъæфта æмæ уынгмæ ратахт. Чы- сыл- фæстæдæр лæууыд зæронд лэеджы цур. Уый æргуы- быр кодта æмæ йæм байхъуыста. Хорз æй не ’мбæрста, æвæццæгæн, тыхстæй каст лæппумæ, кæд та сыл исты бæллæх сæмбæлд, зæгъгæ. — Мæскуыиæ дзырдтой, Гуыгъо... Немьгц алыгъдыс- ты... Нæхиуæттæ...— тагъд-тагъд дзырдта Цæра. — Чи затэта? Куыд алыгъдысты? — æнæууæнкæй йæ афарста Гуыгъо, стæй тарæрфыгæй акаст йæ алывæрс- тæм — алы кæрты дæр (маниинæтæ, хæдзæртты рудзгуы- тæй зынынц салдæттæ, сæ хъæр боисауизæрмæ не ’нца- йы... Топпы гæрæхтæ, цæф фосы хъыллист. 19
— Ма байрайой!.. Уастæн сæ туджы куы фæма^цик- кой!.. Т — Радио дзырдта,—стыхст Цаэра, Гуыгъо цæ, кæй не ’мбæрста, уымæй.—Æ,на дæр æм хъуыста, бафæрс-ма- иу æй... Волгæйы былæй лидзынц... Тагъд нæхиуæттæ фæзьгндзысты,—афæзмыдта мады ныхæстæ Цæра. Гуыгъо æдзьинæг каст лæплуодæ, йе ’рфгуытæ сæхи оистой, былтæ æмæ рихитæ зьинаннæзына базмæлыдыс- ты. Цæра бахудт—бамбæрста йæ. Зæронд ын йæ къух йæ сæрыл æрхаста æмæ хъуыдыгæнгæ загъта: — Хорз, Цæра, хорз хабар у уый,— акаст уынгты.— Суазал уыдзынæ, азгъор уæхимæ. Цæра фæтъæбæртт ласта, над къахвæндагыл къах- дзоныгътыл бырæгау акæны. Мад æй уьгнджы куы æр- баййафа, уæд та фыдбылызы кой кæндзæн. Алы тигъæй куы кæсы. Уаты фелвæста йæ худ, йæ палто афснайдта æмæ рудзьшгæй ракаст. Тигъыл ничиуал уыд. Гуыгъо сæхимæ аивгъуыдта. Немыц дыккаг бон дæр нæ фæзындысты. Мад иуафон кæртмæ ацыд æмæ куы æрбаздæхт, уæд уаты дуар бай- гом кодта. Æвæццæгæн, пъадвалмæ ныххызт сахатмæ æркæсынмæ. Цæра базгъордта мидæмæ, æрзылдта урс тымбылæг. Рухс стъæлф ссыгъд, фæлæ иу ныхас дæр нæ хъуыст. Скæуынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Мад æнцад лæууыдæмæ æнхъæлмæ каст. Зноны лæджы хъæлæс та! — Дзуры Мæокуы! Дысон не ’фсæдтæ бацахстой... Уацары райстой... Трофейтæ... Лæг фæци йæ ныхас, ахуыссыд приемыик. Цæра ба- ды нанайы чырыныл. Æ’найы æлхуыйы дыв-дыв цæуьк — Охх,— загъта мад. Æлвисинаг сынтæгыл æрæ- вæрдта æмæ бедратæ райста.—Æнцад бад, фыдбылыз алы тигъæй кæсы, æмæ... Бедраты дзыгъал-мыгъул нал хъуысти, æмæ Цæра ракаст рудзьшгæй. Гуыгъо йæ лæдзæджы æнцой лæууыд тигъыл æргъæвст бæласы бын. Иæ рихитæ мæсты змæлд 20
нал к^нынц, уæлдзармхуд ных æмæ цæстыты нал æм- бæхсы, ^æдыхст, æнæмæтæй куы дæлæсыхмæ кæсы, куы уæлæсыхмæ. Чысыл фæстæдæр Цæра бауад Гуыгъойы цурмæ, цы- дæртæ йын адзырдта. Зæронд æм лæмбынæг хъуыста... Мад æрбаздæхтиннæдоадзаутимæ. Къуымы æрæвæрд- та дзаг бедратæ. Ихы къæрттытæ доны сæр бацахстой. Бафснайдта йæ дарæс, бандзæрста, уæларт аг сæвæрдта. «Дзæрна та фыцы, æвæццæгæн»,— ахъуыды кодта Цæра, Æиа аджы згъæлд нартхоры тæбæгъ куы нык- калдта, уæд. Мад æрбадт, фæлæ æлхуиймæ нæ бавнæлдта. Бакæсы лæппумæ, цæуылдæр асагъæс кæны—тыхст æмæ та тас фæзындысты йæ цæстæнгасы. Цæра æнхъæлмæ касти, мад цы зæгъдзæн, уымæ. Кæд исты æвзæр хабар фехъуы- ста, миййаг? Æмæ, æцæгдæр, Дара доны был фехъуыста ног ха- бæрттæ: немыц лидзьшц, тагъд нæхиуæттæ фæзындзыс- ты. Æмæ ууыл уыд йæ сагъæс. Ф^æлæ ’ницы загъта. Æмæ, уæвгæ, цы загътаид? Дуне змæст у. Фыдбьь лыз... Æртыккаг бон дæр мад йæ боиы зилæнты фæстæ са- гъæсхуызæй бирæ фæкаст лæппумæ. Цæмæйдæр тарст. Адæм уынаг æмæ хъусаг сты. Немыц лидзынц... Дара алы хабар дæр дыууæ хатты фехъусы—сæхимæ, стæй дыккаг бон—донбыл, устытæй. Æмæ цæуылдæр гуырыс- хо кæны—раздæр ахæмæй йæ хъустыл никуы яицы æр- цыд. Ныр иукъорд боны ацы радиойæ барухс вæййы йæ* зæрдæ. Фæлæ ма йын йæ хабæрттæ донбыл дæр кæй фе- хъусы, уымæй куыддæр фæтæрсы. Устытæн æхсызгон сты, сæ тыппыртæ суадзывц, цин ахъазы сæ щæсгæмт- тыл. «Нæ бæлццæтты тагъд нæхимæ хъæуы, ацы æнæха- йыры «уазджытæй» фервæздзыстæм»,— æндæр ницыуал дзурынц. Кæцæй сæм хъуысынц хаба^рттæ? Гъеуый йæ æфтауы сагъæстыл, гъеуымæн фæкæсы тыхстхуызæй йæ* иунæг хъæбулмæ. Мады зæрдæ зонаг у. 21
Цæра йæ уæны, миййаг, нæ касти, цæмæй зщ(та йæ ныййарæджы хъуыдытæ? Фæстаг бонты йæ æшындæр нал æндавыиц алы лыстæг куыстытæ. Сугтæ æрбадав. Мадмæ фæкæс—кæвдæсы нартхорыхъæдтæ авæрьшмæ, пецы каухалæнтæ бавазр, зæронд, хæлддзаг гуыдыртæ- йедтимæ архай... Уæдæ йæ къахдзоньигъы мæт дæр нæй. Райсом’æй сихормæ æнхъæлмæ фæкæсы, мад æнæдзур- гæйæ пъадвалæй кæд схиздзæн, иннæ уатмæ радиомæ кæд бацæудзысты, дон хæссьшмæ кæд ауайдзæн, æмæта Гуыгъо ’кэед фæзьшдзæн, уымæ. Сæ амоздæн немыц зы- нæг нæй—сæ «уазджытæ» æнæхъæн къуыри кæмдæр ныффæстиат сты, нал сæ æвдæлы, æвæцщæгæн, Аргуы- данæй та Салыгæрдæнмæ, кæнæ ноджы дарддæр истытæ ласынд. Æппындæр мауал фæзьшæнт, Æмайы загъдау. О, сæ дзаума дьш ам куыд нæ ныууадздзысты. Прием- ник... Чумæдантæ... Фæлæ цы нæ æрцæуы! Иурайсом сæм, бон цъæхтæ кодта, афтæ чмдæр æрбахоста. Мад хуыссæгхъæлдзæгæй рабадт. Райхъал Цæра дæр. Байхъуыстой. Æнафоны уа- зæг? Ацы з’мæст рæстæг? — Охх!..—базыр-зыр кодта Дара.—Фыдбылызæй ба- хиз... — Дуарнма бакæнут, уый æз дæн,—фехъуыст Гуы- гъойы хъæлæс. Дара тагъд-тагъд фестад, йæ дарæс акодта. Куыд- дæр дуар фегом, афтæ уьингæй уазал тæф æрбакалд. — Уæ хæрзæггурæггаг мæн! Уынгтæ адæмæй куы байдзаг сты, сымах та фьшæй кæнут! — Цы ’рцыд? — фæтарсти Дара. — Цы ’рцæуинаг уыд, уый æрцыд. Фæдæлдзæх сты ацы хуытæ... Нæхиуæттæ æрбаздæхтысты... Кæм и, кæ, нæ уацхæсоæг? — афарста Гуыгъо. — Цавæр уацхæссæг? — Цæра ма фынæй у? Сæрæн лæппу дььн рахъомыл, мæ сыхаг. Уый у нæ уацхæссæг. Уый нын-иу барухс код- та нæ зæрдæтæ Мæскуыйы хабæрттæй... 22
Гуь1гъо æрбадт Цæрайы сынтæгыл, æмæ йьш йæ сæ- рыл йæ къух æрхаста. — Хорз, Цæра, хорз хабæрттæ ныл æрцыд,—загъта зæронд лæг æмæ фестад. Мад каст йæ фыртмæ- Фæлæ йæ цæстæнгасы нæ уыд нæдæр тас, наэдаэр сагъæс. Цины мидбылхудтæй барухс Æ«айы цæогом. ТЫМЫГЪ КУЫ СЫСТАД... Хистæртæ иугай-дьигай салдат фæцыдысты. Фатамæ- йæн та ма йæ мад дæр скодта æфсæддоны дарæс. Дох- тырæй куьгста, æмæ афтæ æмбæлд. Бæлццæттæн фæндараст затътой æнæхъæн сыхбæс- тæй. Вагзалы ца-гътой музьиканттæ. Окъоладзаутæ рахас- той тырысатæ. Хистæртæй чидæр загъта арфæйы ныхас. Æрмæст сылгоймæгтæ цæмæндæр сæ цæссыг нæ урæд- той. Уый Фатимæйы дисы æфтыдта. Нанайæн йæ цæсты бынтæ уайтагъд ауымæл вæййынц—тæнзафдæ йæ хо- нынц иууылдæр. Фæлæ устытæ се ’ппæт кæуьшдзаст уой, уый æнхъæл никуы уыд. . Даргъ фæндæгтæ байстой чызгæн йæ мад аамæ йæ фыды. Бонтæ, къуыритæ æм<æ мæйты цыма ивазгæ ачын- дæуыд, уыйау сьш «æрон нал уыд. Чызг æнкъард кодта, æмбарьш байдыдта, фæндарасты бон сылгоймæгтæ цæ- мæн куыдтой, уый. Мысы Фатимæ йæ мад æмæ йæ фыды, «анаимæ æр- вылбон æнхъæл.мæ кæсынц ног хабармæ, æртæтигъон фыстæгмæ, æппын ницы—уэвд та искæй бæлццоны ны- хасмæ. Арæх нæ цæуы постдеау сæ сыхмæ. Фьгстæг куьт пæ уа, уæд йæ уынд зæрдæниз у рыст адæмæн. Бæргæ зилид хъæубæстыл æхсæвæй-бонæй, барвæндонæй къах- ихсыд бауид. Фæлæ стæм хатт бафты йæ къухы искæй зæрдæ барухс кæнын. Ахæм бæрæгбон чызг æвæстиатæй дзуа.пп фыссьшмæ 23
бавналы. Нана йæ фывдзы рагъыл кæсæнцæстытæ ныоса- -дзы—къуымбил цъындатæй бавæрдта зазрдæ йæ бæлц- цæттæн. Фатимæ та сын къухмæрзæнтæ арвитдзæн рæ- сугъд нывæфтыдтимæ. Сихорафон чызг скъолайæ æрбаздæхт зæрдæвæй- лыдæй. — Нана, нана, мах дæр лæвæрттæ æрвитæм фронт- мæ. — Хорз, хорз, !мæ къона, бæлццæттæн æхсызгон уы- дзæн. — Æмæ æз та цы арвитон? — Фен дæхæдæг, мæ зæрватымк, исты равзар. Цы æрхъуыдычындæуа? Цы фена æмæ цы равзара? Къухмæрзæнтæ, чингуытæ, патефоны пластинкæтæ иу- бон ахаста цæф салдæттæн рынчындонмæ. Æрæджы та æфсæйнаг дзаумайы сæстытæ окъолайы кæртмæ уæрдо- ны дзаг баласта. Баласта, зæгъгæ, æгæр стыр ныхас уы- дзæн. Æхсæв1гæс къуылых Бури нæ фæзивæг кодта, фыц- цаджы-фьщцагдæр Нартатæм фæзынд йæ урсзæнг хай- уаныл. Нанаимæ, дам, лæппуйæ хъазты бирæ фæсимд- тон, йæ цæхджын хойраг, дам, мын дзагармæй фæлæ- вæрдта. Афтæ дзырдта Бури. Æмæ сæ рæбынтæ равдæ- лон сты хъазаг зæронд лæджы æххуысæй. Уæрдоны гуыффæйы бакалдтой рагон цъæтджын сынтæг, згæхæрд боцкъа, æнæдæндаг похци, саст дзоныгъ æмæ ма ноджы- дæр цыдæртæ. Скъолэйы кæрты куы скæри сты, уæд ди- ректор Фатимæйæ раппæлыд, активист дæр ма йæ схуыд- та. Чызг зилы хæдзары къуымты. Тыргъæй, царæй, уæр- мæй — æнæсгæрст ницы ныууагъта, фæлæ йæ зæрдæмæ цы айставд, ахæмыл нæ фæхæст. Æнкъардæй раздæхт нанамæ. йæ былтæ æруатъта, йæ кæуындзæг ныддымст. Нанайы цастæ хъæуы? Йæ сæнтурс къуымбил цъында- тæ бйтухдзæн, семæ ма сьин фыстæг бавæрдзæн, æмæ йæ хуын цæттæ. Фатимæйæн та... Æвиппайды чызг мады- мадыл атыхст. 24
— Нана, нана, цæй æмæ пæ цайфыцæн салдæттæн’ балæвар кæнæм. — Цайфыцæн?—бафарста зæронд ус—Уый та куыд> Искуыдаф ма ахæм лæвар фендæуыд? Худинаг нæу? — Нæу, нæу, нана!—цин кæны Фатимæ.—Ничи æр- хæсдзæн ахæм лæвар. Никæй зæрды æрæфтдзæн. Цæ- мæн нæ хъæуы дыууæ цайфыцæны? Салдæттæ-иу хъызг бон адджьш цай бацымдзысты. — Дæ рынтæ дын нана аныхъуыра, æз дæр уæлдай куы ницы зæгъын. Фæлæ кæд нæ фидауы ахæм лæвар. Ничи ныл фæхуддзæн? Искæйты афæрсын хъæуы. — Æмбæлы, фвдауы, хорз у ахæм лæвар,—нал æн- цайы Фатимæ. Зьш дзурæн у ахæм сахат чызшмæ, ничи йæ баеæт- дзæн. Зæронд усы сагъæстыл бафтыдта: чи заны æмæ иокуы салдæттæ фæсхæст сæ фæллад суадзой цай цым- гæйæ. Ахаста Фатимæ йæ цайфыцæн окъоламæ. Ахуы-ргæ- нæг фаеджих, фæлæ ницы сдзырдта. Чьизг æй фембæрста æмæ лæгъстæтыл схæцыд. Директор йæ мвдбылты ба- худт, скъоладзауы барæвдыдта, лæвар сæрмагонд къоп- пы бафснайдтой æмæ йыл æдде ныффыстой, арæхстгай йæм æвналут, зæгъг-æ. Лæвархъом алчидæр разьшд, æмæ скъолайы дзæвгар- æрбамбырд хуьштæ. Фæлæ Фатимæйы цайфыцæнæн æм- бал нæ уыд. Иннæ лæвæртты æхсæи бæрæг дардта. Посты кусджытæ сывæллæттæн бирæ арфæтæ фæкод- той æмæ загътой: сæ лæвæрттæ сын тагъд боиты æфсæд- донтыл сæмбæлын кæндзысты. Цæм^æй зыдта Фатимæ, цæмæй зьгдтой йæ нана, йæ- ахуырюæнæг, сæ лæвар кæмыты балæудзæн æмæ цытæ бавзардзæн, уый. Хæсто’нты хъысмæтыл бафтыд йæ хъарм, ое ’мдзу фæкодта тохы тымыгъты сæрдæй-зымæ- гæй, хæхтæ æмæ быдырты, хъæутæ æмæ горæтты. Иубан фроитæй оæ хъæумæ осыд фыстæг. Æрбахас- той йæ окъоламæ, уымæн æмæ Нартаты Фатимæйы но- 25-
мыл уыд. Сабиты цинæн кæрон нал уыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ лæвæрттæ сæмоæлдысты Мæскуыйы хъахъ- хъæнджытыл. Уым та сæ хъæбатыр сгарджытæн радтой. Уыдсщ фыстой юкъоламæ дæр. «Нæ зынаргъ Фатимæ! Стыр бузныг стæм дæ лачза- рæй. Нæ занæм, куыд хуыздæр дын раарфæ кæнæм. Дæ цайфьицæн ие ’ппæтæн дæр цины хос фæци. Раст цыма нæхимæ нæ хъарм хæдзæртты фæбадæм, афтæ нæм фæ- кæсы. Бауырнæд дæ, æхсызгандæр лæвар зьгн ссарæн уыд. Мах цæрæм егъау блмндажы, нæ альшарс æнусон хъæд, мит нæм ро^нбастмæ ныууарыд. Хъызтæй бæлæсты къалиутæ дæр ма сæттынц. Ахæм зьгмæг ркодта Мæскуы- йы зæххыл. Мах ыл ахуыр стæм, фæл,æ фрвдтæ лæппын тæрхъустау баргьæвсынц. Тагъд сьш сау дæрæн нык- кæндзыстæм, сæ дымгæ ,дæр куыд нал уа. Арæх цæуæм сгарæг, знагæн базонæм йæ бæрджытæ, æмæ та йыл уæд мæгуыры бон акæны. Фæлладæй, уазал æмæ стонгæй æрбаздæхæм нæхимæ, æмæ нын дæ цайфьщæн æвдадзы хос фесты. Цы ма уа ахæм сахат фыхдонæй хуызда^р, цайфыцæнæй куы ратæдзы, уæд та нæ алчидæр æрымы- сы йæ фыдыуæзæг, йæ бинонты, йæ хæлæртты. Æмæ цы- ма хæсты зьштæ фæтар вæййынщ, цыма ныл æнцойдзи- над æртыхсы. Бузныг, Фатимæ! Æрæджы та уыдыстæм стаэры. Немæ сыфцæй æрба- ластам «æвзаг». Афтæ хомæм немыцаг уадайрæгты. Афи- цер дьин куы разынид. Цальшмæ йæ нæ фæдыл ластам, уæдмæ йæ гæндзæхтæ цагъта. Блиндажы та дзæгъæл- дзырдыл бафтыд: «Капут, капут!» Цайфыцæн куы ауьщ- та, уæд фæтарсти. «Дас нет самонпал?» Ахудтыста^м æнамонд фрицыл. Фехъуыста нын нæ зарæг «Самоваоы- самопалы», æмæ йæ уд атахт. Хæйрæджыты амæттагфæ- уæд. Фæстаг уацайраг, миййаг, куы нæу. Фондз æмæуал дзы ссæдз æрбаластам. Æхсæз æмæ ссæдзæм дæуьтл фыс^ уыдзæн, нæхи Фятимæ. Бузныг, нæ чыеыл хо. Амондджын у. Арæхдæр нæм фысс. 26
Сгарджыты взводы къамандир лейтенант Донской». Фыстæг бакастысты скъоладзаутæн се ’ппæтæн дæр, сгарджыты ныстуам къухæмдзæгъды бын фæци. Сæхи- мæ та нана фырци’нæй кæуын байдыдта. Афтæ зæрдиа- гæй куыдта, афтæ, æмæ Фати-мæ дæр йæхи ,нал баурæд- та. — Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ нæ цайфьицæнæй ха- бар сыхъуьисдзæн. Фæлæ кæсыс? Салдæттæ тæвд цай бацымынц, сæ фæллад суадзынц. Сæ цæрæнбон нын би- рæ æрбауа. Сæ бинонты фæндиаг æнæмаст уæнт,—дзырд- та на^на. Бонтæ банты фæдыл ныххал сты. Фатамæ-иу уайтагъд базыдта йæ хæлар сгарджыты фыстæг. Сæ къамандир-’иу æм йæхæдæг фыста ставд, тымбыл, рæсугъд дамгъæтæй. Иухатт æм постдзау рад- та æнахуыр къонверт. Æнæзонгæ адæймаджы къухæй йыл адрис фыст. Иæ зæрдæ сæнкъуыст: къамандир Дон- скойыл мацы æрцæуæд! Дзæгъæлы фæтарст. Фыстæг куы бакаст, уæд æрса- быр. Фыстой йæм артиллеристтæ. «■ «Нæ дзæбæх Фатимæ, нæ хойы хай! Саламтæ дын æрвитынд дæ щог хæлæрттæ. Мах ныртæккæ стæм хæс- тæн йæ тæккæ тымыгъы. Хæрзхæстæг нæм сты знаджы бадæнтæ. Хорз сын фæвæййæм. Мысты хуьгнкъ агурын сæ бахъæуы. Дæрæн сармадзантæ æмæ пулеметтæ фæй- нæрдæм фæтæхынц, сæ цæрæн уа^рмытæ сын сфæлдахæм. Уыдæттæ дын хъусьин кæнæм нæ хæстон æгъдаумæ гæс- гæ. Хъуамæ зонай, дæ диссаджы цайфьщæнæй дын цай дзæгъæлы кæй нæ цымæм, уый. Бауырнæд дæ, Фатимæ, дæ цайфыцæн фыдæбон кæны æхсæвæй-бонæй, хæстон заман куыд æмбæлы, афтæ. Æмæ дæ нæ салдæттæ стыр бузныг сты. Махмæ куыд æрбафтыд, уый базоньш дæ, æвæццæ- гæн, фæнды. Сгарджытæ нæ сыкæгтæ сты. Энаджы фæс- чъылдыммæ сын æнæнхъæлæджы цæугæ рауад, цайфы- цæп махыл бафæдзæхстой. Сæ къамандир Донской нын 27
.загъта: цайæ уадзут уæ мондæгтæ, немыцы дæрæн кæ- нут æгъатырæй. Фатимæмæ арæх фыссут уæ хабæрттæ. Зæрдæ дын æвæрæм, Фатимæ, фыццагдæр ма цы ныб- •бырст уа знаджы бадæнтæм, уый уыдзæн сæрмагондæн дæ номыл. Дзæбæх нын у. Дæ хорз хабæрттæ нæм хъуысæнт. Батарейы къамандир лейтенант Кузнецов». Ацы фьистæг дæр директор бакаст скъоладзаутæн се ^ппæтæн дæр, æмæ сæ къухæмдзæгъд тагъд нæ бан- цад. Артиллеристтæ арæх фыстой Фатимæмæ. Хъæлдзæг хабæрттæм рæдау разындысты. Ноджы ма-иу сæ фысты кæрон нывтæ дæр акодтой—кæм хъæдхой бæласы зæн- гыл, кæм Хъызт Дада лæвæртты дзæкъул.имæ, кæм æн- дæр исты. Фатимæ сæ альбомы æфснайдта. Хæсты фæс- тæ сæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ равдисдзæн. Фæлæ та масты хай фесты Нартаты бинонтæ. Сæ хæ- лæрттыл исты бæллæх сæмбæлд æви посты аххос уыд, ничи йьш ницы зоны, æрмæст фыстæг дæр нал истой, ха- бар дæр нал уыд, ницыуал. Окъолайы дæр, хæдзары дæр иууылдæр æнхъæлмæ кастысты. Æвзæр истæуыл баууæн- дын никæй фæндыд. Фæлæ хæсты быдыры цы нæ æр- цæуы? Чи цы хъуамæ зыдтаид цайфыцæны хъысмæтæн? Ис ма æви нал и? Æмæ дын æнæхъæн куы разынид. Æвыд кæм уыдаид, фæлæ йæ амонд тыхджындæр рауад. ...Цæвиттон, боныцъæхтыл Кузнецовы батарейæ цъы- *сымы бахауд. Немыц ыл æрхъула сты, са^рмадзаны нæм- гуытæ йыл згъалын байдыдтой. Зæхх фæржгай рæдыв- той. Тугваейлыд митыл сау дардтой мард салдæттæ, цъæл сармадзантæ, афтид шлдзытæ. Нæ бафтыд знаджы къухы раз)мæ аккуырсын. Сæ джебогътыл сæ систой нæ фистæг æфсæддонтæ. Фрицтæ фæлыгъдысты, кæрæдзийæн бар нал лæвæрдтой. Сæ афи- цер йæ сæр бамбæрзта цавæрдæр азрттиваг æфсæйна- гæй, афтæмæй цыппæрвадæй балæууыд, цы хъæуæйныб- '28
бырстой, уым. Йæ тугæрхæмттæ ньюсæрфид, фæлæ йæ къухтæ уæгъд не сты. Æркаст сæм, æмæ иуварсмæ фсхс- та... цайфыцæн! Къахы фындзæй дæр ма йæ скъуырдта. Стæй йæхæдæг дæр куыржау ммтыл æрфæлдæхт. Хъæу гуыпп-гæрахæй æмрмзæджы рызти. Уынгты хъæргæнгæ тахтысты гæрзифтонг адæм. Хъарм хæдзæрттæй-иу фед- дæдуар кодтой немьщы æмæ-иу сæ уынджы мæрдтæм барвыстой. — Фронтæй чи раирвæзт, уыдон та ам ссардтой сæ мæлæт,— загъта партизанты хистæр.—Рæвдздæр змæ- лут! Немыщы ардæм хъæуы ног тыхтимæ. Сæ масты фæ- дыл зилдзысты. Хъæдмæ, æвæстиатæй! Уый та дын циу, зæронд? — афарста даргъзачъе партизаны. — Цайфыцæн. Замманайы дзаума зæфцыфыдæй сæ- фы. — Ма йæ фесаф. Хъæдмæ айсут уæхи. Фæстиат нал! Нал фæхицæн цайфыцæн партизанты къордæй. Иæ зьшæг хъæды арвыста. Уалдзæг æмæ сæрд дæр семæ фæци. Стæры дæр-иу араст, стыр фæндæгты дæргъ æмæ уæрх бавзæрста, æвæд рæтты йæ се ’ккой фæхастой, цъы- мараты нæ фæдæлдон. Æхсæв уа, бо/н—æнцой нæ зыдта. Балцы арæхдээр æхсæвыгон цыд, уымæн æмæ ахæм уыд сæ царды уаг хъæды цæрæг адæмæн. Цæмæй сьгн сæ фæд мачи ссара, сæ ахстон та гуыдырæвæрд уа. Сахуыр цайфьщæн йæ цæугæцардыл. Топпыхосы тæф æм(æ йæм акъоппыты уымæл нал хъардтой. Иунæгæй ни- гсуы аззад, æнкъард бон ыл нæма окодта. Партизантыл баизæр—се ’хсæн февзæрдзæн, сæ фæллад уадзынц—æп- пæты фыццаг уый æрымысьшц. Цыфæнды афон уæд, æрмæст сæ равдæлæд, уыййедтæмæ йын йæ ном æнæ ссаргæ нæ фæуыдзысты. Уалдзæг да^р æмæ сæрд дæр. Фæззæг æрхæстæг, аре фæуаз^лæнгас, хъæд фæбæгъ- «æг—цайфыцæныл алчидæр йæ цæст æрæвæрдзæн. Хъызт уадимæ фæлымæн, мит уазалы æндæвдæй фæтæгæр,уæд уый зон, æмæ цайфыцæн партизантæн ссис æвдадзы хос. Чи аздахдзæн йæхи тæвд цайы къусæй? 29
Цайфьщæныл уæлдай æнувыддæр сты даргъзачъе иартизаны фæтæн æмæ дæрзæг къухтæ. Бузныг сын фæ- уæд. Уыдон æй фелвæстой цъыфызм-æст митæй æрдæг- сьигъд хъæуы уынгтæй иуы. Уыдон æй байстой энæт ла’- джы уазал къухтæй. Афтæмæй та уьщы еафинаджы мæлæтæй бахъахъхъæдта—дыууæ нæмыджы ахызт йæ буары, хорз æтæ хæтæлы амрвæзтысты, уыййедтæмæ сыхырна иæ фестадавд. Тæфгæнаг хæдмæлхор та ма йæ бузныджы бæсты иуварсмæ фехста йæ цырыхъхъы фын- даæй. Нæ байрад йæхæдæг дæр. Атылд йæ фарсмæ, хи- ды тæф, цавæрдæр туаг нозты смягæй бæстæ сæфта. Цайфыцæн æлгъгæнгæ дарддæр атылд. Зæххæй йæ сис- той хъарм нуарджьгн къухтæ. йæ тымбыл фæрстыл ын рæвдаугæ æрцыдысты, м<иты хъæбæртæ асæрфтой, арæхстгай йæ ахастой, дæмæй йæхи мацæуыл ахафа æчмæ ма фæцъæррæмыхст уа. Раст уыцы бонæй абоны онг партизаиы къухтæй рæв- дыд æййафы. Сыгъдæг æй дарьшц. Донхъуаг не ’ййафьк Бахъуаджы сахат хъармæфсис вæййы. — Дæ хинтæ æмæ та ’кæлæнтыл бафтыдтæ, æнхъæл- дæн, Денисыч! — хъазæн ныхас кæны къамаадир.—Иу цайы къус дæ нæ равдæлид? — Æгайтма дæ зæрдæ цай зæгъы. Нæй а зæххыл æмбал мæ цайфьщæнæн. Рагон зæрингуырдты æрмдзæф ыл бæрæг дары. Кæд .м-а исты зоньш, уæд тулæйаг дæс- ’ныты конд у. Иуæй фыдрæсугъд, иннæмæй та дзы цы цай рафыцай, уымæй адæймаг нал æмæ нал фефсæды. Чи мы’н афтæ дзуры: цаигæрдæг у сæйрагдæр ацы хъуыд- даджы. Чи та æвзалыйæ раппæлы. Æз та мæ мæгуыр зондæй афтæ зæгъын: цайфыцæн йæхæдæг куы нæ фæ- рæстмæ уа, уæд дæ цайгæрдæг дæр ницы æм,æ де ’взалы дæр. Гъеуым ис йæ рахæцæн, мæ лымæн лæг. — Уырны мæ дæ рæстад, Денисыч. Уьгцы бон Ор- ловкæйы хъæуы немыцаг афадеры æрфæлдæхтай, сæ сармадзантæй дæр сын иуæн хорз фæдæ—базгъæлæнтæ, Исты мæнг зæгъын? 30
— Уыдис ахæм хабар. Уæдæ куыд вæййы? Цайфы- цæн дæр уæд ссардтон. — Гъшæ дын арфæ кæньш. — Цайфыцæны тыххæй? — бахудт Денисыч. — Уый дæр рох нæу, фæлæ дьш «Хъæбатырдзинады тыххæй» майдан радтой. — Мæ къух мын сарæзтай. Аив нæ уыдаид, хæсты фæстæ æнæ майдашей \куы фæзындаин нæхимæ, уæд. Цæмæй рашшæлыда™ мæ хъæубæстæн? Цæй уæлахиз- дзау уыдаи«? — Дæ цайфыцæнимæ такæрæдзийæн хæрзбон зæгъут. — Уый та куыд? Æз æй кæдæмфæнды дæр фæхæс- дзынæн. Уæз мын ,нæ ’кæны. — Паддэа’хадон арæнмæ æрбахæццæ стæм. Иу хорз ныббырст ма, æмæ Герма1ны балæудзыстæм. Нæ отряд абонæй фæстæмæ таикисттимæ уыдзæн. Æмбарыс мæ, Денисыч? — Æ|Мбарьш, уæдæ цы? Фыццаг хатт, миййаг, куы нæ цæуæм немьщы хъыджы. Нæ сæпп куы нæ фехæлд- там Днепрæй ардæм. Ныббырстытæй фылдæр та цыуыд. Ассæнддзыстæм сæ. Танкисттимæ та уæлдайдæр... Уæдæ нæ арæнтæм рахызтыстæм, зæгъыс? Цæй зын уыди, цæй даргъ уыди нæ фæндаг! Ныр а’мæлыныл дæр разы дæн. Ацы бонмæ бæллыдтæн. — Мæлын нæ, цæрын хъæуы, Денисыч! Æрмæст дæ цайфыцæн а<м ныууадз, иакæмæн æй ратт. — Дæ хъуыддаг раст, æз æй танкистты къухы фæ- садздзынæн. Лæвархъом стæм. Уадз æмæ-иу сæхи бабуц кæной фæлладæй. Ма тыхс, къамандир, æз ын бынат осардзынæн. — Дæ бар дæхи. Балцмæ дæхи рæвдз дар. Уæд та ам баззадаис, Денисыч? Фæллад дæ, дæ кары лæг фæл- мæцьгн дæр зоны. Нæ фæндæгтæ та ма даргъ æмæ тæс- саг сты. — Нæ, къам^’ндир, мæнæн ^мæ фæнд æндæр у, Бер- линмæ у мæ хъавд. Мæнæ мæ цайфыцæнимæ... Гал, дам, 31
аргæвстой, æмæ кард къæдзилыл асаст. Афтæ дзырдæуы Терчы бæсты,— бахудт Денисыч.— Иу цай ма кæд зæ- гъы дæ зæрдæ? Ныббырсты хæдразмæ партизантæ танкæтæм схызты- сты. Къамандир æмæ Денисычæн та танкæты мидæгбы- нат разьшд. Зæрсшд лæг йæ раны уыд—сасиры луарæ- гау æй тылдæуыд. Хæрдмæ-иу фесхъиудта, дыууæрдæм раппар-баппарæй фæлмæцыд. Куы-иу сармадзаны гæра- хæй фæкъуырма, куы та-иу пулеметы къæр-къæрæй фе- стъæлфыд. Иу къухæй фвдар хæцыд цавæрдæр æфсæй- наг цуркыл, иннæйæ йæхимæ æрбалвæста цайфыцæны— хæсты тымыгъы йæ исчи æнæрхъуыдыйæ аууæрд- дзæн. Æппьгнфæстаг машинæ бавдад йе змæлын, йæ гыбар- гыбурæй. Байгом схизæн люк, фæзынд арвы сыгъдæг гæ- баз. Денисыч йæ сæр куы сдардта, уæд æй фæхуыдугмæ бирæ нал бахъуыд. Кæмдæр цыдæр сыгъди. Уæвгæ, йæ алыварс алцыдæр сыгъди. Хæдзæрттæ дæр, зæхх дæр/ суанг ма дуртæ æмæ æфсæйнаг дæр пиллон уагътой. Сау- сауид афæлдæхт бæстæ. Æрмæст цайфыцæн æрттывта зæронды къухты. Æмæ йæ м.идбылхудт танкисттæй ничи баурæдта. Афтæ æнæнхъæлæджы фæзынд се ’хсæн даргъ- зачъе зæронд лæг. Рыгæйдзаг цырыхъхъытæ йыл, гуыр- хъармгæнæн йæ уæлæ, хъусджын худ ныппака. Худынц салдæттæ. Фæллад æмæ чъиэи сты, рыг æмæ сæгæй æм- æхгæд, фæлæ сæ цин не ’мбæхсывд. Худы йæ медбылты урссæр инæлар дæр. Лæдзæгыл æрæнцад, йæ цæф къах йæ бар нæма у. Зæронд партизаимæ дзуры: — Фæйнæ цайы бацым-æм, зæгъыс? Кæд разы дæ, уæд мидæмæ сатекаг кæн,— штабы агъуыстмæ бацамыдта •инæлар. Уый дæр уыцы боны диосæгтæй иу уыд. Дæрæн го- рæты æнæхæлд хæдзар ссарын йæхæдæг æмбисонд нæу? Денисычæн лæгъстæ кæньш нæ бахъуыд. Æцæг диссæгтæ та уыйфæстæ радзырдта йе ’мбæлттæн. — Æхсæв-боимæ нæ фестæм нæ ныхæстæ. Хæстц 32
хъуыддæгтæ кæрæй-кæронмæ равзæрстам. Сабыр цар- дыл уыд тынгдæр нæ сагъæс. Ивгъуыд азтæ бæллиццаг кæм не сты, фæлæ уæлахизы фæстæ цы дуг ралæудзæн, æрдхæрæн уый уыдзæн. Берлинмæ кæй у мæ хъавд, уый даэр ьш æргомæй загътон. Ахæм заман адæймаг йæ æм- бæхст æвæрæнтæ дæр равдæлон кæны. Инæлар не ’ппæ- тæй дæр тынг фæбузныг. Партизанты цæрæнбон сæрма- гонд ныхасæй ссардта. Стæй ма... Æнæмæнг, дам, сæм- бæлдзынæн Терчы бæсты. Хъуыддæгтæ нывыл куы алыг уой, уæд. Партизантæн радтой æфсæддон дарæс æмæ сæ отряд нал хуыдтой, фæлæ полкъ. Дарæс Денисычы зæрдæмæ фæцыд, æрмæст ыл ахуыр нæ уыд, æмæ йыл, куыд æм- бæлы, афтæ æнгом нæ бадт. Иудзырдæй, йæ ног дарæсы дæр хуымгæнæгæй баззад. Сæрæн та куыннæ уыдаид йæ рæстæджы, ныр дæр ма йæхи ронæй лæппулæгау æрбал- вæста. Цинел та уæгъдæппæрст бакодта йæ фæтæн уæхс- чытыл. Уый дæр ын хъуыдыгонд уыд—уадз æмæ йьгн ал- чидæр фена йæ Хъæбатыры майдан æмæ Намысы орден. Алцыдæр хорз, фæлæ ма йæ йæ хордзен цæсты æфтыдта. Йс ’взаг стæиæг алкæмæн йæ уаргъы хабар дзурынæй. Адæмыл цымыдис æмæ дзæгъæлдзырд бафтыд. Æнæзон- гæ лæгыл фембæлдтæ, уайтагъд дын йæ хинфарст дæ тæбæгъы авæрдзæн, дæлгоммæ ныхасæй дæ бадомдзæн: — Бынтæ скодтай, нæ фыдыхай? — Дæ уаргъ хæссынхъом куы нал дæ, зæронд! Йæ бо^н-иу сæ нал уыд Денисычæн, фæлæ алкæмæн таурæгътæ н*æ хæсдзынæ, æмæ хиуылхæцгæ дзуапп рат- ты: — Цайфыцæн у, æдылы къоппатæ. Нæхи, совстон цайфыцæн. Чи зоны, æмæ йæ Тулæйы рауагътой джип- пы. Сымах та уæргътæ-йедтæ кæнут! Рейхстаджы сæрмæ Уæлахизы тырыса куы сфæйлыд- та, уæд цымыдистæ зæронды ныхъхъуытты уагътой. Лы- стæг хъуыддæгтæ ма кæй æндæвтой. Цыппар азы дæр- гъы карды комыл фæцу, зын æмæ фыдæй æнæбавзаргæ 3 Тымбыл æрдузы 33
мацыуал ныууадз, уæд лæгсырды лæгæты дæрæнтыл дæ фæллад цæуылнæ хъуамæ суадзай? Денисычы полкъ æрфистæг рейхстаг.мæ æввахс. Чи хъусы йæхимæ, чи йæ дарæсмæ зилы, чи ныхæстыл сбæндæн. Заэронд салдат йæ цайфыцæн сдымдта хæлд къулы рæбын. Фæздæг-пиллон калы йæ тохына-хæтæ- лæй. Цæхæрты рæдзæгъдтæ фæйнæрдæм тæхынц хъарм æртхутæгимæ. Куы стæвд уа, йе ’цæгæй куы скуса, уæд тæф рæмудзьштæ оисдзæн, цайфыцæн йæ гыбар-гыбурæй нал æнцайдзæн. — Кæм стут, уæлахиздзаутæ! — оиды Денисыч сал- дæттæм. Уыдон уайтагъд йæ алыварс æрбамбырд сты.— Уый цас стут, цас? Мæ бынтæ мын уæ хъуыры куы ас- къæрдзыстут. Цæй, цы уа, уый уæд. Донласт хуылыдзæй нæ тæрсы! Зæронд салдат .рæдау æмæ хæларзæрдæ лæг уыд. Къæбицы хицауæй йæ куы бауроми’ккой, уæд йæ гаччы абадид. Хæрд æмæ нозтæй хъуаг ничи баййафид. Уалынмæ Денисычы уæлхъус февзæрдысты дыууæ афицеры. Къæбæлы хуызæн æлвæст, ^цырддзаст, хъæл- дзæгæнгас лæппутæ. — Мах дæр де уазæг, нæ фыдыхай,—загъта майор. — Алыбон æгас цæут. Табуафси, лæппутæ. Уæхицæн удыбæстæ раджы сарæзтат,—зæронд салдат бацамыдта афицерты риутæм—дæхæртæ калдтой хæрзиуджытæй. — Уый нæхи дада куы дæ!—бадис кодта майор. — Æмæ уæд сымах хай цæмæн фæдæн?—бахудт Де- нисыч. — Танкисттимæ нæ уыдтæ? — Бæгуыдæр, уыдтæн. Уыдтæн, мæ мад, мæ фыды- стæн. Арæныл дæр таикыл æрбахызтæн. Берл.ины дæр уыдонимæ балæууыдтæн. Сæ цæрæпбон бирæ. Мæ уд сæ фæхъхъау. Уыдо’нæй ма уай? — Танкæты батальоны къамандир Нартаты Чер- мен,—йæхи бацамыдта майор. 34
— Æз та санбаты хицау Нартаты Зæлинæ дæн, — загъта кашитан. — Уый та дын ног диссаг! Сылгоймаг куы дæ... Æ’нæ- хъæн бинонтæй салдат фæцыдыстут? Зæронды кармæ æнæмастæй фæцæрут. — Æ,цæг диссæгтæ дæхимæ куы разынд, нæ фыды- хай,—Зæлинæ йæ цæст нал иста цайфыцæнæй.—Æркæс- ма, Ч^рмен! — Кæсын. Хъусын. Кæм сты, кæ, уæ царциатæ? — Нанайы цайфыцæн! Мæнæ йæ саст хъус. Хъуы- мыхъхъаг æй куы сарæзта. Мæнæ ам та æмпъузæн æвæрд. Стæнæг сты, мæгуыр, йæ фæрстæ. Сабибонтæй нырмæ зонын ацы цайфыцæны. Нана дæр æй йæ сонты бонтæй дары йæ зæрдыл. Уагæры йыл цал азы цæуы? Стæй ардæм куыдæй æрбафтыд? Цыма фынтæ уьгнын, афтæ мæм кæсы. — Фатимæ нæм куы фыста... — Уæууа, мæрдырох мыл бафтыд! Æцæг куы фыста нæ дзыкъыла. Уый лæвар уыдзæн. Æнæмæнг,— бахудт Зæлииæ. — Кæм дын уыди ацы цайфыцæн, нæ фыды- хай? Денисыч æрдæбонсарæй цымыдисæй хъуыста афицер- тæм. Фæндыд æй бамбарын сæ ныхасы сæр. Куы йæм бахъардта, уæд иуцасдæр джихæй аззад, уыйфæстæ сын радзырдта цайфыцæны бæллæхтæ. Алцыдæр бавзæрс- та — зын дæр, æфхæрд дæр, рæвдыд дæр. Нартатæ сæ цæстытæ нал истой цайфыцæнæй, цыма дард райгуырæны хъарм æндавд æнкъарын байдыдтой, цыма сыл Терчы былгæрæтты хур скаст, цыма а дуне- йыл нæдæр тугуарæн хæст уыдис, нæдæр цæфтæ æмæ мæрдтæ... Æ’нцой цард сæм ивгъуыд азты фæлмæй ра- зынд æмпъызтхъус цайфыцæны хуызы, æмæ йæм ныр сæхи тавынц. Зæронд салдат æмбæрста афицерты уа- вæр, зæрдæвæйлыдæй загъта: — Уæ хорзæхæй, фæйнæ цайы бацымут. Стæй... уемæ айсут цайфыцæн. Табуафси! Йæ хвдæуттæ разьшдыс- 35
ты,—аивæй бамбарын кодта Денисыч, йæ алыварс чи æрбамбырд, уьщы салдæттæн. Салдæтты цæсгæмттыл мидбылхудт ахъазыд, цыма алчидæр йæ хион, йæ туг-йе стæгыл хæрхæмбæлд фæци. Иу мæйы бæрц ма аивгъуыдтаид. Нана æмæ Фатимæ рацыдысты вагзалмæ сæ бæлццæттæн æгасцуай зæгъын- мæ. Цагътой музьжанттæ. Окъоладзаутæ рахастой ты- рысатæ. Хистæртæй чидæр загъта арфæйы ныхас. Æр- мæст сылгоймæгтæ цæмæндæр сæ цæссыг нæ урæдтой. Уый Фатимæйы дисы æфтыдта. Нанайæн йæ цæсты бын- тæ уайтагъд ауымæл вæййынц — тæнзæрдæ йæ хонынц иууылдæр. Фæлæ устытæ се ’ппæт кæуындзаст уой, уый æнхъæл никуы уыд. Цинтæ, хъæбыетæ, рафæре-бафæрсæн жæрон нал уыд. Цæссыгæй дæр уæдæ сæ тыппыртæ суагътой. Искуыдæр ма нæ: Уæлахизы бон — иууылдæр сæрæгас, æрбамбырд та сты сæ чысыл бинонты къорд. — Фатимæ, мæнæ дæ цайфыцæн,— тыхтон райхæлд- та Зæлинæ. — Мæ цайфыцæн балцæй æрыздæхт,—скафыд Фати- мæ.— Ура, нана! — Царциатæ!—йæ къухтæ сцагъта зæронд ус.—Хæс- ты фæци кэзрæй-кæронмæ æмæ æгас хæдзар ссардта. Зын бауырнæн у уый. Уæвгæ, цы -нæ фендзынæ,^ цьт нæ фехъусдзынæ а зæххыл. ЦÆГАТАГ БАЛЛАДÆ 1 Хæстон лæджы хъысмæт дугъон бæхæй уæлдай нæу. Мæн дæр тайгайæ, тундрæйæ кæм нæ балæууын кодта, ахæм къуым, æвæццæгæн, нал баззад. Æркæсут-ма кар- тæмæ. Цас æмæ цас быдыртæ ис Ирыстон æмæ Кольскы 36
æрдæгсакъадахк æхсæн! Кæй зæгъын æй хъæуы, Евро- пæйыл ньшад у, æрмæст ма йын йæ номыл æнæ афтаугæ нæ фæвæййынц: Европæйы Дард Цæгат. Гъеуый дын адрис! Хæст хæст у, нæ полкъ æрфистæг ацы æдзæрæг ран. Æргом дзырды къæм нæй — бæллищцагæй дзы ницы ссардтам. Зынвадат. Бæгънæг, æгомыг къæдзæхтæ. Цъы- |маратæ. Бахъуаджы сахат дæ сæр кæм фæцæвай, уый нæй. Æтæр-.мæгуыр «ньивыл блиндаж скъахын дæр лæ- джы бон нæу. Адæймаг фыдæбонæн райгуырд, фæзæ- гъынц, æмæ мах дæр айнæг дур дæндагæй бахсыныныл нæ бафæстиат уыдаиккам. Нæ зæххы цæгатварс ныл ныффæдзæхстой, æмæ йæм фæныхилын никæй бауадз- дзыстæм. Афтæ до-мдта бардзырд. Афтæ окарста алы тæхæг дæр. Цæугæдон Туломайыл ма æрæвæры адæйм^г йæ цæст. Къæдзæхрæбынты æнцад-æнцойæ тулы йæ уылæнтæ. Фæлæ уьпй дæр хæстон амондæй æнæхай нæу. Стæм бон не осудзы карз тохы арт доны сæрмæ. Немыцы иучысыл сæхи бар бауагътай, уæд алы буксиры фæдыл дæр зи- льш байдайдзысты. Гъемæ нæ тæхджытæ æхсæв бонæй нал иртасынц. Бомбæтæ згъалынц знаджы фидæрттæ æмæ наутыл. Немыцаг аостæн сæ сæр сæ кой свæййы. ...Цалынмæ дæ цæст знагыл æрхæца, уæдмæ адæй- магмæ афтæ фæкæсы, цыма дун-дунейыл иу змæлæг нæй, дæхæдæг зыбыты иунæгæй ленчытæ кæныс æгæрон тыгъдады. Зыньшц дæм æрмæст ар<вы кæрæттæ. Бынæй зилдух кæнынц урс пæлæзæй æмбæрзт тъæпæнтæ, ихы цæндтæ æмæ къæдзæхты рæдзæгъдтæ. Æндæр ницы ба- фиппайдзынæ. Уый дæр ирд бон, м’игъы къуыбылæйттæ æддæгнмидæг куы нæ ауайой, тымыгъ бæстæ куы нæ сæмтъеры кæна, уаед. Тæхыс дæ зæрдæйы дзæбæхæн. Фæиппæрд дæ раздæ- ры хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæй. Цыма тæхгæ нæ, фæ- лæ змæлгæ дæр нæ кæныс, цьша арвы бын æрцауындзæг дæ, афтæ дæм кæсы. Цыма зæхх дæр нал ис, æмæ мæнæ 37
ацы тæлфаг æгæрон тыгъдад дæр æрбайсæфт. Уыдысты æмæ нал сты. Хæдтæхæг стъæлфæй йедтæмæ циу дун- дунейы? Чи зоны, æмæ уый да^р нæу. Фæлæ дын йæ бар- джын гуыв-гуыв дæ ныфсыл ныфс æфтауы, цалынмæ коммæгæс у, уæдмæ. Нины тæссаг дын сты мадзура ми- тын быдыртæ. Уадз æмæ сæхищæн æрттивой ихы цъæх- цъæхид цæндтæ дæр. Кæрæдзимæ нвды бар дарут. Дæ- хицæн æдаеæй тæх, кæд мотор йæ кусынæй <не ’нцайьк уæд. Тæх, кæд хæцæнгарзæй ифтонг дæ, уæд. Кæд дæ раци зилынхъуаг нæ баййæфта... Лейтенант Кравцов полкъмæ не ’рбаздæхт. Хъуыд- даг бынтон нæма сбæлвырд, фæлæ дызæрдыггаг нал уыд, саамты цæрæнбынæтты цур хаугæ бадт кæй æркодта, æнæ дохтыры æххуысæй тæхын йæ бон кæй нæ бауыдзæн. — Цæй дардмæ йæ ахаста йæ фыдбылызы къах,— тыхстхуызæй загъта къамандир.—Æвæстиатæй йæм тæ- хын хъæуы. — Ау, цы йыл æрбамбæлдаид?—Фæнды мæ базонын, Кравцовы бæллæх цæй мвдæг ис, уый.—Дзæгъæл фæци, æви хæдтæхæгыл исты æрдыд? — Æнхъæл нæ дæн,— фидарæй загъта къамандир.— Æвæццæгæн, магниты тых кæм ахъардта, ахæм быдыр- мæ бахауд, æмæ йæ алхъывта. Йæ амонд уыд, æмæ сæ- рæгасæй аирвæзт, стæй ма саамты бæстæм бахæццæ. Атæхут Оказкоимæ. Уа^вæр йæхæдæг йæхи амондзæн. Ныртæккæ йæ цард дæ къухы ис, дохтыр. Иугæр къамаадир Сказкойы кой скодта, уæд уый зон, æмæ уава^р хорз нæу. Полчъы фидауц. Йæ риуыл Сыз- гъæрин Стъалы æрттивы. Ахæм лæппуйы хуымæтæг хъуыддаджы тыххæй нæ батыхсын кæндзысты. Æвæц- цæгæн та бахъуыдысты йæ арæхстдз-инад, йæ домбай зæрдæ. Ссардтон ме ’мзæххоны — Сказко Дзæуджыхъæуы райгуырд, æмæ нæ полчъы афтæмæй зыдтой. Стæйниу нæ дыууæйæн дæр æхсызгон уыд ныхасмæ фембæлын. Сказко хабар куы фехъуыста, уæд æнæ уæлдай ныха- 33
сæй йæхи цæттæ кæнынмæ бавнæлдта. Нæ атæхыны агъаммæ æргомæй загъта: — Уыдон иууылдээр цæгатаг æрдзы æгæнон митæ сты. Акæс-ма дæ альшæрстæм. Байхъус-ма. Хъыпп-сыпп нæй. Немыц зынæг—аба-бау! Афтæ, гъе, мæ хæлар. Кæмдæр та магнитон уад фатдзæгъдæн кæны. Уазал æмæ нæмыгæй тæссагдæр у, алцыдæр цæстыфæны- къуылдмæ рыг фестын кæндзæн. Афтæмæй æрдзы рæ- сугъддзинадæй цæст атонын нæ комы. Цæгатаг арвæрт- тывды хинтæ æмæ кæлæнтæн кæрон нæй. Арвгæрæттæ цæхæр калдзысты, алыхуызон ахорæнты æнхъæвзæнтæ уылæнтау сæхи бæрзонд оисдзысты. Дæ уд сæ баззай- дзæн. Дæ цæст сæм кæсынæй не ’фсæддзæн. Аргъæутты ма вæййы ахæм диссæгтæ! — Сказко йæ мидбылты ба- худт.— Фæлæ дæхи сæ бæрны бафтыдтай, уæд цъысымы скуыси дæ. Электрон тых сæ бахсыста, æмæ фæндфидар, къæрцхъус нæ разындтæ, уæд дæхиуыл дæ къух ауигъ. Виктор Краввдв сарæхст. Фыдбылызæй фервæзт. Лæг у æмæ лæг! Фендджын тæхæг уыд Сказко. Фæлæ йæ ныхас, иуæй, адæймаджы тас уагъта, иннæмæй та цæгатаг æрдзы фæдфæливæнтыл æууæндын кодта. Стахтыстæм, уæдæ цы уыдаид. Рудзынгæй кæсын, фæлгæсын æнахуыр бæстыл. Кæм ис, цымæ, уыцы арв- æрттывд? Кæм ниуы магнитон уад? Фенæн сын нæй, æви? Цæстытыл хæрв æрбадт, къухтæ нындзыг сты, хъуы- дытæ сæры дугъ самадтой. Нæй, нæ мæм равдыста цæ- гатаг æрдз йæ æцæг цæсгом, фæлæ мьгн нæ фембæлд пайдайы хос фæии. Хæдтæхæг-иу куы «уæрмы» афардæг, •куы та-иу æй хус сыфтæрау фехстæуыд. Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр суыдаид, Сказкойы диссæгтæ агурыныл куы нæ фæуыдаин, уæд. Иуафон мæм Сказко къухæй цыдæр ацамыдта. Хæд- тæхæг æрбадынæввонг йæхи ныллæгдæр æруагъта. Бьт- пæй арвы иу кæронæй иннæмæ айтыгъдæуыд урс-урспд 39
кæттаг. Тъæпæн, æмлæгъз митын быдыр дард кæмдæр зына-нæзына фесчъил, уылæнау йæ риу бæрзонд систа. II Виктор Кравдов хуыссыд .кæройнаг чумы саджы цаэрмттыл. Се стырдæр бæстыхай уазæгуарзон адæм тæ- хæгæн радтой. Уæддæр фындзыхуьшчъытæм ныццавта дзидза æмæ тад сойы тæф. Рынчыны къæхтæ хъарм æм- бæрзт, астæуæй уæлæмæ — бæгънæг, уымæн æмæ чумы фыртæвд æмæ æнудæй сулæфæн нæй, афтæмæй сыгъдæг уæлдæфхъуаг цыма не ’ййафы; дуар фылдæр гом вæй- йы — саамтæ рынчынфæрсæг арæх фæзынынц. Уæзбы- нæй къæсæрыл æрбахиздзæн сæ иу кæнæ се ’ннæ, дзуц- цæджы абаддзæн рынчыны цур лулæ цъиргæ, стæй æнæ иу ныхасæй феддæдуар уыдзæн. Дзæгъæл уынаффæ, дзæгъæл рафаарс-бафæрсæн ам бынат нæй. Алцыдæр уы- нынц æмæ æмбарынц, алцыдæр сын бæлвырд у æнæ тæлмац, æнæ зондамонынæй. Дзыхæй-дзыхмæ айстой саамтæ Виктор Кравцовы ха- бар. Сау базыртыл тахти иу чумæй иннæмæ: цæфæй нæм æртахт хъæбатыр тæхæг, дардæй æртахт, дард ран цæ- уы мæлæтдзаг тох тугдзых кæфхъуындаримæ; сагсур фæсивæд сыстадысты йæ ныхмæ, бырсынц науты, тæ- хынц уæлазрвты; тагъд ын сыокъуындзысты йæ мыггаг... Къахы сыдæн саамтæ рагæй зонынц хос. Тæхæг йæ- хæдæг дæр хъаруджын разьшд, уайтагъд дзæбæх кæ- нынмæ фæци. Домбай буарæн æнцондæр вæййы рыст ас- сæндын. Кравцов разы у йæ фысымтæй, сæ хæрзтæ сын цæмæй бафида, уый нæ зоны. Мæнæ фæзыной йæ хæ- лæрттæ, йæ гаччы та абада, уыцы тугдзых кæфхъуын- дармæ та йæ равдæла—йæ аккаг ын фæуыдзæн, цæмæй дзы саамтæ дæр фæбузныг уой. Фысымтæн та сæ мæт, се окаст—уазæджы æнæнизæй фенын. Цæр.мттыл хуысгæйæ фидаугæ дæр нæ кæны ба- 40
зырджын лæппу. Йæ амонд æндæр у æмæ йæ, æнæмæнг, ссардзæн. ...Саамтæ ныл сæмбæлдысты зæрдæхæларæй. Ацы бæсты уазæг агургæ æмæ æнæссаргæ хæзна у. Иæ фæ- зынд бæрæгбон овæййы. Зарджыты кæй фæзарынц, ар- гъæутты кæй фæмысынц, ахæм бæрæгбон. Хуыздæр чум — уымæн. Хуыздæр дзидзайы хай —уымæн. Хуыз- дæр зарæг дæр — уымæн. Кравцов нæ кадджындазр саамтимæ куы ауыдта, уæд йæ мадбылхудт нал баурæдта. Хорз базыдта, лæджы- хъæдджын цæгатаг цæрджытæ кæрдзындæттон кæй сты, уьгй, æмæ сыл ныр цыма мах дæр фæдзæхста. — Федтай? — афарста мæ Сказко.— Йæ зæрдæйы дзæбæхæн йæхи фæлмавнтыл аскъæрдта, мах та ирвæ- зынгæнæг къамаадыйау арвы къуымты зилæм, уырзæй сгарæм м.иты рæдзæгъдтæ. Æвзæр нæ цæрыс, мæ лымæн, бухъхъытæм дæ бцрæ нал хъæуы. — Цы бакæнон? Адæм хорз сты. — Зæххы кæроны дæр сын ссардзынæ сæ хорзæх,— йемæ сразы Оказко. Асгæрстон Крашщвы къæхтæ. Сыды хуызæнæй сæм ницы равзæрстон. Мæхинымæр зæрдæбын арфæтæ фæ- кодтон хæдахуыр саамаг дохтыртæн. Виктор мæ, æвæц- цæгæн, фембæрста æмæ йæ хуыссæны цинвæйлыдæй ра- бадт. — Ныр дæр мæ нæма уырны, Сослан Хазбиевич. Мæ ныхы кæрон дæр цыма иикуы срыст. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвмæ мæ къæхтæ сæ гаччы абадтысты. Сырды сойæ сæ сæрстой, цæрмттæй сæ бастой. Æ^ндæр ниды федтон. Раст зæгъын хъæуы, æнцой мын нæ радтой, хос- тæ бон цалдæр ивды кодтой, цыма ноггуырд сывæлло- нимæ архайдтой. — Дæ бон тæхын у? — комкоммæ йæ бафарста Сказ- ко. — Ныртæккæ дæр рæвдз дæн. 41
— Тæккæ райсом тæхæм уæдæ! Æгъгъæд дын у уæл- гоммæ хуыссын. Куыд сбæрæг, афтæмæй полчъы къамандир æмæ Сказко мæнгæй ницы загътой. Фæлтæрдджын тæхджытæ се уæны кастысты. Кравцовы хæдтæхæджы йæ базыры ,кæронæй ацахста магнитон уад, æмæ куыд фервæзт, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста. Фæлæ йæ æвыдæй кæм ныууагътаид. Æмæ ныр зæрдæ дарæн уыдис æрмæсг саамтыл. Сæ кой сын рагæй хъуыста, уæдæ сæ цæрæн- бынæттæ кæцы рæтты сты, уый дæр чысылтæ зыдта. Æмæ йе ’ргом гъеуыцырдæм сарæзта. Зонд дзæгъæлтæ кодта, зæрдæ риуыгуыдыр хоста. Лæгдыхæй чумтæм æв- вахс æрбадын баци йæ бон. Рацийæ хабар полкъмæ фе- хъусыны хъару дæр ма йæм разынд. Стæй сæры магъз тары аныгъуылд. Дзæвгар рæстæг йе ’муд нал æрцыд. Фæлæ уыдæттæ тæхæг йæхæдæг цæмæй зыдта? III Пяйвейыл сæххæст аст азы, æмæ ныр лæгау йæ фы- ды æнцой æрбалæууыд. Хистæртимæ фæраст уыдзæн цуаны дæр, кæсаг ахсынмæ дæр. Сырды мард акъабæз- тæ кæнынмæ фæкæсдзæн, цæрмттæм базилдзæн æмæ сæ бафснайдзæн. Кæд чумы зыхъхъыртæ фæзынд—хуыздæр сæ ничи бампъуздзæн. Куиты æфсæстæй дарын дæр уæ- дæ фылдæр хатт уый базрны вæййы. Абон хистæртæ сырддзуаныл бафтыдысты. Пяйвейы кæстæршмæ ныууагътой. Цæсты нæ ахады хæдзаргæсы фыдæбон, афтæмæй сырды фæдыл зилынæй æнцондæр пæу. Фыдæугты сæхи бар фæуадзæн нæй æппындæр. Баф- сад сæ, истæмæйты сæ ирхæфс, æгæнон митæй сæ хъахъ- хъæн. О, фæлæ чи бафæраздзæн æнæхъæн бон дзидзи- дай хомбылтимæ? Адæймаг фæздæгмæдард кæсагæй хус- дæр1 ныууыдзæн. Æнкъард кæны Пяйве. Истæй æфсон-иу чумæй фед- дæдуар, йæхи-иу уæлдæфмæ айста йе ’рдхæрдтæм. Æрд- 4?
хæрдтæ та йын бирæ ис. Арв æмæ зæхх, сырдтæ æмæ кæсæгтæ... Æмæ кæм не сты уæд? Чумы, цæрæнбьгнаты, аровгæрæтты... Уымæн уарзы лæппу фæлгæсын Цæгат æмæ Хуссарыл, Скæсæн æмæ Ныгуылæныл. Фæлгæсдзæн æмæ хъусдзæн дымгæйы зарæгмæ. Ихы цæндты æхсæн тъизгæ, сыбар-сыбургæнгæ равзæры, æнæбонæй миты уылæнтыл иучысыл ахъазы. Иæ хъаруйыл куы бафты, уæд цъæхснаг хъæлæсæй ныкъкъуыззитт ласы, йæхи хæрдмæ фехсы, цуркау афады æлхъывд уæлдæф. Иннæ дымгæты хъызтулæфтыл бафты йæ илæлæй. Гъеуæд, гъе, райхъал вæййы æрдз, уадтымыгъ сабухы, бæстæ зындоп фесты. Адæймагæй, сырдæй, кæсагæй аныгъуы- лынц чумты, лæгæтты, ихы бын. Цæдисæмбал не ссардта, зæгъгæ, уæд дымгæ коммæ- гæс æмæ иударон свæййы. Йæ базыртæ æруадзы, рогæх- ситтæй æнæбары ахицæн кæны йæ тыхæвзарæн, æф- сæрмдзастæй арвгæроны аныгъуылы. Хъусты нал фæ- азæлы йæ сонт катай. Фыдуаг у дымгæ, фæлæ йæ Пяйве бирæ уарзы. Саст- базырæй тæригъæдæй фæмары. Фæлтау къуыззитт кæ- нæд, хъылдьимтæй хъазæд, сæдæ æвзагæй уасæд! Циу æнæ дымгæ адæймаг? Куырм. Къуытты. Гоби. Уад куы сыста, уæд ьгн бацамондзæн фæндаг чуммæ. Фæздæджы тæф йæ фындзы хъæлтыл нæ сæмбæлдзæн æнæ дымгæ. Ногахст кæсаджы ад, дзидза æмæ туджы хъарм дæр æм дымгæ æрбахæсдзæн. Æнæ дымгæ нæ фехъусдзæн цуа- нæттæ æмæ кæсагахсджыты хъæлæстæ, дзоныгъты къæрдцытæ, куиты рæйд æмæ ниуын, арсы богътæ, са- джы сыкъайы цæфтæ. Ницы фендзæн. Ницы фехъусдзæн. Ницы банкъар- дзæн. Гъе, ахæм у митæхгæд быдырты фыдуаг хъæбул — дымгæ! Фыдуагæй та тынг фыдуаг хæссы. Зæгъæн дæр ын нæй. Дæ чумыл дын мит æнæхъæн кæритæй самайдзæн, æмæ дæ фындз дæр нал радардзынæ æддæмæ. Кæнæйын 43
йæ цар фелвасдзæн. Уый «уы нæ уа, уæдта зыхъхъырты фæмидæг уыдзæн æмæ дьгн дæ арт ахуыссын кæндзæн. Буарыл риссаг фæд фæуадздзæн æмæ æрбайсæфдзæн. Фæлæ йын уæддæр алцыдæр ныббардзынæ. Хъыпп-сыпп иикæцæй хъуысы. Мæрдон фынæй баци æрдз. Миты хъæпæнтæ æнцад хуыссынц лæгъз тъæпæны. Быдыр йæхинымæр цыма зары йæ иугæндзон æмыр за- рæг, стæй цыма йæ тыбар-тыбурæй цæстыл хæр-в æвæ- ры, стæй ма адæймаджы, алы сырды мыггаджы, чи зо- ны, æмæ цадты дæр кæсæгты æнахуыр æгуыппæгдзина- дæй рæвдауы. Уд кæй мидæг тæлфы, ацы бæрзонд ца- тыры бын чи цæры, йæ тæлфаг къултæ æмæ йын ихбын чи ницæмæ дары, уый нæ фехалдзæн йæ ахуыр. Æрдзи- мæ æмуд уыдзæн æдзухдæр. Фыдæй фыртмæ цы баззад, уый дымгæмæ нæ ныддардзæн. Цардыл цард æфтдзæн. Дардæн нæй фæуæн. Йæ къухы фондз æнгуылдзау зоны Пяйве ацы урсду- не. Зоны йæ æмæ йæ æмбары. Алы сыбыртт дæр ахсы йæ хъус. Цæстыхау дæр дзы нæ а.ирвæздзæн. Ныр цыма цæмæйдæр стъæлфы. Цыма цавæрдæр æнахуыр уынæр- мæ ахсайдта йæ зæрдæ. Æви уый Пяйвейæн йæхи хъус- тæ зарынц, уымæн æмæ æрдз æгæр æдзæмæй лæууы ацы бон. Фæлæ уынæр нæ сæфы. Æргомдæрæй хъуысы. Са- джы сидгæ уасты хуызæн нæу. Адæймаджы хъæлæсы халдих æй не схондзынæ. Пяйве хъилхъусæй лæууы æмæ хъусы. Цæгатырды- гæй бæстæ — æгуыппæг. Окæсæн æмæ Хуссар дæр афтæ. Ныгуылæнæй æрбахæссы дымгæ уыцы тæссаг уынæр. Бæрзонд арвы риуæй хауæгау æркæны. Стæй ма... Фæз- дæджы тæппытæ æмæ зынджы стъæлфæнтæ фæйнæрдæм фехстæуы, æмæ уайтагъд сæртæг уæлдæфы атайынц. Æвиппайды чумтæ гыбар-гыбур, æхситт æмæ ниудæй сæнкъуыстысты. Пяйвемæ афтæ фæкаст, цыма ныртæк- кæ арвы фаркгай ачындæуыдзæн, æмæ æфсæн кæрдих- тæй митмæ æрызгъæлдзæи. Уалынмæ лæппуйы сæрмæ арты цæст ферттьшта æмæ фæтар — егъау уæззау маргъ 44
цæхæртæ акалдта, фатау асыффытт ласта, йæ фæстæ фæуагъта цъæх фæздæджы пырхæнтæ. Пяйве сагъдауæй баззад. Йæ армы ницыуал бафтыд. Дисхъæр дзы нæ сирвæзт, йæхи нæ амбæхста, тæссагуа- вæр никæмæн бамбарын кодта. Æгæр-мæгуыр ын фæтæр- сыны фадат дæр нал фæци. Æнцад лæууыд æмæ арвмæ каст. Федта, о, йæхи дыууæ цæстæй федта тæхгæ Дис- саг. Цæстытæ рахауьшæввонг уыдысты, сазры магъзы ныццарыдта иу хъуыды: адæймаг. Уый æнæмæнг адæй- маг уыдис! О, о, йæ къух дæр ма йæм фæтылдта! Хæдтæхæг æрбадт дæрддзæфгомау, чумты фæстæ уад- хост дæвдæг ихыл. Пяйвейы хъустыл ауад ихы къæр- къæр æмæ бамбæрста: лыстæг згъæлæнтæ баци, фæлæ æнахуыр «маргъы» уæзæн бафæрæзта. Лæппумæ ницы зыны æмæ тыхсы. Уалынмæ йæм дымгæ æрбахаста, кæй никуыма бавзæрста, ахæм тæф. Ахорæн æмæ бензины тæф йæ фывдзыл никуы ауад æмæ йын цы зыдта. Ныр иугæр диссаджы тæхæг сæ бæстæм уыцы тæфимæ фæ- зынд, уæд ма йын æнæ банкъаргæ кæм и? — Æмæ уæд адæймаг та? — фестъæлфыд Пяйве.— Цы фæци? Фервæзт, æви... Тагъддæр, тагъддæр! Лæппу фæцагайдта кæройнаг чуммæ. Арф миты лæ- гæрды йæ тых-йæ бонæй. Фæлæууыд. Фæсидт куитæм, дзоныгъы сæ аифтыгъта, хæдтæхæджы бадæн бынатмæ сæ сарæзта. Куыд æнхъæл уыд, афтæ хæстæг нæ разынд. Чумтæй фæфале, уæддæр цæст ницыма ахста. Ау, дым- гæ йæ бамбæхста? Кæцæйдæр та æнæнхъæлæджы куы фелвæст, йæ тых та куы ’взары. Ссæнды, лæбуры, фыр- мæстæй абухы, ниуы, æхситтæй къуырма кæны адæйма- джы. Уазæгхор ма фестæд—бæлццон кæцæй æрбатахт, уыцырдыгæй фæзынд. Гуырæй-гуырмæ, йæ фæд-йæ фæд фæтахт, æвæццæгæн, æмæ йæ ныр йæ раны ссардта. Пяйвейæн йæ фæндаг ацахсы, йæхи йыл ныццæвы. Куи- тæ дæр ма æддæг-мидæг ауайынц, размæ сын ницыуал фентысы, æмæ уæд се ссырты къæнц-къæнц ссæуы. Фæ- лæ Пяйвейьт коммæ хорз кæсынц, йæ алы фезмæлд дæр 45
ын æмбарьшц. Æви адæймаджы тæф æнкъарын байдыд- той? Дымгæ фæуагъта йæ амæттæгты, æндæрырдæм ныкъ- къуыззитт ласта. Цыма йæ иу базыр барæй æруагъта, цæмæй та йæ тыхджындаэрæй бæрзонддæр снса, дардыл æй фæхæсса æмæ та тас бауадза, удфидар чи у, уыдоньт. Раст гъеуæд ауыдта Пяйве стæхынæввонг цъæхбын цæр- гæсы.— Гъей, гъей! — схъæр кодта куитыл, йæ къухтæ сыл оцагъта, фæлæ уыдон окъæрыны сæр ницæмæн хъуыд: сæ хъустæ фæгæмæл сты, сæ тæнтæ балвæстой, дымгæйæ сæхи фæиуварс кодтой. Ныр сæ нысан федтой æмæ сын бауромæн нал уыд, цыма митыл дæр нал æн- дзæвыдысты, афтæ тахтысты. Куиты сонт дугъ фæкъуыхцы хæдтæхæджы тæкка* цур. Цæхгæр фæурæдтой. Пяйве млты рагъмæ атылд. Цæуылдæр йæхи скъуырдта, фæлæ миты бын цы рав- зæрстаид. Куитæ се ’взæгтæ ^раппæрстой, тыхулæфтгæп- гæ лæппуйы фарсмæ æрхуыссыдысты. Дзæгъæлы нæ фæцагъта йæ гæндзæхтæ дымгæ. Хæд- тæхæг ма миты бынæй чысылтæ зындис, адæймагыл цæст не ’рхæцыд. Ау, уæдæ Пяйвейы сайгæ фæчыидæуыд? Нæ, уымæн уæвæн нæй. Мардыл кæуæгау баниудта куиты раздзог, йæ гуыбы- ны цъарыл бабырыд миты цæндмæ æмæ йæ тагъд-тагъд къахын байдыдта. Фæйнæрдæм тæхынц салд миты къуы- бæрттæ. Æлшынфæстаг разынд сырды цармæй хуыд къа- хыдарæс — унт. Æмæ уæд инпæ цы фæуыдаид? Стæй йæ цæмæн аппæрстæуыд? Æнхъæлдæн æмæ уазæгæн йæ хъыомæт æгъатыр ,разынд. Пяйве йæ чысыл къухтæй фæлæбурдта мит къахын- мæ. Рог æмæ йæм фæлмæн фæкаст. Уæвгæ йæ æрæджы æрбассывта ардæм дымгæ. Мæлæты арф нæу, егъау «маргъы» бамбæрзта. Маргъ цыфæнды фæуæд, фæлæ адæймаг нæй æмæ нæй. Мачердæм абырæд. Ам ын æдас- дæр бæргæ уыдаад тымыгъы рæстæг. Ис дын бадæн æмæ æнхъæлмæ кæс. Уæдæ кæдæм фæраст уыдаид? 46
Къахы æмæ къахы Пяйве, фæлæ æгæр æдых сты йæ чысыл къухтæ. Уæхсчытæ риссынц, хид лæсæнтæ кæны фæсонтыл, цæсгом æмæ йæ бæрзæйыл дымгæ уайтагъд ахус кæны. Митыл æрбадт. Йæ фæллад уадзы. Уый та ма циу? Куитæ рæгъ-рæгъ алæууыдысты, сæ раззæгтæй мит къа- хыныл балæууыдысты. Хорз сын æнтысы, æвæдза. Буз- ныг, ме ’ххуысгæнджытæ! Бузныг, мæ сагсуртæ! — дзуры Пяйве, йæхæдæг æнцад бады, нæма йæм ис фестыны хъару. Дыууæ хатты .ма суагъта йæ фæллад Пяйве. Дыууæ* хатты йæ куиты лæгдыхæй митыл сбадын кодта, цæмæй уыдон дæр се ’муд æрцæуой. Хæдтæхæг дзæбæх разынд, адæймагæн йæ кой, йæ хъæр нæма уыд. Куитæ хæдтæхæ- гыл андзæвын нæ уæндынц, æфсæйнаг сæ судзæгау кæ- ны, буарыл аныхæсы, цыма алцыдæр йæхимæ æлвасы. Æмæ дæрддзæфгомау м-ит фæйлауынц. Æв.и сын се ’мбу- дæнтæ исты амонынц? Æвæццæгæн! Иу ран фæкъорд сты, иу ран гæбазгай рæдувынц салд мит. Уый дзæгъæ- лы нæ уыдзæн. Арсы лæгæты хуызæн арф уээрм скъах- той. Пяйве йæм æвæстиатæй ныххызт, м-ит скалдта. Дзыхъхъ фæуæрæхдæр. Иæ къултæ куы æркалдысты, уæд дзы разынд... лæг. Егъæуттæ арæзт, æнæ худ. Туг уадулыл къæдз-мæдзы фæд ныууагъта. — Дымгæ йæ афæлдæхта, æмæ йæ къæмисæн ныц- цавта,— ахъуыды кодта Пяйве.— Хуыздæр уыд, м1итьг бын кæй фæци, уый, иучысыл уæддæр бахъарм ис. Цы- ма ныртæккæ афынæй. Тагъддæр чуммæ! Тагъд мæ фыд цуанæй æрбаздæхдзæн. Шаманмæ фæдзурдзысты. Нæ- химæ! Нæхимæ! Пяйве ныкъкъуыззитт кодта. Куитæ фæгæпп ластой^ сæхи айвæзтой, æнхъæлмæ кæсынц ног амындмæ. Уæв- гæ, уыдон ныртæккæ ыицы æххуыс сты. Лæджы сæвæ- рын хъæуы дзоныгъы. Фæлæ куыд? Уæззау у, зын фез- мæлынгæнæн. Митыл ласæн та йын уæвгæ дæр нæй’. Æнæуи дæр йæхи куы не ’мбары. 47
Лæппу æрбаласта дзоныгъ тæхæджы цурмæ. Æркъул æй кодта, стæй лæгæн фыццаг йæ сæр æрæвæрдта бадæ- ныл, уыйфæстæ — йæ къæхтæ. Иæ тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ æнæбон тæхæджы дзоныгъмæ стылдта. Дзæ- гъæлы уыдысты Пяйвейы фыдæбæттæ. Куыддæр куитæ фезмæлыдысты, афтæ тæхæг дæлгоммæ рахауд, хæмпус миты аныгъуылд. Ногæй та лæппу райдыдта мит къахын. Тæхæджы алыварс æй ныннадта, цæмæй лæджы æнцондæрæй æр- фæлдæхтазд дзоныгъыл. Æрæджиау йæ фæнд йæ къухы зынтæй бафтыд. Ныффæллад. Дзæвгар фæбадт æдзæ- мæй. Иу стъæлфмæ нЪгмдзаст. Йæ улæфæнтæ ахгæнынц. Сæр зилæгау кæны. Хвд цæстытæ къахы, фæлæ йæ йæ тыхтæ уæгъды хардз кæнын нæ фæады. Нæ азилдзæн Пяйве куиты сабыр ниудмæ дæр. Сийынд? Иучысыл ма бафæразæнт. Æдзæрæг ммттъæпæнтæй æрбаздæхт хъал дымгæ. Уый сонт риуыгъдтытæ дæр ницæмæ æрдардзæн. Стъæлф зына-нæзына фæирддæр, фæдынджырдæр, æмæ йæм æппынфæстаг разынд... адæймаджы цæсгом. Фæлмæнæнгас. Иæ фæллад уадзынмæ чи æрхуыссыд, ахæм лæджы халдих. Пяйве дзоныгъы бын арфдæр бакъахта, стæй тыхтæ æмæ амæлттæй тæхæджы дзоныгъмæ сæргъæвта. Сабыр- гай фезмæлыдысты куитæ. Сæ къубæлттæ бæргæ айвæз- той, фæлæ сæхи уромынц. Тæхæг æнцад хуыссы, искуы- иу хатт базмæлы. Пяйве уæзбын къахдзæфтæ кæны йæ фарсмæ. Дзоныгъыл фæхæцы, цæмæй ма ахауа, миты рагъыл ма баззайа. Бафæразын хъæуы хæстæгдæр чумы онг. Уым ын æххуысгæнджытæ фæуыдзæн. Хъæуы, æнæ- мæнг хъæуы — ныффидар сæры магъзы иу хъуыды, фæ- лæ къæхтæ коммæ нал кæсынц, уайтагъд фæдыдагъ вæййынц, æмæ йæ уæд куитæ сæ фæдыл сыфцæй ласæгау акæнынц. . Иузаман йæ цæстæнгас кæйдæр цæстæнгасимæ баиу, æнхъæлдæн æмæ тæхæг æрчъицыдта. Бирæ фæкаст уа- зал, æнтъьюнæг арвмæ, йæ цæст ахаста куитыл. Æрæ- 48
джиау лæппумæ фæкомкоммæ. Уæууа! Ныронг æй куыы- нæ бафиппайдта? Йæ цуры уыд удæгас адæймаг. Фæл- лад. æнæхъару саби. Æнæхин æмæ йын сагъæсхуыз цæс- тытæ. Уæд — йæ зæрдыл ма лæууы — уыди саудалынг, дымгæ ссæста, цъæл кодта, йæ гæндзæхтæ цагъта. Ныр та? Ныссабыр бæстæ. Æнцойдз-инады аныгъуылд. Урс- урсид афæлдæхт. Стæй ма мæнæ ацы дзæбæх лæппуйы хъуыддагхуыз ирд цæсгом. Кæцæй фæци? Иæ амондæн æй ам цы хуыцау февзæрын кодта? Пяйве бахудт тæхæпмæ. Æмæ уæд уьй дæр равдыста йе ставд урс дæндæгтæ. Хъарм уæлдæф раулæфыд, фе- стыныл афæлвæрдта. Лæппуйы къахыр дæндæгтæ ферт- тывтой —нæ, змæлæн нæй! Лæджы дзоныгъмæ æрæлвæ- ста. Тæхæг фæныфсджындæр. Кæс-ма йæм, кæс! Чысыл сагсур! Цыма ацы тыгъд быдырты, йе та æнæбын арвы иунæг хицау у, уыйау барджынæй нæ цæуы? Изæргæрæтты миты хъæпæнтæ цъæхбын аууæттæ æппарын байдыдтой, сæхи æгъдауæй цьБма алырдæмты ивæзынц. Хæстæгдæр чумæй фæздæджы тæф раулæфтæ- уыд. Цæрæнуат æнхъæлмæ каст йæ дарджыты æрыз- дæхтмæ. Чи зоны æмæ афонмæ сæ фæрныг хæдзæрттæ дæр ма ссардтой æмæ сæ алчи йæ бинонты къордимæ æрвиты йæ рæстæг, йе та даргъ зымæгон таурæгътыл фесты. Кæройнаг чуммæ æввахс Пяйве бынтон æрлæмæгъ. Байсыстысты лæппуйы тыхтæ, æмæ æрхауд митыл. Атар изæрон хъарм рухс цæрæнуаты сæрмæ. Атад тæхæджы мидбылхудт. Нал хъуыст куиты хæстулæфт. IV Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы хуыссынц хицæн чум- ты рынчын тæхæг æмæ йæ ирвæзынгæнæг Пяйве. Лæппу йæхи нæма æрæмбæрста, судзы, фæлæ йын хосгæнæг нæй. Уыцы изæрæй нырмæ нæма æрчъицыдта. Цæрæн- уатыл цыма пъæззы ныббадт, уыйау са&мтæ аууæттау 4 Тымбыл æрдузы 49
чумты æхсæн зилынц. Ферох сæ ис цуан, нал с& æнда- вынц хæдзары зилæнтæ дæр. Лæппуйы фыдæн^ иу уды фидар разынд, йæ зæрдæйы уаг, йæ рис ницæмæй рав- дыста, æрмæст смæллæг, лулæ та æппындæр нал фæцух йæ дзыхæй. ...Чуммæ бахызт хæрзуынд, хæрзарæзт лæг. Тыхджьш æмæ æвзыгъд у, æнæмæнг. Иæ алы фезмæлд, йæ сабыр æмбаргæ цæстæнгасы хъару æмæ ныфс æхсидынц. Крав- цовмæ бакаст хионау, мидбылхудт ахъазыд йæ былтыл. Мæнæн æхсызгонæй райста мæ къух. Сказкоимаз та хъарм хъæбыстыл фесты. Æнæдзургæйæ. Цыма ныхас- гонд уыдысты. Цæвиттон, саамтæ уазæгуаты сæмбæлдысты нæ пол- чъы. Æртардтой сагтæ, æрластой кæсæгтæ. Сæ хистæр уыд нæ ног зонгæ. Уæд балымæн Сказкоимæ. Мæ хæлар ма йын лулæ дæр балæвар кодта. — Махмæ, Кавказы, афтæ фæзæгъынц: хох, дам, хо- хыл нæ сæмбæлдзæн, лæг та лæгимæ — кæддæриддæр. Æхсызгон мын у дæ фенд, Васили. — Æпиу, ды раст дæ. Мæнæн æхсызгон. Дæуæн æх- сызгон. Хорз. Тæхæг дæр хорз. Дæуæн Виктор хæлар у? Мæ лæппу уый ирвæзын кодта. Лæппу ныртæккæ нæ фæразы. О... — Дæ хорзæхæй, Сослан Хазбиевич, уыцы лæппумге фæкæс. Амы хосгæнджытæ йын куы ницы феххуыс уой, уымæй тæрсын. Æртьиккаг бон артау судзы. Мæн скъах- та мæлæты дзæмбытæй, йæхæдæг, мæгуыр, æрхауд. Дæ хорзæхæй,— ракуырдта Кравцов. — Бузныг,— арфæйы ныхас загъта лæппуйы фыд. Чумы чидæриддæр уыд, иууылдæр базмæлыдысты, бузныгхуызæй-иу сæ сæртæ, разы стæм, зæгъгæ, батылд- той. — Уыдон загътой: хуьщауæй рæвдыд баййафæд уы- рысс^аг шаман,— бамбарын нын кодта Васили. Æз æмæ Сказко фысымтимæ араст стæм рынчын сы- вæллоны бæрæггæнæг. Чумтæй иуы, гъæйтт-мардзæ^ 50
зæгъгæ, бубен хостæуыд, хъуысыдысты æнахуыр хъæр- тæ, иугæндзон æнкъард зарæджы зæлтæ, цæйдæр сыр- сыр æмæ сыбар-сыбур. Рынчыны фыд æрлæууыд, куыд- дæр фæдж-их, хъуыдытыл фæци. Цыма цæмæдæр æн- хъæлмæ каст, цьгма дзы мах дæр ма айрох стæм, афтæ зынд. Чум фегуыппæг, сыбыртт дæр нал хъуыст. Василий азымджынау махмæ разылд: — Æниу, уый шаман у. Лæппумæ хорз зилы. Йæ буа- рæй йын зинты суры. Чум уыд Василийæн йæхи цæрæнуат, шаман кæлæн- тæ ,кодта рынчын сывæллонæн. Хосгæнæг сæдых. Фырфæлладæй арсы цармыл хауæ- гау æр’кодта. Иæ мæллæг буар дон фестад. Зæронд афтæ тæнтъихæг уыд æмæ, æвæццæгæн, йæ буар тарбын куы нæ уыдаид, уæд йе стджытæ дæр зындаиккой. Азтæ æмæ йæ зын цæрдтытæ бадомдтой. Шаман йæ удæй арт фæ- цагъта, фæлæ сывæ’ллон уæддæр дзæгъæлтæ кодта, со- йын цырагъау тадис. Улæфты бæсты — æхситт, йæ рæ- сыд былтæ — фæзтытæ. Сæрæй къæхтæм пиллон уагъта. — Рæуджытæ,— дзуапп радтон Сказкойы æиæзагъд фарстæн. Шаман æрчъицыдта. Мæн хостимæ архайгæ куы фед- та, уæд фефхæрддзаст, тæргайхуызæй чумæй федде. Йæ фæдыл нпчи ракаст. Æз мæ æвæрæнтæй систон, кувæгау кæмæ кодтам, уыцы пенициллины фондзсæдæ мин кубы. Судзины рæхуыст лæппу ницæмæ æрдардта. Фыццагау тарфынæйау уыд. Саамтæ æнæдзургæйæ лæууыдысты мæ цуры. Кæд мæ хосыл уыйас не 'уУæнДыДысты> УæД~ дæр, æвæццæгæн, стыр диссагмæ æнхъæлмæ кастысты. Æнхъæлмæ кастыстæм мах дæр. Миты рагъыл-иу сыгъдæг уæлдæф сулæфыдыстæм æмæ та-иу фæстæмæ чуммæ бахызтыстæм. Ныддаргъ ныл сты минуттæ æмæ сахæттæ. Æппынфæстаг лæппуйæн фенцоздæр, æрсабыр, арфдæр улæфын байдыдта, йæ низдомд цæсгом фæрай- дзастдæр, йæ былтæ дæр ма асдæрдта. Низимæ хъæбыс- 51
хæстæй ныффæллад, йæ саф иуварс аппæрста æмæ афы- нæй. Æхсæв саамтæм фестæм. Райсомæй фысымты æххуы- сæй уайтагъд арæвдз стæм тæхынмæ. Кравцов ма æрчиу- æрчиу кодта, фæлæ йæхи сæрæнхуызæй æвдыста. Йæ льгмæн Пяйве-иу æм бахудт, ныхас-иу сын бацайдагъ, кæрæдзийæн цæмæйдæр зæрдæтæ æвæрдтой. Лæппуйы мад æмæ фыд нæ алыварс зилдух систой. Нæ разы нын авæрдтой хæрзаддæр, адджьшдæр хæринæгтæ. Хæрыны монц нæ алкæмæ дээр разынд, æмæ нæ рæдау саамтæ разыйæ баззадысты. Зæрдæбынæй нын фæндараст загътой. Фæлæ ма фæс- тагмæ Пяйвейы фыд уæддæр фыдæлты æгъдау бакодта. Нæ бон æй бауромын нæ баци, стæй нæм йæ хъус дæр не ’рдардта.ид. Нæ нæ бамбæрстаид, æмæ, чи зоны, æнæ- рхъуыдыйæ бафхæрдтаиккам æнаххос лæджы. Æрцахстой саг. Æмæ ма саг дæр саджы хуызæн куы уыдаид! Къабуз сыкъаджын, синæвæрд, фæтæнриу, рог æмæ йын хъæддых къæхтæ. Цæстыфæныкъуылдмæ саг М1итыл æрхауд. Йæ хурхыл ын цыргъ кард суагътой. Туг цыхцырæй ныллæууыд. Байдзаг дзы кодтой къус æмæ йæ мæнмæ æрбахастой. Æз дзы ацахуыстон æмæ йæ Сказкомæ авæрдтон, хæххон æгъдаумæ гæсгæ. Уый мæ- нæй арæхстджындæр разынд — лæппутæй йæ зæрдæмæ тынгдæр Ч’И фæцыд, уый къухы йæ фæсагъта. Æнахуырæй зын у аккаг аргъ окæнын саамты рагон æгъдауæн. Фысымтæ нæ æмбæрстой, сæ мидбылты-иу бахудтысты. Уалынмæ нын лæварæн рахастой фæйнæ цуанон карды. Хæстон лæгæн ма хуыздæр цы рардæуы- даид. Мах та нæ фысымты барæвдыдтам хъæбæр сæнæй. Хæдтæхджытæ сæхи бæрзонд систой. Цъæх арвы бын уыдыстæм æртæйæ: уырыссаг, украинаг, ирон. Алырæт- тæй æрæфтыдыстæм саамты бæстæм. Алы æвзæгтыл нын зарыдысты нæ мадæлтæ аадæны зарджытæ. Бынæй айтынг цæхæркалгæ митæмбæрзт саамаг зæхх. 5>
Афтæ нæм каст, цыма нæ алчадаф æнкъары, зæххыл цьг дыууæ М1ин саамаджы цæры, уыдоны иу тыхджын æмæ- зондджын зæрдæйы тæлфын. ХÆСТОН СОВЕТ Хуыцаубоны æвдæлон адæм сæхи кæртмæ райстой. Хъызт зымæг йæ кæно’н нæма уадзы. Цæсгæмттæ æлхыс- чъытæ кæны, тæдзынæг кæмдæриддæр ссары, уым ихæйг цурчытæ æмæ сартытæ аразынмæ фæвæййы. Фæрссæг- тæм дæр хорз базылд арæхстджын къухæй. Æвгтæ ны- вæфтыд кæттæгтæ фестадысты — кæм бæласы къалиу фендзынæ, кæм саджы сыкъаджын сæр, кæм цъиуты бал, кæм гæлæбуты базыртæ... Зымæг, уалдзæг, сæрд, фæз- зæг, сырдтæ æмæ цæрæгойтæ, зайæгойтæ æмæ хæдзары- дзаума — алы рæстæг, алцыдæр йæ фæд рудзгуытыл ныууагъта. Сæ аразæг та у иу хъæлдзæг нывгæнæг. Миты тъыфылтæ хæххон доны фынчыты фæзмынц. Миты хъæпæнтæ обауамадæй лæууынц кæрты астæу. Миты хъыррыст куы ссæуы, уæд алчидæр дзоныгъ æмæ æфсæн бырæнтæм сцыбæл вæййы. Хистæртæ фæкъордтæ сты кæрты, кæрæдзийæн арфæ- тæ кæнынц. Алырдыгæй хъуысы зæрдæбын ныхас. — Бæрæгбоны хорзæх дæ уæд! — Уæлахиз у! Хасан сæм байхъуыста æмæ бахудт: абон æфсадьг бæрæгбон куы у, хистæрты бæрæгбон! Будзи æмæ йæм Гæстæн сæхи хæстæгдæр байстой, сæ хъусты сын цыдæр- тæ адзырдта, йæхæдæг ракæионхуыз аци. — Кæрты лæппутæм фæсидæм. Абон сæ алчидæр равдисæд йæ лæджыхъæд. Æз уыдзынæн сырхыты къа- мандир. Будзи — мæ хæдивæг. Гæстæн та сгарæг ацæу- дзæн... Афтæ вæййы. Дæ ныхмæ чи лæууы, уый хъуамæ зонай. 5$
— Цы та атæвд дæ,—сбустæ кодта Хасаныл Будзи.— Лæппутæ куы æрбамбырд уой, уæд зæгъдзысты сæ фæн- дон, чи иæ цы уыдзæн, уый дæр базондзыстæм. «Будзи— мæ хæдивæг»,— афæзмыдта Хасаны.— Æмæ уæд цæ- мæн? Кæм нын фесгуыхтæ? Гæстæн ацæудзæн сгарæг! Ничи йæм кæсы? Нырма никуы ницы æмæ, дам, сгарæг фæраст у. Къамандир! Уром! — Мæнæн мæ фыд фронты къамандир уыд,—загъта Хасан.— Сталинграды йын Сырх Стъалыйы орден рад- той. Немыцаг танк басыгъта, цалдæр салдаты та уацары райста. Берлины дæр уыдис. Уым та йын майдан рад- той. — Мæ фыд къамандир нæ уыд,— загъта Будзи.— Сгарæг цыдис йе ’мбæлттимæ, йæхæдæг цалдæр «æвза- джы» æрбаласта, афицертæ дæр фæцис семæ. Дыууæ хатты йьгн радтой Намысы ордентæ. Иу — Мæздæджы, иннæ— Берлины. Хасан уыдæттæ нæ зыдта, фефсæрмы æмæ загъта: — Гъемæ хорз, сгарæг дæхæдæг уыдзынæ. Гæстæ- нæн æндæр хъуыддаг бакæндзыстæм йæ бар. — Тагъдæхсæг мæхи бар уадзут,— сразы Гæстæн.— Дада йæ цыппар азы фæхаста йе ккой, Грознайæ суаыг Кенигсбергмæ бахæццæ. — Тагъдæхсæг дæр нæ бахъæудзæн,— уæзбын ныхас кæны Хасан. Къамандирæн афтæ æмбæлы. Фæразын хъæуы. Йе ’мбæлттæ зындзырд сты. Гæстæн Будзийау кæд нæ фе- •мæхсид. Исты мын йæ фыд хорзæхтимæ куы нæ æрыз- дæхт хæсты быдырæй. — Æххæст ма мын уæд иукъорд æмбалы дæр ссар,— бахудт Гæстæн.— Мæ фыд тагъдæхсджытæн сæ хистæр уыд. Плиты Иссæйы къухæй райста йæ хæрзиуæг — Фы- дыбæсты Хæсты орден. Хасан сагъдауæй аззад. Уый æнхъæл та чи уыд? Ма- дзура слесыр, фæлладхуыз сæвджын лæг афтæ фесгуы- хæд, æмæ уый абоны онг ма зон. Худинаг æмæ кæуинаг!- '54
Гæстæнæн æмбæлттæ агурын бахъæудзæн. Фæлæ кæм: сты, кæм? Сæ фынтæ абонмæ æрхастой? Куы никæцæй зыньшц Таймураз, Хату, Лало. Дзиу æмæ Зарбег дæр бамбæхстысты. Куы нæ фæхъæуынщ, уæд уайтагъд фæ- зынынц. Бæстæ сæ сæрыл сисынц. — Салют, комарада,—сæ дуарæй ракаст Таймураз.— Но пасаран! Иæ фыдыфыд Хаджумар Иопанийы хæцыд, æмæ йьш уыцы ныхæстæ уæлдай адджын сты. Саламы бæсты са~ лют фæзæгъы, уæлахизы бæсты — но пасаран. Алкæйы фыдыфыд Таймуразы дадаимæ нæ ахæцдзæн, хæлæггæн- джытæ азæй-азмæ фылдæр кæныиц, æмæ уымæй бузныг у Таймураз. Уый дæр та къамандиры бынат ма бацагу- рæд. Хасан ахъуыды кодта: цы йын бабарчындæуа? А- гъа,— тæлмацгæнæг! Уацайрæгты фæрсын нæ хъæудзæн? Гъемæ, табуафси. — Салют, комарада. Но пасаран! — радзырдта Ха- сан испайнаг ныхæстæ.— Таймуразæн стыр хæс кæнæм йæ бар. Тæлмацгæнæг! — Бузныг. Фæлтау мæ хæринаггæнæгæй уадзут. — Уый та куыд? — фæдис кодта Хасан, иннæтæ дæр^ Таймуразмæ дисхуызæй бакастысты. — Салдат æнæ къæбæрæй афтид голлагæй уæлдай нæу, хъил нæ лæууы. Цæуыл суртæ кæнут? Мæ фыдцып- пар азы фæкодта уыцы куыст. Хæсты размæ дæр дзул- гæнæг уыд. Ныр та фабрикæйы директор у. Диссæгтæ мын фæдзуры. Иухатт Хъырымы не ’фсæдтæ зын уавæ- ры бахаудысты. Немыц сыл æрхъула сты. Иуырдæм дæр> фезмæлæн нал уыд. Нæ—размæ, нæ — фæстæмæ. Мæ- лæт кæнæ уæлахиз. Чи фылдæр бафæраза, уый лæгдæр. Бон, дыууæ боны ахаста хæст... Салдæттæ æххормаг, гилдзхъуаг. Дада хæринаг сфыцы æмæ иннæты амæттаг фæвæййы — сæ бон пæ уыд немыцы цæг атонын. Æмæ уæд загъта: абон иу хъуыддагæн æнæбафæлваргæ нæй, сыдæй амæлдзысты не ’мбæлттæ. Æнæхъæн сахат фæ- рабыр-бабыр кодта нæхи акъоппытæ æмæ немыцы акъоп- 55>
пыты æхсæн. Кæм-иу сæ уæлхъус фæбадт, кæм-иу сæ •блиндажмæ ныххызт. Кæм-иу иокæй хурх кæнын ба- хъуыд, кæм-иу йæхи мардæй равдыста. Ссардта йе ^мбæлтты, бафсæста сæ. Æхсæвы ма сæм цалдæр хатты -фæзынд. Къамандир базыдта дадайы балцы хабар. Æм- бæлттæ ма йын радта. Хæцæнгарз фæластой былгæрон хъахъхъæнджытæн. Сæ тыхы куы бацыдысты, уæд æх- сæвыгон немыцы сæ хъæлæсы ахастой. Дадайæн йæ зæнг фæцæф, къуылых дæр уымæн цæуы. Сырх Тыры- сайы орден Хъырымы хæсты райста. Хасан хъуыдытыл фæци: «Къамандир лæгдæр у æви салдат? Цы чындæуа?» — Уадзут мæ хæринаггæнæгæй,—-йæ хъустыл та ауад Таймуразы ныхас. — Мæн та санитарæй,— загъта Хату. — Уый чызджытæй искæй бар бакæндзыстæм,— не •оразы йемæ Хасан. — Чызджытæн сæ бар сæхи, æз папæйы куыст уар- зын. Рынчынæй мæгуырдæр нæй. Æмæ йын дохтыр си- сы йæ рис. Ныфс дзы уый бауадзы. — Æмæ санитары куыст куы агуырдтай? — бахудт Хасан æмæ та фæрæдыд. — Папæ санитар уыд, фондзыссæдз цæф салдаты ра- хаста хæсты быдырæй. Сæ фылдæр фервæзтысты, æмæ дзы бузныг сты. — Ам цæры Цæргæсты Тотыр? — афарста лæппуты постхæосæг. — Ам цæрæм, ам. Уый мæ фыд у,— загъта Хату. — Дæ цæрæнбон бирæ. Мæ хызын дзæвгар фæрогдæр уыдзæн,— постхæссæг лæппумæ радта æнæхъæн тыхтон. Лæппутæ къонвертыл бакастысты адрис æмæ дыууæ пыхасы: Цæргæсты профессормæ. — Кæм сты иннæтæ? — батыхст Хасан. I — Кæй кой кæнай — къæсæрмæ! — загъта Таймураз. — Зонæм, фехъуыстам хабæрттæ. Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт! Хæстон Совет æхсæвæй-бонæй кусы, лæг- 56
æвзарынæй фæлмæцы, лæгæн лæджы бынат агуры. Сгар- джыты куыст нывыл æвэзрд у — алы хæдзары дæр тили- фон илæлæй кæны, сиды, домы...— Зарбег хъуыддаджы рæвдзыл архайы.—Фæдисонæн — æмбæлæггаг, хабар- хæссæгæн—уæздан ныхас, сгарæгæн—хæрзиуæг. Фынæ- йæгуырдтæн хай нæ бакодтат? — Зарбег, уайдзæфы аккаг дæ, фæлæ дæм цыма цы- дæр хорз уынаффæтæ ис, афтæ нæм кæсы. Æмæ уал дæм^ байхъусæм. Уыйфæстæ трибуналмæ— дæ фæндаг. — Мæ сæр уæ амæттаг. Хæст хæст у. Салдат æнæ- сгуыхтæй ’нæ фидауы. Æмæ уæм, гормæттæ, нарты Ацæ- мæзы кой куыд нæ рауад? Зарæггæнæджы рохуаты куы ныууагьтат. Иннæ ахæм... Уæ хорз хабæрттæ уын чи фысдзæн? — Хæсты къулы газеттæ нæ уагътой,— барджын ны- хас загъта Хасан. — Кæм уагътой, кæм та нæ уагътой. Нæ цахъхъæн Валери Волков Севастополы къухæйфыст газет уагъта,. æмæ абон дæр йæ ном нæ ферох. Хорз хабар агурæг хæд- тæхджыты дæр тахтысты, дæлдонцæуæг науты дæр фæ- рæзтой, партизантæм дæр арæх æфтыдысты. — Фехъуыстам æй, Зарбег. Дæ фыдыфсымæр Ладе- мыр нал раздæхт хæсты быдырæй. Газетты арæх вæййы йæ кой. — Мæ фыдыфсымæр Киевы бабын. Æрæджы йыы ба- зыдтам йæ хабæрттæ,— æнкъардæй загъта Зарбег.— Старосельейы хъæуы цæрджытæ йын æрбарвыстой йæ- ингæны къам. Хæсты быдыры йæ баныгæдтой йæ тохы æмбæлттæ. Æндæр ничи ницы зоны... Æз уацхæссæг уы- дзынæн. Кæрт чызджытæ æмæ лæппутæй байдзаг. Куы фæса- быр вæййынц, куы сæ хъæлæба райхъуысы. Куы бафи- дауынц, куы æддæг-мидæг ауайынц, кæрæдзийæн бар- нал фæдæттынц. Хистæртæ сыл сæ цæст æрæвæрдтой. Сабитæ, саби- тæ... Фыдбылызæй хызт уæнт, сæ хистæртæй амондджын- 57
дæр разынæнт, хъазæнт, хæст æрмæст сæ хъæзтыты куыд уа, се ’ппæты дээр уьщы стыр фарн уæд. Фæкъордтæ та сты сывæллæттæ. Карз тохы бацыдыс- ты. Цæвæг марæджы нал æмбары. Кæм хъæбысхæсты -бацæуынц, кæм сæ хотыхтыл баууæндынц. Кæрты æвæд мит сызмæстой. Къахвæд къахвæды нал ахсы. Хъæпæн- тæ аивтой сæ бынæттæ. Ихцурчытæ æрдæгсæстытæй æр- зæбултæ -сты тарвæзтæй, рудзгуыты тигътæй. Дзолгъо-молтъо не ’нцайы. Схъарм сты сывæллæттæ сæ тæлфын æмæ загъд-заманайæ. Сырхварс фæткъуы- тау — сæ цæсгæмттæ, хæстон лæгтау — ифтыгъд. Суанг ма сæ æгънæджытæ дæр суагътой. Мадæлтæ удаист фæуаиккой сæ хъæбулты уындæй. Хорз, æмæ хæдзары зилæнтыл фесты—баэрæгбон хъæз- дыг фынгæй фидауы. Фыдæлтæн та сабиты хъæзтытæ уд- æнцой радтой. Дардæй сæм кæсынц, хъæлдзæг ныхас кæнынц. — Хасан, хæстæгдæр-ма рацу,— фæсидт «тохгæнæг» сабиты хистæрмæ зæронд кусæг Дадо.— Хæстон Совет хъуамæ.макуы рæдийа. — Æнæмæнг афтæ! — Уæдæ цæмæн кæуы Заретæ? — Чызг у æмæ ■кæуы. — Æдылы къоппа... — Иæ фыд амард. Йæ мад та хæсты рæстæг хуийæн •фабричы ’куыста. — Фыд рухсаг уæд, йæ мад та æхсæвæй-бонæй цинел- тæ хуыдта. Стæй йæ туг лæвæрдта. — Туг... — 0, цæф салдæттæн йæ туг лæвæрдта. Æххормаг сабиты мад æххормаг кусæг салдæтты ирвæзын кодта. Хасаны скæуынмæ бирæ нал бахъуыд, фæлæ йæхи- у|ыл фæхæцыд. Къамандирæн кæуындзæг нæ вæййы. Ба- цыд Заретæмæ. Йæ цæссыгтæ йын ныссæрфта, йæ къу- хыл ын ахæцыд æмæ йе ’мбæлттæм араст. Сабиты змæлд фæсабыр. Цымыдисæй æнхъæлмæ кас- 58
тысты. Ничи ницы дзырдта. Хасан æмæ Заретæ æнæ- дзургæйæ æнцад лæууыдысты сæ цуры. — Хæстон Совет рæдыд æруагъта,— æрæджиау загъ- та Хасан.— Ныр нæ никуал ферох уыдзæн Заретæ. Нæ фыдæлтæ сæ туг калдтой. Заретæйы мад та сын йæхи туг лæвæрдта. Иннæ хатт Заретæ уыдзæн къамандир. ЗÆРОНД ПАРТИЗАНЫ БÆРÆГБОН Мураты арвыстой дзул æлхæнынмæ. Дардмæ цæуын æй нæ хъуыд. Тигъыл фæзил, сывæллæтты цæхæрадон æмæ хуийджыты скъолайыл ахиз. Стæй ма ноджыдæр иу скъола дæ фæстæ фæуадз. Уым нырма ахуыр дэзр ничн <кæны. Ног у, кæд ын зæронд агъуыст радтой, уæддæр. Рагон рæсугъд бæстыхай йæм æрхауд. Раст йе ’мкъулта дын — дукани. Дзул дæ хъæуа, кърендели — табуафси. Дисы бафтыд Мурат. Ахуыры аз нæма райдыдта, нырма йæм æнæхъæн къуыри ис, ацы скъолайы цур та къордтæй лæууынц лæппутæ æмæ чызджытæ. Чи йæ фы- димæ, чи йæ мады къухыл хæцы. Æнхъæлмæ кæсынц. Сæ дæлæрмтты ца’вæрдæр тыхтæттæ. Уалынмæ дуар байгом. Чызгæй, лæппуйæ мидæмæ бакалдысты. Уынджы ма аззадысты сæ ныййарджытæ. — Ды та ма цæмæн ныффæстиат дæ? Ахиз мидæ- мæ! — загъта Муратæн æнæзонгæ сылгоимаг. Мурат дызаэрдыггæнгæ къæсæрыл бахызт. Уайтагъд балæууыд стыр рухс уаты. Стъолты уæлхъус бадтысты скъоладзаутæ, ал’кæй раз дæр сыгъдæг гæххæтты сыф, доны удайгæ ахорæнтæ, кисттæ, нывкæныны урокмæ кæй фæхæссы, ахæмтæ. — Сæрд фæуыныл у,— дзырдта æрдæбоны сылгой- маг.—Сымахæй бирæтæ йæ фæллад уагъта пионертыла- герты. Абалц кодтаиккат хæхтæм, хъæдмæ, донгæрæттæм. 59'
Чи зоны æмæ уæ исчи федта хурыскаст, уыгæрдæнтæ кæ- иæ цæхэзрадæттæ дидинæг куыд æфтауынц, уый. Азыл- даиккат æфсир æфтауæг мæнæуы хуымты, неситæ æмæ харбызтæ бонæй-бонмæ куыд дымсынц, уый фенæн дæр уыдис нæ быдырты... Сæрд-сæрдыдæргъы бирæ диссæг- тæ федтаиккат,— чызджытæ æмæ йæм лæппутæ лæмбы- нæг хъуыстой, ахуыргæнæг сыл йæ цæстæнгас ахаста æмæ бафарста: —Тынгдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыд? Бы- дыр. Дидинæг. Йæ алыварс зилынц мыдыбындзытæ æмæ гæлæбутæ... Кæнæ та хъæд, йе цæхæрадон, хосгæрст. Хи- зы фосы дзуг... Иудзырдæй, кæй цы фæнды, уый сныв кæнæд. Ахъуыдытæ кæнут, азилут уæ сæрды хæтæнты, .æрымысут уæ балцытæ. Ахуыргæнæг партæтыл зилгæ араст. Кæмæн йæ гæх- хæтт алæгъзытæ кæны, кæмæн йæ дон аивы, кæмæн ис- ты ацамоны. Мурат аивæй йæ цæст дары йæ сыхæгтæм. Æнхъæл- дæн æмæ бæллæхы бахауд. Дзул æлхæнынмæ бæргæ цыд, фæлæ окуыси... Цы бамбаринаг уыд, ацы окъолайы нывтæ кæныныл хъарынц сæхи лæппутæ æмæ чызджы- тæ. Исты амалæй куы феддæдуар уаид, фæлæ куыд? Æмæ æниу кæдæм тагъд кæны? Бад æмæ дæ зæрдæйы дзæбæхæн исты нывтæ араз, дæхи ирхæфс. О, фæлæ йæм куы ницы ис: нæдæр ахорæн, нæдээр гæххæтт. Уый зон- тæйæ, сæхицæй рахастаид алцыдæр. — Куы та ныффæстиат дæ! — уайдзæфгæнæгау загъ- та ахуыргæнæг.— Дæ ном та куыд у? — Мурат. — Мурат, Мурат, ды рæвдзæй рараст дæ æви уæхи- мæ ферох сты дæ ахорæнтæ? Фæндагыл дын ма аха- уæнт? Мурат ницы дзырдта. Æнхъæлмæ каст, уæдæ дард- дæр цы уыдзæн, зæгъгæ. Æмæ раст бакодта. Ахуыргæ- нæг ын авæрдта гæххæтт, ахорæнтæ, суанг ма кист, дон æмæ хæцъилы гæбаз дæр. Резинæ æмæ кърандас дæр нæ бавгъау кодта. Мурат бахъæлдзæг — ныр сæ уый бар •60
бауадзут, кæй ныв хуыздæр рауайдзæн, уый фендзыс- тæм. Хъуыдытыл фæци, мысинæгтыл бафтыд, сагъæсхуы- зæй иу къуыммæ нымдзаст. Сæрды дыууæ мæйы фæцард хæхты йæ фыдыфыдмæ. Дада йын^ рагæй фæдзæхста, æмæ куыддæр .каникултæ райдыдтой, афтæ балцы араст. Æмæ уыцы диссæгтæ дзырд чи фæуыдзæн?.. Фæндаг згъоры хъæдбынты, сыфтæрджын къутæрты æхсæн. Иу ран цæхгæр фæзилы, арф сатæг комы фæми- дæг вæййы. Комы бын дурты цæндтыл йæ пырх калы хæххон дон. Фæйнæрдæм уазал пырхæнтæ хæссы — цъи- тийы бын нæ райгуырд, миййаг. Æвиппайды комы на- рæг фæйнæрдæм айвæзтæуыд, фæндаг йæхи айтыгъта уæрæх дæлвæзы. Дард кæмдæр цъæх дарынц къуыбыр- тæ æмæ къохтæ, зынын байдыдтой рагон мæсгуытææмæ цыртытæ. Ноджы дарддæр апырх сты къаннæг хъæутæ, фысты дзугтæ, хъомты рæгъæуттæ. Бæрзонд фæцыдыс- ты æнусон хæхтæ. Сæ фæхстæ сау хъæдæй æмæхгæд. Сæ цъуппытыл миты хъæпæнтæ амад. Рæсуг суадæтты цур къæдзæхы æнцой æрæнцад да- дайы хъæу. Хъæуæн йæхи дæр афтæ хонынц — Рæсуг суадæттæ. Фыдыфыд Иласы ам чи нæ зоны, ахæм нæй. Уымæн æмæ хæларзæрдæ, тыхджын æмæ хъæбатыр у. Ацы аз ыл сæххæст дæс æмæ цыппарыссæдз азы. Кæй нæ уырны, уый ма сæхимæ бауайæд, йæхи цæстæй фе- нæд дадайы, хабæрттæй дæр æй афæрсæд. Дада горæты уазæгуаты сæмбæлд. Нæхионтыл, дам, азилон. Æмæ сыл кæд фæуыдзæн зылд? Горæты цæрджытæн, æвæццæгæн, се ’мбис йæ къабæзтæ, йæ тугхæстæг сты. Уæдæ йын хæ- лæрттæ æмæ зонгæтæ дæр къаддæр нæй. Балцмæ йæ хъус адардта, уæд бацагуры йæ хæрзиуджытæ. Хохы мы- дыбындзыты чыргъæдтæ дары. Райсомæй раджы фесты æмæ изæрдалынгтæм йæ бындзытимæ фæархайы. Дис- саг нæу, никуыма йæ ныццавтой. Муратмæ дæр, æвæц- цæгæн, уый хатырæй не ’внæлдтой. Мысы Мурат йæ хабæрттæ, цæстытыл ауайынц, хæх- 61
бæсты цытæ федта, уыдон. Дадайæ цы фехъуыста, уый дæр нæ рох кæны. Фæлæ сæ куыд равдиса? Иæ разы сыгъдæг гæххæтты сыф. Нæма йæм бавнæлдта, йæ са- гъæсты фæстæ фæраст уыгæрдæнтæм, дæттæм, мæсгуы- тæм. Ахуыргæнæг ын йæ уæхокыл æруагъта йæ фæлмæн къух, æмæ фестъæлфыд, фæцырддзаст. Азмæста ахорæн- тæ, гæххæтт дзæбæхдээр равæрдта. Хорз, тынг хорз. Ныр зоны, цы сныв жæнын хъæуы, уый. Знон изæр дæр æмæ абон райсом дæр Мурат йæ ма- ды баййардта, дадайæн йæ гуырæнбон цы балæвар кæ- нон, зæгъгæ. Цæвиттон, зæрондæн йæхицæй ферох йæ бæрæгбон, фæлæ йæ бинонтæ сбуц кæнинаг сты. Алчи- дæр аивæй лæвæрттыл зилы. Иунæг Мурат нырма ни- цæмæ сарæхст, нæма зоны, йæ дадайы зæрдæ цæмæй балхæна, уый. Фæлæ ма-иу ныр фæкæсæнт. Лæвар агу- рын æй нал бахъæудзæн. Хохрæбын ис дадайы хъæу. Тæлфаг доны был цал- дæр хæдзары. Дардмæ хæдзæрттæ цъиуты ахстæттау зыньшц, æрмæст сæ рудзгуыты æвгтæ хурмæ цæхæртæ акалынц, стæй ма се ’мбæрзæн дурты пиллон арвмæ сир- вæзы. Дон къæдзæхрæбын хæры, уæгъдæппæрст рæхы- сау ферттивы æмæ амбæхсы айнæджы скъуыдты, стæй та искуы дæлдæр æвзист цæппузыртæ згъалын байда- йы — дуртыл йæхи окъуыры æмæ базгъæлæнтæ вæййы. Хъæуыл алырдыгæй æртымбыл сты къуыпрагъ хæх- тæ. Сæ тигътыл митын худтæ, сæ гом риутыл, сæ бæгъ- нæг фæхстыл тæхынц цæргæсты аууæттæ. Чысыл ныл- лæгдæр та цыма цъæх арт уадзынц, чи фæбур, уыцы хъæды къохтæ. Стæй уæлхох быдыртæй дымгæ фæйнæ- рдæм хæссы дидинæджы адджын тæф. Дада чыргъæдтæ ахаста доны рахиз фарсмæ. Уым æнцойдæр у, уырдæм арæх ие ’фты æгæнон дымгæ. Уый дын йæ чыргъæдтæ. Уый та йæ мусонг. Тæккæ рахизæ- ны фæйнæгхуыд бандон фæллад уадзынæн. Тæхынц мы- дыбындзытæ. Пæррæстытыл сбæндæн сты гæлæбутæ. 62
Арвы астæу та — хуры зынгцæст, йæ хъармæй тавы дæлвæз, хæхтæ, зæхх æмæ арвы, цæргæс æмæ æвсургъы, адæймаг æмæ кæрдæджы халы... Дадайы ныхæстæ ам ничи фехъуыста, æмæ сæ уадз аемæ зоной, ныв ш фена, уыдон. — Иæхи хуызæн у хъæу? — хъуыдытыл фæци Му- рат.— Дада базондзæн йæ хъæу, йæ чыргъæдты? Хъуа- мæ... Æхсызгон ын уыдзæн. Æм<æ дада йæхæдæг та? — фæджих Мурат, акаст йæ алывæрстæм, фырдисæй ма йæ дзых дæр бахæлиу: къласы ничиуал уыд, чызгæй, лæп- пуйæ сæ куыст фесты æмæ адымдтой сæ хæдзæрттæм. Иунæг уый ма бады. Рагæй бады, афтæмæй та хъуыдда- гæн йæ сæйрагмæ нæма баввахс, рæстæг ын не сфаг.— Цæйдæр æнамонд дæн! Æппындæр мæ къухы ницы æф- ты. Уый та дын лæвар дадайы гуырæнбонмæ... — Куыд сты нæ хабæрттæ, Мурат? — афарста йæ ахуыргæнæг æмæ йæм хæстæгдæр бацыд; лæппу цæуыл- дæр тыхст, уый бæрæг уыд.— Æмæ цы кæны? Хорз у, тынг хорз, Мурат. Уæдæ хохы уыдтæ, зæгъыс, асæр- ДЫ? — О. Дада мæ сæхимæ аласта. — Тæхудиаг нæ дæ,— бахудт ахуыргæнæг, нывмæ лыстæг 1кæстытыл схæцыд. — Дадайæн йæхи не скодтон, нæма фæдæн... — Æндæр хатт æй фæуыдзынæ. — Дадайæн абон йæ гуырæнбон у. — Æмæ дæ зæрды лæвар ракæнын ис, æвæццæгæн. Афтæ нæу? — Тынг мæ фæнды. — Кус уæдæ, Мурат,— загъта ахуыргæнæг æмæ йæ- хи лæппуйы фарсмæ æруагъта. ...Дада арæх фæбады мусонгæй рахизæны фæйнæгыл, кæнæ тъæпæн дурыл. Баддзæн, кардæй истытæ амай- дзæн — лæдзæгыл рæсугъд нывæфтыд фæзыны, хиконд цуанон кардæн — кæрддзæм йе та уадындз. Уæдæ йын йæ хабæрттæм хъусынæй дæр нæ бафсæддзыпæ. Æмæ 63
цы нæ зоны, цы нæ федта, цы нæ бавзæрста? Рагон за- мантæ, хæсты бæллæхтæ... — Дада йæ фæллад уадзы, нæ? — бафарста ахуыр- гæнæг. — О. Йæ мусонджы цур. Уый та йæ орден. Дада пар- тизан уыд. Суаргомы тыххæй йын хæрзиуæг радтой. — Суаргом, зæгъыс? — Уæдæ! — загъта Мурат, ахуыргæнæджы цымыди- сæй фæразæнгард.— Дада отряды хистæр уыд. Парти- зантæ знаджы хæхтæм нæ бауагътой. Иухатт æхсæвы- гон... — Дæ дадайы ном мын куы зæгъис,— ракуырдта ахуыргæнæг. — Илас,— загъта Мурат æнкъардæй, Суаргомы дис- сæгтæ, йæ дадайы сгуыхтытæ радзурын æй нæ бауагъ- той, фæкъуыхцы, æмæ йын уый фæхъыг.— Нæ дæ уыр- ны? Дада нæхимæ ис, уазæгуаты. — Сызгъæрин фест, Мурат. Дадайæн дæ лæвар йæ зæрдæмæ фæцæудзæн. Цом уæдæ, дадаимæ м-æн дæр базонгæ кæн,— ахуыргæнæг цæмæндæр схъæлдзæг æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта.— Нæхи дадайы фенæм, Суар- гомы хистæры! Мурат атындзыдта ахуыргæнæджы фæдыл. Ныв дæр йемæ айста. Фæндагыл æй ахуыргæнæг фæфарста дада- йæ: куыд у? Горæты æнкъард нæ кæны? Фылдæр кæй уарзы — Мураты æви уый кæстæр хойы? Тигъыл бал- хæдтой дидинджыты цупал, дзулуæйгæнæн та ферох Му- ратæй, афтæ тагъд фæраст сты дарддæр. ...Рæстæг куьгд тæхы! Цымæ цал азы аивгъуыдта уæ- дæй нырмæ?—Мураты хъуыддагхуыз цæсгомæй йæ цæст нæ иста, афтæмæй нывæста йæ хъуыдытæ ахуыргæ- нæг.— Мæныл дæр, æвæццæгæн, фылдæр нæ -цыд цып- пор дыккæгæм азы... Мураты карæн уыдаин. Зæрдæнык- кæрзы йæ койæ дæр. Фыдаз... Немыц лидзынмæ фесты, арт æндзæрстой хæдзæрттыл. Хъæу сыгъди, нæ алы- 64
варс — гыбар-гыбур, гæрæхтæ æмæ цъæхахст. Адæм сæ сæр-сæ фат пал æмбæрстой. Сабитæ та... Уьгцы æнæхайыр æхсæв бирæ сывæллæттæ бабын. Йæхæдæг амоидджын разынд. Æрчъицыдта хъæды, уы- мæл, талынг зæхбын уæрмы. Цы йыл æрбамбæлд, куыд фæзынд ацы мадзура, мæстджын адæмы æхсæн,— чызг ницыуал хъуыды кодта, ферох дзы æппæтдæр. Урсзачъе зæронд лæг ын хъарм æхсыр бадардта, йæ дæрзæг арм- иу ын йæ дзыккутæ, йæ сæрыл хъавгæ æрхаста. Æмæ æвиппайды афынæй... Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ, бирæ дон фæкалд знæт Терчы. Адæймаг цы нæ бавзæрстаид, фæлæ нæ рох кæны уыцы дæрзæг арм, фыдæбон æмæ хæцæнгарзæй чн ныхъхъæбæр, уыцы къухты хъарм нæ сысы. Уыдон æй систой артдзæстæй, æхсырæй йæ бафсæстой, æмæ уæлæ- уыл баззад... Кæрты уазæгæй къух бакæнæн нæй. Фынджы хистæ- рæн бады дада йæхæдæг. Цардæфсис — йæ бакаст, хъæл- дзæг — йæ ныхас, итувæрд — йæ дарæс. Сидт сидты æй- йафы. Уарзы зæронд лæг, хорзы кой ракæнын аккаг чи у, уыдои цæрæнбоны тыххæй басидын. — Гъеныр стырæй-чысылæй фыдыуæзæг ссардтам,— худы Илас æмæ йæ цæст æрæвæрдта уазæгыл.— Мурат, уазæгæн æгасцуай зæгъ. Уый та дын циу? О, о! Бузныг, мæхæдæг куы дæн! —ныххудт йæ хъæлæсы дзаг Илас.— Уыдон та уын мæ бындзытæ! Цæр æмæ цæр, Мурат!— йæ хъæбысы æрбакодта лæппуйы,— æфсæрмы ма кæн,— йæ фарсмæ æрбадын кодта æнæзонгæ хæрзуынд сылгой- маджы.—Иу бинонтæ стæм. Иу, иу, мæ къоиа! Сылгоймагæй иу ныхас не схауд, фырæфсæрмæй æви фырзæрдæвæйлыдæй бандзыг. Каст æмæ каст зæронд- мæ, цæст нал иста Иласы ирд цæсгомæй, йæ æнæнцой куыстдомд къухтæй. — Дада,— сдзырдта уазæг сылгоймаг æнахуыр хъæ- лæсæй. Зæронд лæг азылд йæ сыхагмæ, бирæ фæкаст сыл- 5 Тымбыл æрдузы 65
гоймаджы фæлурс цæсгоммæ; цыма цыдæр æрымысинаг уыд, цыма раджы кæддæр хорз, иттæг хорз кæй зыдта, фæлæ ныр азты бын чи фæтар, ахæм исты æрлæууыд йæ зæрдыл. Дисхуызæй йе ’ргом аздæхта бадты адæммæ, стæй та æдзынæг ныккаст æнæзонгæ уазæгмæ. Æрæджи- ау зæронд лæг базыдта сылгоймаджы. ...Раджы кæддæр партизантæ Суаргомы мæлæтæй байстой гыццыл сидзæр чызджы, барæвдыдтой йæ, йæ рыстытæ йын сæхимæ айстой, стыр царды тымыгъмæ йын фæндараст загътой уыцы уæззау цыппор дыккæгæм азы... Зæронд нæ баурæдта йæ цæссыгтæ,— зачъетыл сæ фæд ныууагътой. — Æгайтма фæзындтæ, Мæди. Ныр нын тыхгæнæг тых нал ссардзæн. Фехъуыстат, хорз адæм? Дæ уадындз райс, Мурат! Бæрæгбон у абон,— йæхимæ æрбалвæста Илас лæппуйы, иннæ къухæй та Мæдийы æрбахъæбыс кодта. ХЪÆБЫСХÆСТ I Бинонтæ æхсæвæр бахордтой æмæ сæхи иугай теле- визормæ байстой — абон сын хъæлдзæг кинонывæй зæр- дæ бавæрдтой. Æрмæст сæ кæстæр Алан йæ тæлфынæй нæма банцад. Йæ рафт-^бафтмæ йын сæ хъус нæ дард- той, æмæ уæд йæхæдæг æнувыдæй загъта: — Мах дæр кино исынмæ цæуæм. Чи алыг, цыма ахæм хъуыддагыл дзырдта. Мады цæ- стытæ сасиртæ фестадысты. Аланы хистæр æфсымæр Ким ныппыррыкк кодта: «Ныр та артист басгуыхт нæ лæг!» Фыд ног хабары худæгæй дæр, фауинагæй дæр ницы ссардта. 66
— Æргомныхас нæ дæ, мæ лымæн. Кæд сусæггаг нæу, уæд æй махæн дæр зæгъ. — Сусæг нæу, дада, алчидæр æй зоны,— Алан ба- каст Киммæ.— Скъоламæ студийæ æрбацыдысты, æмæ баныхас кодтам. — Цæй тагъд уыди?—бахудт фыд.—Дзур, дзур, дæу- мæ хъусæм. — Студийæ нæм æрбацыд... сæ тæккæ дæсныдæр амонæг. Иууылдæр æй Созыр Габеевич хуыдтой. Урок- ты фæбадт, хъазæн фæзы фæзылд, стæй нæ музеймæ ахуыдта. Æмæ бахæлар стæм. — Фæлвых ахуырдзау æмæ зындгонд режиссер — хæлæрттæ.— Ким фыд æмæ мадæй йæхицæн цæдпсæм- бæлттæ ацарæзта. — Чысыл фæлæуу, дæ хорзæхæй,— фæурæдта йæ мад.— Дарддæр та, Алан, дарддæр цы уыд? — Æз ын алцыдæр радзырдтон. Уый дæр мын алцы- дæр загъта. — Æцæг артист нæу?—не ’рсабыр Ким.— Æмæ ма- иу ын бамбарæн дæр куы уаид. — Бам’бардзынæ... Дæ кой дæр ын ракодтоп. Физи- кæйæ дыууæ кæй райстай... Стæй ма..'. Иубон футболæй æвзæр хъазыдтæ, æмæ Дын порти дæ кулдуарыл фæцæй- къуырдтой. Стæй ма... Чиныг кæмæн радтай, уыцы чыз- джы тыххæй... Хæдæгай, никуыуал æй федтай? Сæлдæ- гæй мын зæрдæ бавæрдта. — Фехъуыстат? — фæсырх Ким. Фæгæпп ласта, тæр- гайхуызæй феддæдуар. Мад æмæ фыд кæрæдзимæ бакастысты æмæ та Алан- мæ байхъуыстой. — Созыр Габеевич киио хохы исдзæн. Уым хæцыды- сты нæ партизантæ немыцы ныхмæ. — О, о, кæддæр Таргомы карз хæстытæ цыдис. Иæ партизантæ тынг фесгуыхтысты. — Сывæллæттæ дæр сын æххуыс кодтой. Æ/цæг, æцæг, пионеры дзырд дын дæттыи. 67
— Æрыгон партизанты кой мæи хъустыл дæр æр- цыд. Фæлæ дзы цыма дæ цахъхъæнтæ нæ уыд. Нæ уы- даид... — Уый та куыд нæ уыдаид, дада? — фæтæргай Алан, йе ’мгæртты сæрыл (рахæцыд.— Созыр Габеевич æй нæ зоны? — Хорз, Алан, хорз, æз разы дæн демæ. Нана дæр уæлдай ницы зæгъдзæн. ч — Æрæджиауы хорзæх уæ уæд. Æгайтма мæн дæр нæ ферох кодтат,— худæнбылæй сдзырдта Аланы мад. Æрдæбонсарæй нæлгоймæгтæм цымыдисæй фæхъуыс- та. Цы сæ загъдæуа, стырæй-чысылæй иу джиппыуагъд €ты—(сæхи хъазæн ныхæстæй ирхæфсынц. Фæлæ Аланмæ хъазынвæнд нæ уыд. Уый бинонтæ базыдтой фæстæдæр, сыфтэфы мæйы кæрон. Майы фæстаг бонтæй иуы сæ уæлкъæсæр фæзьшд Со- зыр Габеевич. Киноты студийы тæккæ дæсныдæр амонæг. Алан фырцинæй скафыд. Айразмæ лæппуйæ гæдыныхас не схауд. Æцæгдæр хъаздзæн кинойы. Цæмæй бшюнтæ ма тыхсой, уый тыххæй Созыр Габеевичæй иу къахдзæф никæдæм акæндзæн, стæй-иу æй уый йæхæдæг алы нзæр дæр сæхимæ хæдтулгæйы æрбаласдзæн. II Бæлццæттæ комы фæцыдысты сахаты бæрц. Раджы- гомау фестадысты, цæмæй сын ныв исынмæ фылдæр рæ- •стæг уа. Семæ дуне дзаума айстой — алыхуызон уæлæ- дарæс æмæ хæцæнгæрзтæ. Сыхаг хъæутæй æрбаокъæрд- той саргъæвæрд бæхтæ, уæгъдидои хайуанты рæгъау, фысты дзуг. Фæзы зæропд лæгтæ æмæ устытæй фезмæлæн иал уыд. Цыдæр бызгъуыртæ сыл скодтой — æмпъузæн æм- пъузæныл хуыд. Ахæм кæрцытæ, кæлмæрзæнтæ ^æмæ дзабыртæ Алан ыикуыма федта. Дисы йæ æфтыдтой сса- 68
ды барчъитæ æмæ къухæй зилгæ нартхорыссæн куырæйт- тæ дæр. Афтæ цардысты хъæубæстæ, фашисттæ Ирыстонмæ куы ’рбалæбурдтой, уæд. Мæй æмæ сæ æрдæгмæ сæфт- мæ æртардтой, картофы мур, цæкуы æмæ дзæрнайæ ир- вæзтысты, дзуллаг тæппытæй барстой. Уæддæр æфсон- "дзы бынæй не скастысты се ’фхæрджытæм. Стырæй-чы- сылæй хæцæнгæрзтæ райстой... Салдæттæ æмæ партизантæ фæпырх сты ставд тулдз бæласы бын. Сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц. Куыддæр мæсгуытыл æртытæ ссудзой, афтæ немыцы сæ хъæлæсы ахæсдзысты. Хибарæй лæууынц, немыцæгты чи хъазы, уыдон. Сæ уæлæ мъ1стхуыз цинелтæ æмæ æфсæнхудтæ. Ницы дзу- рынц. Дзурæн даер сын нæй. Афицер сын зæгъдзæн, цы кæнын хъæуы, уый,— æхсдзысты, стигъдзысты, æфхæр- дзысты. Хуры арвы астæу æрцауыгъдæуыд. Хид цæстытæ къа- хы, фæсонтыл фæтагъди. Лæппуйыл та — скуыдтæ кæрц, фæсмын зæнгæйттæ æмæ галдзармæй хуыд æрчъитæ, хъусджын худ. Ахæм дарæсыл нæ сахуыр æмæ йып зыы вæййы цæуын, згъорын, уæлдайдæр та — лæбурын. Фæ- лæ йæ фæразын хъæуы. Къæдзæхы рæбып аууоиы иучы- сыл абад æмæ та ногæй райдай... Нæхионтæ бырсынц, знаг лидзæг фæцн, хъæуы цæр- джытæн ма цыдæр бæллæх саразынмæ хъавы. Фашист- тæй иу зæронд Бибомæ фæзылд. Иу уысм ма, æмæ уæ- йыг лæг йæ туджы мæцгæ æрфæлдæхдзæн. Йæ фырты- фырт Алан немыцаджы цонгыл ныддæвдæг. Уыцы иу змæлд, уыцы иу ми. Иу хатт, дыккаг, æр- тыккаг. Аланы, æвæццæгæн, дæс-фынддæс хатты ба- хъуыд Бибойы ирвæзын кæнын... Тæхуды æмæ ацы хæррæгътæ акал, дæхи кæрдæгыл уæлгоммæ аппар, дæ цæстытæ бацъынд кæн æмæ фæ- хуысс, цас дæ фæнды, уыйас. Бирæ, бирæ, цалынмæ дæ хæрынмæ ахоной кæнæ горæтмæ нæ араст уой, уæдмæ. 69
Тæхуды æмæ та телевизоры сырдты лæппыыты хъыл- дымтæм бакæс, стæй дæ сæр нанайы хъарм уæрджытыл æруадз. Æмæ та-иу уæд Ким футтытыл схæцæд. Обломов дæр-иу æй схонæд. — Хорз, иттæг хорз,— хъуысы Созыр Габеевичы хъæ- лæс.—Фæлæ мæстæй нæма рафыхтæ, Бибо. Дæ цæсты- ты туг нæма фæбадт. Дæлбарау дæ ’фхæрынц, дæ лæ- джы ном æмæ дын кадыл цъыф къæхтæй æрцыдысты. Бибо йæ риу размæ раппæрста, уæхсчытæ фæйнæ- рдæм айста, сæр бæрзонд систа, цæстыты зынг ферт- тывта. Йæхи фашистыл ныццавта. Уымæн йæ къухы — сау автомат. Ныртæккæ йыл нæмгуытæ нызгъалдзæн. — Нæ, нæ! — батахт немьщагмæ Алан. Лæппу ныронг æнæныхасæй архайдта, æмæ йын Со- зыр Габеевич куьгддæр фæсонт йæ цъæхахст, йе ’васт хъæртæй. Йæ цæст дардта «хъæбысхæстмæ». Абон са- раздзæн Алан йæ царды мидæг æппæтæй стырдæр хъуыддаг. Æмæ режиссер æнхъæлмæ каст уыцы цæсты- фæньжъуылдмæ. Сывæллон йæхи зондæй бамбæрста амонæджы бæл- лиц, йæхи зæрдæ йæм сдзырдта: æнцад бадæн нæй, фæ- дис кæн, цæмæй фыдбылыз ма ’рцæуа. Æ’нæбары, æнæ- рхъуыдыйæ равдыста йæ тас æмæ рис. Цавæрдæр тых æй цыма систа, уыйау йæ тых-йæ бонæй атахт. — Нæ, нæ! Немыцаг салдат даргъзачъе зæронд лæджы цæсгом йедтæмæ ницы уыдта. Мæстджын цæстытæ, стæй ма нуарджын уæззау къух. Автомат æм фæцарæзта — кæд фервæзид, кæд фесæфид йæ тас. Лæппуйы хъæр æмæ ахстæй фæуыргъуыйау, йæ къух дæндагхæстæй сдудыд- та. Æмæ. йыл гъеуæд æруагъта хохаг йæ дзæккор. — Бузныг, мæ хур, дæ цæрæнбон бирæ,— Бибо йæ дæрзæг арм æрхаста йæ ирвæзынгæнæджы сæрыл. Алан йæхи зæронд лæджы къæхтыл атыхта æмæ нык- куыдта. 70
Созыр Габеевич сæ дыууæйæ дæр раппæлыд: — Æцæгдзинад æмæ рæстад. Æрымысæггагæй дзы мисхал дæр нæй. Абон нæ, Алан, сбуц кодтай. Зын хæр- ды фæуæлбыл стæм. Лæппу йе ’муд æрцыд, фæлæ æрдæбон цы æнкъарæн- тæ бавзæрста, уыдонæй йæхи атонын нæма фæразы — ныхъхъус, йæхи фыдыфыдмæ нылхъывта. — Рæстад æмæ æцæгдзинад,— сдзырдта та Созыр Гæбеевич. — Уый мæнæй хуыздæр ничи зоны,— загъта, немы- цаг салдаты ч-и хъазыд, уыцы артист æмæ йæ баст æн- гуылдз равдыста. — Дæ фæллад суадз, дæ цæфтæм базил,— бахудт Созыр Габеевич.— Ныр та исдзыстæм, партизантæ не- мыцы куыд фæсырдтой, уыцы ныв. Сымахæн дзы, æн- хъæлдæн, куыстаг нæй. Гъей, сагсуртæ, уæ дугъæттыл сæргътæ баппарут. Фæдис, фæдис, лæппутæ! III Бибо (артистæн йæхи ном дæр афтæ уыд) зæронд лæджы дарæс бафснайдта, йæ грим æмæ парик систа. Йæхицæн дæр зачъе разынд, æрмæст цыбырæлвыд æмæ халоны базырау сæнтсау. Тыхджын, рæсугъд... зачъе- джын лæппу. Хъæлдзæг, худаг, цæхæрцæст. Иæ цæсты- тæ кино исгæйæ уыдысты мæстджын. Æнæуи та сæ зынг нæ мынæг кæны, сæ фæлмæн рухс нæ сысы, æвæццæгæн, цин кæнын бирæ уарзы. Æмбисбоны Бибо æмæ Алан схызтысты уæлхох бы- дырмæ. Созыр Габеевич лæппуйы ууыл иыффæдзæхста: дæ хæлар, дам, иучысыл дæ бар фæуæд. Уыгæрдæн дардыл ныззылд хурджын дæлвæзы хæд- сэармæ. Тæлтæг дон йæхицæн фæндаг айгæрста дурты цæндты æхсæн, мыртгæ æмæ цъуйы пыхсы. Уæрдонвæн- даг ,ратас-батас кæны комы нарæджы. Айнæджы згъæ- лæнтæй скъуындæг. Цыма талынг лæгæтæй раирвæзт 71
æмæ йæ фырхъалæй чъыллиппытыл схæцыд, уыйау цал- дæр раны фæтасыд, стæй фæлдæхт къæдзæхы иуварс фæуагъта æмæ æмдзæхгæр лыг фахсы рæбынты бауад. Уырдæм атындзыдта Созыр Габеевич артистты къор- димæ. Бибо лæппуйы йæ фæтæн уæхокмæ сæргъæвта æмæ Тлаттаты Чермены зарæг ныццæлхъ ласта. Æхсарджын кæвдæса^рды дæр кинойы ахъазыд, æмæ йæм ныр йе ’мбæлттæ уый номæй фæдзурынц. Уæлхох быдыры цыма гауыз байтыдæуыд. Дидин- джытæ, æрмæстдæр дидинджытæ. Бибо æмæ сæ Алан æнæхъæн æргъæмттæ æртыдтой. — Сылгоймæгты зæрдæтæ балхæнæм, мæ ирвæзын- гæиæг,— загъта Бибо. — Æз ирва-зынгæнæг нæ дæн,— фефсæрмы Алан. — Ды куы нæ сарæхстаис, уæд мæ уьщы удхор мæрд- тæм барвыстаид. Йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтаид. — Æмæ уый кино нæ уыди, Бибо? — Кинойы дæр æцæг хабазрттæ вæййы. Афтæ куы нæ уаид, уæд нывтæ исын ницæмæн хъæуид, мæ къона Алан- бег,— худы Бибо. Уалынмæ комы фæзындысты бæхджынтæ. Цыппæр- вадæй тæхынц. Сæ аууæттæ сæ фэздыл ныййарц сты. Цы- ма уыдон дæр фæндаджы хæрд, уырдыг æмæ фæзилæн- тæ сгарынц. — Барджытæ! Барджытæ!—йæ къухтæ сцагъта Алак. — Немыц,— загъта Бибо. — Кæм? — фæстæмæ фæзылд лæппу. — Немыц лидзынц. Сæ сæр сæ кой сси. Ныртæккæ сын лæппутæ сæ аккаг фæуыдзысты. Тыхтард бæхтæ рыг систой, фæндаджы сæрмæ цъæх- бын къуыбылæйттæй зилы. Дугъ нæу. Дугъы чифæнды дæр фæразæй уæд. Иу барæг цинæй бафсæды, иннæ йæ- хиМæ фæхъусы. Кæй хал схауа, уый—уæлахиз... Лæппу цæмæйдæр стъæлфы. Нуарæй, зондæй æнкъа- ры æнахуыр тыхы æндæвд. 72
Бибо йæ алывæрстæм фæлгæсы. Кæрдæг æмæ диди- нæджы адджып тæф сулæфы. Сыгъдæг, хæрзад уæлдæ- фæй йæ риу адымсы. Цыма мыды ад кæны. Уæвгæ йæ ардыгæй æрхæссынц мыдыбындзытæ дæр. Тæхуды, уæлæ уыцы цæргæсæй куы фестид. Йæ сæр дæр нæ фенкъуысдзæн, йæ базыры кæрон дæр нæ атил- дзæн, йæ къæхтæ — гуыбыныл æндæгъд, йæ къæдзил — фатау цыргъ, афтæмæй тæхы. Хохæй, быдырæй, сырдæй, маргъæй — иууылдæр йæ бар сты. /Бвиппайды Бпбойы цæстæнгас фæтызмæг, арвæй йæ дурвазндагмæ æриста. Батыхст Алан дæр. Сæ цæстыты раз ком æмызмæлд сси. Партизаитæ удаист немыцы сæ разæй айстой. Гæрах сарæх. Нæмыг барджытæй иуы цард аокъуыдта. Бæх йæ уæлхъус дзыхълæуд фæкодта. Фæдисонтæ æддæг-мидæг ауадысты, стæй та сæ амæт- тæгты асырдтой. Бæхтæ сæ сæртæ размæ ивазыни, сæ къæдзилтæ ныт- тынг сты. Барджытæ сæхи барцытæм нылхъывтой. Æн- хъæлдæн, немыцæгты бæхтæ фæразондæр разындысты. Фæзилæнмæ куы баирвæзой, уæд партизантыл пызгъал- дзысты. Аланæн йæ хуыз фæцыд, йæ хъустæ дæр ма аурс сты. Маст, тас æмæ та рис риуы схæлбурцъ кодтой. — Нæ, нæ!—сирвæзт лæппуйæ æмæ фссхуыста, йæ къæхты быи цы дур уьтд, уый. Бибо Аланы йæхпмæ æрбалвæста, рæвдауы йæ, са- быр æй кæны. Æппæрст дур иннæтыл азылд, йæ фæдыл сæ уьтрдыг- мæ аскъæфта. Сæхи дзыхъхъытæ æмæ къуыппыты сæр- ты фехсынц. Кæмдæр дæлоз сæ тъуппытæ æмæ гуыппы- тæ ссæуынц. Фæпдагыл иал ис ацæуæн, ахизæн, агæпгæ- нæн. Немыцьт бæхтæ сæ фæстæгтьтл слæууьтнц, кæрæдзп- мæ дæндагæн лæбурынц... Æрæджиау бамынæг хæстьт уьтнæр. Йæ туг чи ньтк- калдта. уьтдоп, стæй мæлæты дзæмбьттæй чи фервæзт, уьтдон дæр иумæ дзыгуырæй ссæуынц къахвæпдагыл. 73
Ныссæрфынц сæ хадæйдзаг цæсгæмттæ, æрцæгъдынцсæ рыгтæ. Бибо та Аланы йæхимæ æрбалхъывта—кæд æй тагъд- дæр суадзиккой йæ тыхст æнкъарæнтæ. Æгæр дæр ма бафæрæзта йæ æвæлтæрд уд. Бонсауизæрмæ цъæх арт фæуадз. — Хорз,сын фæдæ, Аланбег. Лæг дæ æмæ лæг! Зын æрхъуыдыгæнæн уыд ахæм ныв. — Барæй нæ уыдтæн, Бибо. — Гъеуый мидæг ис æцæг аивадæн йæ рахæцæн, мæ гыццыл æфеымæр,— загъта Бибо.— Созыр Габеевнч дын хъуамæ кусарт акæна. Абон йæ бæсты бакуыстай. Мæ мад, мæ фыдыстæн. Созыр Габеевич уыд райдзаст, йæ къухтæ-иу аууæрс- та, дыууæрдæм рацу-бацу кодта. — Цардæй ист ньив. Царды халдих. Æцæгдзинад. Ацы нывтæй иу дæр нæ фæмæнг. Сæ джиппы абадтысты. IV Цалдæр боны фæстæ Созыр Габеевич сæмбæлд Алан- тæм. Йæ фенд фысымтæн æхсызгон уыд. Бауарзтой сæ хъæлдзæг, хæларзæрдæ уазæджы. Цы нæ федта æмæ цы нæ бавзæрста! Хабар радзурынмæ та йын æмбал нæй. — Киноныв та исут? — афарста йæ Аланы мад. — Уыдонæн дæр æнæ исгæ нæй. Æццæй нæ, Алан? — О,— загъта лæппу. — Лæвар дын æрбахастон, Алан,— Созыр Габеевич стъолыл æрæвæрдта рæсугъд альбом. Иууылдæр альбоммæ фесты. Рафæлдæхтой йын йæ бæзджын сыфтæ. Къамтæ æмæ къамтæ. Мæнæ Алан мæ- лæтæй ирвæзын кæны Бибойы — немыцаг салдатимæ хъæбысхæсты бацыд. Ам та йын режиссер цыдæр амоны. Æндæр къам — Алан уыгæрдæны зилы, нанайæн дидин- джытæ тоны. Уый дæр та Алан — Бибойы уæхскыл бадьь 74
— Бузныг, Созыр Габеевич,— цинвæйлыдæй сдзырд- та лæппуйы\ мад. — Æнх’Цвлдæн, нæ гьгццыл сарæхст,— бузпыгхуызæй загъта фыд. \ — Артист\— Кимы ныхасæппарæн нæ бамбæрста- ис — йæ кæстæрæй æппæлы æви йæ афхæрын ис йæ зæр- ды? Алаи фырæфсæрмæй йæ сæр æруагъта — буц митыл нæ сахуыр. Созыр Габеевич æй барæвдыдта: — Нæхи фыдæбæттæ сты, Алан. Тагъд та нæ балцы цæуын бахъæудзæн. Æнæ хæхтæй нын фæцæрæн нæй. Фыдæлтæй пын мыггагмæ баззадысты. ТЫМБЫЛ ÆРДУЗЫ Умар зивæггæнгæ лæгæрды фæлмæн таугæрдæджы. Сæууои æртæх нæма сыстад, æмæ лæппуйы хæлафы фад- гуытæ хуылыдз кæнынц. Иæ мад Чесæду аразæй, арф къахвæдтæ уадзы йæ фæстæ, цæмæй Умарæн æнцондæр цæуæи уа. Фæлæ лæппу иуварсмæ ахызт, æмæ ныр хъæ- дырдæм фæрсæй-фæрстæм згъорынц дыууæ нарæг къах- вæндаджы. Дымгæ хъазы уыгæрдæны, Умары хъусы цыдæртæ адзуры æмæ хъæды къохы фæмидæг вæййы. Азилы >къуылдымтыл, йæхи асæрфы къучдзитыл, стæй та ногæй æрбахъуызы — йæ кæнон нæ уадзы, Умарæн суры йæ хуыосæг. Лæппу йæ ком аивазы, афтæмæй мады даргъ .къахдзæф фæзмы. Тæхудиаг не сты сыхы лæппутæ! Афонмæ ма сæ хъарм хуыссæнты сæхи рæвдауынц... Умар æрæнкъард. Уыдонæн хистæртæ ис, уый та хæ- дзармæ фæкæсын хъæуы. Мад иунæгæй алцæуыл кæм æххæосы! Æмæ йын дысон дзыцца, хъæдмæ суайæм, куы загъта, уæд уайтагъд сигæц агурынмæ фæци. Уис æмæ михтæ ракæнын бирæ диссаг нæу, фæлæ кусæнгарз цыргъ 75
куы нæ уа, уаед уый циу? Дзыццамæ фæрæт ис, йæхæдæг та йæ фыды зæронд фиетанджын кард рахас^та. Знон æй суанг изæрдалынгтæм дурыл фæдаудта, æм’æ раст сæр- дасæнау сси. Æцæг райсомæй раджы стынмæ зивæг код- та. Мæнæ ма ныр дæр хуысеæгхъуагæй й& къæхтæ йæ фæдыл ласæгау куы кæны. Лæгæрды Умар арф уыгæрдæны астæуты. Кардæй бæрзонд кæрдæджы хæлттæ ацъьжк ласы. Уалынмæ бахæццæ сты хъæдбынмæ. Чесæду фæрв бæласы рæбын æрæвæрдта йæ хызын, систа дзы уæрæх- ком фæрæт æмæ Умарæн бафæдзæхста: — Дардмæ ма ащу, лæппу. Мæнæ ам искуы уистæ ракæн, æз та михтæ рацагурон. Умар уисарæхыл зилы. Сæ хæдразмæ хъæдрæбынты чидæр ацуан кодта,— бæлæсты къодæхтыл ма иугай лы- стæг талатæ хъеллау кæнынц, хатыркурæгау акувынц уддзæфæн, æмæ сæм къух нæ тасы. Хъавгæ сæ аиуварс кæны æмæ дарддæр ахизы, агуры æнæвнæлд ран. Дæрд- дзæфæй йæм æрбайхъуыст йæ мады фæрæты къупп- къупп хъæдхойы къуырцц-къуырццау. Умар дэзр рæвдз февнæлдта — фæсте куы баззайа, миййаг. Цъил фестади лæппу. Иу æрриуыгъдæй уис йæ бын- дзæфхадæй фæхицæн кæны æмæ иннæуыл фидар къухæй фæхæцы. Уисты æргъом раласы æрдузмæ, стæй уайтагъд фездæхы фæстæмæ æмæ та йæ хид сæрфгæ йæ сæр рада- ры æхсæр бæлæсты бынæй. Иудзæвгар ракодта уистæ, фæстаг а^ргъом æрдузмæ раласта æмæ æрлæууыд. Фаг у, æвæццæгæн. Хæрæгуæрдоны гуыффæйы дзаг уыдзыс- ты. Йæ фæллад суадзид. Æмæ уæд дзьщца та? Суайын æм хъæуы, кæинод уымæн баулæфын йæ фæсонæрхæ- джы дæр не ’рцæудзæн. Нæ, иу æргъом ма ракæнон... Гуыбыр-гуыбыр фæцæуы къудзиты æхсæнты. Æнтæф у, комьжъултæ ныххус сты, фæлæ дон нуазæн нæй — схид И’С æмæ фæрынчын уыдзæн. Кау ма йын чи сбий- дзæн. Уæртæ ма уыцы уистæм баирвæза, иу æргъом ма ракæна æмæ уæд иучысыл абаддзæн сатæджы. 76
Тымбыл æрдузы кæрон ставд зылынзæнг таарсбæла- сыл йæхи бауагъта., йæ ныхы хид ныссæрфта хæцъилæй æмæ... джихæй баззад. Йæ аком.коммæ æхсæркъудзиты бын хызтис лæрпын сæгуыт. Умармæ зынд æрмæстдæр йæ лæгъз рагъ\—сырд йæ сæр æруагъта, æнæмæтæй ■кæрдæджытæ стон-стон кодта, искуы-иу хатт-иу акаст фæстæрдæм æмæ та^иу мондагæй æрæвнæлдта зæхмæ. Умар лæууы бæласы æнцой, йæ улæфт дæр ма ба~ урæдта, рæсугъд сæгуытæй нал исы йæ цæстытæ. Æнæн- хъæлæджы йæ кард йæ къухæй æрхауд. Сæгуыт фе- стъæлфыд, сæр бæрзонд фелвæста, лидзынæввонг аци. Лæппу йæхаздæг дæр фæтарст, цы акодтаид, уымæн ни- цыуал зыдта. Фæлæ æнцад лæууыд, каст сырдмæ. Уый дæр, цыма йæ садзгæ ныччынд, уыйау йæ лыстæг къæх- тæ зæххы ныццавта, дзагъултæ кодта. Лæппу куы нæ змæлыд, уæд, æвæццæгæн, йæ тарст æр’байсæфт, цæмæ- дæр ныхъхъуыста æмæ йæм йæхи æрбаивæзта. Умар уæддæр нæ фезмæлыд, æмæ йæм уæд сæгуыты лæппын сындæггай хæрзхæстæг æрбацыд, йæ фæлмæн былтæ йыгг йæ хидæйдзаг къухтыл асэзрфта, стæй сæ асдæрдта. Лæп- пу фæныфсджындæр — йæ къух сæгуытыл узæлгæ æрха- ста. Лæппын сырд ын йæ сæр йæ роны фæцавта, цыма дзы исты агуырдта, уыйау. Фестъæлфы къухы æвнæл- дæй, йæ царм уырынгтæ-уырынгтæ абады, стæй та алæгъз вæййы. — Гоцо, гоцо, иунæгæй хъæды къуымты цы зилыс?— æргуыбыр æм кодта Умар.—Афонмæ дæ дæ мад агуры, йæ сæр дыл разылд, тыхсы. Саст къалиуы къæрцц фæцыди. Сæгуыт фесхъиудта. Умар дæр фæстæмæ фæкаст. Тымбыл æрдузгæрон ца- вæрдæр æнахуыр хъæддзау йæ хид сæрфта йæ нымæт- худæй. Ауыдта лæппу æмæ сæгуыты, æмæ йæ цæстытæ- фырдисæй фæдзагъыр сты, хæмпæл рихиты бын та дзых фæзыхъхъыр, æмæ дзы разынд иугай* бур дæндæгтæ. Æрæджиау, цыма боцкъайы хуылфæй дзырдта, уыйау бæзджыи хъæлæсæй æрбахъæр кодта: 77
— Замманайы кусæрттаг! Ма йæ суадз, лæп-пу! — йæхæдæг йæ зæнгæйтты хъустыл уæлæмæу схæцыд æмæ æрдузы цæхгæрмæ æрбабырсы. Зыд каст квены, йæ даргъ къухтæ тилы. / Умар скатай. Хъæддзаумæ цыдæр æбуалгъ фæнд ис, уый æмбары. Сæгуыт дæр æм йæхи нылхъывта, æмри- зæджы ризы. Нæ, нæ йæ ратдзæн ацы тызмæг лæгæн, нæ йæ бауадздзæн æфхæрыи! / — Лæг дæ, лæг. Фидар ыл хæц. Цуаноны хай дын мæнæй! — зæгъы хъæддзау. Æрбахæстæг. Уæртæ йæ цæнгтæ фистæг кæны. Цы- дæр былджын, йæ дымст фындз цывзыйау сырх-сыр- хид. Хорзæй йын тас нæу... Лæг æрбаивæзта йæхи. Ныртæккæ сæгуытыл фæхæст уыдзæн. «Ницы бафтдзæн дæ къухы»,— æрбамæсты Умар æмæ сырды йæ тых-йæ бонæй фесхуыста размæ. Уый уьщиу сæррæтт аласта æмæ уадидæгæн къутæрты æхсæн æрбайсæфт. Хъæддзау фæзылд лæппумæ: — Куыдзы хъæвдын, ды кæмæй хъазыс? Лæппу йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, фæлæ афæ- лурс, æмæ уæд лæг йæ къух æруагъта, фырмæстæй йæ цæсгом туджы разылд. — Æдылы къоппа! Дæ гуыбын фæрыстаид сæгуыты дзидзайæ? — æмæ йæ иуварс асхуыста. — Мæ лæппуйы гуыбыны мæт дæ цы бацыд, уый бæ- рæг дын иæй, хорз лæг? — сæ цуры февзæрд дзьгцца. Умар бахудт йæ мадмæ. Хъааддзау та хъуыр-хъуыр- гæнгæ йæ фæд-фæд араст. Фæстæмæ дæр нал фæкаст. — Кæцæй фæци, кæ, ацы бирæгъ? Удæгасæй аны- хъуырдзæн æнæхъæн гал дæр. — Сæгуыты нал баййафдзæн, афонмæ искуы дард ран хизы,— ирд цæстæй скаст Умар йæ мадмæ. Чесæду зæххæй систа кард æмæ Умары йæ хъæбысы æрбакодта. 78
УЫЛÆН УЫЛÆНЫ ФÆСУРЫ Фæссихсф\хур стылди Хъара-Дагъы сæрмæ æмæ уым дзæвгар афæс\тиат. Раздæр арв цъæх дардта, æвæццæ- гæн, денджызв^ хуыз систа, фæлæ ныр афæлурс,— хуры тынтæ йæ басыгътой, æмæ йæ дари фæирддæр. Æмæ ’куыннæ! Цæст &æм нæ лæууы. Алчи йæхи аууонмæ байс- та. Дон æмæ уйлдæф æмхуызон хъарм сысты. Ас адæм цыфæнды дæр кæнæнт, уыдонæн алцыдæр æмбæлы. Фæ- лæ Додтанæн хур дæр, тæвд дæр йæ хъуыдыйы кæроны дæр не сты. Сæхимæ цы нæ федта, иу ахæм ын нал баз- зад. Цъæйы хæхтæ— адонæй бæрзонддæр, стæй ам хъæд дæр нæй, дæттæ та тагъд нæ уайынц, сæ хъæр дæр нæ хъуысы. Уæд уый циу? Гъе, фæлæ сæхимæ денджыз нæй, æмæ йæ кæм федтавд? Знон æрбатахтысты Хъырыммæ йæ фыдыфыдимæ сæ1 фæллад уадзынмæ. Денджыз дæр фыццаг хатт знон фед- та. Хæдтæхæг (дада йæ «Ту» схуыдта, ахæм ма дзы ном уа —«Ту», йе ’мбæлттæ йыл æууæндгæ дæр нæ бакæн- дзысты, куы сын æй дзура, уээд) йæхи бæрзонд систа, æврæгътæ урс бæмбæгау йæ базырты бы-н ленк кодтой. Цыма дзоныгъæй митыл бырыдысты, уыйау уыд. Стæй æвиппайды æврæгътæ фескъуыдысты, цæст кæдæмдæ- риддæр æххæссыд, уым цъæх-цъæхид гауыз айтыгъдæ- уыд. Кæмдæр ма быноз чысыл бæрæг дардтой зæхх, уы- гæрдæнтæ æмæ фосы дзугтæ. Фыстæ æмызмæлд кодтой, фæлæ Додтан хорз уыдта, сæ иутæ бынтон урс, иннæтæ- тарбын кæй уыдысты, уый. Дада бахудт æмæ загъта: — Уый денджыз у, Сау денджыз, дæлæ уыдон та уы- лæнтæ сты. Кæс-ма, куыд ныссабыр, йæ уылæнтæй куыд хъазы. Урс стъæлф уыныс? Уый та нау у. Додтан ыл фыццаг нæ баууæндыд, ныхъхъус æмæ хæдтæхæджы тымбыл рудзынгæй бынмæ каст. Иу къæ- бæлдзыгсæр ус сын ^радта къафеттæ æмæ лимоны кæрс- тытæ, фæлæ уыдонмæ дæр нал бавнæлдта. Денджыз æмæ зæххæй чи кæцы у, уый ма равзар! Худинаг! 79*
Уый знон уыд. Абонсарæй та доны былт’ыл дыууæ- рдæм рауай-бауай кæны йæ цыбыр хæлафы. Дада ма йæм хæцгæ дæр кодта, иу ран æрбад, зæгъгæ, хур, дам, дæ басудздзæн. Æмæ, æцæг, ам хур дæр/æндæр у. Су- дзаг. Йæ цæст æппындæр нæ ныкъулы. АДæм иууылдæр дохтæй ахуырстау сау-сауид афæлдæхты<±ы. Сæхимæ сæ зонгæ дæр нал бакæндзысты. / Додтан скаст хурмæ. Уайтагъд йæ цæстытæ ахгæдта, ракаст æмæ та сæ бацъыид кодта. Стæй йæ къухтæ оцагъта æмæ уымæл змисыл худгæ азгъордта. Змисыл аззадысты арф къахвæдтæ. Иуцъусдуг, æмæ сæ уылæн асдæрдта, фьгнчыты бын фесты. Уылæн фæстæмæ алыгъ- ди, лæппуйы къæхты бын лыстæг дурты рæдзæгъд фæ- уагъта. Додтан сæм джихæй касти — чи сæ дзыгъуыр уыд, чп — сырххъулон, чн та — цъæх тæлмытимæ, морæ •стъæлфытимæ. Мæнæ сæ иу та, бырауæй зылд цыма у, уыйау фæхуынкъ, анпæтæн — цыргъ кæрæттæ, дзæбугæй саст сты, æвæццæгæн. Фæлæ сæ фылдæр—лæгъзгуыбын- тæ. Уылæнтæ сæ ратул-батул кæнынц, æмæ карчы айкæй хъауджыдæр нал сты. Додтан айтæ-уыйтæ нал фæкодта, дуртæ уидзынмæ фæци. Сæ дзæбæхтæй, сæ рæсугъддæртæй йæ дыууæ къу- хы дæр байдзаг сты. Бирæ ма дзы ис, фæлæ сæ цы фæ- кæна? Цалынмæ хъуыдытæ æмæ ракæс-бакæс кодта, уæдмæ дуртæ бахус сты æмæ афтæ рæсугъд нал уыдыс- ты. Ногбоны зазы алыхуызон цырæгътæ цыма ахуыссып чындæуыд, уыйау сæ ахуырст ссыд æмæ сæхимæ дойиаг- дуртæй агæпп ластой. Додтаны скæуынмæ бирæ нал хъуыд. Акаст йæ фыдыфыдмæ. Уый иппæ лæгтимæ ау- уоны змисыл хуыссыд. Кæсæнцæстытæ йæ фындзы ра- гъыл æрсагъта æмæ бæзджын чиныг касти. Дада йæхи æруагъта йæ рахиз фарсыл, Додтанмæ зындысты æр- мæст йæ фæсонтæ æмæ йæ мæллæг цонг. Уадз æмæ кæ- са,йæ чиныг, кæннод та райдайдзæн: аууонмæ рацу, хур дæ басудздзæн. Денджыз ног уьтлæн æрбахаста, стыр уылæн. Ракалц- 80
та та дурт^е æмæ фæстæмæ алыгъд. Додтаны дæр ма йо мæ фæцæйЬкъæфта. Лæппу фæбырыд, йæ дуртæ æркал- дысты. ДиЛæгтæ! Фыццагау дын ма сæрттивой! Лæппу- йæ йæ хмастуæрбайрох æмæ сæм кæсы. Уыдон уымæлæй хурмæ тæмæ^тæ калдтой, æм^æ сæ цæст атонын нæ куымд- та. Додтан з^исы ракъахта дзыхъхъ, уылæны кæрон æм куыд хæццæ кодтаид, афтæ, æмæ дуртæ уырдæм нык- калдта. Ныр сын тæссаг нал у, фыдуынд дæр нал кæп- дзысты. Сæхимйг дæр сæ доны дардзæн, змис дæр ссар- дзæн, æмæ сæ 1\æрты лæппутæ дис кæидзысты денджызы дуртыл- Уæвгæ дзы бирæ куы ис, уыдопæн дæр алас- дзæн. Уадз æмæ сæм уа рæсугъд дуртæ. Додтан ныххудт æмæ та донбылтыл фæтъæбæртт кодта. Йæ худынмæ йæм кæсæнцæстыты сæрты ракаст дада æмæ йе ’нгуылдз батылдта: — Додтан, æгъгъæд у, хурмæ ма лæуу! Додтан! Лæппу йæ нæ фехъуыста. Уылæн æм æрбахъуызыд сыф-сыфгæигæ æмæ йыл йæхи ныццаазта. Лæппу æрхауд йæ цыппæртыл, доиæй ма йæ сæр фæзынди, æндæр ницы. Фæлæ уайсахат змисыл аззад — уылæн фæстæмæ аив- гъуыдта. Додтан æм фæкаст: уæртæ та йæхи бæрзонд систа, иннæ уылæптæ йæ фæстейы æрбасырдтой, æрбай- йæфтой йæ, окъуырдтой йæ æмæ та уый дæр былмæ фес- хуыстой. Йæ фæдыл ныййарц сты иннæтæ дæр æмæ кæ- рæдзийы ивгæйæ былгæрæттыл тъуппытæ кæнынц. Стæй та лидзæг фæвæййынц. Додтан сæ æппыыдæр нал тæр- сы. Йæ гуыбыпыл æрхуыосыд, уылæнмæ æнхъæлмæ кæ- сы. Мæнæ ис... Былмæ йæ æрбадавта. — Додтан, ардæм рацу,—. хъуысы дадайы хъæлæс. Лæппу ницы дзуры. Æмæ цы дзура? Дада йæм кæс- гæ дæр куы иæ ракодта. Æвæццæгæн та йæ чиныг йæ зæрдæмæ цæуы. Фæлæ загъд куы кæна, уæд та? Фестад, бацыд дадайы цурмæ, цыдæртæ архайы дзаумæттимæ. Зæронд æм скаст, фæлæ ницы загъта. Лæппу райста хъу- лон резинæ зиллакк æмæ хурмæ рахызт. Иæ фыдыфыд- мæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ йæ къухтæ зиллаччы бæттæн- 6 Тымбыл æ рдузы 81
ты батъыста. Афтæ бакодта, уæртæ доны чи бАды, уыцы лæппу дæр. Иу хатт ма акаст дадамæ æмæ доны бацыд. Дон схæццæ йæ уæрджытæм æмæ йæ уайтагъд фæстæмæ ассыдта. Додтан фæцырд æмæ йæ риуы æмбæрц балæ- гæрста, ноджыдæр ма... Лæппуйы цинæн кæрон иал уыд. Афтæ æхсызгон ын у, афтæ рог фæкаст йæхимæ, æмæ йæ къухтæ батылдта. Къæхтæ дуртæй фæхицæн сты, фæ- лæ йæ дон бынмæ нæ ласы. Уылæн дæр æй мур дæр нал хъыгдары. Æрбацæуы, сисы йæ, стæй йа/æруадзы æмæ дарддæр йæхицæн афардæг вæййы. Инрæ дæр афтæ. Былмæ дæр æй нал ласынц. Куыд хорз у! Додтаны алыварс доны чи уæлгоммæ хуыссы, чи та ленк кæны. Резинæ зиллаччытæ дæр сæм нæй. Уыдон стыртæ сты, æм1æ... Дада рабадт, йæ кæсæнцæстытæ æриста. — Додтан...— чиныг æрæвæрдта, фестад æмæ тагъд- тагъд рауад.— Додтан, Додтан! Лæппу худы, йæ къухтæ тилы. — Додтан, фæлæуу. Уый дын йæ сæр доны куы фæцæвид. Къæхтæ уæле- йы аззадысты, æмæ ленк кæнæгау цъæппытæ кæны. Уа- лынмæ йæ сæр сдардта. Цæстытæ — дынджыртæ, рус- тæ — дымст. Худы, æмæ та къахæй-къухæй ленчытыл схæцыд. Доны пырхæнтæй йæ алыварс байдзаг. Уылæн- тæ йæ узæгау кæнынц. Фыдыфыд йæ сæр батылдта æмæ та йæм бадзырдта: — Цæй, хорз, Додтан. Рацу, дæ фæллад суадз, æгъ- гъæд уал у. Лæппу балымæн денджызимæ, йæ зæрдæ нал комы уымæй фæхицæн кæнын. Æмæ йæ уæд йæ фыдыфыд до- нæй йæ хъæбысы рахаста. — Гъер цæмæн бацыдтæ донмæ? Мæхæдæг дæ са- хуыр кæндзынæн. Мауал бацу. — Æз мæхæдæг дæр зонын ленк кæнын, дада. — Дæхæдæг, уæдæ. Фæлæуу, нæхимæ ссæуæм. Æз дын дæ хабазрттæ дæ мадæн радзурдзынæн. 82
— Æмæ æз мамæйæн рæсугъд дуртæ куы ссардтоп,-- фæуад Додтан йе ’вæрæнмæ. ФыдыфШд дæр дуртæм æркаст æмæ лæппуйæн ницы- уал загътаД — Хорз, \Цодтан, рæсугъд сты, ам алцыдæр рæсугъд у, фæлæ уал кæнæ аууонмæ рацу. Дада та й\ехи змисыл æруагъта æмæ райста чиныг. Додтан бады иæ цуры. Бакæсы зæрондмæ, бакæсы ин- нæтæм дазр. Хъуыды даэр æй ничи кæны, уымæн та æн- къард у. Систа\дур, фехста йæ донмæ. Хъазы дуртæй, ракал-бакал сæ кæны. Дада, æнцад бад, зæгъгæ, фæзæ- гъы йæ чиныг кæсгæйæ. Лæппу ма иучысыл абадт æмæ райста йе стыр хъулон порти. Йæ сæрмæ йæ сæппæрста. Порти андзæвыд æмбæрзæны тигъыл, ,иуварсмæ фес- хъиудта æмæ доны балæууыд. Додтан атахти йæ фæдыл. Порти уылæнимæ фæфардæг, фæлæ фæстæмæ æрбаз- дæхт. Хъаз доны куыд фæбады, уыйау уыд. Зына-нæзы- на змæлы, афтæмæй уылæнтимæ дыууазрдæм кæны. Хæ- стæг куы ’рбацæуы, уæддæр æй Додтан нæ рацахсы — кал ын тæрсы. Дард куы ацæуы, уæд ма йыл дур дæр фехсы. Хъазы йæхицæн лæппу, бæстыл цытæ цæуы, уыдоны мæт æй нæй. Хъара-Дагъы сæрмæ та хур нал судзы. Цъæх арв схъулæттæ. Фæсхохæй сау мигътæ æрбакалдысты, æмæ йæ уыдон сызмæстой. Денджыз дæр афтæ арæх нал ту- лы йæ уылæнтæ. Зивæггæнæгау æрбацæуынц, сæ уæззау тъупп фæцæуы æмæ та сындæггай сæхи айсыиц. Сæ раз- даеры рог митыл фæсмон кæнынц, æвæццæгæн. Иуахæмы доны пырхæнтæ дадамæ бахæццæ сты, æмæ рабадт. — Додтан, ардæм рацу. Додтан æй нæ хъусы. Фæстаг уылæн ын йæ порти дард ахаста, æмæ уымæ кæсы. Иннæ уылæн æй хæстæг- дæр æрбайста, фæлæ раздæрау былмæ нал æрбахæццæ, уыйфæстæ та йæ бынтон æддæуæзмæ ахаста. Æнхъæл- мæ кæсы, уæдæ йæ ныртæккæ æрбадаедзæн, зæгъгæ. 83
Куыынæ стæй! Порти адард. Лæппу скатай, дада дæр стыхст. Скæсы арвмæ, акæсы денджызмæ дæр, æмæ йæ ныфс асæтты — денджыз мæстыйæ уынæргъы/ арв м,игъ- тæй—æмæхгæд. Уардзæн, æвæццæгæн. Фæлæ кæстæртæ хъуыды дæр ницы кæнынц. Сæхи та доны/ бакалдтой, денджыз тызмæгæй сæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы. Порти- йы урс, сырх æмæ цъæх тæлмытæ ма хорз/зынынц, фæ- лæ дардæй-дарддæр кæны. Додтан окæуынхуызтæ. Дада йын зазрдæтæ æвæры: / — Ма тæрс, Додтан, ма тæрс. / Додтан йæхæдæг дæр фæхъæлдзæгдæр. Уæртæ чидæр аленк кодта портийы фæдыл. Рæвдз æвналы æмæ йын дзæбæх æнтысы — бирæ йæ нал хъæуы. Додтан ма йæ ’къахфындзтыл дæр слæууыд, цæмæй йæм хуыздæр зы- ной порти æмæ ленкгæнæг, фæлаб ницы уыдта — уылæн- тæ æгæр бæрзонд уыдысты. — Дада, сис мæ дæ хъæбысмæ,— сдзырдта лæппу. Зæронд лæг æй йе уæхскмæ сазргъæвта, æмæ ныр хорз уыны йæ портийы. Зыны йæм ленкгæнæджы сæр дæр. Хæрз гыццыл ма йын баззад. Мæнæ йæм бахæццæ... Ленкгæнæг систа йæ къух, бахъавыд æм. Фæлæ уый фæ- цъыввытт ласта æмæ адард. Баленк та йæм кодта, уый дæр йæ разæй цæуы æмæ йыл нæ хæст кæны. Уалынмæ сгъау урсбарц уылæн се ’хсæн февзæрд, æмæ кæрæдзийæ быитон фæхицæн сты. Ленкгæнæг æй уæддæр нæ уадзы, йæхи йæм æппары. Дзæгъæлы удхар кæны — йæ размæ фæци чысыл сырх тырыса, дарддæр цæуæн нæй, ден- джыз арф æмæ тæссаг у. Уымæн райхъуыст хæйдæр бæз- джын хъæлæс дæр: — Раздæх фæстæмæ! Раздæх! Додтан бахъынцъым кодта. Уый та куыд? Уæд йæ горти та? Лæджы хъæлæс уыди дæрзæг, цыма йын æнах- хосæй йæхи бафхæрдта, афтæ хъыг ын фæцй æмæ йа^м æлхынцъæрфыгæй акаст. Бæрзонд, фæтæнуæхск лæг лæууыди нарæг асинтыл, йæ къухы — цавæрдæр хæтæл, йæ уæлæ кæттагæй хуыд хæлаф æмæ къурткæ, къæх- 84
тыл — резийæ цырыхъхъытæ. Худы бынæй йæ цæсгом нæ зынд, фæлæщодтан ныр афтæ да^р зыдта, хорз лæг кæй нæу, уый, æмæ йæм йæ зæрдæ кæсын дазр нал бакуымд- та. Аздæхт денджызырдæм. Ленкгæнæг фæстæмæ æрба- цæуы, порти хъеллау кæны денджызы, чысылтæ ма зы- ны. Дада ныуулæфыд æмæ йæ зæхмæ æриста. — Ницы каЫы, Додтан. Уадз æмæ йæхицæн ленк кæна. Æз та дь\н ног балхæндзынæн. Цом, нæ гæрстæ скæнæм. Уардзæн... Лæппу сæргуыбырæй лæууы. Ницæмæн æй хъæуы æндæр порти, йæхион хуыздæр у. — Рацу, рацу. — Гъеуый лæппу у, гъе!—хъæрæй затъта чидазр. Иууылдæр акастысты пляжы уæллаг кæронмæ. Иу æхсарджын лæппу портийы размæ цæхгæрмæ фæцæй- цыд, æмæ сæ каст уымæ уыд. Додтан ницы уыны, уæд- дæр гæппытæ кæны — ныртæккæ йын æрхæсдзысты йæ порти. — О, о, уый чемпион цыдæр у! — Кæс-ма, кæс! — Бирæ йæ нал хъæуы! — Гъе, гъе... — Æмæ та уый дæр сырх тырысамæ куы бахæццæ,— фæомонгæнæджы хъæлæсæй загъта иу ацаэргæ лæг. — Фæстæмæ раздæх! ФæстæмæГ — хъæр кодта аси- пы сæрæй æрдæбоны лæг. Додтаны цæсгом та кæуын- хуыз аци.— Фæстæмæ раздæх дын зæгъын! Кæмæ дзу- рын? Раздæх! Хъусæг æм нæ уыд, æмæ уæд моторы уынæр рай- хъуыст. Уый ирвæзынгæнæджы лодкæ скуыста æмæ ленкгæнæгмæ фæтæхы. Цыма йыл базыртæ сагъд уыдис, уыйау скъæрдта — йæ фындз уæлоз систа, йæ кæроныта йын до,ны бын фæуынмæ бирæ нал хъуыд. Бады дзы хур- сыгъд лæппу, йæ уæлæ матросы урс хъулон хæдон, дыс- тæ мидæмæ тылд. Хъуыддагхуызæи рулыл хæцы нуар- 8$
джын къухтæй æмæ размæ кæсы. Уайтагъд ленкгæнæ- джы цур балæууыд. / — Хъуамæ йæ бафхæрой! I — Фæлæ хъæбатыр у! / «Цæмæн æй хъуамæ бафхæрой, исч,и ^а хъæбатыры фефхæры, стæй мæ порти та?»—хъуыды/кодта Додтан. — Гъе, гъе, сæвæрдта йæ. / — Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы. ’ Додтан окаст дадамæ, уый та арф ныуулæфыд æмæ йæ дарæс кæнын райдыдта. Лæшгу лæууы йæ цуры, йæ хæдон йæ къухы. Адæм ныссабыр сты, денджызмæ дæр ничиуал кæсы. — Окæн дæ дарæс, Додтан. Æз дын ног...— фыды- фыд фæзылд лæппумæ æмæ йæ ныхас нал фæци. Додтан æм комкоммæ каст йæ хъоппæг цæстытæй. Æрдæбоны хуызæн кæуындзаст нæ уыд. Сывæллоны цæстæигас зын бамбарæн уыди—иуæй цыма цæуылдæр дис кæны, афтæ фæкаст фыдыфыдмæ (æмæ цымæ цæ- уыл дис кæна?) Иннæмæй та цыма кæмæндæр уайдзæф кодта йе та йæ исчи æнæхъуаджы бафхæрдта, афтæ зынди (æмæ кæмæн уайдзæф кæны, чи йæ бафхæрдта?) Зæронд лæг йæхи ницыуынæгæй æвдисы. Лæппу иннæ хæттытау фыдуаг мнтыл не схæцыд. — Порти ныууадзут! Ныууадзут порти! Кæдæм... Раздæхут!— ныййазæлыд та уыцы зонгæ хъæлæс. Ддæм базмæлыдысты, лæппуйы цæстæнгас фæирд «Мæ порти... чи йæм фæцæу?» — дзырдта йæ цæстæп- гас. Фыдыфыд акаст денджызмæ, бахудт: — Ма тæрс, Додтан. «Раздæхут уын зæгъын!» — Фæцæуынц, фæцæуынц! «Фæстæмæ!» Додтан куы хъæргæнæджырдæм фæкæсы, куы та ден- дЖызмæ. Йæ цæогом раив-баив кæны — куы фæтар вæй- йы, куы та йыл цин ахъазы. Дыууæ дзырды ныффидар 86
сты сæры: ^Фæцæуы!» «Фæстæмæ!» «Фæцæуы!» «Фæстæ- мæ!» \ — А-гъа^ бахæццæ йæм сты! — РацахЬга йæ! — Мæ порти... — Гъы, лæггаг, цин кæн, ардæм хъæуы дæ портийы!' Моторы хъæр хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Былгæрон1 дзолгъо-молгъо ссис, адæм æмызмæлд кæнынц. Уæртæ лодкæ, уаэртæ уыцы лæппу матросы хæдоны, йемæ ма ноджыдæр иу лæг. Дыууæйæ дæр худынц. — Кæм ис, кæ, портийы хицау?—бафарста хурсыгъд лæппу. — Мæн у, мæн,— ныхъхъæр кодта Додтан. — Хæц, уæдæ,— лæппу фехста порти æмæ хъуыд- дагхуызæй моторимæ архайын райдыдта. Уалынмæ лод- кæ фæаууон, йæ фæстæ ма арф фæд ныууагъта. Лæппу гæппытæ кæны, портийæ хъазы, фыдыфыды иу ран нал уадзы. — Цом, цом... Райсом та нæ ардæм хъæуы,— рахæ- цыд зæронд лæг лæппуйы къухыл. Фæцæуынц доны былтыл. Арв хъуынтъызæй йæхи ныллæг æруагъта. Денджыз дæр йæ тыхулæфтæй цыдæр тас уадзы Додтаны. Уылæнтæ ног хуымгондау сау-сауи- дæй зынынц. Уылæнтæ нæ, арф ауæдзтæ. — Хъустæ дыл нæй æви дæ куыстæй фæсурон? Лод- кæйы дугъы уагътай? Уыцы лæг дæр фæивар кæнинаг уыд, ды та йе ’мцæдисон фæлæууыдтæ. Ам, кæй куыд фæнды, афтæ кæны. Æз та дзуапп дæттон уæ сæрхъæи миты тыххæй? Æмæ уæд куы фæдæлдон уыдаид, уæд та? Дзуапп мæнæй агурдзысты, уый зоныс? Мæнæн та даринæгтæ ис. Цы ныхъхъус дæ? — бауырдыг æрдæбо- ны лæг хурсыгъд лæппумæ.— Ды та ма уыцы портийы фæдыл сбæндæн дæ. Хъусыс, мемæ ахæм митæ гæнæн нæй! — Æмæ тæригъæд нæу уьтцы лæппу? Æвæццæгæн, йæхи кæуынæй мардта. 8Т
— Мæн цавæрдæр дзидзидаимæ ницы хт/уыддаг ис. .Махæн нæ куыст æндæр у. / Хурсыгъд лæппу æфхæрдхуызæй лæууы^. Искуы-иу хатт æрфгуыты бынæй скæсы, загъд чи кæны, уымæ. Йæ иу фадыг æрбырыд, иннæ — уæрагмæ тылд. Бæгъæввад. Бæгъæмеар. Додтапитæ сæ цурмæ бахæццæ сты æмæ сæм хъуыстой. Ауыдта сæ лæппу,бахудт. Дада йын йæ сæрæй акуывта, Додтан та йæм цымыдисæй каст. Лæп- пуйы цæстæнгасы фæдыл сæм йе ’ргам раздæхта хицау. Урс æрфгуытæ йын, лыстæг цæстытæ змæлгæ дæо пæ кодтой, тæнæг былты кæрæтты æнцъылдтæ уырынгтау бадтысты. Додтан æм фæком.коммæ æмæ дадайы къух суагъта. Хурсыгъд лæппу йæм йæ цæст фæныкъуылдта æмæ та бахудт. Додтан æпæмбаргæ уайдзæфимæ кæсы загъдгæнæгмæ, цыма чи нпкуыма æрцыд, ахæм диссаг федта. Уый йæ цæст ахаста портийыл, стæй лæппуйæи йæхиуыл æмæ азылд, равдыста йæ фæтæп уæхсчытæ, йæ даст сырх бæрзæй. Кæмæ хæцыд, уыцы лæппу та йæ сæр æруагъта, йæ хъæлдзæгхуыз аивта. — Цом, Додтан,— рахæцыд дада лæппуйы къухыл. Додтан фæкæс-фæкæс кæны. Фæзилæнæй дæр ма ауыдта, дыууæйæ лæгæй-лæгмæ куыд лæууыдысты, уый. Хицау, æвæццæгæн, загъд самадта, лæппу та йæ хур- сыгъд цæнгтæ æруагъта æмæ барæй ныхъхъус. Додтан йæхæдæг дæр афтæ фæкæньт, исты йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуы, уæд. «Райсом æй ссардзынæн. Ныр хæлæрттæ куы стæм. Хъуамæ мæ йæ лодкæйы дæр сæвæра, æмæ дснджызы ленчытæ кæндзыстæм. Уыцы лæг-иу хъæр кæиæд: «фæс- тæмæ раздæхут!» Ницы раздæхдзыстæм, æмæ-иу пæ су- рæд, нæ фæдыл тæхæд. Ма нæ баййафа!»—дзырдта йæ- хинымæр Додтаы, æмæ йæ фыдыфыды бафарста: — Æццæй нæ, дада? — О, мæ хур, о, цом тагъддæр,— загъта зæронд лæг.
ÆРМÆСТДÆР ИУНÆГ БОН Скъоламæ цы бон айетой Балойы, уый бинонтæй, æвæццæгæн, нал ферох уыдзæн. Раст зæгъын æмбæлы, бæрæгбон схонæн ын нæй, фæлæ уæддæр зæрдылдари- наг фæци. — Абонæй фæстæмæ скъоладзау дæн. Абонæй фæс- тæмæ сывæллæтты цæхæрадонмæ нал цæуын,—йæ мид- бынаты скафыд лæппу. Цæуылнæ кафа, цæуылнæ зара Бало? Ныр-иу кæдæй- уæдæй йæ фаг фæтезтъо .кæндзæн, йæ фаг фæхъаздзæн. Æнæ рæвдауæг. Æнæ хонæгæй. Йæхæдæг. Иунæгæй. Кæ- имæ йæ бафæнда, кæимæ сразы уа хъазын, уый йын æм- бал æмæ цæдисон. Мад æмæ фыд сагъæсхуызæй бадынц. Хорз у, цæуыл- нæ, дæ хъæбул адæмы рæнхъмæ куы рацæуа^ æмæ йæхи афтæ ныфсджынæй куы æвдиса, уæд. Æрмæст сæ кæстæ- ры фæндтæ иуæй-иу хатт æгæр дардмæ ахæссынц. Йæхи бар æй нæ фæуадздзынæ—исты бæллæх сараздзæн. Де- мæ йæ куыстмæ нæ айсдзынæ — цехмæ æцæгæлæтты нæ уадзыиц, сьгвæллонæн та дзы йæ дымгæ дæр никуыма уыд. Чи йæм фæдардзæн йæ цæст? Кæуыл æй бафæ- дзæхстæуа? Хионæй, хæстæгæй, сыхагæй — æнæвдæлоп æмæ æвадат. Лæппу йæхæдæг йæ хъысмæтыл нæ батыхст, иицæмæ ’рдардта ныййарджыты катай дæр. Алцыдæр та йын барст æмæ карст уыдзæн: о гормæттæ, уæ сæртæ цæ- уыл хойут, зæхх æмæ мын арвы æхсæн фесæфæн нæй, ныр ахуырдзау дæн. Хæринаг, зæгъут? Кой дæр æй ма скæнут. Афоныл-иу æнæ хъыпп-сыппæй суадздзæн йæ мондæгтæ цаваарфæнды цæхджын хойрагæй дæр. Хъазын кæнæ æндæр исты хиирхæфсæн? Йæхæдæг дæлæсых æмæ уæлæсыхы фаг дæр ма у. Мад йæ кæстæры уынаффæтæй нæ байрад. Чысыл ма йæ бахъæуа, фырадæргæй йæ >къухтæ ма сцæгъда. Фыд æдзухдæр йæхиуыл хæцын фæрæзта. Ныр дæр йе ’ргом 89-
х’истæр лæппумæ аздæхта. Бæрæг уыд, йæ ныфс уымæй кæй хæосы. Ие ’ртындæс азы йæхи фесты, хъуыддаджы <бацæуыны фарн æм ис. Æмæ нæ фэзрæдыд.' Сæ ныхас -æнæнхъæлæджы æпцонæй ахицæп. — Бало уал мемæ скъоламæ цæудзæн.—загъта Бат- радз. — Ис нæм спортивон фæз, ис нæ хæрæндон дæр. Спортивон фæзы ’коймæ Бало æхсызгонæй бахудт, хæрæндоны хабарæй дæр ’фæбузныг. — Скъолайы .кæрты рагацау азилон. Фенон лæппу- ты,— сразы йæ хистæримæ Бало. Бинонтæ фервæзтысты сæ мæтæй. Фæлæ Батрадз цæ- мæй зыдта, йæ кæстæр æфсымæр æрмæстдæр иунæг бон кæй фæуыдзæн йемæ, уый йын цас фыдбылызтæ расай- дзæн. Ахуыр ын уыд йæ хивастыл. Уæдæ йын цы ’мбæлы, уый сæрты ахизыныл фæстиат 1кæй нæ фæуыдзæн, уый дæр куыннæ ’мбæрста. Дæ быцъынæг куы арæдувай, уæддæр дæ афæливдзæн, æмæ хæлиудзыхæй аззадтæ. Æмæ цæмæй ма фæхудинаг уа, уый тыххæй Батрадз сæумæцъыккæй бавнæлдта Балойæн зонд амонынмæ. Хъуамæ йæсулæфын дæр ма суадза, кæннод та йæхиуæт- тыл фæуыдзæн, æмæ йыл уæд дæ къух ауигъ. — Дæ къæхтæ дæ фæдыл ма лас. Сывæллæтты цæ- хæрадонмæ, миййаг, нæ рараст дæ. — Æмæ æз æнæуи дæр тынг куы тагъд кæнын. Мæ иу къах иннæйы не ’ййафы,— бæстон ныхасыл схæцыд Бало. Фæлтæрдджын уыд Батрадз — быцæуы мидæг Бало- йы ничи басæтдзæн — æмæ дæрзæг хъæлæсæй загъта: — Истытæ уал архай. Мæнæ дын не спортивон фæз, уæртæ нæ дыргъдон. Бæлæстæ нæхæдæг ныссагътам, стæй €æм нæхæдæг зилæм. Скъолайы кæртæй дæ къах дæр макуыдæм айс. Бамбæрстай? Фæлладуадзæн рæстæг дæм зындзынæн. Фехъуыстай? Мæлæты арæх нæ уадзынц сæ фæллад ахуырдзаутæ. Иу дзæнгæрæг уал ныййазæлыд, уалынмæ дыккаг дæр ныццарыдта. Балойы уыдæттæм кæм равдæлд — куы "90
гæлæбуты фæдыл згъордта, куы асинтыл бырыд, куы æы- даэр исты æрымысыдаид. Йæ цæст дуаргæс зæронд усы къæбылайыл куы ’рхæцыд, уæд æй уæгъд нал суагъта. Алцыдæр хорз, фæлæ æмбисбонмæ æввахе лæппу æн- къард кæнын байдыдта. Цы ма басгара, цы ма бафæл- вара? Йæ алывэзрстæм акæсы, алы къуым, алы тигъыл дæр йæ цæст ахæссы. Йæхи аккаг куыст не ссардта æмæ скъолайы агъуысты фæмидæг — уырзæй хъуамæ бавнала алцæмæ дæр. Ныр скъоладзаутыл нымад у, æмæ цæуыл- нæ хъуамæ фена йæ ног бынæттæ? Къæлидорыл кæрæйнкæронмæ иунæгæй фæцыд. «Дæ^ бон хорз» дæр ын ничи загъта. Æгасцуайты мæт æй нæ бадомдта, фæлæ йæ æнахуыр æнцойдзинад дисы æфтыд- та. Æппынфæстаг бахæццæ авгæй æхгæд дуармæ. Хорз- æм зындысты лæппутæ æмæ чызджыты сæртæ. Цæуыл- дæр тынг æнувыдæй хъарынц сæхи. Уалынмæ сæ иу фе- стад. Цымæ цы дзуры уыцы ’бурдзалыг чызг? Цыма ис- кæй мæстæй мары, уыйау змæлынц йæ былтæ, йæ ныха- сæн та йын бамбарæн нæй. Гъе, гъе! Уый та дын сæхи Батрадз. Фырыхъулау бад’ы æмæ цыдæртæ фыссы. «Ацьг дуар зæрдыл бадарын хъæуы, кæннод фæлладуадзæн рæстæг агуринаг фæуыдзæн»,— загъта йæхинымæр æмæ* дарддæр араст. Къæлидорæн йæ иннæ кæроны разынд егъау рухс уат. Уырдыгæй цыдаид хæрзфых хæринаджы тæф. Йæ комы- дæттæ æруадысты, æмæ сæ æнæбары аныхъуырдта. Аи- вæй бакаст дуары зыхъхъырæй — йæ æмбудæнтæ йæ нæ фæсайдтой: хæрæндон уыд, æнæмæнг. — Кæцæй фæдæ, лæджы бындзæфхад? — афарста йæ иу хъæлдзæг сылгоймаг. — Лæджы бындзæфхад нæ, фæлæ Бало дæн,— уазæ- гæн цæмæн дæр фæхъыг æфсины ныхас. — Тынг æхсызгон мын уыд дæ фенд. Кæд дæ зæрдæ исты зæгъы? — Ме ’фсымæрмæ æнхъæлмæ кæсын. — Уый дæр хорз, фæлæ цыма нæ хæрæидонмæ æхса- 91»
йы дæ зæрдæ. Æмæ уал дæхи бандоныл æруадз. Афтæ, гъе, мæ хур акæнай, Бало. Сылгоймаг уайтагъд фездæхт, йемæ ’рбахаста дзулы кæрстытæ, тæбæгъ æмæ æхсыры агуывзæ. — Нæ хъæбынтæ-ма нын фен, Бало. Уыйфæстæ æх- сыр ануаздзынæ. — Бузныг,— зæрдæбынæй йын раарфæ кодта Бало .æмæ фынгмæ æрæвнæлдта. Йæхи хорз федта, стъол бафснайдта æмæ хæринаг- гæнæгмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта. Бирæ фæбадт, фæлæ æфсин нал фæзынд, афтæмæй та дзæнгæрæджы илæлæй хъустæ арыдта. Æмæ уæд йæхинымæр скарста: Батрадзы уал ссара, стæй фæстæмæ фездæхдзæн æмæ арфæйы ныхас зæгъдзæн рæдау хæринаггæнæгæн. Тыргъты никæй раййæфта. Чызгæй, лæппуйæ кæртмæ адымдтой. Афтид къласыл азылд, йе ’фсымæры бынаты иучысыл абадт, йæ чпныджы сыфтæ йын рафæлдæхтытæ кодта, стæй фæйнæгыл цыдæртæ фæфыста мелæй. Йæхи зæрдæ дæр сæ нæ барухс, æмæ йыл цæмæй мач-и фæхуда, уый тыххæй сæ хуылыдз хæцъилæй ныссæрфта. Дзæнгæрæджы зæллангæй фестъæлфыд. Ахуырдзау- ты къæхты хъæр хъуыст хæрзхæстæгæй. Уæууа, къласы æгæр афæстиат, ныр кæртмæ нал аирвæздзæн. Стæй ныффæллад, йæ уæрджытæ йæ быны фæтасынц. Къул- æнцой пъолыл йæхи æруагъта- Батрадз æй загъдæй акъæртт кæндзæн, ам бадгæ йæ куьт фена, уæд. «Фæлтау улæфгæ дæр нал,— загъта йæхицæн.— Ау, иу урок фæ- бадын нæ бафæраздзæн? Ам кæн баззад, уый ма, чи зо- ны, хуыздæр дæр у,— балхынцъ кодта йæ хъуыдытæ.— Уæд та исты æнахуыр дпссæгтæ фехъуса». Ахуыргæнæг ын йæ мыггаг сдзырдта. Бало фестинаг уыд, фæлæ афоныл фсмбæрста хабар,—æвæццæгæп, Бат- радзмæ сиды. Р1е ’фсымадр рæвдз-рæвдз радзырдта йæ уро.к. Уæвгæ ницы акъуырдта. Æмдзæвгæтæ Балойæ рох дæр ма фе- сты. Иуизæр дын Батрадз, гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, йæ 92
чиныг кæсы. Бало бадт йæ цуры’, хæдтулгæимæ цыдæр- тæ архайдта æмæ булæмæргъы зарæджы ныхæстæ йæ зæрдыл бадардта. Батрадз ын афтæ дзырдта: æмдзæвгæ хъæбатыр танкист ныффыста, йæхæдæг хæсты быдыры фæмард, йæ зарæг та адæмæн ныууагъта. Фæлæ цæмæн ныхъхъус Батрадз? Ма фæкъуыхцы уæд? Бало йæхинымæр дзурæгау райдыдта: — Фæтахти булæмæргъ, йæ хъæлдзæг зард æрмы- нæг... Батрадз джпхæй баззад: къулæнцой парахатæй бадт... Бало. Йæ дынджыр цæстытæ ныйирд сты, цыма цыдæр куры, ,йе та лæгъстæйаг фæци. Нæ фæлæ разæнгардæй сдзырдта: — Фæтахти булæмæргъ, йæ хъæлдзæг зард æрмы- нæг... Хистæры дзых бахæлиу, йæ былтæ базмæлыдысты, фæлæ дзы иу дзырд дæр не схауд. Цы федта, уый бауыр- нинаг нæ уыд, уæдæ йæхпуыл дæр комдзог куыд рацæ- уа? Бало бады пъолыл, æндæр уæдæ чи хъуамæ уа? Бæл- лæх нæу? Ныр цы чындæуа? Æнцад лæууы æмæ хъусы Балойы цъæхснаг хъæлæс- мæ, азæлынц дзы уайдзæф æмæ тæригъæды зæлтæ. Йæ иунæг æфсымæры зын уавæры куыд ныууагътаид? Æу- уæнкджынæй, зæрдаивæй дзуры: Цæстысыгау ныссыгъдæг дон, Æмæ йæ гауызтæй зымæджы ’взист сæлфыиæг Æмбæрзы æрдзы бур хæдон. Фæтахти булæмæргъ... Лæууы та хъæд æмырæй. Бæрзондæй арв æхсырхуызæй кæсы. Æрæджиау ма Бало æрхæндæгæй, кæуынхъæлæсæй загъта: Æмæ рæуæг дымгæ æгæрон даргъ быдыртæй Йæ уазал комытæф хæссы1. 1 Калоты Хазбийы æмдзæвгæ. 93
Ахуыргæнæг ба’цыд æфсымæрты цурмæ. Æнæдзургæ- йæ кæронмæ байхъуыста Баломæ. Лæппу ницы фип- пайдта. — Сбад,— загъта ахуыргæнæг Батрадзæн. — Æмæ æз æнæуи дæр бадгæ куы кæнын,—сдзырд- та Бало. Скъоладзаутæ ныххудтысты, сæ къæхты гыбар-гыбур ссыд. Искуы дæр ма ахæм дисеаг фендæуыд? — Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста ардæм, лæппу?— худгæйæ бафарста ахуыргæнæг Балойы. — Уый ме ’фсымæр у, — хатыркурæгау загъта Ба- традз.— Ныббар ын, Мæдинæ Умаровнæ. Æз æй кæрты фæуагътон, уый та ’къласмæ æрбахъуызыд, стæй ма йæ рохтæ дæр суагъта. — Рохтæн нæ зонын, фæлæ æмдзæвгæтæ хорз кæсы. Зæрдæбынæй. Æнæкъуыхцьшæ. Иуæй-иу ахуырдзауты чæ фæзмы. Батрадз фæсырх, Баломæ дзагъултæ кæны: йæ хæй- рæджы хай та сагъуыд, æвæццæгæн, æмæ йæ къласмæ æрбасайдта, ныр мад ’кæнæ фыдæй искæмæ скъоламæ фæсиддзысты, æмæ та дæхи рæстытæ кæи Ахуыргæнæг Балойы сбадын кодта стъолы уæлхъус йæхи бынаты. Лæппутæ æмæ чызджытæ кастысты æм- дзæвгæтæ. Кæй цы фæндыд, уый-иу радзырдта чиныгмæ пæ кæсгæйæ. Уæдæ иунæг Батрадз фæхудинаг? Балойы не ’фсымæры бæллæх стыр маст бауагъта, йæ цæсгом ныттар. Кæйдæрты-иу ныппыррьгкк кæнынмæ бирæ нал бахъуыд, фæлæ сæ ахуыргæнæджы æнувыд цæстæнгас урæдта. — Чи нын радзурдзæн дзыхъхъынног æмдзæвгæ?— бафарста Мæдинæ Умаровнæ.— Æппындæр кæй нæма фехъуыстам, ахæм. Рæсугъд куыд уа, стæй мидисджын æмæ зæлланггæнаг. Кæсын та хъæуы, куыд сахуыр стæм, аф’тæ— æнæкъуыхцыйæ, дзаг хъæлæсæй, цæмæй альтны- хас дæр азæла, аивæй хъуыса алкæмæ дæр, йæ хъуыды- 94
тæй, йæ нывтæ æмæ нывæфтыд уагæй адæймаджы зæр- дæ йæхимæ скъæфа. — Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан»,—зæр- дæвæйлыдæй загъта иу сауцæст чызг. Мæлæты хабедзен — йæ быд дзьжкутæ тæдыйы къæ- дзилтау ныхъхъил сты, йæ фындз дæр æхситгæнæны хуы- зæн. Фæлæ йæм ахуыргæнæг лæмбынæг хъусы, стæй дзы цыма раппæлинаг дæр у. Уæвгæ, хъулон никæй фæкод- та, иннæтæм дæр афтæ хъуыста. Кæд арæхсыс — дæ хъуыддаг раст, фæкъуыхцы дæ — æххуысхъуаг нæ бай- йæфтай. Ахуырдзаутæ кæрæдзийы ивынц, иу иннæйы ныхас ■айсы, мæнæ цыма иу зарæг систой. Уæддæр ма бпрæтæ сæ къухтæ сда;р-сдар кæнынц. Бало сæферох. Фæлæ рох- уаты чи аззайа, ахæмыл нæ фембæлдысты, цырддзаст æмæ къæрцхъус рахаста. — Кæд гæнæн <ис, уæд æй æз дæр радзурдзынæн,—йæ къух систа, афтæмæй уæзбын ныхас офæрæзта Бало. — Табуафси. Æгайтма дæ афтæ фæнды,— бахудт ахуыргæнæг. Ныббар мын, !кæд-иу дæм мæ зарæг Кæуæгау фæкæса, миййаг,—■ Кæй зæрдæ нæ агуры хъа^рæг, Уый зарæд йæхи фæндиаг!.. Иу къуыхцы дæр нæма фæци Бало, татъд-тагъд дæр уæдæ нæ кæны, æрдæбон кæмæ байхъуыста, уыдоны фæз- мы: Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарпп, Куы бафидин искуы мæ хæс, Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ ’кæуын хъæлæс... Цыма йе 'уУæнк æиæхъæн къласыл бафтыдта, афта^ загъта æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъытæ, æмæ йын иууыл- дæр æрæмдзæгъд <кодтой. Ныййазæлыд дзæнгæрæг, чызгæй, лæппуйæ æнахуыр уазæгыл æрхъула сты. Батрадз æм йæхи баивазы, фæлæ 95
никуы æмæ ницы. Цæй, хорз. Кæдæм ын ирвæзы? Фæн- дагыл ын зæгъдзæн йæ зæгъинæгтæ. Дарддæрмæ сын æргъæвæн пæй. Йæ царциатæй йын къубалмæ сси. Мæдинæ Умаровнæ кулдуары опг рацыд æфсымæрты фæстæ. Батрадз йæхи цы фæкодтаид, уый нæ зыдта. Но- джы ма ахуыргæнæг Балойы буц ныхасæй барæвдыдта. — Дæ цæрæнбон бирæ, Бало. Куыддæр дæ равдæла,, афтæ та нæ абæрæг кæн. Тагъд нæм стыр хъазтизæр уы- дзæн, æмæ иын æмдзæвгæтæ бакæсдзынæ. — Бузныг, Мæдинæ Умаровнæ,— загъта Бало йæ ног хæларæн.— Кæд Батрадз æгас уа, уæд та уæм фæзын- дзынæи. Ныр уый къахыл баст дæн. — Цавæр къах ма у уый та? — æрбамæсты Батрадз, фæлæ ахуыргæнæг цæмæндæр бахъæлдзæг, стæй йæ кæс- тæр æфсымæр бартæ йæхимæ айста. — Æнæмæнг æрбауайдзынæн, Мæдинæ Умаро,внæ, мамæ æмæ папæйы дæр мемæ афбахопдзынæн. Хæрзбон рау! Бало згъорæгау кæны Батрадзы фæдыл. Нал æй æй- йафы — цыма йыл къогъотæ сæх>и ныккалдтой, уыйау тæхы йæ хистæр. Стæй цыма йе ’взаг аныхъуырдта. Ахæм æнæфенд митæ йæм еæййы, æрмæст абон, æн- хъæлдæн, цæмæйдæр уый æфтауы азымы. Æвæццæгæн æм йæхи худинаджы тыххæй фæхæрам, загъд кæнындæр æм нæ цæуы. Аххосджын йæхæдæг уыд. Баломæ æфсæр- мыйагæй ни’цы ис. Фыдуаг ми йæ сæрмæ не ’рхаста. Ни- кæй ницæмæй бахъыгдардта. Йæхи кæй нæ баурæдта, уый хорз бæргæ нæ рауад. Скъолайы, дам, афтæ не ’мбæ- лы. Фæлæ Батрадз ныссуйтæ, æмæ уый дæр йæ къæбæр кæйдæр цæхдоны фæтъыста. Уæвгæ йыл ахуырдзаутæй ничи бахудт. Мæдинæ Умаровнæ дæр дзы раппæлыд. «Балойыл нæхимæ дæр дзæгъæлдзырд ма бахæцæд. Р^æ рохтæ йын æрбалвасын æмбæлы. Ахæмыл сахсæн куы пæ дарай, уæд пыхс йæ сæрыл ахæсдзæн. Дзæгъæл хъазау скъолайы къуымты фæзьтлд, стæй цирк равдыс- та»,— мæстæй фыхт Батрадз. 96
Æфсымæртæн сæ сихор æнæ хъæлæбайæ ахицæн. Кэе- рæдзийы зæрдæтæ æнæууылд ныхасæй нал скъахтой. Бало йæхинымæр асагъæс кодта æмæ хæрæндоны кой йæ хистæры хъусы нал бацагъта — уый ныртæккæ исты уай- дзæф цы расайа, æндæр ницы пайда æрхæсдзæн. Фæлæ та Батрадз зонд амоныныл схæцыд. — Дæ фæллад суадз. Сывæллæтты цæхæрадоны афонмæ дæ хуыррытмæ хæфсытæ уасиккой. — Тæхуды, уыдонмæ байхъус. Æз — хуыррытт, уы- дон — уасгæ. — Ма та фемæхс,— Батрадз ацъыкк ласта Балойьг ныхас. Æъæццæгæн, кæстæрæн йæхимæ дæр йæ фæллад суа- дзыны зонд фæзынд—абонсарæй цы нæ бавзæрста, ахæм куы нал баззад. — Уæд та мæхи иучысыл диваныл æруадзин,— Бало дызæрдыггæнгæ бакаст Батрадзмæ. — Æрхуысс. Фæстæдæр фæндзæм скъолаимæ футбо- лæй хъазæм, æмæ дæ стадионмæ мемæ акæндзынæн. — Нæ мæ фæсайдзынæ? — Æмæ ма дæ кæд асайдтон? — Æри уæдæ дæ къух. Ма мæ ныууадз. Æз дыл ком- дзог куы ннкуы рацыдтæн. Æдзух дæр дæ фарс куы фæ- хæцыи. — Цæй, æгъгъæд фæуæд. Диван дæумæ æнхъæлмæ кæсы. Бало йæхи гауызыл ауагъта, фæлæ йæ иу цæстæй аи- вæй йе ’фсымæры хъахъхъæдта—иунæгæй ма адымæд стадионмæ. Уæд адæймаг мæстæй нæ аскъуындзæн? Æнæхъæн мæй сын сæ ерысы койæ сцъæхдæндаг, чи сæ дæсныдæр у, уый та абон дæр нæма сбæрæг. Хъуамæсын йæхæдæг фена сæ хъазт. Хуыздæр фадат ма йын кæд фæуыдзæн? Йæхи йæ тыхпйæ бонæй бæргæ хъардта Бало, фæлæ йыл хуыссæг фæтых. Хорз ын бантыст — дыууæ сахаты бæрц йæ къах дæр нæ атылдта. 7 Тымбыл æрдузы 97
Батрадз йæхимæ базылд æмæ Балойы бауыгъта. Ацы хатт лæгъстæтæ æмæ дзырдæппарæнтыл нал фесты — кæстæр уыциу гæпп фæласта. Футболыл, миййаг, нæ цæ- уы ныхас? Йæ хъул сах абадт. Хъазты агъоммæ дæр, стæй уый- фæстæ дæр кулдуармæ хæрзхæстæг бадт фæци æмæ йæ хистæры хорз уыдта. Батрадз сæрæн разынд. Иу порти дæр ын ничи бакъуырдта йæ кулдуарыл. Афтæмæй та фæндзæм скъолайы дæр рæстдзæвннтæ куыннæ уыдаид. Фæлæ-иу сарæхст — кæм-иу ’къухæй æрцахста портийы, каш та-иу хъазджыты къæхты бын атылд. Бало-иу бæс- тæ йæ сæрыл систа, гæппытыл-пу схæцыд, худæгæй-иу бакъæцæл. Футболуарзджытæ афтæ фæдарынц сæхи стадионы. Стæй йæ хъыгдарæг дæр нæ уыд — дуаргæ- сæп йæ тæккæ кæстæр æфсымæр не ’ййæфта, миййаг? Æнæнхъæлæджы... Æвиппайды... Хъазтæн ма йæ фæ- уынмæ баззадаид иу-æртæ-цыппар минуты. Фæндзæм скъолайы лæппутæ сæхи размæ аппæрстой. Сæ размæ- бьгрсæг порти астæухъæдыл ныццавта. Батрадз ма йæ куыддæртæй тымбылкъухæй рариуыгъта, æмæ сæ коман- дæ фервæзт. Бало хъазты фæзилæнтæн цанæбæрæг æмбæрстаид, фæлæ бæллæх йæхи дыууæ цæстæй федта. Батрадз цъы- сымы фæкуыси. Йæ уавæр фыддæрæй-фыддæр кæньт. Иу цæф иннæйы æййафы. Куы нал бафæраза, куы фæцуда... Уæд цы уыдзæн, уый алчидæр зыдта, Балойæн дæр су- сæггаг нæ уыд. Йæ хорз зæрдæйы уаг фехæлд, скатай, ссæргой. Цыдæр тых æй кулдуармæ сыфцæй ласæгау ба- ласта. Ныртæккæ Батрадзимæ хъуамæ иумæ уой, порти- йæн хызмæ бауадзæн пæй. Штангæмæ баввахс. Тæрхоны лæджы æртхъирæнтæ ницæмæ дардта, растдæр зæгъгæ- йæ та сæ нæ хъуыста. Фæндзæм скъолайы размæбырсæ- гæй нал иста йæ цæстæнгас. Уый фæзæн йæ рахиз кæ- рæтты ныййарц, йæ тъæбæрттыл ын цæст нæ хæцы. Фыд- мæнгард уыдзæн. Иу хъазæджы йæ фæстæ фæуагъта, ин- нæйы фæсайдта, порти йæхи æмбæлттæй кæмæдæр авæрд- 98
та. Йæхæдæг та Батрадзы кулдуармæ атахт, æмæ йæм портн уырдæм алæвæрдæуыд. Дарддæр ’цы æрцыд, уьий тæрхоны лæгæн дæр ма сæр- низ расайдта. Размæбырсæг кулдуармæ афтæ хæстæг лæуд фæци, афтæ хорз равзæрста бынат, æмæ портийæн хызы æнæ стæлфгæ нал уыд. Батрадз фæтыхст, кулдуа- ры къуымы смидæг, <стæй та йын йæ бæрæг астæумæ фездæхт. Иучысыл ма, æмæ фæндзæм скъолайы минæ- вар фæуæлахиз. Бало цæстыфæныкъуылдмæ йе ’фсымæ- ры фарсмæ февзæрд. Хъазæг уый æнхъæл нæ уыд, æмæ порти кулдуары сæрты атахт. — Рæстдзæвин! — Сохъхъыр! Уалынмæ райхъуыст тæрхоны лæджы æхситт. Фут- болуарзджытæ нырма ныр ауыдтой аххосджыны, маст сæ чи бауагъта, уый. Хъæр æмæ ахстæй ницыуал уыд бамбарæн. Уыйфæстæ та сын худын бацайдагъ... Бало тъæбæрттæй згъордта къæмдзæстыг уæлахиз- дзауты фæдыл. Афтæмæй та уый .номыл уыдысты æм- дзæгъд дазр æмæ цины хъæртæ дæр. Абоп уымæй тынг- дæр ничи фесгуыхт. Батрадз йе ’мбæлттæм комкоммæ бакæсын нæ уæн- дыд, сæ зондамонæгæй дæр йæхи дæрдты ласта. Фæлæ Бало кæмдæр ныффæстиат — йæхицæн уайтагъддæр ис- ты хъуыддаг ссары. «Багъæц, ба! Ацы хатт дын дæ аккаг куы нæ фæуон, уæд фендзынæ»,—йе ’фсымæры агургæйæ цъæх артуагъ- та Батрадз. Бирæ цæмæйдæрты ма йы,н бавæрдта зæрдæ, фæлæ та йæ уый хæлиудзыхæй фæуагъта. Бало ныхас- æмбалæн равзæрста... футболистты зондамонæджы. Дыу- уæйæ хибарæй бадынц, æмæ йын сæ уæлахизы хабæрттæ дзуры. — Куыддæр уый ныхъхъавыд, афтæ æз дæр — сæр- рæтт. Æмæ порти жулдуары сæрты афардæг. — Дæ таурæгътæ нæма фæдæ, Бало? — аивæй йæ ба- фарста Батрадз. 99
— Цæр æмæ цæр, Бало,— командæйы зондамонæг ээрхоста лæппуйы уæхок.—Сæрæндзинад равдыстай, фæ- лæ хъазт кæронмæ ахæццæ кæнын нæ бауагътай. Ерыс нæма ахицæн,— загъта ма Батрадзæн.— Хорзыл амбæл, дуаргæс! — худгæйæ райста Балойы чысыл къух. — Ноджыдæр ма ахъаздзыстæм,—æхсызгонæй дзырд- та Бало йе ’фсымæрæн, сæхимæ куы араст сты, уæд.— Капитан йæхæдæг куы загъта. — Капитан нæ, фæлæ тренер. Хъазт та ды фехæлд- тай, æмæ дын дæ фæлмæнтæ сцъæх кæнын æмбæльк Фæхудинаг дæн. Дæу фæрцы, дæу аххосæй, дæ хорзæхæй, Кæд ма искæдæм фæлидзон, æндæр мæ сæрæн ницыуал хос зонын. Æдзух (Искæй хъуыддæгты дæ фындз цæмæн тъыссыс? Цы дын нæ фаг кæны? Бало не ’мбæрста йе ’фсымаэры. Кæд ма исты зоны, уæд хъуыддаг нывыл ахицæн. Куы фæхæрды уыдаиккой, уæд сæ чи раппæлыдаид? Афоныл æм фæзынд æххуыс- мæ. Зондамонæг кæй схуыдта, уый дæр разыйæ баззад. Æмæ ма уæдæ Батрадз загъд цæмæн самадта? Батрадзы цæсгом мæстæй пиллон уагъта, йæ буар дæр ма-иу ссыгъд. Бало къуымы иунæгæй бады. Иæ фындз цыма фæпæртт кæны, фæлæ цæссыг хæснагыл дæр не ’руадздзæн. Уымæй йæхицæн зæрдæ мачи бавæ- рæд. «Къæбæда. Къулбадæг. Дзæгъæлкъах. Йæ койы ак- каг дæр нæу, æрмæст хистæр дæ, мæнæй уый, æмæ йын исты æрхъуыды кæн»,— загъта йæхинымæр Батрадз. Уæвгæ йæ ныртæккæ уымæ не ’вдæлы. Иубон Пионерты галуаны иу чызгæн зæрдæ бавæрдта Фадеевы чиныг «Æрыгон гварди»-йæ. Ныхасæн та фæсайæн нæй. Кæртмæ ратылдта йæ велосипед æмæ ауыдта... Бало- йы æнæхин, æнæмаст цæстытæ. Цыма йын абонсарæй йæ ^д йæ хъуырæй уый нæ ласта. Цыма скъолайы дæр æмæ хтадионы дæр хынджылæг нæ скъæрдта. Цыма дзы йе ’мбæлтты æхсæн хъазæнхъул не сарæзта. Алцыдæр æм- барынц йæ кæстæры æнæныкъулгæ сау цæстытæ. Фæл- 100
мæн æмæ уарзæгой сты, фæлæ сæ цымыдис фæллойаг вæййы, уымæн æмæ йæ ничи бадомдзæн. Уыцы чызгимæ та сын æнæ фембæлгæ нæц— гæды- вады ном ыл не сбаддзæн. Балойы сæр дзы бæргæ ни- цæмæн хъæуы, фæлæ йæ хæдзары иунæгæй куыд фæуа- дза? Иемæ та йæ ахондзæн, æндæр гæнæн нал ис. — Мæ фæсарц абад. Афтæ ахуыр дæ рагæй дæр, — загъта Батрадз.— Ныфс мæ ис, дæхи дарын кæй базон- дзынæ, уымæй. Ахсджиаг хæс ис нæ разы,— ме ’мбæлт- тæй иу мæнæ ацы чиныгмæ æнхъæлмæ кæсы. «Цы бæзджын у!»—бадис кодта чиныгыл Бало æмæ уайтагъд хъуыддагхуыз аци. Ахæм ныхæстæ дзы загъ- дæуыд — хæс, æмбал. Батрадзы хæларыл фембæлдысты парчы, дидинджы- ты сакъадахы, сæлдæг уæйгæнæнмæ æввахс. Бало йæ цæстытæ аууæрста, иучысыл цъындæй алæууыд æмæ ра- каст, фæлæ та цæуылдæр фæгуырысхо. Ау, уыцы æмбал уа? Иæ уæлæ рог сæнтурс къаба. Гæны халау бурбын дзьиккутæ дыууæ быдæй фæйнæрдæм телевизоры антен- нæтау фæцыдысты. Чызг сын бузныг загъта. Йæ дзыкку- ты къæдзилтæ дæр ма фезмæлын кодта. Стæй йын Ба- традзимæ дæ зæрдæ-мæ зæрдæ ныхас бацайдагъ. Бало- йæ дæр æй афарста. Афтæ æнæуи, æвæццæгæн, гуыппы тыххæй. — Æз сæлдæг алхæнон, сымах уал кæрæдзийы истæ- мæйты аирхæфсут,— Балойы хъустыл ауад Батрадзы хъæлæс. «Гъеуый дын лæджы ныхас!»—йæхинымæр кæйдæр афæзмыдта Бало æмæ разыхуызæй йæ цæстытæ хистæр- мæ Г|ыццавта. — Куыдтæ цæрыс, Бало? — Æгæр хорз дæр ма цæрын. — Уый та куыд? — Хъуыддæгтæ — къубалмæ. Скъола. Стадион. Ныр та .ног хæс... — Цавæр хæс? 10!
— Чиныг дыл хъуамæ æз сæмбæлын кодтаин. Фæлæ ацы хатт Батрадз йæхæдæг сарæхст. — Æмæ дын уыцы хæс дæ бæрны чи бакодта? — Уымæй Батрадзæн йæхи афæрсдзынæ. — Уый дын мæ быгъдуан,— загъта чызг.— Æххæст ма мын Скъола æмæ стадионы хабæрттæ дæр радзур. — Цас дзуринаг дзы ис? Батрадз ме ’фсымæр, мий- йаг, нæу? Æмæ иуæй-иу хатт йæ фарс рахæцын. Бало йæ хабæрттæ сæрæй бынмæ ралæхурдта. Чи зоны, йæ ныхас ранæй-рæтты æгæр фæцæхджын, æцæ- гæй цы ’рцыд, ууыл ма æмпъузæн кæнæ цъуппæвæрæн афтыдта, цæмæй йыл тынгдæр баууæнда ацы чызг. Ис- кæй афæливын йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд. Чызг, æвæццæгæн, ахудын уарзта. Иæ худындзæг уайтагъд фæкъæртт, фырхъæлдзæгæй-иу уисау фæтасыд. Баломæ дæр иучысыл азым хауы — афтæ бæлвырд, аф- тæ лыстæг луæрстæй цæмæн фæдзырдта уыцы урок æмæ стадионы хабæрттæ? Мæнæ къласы пъолыл бады æмæ хæлиудзых Батрадзæн æмдзæвгæ амоны... Фæндзæм скъолайы дæсныдæр футболист куы сцырын, уæд та кул- дуармæ басæррæтт ласта... Чызг артæнхæлдтæ фæци, йæ цæссыг дæр ма фе- мæхст. Уалынмæ Батрадз дæр фæзынд йæ сæлдæджы хуыни- мæ. Йе ’мбал цæуыл худы, уый йын цы бамбаринаг уыд. Зæххы скъуыды куы ныххаудаид, уæд ын уымæй æхсыз- гондæр ницы уыдаид ныртæккæ. Бало та хæрзгæнæг куы басгуыхид. Иæ къухтæй йын сæлдæг райста, сбуц кодта йæ .ног хæлары, стæй йæхæ- дæг дæр адджинаг цъирынмæ бавнæлдта. Ахæм заман уæлдай ракæ-бакæ пайда нæу — дæ дзыхыл хæц æмæ сæлдæджы ад хуыздæр банкъарай. Сагъæстæ та иууылдæр — Батрадзы æвджид. Уымæн йæхицæн æмбæлы æнахуыр уавæрæй фервæзын. Аххос- тæ кæд Балойы аххостæ сты, уæддæр уаргъ ууыл æрæн- цад. Фæлæ йæ сæрмæ иу нывыл хъуыды дæр нæ цæуьт. 102
Йæ дзæгъæлдзых кæстæры хъустæ бæргæ сивæзтытæ кæнид, æмæ йын чызг йæ узæлд хъæддаг мийыл куы ба- нымайа. Æнæуи дæр дзы Балойы фæлитой йæ сойæсæрст цæстытæ ныссагъта. Мацы та срæцугъæд. Йæ фæдджи- йыл ын фидар хæцдзæн, кæннод хъæуа-нæ хъæуа урок æмæ футболы кой кæрцвæлдæхтæй алкæмæн дæр дзур- дзæн. Йæ сæр ницы ахста, æмæ æнæвдæлон дæн, зæгъгæ, загъта. Чызгæй хатыр ракуырдта. Уый йын дзуапп рад- та æбæрæг мидбылхудтæй. Æвæццæгæн æй иунæг Бало бамбæрстаид а зæххыл. Афтæ уыд, æнæмæнг. — Мах никæдæм тагъд кæнæм. Мах ма парчы нæхп иучысыл апрхæфсдзыстæм. Дæуæн, Батик, нæ зонын,— скарста Бало. — Цом, цом, Бало. Фыдæбонджын дæ æмæ дæ фæл- лад суадз. Чызг æмæ лæгшу бæлæсты бынты кæдæмдæр атын- дзыдтой. Батрадз сæ фæдыл дзæвгар фæкаст. Уæд та сæ асурид æмæ йе ’мбалы йæ æназымыл баууæндын кæнид? Æмæ та йыл куы фæхуда. Фæлтау йæхи исчердæм айс- дзæн. Æнæвдæлон дæн, куы загъта. СЫХÆГТÆ Дыккаг бон сæ хæдзары бады Бæтæг. Уазал дзы ба- цыд, æмæ йæ скъоламæ нал ауагътой. Уаты къуымты бæргæ азилы, фæлæ йæхи цæмæй аирхæфса, уый нæй. Хъазæнтæй йæ удхæссæг федта. Арсы йæ хъусæй сивæз- та æмæ йæ сынтæджы бынмæ баппæрста. Уый фæдыл атахт ног ракетæ дæр. Уæдæ биллиардæй дæр иунæгæй ничи фæхъазы. Иунæг, иунæг. Алчидæр йæхицæн куыст ссардта, æрмæст Бæтæг ба- фтыд æнæбары хъеллауыл. Йе ’мбæлттæ— скъолайы, ныййарджытæ — заводы. Нанайы та йæ фæллад уадзгæ юз
никуы федта. Ныр дæр йæхи лоджимæ айста. Зæрондмæ уым рухсдæр æмæ хъармдæр кæсы. Куатæ хуийы æмæ йæ цæмæй мачи хъыгдара, уый тыххæй йæ куыстæгтæ уырдæм ахаста. Бæтæг сбырыд рудзынгмæ, уынгмæ акаст. Ацафон дзы змæлæг нæ вæййы. Ноджы ма къæвдайæн банцайы- ны амал нал ис. Кæй равдæлдзæн ахæм бон кæртмæ? Кæй бафæнддзæн доны удæстæй бæлæсты бын тезгъо кæнын? Мæнæ йæхæдæг иучысыл фæци уынджы уæгъд хæдоны æмæ йыл уайтагъд хуыфæг бахæцыд... Куыддæр уроктæ фесты, афтæ сæхимæ фæраст. Атын- дзы, фæлæ каштантæм дæр йæ зæрдæ æхсайы. Сæ лæгъз- гуыбынты сын йæ дзыппыты афснайы. Иу фæзилæны афæстиат. Тæккæ тигъыл аразын райдыдтой ног скъола. Уæзисæн куыд кусы, лæгтæ дуртæ куыд амайынц, уымæ цымыдисæй кæсы. Дуар кæнæ рудзынг цæстыфæны- къуылдмæ йæ бынат ссары — лæппутæ йæм рæвдз фев- налынц æмæ йæ къулыл асадзынц. Къуыримæ агъуыст бæлæстæй фæбæрзонддæр, фæлæ ма хæхты цъуппытæ дзæбæх зынынц. Æвæццæгæн, уьтцы мадзура уæйгуытæм зккуырстой мигъты къуыбылæйттæ. Арвгæрæтты æддæг- мидæг ауадысты, стæй -сыл дымгæ йæхи аскъæрдта, æмæ ’фырадæргæй сæхи хохæн куы йæ иу тигъыл атухынц, куы та йын йæ ’ннæ цыргъыл абæттынц сæ фæскъæуттæ. Чидæр цыма мигъты рæдзæгъдтæ сцагъта — сахкъæвда фемæхст. Æнхъæлдæн, æгомыг уæйгуытæ сæ риуы дзаг •сулæфыдысты — ныкъкъуыззитт ласта уазал дымгæ, бæ- лæстæ ратас-батас, сусу-бусуйыл фесты, сыфтæ кæм иу- гай, кæм та балтæй фæхицæн вæййынц къалиутæй æмæ уы’мæл зæххыл сæ тъæпп фæцæуы. Къадатæ сæ разæй айсынц, цæуылдæриддæр амбæ- лынц, уый — гæххæтты гæбæзтæ, хус къæцæлтæ, сыфтæ- ры цæндтæ. Арвы абухын ма Бæтæджы дæр фенæнцой ко’дта. Кæд дымгæ, уæд нæрæмон! Кæд къæвда, уæд гъæйттæй уарæд! Дзабыртæ ныххуылыдз сты? Мурмæ 104
дæр сæ нæ дары. Ратæх-батæх кæны. Гуылфæны сæрты яхизы, йæ развæд ын амæрзы къахфындзæй, кæм æй ба- фæнды, уым æй бацауазы. Лæппуйæн йæ балц низ расайдта. Æхсæв-бонмæ хуыссæджы хъæстæ нæ фæци, буар сыгъди; ныр дæр æнæхайыры хуыфæгæй нæма фервæзт... Цы фæуа, уымæн ницы зоны Бæтæг. Уынджы дæр, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæмæй ницы разынд. Араз- джытæ кæмдæр бамбæхстысты. Уæзисæн кæсагласау бандзыг. Бæлæстæ — сидзæрхуыз, сæбæзджын сыфтæр— дымгæйы амæттаг. Къалиутæн сæ фылдæр абæгънæг. Тæгæры тигъджын сыф йæхи хъавгæ æруадзы акъацийы лыстæг цъæх сыфимæ. Кæрзытæ сæ бурхъулон сыфтæй æвæндондæрæй фæиртæсынц. Каштантæ дæр цыма тагъд нæ кæнынц. Згъæлæццаг сыфтæр сæмтъеры, æмæ дзы æвæджиауы рæсугъд гауыз рауад. Уæлдæфы уымæлæй иучысыл фæфæлмæндæр ахорæнты пиллон, фæлæ гауыз уымæй фыдуынддæр нæ фæци. Боныхъæды раив-баивыл цæст нæ хæцы. Уæвгæ уы- дæттæ Бæтæджы нал æндавынц. Сыфтæн тæригъæд кæ- ны — къæвда сæ хъæбæр асфальтыл хойы, доны сæ ныу- удайы, æмæ сæ бон фæппæррæст ласын^ нал вæййы. Ныр сыл искæй къах чъизи фæд ныууадздзæн, йе та цъыфтæ фæкалдзысты. Бырон куы фестой, уæд та сыл фæсвæд ран зынг бафтаудзысты. Къада алцæмæйдæр знæт ивылд доны фæзмы. Куы йæ уылæнтæй фæхъазы, куы та йæ уæлцъар алæгъз кæ- ны. Куы йæ фæстæ зылын-мылын фæд фæуадзы, куы та уыцы æмрастæй йæхи размæ аппары. Уырдыджы йыл цæст нал фæхæцы,— сыфтæ дæр ма цъилау зилын бай- дайынц. Уарын йæ сæх-сæхæй ие ’нцайы- Уазал æртæхтæ згъа- лы дуртæ, къалиутæ æмæ сыфтæрыл. Чидæр лæппуйы йе ’нкъард сагъæстæй фæиртæста — æвиппайды цавæрдæр сау тымбылæг рудзынджы бын 105
цалхау атылд. Ирдæй, рæсугъдæй цыдæриддæр ссардта, уыдон цыма йæ быны банорста,—уынг изæрдалынгтау ныттар. Уалынмæ тымбылæгæй цуркау разынд сæнтурс зачъейы кæрон. Уый фæстæ йæхи равдыста лæджы фындз. Æппынфæстаг ферттывтой йæ кæсæнцæс- тытæ. Сæ сыхаг зæронд лæг Дадо ма уæд? Йæхи ирхæф- сынмæ та рацыдаид, æмæ, æвæццæгæн, рудзынджы бын афæстиат. Къæвда уа, йе æнтæф бон — йæ ахуыр нæ фехалдзæн. Афтæ фæдзурынц: бирæ фæфыдæбон кодта æмæ сфидар, бахсыст. Науыры фиййау цыди, Садоны шахтерæй куыста. Ныр горæты цæры йæ кæстæр фырти- мæ. Сæ хæдзар кæрты ис, сусхъæд бæласы дæлбазыр. Лæууы Дадо Бæтæджы рудзынджы бы-н сау-сауид зонтимæ. Йæхæдæг æй хураууон хоны. Куыддæр ныд- дыпджыртæ, а сæрды сывæллæттæн цы змисдон сарæз- той, уыйау зыны лæппумæ. Уалынмæ зæронд лæг тигъыл фæзылд. Кæнæ æхсыр, кæнæ та сæкæр æлхæны. Дæс- фынддæс минуты фæстæ йæ фæд-йæ фæд раздæхдзæн. Цъыкк, цъыкк — къæвда рудзынджы авг хойы. Цъæпп — къалиу къадайы смидæг, доны уæлцъар рог уылæнтæй фæдзыгъуыр. Бæрзæй каштанмæ уыдзæн фондз метры бæрц —Бæтæг бæласæй бæласмæ цæсты- фæпьгкъуылдмæ азгъордзæн йæ иу къахыл дæр. Мæнæ ацы бæлццон цыма тарф хъуыдытыл бафтыд. Æви уый дæр нæ фæразы? Р1æ къæхты айст — уæзбын. Æвæццæ- гæн, йæ коммæ нал кæсынц. Иæ хураууон змæлгæ дæр пæ кæны — йæхи æгъдауæй хъавгæ æнкъуысы. Алы æр- тах дæр хураууоныл стъæлфау фæзыны, стæй лæзæрын байдайы æмæ куыдфæстæмæ уымæл хъуымацыл атайы. Кæттаджы нывтæ сæ хуыз нæ ивынц. Джиппы сæ куы- дæй рауагътой, афтæмæй баззайынц. Хуры тынтæ зонты бæрæг астæуæй суаыг кæрæттæм дугъ са-мадтой, кæркæ- мæркæ хуртуан сæ рауад. Иæ сырх æмæ бурбын гæбæз- тæй сси, парчы чи цæры, уыцы мæлхъыты халдих — маргъ йæ базыртæ сцагъта, фæйнæрдæм сæ фæхаста, 106
фырбуцæй йæ хъæлæсы аивдæр зæлтæ фæлвары. Ахæм: хураууон ис æрмæстдæр сæхи сыхаг Дзæрæхмæ. — Уый у, уый,— бацин кодта Бæтæг. Дзæрæх æфсæнвæндаджы вагæттæм зилы. Сæ заводы дзыхъхъынног фестынц. Слесыр ныртæккæ йæ фæллад. уадзы. Денджызы былгæрон мæйы бæрц фæцис. Федта Рицæйы цад. Науы ма суанг Пицундæйы дæр балæууыд. Хур æй афтæ басыгъта, æмæ йæ ныр иу къуыри сапонæй: æхсын бахъæудзæн. Чи зоны, ноджы фылдæр. Цыфæнды куы уа, уæддæр æй йæ хураууонæй ничи фæиртасдзæн. Куыстмæ цæугæйæ дæр æй йемæ айсы, фæлладуадзгæйæ* дæр. Раппæлæн дæр дзы ис, хи абуцгæнæн дæр. Уæвгæ- Дзæрæх гæды митæ нæ уарзы. Заводы йын хæрзиуæг радтой, стæй ма дард балцы ацæуыны бар, фæлæ сыхæг- тæ æрæджиау базыдтой уыцы диссæгтæ. Чидæр сæ газе- ты ба<каст æмæ сæ иннæтæн дæр радзырдта. Дзæрæх, æвæццæгæн, йæ фырты чызджы размæ тын- дзы. Æрæджы бахызт скъолайы къæсæрыл, æмæ хистæр- ты йемæ суанг базары цурмæ цæуын бахъæуы. Мæнæ- скъола арæзт фæуа, уæд йæхæдæг згъордзæн — уынгыл цæхгæрмæ ахиз æмæ дæ къласмæ тъæбæртт кæн... Лæппу йæ цæст ахаста арæзтадыл. Йæхи скъола нæ уыдзæн, миййаг? Чи зоны, иннæ аз уæртæ уыцы къласы бада. Йе та мæнæ ам. Цæй, хорз, Дзæрæх афтæ куы фæ- зæгъы: тагъд дон фурды не ’ййафы. — О, Зæлинæ Аслановнæ йæ куыстмæ ара-ст,—æнæн- хъæлæджы сирвæзт Бæтæгæй, йæ къухтæ дæр ма сцагъ- та. Рудзгуыты бын фæзынд дидинæгæй фæлыст хураууон. Фондзфондзыссæдз зонты дæр æм равдис, уæддæр æй Бæтæг æндæримæ нæ фæивддзаг кæидзæн. Цæвиттон, Зæлинæ Аслановнæйæн йæ гуырæнбон уыд. Сыхæгтæ йын дзæбæх лæварæй йæ зæрдæ балхæнынвæнд скодтой. Чи загъта сахат, чи къабайаг, чи цы. Бæтæджы мадмæ хураууон хуыздæр фæкаст, æмæ уый фæндыл дыууæ зæ- гъæг нал фæци. Æр-мæст, дам, ахуыргæнæгæн йæхи хуы- 10Т
.зæн рæсугъд æмæ хъæлдзæг уæд. Уыцы бон мамæ æвдæ- .лон разынд æмæ лæвар алхæныны бар уымæ æрхауд. Йемæ айста Бæтæджы дæр. Дуканийы бирæ фæтæрхæт- тæ кодта уæйгæнджытимæ. Зæлинæ Аслановнæйы кой йедтæмæ сæм ницыуал уыд. Сæ иннæ хъуыддæгтæ ныу- уагътой. Бæтæг сæм лæмбынæг фæхъуыста æмæ базыд- та, сæ сыхаг куыд хорз, куыд фæлмæнзæрдæ æмæ хъæл- дзæг адæймаг у, уый. Сывæллæтты йæхи удæй фылдæр уарзы. Чызгæй, лæппуйæ—се ’ппæтæн дæр æххуыс кæ- ны. Кæннод Додик хынцынмæ нæма арæхсы, Беслæн та чиньгг кæсгæйæ къуыхцытæ байдайы. Мæдинæйæн дæр .англисаг æвзаг ком нæ лæвæрдта—ома мур дæр не’мбæр- ста. Ныр цыппартæ æмæ фондзтæ исынц. Бæтæг йæхæдæг дæр афтæмæй фæцалх кæсын, фыс- сын æмæ нымайыныл. Ахуыргæнæджы фæдыл-иу баф- ’тыд, йæ зонд æмæ-иу зæрдæйы æвæрæнтæ кодта. Зæли- нæ Аслановнæ дын уый куы бафиппаид. Фадат ын фæ- ци, уæд-иу ын дамгъæтæ æмæ цифрæтæ амыдта, алыхуы- зон нывтæ йын æвдыста... Мамæ ма дуканигæсæн радзырдта Зæлинæ Асланов- нæйы... цæстыты тыххæй. Йæ хъуымбыл дзыккутæ æмæ йын йæ лæгъз цæсгомæй дæр раппæлыд. Æнахуыр ны- хæстæ дæр-иу сдзырдта, æмæ-иу ын уæд бамбарæн иал уыд. Уæйгæнæг дæр дын хин митыл ма схæца. Цыма-иу мамæйы бамбæрста, йæхи афтæ дардта. Искуы дæр ма арвау цъæх-цъæхид цæстытæ вæййы? Кæнæ сæрыхъуын- тæ бæгæныхуыз кæд райсынц, стæй фæлмæн къæбæлдзы- джытæй фæсонтыл куыд æркæлынц? Уæд цæсгом та? Туг æмæ æхсыры искуы æмхæццæйæ фендæуыд? Худын дæр, дам, афтæ бирæ уарзы, афтæ... Иудзырдæй, уды- гага, зæдыкъалиу. ’Иуафон сæ бæлвырд æмæ æбæлвырд, æмбæрст æмæ æнæмбæрст ныхæстæ скуынæг сты, æмæ мамæ, уæйгæнæг, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Бæтæг ахуыргæнæгæн лæварæн равзæрстой æппæты рæсугъд- дэзр хураууон. Æрвхуыз хъуымацыл дидинджытæ апырхчындæуыд— 103
уардийы цупæлттæ арвы рмуыл сагъд. Гъемæ нырæй фæ~ стæмæ Зæлинæ Аслановнæ нывæфтыд цары бын фæрмæй: цæрæд. Мамæ æмæ-иу уæйгæнæгæн акувæд йæ сæрæй- алы асæст, алы æнтæф бон дæр. Æмæ æцæг хураууон ахуыргæнæджы зæрдæмæ тынг фæцыд. Сæ лæвар æм куы бахастой, уæд фефсæрмы.- Уайтагъд æй фегом кодта, æмæ сыхæгтæм афтæ фæкаст,. цыма Зæлинæ Аслановнæ стæхынæввонг аци — ныртæк- кæ (рогбазыр мæргъты бафæзмдзæн æмæ урс æврæгъты асурдзæн. Сæ лæвармæ æцæгæй дæр разынд диссаджы миниуджытæ. Ахуыргæнæджы цæсгомыл-иу цыма æрт~ тиваг фæлмæн тæппытæ кæнæ аууæттæ айзæрстæуыд,, æмæ-иу адæймаг æнахуыр сагъæстыл фæци. Афтæмæй*. та-иу Зæлинæ Аслановнæ йæ мадбылты худт, йæ дæн- дæгтæ-иу сæкæры къæрттытау цæхæртæ калдтой... Тæхуды, æмæ уьшджы балæуу, де ’мбæлттæм азгъор,, сæ таурæгътæм сын байхъус. Сæнттæ сты уыдон иууылдæр. Иу уынг дæр нæ фен- дзæн, иу таурæгъ дæр нæ фехъусдзæн, цалынмæ йын: дохтыр бар радта, уæдмæ. Адæмы та къæвда дæр нæ уромы — дыууæрдæм кæ~ нынц. Алыхуызæттæ сты бакастæй, дарæсæй. Иуыл — палто, иннæуыл — плащ. Иутæ кæдæмдæр тындзынц, ин- нæтæ сæхи ирхæфсынц. Цæуынц иугæйттæй, къордтæй. Алкæмæдæр сæ исты хъуыддаг разындзæн — иу дæр сæ- рудзынгмæ не скæсдзæн, иу ныхас нæ зæгъдзæн Бæтæ- гæн. Фæзынынц æмæ æрбайсæфьшц. Сæ фылдæр — æнæ- зонгæтæ æмæ æнæвдæлонтæ. Искуы стыр хæдзары куьг цæрид, уæд, бæгуыдæр, бирæты зонид. Фæрсæй-фæрстæм- цæриккой æмæ-иу райсомæй кæнæ изæрæй фембæлик- кой. Сæхи хæдзары та цэзрынц æрмæст зæронд Дадог. фыддæоны слесыр Дзæрæх, стæй Зæлинæ Аслановнæ: Ноджы ма... булкъон. Йæ ном, йæ’ном та — Хадзымурат. Салдæттæ æмæ афицертæн се ’ппæты хнстæр. Куыддæр Бæтæг булкъоны æрымысыд, афтæ дын уыйг йæхæдæг рудзгуыты бын куы февзæрид. Йæ къахайст — 109>
сфидар æмæ сæрæн. Афтæ фæцæуынц фæлтæрд æфсæд- донтæ. Дзæрæх дын æй нæ зоны. Йæхæдæг дæр салдат фæцыд хæсты заман. Хадзымурат та Сталинграды рай- дыдта фашистты дæрæн .кæньин æмæ сæ суанг Берлинмæ •фæсырдта. Арты дæр нæ басыгъд, дон дæр æй нæ фæла- ста. Æрмæст йæ цæсгом æмæ йæ буарыл бирæ ностæбаз- зад. Райсомæй кæртмæ йæ уæнгтæ аивазынмæ куы рауа- йы, уæд ын фены Бæтæг йæ цаэфтæ. Хадзымурат изæрыгæтты арæх абады Дадо æмæ Дзæрæхимæ сусхъæд бæласы бын. Æмæ уæд цыфæнды цымыдис адæимаг дæр йæ тыппыртæ суадзы. Хæсты кой дæр сæм рауайы, заводтæ æмæ фосы дзугтæ дæр æры- мысынц. Кæм худæн ныхас, кæм та æнкъард цаутыл фæ- ъæййынц. Алкæмæдæр сæ пс хабæртты дзæкъул æмæ цы- ма иу 'Кадæг фæнывæндынц— иу бонæй иннæ бонмæ тау- 1рæгъ таурæгъыл æфты. Фæстаг рæстæг сæ хъуыддæгтæ æгæр бадомдтой. Ацу æмæ йæ базон, кæд та фæзындзысты ныхасмæ сæ дис- 'Сæгтимæ. Дзæрæхы фырты чызг кæстæртыл зондæй фæ- тых. Уыцы Уарзет йæ фырракæнонæй цы нæ æрхъуыды кæндзæн, ахæм ын нæй. Къулбадæг у æви къæсыбадæг, уый Бæтæг бæлвырд нæма базыдта, фæлæ йæм цыма дыууæйы миниуджытæй дæр йæ фаг ис. Схъæлфындз Уарзет цавæрдæр хуынды гæххæттытæ æрбахаста, æмæ ^сабаты зæронд Дадо, фыддæсны слесыр Дзæрæх æмæ хъæ- батыр булкъон Хадзымурат йемæ араст сты, сæ таурæгъ- тæ скъолайы фæдзырдтой. Бæрæгбон, дам, сарæзтой. Цавæр бæрæгбон ма у уый та? Уæвгæ сыхы хистæртæ итувæрд уыдысты. Сæ хæрзиуджытæ дæр ма сæ риутыл бакодтой. Лæппутыл хинæй разылд Уарзеты къæбæда. Цавæрдæр цæдис æрымысыд, æмæ-иу ныр зæронд Дадо, фыддæсны слесыр Дзæрæх æмæ хъæбатыр булкъон Ха- дзымурат арæх сæмбæлдзыстыскъолайы, уымæн æмæ æм- цегтæ хуинынц. Æмæ-иу Бæтæджы семæ нæ акæндзысты? Бæгуыдæр... Гъемæ-иу уæд Уарзет йæ алывæрсты ратæх- 110
батæх байдайæд. Иæ фындз ын амæрзын æмбæлы. Уадз æзмæ хæлиудзыхæй аззайа. Бæтæг фæхъæлдзæгдæр, æмæ фæссихор Хадзымурат йæ куыстмæ куы афæндараст, уæд йæ къух салам дæт- тæгау систа. Булкъон æй нæ бафиппайдта. Хъуыддаг- хуызæй, уыцы æлвæст æмæ сæрбæрзопдæй цæхгæрмæ ахызт уынгыл. Фæлæ цыма уыйхыгъдмæ лæппуйæн лæ- вар рачындæуыд — йæ цæстыты раз портийау сдьшст хъулон-мулон, кæркæ-мæркæ хураууон. Иæ астæуы йын ныссагъдæуыд дидинджыты цупал — цады уæлцъарыл сæ баныхæстæуыд, æмæ сын фенкъуысæн нæй. Цупалы алыварс байтыдæуыд цъæхбын фæрдгуытæ, стæй ма... сæхи систой урсбарц уылæнтæ. Цатыры кæрæтты та ди- динджыты тæппытæ судзынц. Хураууон банцад йæ тæлфын, йе змæлынæй. Диди- нæг фæлыстæй лæппумæ мæнæ-’мæнæ кæны. Чысылгай йæхи хæрдмæ сивæзта, уайтагъд Бæтæгмæ схæццæ. Лæп- пуйы æрфæндыд дидинджытæм бавналын, сæ хæрздæф сын йæ риуы дзаг сулæфын. Иæ къухтæ сæм банвæзта, йæхи сцагъта: — Мамæйы зонт, мамæ æрбаздæхт! — Базыртæ та йыл базад. Кæуындзастæй бадт абон- сарæй, иыр æм ничи кæсы? — Бæтæджьрмадымад худæп- былæй иуварс æрæвæрдта йæ хуинаг. Къæсæргæрон сцоппай Бæтæг. Æнкъард? Æрхæндæг? Фесæфт уыцы зæрдæйы уаг. Æндæр кæдæмдæр адымд- та. Ацы хæдзары йæ ницыуал хъуыддаг нс. Æвæццæгæп, ацы сыхы нæ фидауы. МЯУ АГУРЫ ИÆ ХИОНТЫ Гæдыйы лæппын уыд хæрзгыццыл. Хæрзгыццыл æмæ æнарæхст. Фæлтæрдджындæр куы рахастаид, уæд, чи зоны, йæ бирæ бæллæхтæй фервæзтанд. Ныронг йæ цард пывыл бæргæ цыд. Кæмдæр хæрз- 111
хæстæг хъуамæ уа талынг сара. Уым фæрнæй æрвыста йæ бонтæ. Уымæлæй хъуаг не ’ййафы, фæлæ дзы исфæл- мæн хъуынджын хуыссæн. Хъæмпын лыстæнимæ йæ нæ абардзынæ. Цавæрдæр хæларзæрдæ адæймаг сарамæ баппæрста зæронд кæрцы хæррæгъ. Æмæ йыл гæдыйы лæппын хъазыд хус къæцæлтимæ, маргъы сис кæнæбум- булитимæ. Бафæлладтæ—дæхи ауадз, раззаг къæхтыл дæ сæр æрæвæр æмæ æнцад бад. Куы дæ бафæнда, уæд рæдзæнмæдзæ дæр акæн. Хуыссæг дæ ахсы—дæ цæсты- тæ сæхгæн æмæ адджьш фьштæ уын. Æппæтæй фылдæр гæдыйы лæппын хъылдымтæ уарз- та. Уый дæр тыппырæфсæстæй. Исчи-иу ын æрбадавта хъæрмхуыппы тæбæгъ, хъарм æхсыры къус, дзулы фæл- мæнтæ. Дæхи хорз фен, дæ былтæ асдæр æмæ гъæйтт кæн, цалынмæ не сфæлмæцай, уæдмæ. Иунæгæй фæирхæфсы йæхи, уымæн æмæ иубон йæ мад хо æмæ ’фсымаэримæ хæринаг агурæг кæдæмдæр афæндараст æмæ -нæма ’рбаздæхт. Хуыздæр цæрæнмæ -никуы бабæллыд. Кæрдæгмæ ра- быр, дыууæрдæм атезгъо кæн, дæ уды дзæбæхæн дæ алы- вæрстæм афæлгæс. Раджы фæцахуыр ахæм балцытыл æмæ хорз зоны, фæндагыл цæуын æнцондæр æмæ æдас- дæр кæй у. Кæннод искуы фæдзæгъæл дæ. Гæккуыри дæм æрбаввахс, уæд бандоныл абад кæнæ дæхи иуварс- мæ фехс. Хæлиудзых ма разын — исчи дьш йæ тæфгæ- наг цырыхъхъæй дæ къах асæтдзæн. Бирæ цыдæртæ базыдта гæдыйы лæппын, æрмæст æм æгъгъæд нæ кæсьшц. Фæндон хъуыддæгтæ кæм ис? Тæ- худы, æмæ рог гæппытæ, тæхгæ сæррæттытæй бафсæд, дæ фаг фæзил атæппæт бæстыхæйттыл. Алы къуыммæ дæр басмуд, алы фæсдуар дæр басгар. Хæдзарæй, быру- йæ, каурæбынæй — æнæ бабæрæггæнгæ мацыуал ныу- уадз. Кæм цы ис, ч,и кæм цæры æмæ цы архайы, уый фе- нын æнæмæнг æмбæлы. Уæд дьгн зиан ничи аэрхæсдзæн, дæхиуыл сайд не ’руагътай. Хæринаг дæр дæ къухы æн- цонæй бафтдзæн, адджииаг дæр. Хъæбысхæсты — æвыд, 112
ницæйаг мыстытæ æмæ æнæбон хилджытæ нымады дæр не сты. Чи зоны, йæ бинонты дæр ссара. Кæдæй нырмæ нал федта йæ мад, йæ хо æмæ йе ’фсымæры! Куыддæр йæ хионты æрымысыд, афтæ йæ былтæ æр- уагъта, цæстытæ ауымæл сты. Хъыпп-сыпп не суагъта йæ дзыхæй, йæ кæуындзæджы ком тынгдæр балвæста. Чи йæ бамбардзæн? Иумæ сын куыд хорз уыд, уый кæй хъусы бацæгъда? Кæцæйдæр æм цыма йæ мады рæвдауаг хъæлæс фе- хъуыст. Кæцæйдæр æм цыма йæ уарзæгой цъæх цæсты- тæ ферттывтой. Хъал у æви фьшæй? Сæнттæ цæгъды æви йæ исчи афæлывта? Цæй, цы уа, уый уæд. Йæхи хæрдмæ сæппæрста. Сæрæн зыввыттæй ницы рауад. Сарайы къуымы рагæй æмбийы иухцалхы саст, бырæттæм æй ап- па-рæг нæ фæци, æмæ йыл ныр йæхи ныццавта. Уадзыг- гæнæгау зæххыл адæргъ. Йæ рахиз къах цавæрдæр цыр- гъагыл ахафта. Чидæр цалхыл баппæрста сындзтелы тыхтон, æмæ йын, æнхъæлдæн, йæ царм дæр ма арæдыв- та — цæфæй туг рахъардта, цъæррæмыхст дуды. Къах дзыхы атъыста, 1рис иучысыл фенцад. Фæлæ кæдмæ бад- дзæн сахсæнимæ? Æ<ртæ къахыл ма кæдæм фæцæуа? Рахызт сарайæ. Байхъуыста. Ахъахъхъæдта. Боны рухс аууæттæ систа, кæмдæр сæ фæсвæды бафспайдта. Хуры тьштæй схъарм уæлдæф, кæрдæджы хал æмæ сыф- тæр. Йæ маст атад, къахы рис нал æмбары. Эх, æвæдза, мады схъидтытæ. Фæгуыбыр, фæлмæн рихи фæпыррыкк, тæнтæ ’рбалвæста æмæ хæрдмæ фæхауд. Ничи йæ ба- хъыгдардта, æмæ портийау къалиуты æхсæн фæмидæг, къудзийыл атылд. Стæй кæрдæгыл азгъордта. Цæвæг ыл нырма хæрз- æрæджы ахастой. Ногкарстыл æнцон уайæн нæу, йæ гуы- бып цыргъ уистыл ахафы, фæлæ уымæн дæр фæразы. Хорз æмæ æртæх нæма байсыст. Дидинджыты æхсæн балæууыд. Сырхытæ, бурбынтæ, æрвхуызтæ. Лыстæг ти- халджытыл сæ ныссагътой. Æви сыл сæхæдæг æрцауьш- дзæг сты, цæмæй сæ дымгæ фæйнæрдæм ма фæхæсса. 8 Тымбыл æрдузы 115
Цæхæртæ калынц, цыма хуры тын йæхи авджы састыл скъуырдта æмæ фæсаст, базгъæлæнтæ, æрттиваг гæбæз- тæй фæпырх. Аууоны ахуыссынæн хуыздæр ран ссарæн «нæй. Басмыста. Йæ алывæрстæм акаст — хъуамæ йæ зæр- дыл бадара хæмпус рыг дидинджыты рæбын. Асæрби- хъуырæйттæ уал кæна, истæмæй уал сахода, стæй та йæ ярдæм хъæуы фынтæ уынынмæ. Дугъ, тъæбæртт, гæпп, сæррæтт. Ау, уа-диссагæй пи- цы равдыста? Фæкæсут-ма уæдæ. Схъиуд æмæ тахт. Уф! Иæ сæр дæр ма разылд. Зæрдæ алцæмæйдæр райы. Аууæттæ — бнрæ, хур- туан — дæ тæккæ фарсмæ, кæрдæг — дæ къæхты бын, лæгъз асфальт — дæ дæлдымæг. — Гъæйдæ-гъа, цъыфдзасты куы фæкуыси дæн!—гæ- дыйы лæппын йæхи батылдта, фæлæ йæ ихæнриз не суагъта. Дондзæуæн хæтæлы бын бабыр, дæхи кулы ныуудай! Æнæфенд митæ. Тæфсæг ыл цыма бахæцыд, уыйау йæ гæртт-гæртт цæуы. Йæ кæрц нырма тæнæг у — хъуын бампылд æмæ нытътъæпæн, сырхбын царм дæр ма ан- цъылдтæ. Тæхуды, дæхи искуы банорд. Фæлæ йæм йæ къах айсыны хъару дæр нал ис. Дзæмбытæ коммæ нæ кæсынц. Аууонæй уæддæр исты амалæй куы рахилид. Сара йæм нал зыны. Дидинджытæ сæхи бамбæхстой. Доиуадзæн та йæ пырх калы, уазал æртæхтæ луары. Гæдыйы лæппьш йæхицæн фæтæригъæд кодта æмæ кæ- уынхъæлæсæй бауасыд: Дард сты мæ мад æмæ мæ хо, мяу. Уазал æмæ мын стонг у, мяу. Чидæр ын фехъуыста йæ тъизын. Кæйдæр стыр къух- тæ йæ систой. Йæ уымæл хъуыныл ын фæтæн арм æр- хаста. Йæхи сцагъта, арф улæфтæй адымст. Хæрзгæнæ- джы футæн дæр æнæ тæрсгæ-ризгæйæ бафæрæзта — йæ астæу нæ фелхъывта, рихи арцау нæ фæцыргъ. 114
Адæймаг та раулæфыд хъарм уымæл уæлдæф. Гæды- йы лæппынæн ма уый æхсызгон дæр уыдис, æмæ йæ ба- фæндыд æвзаджы кæронæй дазрзæггомау къухтæ асдæ- рын. Ноджы ма цæйдæр хæрздæфæй фæхъæстæ. Йæ ко- мыдæттæ аныхъуырдта, цæстытæ байгом кодта. Кæм ис? Кæмæй фæбузныг уа? Диссæгтæ... Бады иу дынджыр лæджы фæтæн армы. Лæгæн ис сырхбын, дымет, фæлмæнæнгас цæсгом, цы- бырæлвыд рихитæ, рæвдауаг цæстытæ. Нæ фæлæ куыд бæрзонд схызт. «Стахт» зæгъыныл дæр сразы уаид, фæ- лæ мæнг ныхас иæ фидауы. Бæрзондæй алцыдæр дзæ- бæх уыны. Уæртæ сара. Мæнæ дидинджытæ. Цыма кæм- дæр сабптæ хъазынц — сæ хъæлæба сын йæ хъус ахсьь Гæдыйы лæппын фырцинæй мяу-мяуыл схæцыд, æмæ йæ хæрзаудæг зæхмæ æриста. Бузныг — хуртуанмæ йæ æр- уагъта. Йæ лыстæн — цæттæ. Бур, сырхбын, морæхуыз сыфтæрæй йын—баз æмæ гобан. Уыцы зæронд кæрцы къæрит дæр ма дзы ферох. Йæ бырынкъ сдардта, зыхъ- хъыр дæндæгтæй дæргъæццон сыф ацахста. Хæрдмæ йæ фехста. Иу хатт, ин’нæ... Сыф йæ фуйæ фезмæлы, стæхы, æмæ та йæ ацахсы. Къаннæг мыстыл цыма фæхæст, уыйау æй зæхмæ нылхъивы. Цæсты кæрæттæй алцыдæр уыны æмæ фиппайы. Къалиуæй та фæхицæн тæлфаг бур сыф. Иу уысм уæл- дæфы ацауыпдзæг. Асæрсилæджджьш. Цъилау ныззылд. Йæхи ныллæгдæр æруагъта. Ноджыдæр ма. Хæпп! Аф- тæ, гъе!.. Цуаноны амондæй гæдыйы лæппын арт фестад, æваст хъæр дæр ма дзы сирвæзт. Йæхæдæг дæр æй нæ бамбæр- ста, афтæмæй тæптæлвæстæй гныттынг, маргъау спæр- рæст ласта æмæ зырзыргæнæг сыф тæхгæ-тæхыи ра- цахста. — Æнхъæлдæн æмæ дæхимæ сты, къуымзил,—чидæр раппæлыд гæдыйы лæппынæй. Æвæццæгæн, йæ ирвæзьшгæнæг ныххудт. Йæхины- мæр ма йыл ном дæр сæвæрдта — Фæлмæн Къухтæ. Лæг 115
сындæггай араст лæгъз къахвæндагыл. Иунæгæй йæхи ирхæфсы. Лæдзæгыл æрæфсаэры, йæ цыргъ фьшдз ын згъæлд сыфтæры фæтъыссы, уæззау къахæй та змисыл æрæнцайы. Гæдыйы лæппын акаст лæджы фæстæ, стæй йæ фæ- дыл фæраст. Фæлмæн Къухтæ кæй схуыдта, ууыл ныф- фæдзæхста йæхи. Кæм гæппытæгæнгæ, кæм тъæбæрттæй згъоргæ, атындзы, цæмæй мауал фæхицæн уа йæ хæрз- гæнæгæй, хъуса йьгн йæ лæдзæджы къупп-къупп, йæ къахдзæфтæ. Уыцы иу рæстæг ма къудзиты рæбынтæ дæр асгары, дуртæм басмуды, змисы рæдзæгъдтæ азмæн- ты, сыфтæ, къæцæлтæ, фæлвых кæрдæджы муртæ ассæн- ды. Гæпп æмæ сæррæтт тæригъæдгæнаг адæймаг Фæл- мæн Къухты фæдыл. Тæхуды, æмæ ам суанг изæрда- лынгтæм фæхъаз, згъор, цуан кæн. Фæлæ бастад. Æвæц- цæгæн, фæллад суадзын дæр æмбæлы. — Мяу, мяу,— бауасыд мæллæг хъæлæсæй. Адæймаг Фæлмæн Къухтæ дисхуызæй фæстæмæ ра- зылд æмæ загъта: — Алæбон æгас фæцу, лæппын. Цымæ кæдæм адард- тай дæ фæндаг? — Мяу! — дзуапп радта гæдыйы лæппыи, ома хъуыд- дæгтæм дæхæдæг дæсныдæр дæ. — Мяу кæй дæ, уый бæргæ зонын, фæлæ уæгъд лек- ка аив нæу. Нырма гыццыл дæ, ницыма ’мбарыс æмæ фесæфдзынæ доны къусы сæфт. Дæ цард дæ саразын нæ хъæуы? Уæдæ цы чындæуа? — адæймаг Фæлмæи Къух- тæ Мяуы йæ хъæбысмæ систа, йæ лыстæг цæстытæм ын ныккаст.— Æнахъом. Дзæгъæлкъах. Фыдуаг. Уый иу- уылдæр ды дæ. Афтæ нæу, миййаг? Къахвæндагыл рагон хæл,æрттау араст сты. Фембæл- дысты. Сыгъдæг уæлдæф улæфынц фæззыгон бæлæсты бын. Кæд дæм ныхасаг нæй, уæд æнæдзургæйæ дæ алы- вæрстæм фæлгæс — алы диссаг, алы рæсугъддзинадæй— буц æмæ рæвдыд. Нæ фæлæ бæлæстæ куыд бæрзонд фæ- цыдысты. Мæнæ байрæза, йæ тасаг æмæ хъæбæр ыыхтæ 116
разайой, кæддæра сын, гæды цы у, уый нæ фенын кæна. Сæ цъуппытæй-иу сын акæсдзæн. Куыдæй? Тагъд-тагъд сбыр бæласы зæнгыл, æмæ уайтагъд дæ сæр арвмæ сдардтай. Уæдæ!.. Фæйнæгæй конд быруйы æддейæ хъуысы æнæрынцой уынæр. Уым фыцы стыр дон Терк. Йæ уæрæх кæлæны апырх, уæддæр не сæдых, знæтæй скъæфы йæ фынк уы- лæнтæ æмæ урсбарц пырхæнтæ, йемæ хуыр æмæ змис хæссы, дуртæ фæлдахы, йæ разæй айсы калд бæлæстæ. Нæ, уырдæм æй сыфцæй дæр ничи баласдзæн. Æгъгъæд ын фæуæд >або.ны рæдыд. Йæхи æнæбары дондзæуæны бын фæтъыста, æмæ дзы Цы рауад? Удайст. Ихæнриз. ’ Дидинджытæй ницы зæгъæн ис. Цæхæр калынц. Мæ- нæ ам дæр, уæртæ уым дæр. Æнæхъæн обæуттæ æмæ са- къадæхтæ. Тымбылтæ. Фæйнæхуызæттæ. Йæхи баивæз- та, йæ къах дæр ма систа. Адæймаг Фæлмæн Къухтæ йæ мвдбылты бахудт: — Дидинджытæ уарзыс, Мяу? Æви сæм дæ цæстытæ нал лæууынц? Дидинæгæн, мае хур, æмбал нæй, зæххыл уымæй рæсугъддæр ницыма равзæрд. Æнæ уый бæстæ бынтон сидзæрхуыз уаид. Æнкъард æмæ æрхæндæг. Цæй, дæуæй цы агуырдæуа? Байрæз уал, дæхæдæг ал- цыдæр фен, бамбар, базон. Лæджы ныхасы уаг гæдыйы лæппыны зæрдæмæ фæ- цыд. Адæймаг Фæлмæн Къухтæйы бæзджын хъæлæсы зæлтæй ныббуц. Дзаг цæстæй кæсы кæрты къуымтæм. Азарын дæр-иу æй æрфæндыд — рæвдыд баййæфта, цы- ма та йæ талынг сарайы æфсæстæй, æдас æмæ æнæмæ- тæй бады. Уалынмæ къахвæндаг æрбайсæфт. Р1æхи къудзнты бын фæцавта æви бæлæсты аууон фæци? Уæд та уал кæрдæгмæ æрхизовд? Лæгæн иу-дыууæ хъылдымы уæд- дæр равдиса. Уæвгæ йæ ныфс нæ хæссы — иунæгæй та куы аззайа, æмæ та йæм исты маст куы ’рхауа. Фæлтау адæймаг Фæлмæн Къухы армы баддзæн. 117
Æнæмæтæй кæрты зилынц. Æвиппайды сæм фе- хъуыст кæйдæр загъд-замана. Ауыдтой хъæлæбагæнджы- ты. Цъæх фæзы дыууæ лæппуйы кæрæдзимæ лæбурьшц. Фаззæттау — æм’йæстæ, ныфсхаст æмæ уæндаг. Æвæццæ- гæн сæ хæдтулгæйыл нæ фидауынц. — Цы йыл ныйичъи дæ? — Ныр та йыл æз бадын. — Мæ хæдтулгæ... — Дæуæн нæхимæ баззад. — Бафæрс-ма сæ, Мяу, уасæджы пæррæстытæ цæ- мæн кæнынц? Лæджы хъæлæс æмæ æнæмаст цæстæнгасы уыд уай- дзæф дæр, искæуыл ахудыны монц дæр. Уый лæппутæ уайтагъддæр бафиппайдтой æмæ, цæмæй ма фæхудинаг уой, ууыл архайдтой. Ныхъхъус сты. Æрæджиау сæ иу загъта: — Хæдтулгæ æз рахастон, уый та йыл раздæр аба- дынмæ хъавыд. — Уый дын бæллæх. Æмæ гæдыйы лæппыны дæр аф- тæ уаринаг стут? — Гæдыйы лæппын? Æмæ кæй у? — афарста хæд- тулгæйы хицау. — Мæн у, æмæ йæм ма ’внал,— сдзырдта иннæ. — Куыд дæу у? — йæ фæсонтæ йæм сарæзта йе ’мбал, цæмæй гæдым,æ хæстæг мауал бацæуа. Лæппутæ та быцæуыл фесты, хистæры мæсты кæсты- тæм сæ хъус нæ дардтой. — Адонæй, æвæццæгæн, пайда нæй. Сæхи æнæуагæй æвдисьшц. Гæдыйы лæппыны дæр куы нæ барæвдауой. Ахæм хъуыдытыл фæци адæймаг Фæлмæн Къухтæ. Æнахъом Мяу та хъуыддагмæ аивæй а.каст. Искæй цæс- ты къæм агурыныл нæ сахуыр. Лæппуты хъуырдухæн цæц фæдыл рауад æмæ цы расайдзæн, уый ие ’мбæрста. Кæд кæрæдзимæ армæй ба-внæлдтой, уæддæр, æвæццæ- гæн, хъазгæйæ. Ахъазын та Мяу йæхæдæг дæр бирæ уар- зы. Йæхи сæм байвæзта, фæлæ йæ адæимаг Фæлмæн
Къухтæ баурæдта. Коммæгæс гæдыйы лæппын æрсабыр. Ныр та йæм уыдон сæхæдæг бадардтой сæ къухтæ. Æмæ та, æнхъæлдæн, кæрæдзимæ фæзулдзых сты. Адæймаг Фæлмæн Къухтæ лæппутæм нæ кæсы, стæй сæ цыма хъусгæ дэер нæ кæны. Йæ зæрдæ цæуылдæр худы, уый дæр ма ахъазын куы нæ бауагъта. Ахæм хорз фадат дын фæуæд, æмæ хъуахъхъæй аззай! Цæмæн бафхæрдтой хи- стæры? Уæртæ уыцы дзæбæх чызг хылычъиты хуызæн нæу. Дидинæгæй фæлыст рог къабайы гæлæбуйау кæрдæгыл фæцæйтæхы. Гæпп, гæпп. Стæй цыма йæхинымæр зарæг амоны. Уæд та уал уыимæ æзфæраздæронæй ахъазид. Мяу чызгмæ бауасыд. Адæймаг Фæлмæн Къухтæ дæр ыл бацин кодта. — Розæ? — Нæ. — Мæдинæ? — Нæ, нæ, нæ. — Зарæ? — О! — Мяу дæ заэрдæмæ нæ цæуы?—Лæг аивæй йæ цæст лæппутыл ахаста, уыдон хъуызгæ-хъавгæ сæхи хæстæг- дæр æрбайстой. — Рæсугъд ном ын радтай. Йæхи аккаг ном. Æццæй нæ, Мяу?—чызг гæдыйы лæппыны хъуын алæгъз кæпы æмæ рæвдауаг хъæлæсæй дзуры:—Нæхи Мяу нын бум- були дæр у, пакъуы дæр, гæлæбу дæр. Дæхи та кæм ныуудæстай, фыдуаг? Нæ йæ хъæр кæныс? Куыд дæ фæнды, афтæ. Хъарм доны йæ цынайон? — афарста чызг адæймаг Фæлмæн Къухты. — Дæ хорзæхæй, Зарæ. Акæса-ма, йæхи куыд са- мæзта. Чызг гæдыйы лæппынимæ хæдзары фæмидæг æмæ чысыл фæстæдæр фездæхт. Мяу сыгъдæгæй хуыссыд къухмæрзæны тыхтæй. Зарæйы къухы ма уыдис гыццыл цайдан. Æвæццæгæн, йемæ æхсыр рахаста. Мяу хъаны 119
царды нæ бахауд? Фырбуцæй йæ цæстытæ цъындæй да- ры. Зарджытæ мысы. Ахстонæй зынд æрмæст йæ сæр. Домбай дæр дын домбай, æмæ уый дæр. Хъал æмæ сæ- рыстыр. Афтæ хæрззылд æмæ йæ æфснайдæй ныронг ничима федта. Лæппутæ фырхæлæгæй хæлиудзыхтæй лæууынц. — Мæнæ йын цы мукъу разад. Мæнæ йын цы гæккы- тæ ис. Уæд йæ хъустæ æмæ рихитæ та! Уæдæ йын йæ даргъ къæдзилæй дæр цы хъуамæ зæгъат? — рæвдауы йæ, ныффасы йæ Зарæ.— Схъарм дæ, æнхъæлдæн, Мяу. Гъемæ хорз. Ныр та уæдæ иучысыл ахъазæм. Мяуыл хинæй ничиуал р^азилдзæн — æрдæбонсарæй йæ фындзыхуынчъытыл æхсыры тæф уайы. Хъарм хъуын- джын къухмæрзæн куы нæ уаид, уæд цайданы хуылф- мæ ныккæсид — урсагæй йæ мондæгтæ суадзад. Куыддæр ууыл ахъуыды кодта, афтæ йæ йæ ахсæн сæлвæста. Чызгмæ лæгъстæгæнæгау скаст — кæд æй бамбарид æмæ йæ тæригъæды бацæуид. Уый ницы фип- пайы — дзуры æмæ дзуры фæлмæн, æхсызгон, рæвдауæн ныхæстæ, йæ лыстæг æнгуылдзтæ йыл хъыдзыгæнæгау ахæссы. — Мæ зондджын гæды, мæ зараг лæппын, мæхи æна- хъом Мяу. Æвиппайды цæмæндæр фæмæсты æмæ лæппутæй нуæи загъта: — Къус кæнæ уæлбьш тæбæгъ рахæсс. — Гæдыимæ хъазын мæ бауадздзынæ? — Æмæ дын порти у æви æндæр исты? Кæм^е дзу- рын, Инал, къусмæ ауай. — Æз æрбадавдзынæн къус,— фæцырд Сыбе æмæ сæхихмæ азгъордта. Уайтагъд сæ цуры февзæрд æмæ афарста: — Бавналæн æм ис, Зарæ? — Бавнал. Æрмæст арæхстгай. Ды дæр...— ахæм бар радта Иналæн дæр. Мяу æхсырæй дзаг къус куы ауыдта, уæд ыл йæхи ан- дзаринаг уыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. Худинаг æмæ 1?0
кæуинаг — хæринаджы дзæбæх ын хæссынц, уый та æнæ- фенд митæ байдайа? Зæрдæхудт куыд нæ фæуа, афтæ уæзданæй хъуамæ æвнала. Йæ гуырыковд айвæзта, къах систа, рих.и адаудта, йæ хæлæрттыл йæ цæст ахаста, цалдæр къахдзæфы афæлвæрдта къусырдæм, стæй æппынæрæджиау хæрзад æхсыр иæ сырх æвзагæй асдазрдта. Хъарм æмæ рæсуг урсаг. йæ адджын тæф æмæ йын сатæгмæ куыд нæ сцыбæл уа? Фырæхсызгонæй ма йæ астæуыстæг дæр фæтасыд. Аив æмæ уæзда’н— йæ фезмæлд, йæ къæдзилæй тымбы- лæг ацарæзта, стæй йæ фæсонтыл аппæрста. Цалхау ын атылд, чысыл ма бахъæуа, йæ сæрыл ма аныдзæва.Æну- выдæй сдæры рæсуг æхсыр. Рихитæ урсаджы тылд, æв- заг дæр урс-урсид сси. — Кæс-ма йæм, кæс, куыд адымст,— басхуыста Сыбе Иналы. — Ма йын тæрс, нæ аскъуындзæн. Бæрц зоны,— загъта Инал. — Сæххормаг æмæ йын бафсис нал ис. Æгъгъæд уал дын фæуæд, Мяу,— Зарæ гæдыйы лæппыпы къусæй иу- варс айста. Мяу чызгмæ нæ фæхæрам, кæд ма къусмæ йæ зæрдал æхсайдта, уæддæр. Афтæ йæ бафæндыд? Табуафси. Адæймаг Фæлмæн Къухтæ дæр уæлдай куы ницы зæгъы. Лæппутимæ йæ фæллад суадза, иучысыл уал арæдзæ- мæдзæ кæна, Ноджы ма йын ахæм фадат фæци. АдæЛ- маг Фæлмæн Къухтæ йæ газет бандоныл æрæзæрд- та, æмæ уал ууыл ахуысдзæн. — Лæмбынæг мæм байхъусут,— загъта чызг лæппу- тæн,— æнахъом Мяу фæдзæгъæл. Иæ бафхæрын иу ис- ты фыдуагæн зын нæу. Куыдз, бабыз кæнæ йын æиæфенд саби маст скæндзæн. Зарæ домаг цæстытæй къахæй-г.ъухмæ сбарста Сыбе æмæ Иналы. Уыдон сæ сæртæ æруагътой. Зæронд лæг йæ 121
мидбылты худгæйæ хъусы ныхасмæ. Ацы дзæбæх чызг ма цы æрымысыд, уый базонын æй фæнды. — Сымах азымы не ’фтауын, æдылы ми уæ йæ сæрмæ ничи æрхæсдзæн,— загъта Зарæ. Лæппутæ сæхиуыл схæцыдысты, сæ бакаст фæсæ- рæндэзр. — Æнахъом Мяуæн йæ хионты ссарут. — Куыд? — Кæм? — Уый куы зонин, уæд мæ сымах сæр нæ бахъуы- даид. — Хорз, хорз, кæрты сын æнæуæвгæ нæй. — Мах бар сæ бауадз, Зарæ. — Сыбе, ды басгар сара, дидинджыты сакъадах, хъа’- лæрдзыйы къудзитæ. Ды та, Инал, бавдæл æмæ Терчы былгæрæтты азил. Мæхæдæг цæуын уынгмæ. Гæдыйæн ма лæппынтæ разындзæн. Æххормаг æмæ рæвдыдхъуа- гæй искуы рахау-бахау кæнынц. Мæнæ ацы бандоны цур фембæлдзыстæм. — Чызг нæ, фæлæ зонды къуыбар,— сдзырдта зæ- ронд лæг, сывæллæттæ куы фæпырх сты, уæд.— Дæ ног хæлæрттимæ хъæрмудæй цæр, Мяу. Йæ мидфынмæ фехъуыста гæдыйы лæппын уыцы зон- гæ хъæлæс æмæ уайтагъд фехъал. Уымæл былтæ ахафта адæймаг Фæлмæн Къухты армыл, стæй æвиппайды гæпп- æвво-нг аци. Йæ тæнтæ балвæста. Хъуамæ ныртæккæ йæхи дардмæ фехса. — Цæуыл тыхсыс, Мяу? Цы дыл æрбамбæлд? — ба- фарста йæ адæймаг Фæлмæн Къухтæ. Нæ, гæдыйы лæппыны йæ хъус нæ сайы, йæ æмбу- дæнтыл дæр уæдæ æууæнды. Хуымæтæджы нæ фæцырд- дзаст, хуымæтæджы нæ фесхъиудта — цыбæлæй æнхъæл- мæ кæсы цавæрдæр хорзæхмæ. Кæцæйдæр æм фехъуыст йæ мады хъæлæс— зарæгау рæсугъд æмæ цъæхснаг, æн- дæр искæй хъæлæсимæ йæ никуы фæивддзаг кæндзæн. Фæлæ цыма абон йæ адыл нæу — цæмæйдæр фенæнцой. 122
Æвæццæгæн, хо æмæ ’фсымæр дæр йемæ сты, æмæ кæд уыдоны исчи хъыгдары. Æ-мæ ацы стыр кæрты мæсты- гæр куитæ æмæ æнæрцæф сывæллæттæ куы нæй. Иæхæ- дæг ыл кæрæй-кæронмæ куы фæзылд адæймаг Фæлмæн Къухтимæ. Базыдта йын йæ алы къуым, йæ алы фæзи- лæн дæр. — Мяу, мяу, мяу! Азгъорид, атæхид йæ мады ^размæ, фæлæ тæрсы, йæ хионтыл куы нæ фембæла, уымæй. Фæлтау сæм мæнæ ам банхъæлмæ кæсдзæн. Мады хъæлæс фехъуыст хæстæгдæрæй. Цæуылнæ фе- сты йæ бандонæй адæймаг Фæлмæн Къухтæ? Уый уæхс- кæй йæ алываузстæм бæргæ акæсид æмæ йæ бинонты ссарад. Гуырысхо нал ис — йæ мад уасы хæрзхæстæгæй. Уый та йæ хо æмæ йе ’фсымæры «мяу-мяу». Ныронг цьгмæ кæм тезгъо кодтой? Иæ цъæх цæстытæ сæм куы ныуурс сты. Фенын æнхъæл дæр сын куы нал уыд. Рæдау, фæл- мæнзæрдæ адæм æй барæвдыдтой, фæлæ йын æнæ хион- тæй фæцæрæн нæй. — Мяу, мяу, мяу! — хъæрæй ныууасыд гæдыйы лæп- пын. Фехъуыстой йæ, æвæццæгæи. Ныр йæ мад, йæ хо æмæ æфсымæры цъæхснаг хъæлæсты æргомæй азæлыд цин. Адæймаг Фæлмæн Къухтæ бамбæрста, Мяу цæмæн ска- тай, уый... Сыбе йе ’мбæлттæй амондджындæр разьшд. Куыддæр сæ фæхицæн, афтæ ауыдта гæдыйы бинонты. Лæппынтæ рыг змæстой хъæлæрдзыйы къудзийы бын. Чысыл дард- дæр гæппæввонгæй бадт сæ мад. Йæ сæр раззаг къæх- тыл æрæвæрдта æмæ æнæныкъулгæ цæстытæй каст къах- вæндагмæ. «Кис-кис!»—йæх.и йæм байста лæппу. Гæды фæцырдхъус, фæлæ нæ фæтарст. Сыбе цынæуал лæхурд- та, ахæм ын нал баззад. Иæ ныхæстæн, æвæццæгæн, йæ- 123
хæдæг дæр ницы ’мбаэрста. Иæ дзыхы-иу цы абадт, уый- иу сдзырдта. Дзуццæджы æрбадт гæдыйы цур æмæ бадис кодта — йæхимæ йæ æвналын бауагъта, лæбурынвæнд дæр æм уæдæ нæ уыд. Кæнæ бастад, |<æнæ та афтæ сæххормаг, æмæ фезмæлын нал фæразы. — Кис-кис... Рауай-’ма, ра. Æз дæм дæхи Мяуы рав- дисон. Гæдыйы й,æ хъæбысмæ снста, фелвæста лæппынты дæр æмæ бандонмæ азгъордта. Фæндагыл фембæлд Ина- лыл æмæ гыццылты уымæ авæрдта. Бæргæ йæм сæ нæ радтаид, фæлæ гæнæн нæй — Зарæ та йыл куы фæхуда. Исты æнахуыр номæй дæм бадзурдзæн, æмæ бабын дæ— ичъийау дыл баныхæст. Дзæгъæл митæ нæ уарзы. Стæй æдзухдæр раст вæййы. Гъемæ Инал йæ фæдыл згъорæд. Фыццаг бынат æм, миййаг, куы нæ хауы. Уадз æмæ уы- цы зæронд лæг дæр, Зарæ дæр зоной, гæдыйæы йæхи дæр æмæ йæ лæппынты дæр чи ссардта, уый. — Бузныг, лæппутæ. Æз та уын ницæйаг æнхъæл уыдтæн,— загъта Зарæ. — Сагсуртæ,— йемæ сразы зæронд лæг. Мяуы цинæн кæрон нал уыд, фæлæ йæ æргомæй нæ равдыста. Бинонты къорд, æвæццæгæн, уæлдай чъыл- липпытæй се сæфт уыдтой. Кæрæдзийæн фæйнæ «мяуы» загътой, иу иннæйы фæрсчытæ æмæ фæсонтыл йæхи ахафта, иу иннæмæ басмыста, стæй мад Мяуы сдæрын байдыдта. Йæ цотæй маст нæ зоны. Æрмæст мæнæ ацы фыдуаг бæллæх у. Æрбайсæфы. Æнахъинон схъиудты- тыл схæцы. Хорз, æмæ та йæ сæрæгас, æфсæст æмæ сыгъдæгæй ссары. Адæмимæ цæрын фæразы. Коммæгæс рахаста, кæд иуæй-иу хатт æнæуаг æмæ схъæлдзæф вæй- йы, уæддæр. Мад рахиз къахæй Мяуы йæхимæ æрбалхъывта. Ин- нæ лæппынтæ дэзр æм сæхи баппæрстой æмæ йæ уæгъд нал суагътой. 124
— Адоны дæр ахсын хъæуы, уыйфæстæ сын ратдзыс- тæм хæринаг. Зарæйы уынаффæйыл лæппутæй дыууæ ничи загъта- — Ныр та сын сæ бадæн бацагурут. — Æвæццæгæн, сарайы цæрынц. — Сара уьгмæл æмæ талынг уыдзæн. Хурварсмæ сын рахæссут сæ лыстæн, цæмæй схъарм уой æмæ сæ нæхæ- дæг дæр уынæм. Алчидæр райсад иу лæппын æмæ йæм зилæд. Æнахъом Мяуы мæхи бар уадзут. — Æз мæыæ бурбыны исын,— загъта Сыбе.— Иæ ном дæр Бури уæд. — Сау лæппын та уæдæ мæн,— сдзырдта Инал,— Са- уи йæ хондзыстæм. — Бузиыг, сабитæ. Æз уал цæуын, мæн ма хъуыд- дæгтæ ис,— хæрзбон сын загъта зæронд лæг. Сывæллæттæ кæсынц йæ фæстæ. Йæ къахайст уыд уæззау, лæдзæгыл дæр ма-иу æрæфсæрста. Гыццыл Мяу уынгæг хъæлæсæй бауасыд. Адæймаг Фæлмæн Къухтæ сæ бандоны цур ныууагъта æмæ кæ- дæмдæр араст. Мяу! ЦОПАМ БАЛЦЫ АРАСТ ^^ Фыццаг хатт фехъуыстой сабитæ ахуыргæнæгæи ахæм фæдзæхст. Чиныг бакæсут нæ загъта, исты ныф- фыссыны кой дæр æм нæ рауад. — Райсом уæ фæллад уадзут,— дзырдта Госæда ахуырдзаутæн.— Чи паркмæ ацæудзæн, чи — хъазæн фæзмæ. Чн та йæхи горæты сæрмæ цады найдзæн. Нæ театры ис хъæлдзæг хабæрттæм байхъусæн. Терчы был æрæнцад мæокуыйаг цирк. Тбилисийы Ногдзауты галуа- ны æрыгои артисттæ нæм фæзындысты кæфтытæ æмæ зарджыты концертимæ. Бирæ диссæгтæ ма ис фенæн ахæм бон. Мах сыл сахуыр стæм, æмæ сæ цыма нал фиппайæм. Дзырдæн зæгъæм... Дæуæн, Чермен, дæ уынг куыд хуииы? 125
— Мах уынгæй уæрæхдæр горæты нæй. Йæ ном дæр— Уæрæх уынг. — Æз та Рæсугъд уынджы цæрын. Хæрзаив сты нæ рагон хæдзæрттæ, нæ ног дукани æмæ хиирхæфсæн. Ис дзы херы, æцæг хæдтæхæг, бырæн фæйнæг. Уалдзæджы бæлæсты бын ныосагътам дидинджытæ, байтыдтам кæр- дæджы мыггаг,— бауромæн нал уыд Зæирæйæн. — Сымахмæ алцыдæр иннæтæй хуыздæр вæийы,—йæ ныхас ын айста Зауыр.— Æмæ уæд æппæты стырдæр ки- нотеатр та цымæ кæцы ран ис? Хурджын уынджы. По- сты агъуыст та кæм аразынц? Уый дæр нæ тæккæ цур амайынц. — Уе ’ппæт дæр раст стут,— худгæйæ загъта ахуыр- гæнæг.— Горæт нæ цæстыты раз рæзы. Уынгтæ бынтон- дæр анвтой сæ хуыз. Лыстæгдæр ма сæм æркæсут. Но- тæй дзы цы ис? Цæрæн хæдзæрттæ æви куыстуæттæ? Афæрсут уæ хистæрты. Раздæр кæм цы уыд, уый дæр базонут. Цопан æнцад бадт æмæ йе ’амбæлттæм хъуыста. Къуы- рисæры зæгъдзæн йæ зæгъинаг. Рагацау цæмæн æппæла йæ уынгæй? Уалыимæ дзæнгæрæг ныййазæлыд. Лæппу бафснайд- та йæ хызын æмæ сæхимæ араст. Фæсурок æм йæ хис- тæр Битта æрбауайы æмæ иумæ адарынц сæ фæндаг скъолайæ хæдзармæ. Ныр уьгмæ дæр нал банхъæлмæ каст. Иунæгæй азилдзæн сæ уынгыл. Зонгæ та йæ куын- нæ кæны — а>м куы райгуырди, ам куы схъомыл. Фæлæ иутæр ахуыргæнæг загъта, уæд ын дъуамæ йæ бæрджы- тæ йæ зæрдыл бадара. Дзæгъæл дзæнгæда аив нæу. Бит- та дæр дзы абон хъаст ма ра’кæнæд. Хъуыддаг кæддæ- риддæр хистæр вæййы. Бастад æви йæ къах нæма фæллайы? Сæ уынгыл кæ- рæй кæронмæ фæцыд æви пæ? Дæргъæн дæр алыхуызон барæнтæ хонынц. Цопанæн йæхимæ сæрмагонд барæн ис — трамвайы иу æрлæууæнæй иншæмæ. Цалдæры уал йæ фæстæ фæуагъта. Ноджыдæр ма дыууæ... æртæ... 126
Ставд нымадæй дæр афтæ, лыстæг луæрстæй дæр. Æмæ- иу тæрхæттæ хæссæнт—жæй уынг адаргъ суанг хъæд- бынмæ, кæмæн фæкъуда гæдыйы къæдзилау. Вагзал кæм ис, уый, æвæццæгæн, алчидæр зоны. Ар- дыгæй атындзы «Ирыстоны» поезд Мæокуымæ. Ам фæ- зæгъынц фæндараст бæлццæттæн. Фæстæмæ сæумæцъык- кæй сыздæхы æмæ сын йæхæдæг æгасцуай никуыма загъ- та. Фынафон кæй ссæуы Уæрæсейæ, уый Цопаны аххос нæу. Уæвгæ йæ бирæ цæмæдæрты нæма равдæлд. Беслæ- ныхъæуы дæр никуыма сæмбæлд—нæ хæдтæхæджы атахт, нæ йæ дугътæм аластой. О, фæлæ исчи йæ хъус балцмæ адардта, уæд хъуамæ сæ уынгыл ахиза. Поезд аивгъуийы дард бæстæтæ æмæ хæстæг хъæу- тæм. Вагзал баззайы йæ бирæ диссæгтæ æмæ таурæгъ- тимæ. Чи ныффыста уыйбæрц чингуытæ? Максим Горький. Æмæ хабæрттæй кæй æмæ кæм фæфарста? Мæнæ ам нæ загъта бузныг горæты цæрджытæн? Ам æй не сбуц код- той Иры фæсивæд? Кæй нæ уырны, уый йæхæдæг Кады фæйнæг бакæсæд. Серго æмæ Кировы ныв дардмæ дæр зыны — æнæ- хъæн къул куы бацахста. Заводы кусджытæй сын бирæ хæлæрттæ уыд. Знаг-иу горæтмæ куы лæбурдта, уæд-иу ам самадтой карз тох. Урсыты дæр раджы кæддæр ар- дыгæй æхстой сæ бронепоездæй. Уæртæ уьгцы хæдзары та цардис артист Цæрукъаты Лыкки. Арæх-иу æй федта Цопан. Йæ фыдимæ иу доны был схъомыл сты, æмæ-иу уый дæр йæ хъæуккаг хуыдта. — Цæй, куыдтæ мын дæ, мæ лымæн лæггаг? — афтæ- иу дзырдта.— Дæ зæрдæ нæхимæ нæма ахсайдта? Мæнæ- уал байрæзай, стæй бамбардзынæ фыдыуæзæджы ад. Нымæтхудæй къусгонд сараз æмæ Урсдонæй дæ тыппыр- тæ суадз. Эх, æваедза... Ахæм ныхæсты фæстæ-.иу йе стыр цæстытыл æнахуыр фæлм æрбадт. Йæ бæзджын азæлгæ хъæлæс-иу нырхæн- дæг, цыма-иу исты æнкъард хабар дзырдта, кæнæ та-иу 127
йæ сагъæстæй хæйттæ уæрста. Урсдопы был кæй ныу- уагъта, уыцы фыдыуæзæджы куы нал фена, кæд уымæй тарст. Иухатт Цопан Лыккиимæ фембæлд театры. Уæвгæ ар- тист сценæйы хъазыд, Цопан та йæ фыдимæ залы бад- тис. Йæхæдæг сæ бахуыдта уырдæм дæр. Лæппу хæхбæсты фестад. Бирæ сæ бауарзта. Æр^мæст ма дзы мæстыгазр зæрæдтæ куы нæ уыдаид. Хъæбатыр Чермены цæрьш нæ уагътой. Æмæ-иу уый дæр йе знæг- ты хъамалвæстæй йæ разæй айста, фæлæ йыл хинæй ра- зылдысты. Рæстудæй йæ Кæсæджы хъæды амардтой. Цопанæн йæ цæссыг фемæхст, æмæ фефсæрмы. Йæ фыд æй кæуындзастæй нæ зыдта. — Æнхъæлдæн, дæумæ дæр бахъардта, мæ хæлар,— цыма йын афтæ дзырдта цæстæнгасæй, йæхæдæг та загъ- та: — Цом, Лыккийы фенæм, йæ къух ын райсæм. Æвæлмои уыд йæ ныхас, цæмæй, æвæццæгæн, Цопан ма фæкъæмдзæстыг уыдаид йæ цæссыгтæй. Театрдзауты ’хсæнты иу стыр уатмæ бахызтысты. Цо- паны цæстытæ фырдисæй рацæйхаудтой — Чермен йæ фысдзарм худ систа, зачъетæ райвæзта, цухъхъа раппæр- ста, æмæ сæ уæлхъус февзæрд сæхи хъæуккаг артист Цæрукъаты Лыкки. — Цæй, куыдтæ мын дæ, мæ лымæн лæггаг? Дæзæр- дæ нæхимæ нæма ахсайдта? Мæнæ мæ равдæла, Урсдо- ны былмæ дын æнæ аласгæ нæй. Цалынмæ йын йæ рæ- сугæй нæ фæхъæстæ уай, уæдмæ дын фесгуыхæп нæй,— бахудт Льткки. Цопан йемæ кæдæмфæвды дæр ацæуид. Æмæ æниу Черменимæ чи не сразы уыдаид? Тлаттатæ байуарæнт, сæ кæвдæсарды æнæхайæ ныууадзæнт. Уый йæ амонд гуто’ны цыргъ, кæнæ карды комыл дæр ссардзæн... • Тæккæ тигъыл абанайы фæздæг кæлы. Сæгдзыд агъуыст, дам, нал фвдауы. Чи зоны. Æрмæст ыл йæ фыд стырзæрдæ нæ кæны. Сæхимæ дæ(р ис хинайæн, фæлæ 128
йæм уый æгъгъæд пæ кæсы. Къуыри иу хатт тæвды йæ фаг куы пæ фæбада, йæ буар сырх-сырхид куы нæ афæлдæ- ха, уæд æппьгндæр нæ фæразы. Æмæ та-иу хуыцаубон абанамæ араст. Уым фемба\лд йæ хуыздæр хæларыл. Иу лæг йæхи æхсадта, æмæ йын йæ цæсгом нæ уыдта. Фæ- лæ йæ фæсонтыл уыд стъалыйы ныв. Сырхзынг æфсæй- наджы фæд. Дыккаг ахæм носæн уæвæн нæй. йæ кæнгæ æфсымæр, йæ хæстон æмбал Тарас Донецыл баззад ахæм гакк. Цæфæй уацары бахауд, дыууæ боны фæци немыц- мæ, æмæ йын фыдмитæ ба>кодтой. Тугдзыдæй, æрдæгмар- дæй раирвæзт удхо^ртæй. Фыд æдзынæг каст лæгмæ. Уый фæчиудта. Нæ, Тарас Донец къуылых нæ цыд. Уæвгæ, хæсты цы не ’рцæуы? Стæй ма æидæр исчи дæр бавзæрстаид фыдхъизæмæрт- тæ. Уальшмæ йæм лæг йе ’ргом раздæхта, æмæ æцæгæй- дæр Тарас Донец куы разынид. Йæ къах та Берлиныфæ- сахъат. Лæгсырдтæн сæхи хъоргъы. Йæхæдæг дæр сæ æвыдæй нæ ныууагъта. Æртывæрæй райста йæ маст... Дæс æмæ ссæдз азы бæрц пæ федтой кæрæдзийы Цопа- ны фыд æмæ Тарас. Днепры был фæхицæн сты, цæмæй та искуы æнæнхъæлæджы рагон абанайы фембæлой... Цопан сæ уынджы дæргъ трамвайы лæууæнтæй ба- ры. Вагзалæй рауай, фæхæрдгæнæны æрхиз. Кæд дæ дæндаг срыст, уæд дохтырмæ бацу. Кæд зарыныл ахуыр кæныс, уæд скъола дæр—фа*стигъ. Стæй ма афтек, дука- нитæ... Уьтнг хæссы хъæбатыр инæлар Ватутины ном. Кииойы дæр æй æвдыстой, чингуытæ дæр ыл ныффыстой. Цæхгæрмæ уьгагыл та сæвæрдтой зындгонд поэт Дза- найты Иваны ном. Уый чингуытæ æмæ зарджытæ йæхæ- дæг фыста... Иннæ тигъыл куы ’рхизай трамвайæ, уæд дæр нæ фæ- рæдийдзынæ. Фисын бацахста кинотеатр, ис дзы дыууæ стыр залы. Йæ фыд афтæ дзырдта: кæддæр ам уыдис ба- зар стæй гыццыл хъæдфадæн, ныр та — рæсугъд æмæ райдзаст агъуыстытæ. 9 Тымбыл æрдузы 129
Трамвай дарддæр згъоры. Уый та дын уазæгуат «Кав- каз». Фæцæрынц дзы туристтæ æмæ уазджытæ æндæр горæттæй. Р1æ бакомкоммæ университеты авджын хæ- дзар. Йæ рудзгуыты бонсауизæрмæ хур судзы. Цалдæр мин студенты дзы ахуыр кæны. Цопаны зæрдыл ма æрбалæууыдысты фæсивæды фæл- ладуадзæн æмæ стадион дæр. Цыма æндæр уынгмæ ха- уынц, искæмæ афтæ дæр фæкæсдзæн. Æмæ дидинджытæ кæм ныссагътой, уыцы фæзыл цæхгæрмæ ахизын цас диссаг у? Æндæр фыдæбон та дзы уæвгæ дæр нæй. Фæндон хорз рауад Цопаны балц. Ныр скъолайы цы радзура, уый йын ис. Цыфæнды куы уа, уæддаар авто- бустæ æмæ трамвайтæ алы уынджы нæ фендзынæ. Иугыццыл афæстиат уазæгуаты цур. Сæхимæ ацæ- уид, æмæ йæ йæ къах нæма хæссы. Æнæнхъæлæджы йæм ног хъуыды фæзынд: æмæ уæд Бег та? Ие ’мбал фæ- рынчьш, дьжкаг бон скъоламæ нæ зыны, æмæ йын йæ уынджы кой чи ракæндзæн? Афтæ нæ рауайдзæн, цыма йын уынг дæр нæй æмæ цæргæ дæр никуы кæны? Бег кæм цæры, кæд уыцы хæдзар ссарид. Трамвайы сбад, хидыл бахиз, æмæ дын гъеуым Беджы уынг. Цугун хидмæ куы бахæццæ, уæд æрымысыд йæ хис- тæр æфсымæры. Ныртæккæ кæм ис, уый нæ зоиы, æмæ йæ афо«мæ агуры. Зилы уьшгты, фæрсы æцæгæлæтты. Цопан бакатай кодта, фæлæ æрдæгфæндагæй куыд аз- дæха? Бинонтæн уыйфæстæ дæр радзурдзæн, кæдæм æмæ цæмæн араст, уьш. Фæзы къахбавæрæн нæй — хæдтулгæйæ байдзаг, бæлццæттæ сæ æмызмæлдæй кæрæдзийы хъыгдарынц. Æнгом дзыгуырæй раирвæзт, æмæ фырдисæй йæ цæсты- хаутæ тыбар-тыбур систой — йæ акомкоммæ уæзласæны цур лæууыд йæ фыд. Сауæрфыг, хъæлдзæг скъæрæгæн цыдæртæ адзырдта, æмæ йæ рог хæдтулгæ фенкъуыст. Нал æй баййафдзæн, уый зыдта, фæлæ йæхи нæ бау^рæд- та. — Дада! 130
Фыд фæстæмæ фæкаст, уайтагъд Цопаны уæлхъус февзæрд. — Ам та цы архайыс, хорз лæг? — Трамвай мæ æрбаласта. — Цом-ма, мæ хæлар, хъуыддæгтæ бæлвырддæр рав- зарæм. Цопан дæлæ-уæлæ ныхæстæй бамбарын кодта йæ фы- дæп, Цугун хиды цур куыд æмæ цæй фæдыл фæзынд, уый. Иæхинымæр йæ аххосыл басаст, хатыр ракурын та нæ уæндыд. Афонмæ сæхимæ, чи зоны, æмæ ма скъола- йы дæр бæстæ сæ сæрыл систой. Уый та .уынгты зилы. Цы фæнд ис, цымæ, дадамæ? Цавæрфæнды æфхæрдыл дæр сразы уаид, фæлæ, чи зоны... Уыцы «чи зоны»-йæ дæр .йæхицæн ныфсытæ не ’вæры. — Исты нæ æрхъуыды хъæуы æви нæ? Ам уал фæ- лæуу, æз ныртæккæ фездæхдзынæн. Скъоламæ, стæй нæ- химæ дæр тилифонæй бадзурон. Кæннод куы батыхсой. Фыд фæстæмæ фездæхт, æмæ Цопан æрцард — хъуыд- даг æнæ загъдæй ахицæн, фæдисхъæр ничи сисдзæн, уд- айстæй йæ ’ничиуал агурдзæн. Фæлæ дарддæр та? Æвæц- дæгæн, æй фыд сæ хæдзармæ аласдзæп. Уым та йæ Бит- тайы бар бауадз — æлхыскъ ныхасыл нал ауæрддзæи. Лæппу æрæнкъард. Фыд та йын йæ сагъæстæн хос ссардта. — Кæд дæ хæлар Бег нæ фæразы, уæд æм рынчын- фæрсæг бауай. Æмгар ма цæмæн вæййы? Бахъуаджы сахат хъуамæ йæ цуры уай. — йæ адрис ын нæ зонын,— загъта Цопан.— Æр- мæст уьгнг бадардтон мæ зæрдыл. — Хъыгаг хабар. Рафæрс-бафæрс æмæ нын хæдзар- хæдзар зилынæн рæстæг нæй. Æрдæбон куыд загътай, афтæ фæуæд — уынг нæхæдæг фенæм. Кæд къуырисæры Бег скъоламæ нæ фæзына, уæд йæ бæстьт радзурдзынæ. Цопан фæбузныг йæ фыдæй, йæхи йæм балхъывта, йе стыр къуызыртæ къух ын райста: — Орджоникидзейы уьгнг-ма нын фенын кæн. Ам 131
кæмдæр не ’рдхорд Бег цæры, æмæ йын йæ бæстыхæйт- тыл афæлгæсæм,— загъта фыд скъаэрæгæн. — Дæ хорзæхæй, сагсур,— сдзырдта скъæрæг Цопан- мæ.— Мæ фарсмæ сбад æмæ лæмбынæг хъус. Уæдæ* араст стæм. Фæцæуæм Цугун хидыл. Кæддæр æй цугу- нæй са.рæзтой, æмæ йыл уыцы ном баззад. Афтæмæй та йæ ногæй самадтой æфсæйнаг æмæ бетонæй. Æрдхæрæ- ны Терк дыууæ дихы кæны æмбисонды рæсугъд горæт, æмæ йын хид йæ былгæрæттæ сбаста. Скъæрæджы хъæлдзæг цæстытæ хинкаст кодтой,,æмæ Цопан йæхи фæлмæи бадæныл аскъæрдта — ома хъусын дарддæр. — Хиды хъусы цы абана уыд, уымæй дуры мур дæр нал аззад. Йæ бынаты сырæздзæн егъау уазæгуат. Ссæдз- уæладзыгджын, æг-æр-мæгуыр. Мæнмæ гæсгæ, хорз сфи- даудзæн ацы ран. — Ацы фæз æз дæр зонын,— загъта Цопан.— Фарон зымæг ам сырддон уыдис. Æццæй нæ, дада, иумæ куы федтам тигртæ, бирæгътæ æмæ рувæсты... — Маймулитæ, зебрæтæ, дзæбидыртæ,— афтыдта ма сыл фыд. — Уынджы фæйнæфарс бæрзонд хæдзæртты æрцар- дис цалдæр мин адæймаджы. Иу абонæй иннæ абонмæ куывдтæ фæкодтой, кæрæдзийы фенæм, кæрæдзийы ба- зонæм, зæгъгæ. Амондджын уæнт сæ ног бынæтты. — Ды дæр сæ, æнхъæлдæн, кæйдæр куывды сæмбæлд- тæ,— бахудт Цопаны фыд. — Мæхæдæг дæр ам сбыдтон ахстон,— загъта скъæ- рæг.— Бинаг уæладзыджы хуийынц уæлæдарæс, арази- наг сахæттæм базилынц, хæдтæхæджы абадын кæй фæн- ды, уымæн та билет авæрынц. Билет райс æмæ гъæй зæгъ, кæдæм дæ фæнды, уырдæм. Æрмæст-иу дæ рай- гуырæн зæхмæ раздæх. Дардыл фæзил æмæ æгас хæдзар ссарай. Мæнæ дын уый та горæты стырдæр дукани. — Зонын æй, зонын æй. Сымах æй нæ арæзтат? — Гъеныр мæ бауырныдта, æцæгæй дæр сгуыхт лæг 132
кæй дæ, уый. Згъорæм дарддæр... Хъæбатырты фæз* Æрæджы дæр ма мæнæ ацы тигъыл хæстон фидар лæу- уыд. Тохы бонтæй баззад. Топпæхсæнтæ æмæ-иу нæмыг* ызгъалæнтæй асгæрстой салдæттæ, дыууæ уынджы кæ- рæдзийы сæрты кæм ахизынц, уыцы тъæпæн. Ныр амсæ фæллад фæуадзынц нæ уазджытæ. Изæрон арв уыд сæгъы цæстау сыгъдæг, æнæкъæм. Хæхтæ сæхи горæтмæ хæрзхæстæг æрбайстой. Хорз зы- нынц арф кæмттæ, къæдзæхты тигътæ, хъæд æмæ урс æврæгъты къуыбылæйттæ. Хæхтæн сæ иу — тъæпæнсæр, иннæ та—дысæрон. Сæ цъуппытæ митæй — æмæхгæд, зæрæхсиды тæмæнæй æрттивынц. — Галиуырдыгæй Тъæпæнсæр хох, рахизырдыгæйг та — Хъазыбег,— скъæрæг амоны хæхтæм.— Уыдон дæр адæмы халдих хонынц. Цыма фæллад адæймаг йæхи зæххыл æруагъта. Мæнæ дын йæ сæр, йæ фæтæн риу, йæ зæнг. Цопанмæ æцæгдæр афтæ фæкаст, цыма ныртæккæ- Тъæпæнсæр хох фенкъуысдзæн, æмæ сæ размæ рахиз- дзæн аргъæутты уæйыг. Раст зæгъы скъæрæг — хох æмæ адæймаг цæмæйдæр кæрæдзийы æнгæстæ сты. — Мæ ныхас дæ нæ уырны? — афарста Цопаны.— Лыстæгдæр-ма йæм æркæс, ме ’рдхорд. Барæг йæхи ны- мæтыл аскъæрдта. Саргъ хохы цъупмæ баппæрста, йæ- æфсургъ та искуы хурвæрсты сойджын кæрдæгыл хизы. — Кæм ис йæ саргъ? Скъæрæг æнæдзургæйæ къухæй бацамыдта, Хъазы- беджы цъупп кæм фæкъуырфау, уырдæм. — Уынг сраст, йæ хуыз скалдта — ногæй райгуырд. — Уый та куыд? — фездæхт йæ фыдмæ Цопан. — Нарæг уыд, дзыхъхъытæ æмæ къуыппытæ. Æмæ- йæ бындзарæй сфæлдæхтой. Зæххы бын ставд хæтæлтæ^ банорстой, стæй йæ ранæй-рæтты фæйнæрдæм айстой. Трамвайы фæндаг дæр аивтой. Уьгнг аппæрста йæ хæрв. Æдзæрæг бæсты дæр суадон фемæхсдзæн, кусæг лæджы къух æм куы баххæсса, уа^д. 133:
Цугун хидыл та Терчы сæрты ахызтысты. Галиуырды- тæй цъæх дардта фæлладуадзæн пар<к. Чысыл дæлдæр дæхæр калдтой мæзджыты тымбыл сæр æмæ ныв- æфтыд къултæ. Иæ цырæгътæ ссыгъта ног фысымуат «Владикавказ». Хид фæстейы аззад. Доны сатæг æрбайсæфт. Изæр- милтæ сæхи ныллæгдæр æруагътой. — Нæ фæрныг хæдзар ссардтам,— загъта Цопаны ’фыд, скъæрæг сæхимæ куы араст, уæд.— Нæ рæстæг бæргæ хорз арвыстам, фæлæ нæ бинонтæн цы зæгъдзы- 'Стæм? Лæппу рагæй æнхъæлмæ каст ацы фарстмæ, фæлæ ницы сдзырдта. Фыд æм аивæй бакаст æмæ йæхинымæр скарста: уæвгæ сæ ахæм ныхасы сæр ныртæккæ, æвæц- цæгæн, ницæмæн хъæуы. — Æнхъæлдæн, бафæлладтæ. — Ницы бафæлладтæн. Стæй Бег тæригъæд нæу? Йæ урок нæ зыдтаид, æмæ йыл фæхудтаиккой. — Æгайтма де ’мбалыл тыхсыс. Æрмæст-иу дæхи би- "нонты дæр ма рох кæн. — Иумæ та ацæудзыстæм балцы, дада, æмæ нæ уæд ничи агурдзæн,— хин митыл схæцыд Цопан. — Уымæй раст зæгъыс — иумæ нын хъæлдзæгдæр æмæ æдасдæр уыдзæн,— ныххудт фыд.— Мамæ æмæ Бит- тайы дæр немæ айсдзыстæм. Стæй ма Беджы дæр. КОСМОНАВТТЫ ЧЫСЫЛ ХÆЛАР Аслан æрцард цъæх-цъæхид денджызы был. Æрцард ^æмæ алцæмæ дæр йæ хъус дары, алцæуыл дæр йæ цæст а,хæссы. Уæдæ куыд вæййы? Хъуамæ зонай, цы бæсты цæрыс, уый. Æмбарай, дæ алыварс цытæ цæуы, уый дæр. Денджызтæй фылдæр ны вашйы, фæлæ дзы амæи æмбал нæй. Йæ ном — Сау денджыз. Раст зæгъын æмбæлы, Ас- .ланмæ ахæм ном д^тзæрдыггаг фæкаст. Сау вæййы изæ- 134
рырдæм, изæрдалынгты, æмæ ма, чш зоны, асæст бонтьь. Хуры цæст цæхæртæ куы фæкалы, арвыл мигъы къæм куы нæ фæзыны, уæд денджыз дæр йæ хуыз раив-баи- вæй нал фефсæды. Кæс, æмæ дьгн сæуæхсиды æнгæстæл æрттиваг гауыз айтыгъта. Дымгæ уылæнтæ æддæгуæлæ амайгæ арвгæрæтты азылд — денджызы уæлцъар æрв- хуыз кæттагæй бамбæрзтæуыд. Йæхи тар пæлæзы ба- тыхта, мæстæй рафыхт, йæ уæззау улæфтæй ныууынæр- гъы — фæлдæхт кæрцау уырынгтæй аззайы. Хур амоны денджызы уаг. Цымæ кæцæй луары йæ* тьгнтæ? Цьгмæ йæ зынгцæст мигъты фæлмьг куыд аны- гъуылы? Алцыдæр уайтагъд куы фæбæрæг вæййы ден- джызыл. Кæнæ йе знæт уылæитæ. Куы сæ æвирхъау тъæпп фæцæуы, куы та сæ уарзæгой сусу-бусуйæ фæ- рæвдауынц. Уыдæттæ Аслан йæ фыдæй фехъуыста. Хъырымы ра- гæй чи цæры, ахæмæн та сæ амопын нæ хъæуы. Хæрзæрæджы æрфистæг сты Дзæрæгаты бинонтæ* Фарос горæты. Кавказы уыд сæ балцы райдайæн. Фæ- цыдысты хæдтулгæйы, фæтахтысты «Ту»-йы, тагъдцæ- уæг нау та сæ суанг сæ ног цæрæнбынаты къæсæрмæ ба- хæццæ кодта. Асланы мад æмæ фыд фæлладуадзæны кусынц дох- тыртæй. Æнæвдæлон вæййынц, æмæ лæппу хибарæй арæх аззайы. Йæхæдæг басгæрста былгэзрæттæ æмæ хъа- зæн фæзтæ, йæхæдæг ссардта ног хæлæрттæ дæр. Иæ ныфс сæ хæссы, тынгдæр та милицæйы кусæг Федор Кузьмичæй. Сæ фыццаг фембæлдæй фæстæмæ хъæрмуд рахастой,. жæрæдзийы фенд сын цины хос вæййы, се ’хсæн мисхалы бæрц дæр нæй сусæггагæй. Цалдæр бонмæ Кузьмичьг фæрцы ссис хион Фарос горæты цæрджытæн. Уый фæд- фæд зилы æдзухдæр, æмæ йыл стырæй-чысылтæй сæ цæст æрæвæрдтой. Чысыл участковый йæ схуыдтой. Йæ^ номæвæрджытæм не смæсты, се ’ууæнкæй ма сын бузныг дæр фæци. 135>
Кузьмич,имæ рагон æргъæу галуантыл фæзылд, хъу- .лон--мулон дидинæг гауызты адджын тæф йæ фаг фæ- улæфыд. Уæд паркæй, лагерæй, наулæууæнæй — кæм нæ уыдысты, кæцæй нæ акастысты! Кузьмич йæ диссæгтæ иу абонæй иннæ абонмæ дæр дзырд нæ фæуыдзæн. Ас- ланæн сæ хæлæг нæ кæны, сæ зæгъинæгты хордзен тагъд нæ сафтид уыдзæн. Фаросы уæлдæфы дымгæйæ фæрсыгъд хонынц — ног хабар уайтагъд алкæйы хъусы дэф бацагъдæуыд. Фæлæ Аслан хæлиудзыхæй аззад. Хъæуа-нæ хъæуа хъустæ æмæ цæстытæ фесты. Ныр фæныкгуызæй агæпп ласта. Космо- навттæ, дам, Фаросы цæрынц. Æнæнхъæлæджы цыма космосæй сæ цурмæ æртахтысты, уыйау фæджих лæппу. Афтæмæй та цалдæр хатты фехъуыста йæ фыды хъазæн .ныхас: — Зынаргъ уазджытæ нæм сæмбæлдзæн а дыууæ бо- ны. Фынгтæ æвæрын дæ бахъæудзæн, не ’фспн. — Табуафси. Дзыхъхъы лæуд не стæм. Æгъдау чи ратта, уый мах. Æццæй нæ, Аслан? Аслан-иу йæ сæр батылдта — иугæр æй фæрсæг ис, уæд йæ кад дæлæмæ не ’руадздзæн. Æиæмæнг сбуц хъæ- уы уазджыты. Уый та дын æгъдау æмæ кад! Бафынæй, хабары кæрон ма ацахста йæ хъус, æфсæрмæй куыд ’ссыгъд, уый ма бамбæрста — йæ худинаджы кой ай- хъуыст. Цы гæнæн ма уыд — фат æрдынмæ никуыма раздæхт. Хорз бонмæ, хуыздæр фадатмæ æнхъæлмæ кæсын дæ хос — скарста йæхинымæр, æмæ йыл амонд комдзог >нæ рацыд. Уазджытимæ хæрхæмбæлд фæци. Иу хурбон та сæумæцъыккæй балцы рараст. Хъуамæ та фæзила йæ хæтæнты, басгара йæ авæрæнтæ, йæ цæст ахæсса рæсугъд бæстыхæйттыл. Ацафон фæлладуадзæ- ны змæлæг арæх нæ вæййы. Йæ фæллад чи уадзы, уы- дой денджызы фæбадынц. Ардæм дæр хорз зыны йæ ирд тыгъдад. Йæхимæ дæ сайы йæ сонт уынæр, йæ хъазы- ’нæй. Тæлфаг уылæнтæ былгæроимæ саразы, еемæ хуыр- 136
тæ ассивынц, змисфæзы абæгънæг кæны, стæй та йыл.* арæхстгай байтауы лыстæг æрттиваг дурты рæдзæгъдтæ. Денджыз æнцад-æнцойæ сулæфы йæ риуы дзаг. Цъæхдзаст арв ыл цыма æрфæлдæхтæуыд. Зына-нæзы- на фенкъуысы, йæ сусæг катай фемæхсы, æмæ йæ рог уылæнимæ былгæронмæ хуындзау æрбарвиты. — Æнхъæлдæн, дæуæн дæр Сау дейджызы дæ уд баззад, мæ лымæн,— загъта Асланæн иу æнæзонгæ лæг. — Æмбал кæмæн нæй, ахæм рæсугъд денджыз!—йæ- фыды ныхæстæ афæзмыдта Аслан, йæ къухтæ ма фæй- нæрдæм дæр фæхаста, мæнæ æнæфенд диссæгтæ, зæгъгæ. — Æмбал кæмæн нæй, ахæм? — ныххудт æнахуыр* уазæг.— Дæ ном мын нæ загътай. — Дзæрæгаты Аслан. — Дæ цæрæнбон бирæ, Аслан. Абонæй фæстæмæ хæ- ларæй цæрдзыстæм. Герман Титов. — Æз дæ зонын, æз дæ зонын,— цингæнгæ дзырдта’ Аслан.— Дæ къам дæр нæм ис. Дада дæм рагæй æнхъæл- мæ кæсы. — Гъемæ хорз, Аслан,— худы Герман Титов.— Иумæ- суадздзыстæм нæ фæллад. Æгайтма кæрæдзийы базыд- тахМ. Зæрдыл дарынæн дын мæ лæвар,— Герман Титов лæппуйы риуыл ныссагъта значок. — Бузныг. Æ’З та дыц мæхи значок ратдзынæн. Мæ- нæ уал космосмæ атæхон. — Уырны мæ, Аслан. Ыыр та уал мын Фаросы куы фепын кæнис. Кæд гæнæн ис, уæд. Сахаты бæрц сæхи фæирхæфстой, парчы къуымты фæ- зылдысты, денджызы уындæй сæ мондæгтæ суагътой, иу дидинæджы хал дæр æнæ рæвдыдæй нал ныууагътой. — Стыр бузныг, Аслан, дæ лæггадæй,— загъта Гер- ман Титов,— ’ныр нал фæдзæгъæл уыдзынæн, кæм цы ис, уый базыдтон. Æцæг хæлары æххуыс мын фæдæ. — Фæзын та-иу,— загъта Аслаи Титовæи.— Æз ма дын бирæ диссæгтæ равдисдзынæн. — Кæимæ бахæлар дæ, Герман? — къудзитæй рахызт 137
•.хъæлдзæг лæг, мидбылхудгæ йæ къух бадаргъ кодта лæп- тгумæ.— Куыд цазрыс, лæггаг? — Гагарин?—дисы бафтыд Аслан.— Æз та Аслаи дæн. — Базыдтай мæ, Аслан? Бузныг. Фæлæ раст нæ ба- кодтат. Сымах уæхи ирхæфсут, æз та иунæгæй бадын. .Æндæр хатт уын уæ хивæнд нал ныббардзынæн- Алцы- дæр нын хъуамæ иумæйаг уа. — Хорз,— сразы Аслан.— Æмæ уæд значок та? — Бамбæрстон дæ. Значсж—нæ цэедисы æвдисæн. Афтæ нæу? — афарста йæ Юрий Гагарин æмæ та йæ мид- "былты бахудт. — Афтæ, афтæ,— загъта Аслан. — Уæдæ мæм иучысыл банхъæлмæ кæсут,— фæзылд Юрий Алексеевич хæдзарырдæм, аеинтыл тагъд-тагъд суад, уаты фæмидæг, значоктимæ фездæхт, Асланы ри- уыл €æ бафтыдта, æмæ Герман Титовы лæваримæ цæ- хæртæ скалдтой.— Хорз дыл фидауьгнц, Аслан. — Нана æмæ сæ дадамæ куы равдисин. — Равдис, равдис,— худы Юрий Гагар.ин. — Фенынмæ уал, Аслан,— йæ 1къух æм батылдта Терман Титов. Аслан атындзыдта, фæлæ сæхимæ нæ бахæццæ. Фæн- дагыл фембæлд Кузьмичыл. Уьий тынг бадис кодта, лæп- пуйы зæрдæвæйлыдæй куы ауыдта, уæд. Цы йыл æрбам- бæлд уагæр? Иæ риумæ цы нылхъывта? Дугъ цæмæн са- мадта? — Цы ’ныл æрцыдис, Асла-н, фæдисонау кæдæм згъо- рыс? — афарста лæппуйы. — Афтæ æнæуи...— æвиппайды ницæмæ сарæхст Ас- лан.— Нæхимæ згъордтон. — О, о, абон дæм дуне значоктæ куы ис, мæ лымæн. Се "ппæт дæр дзыхъынног. Никуы ма дæм федтон ахæмтæ,— дзуццæджы æрбадт Кузьмич.— Космонавттæ? Титов, Га- тарин... 138
— Мæ хæлæрттæ мын сæ балæвар кодтой,— раппæ- лыд Аслан. — Æз æмæ ды рагон æрдхæрдтæ стæм, æндæр хæла- рæн ницы зонын. — Юрий Гагарин æмæ Герман Титов дæр. Ныр цæ^- дис стæм. Мæнæ æвдисæнтæ,— йæ риумæ амоны Аслан. — Бамбæрстон дæ, Аслан. Ыог хæлæрттæ ссардтай. Дæ хорз лымæн та дæ ферох. Хъыг мын у, фæлæ, æвæц- цæгæн, æндæр гæнæн нæй,— дзырдта Кузьмич æнкъар- дæй. — Дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд. Иумæ сараздзыстæмг. цæдис. Гагарин афтæ загъта: алцыдæр нын хъуамæ иу- мæйаг уа. — Гъеуый мæ зæрдæмæ цæуы,— бацин кодта Кузь- мич.— Хъус-ма, Аслан. Иу хъуыддаг не ’мбарын æмæ дæ уымæй афæрсон. Космонавттнмæ хæларæй цæрыс, семæ* цæдис дæр ма сарæзтай. Алцæуыл дæр разы дæн. Фæлæ- цымæ семæ цæуылнæ дæ? — Уый та куыннæ дæн? Дæн æмæ уыдзынæн,— фи- дарæй загъта Аслан. — Абон лагердзаутæ хъуамæ Герман Титовимæ фем- бæлой. Сæхæдæг мьш дзырдтой. — Æмæ уæд æз æмæ ды та? — джихæй каст Аслан’ Кузьмичмæ. — Мæнæн мæ фадат нæ амоны. Дæуæн та кæд рæс- тæг ис, уæд лæппутæ æмæ чызджытæм азгъор. Хæдтулгæ* кулдуармæ лæууы. Клубмæ дæ бахæццæ кæндзæн, фæс- тæмæ дæр дæ æрбаласдзæн. Хæдтулгæ йæ цъупдзаг баци. Зынтæй бабырыд Ас- лан мидæмæ, фæлæ йæ бынатæй разыйæ баззад. Пионер- ты хистæр æй йæ уæрджытыл сæвæрдта, æмæ бæлццæтты се ’ппæты дæр хо,рз уыдта. Алы фæзилæны дæр-иу сыл ног хæдтулгæ бафтыд, даргъ уынджы «æрæдзийы фæстæ ныххал сты, æмæ-иу сыл Аслан йæ бæрзонд бадæнæй йæ цæст а-хаста. Сæ размæ-иу æгасцуай æмæ фæндараст зæ- гъынмæ рацыдысты милицæйы кусджытæ. Сæ къухтæ Ш<
*сæм тылдтой фæндаггон адæм. Сыхаг лагерты пионертæ "<сын салют-салам лæвæрдтой. Разæй дæр æмæ фæстейы дæр хæдтулгæты бадджытæ .зарын байдыдтой. Асланы æмбæлццæтты зарынмæ нæма равдæлд. Худынц, хъазæн ныхас кæнынц, бæстæ-иу сæ сæрыл систой. Сæ иу Асланмæ фæкомишммæ, фыр’дисæй йæ цæсты- тæ рацæйхаудысты: æцæгæлон лæппу хъаны бадт кæны оæ хистæры уæрджытыл, йæ ;цæст дæр нæ ныкъулы, аф- тæмæй сæ цыма алкæйы дæр уырзæй æвзары. Цымæ йын чи радта ахæм бар? — Чи дæ æмæ кæдæм дарыс дæ фæндаг? Уæларвæй ма ’ртæхай? — хынцфарстыл схæцыд цымыдис пионер. — Æз Дзæрæгаты Аслан дæн,— цыбыр дзуапп радта Аслан æмæ ныхъхъус, хъуыддаг лыгыл банымадта. Нп- •чи йæм кæсы, бæгуылæгау расæррæтт ласта. Дæ хабæрт- тæ йьгн йæ хъусы бацæгъд. Уæдмæ уал фæлæууæд! — Фехъуыстат? Дзæрæгаты Аслан йæ гуырыконди- мæ. — Дæхæдæг дæ гуырыконд. Лæппутæ æмæ чызджытæ сæ кæлнкæлæй нал æнца- дысты. Хистæрæн ма йæ цæссыг дæр фемæхст. Æрмæст Аслан худыныл нæ уыд—ичъийау ыл бафтыд уыцы .къæрццой пионер. — Ацы значоктæ дьга чи балхæдта? — Лæвар æлхæнгæ нæу,— загъта Аслан æмæ иуварс •азылд. Бæлццæтты ’хистæр æркаст лæппуйы риумæ. — Дзыхъхъынног значоктæ. Сæ иу иннæйæ хуыздæр. Ахæмтæ никуыма федтон. — Абон мын сæ Юрий Гагарин æмæ Герман Титов радтой,—æууæнкджынæй загъта Аслан йæ хæрзгæнæгæн. — Фехъуыстат? — хъус-хъус адзырдта, Аслан гуыры- конд кæй схуыдта, уыцы лæппу. — Космонавттимæ йыи уæрст ницы ис. 140
Аслан æй фехъуыста æмæ йæ æнæ дзуаппæй нæ ныу- уагъта. — Абон Герман Титовима* тезгъо кодтон. Уый дын иу. Райсом дээр та фембæлдзыстæм. Уый дьгн дыууæ. Значоктæ дæр мын уый балæвар .кодта Юрий Гагари- шшæ. Пионерты хистæр цæстæнгасæй домы къæйных пио- нерæй: мауал къах лæппуйы, цы йæ баййардтай? Уæвгæ дзыхъхъы лæуд нæу, алы ныхасæн дæр уайтагъд дзуапп ссары. Мысгæ хабæртты фæдыл кæй адзæгъæл вæййы, уый дæр фауинаг нæу. Уæвгæ, куы нæ сæтты, космонавт- тæ йын цыма тугхæстæг еты, йæхи афтæ дары. Гъемæ хорз, уадз æмæ йæхи рæвдауа. Асланæй ферох, æппындæр чи ницæуыл æууæнды, уы- цы пионер. Йæ хъуыдытæ инпæ бæлццæттыл сбаста. Ау, значоктæ йын космонавттæ сæхæдæг .кæй радтой, уый никæй бауырндзæн? Кузьмич ын ахæмæп куы ницы загъ- та. Мамæ æмæ папæ дæр уæдæ рафæрс-бафæрсыл не схæцдзысты. Цы уыди, уый уыд, кæд Юрий Гагарин æмæ Герман Титовы сæ цæстыкæронæй дæр нæ федтой, уæд- дæр. Ацы лæппу та... Агъи! Осардта аккаг фидис. Фынæ- йæгуырд! Иуæй-иу хатт æй йæ фыдæй фехъусы. Искæ- мæй йæм ахъазынвæнд куы вгеййы, йе та искæмæн йæ ных бакъуырын куы бахъæуы, уæд фæзæгъы папæ уыцы ныхас. Р1æхинымæр æй сдзьфдта Аслан, фæлæ йæ маст ссыд, йæ ’фхæрæгмæ сæрбæрзондæй бакаст. Уый дын æм нæ цæст куы фæныкъулид. Кæд та йæм мæстæй марын- г>æнд нс. Нæ... зарыныл сбæндæн. йе ’мбæлттæ дæр ма йын бахъыриыдтой- Зарынц. Разæнгардæй. Буденныйы бæхджын æфсадыл. Майы бæрæгбоныл. Артекыл. Æп- пæлойтæ! Асланы уый сæр куы бахъæуид, уæд сын баца- монид, зарын куыд æмбæлы, уый. Æппындæр чи ницæуыл а;ууæнды, уый та йæ цæст Ас- ланмæ фæныкъуылдта æмæ ныззарыд: Æвдæм ноябрь— къæлиндары сырх бои, ракæс-ма дæ рудзьшгæй, уынг 141
сырх-сырхид афæлдæхт, кулдуармæ фæйлауы тырыса, артау судзы. Зарæг гом рудзгуытæй уынгтæм, фæзтæм тæхы æмæ азæлы. Æмæ тæхы мæхи сырх къори Арвы ’нæкæрон тыгъдадмæ! Иунæгæй зарыд лæппу. Ие ’мбæлттæ, æвæццæгæн,. зарæджы ныхæстæ нæ зыдтой. Уымæн ныббуц йæхи- -цæй — алцыдæр иунæг уый зоны, æгæр-мæгуыр ын ба- хъырнæг дæр ма нæ разьгнд. Йæ къорийæн ма иу хатт бафæдзæхста, арвы тыгъдадмæ фæтæх, зæгъгæ, æмæ ныххудт. Йæ хорз зæрдæйы уаг ын фехæлдта Аслан. — Афтæ 'Нæу. — Цы нæу афтæ? — фæдис кодта лæппу. — Самуил Яковлевичмæ афтæ фыст нæу. — Уæдæ куыд? — афарста йæ бæлццæтты хистæр,. зараг лæппу кæй фефсæрмы, уый бафиппайдта. Аслан радзырдта: Ды фæтæх, мæхи сырх къори, Арвы 'нæ<кæрон тыгъдадмæ! — Раст зæгъы,— сразы шюнер.— Фæстаг рæнхъытæ æнæбары а1ивтон. Мæ зæрдыл сæ нæ бадардтон. — Цæр æмæ цæр^ Аслан! — Афтæ йын хъуыди! — Йæ фæсонтыл æй дзæбæх авæрдта! Къæмдзæстыг лæппу йе ’мбæлтты æхсæн нынны- гъуылд, ничиуал ын фехъуыста йæ хъæлæс. Аслан цыма йæ бæттæнтæ суагъта — мысæггаг хабæрттæй хæдтулгæ- йы бадджыты хорз федта. Куыд рабæрæг, афтæмæй алы райсом дæр космонавттимæ къухрайстæй æгасцуай фæ- з&гъынц кæрæдзийæн. Маршакимæ та цай фæцьгмы. Кæд дæ фæнды, уæд ыл баууæпд, кæд нæ — дæ бар дæ- хи. Бæлдцæттæ къæрцхъусæй бадьгац — рæвдз куы нæ фæлæууой, уæд ма сæ истæмæйты афæливдзæн. 142
Иу гурысхо дæр сæм нал уыд, иу дæлгоммæ ныхас дæр никæйуал дзыхæй схауд, иууылдæр уæрæх фæзы куы æрæмбырд сты, уæд. Уазджыты размæ рацыд Герман Титов йæхæдæг. Дис- сæгтæ сын фæдзырдта йæ уæларвон балц æмæ йе ’мбæлт- ты тыххæй. Асланмæ та ахæм хъуыды фæзынд: хъуамæ €ын сæ хæлар царды хабар, сæ цæдисы кой дæр ам фе- дъусой йæ æмбæлццæттæ. Æмæ нæ фæрæдыд. Герман Титов раппæлыд еуинаг космонавттæй, амыд- та сын дард æмæ рæсугъд фæндæгтæ, ахуыр æмæ сып ахуыр фæдзæхста. — Ам сæмбæлд мæ хорз хæлар. Иæ ном Дзæрæгаты Аслан. Абон ын æз æмæ Юрий Алексеевич балæвар код- там значо;ктæ, фæлæ мын уый дæр хæрзиуæгæй зæрдæ бавæрдта. Куыддæр йæ фыццаг космосон балцæй æрыз- дæха, афтæ мын ратдзæн значок. Мæн уырны, йæ балц кæй фæрæстмæ уыдзæн, уый. Космонавты ныхæстæ къухæмдзæгъды бын фесты. Аслан йæ мпдбылты бахудт пионерты хистæрмæ, стæй... уыцы хивæнд зараг лæппумæ. Раст цы уа, уый зæгъын æмбæлы—лæппу сæрыстыр кæстытыл иал схæцыд, йæ армытъæпæнтыл нæ ауæрста. — Уæдæ куыд æнхъæлдтат? — загъта йæхинымæр Аслан æмæ йе ’ргом сарæзта фæзæй рахизæнмæ. Уым æм æнхъæлмæ кастысты Кузьмич æмæ йæ пыййарджытæ. Сæхæдæг фехъуыстой хабæрттæ, æмæ йæм нæ хæцдзыс- ты, балцы æнæ бафæрсгæйæ кæй фæраст, уый тыххæй. Космонавтты хæларæн йæ хивæнд дæр ис ныббарæн. »^^чь^
Ч И Н Ы Д Ж Ы И С: Хъæд банцад йæ нæрынæй Уацхæссæг Тымыгъ куы сыстад... Цæгатаг балладæ Хæстон совет Зæронд партизаны бæрæгбон Хъæбысхæст Тымбыл æрдузы Уылæн уылæны фæсуры Æрмæстдæр иунæг бон Сыхæгтæ Мяу агуры йæ хионты Цопан балцы араст Космонавтты чысыл хæлар Для среднего школьного возраста СЕРГЕЙ ТИМОФЕЕВИЧ МАРЗОЕВ На круглой поляне Рассказы на осетинском языке Редактор К. X. X о д о в. Художник М. Ф. Джигкаев. Художест- венный редактор X. Т. С а б а н о в. Технический редактор А. В. Я д ы к и н а. Корректор 3. У. Д з у ц е в а. ИБ № 899 Сдано в набор 14.05.83. Подписано к печати 29.07 83. ЕИ 01539. Формат бумагн 70\1081/з9. Бум. тип. № 1. Гарн шрнфта литсратурпая. Печать высокая. Усл. п. л. 6,30. Учетно-изд. листов 6,24. Тираж 3000 экз. Заказ № 334 Цсна 20 коп. Издатсльство «Ир» Государственпого комитста Северо-Осетннской АССР по делам нздатсльств, иолиграфии н книжнон торговли, 362040, г. Орджоии- кп;ие, ул. Димитрова, 2. Книжная тинография Государствсниого комитета Севсро-Осетинской АССГ по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362011, г. Орджони кидзс, ул. Тсльмана, 16. 14 23 36 53 59 66 75 79 89 103 111 125