Text
                    Моурауты Маринæ
Методикон
амындтытæ
«Абетæм»
МЫХУЫРГОНД ЦÆУЫ
ЦÆГА Т ИРЫСТОН-АЛАНИЙЫ
АХУЫРАД ÆМÆ НАУКÆЙЫ
МИНИСТРАДЫ БАРЛÆВÆРДÆЙ


74.268.1 Осет М-94 Учебно-методический комплект подготовлен в рамках проекта кафедры ЮНЕСКО «Теория и практика полилингвального образования на Кавказе» при Северо- Осетинском государственном педагогическом институте. Руководитель проекта — доктор филологических наук, профессор Т.Т. Камболов ПРОДАЖЕ НЕ ПОДЛЕЖИТ Моурауты М. М—94 Методикон амындтытæ («Абетæм») /Мыхуыргонд цæуы Цæгат Ирыстон—Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министра- ды барлæвæрдæй — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009 — 79 ф. Моуравова М.Л. Методические указания к «Азбуке» 15ВИ 5-7534-1170-3(978-5-7534-1170-9) м 4306010400-9 39_09 74.268.1 Осет М131(03)-09 © Министерство образования и науки, 2009 © ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 2009 © Моуравова М.Л., 2009 15ВК 5-7534-1170-3(978-5-7534-1170-9) © Григорян В.С., оформление, 2009
ПРОГРАММÆ 1-æм кълас Абетсе ахуыр ксенын, ксесын семсе фыссын, ныхасы рсезтыл куыст (Къуыри 6 сах.} æдæппæт 192 сах.: 24 сах. — бацæттæгæнæн рæстæг, 128 сах. — абетæ ахуыр кæныны рæстæг, 40 сах. — кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны рæстæг). Æмбарынгсенсен фыстсег Райдайæн скъола æвæры бындур сывæллæтты хъомылад æмæ ахуы- радæн, сæ алывæрсыг рæзтæн. Хъуамæ сын ратта фæлтæрддзинад æмбаргæ æмæ аив кæсынæн, æнæрæдыд æмæ раст фыссынæн, рæ- зын сын кæна сæ хъуыдыкæнынад, сæ ныхасы культурæ. Ахуыр æмæ хъомылады хæстæ скъолайы кæрæдзиуыл хъуамæ уой æнгом баст. Ацы ахсджиаг хæстæ сæххæст кæнынæн егъау фæрæз у мадæлон æвзаг, уымæн æмæ уый у национ культурæйы бындур: æргом кæны нæ адæмы миддуне, нæ фыдæлты истори, сæ царды сусæгдзинæдтæ. Райдайæн скъолайы абетæ ахуыр кæныны рæстæг у ирон æвзаг æмæ ныхасы рæзтыл куыстæн йæ бындур. Йæ сæйраг нысантæ сты: — сывæллæтты лæмбынæг хъусын æмæ иронау раст дзурын ахуыр кæнын; — кæрæдзиуыл баст ныхасы хуызты руаджы сæ фæлтæрын хъу- сын æмæ дзурыныл, кæсын æмæ фыссыныл; — сабиты ахуыр кæнын сæ ныхасы ирон æвзагæй пайда кæнын; — парахат кæнын сабиты активон æмæ пассивон дзырдуат, бамба- рын сын кæнын грамматикон ныхасы арæзт; — рæзын кæнын сабитæн сæ иумæйаг арæхстдзинæдтæ æмæ фæл- тæрддзинад чиныг æмæ текстимæ кусынæн (сæйраг хъуыды рахицæн кæнын, æххуысгæнæн дзырдтæ ссарын, фæрстытæн дзуапп дæттын). Абетæ ахуыр кæныны рæстæг дих кæны 3 хайыл: 1) бацæттæгæнæн рæстæг; 2) дамгъæтæ ахуыр кæныны рæстæг; 3) рацыд æрмæг бафидар кæныны рæстæг. Бацæттæгæнæн рæстæг (24 сахаты) Бацæттæгæнæн рæстæджы сæйраг нысантæ сты: сабитæн рæзын кæнын сæ фонематикон хъусынад, ахуыр сæ кæнын раст артикуля- цийыл, уæрæх сын кæнын сæ ныхасы рæзт. 3
Ацы рæстæг фылдæр хъусдард хъуамæ цæуа ныхасы рæзтыл куыст- мæ, уæлдайдæр та аудировани (хъусын æмæ æмбарын) æмæ дзургæ ныхасмæ (монолог æмæ диалог). Сывæллæттæ ахуыр кæнынц ахуыргæнæгмæ хъусын, йæ амындтæ йын æмбарын æмæ æнæ искæй æххуысæй хъуыды кæнын. Зонгæ кæнынц сæ алыварс царды æнцондæр æмбарæн цаутæ æмæ æрдзы фæзындтимæ. Сабитæ ахуыр кæнынц нывтæм гæсгæ дзырдтæ æвзарын, дзыр- дæн кæнæ хъуыдыйадæн схемæ кæнын (хъæлæсон мыртæ, уæнгты нымæц, цавд), хъуыдыйæдтæ æмæ чысыл радзырдтæ хъуыды кæнын. Бацæттæгæнæн рæстæг сывæллæттæ зонгæ кæнынц, программæмæ гæсгæ сын цы цыбыр зонинæгтæ лæвæрд цæуы, уыдонимæ: скъола- дзауы æгъдæуттæ, ахуыргæнæн дзауматæ æмæ афæдзы афонтæ. Ахуыр кæнынц 20-ы онг нымайын, хæдзары фос æмæ хъæддаг сырд- ты нæмттæ. Чысыл æмдзæвгæтæ ахуыр кæнынц наизусть, кæсынц аргъæуттæ. Сывæллæттæ зонгæ кæнынц ахæм æмбарынæдтимæ: 1. Цы у ныхас (дзургæ æмæ фысгæ ныхас) — иумæйаг æмбарынад. 2. Ныхас хъуыдыйæдтыл дих кæнын. 3. Хъуыдыйад. 4. Хъуыдыйад æмæ дзырд. 5. Хъуыдыйад дзырдтыл дих кæнын схемæты руаджы. 6. Дзырд. Уæнг. Цавд. Мыр. 7. Дзырд. Дзырды цал уæнджы ис. 8. Цавд. Цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ. 9. Дзырдæй мыр рахицæн кæнын. 10. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. 11. Дзырдæн мырон-уæнгон анализ кæнын. 12. Стъæлф, фарсты æмæ хъæры нысантæ хъуыдыйады кæрон. 13. Рацыд æрмæг бафидар кæнын. Фыссын Сывæллæттæн бацамонын фыссыны æгъдæуттæ: фысгæйæ раст бадын, тетрад партæйыл раст æвæрын. Базонгæ сæ кæнын къухфыс- тимæ: къухфысты цъар, къухфысты сыфтæ, фарс, рæнхъ, къухфыс- ты хæххытимæ, кърандас æмæ ручкæимæ, уыдонæй куыд пайда кæ- нын хъæуы, уыимæ. Фыссыны фæлтæрæнтæ кæнын исты нывæфтыдтæгæнгæйæ дæр (ныв кæнын, лыстæг хæххытæ кæнын алырдæм, контурмæ гæсгæ хахх кæнын, дамгъæты хæйттæ фыссын), цæмæй къух æмæ къухы ’нгуылдзтæ фыссынмæ сфæлтæрой, уый тыххæй. Ахæм фæлтæрæнтæ сабиты цæттæ кæнынц фыссынмæ: уыдоны руаджы ахуыр кæнынц ручкæйыл хæцын, фысгæйæ партæйыл раст бадын æмæ дамгъæйы хæйттæ фыссын. Кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны куыст арæзт цæуы уыцы иу рæстæг, ома скъоладзаутæ кæсгæ дæр кæнынц æмæ фысгæ дæр уыцы иу урочы 15—20 минуты дæргъы. Фыссын æмæ кæсыны уроктæ арæзт цæуынц иу темæмæ гæсгæ. 4
Фыссыны уроктæ дæр арæзт цæуынц аналитикон-синтетикон ме- тодæй пайдагæнгæйæ. Дамгъæты хæйттæ фыссын дамгъæтæ æмæ уæнгтæ фыссынмæ ба- цæттæ кæныны тыххæй. Дзырдтæ фыссын зонын схемæмæ гæсгæ. Дамгъæтæ фыссын, дзырдтæн мырон анализ кæнын фысгæйæ æмæ къухæй фыст дзырдтæ уæнггай фыссын, дамгъæтæ кæрæдзиуыл бæт- тын. Хъуыдыйæдтæ фысгæйæ дзырдты дамгъæтæ кæрæдзийы фæстæ раст æвæрын зонын, растфыссынадæн рагацау хорз бындур сæвæры- ны тыххæй фæлтæрæнтæ кæнын. Сæ мыртæ дамгъæтæй кæмæн нæ хицæн кæнынц, ахæм дзырдтæй конд цыбыр хъуыдыйæдтæй диктант фыссын (ахуыры азы кæронмæ æввахс); сабитæ цы ныффыссой, уый бакæсын дæр куыд зоной. Стыр дамгъæ фыссын хъуыдыйады райдайæны, адæймæгты æмæ фосыл æвæрд нæмтты. Стыр дамгъæйæ кæд пайда кæнын хъæуы, уый æмæ хъуыдыйады кæрон стъæлф æвæрын зонын. Фарстон æмæ хъæрон нысан хъуыдыйады кæрон æвæрын зонын. Антонимтæ, си- нонимтæ, бирæнысанон дзырдтæ кæрæдзийæ иртасын. Сабитæ хъуамæ базоной раст æмæ рæсугьд фыссын. Сæ хæс у дзырдтæн æмæ хъуыдыйæдтæн ахуыргæнæджы æххуысæй уæнгон- мырон анализ скæнын. Хъуамæ сахуыр уой къухфыст кæнæ чины- джы мыхуыргонд текст рафыссын. Ахъаззаг куыст у 3—7 дзырдæй арæзт хъуыдыйæдтæй диктанттæ фыссын. Дамгъæтæ ахуыр кæнын, ксесын æмæ фыссын, ныхасы рæзтыл куыст (168 сахаты) Скъоладзаутæ хъуамæ базоной хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ кæрæдзийæ иртасын, дзырдтæн уæнгон-мырон анализ кæнын, сæ мырты нымæц сын сбæлвырд кæнын. Цавдон уæнг ссарын, дамгъæтæ æмæ уæнгтæй дзырдтæ аразын. Уæнггай æнæкъуылымпыйæ раст æмæ æмбаргæ кастыл фæлтæрæнтæ кæнын. Хъæлæсы уагмæ гæсгæ цыбыр хъуыдыйæдтæ æмæ тексттæ (25—30 дзырды иу минутмæ) раст кæсын. Кæсыныл ахуыр кæнын райдайынц тыхджын, æмхуызон чи хъуы- сы, ахæм хъæлæсонтæ æмæ сонорон æмхъæлæсонтæй. Сындæггай, иу этапæй иннæмæ дзырдтæ кæнынц вазыгджындæр, фæзыны дзы æмхъæлæсонты фембæлд, мыртæ æмæ дамгъæты хицæндзинæдтæ. Аив æмæ раст кæсынæн æххуыс у хъуыдыйæдтæн æмæ дзырдтæн схемæтæ аразын, дзырдбыдтæ, ребустæ кæнын, логикон хæслæ- вæрдтæ, дзырдтæ цæджындзгай кæсын, вазыгджындæр кæнгæйæ. Абеты æрмæг сабиты зонгæ кæны дзургæ сфæлдыстады алыхуызон формæтимæ: антонимтæ, синонимтæ æмæ бирæнысанон дзырдтимæ. Дамгъæтæ амоныны фæтк бæрæггонд цæуы ныхасы сæ арæхдзи- надæй. а у о и ы æ е в ъ гъ п къ дз хъ МНРСУТ жджгь х Д л цъ ч чъ пъ ь кйгзб эюяё Ф Ц ш щ 5
Дамгъæтæ ахуыр кæныны рæстæг куыст цæуы кæсын æмæ фыс- сын базоныныл æмæ йæ хæстæ сты ныхасы мыртæ хъусын æмæ дзу- рын зонын, сæ дамгъæтæ сын кæсын æмæ фыссын зонын, чысыл æнцонæмбарæн тексттæ хъæрæй уæнггай кæсын. Цы тексттæ бакас- тысты, уыдонæй ахуыргæнæджы фæрстытæн дзуæппытæ дæттын. Фыццæгæм къласы кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны куыст арæзт цæуы мырон аналитикон-синтетикон методмæ гæсгæ. Хъусгæйæ ныхасы мыртæн иртасын сæ алыхуызондзинад (хъæлæсон у æви æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон, хуымæтæг æви дæргъвæ- тин). Ахæм методæй кусгæйæ, сывæллæттæ цыбыр рæстæгмæ рай- сынц тагъд, æмбаргæ каст æмæ раст фыссыны фæлтæрддзинад. Дамгъæтæ ахуыр кæныны рæстæг ахуыргæнæг хъуамæ архайа, цæмæй сывæллæттæ кæсой дамгъæгай нæ, фæлæ уæнггай. Уæнггай кæсгæйæ, скъоладзаутæ фæцалх уыдзысты раст, æнæкъуылымпыйæ кæсын. Фысгæйæ арæхдæр кæнын хъæуы дзырдтæн уæнгон-мырон ана- лиз, цæмæй сывæллæттæ дамгъæ цух ма фыссой, иу дамгъæ иннæйæ ма ивой. Пайда кæнын хъæуы уæнгтæй дзырдтæ аразыны хъæзты- тæй. Уый фæстæ сывæллæттæ рахизынц уæнггай кастæй æнæхъæн дзырдтæ кæсынмæ. Ацы куыстытæй ахсджиагдæр у къухфыст текст кæсын базонын. Чиныджы кæсгæйæ, сывæллæттæ ахуыр кæнынц фыссын дæр. Сывæллæтты ахуыр кæнын хъæуы фæйнæгæй æмæ чиныгæй æнæхъæн дзырдтæ æмæ цыбыр хъуыдыйæдтæ рафыссын. Фæлва- рын хъæуы уæнгон, дзырдуатон диктанттæй уæлдай ма хуымæтæг хъуыдыйæдтæй арæзт диктанттæ фыссыныл дæр. Кæсыны æрмæджы фæрцы сывæллæттæ хъуамæ базоной æмбаргæ ныхас кæнын, сыгъдæг дзурой мыртæ æмæ сæ кæсой раст хъæлæсы уагæй. Ома арæхсой хъæлæс, кæм хъæуы, уым фæбæрзонддæр кæнæ фæныллæгдæр кæнын. Цæмæй ныхасгæнгæйæ сывæллæттæ сæ хъуыдытæ кæрæдзиуыл бæттын зоной, аив дзурынмæ арæхсой, уый тыххæй сæ ахуыр кæнын хъæуы аргъæуттæ кæнæ цыбыр радзырдтæ хи ныхæстæй дзурын, ахуыргæнæджы æххуысæй чысыл æмдзæвгæтæ наизусть дзурын, нывмæ гæсгæ цыбыр радзырдтæ хъуыды кæнын. Сабиты арæх хонын хъæуы экскурситы æмæ сæ ахуыр кæнын сæ алыварс æрдзмæ цæст дарын. Мырон культурсейыл куыст Скъоладзауты ахуыр кæнын мыртæ раст æмæ сыгъдæг дзурын: — мыртæ [а], [æ] æмæ [ы] кæрæдзийæ иртасын; — æмхъæлæсонтæ хъ, къ, тъ, цъ, чъ, гъ, дж, дз дзурын зонын; — æмхъæлæсонты дæргъвæтиндзинад: тт, сс, мм, лл, рр, пп; — æмхъæлæсонтæ с-з, с-ш, з-ж, ж-ш, ч-дж, дз-з кæрæдзийæ ирта- сын, раст сæ дзурын. Скъоладзауты фонематикон хъусынадыл кусын: дзырды райдиан, астæу æмæ кæронæй мыр рахицæн кæнын зонын. Хъуамæ зоной орфоэпийы домæнтæ æмæ æгьдæуттæй пайда кæнын. 6
Ныхасы рæзтыл куыст Ныхасы рæзтыл куыст райдайын хъæуы, сывæллæтты цардмæ хæстæгдæр цы цаутæ сты, уыдонæй. Ацы æрмæгмæ хауы ахæм темæтæ: — 1 сентябрь — Зонындзинæдты бæрæгбон. Мæ фыццаг чиныг — «Абетæ». — Нæ райгуырæн бæстæ. — Скъола. Нæхи цæттæ кæнæм скъоламæ. Кълас. Ахуыргæнæн дзауматæ. Сывæллæтты хъæзтытæ. Ранымад. — Бинонтæ. Хæдзар. Хæдзары æгъдау. Цæлгæнæн. Уазæгдон. Сабиты уат. — Цæхæрадоны æмæ дыргъдоны. Дыргътæ æмæ халсартæ. — Хæдзарон фос æмæ хъæддаг цæрæгойтæ. — Афæдзы афонтæ æмæ æрдзы нывтæ. Мæйтæ. Къуырийы бонтæ. Боны фæтк. — Уæлæдарæс æмæ къахыдарæс. — Бæрæгбæттæ. Хи дарыны æгъдæуттæ. Иумæйаг хабæрттæ ныхасы тыххæй. Ныхасы равзæрды истори. Дзургæ æмæ фысгæ ныхас; монолог æмæ диалог. Дзургсе ныхас. Дзырдæн йæ мидис æмæ йæ формæмæ цæст да- рын. Ныхасы формæтæ: уац, сидт, курдиат, фарст, бадзырд (обра- щение) æ.а.д. Ныхасы фæрæзтæ (речевые средства): мелодикæ, ло- гикон цавд, паузæ, хъæлæсы тембр, темп, архæйдтытæ (ахуыргæнæг пайда кæны терминологийæ). Ныхасы этикет: салам дæттын, фæндараст зæгъын, арфæ ра- кæнын, бадзырд (обращение); ныхасы хицæндзинæдтæ зонгæ æмæ æнæзонгæ адæймæгтæ, æмгæрттæ æмæ хистæртимæ, сабитимæ дзур- гæйæ. Ныхасы (общение) хицæндзинæдтæ скъолайы, къласы, уын- джы. Хи дарыны æгъдæуттæ, лæвæрттæ исгæйæ æмæ дæтгæйæ. Арфæ кæнын гуырæн бон кæнæ æндæр бæрæгбæтты фæдыл. Сывæллæтты æвзаг цас хъæздыгдæр уа, уыйбæрц хуыздæр уы- дзæн сæ ахуыры хъуыддаг æппæт предметтæй дæр. Уымæ гæсгæ рай- дайæн скъолайы ахуыргæнæг хъуамæ сахуыр кæна сывæллæтты раст кæсын, цы кæсынц, уый куыд æмбарой, афтæ, хъуамæ зоной сæ алы- варс царды хуымæтæгдæр цаутæ бæстонæй раргом кæнын. Уыимæ архайын хъæуы, ахуырмæ сывæллæтты разæнгард, уæнгрог чи кæна, ахæм хъомыладон куыстытæ фылдæр кæнын. Ирон æвзаг семсе ксесын (40 сахаты) Хъуыдыйад, дзырд, мыр, дамгъæ. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын. Цавд. Дзырдты ми- дæг цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ. Стыр дамгъæ адæймæгты нæмт- ты, фыды нæмтты, мыггæгты. Стыр дамгъæ фосыл æвæрд нæмтты. Стыр дамгъæ бæстæты, горæтты, хъæуты, кæмтты, дæтты æмæ уынг- ты сæрмагонд нæмтты. Ныхас æмæ йæ ахадындзинад царды. Текстимæ зонгæ кæнын. 7
Дзургæ ныхасы хицæндзинæдтæм цæст дарын. Хицæн хъуыдыйæдтæ æмæ текст абарын. Чысыл текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын. Бæлвырд темæмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын; чысыл радзырдтæ сюжетон нывтæм гæсгæ хъуыды кæнын. Сæйрагдæр домсентæ сывæллæтты зонындзинæдтæм Фыццаг ахуыры азы кæронмæ скъоладзаутæ хъуамæ базоной мыртæ æмæ дамгъæтæ, сæ хицæндзинæдтæ (мыр хъусæм æмæ дзурæм, дамгъæ фыссæм æмæ уынæм). Сабитæ дамгъæтæ куы базоной, уæд хъуамæ рахизой уæнггай кастæй æнæхъæн дзырдтæ кæсынмæ. Ахуырдзаутæ хъуамæ сахуыр уой фæйнæгæй æмæ чиныгæй æнæхъæн дзырдтæ æмæ цыбыр хъуыдыйæдтæ раст рафыссыныл. Хъæлæсы уагмæ гæсгæ сывæллæттæ хъуамæ раст кæсой текст, ома арæхсой хъæлæс, кæм хъæуы, уым фæбæрзонддæр кæнæ фæ- ныллæгдæр кæнынмæ. Аргъæуттæ кæнæ цыбыр радзырдтæ хи ны- хæстæй дзурын зонын, нывмæ гæсгæ чысыл радзырд æрхъуыды кæ- нын, чысыл æмдзæвгæтæ наизусть ахуыр кæнын. Ахуыры азы кæронмсе скъоладзаутæ хъуамæ зоной: — дзырды мидæг мыр рахицæн кæнын; — хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ кæрæдзийæ иртасын; — дзырды цавд сæвæрын; стыр дамгъæйы растфыссынад; — чиныгæй æмæ фæйнæгæй дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ раст ра- фыссын; — хуымæтæг диктанттæ æнæ рæдыдæй фыссын. Ахуыры азы кæронмæ скъоладзаутæ хъуамæ арæхсой: — ахуыргæнæг æмæ æмкъласонтимæ ныхас кæнын, сæ фæрсты- тæн сын дзуæппытæ дæттын; — раст пайда кæнын бадзырдæй скъолайы, къласы; сывæллæт- тимæ, хистæртимæ; — хъæлæсы уагæй æвдисын раныхасы нысаны хицæндзинæдтæ (различия в цели высказывания); — æрæмных кæнын дзырды схемæ предметы номимæ, дзырдтæн, хъуыдыйæдтæн схемæтæ кæнын; — дзырдты мыртæ хицæн кæнын: хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæ- сонтæ; зылангонтæ æмæ æзылангонтæ; — дзырд уæнгтыл дих кæнын; — раст æмæ æмбаргæ каст кæнын æнæхъæн дзырдгай, 20—30 дзыр- ды кæм уа, ахæм текст иу минутмæ; — рафыссын дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ мыхуыргонд æмæ къух- фыст текстæй; стыр æмæ гыццыл дамгъæтæй раст пайда кæнын. Фысгæйæ дамгъæтæ кæрæдзийæ хицæн кæнын. «Абетсе^-йы чиныджы нысантсе, мидис семсе арсезт «Абетæ»-йы чиныг арæзт у нырыккон ирон æвзаджы граммати- кæйы бындурыл, мадæлон æвзагыл кæсын æмæ фыссын ахуыр кæ- ныны методикæмæ гæсгæ æмæ, скъолаты куысты цы фæлтæрддзинад æрæмбырд, уый хынцгæйæ. 8
Чиныг арæзт у æртæ хайæ. Фыццаг хайы æрмæг цæттæ кæны скъоладзауты кæсын æмæ фыссын ахуыр кæнынмæ, фадат дæтты ахуыргæнæгæн сабиты ныхасы рæзт æмæ ныхасы культурæйыл ку- сынæн, практикон æгъдауæй скъоладзауты зонгæ кæны ныхас, хъуы- дыйад, дзырд, уæнг, цавд, хъæлæсон мыртæ æмæ дамгъæтимæ. Фыц- цаг хайы уæлдай тынгдæр хъусдард цæуы фонематикон хъусынад æмæ артикуляцийыл фæлтæрынмæ. Чиныджы æрмæг фадат дæтты ахуыр- дзаутæн сæ дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнынæн, сæ зонындзинæдтæ фæарфдæр æмæ фæуæрæхдæр кæнынæн, логикон хъуыдыдзинад рæ- зын кæнынæн, ахуырадон-хъомыладон куыст аразынæн. Куыд зонæм, афтæмæй ахуырадон-хъомыладон куыст æнтыст- джындæр уæд уыдзæн, кæсын æмæ фыссыны агъоммæ сывæллæтты ныхасы рæзтыл куыст куы цæуа, сæ алыварс царды хуымæтæгдæр цаутæ сын бæстондæр куы раргом кæнæм, уæд. Уымæ гæсгæ «Абетæ»-йы чиныджы тематикæмæ хаст сты: сабиты хъæзтытæ æмæ хъазæнтæ, скъолайы царды æгъдæуттæ, хистæрты куыст, алыхуызон дæсныйæдтæ, кусæнгæрзтæ, цæхæрадоны æмæ дыргъдоны, дыргътæ æмæ халсартæ, æрдзы афонтæ æмæ къуырийы бонтæ, боны фæтк, æрдзы нывтæ, хицæн зонинæгтæ ирон адæмы цард, æгъдæуттæ æмæ культурæйæ. Сывæллæтты ныхасы рæзт цас бæрзонддæр уа, уыйбæрц хуыз- дæр уыдзæн сæ ахуыр æппæт предметтæй дæр. Уый хынцгæйæ «Абетæ»-йы чиныджы уæлдай æргом здæхт цæуы кæрæдзиуыл баст ныхасы хуызтæм. Дзырдæн зæгъæм, монолог æмæ диалогон ныхасыл кусыны хуыз- тæм, уыдон сывæллæтты разæнгард кæнынц аив кæсынмæ, цы кæ- сынц, уый æмбарынмæ, æххуыс сын кæнынц, сæ хъуыдытæ кæрæ- дзиуыл бæтгæйæ, дзурын æмæ фыссынæн. Ацы чиныджы сывæллæттæ базонгæ уыдзысты Хетæгкаты Къос- тайы æмдзæвгæтæ, ирон фысджыты уацмыстæ æмæ ирон адæмон сфæлдыстадимæ. Тексты мидис анализ кæнынæн арæзт цæуынц алыхуызон фæлтæ- рæнтæ. Зæгъæм: 1. Текст баххæст кæнын чиныджы нывтæм гæсгæ кæнæ æнæ уыдонæй. 2. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын текстмæ гæсгæ. 3. Текст хи ныхæстæй радзурын. 4. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын. 5. Текст рольтæм гæсгæ бакæсын æ. æнд. Цæмæй «Абетæ»-йы чиныг сывæллæттæ зæрдæрайгæйæ кæсой, цымыдисдзинад сæм рæзын кæна, уый тыххæй йæм хаст æрцыд уæлæмхасæн дидактикон æрмæг (ребустæ, грамматикон хъæзтытæ). Чиныджы ис алыхуызон тексттæ, уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ, тагъд- дзуринæгтæ, хъæлдзæг ныхæстæ æмæ зарджытæ. Сывæллæтты кар хынцгæйæ чиыыгмæ хаст æрцыдысты æххуыс- гæнæг персонажтæ: Зоидаби, Хæццæгæнæг, Цæмæицæу Рохгæнæг. Ацы архайджытæ сабиты хъазты хуызы разæнгард кæнынц грамма- тикон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ. Ахуырдзаутæ хæслæвæрд рæвдздæр сæххæст кæндзысты, хъазы- ны хуызы сын æй куы бацамонæм, уæд. Зæгъæм: «Феххуыс кæн 9
Рохгæнсегæн хæслæвæрд скæнынмæ». Ирхæфсæны хуызы йæ загъ- там, фæлæ ахуырдзауты тынг разæнгард кæны уыцы хæслæвæрд скæ- нынмæ — уарзон аргъауы хъайтарæн баххуыс кæнынмæ. Ахæм иудзинад хæрзвадат у ахуыры мидæг, уымæн æмæ уарзон аргъæуттæ, ирхæфсæн элементты руаджы ссарæн ис фæндаг сывæл- лоны эмоционалон сферæмæ. Ахсджиаг ма уымæй дæр у, æмæ ахуыр- дзаутæ аргъауы хъайтартимæ куы ’мбæлой, уæд уæлдай тынгдæр тырндзысты уыцы аивадон уацмыс, аргъау ноджыдæр ма иу хатт 6а- кæсынмæ, радзырды мидисыл ахъуыды кæнынмæ. Урочы алы хъазтæн дæр ис цавæрдæр бæлвырд нысан. Дидакти- кон хъæзтытæй методикон æгъдауæй урочы раст куы нæ пайда кæ- нæм, уæд сæ ахадындзинад уыдзæн лæмæгъ, ахуырдзауты цымыдис- дзинад фæкъаддæр уыдзæн. Уыдон стыр æххуыс сты урокæн йæ кæцыфæнды хайы дæр: ног æрмæг амонгæйæ, рацыд æрмæг фидар кæнгæйæ, хибарæй кусгæйæ æ.а.д. Чиныджы æрмæг зонгæ кæны сывæллæтты практикон æгъдауæй иуæй-иу грамматикон зонындзинæдтимæ: стыр дамгъæ хъуыдыйады райдайæны, адæймæгты нæмтты, мыггæгты, хъæуты, горæтты нæмт- ты; стъæлф, фарстон æмæ хъæрон нысан хъуыдыйады кæрон; зылан- гон æмæ æзылангон мыртæ; дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæссын æ.а.д. «Абетæ»-йы чиныджы дамгъæтæ лæвæрд сты сæ арæхадмæ гæсгæ, ома, ирон æвзаджы арæхдæр цы дамгъæтæ æмбæлынц дзырдты, уыдон сывæллæттæ ахуыр кæнынц раздæр, иннæтæ та фæстæдæр. Уый фадат дæтты сывæллæтты ныхас фæхъæздыгдæр æмæ фæ- хæрзхъæддæр кæнынæн, ахъаз у, цæмæй скъоладзаутæ райдайой кæсын канд хицæн дзырдтæ нæ, фæлæ ма литературон тексттæ дæр. «Абетæ»-йы чиныг арæзт у мырон аналитикон-синтетикон методы бындурыл. Чиныджы æрмæгыл кусгæйæ, скъоладзаутæ ахуыр кæнынц ныхас хъуыдыйæдтыл, хъуыдыйæдтæ дзырдтыл, дзырдтæ уæнгтыл, уæнгтæ мыртыл дих кæнын, дзырдты мидæг мырты фæтк æмæ сæ бастдзинад æвзарын, дзырдтæн уæнгон-мырон анализ кæнын. Кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны фыццаг къахдзæфтæ кæн- гæйæ, ахсджиаг хъуыддаг у цæстуынгæ æрмæг æмбарын æмæ зæр- дыл дарын: схемæтæ, бадзырдон нысантæ (мыр—дидинæг). Куыд зонæм, афтæмæй хъæлæсон мыры дамгъæ у сæйраг бæрæггæнæн уæнг бакæсынæн, æмхъæлæсон мыры дамгъæ та каст цæуы хъæлæсонмæ гæсгæ, зæгъæм: а-рынг, а-син, бандон æ.а.д. Уымæ гæсгæ скъоладзаутæ хъуамæ арæхсой хъæлæсонтæ æмхъæ- лæсонтæй иртасын, сæ хицæндзинæдтæ сын зонын. Чиныгмæ гæсгæ ахуырдзаутæ ахуыр кæнынц мыртæ дамгъæтæй бæрæг кæнын, дамгъæтæй æмæ уæнгтæй дзырдтæ аразын (раздæр сæ уæнгон-мырон анализ кæнгæйæ) æмæ кæсын. Скъоладзаутæ ахуыр кæнынц хъуыдыйæдтæ æмæ тексттæ уæнггай кæсын, стæй æнæхъæн дзырдгай кæсын райдайынц хуымæтæг хъуыдыйæдтæ. Кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны куысты стыр ахъаз у сывæл- лæттæн уæнгон-мырон анализ бамбарын кæнын. Уымæ гæсгæ «Абетæ»- йы чиныджы ис æрмæг алы урочы дæр уæнгон-мырон анализæн. Дæмæй сывæллæттæ дамгъæгай ма кæсой, фæлæ тагъддæр базо- 10
ной уæнггай кæсын, уый тыххæй хъуамæ бамбарой æмæ сæ зæрдыл бадарой, уæнг куыд арæзт у æмæ йæ куыд кæсын хъæуы, уый. Кæ- сын ахуыр кæнынæн æххуысæн чиныджы лæвæрд цæуынц уæнгтæ, зæгъæм: ра, рæ, ро, ри, ру, ры. Уыдонмæ гæсгæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц уæнгтæ кæсын, хъæлæсон дамгъæйыл æнцой кæнгæйæ. Куыд зонæм, афтæмæй сывæллæттæн зын вæййы кæсын, цалдæр æмхъæ- лæсоны кæм фембæлынц, ахæм дзырдтæ. Уымæ гæсгæ сын райда- йæн къæпхæныл сæ артикуляцион фæлтæрддзинад рæзын кæнынмæ лæвæрд цæуы ахæм уæнгты хуызтæ: тра, рта, тру, рту æ. а.д. «Абетæ»-йы чиныджы, ног дамгьæ амонгæйæ, дзырдты схемæтæ лæвæрд сты хæйттыл, ома уæнгтыл дихгондæй. Зæгъæм, дзырд бан- дон-ы ис 2 уæнджы, йæ схемæ у —\— (иу уæнг иннæмæй хицæнгонд цæуы бынырдæм хаххæй). Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ сы- вæллæттæ сæхæдæг бæрæг кæнынц сырх æмæ цъæх (æрвхуыз) зил- лæкты руаджы. «Абетæ»-йы чиныджы ис схемæтæ: хъуыдыйад бæрæг кæнынæн, дзырдæн уæнгон-мырон анализ кæнынæн æ.а.д. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон, зылангон æмæ æзылангон мыртæ æмæ дамгъæтæ чиныджы æвдыст цæуынц схемæтæ æмæ бадзырд- гонд нысанты руаджы (мыр—дидинæг). Абетæ ахуыр кæнгæйæ, схе- мæтæ æмæ бадзырдгонд нысантæ æххуыс сты мырон аналитикон- синтетикон куысты. «Абетæ»- йы чиныджы лæвæрд цæуынц ахæм схемæтæ: дзырды схемæ; —Н дзырд уæнгтыл дихгондæй; 1 — хъуыдыйады схемæ. Бадзырдгонд нысантæ: — сырх зиллакк — хъæлæсон мыр бæрæггæнæн [а], [о], [у]æ.а.д.; — цьæх зиллакк— æмхъæлæсон мыр бæрæггæнæн [м], [н], [р] æ.а.д. Къæлиндарон-тематикон пълан 1-æм кълас (Бацæттсегæнсен рсестæг — 24 сах.) Ныхасы рæзтыл куыст Ныхасы рæзтыл куыст арæзт цæуы тематикон принципмæ гæсгæ, ома, сывæллæтты цардмæ хæстæгдæр цы цаутæ сты, уыдон хынцгæйæ. Бацæттæгæнæн рæстæджы æрмæгмæ хауы ахæм темæтæ: № 1. Темæтæ 1-æм сентябрь - ног ахуыры азы, Зонындзинæдты бæрæг- бон. «Абетæ»-йы чиныг - фыццаг ахуыргæнæн чиныг ирон æвзагæй. Сæргæндтæ Къуьри- тæ фыццаг Сахæт- тæ 1 11
2. 3. 4. 5. 6. 7. 8. 9. 10. 11. I Мæ райгуырæн бæстæ - Ирыстон. Ныхас. Скъола. Ныхас. Дзургæ æмæ фысгæ ныхас. Иумæйаг æмбарынад: хъуыдыйад. Хъазæнтæ. Хъуыдыйад æмæ дзырд. Бинонтæ. Хъуыдыйад æмæ дзырд. Уæнг. Дзырд æмæ уæнг. Цæхæрадоны æмæ дыргъдоны. Дзырд æмæ уæнг. Дуне дзаг у алыхуызон мыртæй. Цæрæгойтæ. Уæнг. Мыр. Хъуыдыйад. Дзырд. Уæнг. Мыр. Афæдзы афонтæ. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. Дзаума. Дзырд. Уæнг. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. Хи дарыны æгъдæуттæ. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Нæхи цæттæ кæнæм скъоламæ. Райсом -скъоламæ. Нæ кълас. Мæ ахуыргæнæг. Ахуыргæнæн дзауматæ. Сывæллæтты хъæзтытæ æмæ хъазæнтæ. Мæ бинонтæ. Професситæ. Хæдзар. Хæдзары æгъдау. Нæ цæлгæнæны. Хойрæгтæ. Мигæнæнтæ. Халсартæ, дыргътæ æмæ гагадыргътæ. Хæдзарон фос æмæ мæргътæ. Хъæддаг сырдтæ æмæ цъиутæ. Зымæг, уалдзæг, сæрд, фæззæг. Мæйтæ. Къуырийы бонтæ. Бон. Уæлæдарæс. Къахыдарæс. Уазæгуаты. Транспорты. Скъолайы. Бæрæгбоны. фыццаг фыццаг дыккаг дыккаг æртык- каг æртык- каг æртык- каг цыппæ- рæм цыппæ- рæм цыппæ- рæм 1 4 1 3 2 2 2 4 2 2 Абетæ ахуыр кæныны урокты дæнцæн тематикон пълан. (128 сахаты) № 1. Ахуыр кæнæм дамгъæтæ - ахуыр кæнæм чиныджы кæсын Ахуыры азы фыццаг цыппæрæмхæй. Хъæлæсон мыр [а], дамгъæтæ А,а. Фыссын Амонын гыццыл дамгъæ а фыссын. Амонын, стыр дамгъæ А куыд фысгæ у, уый. Сахæт- ты нымæц 2 12
р- 3. 4. 5. 6. 7. 8. 9. 10. 11. Хъæлæсон мыр [у], дамгьæтæ У, у. Хъæлæсон мыр [о], дамгьæтæ 0, о. Хъæлæсон мыр [(/], дамгьæтæ И, и. Хъæлæсон мыр [æ], дамгьæтæ Æ, æ. Хъæлæсон мыр [ы], дамгьæ ь/. Хъæлæсон мыртæ [э], [йэ] дамгъæтæ Е, е. Телевизор. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ е-имæ уæнг- тæ æмæ дзырдтæ кæсын. Резервон уроктæ. Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæтæ М, м. Музыкалон инструменттæ. Уæнг. Рацыд æрмæг бафи- дар кæнын, дамгъæ м- имæ дзырдтæ кæсын. Æмхъæлæсон мыр [н], дамгъæтæ Н, н. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ н-имæ дзырдтæ, уæнгтæ кæсын. Æмхъæлæсон мыр [р], дамгъæтæ Р, р. Рацыд æрмæг бафи- дар кæнын, дамгъæ р- имæ уæнгтæ æмæ дзырд- тæ кæсын. Резервон уроктæ. Ахуыры азы дыккаг цыппæрæмхай. Æмхъæлæсон мыр [с], дамгъæтæ С, с. Рацыд æрмæг бафи- дар кæнын, дамгъæ с- имæ уæнгтæ æмæ дзырд- тæ кæсын. | Амонын гыццыл дамгъæ у фыссын. Амонын, стыр дамгъæ У куыд фысгæ у, уый. Амонын гыццыл дамгъæ о I фыссын. Амонын, стыр дамгъæ О куыд фысгæ у, уый. Амонын гыццыл дамгъæ и фыссын. Амонын, стыр дамгъæ И куыд фысгæ у, уый. Амонын гыццыл дамгъæ æ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Æ куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ ы фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ е фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Е куыд фысгæ у, уый. Амонын гыццыл дамгъæ м фыссын. Амонын, стыр дамгъæ М куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дам- гъæтæ М, м фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ н фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Н куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ Н, н фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ р фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Р куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дам- гъæ р-имæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ с фыссын. Амонын, стыр дамгъæ С | куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дам- гъæ с-имæ дзырдтæ фыссын. 2 2 2 3 2 2 2 2 1 2 1 2 1 2 2 1 13
1 12' 13. 14. 15. 16. 17. 18. 19. Æмхъæлæсон мыр [х], дамгьæтæ X, х. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын, дамгъæ х-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын. Æмхъæлæсон мыр [д], дамгъæтæД д. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын, дамгъæ д-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын. Са- биты хъæзтытæ. Æнæуæнгон у, æмхъæ- лæсон у-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын. Хъæ- лæсон мыр у æмхъæлæсон у- имæ абарын. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ у-имæ уæнг- тæ æмæ дзырдтæ кæсын. Æмхъæлæсон мыр [т], дамгъæтæ Т, т. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Хъæлæсон æмæ æм- хъæлæсон дамгъæтимæ дзьрд- тæ кæсын. Хъæзтытæ. Æмхъæлæсон мыр [л], дамгъæтæ Л, л. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын, дамгъæ л-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын. Æмхъæлæсон мыр [к], дам- гъæтæ К, к. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын, дамгъæ к-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын, дзырдарæзт бамбарын кæ- нын. Æмхъæлæсон мыр [й], дамгъæтæ Й, й. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын, дамгъæ й-имæ дзырдтæ, уæнгтæ кæсын. Æмхъæлæсон мыр [г], дамгъæтæ Г, г. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын, дамгъæ г-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын. | Амонын гыццыл дамгъæ х фыссын. Амонын, стыр дамгъæ X куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ х-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ д фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Д куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ д-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ у фыссын. Амонын, стыр дамгъæ У куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ у-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ т фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Т куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ т-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ л фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Л куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ л-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ к фыссын. Амонын, стыр дамгъæ К куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ к-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ й фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Й куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ й-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ г фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Г куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ г-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. I 2 1 2 1 2 1 2 1 2 1 2 1 2 1 3 14
1 20. 21. 22. 23. 24. 25. 26. 27' I Æмхъæлæсон мыр [з], дамгьæтæ 3,з. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ з-имæ дзырдтæ кæсын, мыр [з] адæймаджы (чызджыты) нæмтты раст кæсын. Зарыны урочы. Сабиты | зарæг. Ирон кафт. I Æмхъæлæсон мыр [б], дамгъæтæ Б,б. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ б-имæ уæнгтæ, дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ кæсын. Æмхъæлæсон мыр [ф], дамгъæтæ Ф, ф. Ахорæнтæ. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ ф-имæ уæнгтæ, дзырдтæ, кæсын. Æмхъæлæсон мыр [ц], дамгъæтæ Ц, ц. Цæхæрадоны. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дзырдтæ дамгъæтæ ц æмæ с-имæ кæрæдзиуыл барын. Æмхъæлæсон мыр [в], дамгъæтæ В,в. Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ в-имæ дзырдтæ, радзырд кæсын. Ног аз. Ахуыры азы æртыккаг цып- пæрæмхай. Дамгъæ ъ (хъæбæры нысан), дамгъæтæ: къ, хъ, гъ, тъ, пъ, чъ, цъ; н, г абарын къ, гъ-имæ, ацы дамгъæтимæ уæнгтæ, дзырдтæ, кæсын. Дзырдтæй хъазт. Æмхъæлæсон мыр [гъ], дамгъæтæ Гъ, гъ. Рацыд æрмæг бафидар кæнын. Дамгъæтæ г-гъ кæрæдзиуыл абарын дзырдты руаджы. Дамгъæтæй æмæ дзырдтæй хъазт. Æмхъæлæсон мыр [п], дамгъæтæ П,п. Рацыд æрмæг бафидар кæнын. Амонын гыццыл дамгъæ з фыссын. Амонын, стыр дам- гъæ 3 куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ з-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ б фыссын. Амонын, стыр дам- гъæ Б куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæтæ Ф, ф фыссын. Дзырдтæ æмæ уæнгтæ фыс- сын. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ Ц, ц фыссын. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ В, в фыссын. Дзырдтæ æмæ хъуыды- йæдтæ фыссын. Бацамонын дамгъæ ъ фыс- сын. Дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ гъ фыссын. Амонын, стыр дам- гъæ Гъ куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæтæ г, гъ-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ п фыссын. Амонын, стыр дамгъæ П куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ П, п фыссын. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. 3 3 3 I 3 3 1 3 4 15
1 28. 29. 30. 31. 32. 33. 34. | 35. Г Æмхъæлæсон мыр [къ], дам- гъæтæ Къ, къ. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. I Æмхъæлæсон мыр [<Эз]( дамгъæтæ Дз, дз. Мыртæ æмæ дамгъæтæ дз - з кæрæдзиуыл абарын. Æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæ. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Æмхъæлæсон мыр [хъ], дам- гъæтæ Хъ, хъ. Мыртæ æмæ дамгъæтæ х - хъ кæрæдзиуыл абарын. Æмхъæлæсон дамгъæ ж. Ирон æмæ уырыссаг æвзагыл журналтæ кæсын сабитæн. Æмхъæлæсон мыр [дж], дам- гъæтæ Дж, дж. Мыртæ æмæ дамгъæтæ дж æмæ д кæрæ- дзиуыл абарын. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Æмхъæлæсон мыр [тъ], дамгъæтæ Тъ, тъ. Мыртæ æмæ дамгъæтæ тъ - т кæрæдзиуыл абарын. 8-æм Мартъи - сылгоймæг- ты бæрæгбон. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Æмхъæлæсон мьр [цъ]. Дамгъæтæ Цъ, цъ. Мыртæ æмæ дамгъæтæ ц - цъ кæрæдзиуыл абарын. Дзырдтæ, хъуыдыйæд- тæ кæсын. Аргъæуттæ хæ- дзарон æмæ хъæддаг мæргъты тыххæй. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Кæсын тексттæ. Æмхъæлæсон мыр [ч]. Дам- гъæтæ Ч, ч. Дзырдтæ, радзырд бакæсын ацы дамгъæтимæ. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. I Амонын гыццыл дамгъæ къ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Къ куыд фысгæ у, уый. I Амонын гыццыл дамгъæ дз фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Дз куыд фысгæ у, уый. Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæтæ з-дз фыссын. Дзырд- тæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыс- сын. Амонын гыццыл дамгъæ хъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Хъ куыд фысгæ у, уый. Сывæллæттæн амонын гыц- цыл дамгъæ ж фыссын. Амо- нын, стыр дамгъæ Ж куыд фыс- гæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæЖ, ж фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ дж фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Дж куыд фысгæ у, уый. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ ть фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Тъ куыд фысгæ у, уый. Фæлварын сывæллæтты дам- гъæтæ Тъ, тъ фыссыныл. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ цъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Цъ куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ цъ-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ ч фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Ч куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ ч-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. 3 3 з 3 3 3 3 3 16
Гзб. 37. 38. 39. 40. 41. 42. 43. Æмхъæлæсон мыр [чъ], дамгьæтæ Чъ, чъ. Мыртæ æмæ дамгьæтæ ч-чъ кæ- рæдзиуыл абарын. Дзырдтæ æмæ радзырдтæ кæсын. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Æмхъæлæсон мыр [пъ], дамгъæтæ Пъ, пъ. Мыртæ æмæ дамгъæтæ п - пъ кæрæ- дзиуыл абарын. Дамгъæ ь (фæлмæны ны- сан) бæрæг кæны уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсонты фæлмæндзи- над. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Хъæлæсон дамгъæ э. Дамгъæ э уырыссаг æвза- гæй æрбайсгæ дзырдты кæй фыссæм, æмæ йæ куыд кæсын хъæуы, уый бамбарын кæнын. Хъæлæсон дамгъæ ю. Дам- гъæ /о-имæ дзырдтæ, хъуы- дыйæдтæ кæсын. Хъæлæсон дамгъæтæ я, ё. Дамгъæтæ я, ё-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын. Æмхъæлæсон дамгъæ ш. Дамгъæ Ш уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты (машинæ, шофыр, Шурæ, Сашæ) куыд фыссæм æмæ куыд кæсæм, уый бамбарын кæнын. Æмхъæлæсон дамгъæ щ. Дамгъæ щ уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты (щёткæ, плащ, борщ) куыд фыссæм æмæ кæсæм, уый бамбарын кæнын. Рацыд æрмæг бафидар кæ- нын. Резервон уроктæ. I Амонын гыццыл дамгъæ чъ фыс- сын. Амонын, стыр дамгъæ Чъ куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дам- гъæтæ ч æмæ чъ-имæ дзырдтæ æмæ уæнгтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ пъ фыс- сын. Амонын, стыр дамгъæ Пъ куыд фысгæ у, уый. Амонын дамгъæ ь (фæлмæны нысан) фыссын. Ахуыр кæнын сы- вæллæтты дамгъæ ь-имæ дзырдтæ æмæ уæнгтæ фыссын. Дамгъæтæ ъ (хъæбæры нысан) æмæ ь (фæл- мæны нысан) кæрæдзиуыл абарын. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыс- сын. Амонын гыццыл дамгъæ э фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Э куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дам- гъæ э-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ ю фыс- сын. Амонын, стыр дамгъæ Ю куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дам- гъæ ю-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæтæ я, ё фыссын. Амонын, стыр дамгъæтæ Я, Ё куыд фысгæ сты, уый. Фæлварын сывæллæтты дамгъæ- тæ я, ё-имæ дзырдтæ æмæ хъуы- дыйæдтæ фыссыныл. Амонын гыццыл дамгъæ ш фыс- сын. Амонын, стыр дамгъæ Ш куыд фысгæ у, уый. Ахуыр кæнын сывæллæтты дам- гъæ ш-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Хъуыдыйæдтæ фыссын. Амонын гыццыл дамгъæ щ фыс- сын. Амонын, стыр дамгъæ Щ куыд фысгæ у, уый. Фæлварын сывæллæтты дамгъæ щ-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæд- тæ фыссыныл. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Чысыл текст 3-4 хъуыдыйадæй ныффыссын. | з 3 2 3 2 2 2 2 4 2 Моурауты
№ 1. 2. 3. 4. Ь. 6. 7. 8. 9. 10. 11. 12. 13. Кæсын \Чеджемты Геор. Къоста. \Хетæгкаты Къоста. Цъиу æмæ сывæллæттæ Чеджемты Геор. Гыццыл аланты зарæг Кочысаты Мухарбег. Уалдзæг Мæлдзыг æмæ бæлон (аргъау) Цæгæраты Гиго. Ичъи Арс, рувас æмæ бирæгъ (аргъау) Цæрукъаты Таймураз. Рæхимæт К.Д. Ушинский. Алчи йæ куысты уæлхъус Чеджемты Геор. Къæбыла Мыстытæ æмæ гæды (аргъау). К.ДУшинский. Хæдзарон фосы быцæу Сырдоны хæрæг (адæ-\ мон сфæлдыстадæй) Сахæтты нымæц 1 1 1 1 2 1 2 1 2 2 2 2 2 Фыссын 1. Дзырд. Хъуыдыйад. Текст. 2. Хъæлæсон æмæ æмхъæ- лæсон мыртæ. Дамгъæтæ. 3. Уæнг. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын. 4. Дамгъæтæ дз, дж, гъ, къ, цъ, тъ, пъ, чъ дзырдты ми- дæг. 5. Алфавит, кæнæ абетæ. 6. Фæрстытæ чи? æмæ цы?- йæн дзуапп цы дзырдтæ дæт- тынц, уыдон кæрæдзийæ ирта- сын. 7. Стыр дамгъæ адæймæгты нæмтты æмæ мыггæгты. Стыр дамгъæ фосыл æвæрд нæмтты. 8. Фæрстытæ цы ми кæны?, цы кæны?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон иртасын. 9. Фæрстытæ цыхуызæн?, ца- вæр?-æн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон иртасын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын Сахæтты нымæц 3 3 2 2 2 2 2 2 2 ДАМГЪÆТÆ АХУЫР КÆНЫНЫ РÆСТÆГ Кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны куыст чиныджы лæвæрд цæуы тыхджын хъæлæсон мыртæ [а], [и], [о], [у], [э] æмæ лæмæгъ хъæлæ- сон мыртæ [æ], [ы]-йы дамгъæтæй. Уымæн æмæ уыдон дзургæйæ сыгъдæг, бæлвырд хъуысынц, æмæ сывæллæттæ æнцонæй бамбар- дзысты, мыр цы у, уый. Тыхджын хъæлæсон мыр [о] дзырды райдайæны фæхъуысы, цыма йæ разæй æнæуæнгон мыр [у] вæййы, афтæ, зæгъæм: фыссæм ома, хъуысы [уома] æ.а.д. Тыхджын хъæлæсон мыр [э] дзырды райдайæны хъуысы йотаци- гондæй, зæгъæм: фыссæм ехс, хъуысы [йэхс] æ.а.д. 18
Хъæлæсон мыр [у] дзырды райдайæны скъоладзаутæ фæдзурынц куыд дифтонг уы. Ахуыргæнæг хъуамæ бамбарын кæна, дзырды рай- дайæны хъæлæсон у æмæ дифтонг уы кæд фыссын хъæуы, уый. Райдайæны мыр [у] дзурæм æмæ дамгъæ у фыссæм дзырдты: улæ- фын, уромын, узæлын, уд, ус, урс, утсеппсет æ.а.д. Дифтонг уы райдайæны дзурын æмæ фыссын хъæуы дзырдты: уыры, уызын, уынгæг, уыгæрдæн, уыдон, уынг, уыцы æ.а.д. Дифтонг уы-иы бæсты скъоладзаутæ арæх фæдзурынц хъæлæсон мыр [ы] æмхъæлæсонтæ г, к, къ, х, хъ, гь-шл фæстæ, ома фæдзурынц: куырис нæ, фæлæ кырис, куыдз нæ, фæлæ кыдз æ.а.д. Скъоладзаутæй домын хъæуы раст дзурын æмæ фыссын дифтонг уы ахæм дзырдты. Ис ахæм дзырдтæ дæр, æмæ æмхъæлæсонтæ г, гъ, к, къ, х, хъ-йы фæстæ лæууы хъæлæсон мыр [ы] æмæ йæ фыссын дæр хъæуы: хырх, гыцци, кьыбар-къыбур æ.а.д. Дифтонг уæ дзырды райдайæны æлвæст æрцæуы æмæ ратты мыр [о], фæлæ йæ кæсын æмæ фыссын хъæуы уæ: уæрыкк, дуæрттæ æ.а.д. Дзырды райдайæны мыртæ [æ] æмæ [ы] вæййынц уæлдай лæмæгъ- дæр, зæгъæм, фæдзурынц: æхсыр, ыхсыр, ’хсыр. Скъоладзаутæ сæ арæх фемхæццæ кæнынц, дзырдтæн уæнгон-мырон анализ куы фæ- кæнынц, уæд: æвзаг, ывзаг, ’взаг æ.а.д. Тыхджын хъæлæсонтæ æнæцавдон уæнджы дæр хъуысынц сыгъ- дæг, цавдон уæнджы хуызæн, зæгъæм: сихор, сапон æ. а. д. Уымæ гæсгæ терминтæ «цавдон уæнг» кæнæ «æнæцавдон уæнг» сæрмагонд куыст нæ домынц. Уроктæ 1—2 Урокты темæтæ. Хъæлæсон мыр [а], дамгьæтæ А, а. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын хъæлæсон мыр [а], дамгъæтæ А, а-имæ. 2. Ныхасы рæзтыл кусын æмæ кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын. 3. Дамгъæты хæйттæ æмæ дамгъæтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ А, а-имæ зонгæ кæнын. 1. Мыр [а]-имæ базонгæ кæнын сабиты. 2. Мыр [а] рахицæн кæнын дзырдтæ арт æмæ хæдзар-æи «Абетæ»- йы чиныджы* нывтæм гæсгæ. Спайда кæнын ахæм базон-базонтæй: Нæ гыццыл къæбиц æнæ дуар. (Айк.) * Дарддæр «Абетæ»-йы чнныджы бæсты амынд цæудзæни чиныг. 19
Уазалимæ кæны тох, Хъызты нæ нæ уадзы рох. Рог кæны кæддæрид къух, Хъармæй нæ нæ уадзы цух. (Арт.) Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Арт, хæдзар.) Дзырды фыццаг мыр цавæр у: хъæлæсон æви æмхъæлæсон? Рахицæн кæнын мыр дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрда- рын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон.) Равзарын дзырд хæдзар. Дыууæ дзырдæн дæр скæнын схемæтæ. 3. Мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын (цал- дæр дзырды зæгъын, цæмæй мыр дзырды уа разæй, астæуæй кæнæ кæронæй). 4. Дамгъæтæ А, а-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ, гыццыл дамгъæ). 5. Дзырдтæ саг, асинтæ, кæсаглас-æк сывæллæттæ уæнгон-мы- рон анализ кæнынц фæйнæгыл. 6. Чиныджы 30-æм фарсыл равзарын нывтæ. 7. Къухфысты куыст (№1, 29-æм фарс). 8. Чиныджы 30-фарсыл бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ ног дамгъæимæ. 9. Чиныджы 30-æм фарсы ныв равзарын æмæ æрхъуыды кæнын чысыл аргъау. 10. Къухфысты куыст (№1, 29-æм фарс). 11. Тагъддзуринаг равзарын æмæ йæ сахуыр кæнын. Арсимæ æз хъазын, Абадти мæ базыл. 12. Дзырдуатон куыст. (Чиныджы 31-æм фарсы нывмæ гæсгæ.) Куыд схонæн ис иу ныхасæй ацы предметтæ? (Мигæнæнтæ.) 13. Тагъддзуринаг равзарын æмæ йæ сахуыр кæнын. Арс йæ лæппынимæ хьазы, Атылд пуртийау йæ разы. 14. Ныхасы рæзтыл куыст. Чиныджы 31-æм фарсы нывтæм гæсгæ ахуырдзаутæ хъуамæ æрхъуыды кæной чысыл аргъау. 15. Къухфысты куыст (№1, 29-æм фарс). 16. Æмдзæвгæ бакæсын æмæ йын йæ мидис равзарын. А-ло-ла Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла, Сахъгуырд, домбай куы суыдзæн, Ахуысс, айрæз, мæ хъæбул! Хор, мæнæу нын куы хæсдзæн, Ахуысс, уалдзæг æрцæудзæн, Не знæгты нын куы сурдзæн! Мæ хур йемæ куы хъаздзæн, Гъе, дзыццайы хъæбул, гъе. Тæкку баппа куы хæрдзæн, Бацъынд кæн дæ дзæццытæ! Бонæй-бонмæ куы рæздзæн, Ирои адæмон зарæг 20
17. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Чиныджы 31-æм фарсы нывтæм гæсгæ ахуыргæнæг дзуры, арт куыд равзæрд, уый тыххæй. Арты равзæрд Раджы кæддæр, дам, арвæрттывдæй ссыгъди бæлас. Адæм арт никуы федтой æмæ фыртæссæй фæйнæрдæм фæлыгъдысты. Уалынмæ йыл фæцахуыр сты, æмæ судзгæ къалиутæ æрбахастой сæ лæгæт- тæм, йæ алыварс сбадтысты æмæ сæхи тавтой артмæ. Фæлæ арт би- рæйы фаг не сси æмæ ахуыссыд. Уæд, зæгъы, бавдæлдысты æмæ райстой хус хъæды лыггаг, нытътъыстой дзы хус къæцæл æмæ-иу æй сæ армытъæпæнты ’хсæн тагьд здухын байдыдтой. Фырхафтæй-иу къæцæлы кæрон стæвд æмæ-иу ссыгъди. Фæстæдæр ссардтой тынг фидар дур — æхсон. Ахæм дуртæ кæрæдзиуыл куы ’рцæвай, уæд сæ фесхъиуы цæхæр, æмæ уыцы цæхæрæй æнцонæй ссудзы хус кæр- дæг. Рацыд мин азы, æмæ нæм фæзынд абоны хуымæтæг спичкæтæ. Дзырдуат: æхсон — кремень. Г. Юдинмсе гсесгсе III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. «Чи тагъддæр?» Алы рæнхъыл дæр фыццаг партæйыл сæвæрын цыппаркъуымон. Ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ, сывæллæттæ цыппаркъуымон кæ- рæдзимæ дæттынц фæстаг партæйы онг, стæй та фæстæмæ фыццаг партæмæ. Кæцы рæнхъ фæразæй уа, уый амбулдзæн. (Урочы дæр- гъы ахъазæн ис 2—3 хатты.) Уроктæ 3—4 Урокты темæтæ. Хъæлæсон мыр [у], дамгъæтæ У, у. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын хъæлæсон мыр [у], дамгъæтæ У, у-имæ. 2. Ныхасы рæзтыл кусын æмæ кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын. 3. Дамгьæты хæйттæ æмæ дамгъæтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ У, у-имæ зонгæ кæнын. 1. Мыр [у ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [у] рахицæн кæнын дзырд хур æмæ рувас-æи чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Хур, рувас.) Дзырдтæ хур æмæ рувас-ы дыккаг мыр цавæр у? Рахицæн кæнын мыр [у] дзырдтæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус 21
æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын. (Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон.) Равзарын дзырд хæдзар. Дзырдтæ хур æмæ рувас-æя уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын (цалдæр дзырды зæгъын, цæмæй мыр дзырды уа разæй, астæуæй æмæ кæронæй). 4. Базонгæ кæнын дамгъæтæ У, у-имæ (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ, гыццыл дамгъæ). 5. Чиныджы 30-æм фарсы нывтæ равзарын. Дзырдтæ иту, дзæбуг, дурын, маймули-иæя уæнгон-мырон ана- лиз скæнын фæйнæгыл. 6. Къухфысты куыст (№1, 30-æм фарс). 7. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ ног дамгъæимæ (32-æм фарс). 8. Чиныджы 32-æм фарсыл равзарын ныв æмæ æрхъуыды кæнын чысыл аргъау. 9. Къухфысты куыст (№1, 30-æм фарс). 10. Дзырдуатон куыст чиныджы 33-æм фарсы нывмæ гæсгæ. Куыд схонæн ис ацы предметтæ иу ныхасæй? (Мигæиæнтæ.) 11. Ныхасы рæзтыл куыст. Чиныджы 33-æм фарсы нывтæм гæсгæ æрхъуыды кæнын чысыл аргъау. 12. Къухфысты куыст (№1, 30-æм фарс). 13. Æмдзæвгæ «А-ло-ла» равзарын æмæ дзы скъуыддзаг сахуыр кæнын. 14. Чиныджы 33-æм фарсыл сæххæст кæнын Хæццæгæнæджы хæслæвæрд: «Цы ис иумæйагæй ацы предметтæм?» III. Урокты хатдзæгтæ. — Цавæр мыр æмæ дамгъæтæ базыдтат? Физминуткæ (ахуыргæнæгæн йæхи хъæппæрисмæ гæсгæ). Уроктæ5 — 6 Урокты темæтæ. Хъæлæсон мыр [о], дамгъæтæ О, о. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын хъæлæсон мыр [о], дамгъæтæ О, о-имæ. 2. Ныхасы рæзтыл кусын; кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын. 3. Дамгъæты хæйттæ æмæ дамгъæтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ О, о-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [о]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [о] рахицæн кæнын дзырд дон æмæ гогыз-æи чиныджы нывтæм гæсгæ. 22
Ахуыргæнæг чиныджы 34-æм фарсыл кæсы базон-базон доны тыххæй. — Цы уынут нывы? (Дон, гогыз.) Рахицæн кæнын мыр [о] дзырдæй. Дзырд дон-ы дыккаг мыр ца- вæр у? Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон у æви æмхъæ- лæсон.) Дзырдтæ дон, гогыз-æп уæнгон-мырон анализ скæнын фæй- нæгыл. 3. Мыр [о] куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. (Спайда кæнæн ис базон-базонæй.) Гыццыл, цыбырзæнг — зæхх айгæрста æмæ сырх худ æрсагъта. (Зокьо.) 4. Дамгъæтæ О, о-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ, гыццыл дамгъæ). 5. Дзырдтæ порти, кæрдо, бандон, зокъотæ-йæи уæнгон-мырон анализ скæнын фæйнæгыл. 6. Къухфысты куыст (№1, 31 фарс). 7. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ. 8. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон мыртæ. 9. Дамгъæтæ бакæсын иугай, стæй та — иумæ (34-æм фарс). 10. Чиныджы 34-æм фарсы нывтæ равзарын. 11. Къухфысты куыст (№1, 31-æм фарс). 12. Æмдзæвгæ «Цъæйдон» равзарын æмæ йæ сахуыр кæнын (35-æм фарс). 13. Байхъусын текстмæ. Домбай семсе рувас (Æмбисонд) Домбайæн фыр зæрондæй йæ бон сырдтæ ахсын нал уыди æмæ сфæнд кодта хинæй рацæуын: лæгæтмæ бабырыд, схуыссыд дзы æмæ йæхи рынчынæфсон скодта. Уæд æм сырдтæ уырдæм рынчынфæрсæг цæуын байдыдтой. Домбай хордта, чидæриддæр æм лæгæтмæ цыди, уыдон се ’ппæт дæр. Рувас хъуыддаг фембæрста, лæгæтмæ бацæуæны раз æрлæу- уыд æмæ домбаймæ дзуры: «Гъы, домбай, куыдтæ дæ?» «Æвзæр, — радзырдта йæм домбай. — Æмæ мидæмæ та цæуылнæ цæуыс?» Уæд ын рувас афтæ зæгъы: «Уымæн æмæ дæм мидæмæ бирæтæ цæуы, фæлæ дзы æддæмæ ничиуал разыны». 14. Къухфысты куыст (№1, 31-æм фарс). 15. Ныхасы рæзтыл куыст. III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. 1 — лæууæм рæвдзæй. 2 — къухтæ хæрдмæ, 3 — ныр та фæрсмæ, 4 — нæ къухтæ ’руадзæм. Нæ сæртæ хæрдмæ сисæм. Куы уæм кæддæриддæр æмвæнд, — Цæудзæн нæ хъуыддаг размæ уæд. 23
Уроктæ7— 8 Урокты темæтæ. Хъæлæсон мыр [и], дамгъæтæ И, и. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын хъæлæсон мыр [и], дамгъæтæ И, и-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ æмæ дамгъæтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ И, и-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [и]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [и] рахицæн кæнын дзырд иту æмæ цъиу-æи чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? ( Иту.) Дзырд иту-ы фыццаг мыр æмхъæлæ- сон у æви хъæлæсон? Рахицæн кæнын мыр [и] дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын. (Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон.) 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын базон-базонты руаджы: Нæ сау ссегъ хæры æмæ хæрынæй не ’фсæды. (Пирæн.) Æфсæн галæн оæмбæг къæозил. (Судзин.) Æрхауы — агæпп кæны, ныццæв æй — не скæуы. (Порти.) 4. Базонгæ кæнын дамгъæтæ И, и-имæ (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ, гыццыл дамгъæ). 5. Дзырдтæ джитъри, уарди, чиныг, сæнæфсир-æи уæнгон-мы- рон анализ скæнын. 6. Къухфысты куыст (№2, 1-æм фарс). 7. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ ног дамгъæимæ. 8. Чиныджы Зб-æм фарсы нывтæм гæсгæ æрхъуыды кæнын хъуы- дыйæдтæ. 9. Къухфысты куыст (№2, 1-æм фарс). 10. Æмдзæвгæйæн йæ мидис равзарын. Фыдуаг чызг Ирæ Сыстади æрæджиау Ирæ, Аскъуыдта йæ бæттæн худæн, Уый хуыссын куы уарзы бирæ. Бахсыдта йæ былтæ дзулæн. Цъындатæ нынтъыхта къуыммæ, Сбаста гинойы æндахæй, Скодта ног къаба зыгъуыммæ... Стæй йæ бакъуырдта йæ къахæй. Сбадти бандоныл, ныссабыр. — Уæдæ, дам, нæ чысыл агæй Галиумæ кæны йæ дзабыр. Дон цæмæ сдæры æвзагæй? Гусалты Замирæ 24
11. Тагъддзуринаг равзарын æмæ йæ сахуыр кæнын. Уаг, æгъдау дæм кæд ’мæ нал и, Уæд дæ ном уыдзæни галиу. Уырымтпы Петпка 12. Къухфысты куыст (№2, 2-æм фарс). 13. Тагъддзуринаг равзарын æмæ йæ сахуыр кæнын. Ихæн раивылди комæй, Иххид ацарæзта донæй. Уырымты Петка 14. Байхъусын текстмæ. Хъæбæр дон Хъæбæр дон хонынц их. Уый дæр хаттæй-хатт срæмудзы. Доны тæф (пар) срæмудзы хæдзæрттæ дæр. Их та ныппырх кæны æнæхъæн хæхтæ. Уый вæййы афтæ. Фæззæджы хæхты скъуыдтæм бакæлы дон. Зымæджы уыцы дон ныссæлы æмæ фесты их. Их донæн ахсы йæ иу дæсæм хайæ фылдæр бынат. Ихтæ фæйнæрдæм ахæцынц æмæ аскъуынынц цыфæнды фидар дур дæр. Афтæ аскъуынынц донуадзæн хæтæлтæ дæр. Цæмæй уыдон ма скъуыной, уый тыххæй сæ зымæджы хъæуы схъарм кæнын — ны- мæтты батухын. М. Илъинмсе гæсгæ 15. Къухфысты куыст (№2, 2-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 9 — 11 Урокты темæтæ. Хъæлæсон мыр [æ], дамгъæтæ Æ, æ. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын хъæлæсон мыр [æ], дамгъæтæ Æ, æ-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ æмæ дамгъæтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Æ, æ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [æ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [æ] рахицæн кæнын дзырд æхсæрæг æмæ æхсæрдзæн-æй чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Æхсæрæг, æхсæрдзæн.) Ацы дзырдты фыц- цаг мыр хъæлæсон у æви æмхъæлæсон. Рахицæн кæнын мыр [æ] дзырдтæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус 25
æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын. (Хъæлæсон æви æмхъæлæсон.) Дзырдтæ æхсæрæг, æхсæр- дзæн-æп уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Мыр [æ] куыд хъуысы дзырды, ууыл фæлтæрæнтæ скæнын базон-базоны руаджы: Тынг бæрзонд фæцыди сæрды, Зилы ’дзух йæ фæстæ хурæн. Акаст нартхæрттæн сæ сæрты. Уый у, базыдтай, мæ лымæн, Йе стыр чъири разынд бурæй, Сойджын зайæгой ... (æхсынæн). 4. Базонгæ кæнын дамгъæтæ Æ, æ-имæ (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ, гыццыл дамгъæ). 5. Дзырдтæ æнгуз, сехссер, æхсырф, тæскъ-æп уæнгон-мырон анализ скæнын фæйнæгыл. 6. Къухфысты куыст (№2, 2-æм фарс). 7. Чиныджы 38-æм фарсыл бакæсын æмдзæвгæ æмæ йæ равзарын. 8. Къухфысты куыст (№2, 2-æм фарс). 9. Чиныджы 39-æм фарсы нывтæм гæсгæ Хæццæгæнæджы хæс- лæвæрд сæххæст кæнын: дзуапп раттын фарстæн: «Цы ис иумæйа- гæй ацы предметтæм?» 10. Къухфысты куыст (№2, 2-æм фарс). 11. Дзырдтæ гæлæбу, сахат-æп уæнгон-мырон анализ скæнын. 12. Къухфысты куыст (№2, 4-æм фарс). 13. Байхъусын текстмæ. Æртхъирæны мæй Афтæ хонынц ирон адæм афæдзы дыккаг мæй. Дзырд «æртхъи- рæн» цы амоны, уый иууылдæр зонут. Уæдæ кæмæ æмæ цæмæ æртхъи- рæн кæны, ныхас цы мæйыл цæуы, уый? Байхъусæм-ма фыссæг Цгъойты Хазбийы фыст таурæгъмæ. «Кæддæр зымæджы дыккаг мæйы кæрон хæххон фыййау йæ фосы ривæд кæнынмæ айнæджы рæбынмæ батардта, йæхæдæг хуссарварс æрбадт æмæ уадындзæй цæгъдын райдыдта. Хур куыд æндæвта, уымæ гæсгæ йæ бауырныдта уалдзæджы ралæуд. Æрыгон лæскъдзæрæджы митæ февралы зæрдæмæ нæ фæцыдысты, æз нырма нæма фæдæн, уæд мæ цы баныгæдта, зæгъгæ, æмæ йæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын йæ бон ницыуал баци. Уæд февраль маргьийы бонтæй æфстау райста, æмæ ахæм хъызт рæстæджытæ скодта, æмæ адæмæй æддæмæ ракæсын ничиуал уæндыд. Фыййау дæр æнæрхъуыды нæ разынд. Хæлын дзæкъулы гæды нывæрдта æмæ йæ, фос цы скъæты уыдысты, уым хъайваныл сауыгъта. Гæды йæхи фервæзыныл архайгæйæ иуда- дзыг уасыд. Фос хъæрæй тарстысты, сынæр нæ цагътой æмæ не сæх- хормаг сты. Афтæмæй фыййау йæ фосы æххормагæй мæлæтæй фер- вæзын кодта. Мæйыл та баззад «æртхъирæны» ном. Хонынц ма йæ комахсæны æмæ фæндагкъулгæнæн мæй дæр. Февраль та равзæрд латинаг дзырд «февруари»-йæ, амоны «ссыгъдæг кæнын». Агънаты Æхсар 14. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Чиныджы 39-æм фарсы ныв равзарын. 26
Æрмгуырой Æрмгуырой у къухæй, армæй зилгæ куырой. Дардтой йæ хæдза- ры бахъуыды бонмæ. Уыди дурын æмæ æфсæйнаг æрмгуырæйттæ. Дурын æрмгуыройæн зылди йæ уæллаг фыд хъæдын хæцæн æмæ фæрæты руаджы, бинаг фыд та лæууыд, истæуыл фидаргондæй, æнæзмæлгæйæ. Æфсæйнаг æрмгуырой арæзт уыди втулкæйæ, уый ми- дæг — æнгомласт ставд телтæ, зылди цыппæрдигъон уыгæрдтæ æфсæй- наг сæмæны алыварс. Уый та фидаргонд уыди фæхсбандонмæ. Гъемæ фæхсбандоныл бæхбадт скæн æмæ зил æрмгуырой. Æрмгуыройæ ссадтой нартхор лæхуырдæн, гыццыл цъиутæн хæ- ринагæн, стæй цæкуытæ — быламыхъæн. Агънаты Æхсар III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 12 — 14 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [ы], дамгъæ ы. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын хъæлæсон мыр [ы], дамгъæ ы-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæйы хæйттæ æмæ дамгъæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæ ы-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [ы]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [ы] рахицæн кæнын дзырд мыст æмæ гæды-йæ чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Мыст æмæ гæды.) Рахицæн кæнын мыр [ы] дзырдтæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын. (Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон.) Чиныджы дзырдтæн уæнгон- мырон анализ скæнын кърандасæй. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырды, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. (Спайда кæнæн ис базон-базонæй.) Хæдзардзин сефсин æрдузыл аратæх-батæх кæны, æрзилы ди- динджытыл æмæ нæ мыдæй сбуц кæны. (Мыдыбындз.) 4. Базонгæ кæнын дамгъæ ы-имæ (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй). Дзырдтæ гуыркьОу фыс, мыдыбындзытæ, цыхт-æп уæнгон-мы- рон анализ скæнын. 5. Къухфысты куыст (№2, 3-æм фарс). 6. Чшгыджы бакæсьш æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ (37-æм фарс). 7. Чиныджы 37-æм фарсы ныв равзарын. 8. Байхъусын текстмæ. 27
Мыды чыргъæд Иу лæгæн йæ мыды чыргьæд адавдæуыд. Уый бавдæлд æмæ хъæ- уыхицаумæ йæ хъаст бахаста. Хъæуыхицау адæмы æрæмбырд кодта æмæ сæм дзуры. — Ныронг нæм давд нæ уыди, ныр нæм фæзынди, æмæ уыцы давæг ныртæккæ дæр не ’хсæн ис, нæ астæу бæрæгæй зыны, сымах дæр æй уынут. Кæсут-ма йæм: йæ худыл бындзытæ куыд æрæмбырд сты! Давæг æцæгдæр адæмы астæу лæууыд. Уыцы ныхасмæ йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ йæм ракæс-бакæс байдыдта. 9. Къухфысты куыст (№2, 3-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Къæхтæ згъорынц, згъорынц, згъорынц! Къæхтæ кафынц, кафынц, кафынц! О мæ къæхтæ, гыццыл къæхтæ! Охх! Хъустæ хъусынц, хъусынц, хъусынц! Цæстытæ кæсынц. Æвзаг дзыхы кафы, зары, Суадз дæ фæллад, Ме ’взаг! Охх! Уроктæ 15 — 16 Урокты темæтæ. Мыртæ [э], [йэ], дамгъæтæ Е, е. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [йэ], дамгъæтæ Е, е-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ æмæ дамгъæтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæтгæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Е, е-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыртæ [э], [йэ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыртæ [э], [йэ] рахицæн кæнын дзырд ехс æмæ теуа-йæ чи- ныджы нывтæ æмæ базон-базонтæм гæсгæ: Дæн лыстæг æмæ даргъгомау, Бæхджынæн — æххуысгæнæг. (Ехс.) Нæ йæ хъæуы саргъ, Йæхи рагъыл саргъ. (Теуа.) Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Ехс, гпеуа.) 28
Рахицæн кæнын мыр дзырдтæ ехс, теуа-яæ. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ ехс, теуа-нæн уæнгон-мырон анализ скæнын фæйнæгыл. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Ног дамгъæтæ Е, е-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ, гыццыл дамгъæ). Дзырдтæ егар, тъепа, телевизор, ракетæ-иæн уæнгон-мырон анализ скæнын фæйнæгыл. 5. Къухфысты куыст (№2, 5-æм фарс). 6. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ ног дамгъæимæ, равзарын ныв. Дидактикон хъазт «Уазæгуаты телеуынынады». 7. Къухфысты куыст (№1, 5-æм фарс). 8. Тагъддзуринаг равзарын æмæ йæ сахуыр кæнын. Ехс гæрзæй быд у дзæбæх, Ехсæй хорз агайы бæх. Уырымты Петка 9. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 10. Чиныджы 41-æм фарсыл сахуыр кæнын æмдзæвгæ «Теуатæ» æмæ равзарын ныв. 11. Къухфысты куыст (№1, 5-æм фарс). 12. Æмдзæвгæ бакæсын. Хъомыладон куыст бакæньш æмдзæвгæйы мидисмæ гæсгæ. Бечи Чи у, чи, Былтæ ацъупп Йæ мады коммæ Кæндзæн зулмæ, Чи нæ кæсы, чи?! Райдайдзæн кæуын. Базонут æй Раст цыма дзы цалдæр дæндаджы Уе ’ппæт иууыл — Уыцы иумæ срыст. Уый хуыйны Бечи! Амар æй, фæлтау ын Сабитæ, Бечийы низæй Цума ма зæгъ ды æппын. Уе ’ппæт дæр ут хызт. Мамиты Гига 13. Къухфысты куыст (№1, 5-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Гимнастикæ къухы æнгуылдзтæн. Райдайæн позици: рæмбыныкъæдзтæ сæвæрын стъолыл, къухтæ æрбатымбыл кæнгæйæ. — Махæн нæ талас дидинджытæ Уадзынц дидинсыфтæ. (Тымбылкъухтæ райгом кæнын.) 29
— Дымгæ сабыр улæфы, Дидинсыфтыл узæлы. (Æнгуылдзтæ сабыргай змæлын кæнын.) — Махæн нæ сырх-сырхид дидинджытæ Æхгæнынц сæ дидинсыфтæ. (Къухтæ æрбатымбыл кæнын.) — Сабыргай фынæй кæнынц, Тилынц сæ сæртæ. (Тымбылкъухтæ раздух-баздух кæнынц.) 17 —18 — резервон уроктæ. Уроктæ 19-21 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæтæ М, м. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæтæ М, м-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ æмæ дзырдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæМ, м-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [м]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [м] рахицæн кæнын дзырдтæ малусæг æмæ маймули-йæ чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Малусæг.) Дзырд малусæджы фыццаг мыр цавæр у? Зæгъут-ма йæ — [м-м-м ]. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын баца- моыын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зы- лангон æви æзылангон.) Дзырдтæ малусæг, мæиæргъы-яæи уæнгон- мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын базон-базонты руаджы. Мæн æрхæссынц сæрды хъæдæй, Дæн тымбыл æмæ сæнт сырх, О, куыд адджын дæн рæгъæдæй, — Байгом кæн дæ дзых. (Мæиæргъы.) Уымæн нæй нымæц йæ тауæн, Денджызау кæны фæйлауæн. (Хуым.) 4. Дамгъæтæ М, м-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ, гыццыл дамгъæ). 5. Ног мыр æмæ дамгъæимæ дзырдтæ зæгъын. 6. Уæнгтæ бакæсын чиныджы 42-æм фарсыл. 30
7. Къухфысты куыст (№2, 6-æм фарс). 8. Чиныджы 42-æм фарсыл æмдзæвгæ «Нæ мад» бакæсын æмæ равзарын. 9. Ныхасы рæзтыл куыст. Чиныджы 42-æм фарсы нывмæ гæсгæ радзырд æрхъуыды кæнын. 10. Къухфысты куыст (№2, 6-æм фарс). 11. Хæццæгæнæджы хæслæвæрд сæххæст кæнын чиныджы 43-æм фарсыл: «Алы схемæйæн дæр ссар йæ ныв». 12. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. 13. Чиныджы 42-æм фарсыл равзарын æмбисонд. 14. Къухфысты куыст (№2, 6-æм фарс). 15. Æмбисæндтæн равзарын сæ мидис. Ног мыр дзырдты ссарын. Мæсыг хи дурæй хæлы. Мæсыгæн йæ сæрæй йæ бындур фидардæр вæййы. Маст чи нæ бахордта, уый адджын ад нæ бамбардзæн. 16. Байхъусын текстмæ. Хъæддаг мæнæргъы Уый зайы хохаг хъæдты, нæзы æмæ бæрз бæлæсты æрдузты, схæццæ вæййы суанг цъититæм дæр. Мæнæргъы рухсуарзаг у, аууон- джын хъæдты нæ зайы, куы зайа, уæддæр дыргъ нæ дæтты. Дыууæ азы йеддæмæ нæ цæры йæ зæнг. Уый фæстæ та гагайæ ног сзайы. Ис ын дыууæ хуызы талатæ — дыргъдæттæг æмæ, æрмæст сыфтæ кæуыл ис, ахæм. Цалынмæ рæстæг хъарм уа, уæдмæ мæнæргъы йæ дидинæг калынæй не ’нцайы. Уымæ гæсгæ йыл июлы вæййы рæгъæд дыргътæ дæр æмæ цъæх дыргътæ дæр: уыцы иу зæнгыл вæййы дидинæг дæр, стæй, чи нæма райхæлд, ахæм къуыбар дæр. Мæнæргъы æрмæст хæрынæн бæзгæ адджын дыргъ нæу, фæлæ ма ахъаззаджы хос у бирæ низты ныхмæ дæр. Уый адæм тынг рагæй зонынц æмæ дзы пайда кæнынц. Калоты Петр 17. Къухфысты куыст (№2, 6-æм фарс). 18. Чиныджы 43-æм фарсыл бакæсын æмæ сахуыр кæнын æмдзæвгæ «Мыдыбындз». 19. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм» (43-æм фарс). Фыццаг ирон музыкалон инструменттсе Рагон ирон музыкалон инструменттæ сты: дыууадæстæнон фæн- дыр — æппæты рагондæр инструменттæй иу, кьæоз арфæ — инстру- менты хицæн хуыз, йæ тæнтæ — бæхы хъистæй конд, дала-фæндыр — дыууæ — кæнæ æртæтæнон музыкалон инструмент. Дала-фæндыр са- рæзта Нарты кадджыты хъайтартæй иу — Сырдон. Ирон хьандзал-фæндыр — ирон фæндыр — кавказаг фæндыры хицæн хуыз. Ирон цардыуаджы фæзынди 19 æнусы æмбисæй фæс- тæмæ; ома, адæмон дæснытæ, ирон музыкæйы хицæндзинæдтæ хынц- гæйæ, ирон фæндырыл уырыссаг фæндыры зæлрæнхъ æвæрын куы 31
байдыдтой, уæдæй фæстæмæ. Бирæ рæстæджы дæргъы ирон фæн- дыр нымад уыдис «сылгоймаджы» музыкалон инструментыл. Хъисын фсендыр — нæ рагфыдæлтæ арæх кæмæй пайда кодтой, уыцы музыкалон инструмент. Уыдис, йæ цагъдмæ сæ кадджытæ чи фæкодта, уыцы кадæггæнджыты сæйрагдæр музыкалон инструмент. Хетæгкаты Къоста фыста, зæгъгæ, хъисын фæндыр æмæ дыууадæс- тæнон фæндырæй цæгъдын нымад уыдис «æппæты курдиатджындæр нæлгоймæгты уæлвæткон барыл»; ахæм лæгты нæмттæ хъуыстгонд уыдысты æгас Ирыстоны дæр. Уадындз — ирон флейтæйы хицæн хуыз, æппæты рагондæр æмæ арæхдæр æмбæлгæ музыкалон инструменттæй иу. Нарты кадджыты ис Ацæмæзы диссаджы уадындзы кой, удæгас æмæ æнæуд æрдзыл- иу магион хуызы чи ахадыдта. Арæзтой йæ иуæй-иу къутæр зæнгæй; фæстæдæр фæзындысты æфсæйнаг хæтæлæй конд уадындзтæ. III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 22-23 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [н], дамгъæтæ Н, н. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [н], дамгъæтæ Н, н-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ/дамгъæтæ, уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Н, н-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [н]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [н] рахицæн кæнын дзырд уызын-æй чиныджы нывмæ гæсгæ. Ахуыргæнæг кæсы базон-базон: Судзинрагъ — тулдзы бын, Худыйас — бургуыбын. Мыстыты, кæлмыты Рацахсы уæрмыты. (Уызын.) — Цы уынут нывы? (Уызын.) Рахицæн кæнут мыр [н] дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын ба- цамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ нас, уызын-æя уæнгон-мырон анализ скæнын (къухфыс- ты, фæйнæгыл). 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ скæнын базон-базон æмæ æмдзæвгæйы (45-æм фарсыл) руаджы: У нсе фыссæнгæрзтæй иу. Базон-ма йæ, уый та циу? (Кърандас.) 32
4. Дамгъæтæ Н, н-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Ног дамгъæимæ бакæсын уæнгтæ чиныджы 44-æм фарсыл — иугай, стæй та — иумæ: на, но, ну, нн, ны, нæ, уый фæстæ та дзырдтæ. 6. Къухфысты куыст (№2, 7-æм фарс). 7. Чиныджы бакæсын хъуыдыйæдтæ ног дамгъæимæ. 8. Чиныджы 44-æм фарсыл бакæсын æмдзæвгæ «Мæ нана» æмæ йæ равзарын. 9. Чиныджы 45-æм фарсы нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын чысыл радзырд. 10. Къухфысты куыст (№2, 7 фарс). 11. Æмдзæвгæ бакæсын. Цæмсен Хъал мыст æхсыр цæмæн уарзы, Саг йæ лæппынимæ цæмæн хъазы, Уый зонын. Уый зонын... Гæды æхсыр цæмæн нуазы, Дæу та баба цæмæн уарзы, а?! Уый зонын. Ба, мæ хъæбул, ба! Хозиты Макар 12. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. Ахуыргæнæг æвдисы хъæлæсонтæ, скъоладзаутæ сæ дзурынц. Афтæ кусынц æмхъæлæсонтимæ дæр. — Цы хъауджыдæр ис хъæлæсонтæ ’мæ æмхъæлæсонтæй? (Хъæ- лæсонтæ дзургæйæ хъæлæс у сæрибар, уæлдæф æнæкъуылымпыйæ цæуы, æмхъæлæсонтæ дзургæйæ, хъæлæс æмыр у; хъæлæсонтæ ара- зынц уæнг, æмхъæлæсонтæ — нæ.) 13. Чиныджы 45-æм фарсы нывмæ гæсгæ радзырд æрхъуыды кæнын. 14. Къухфысты куыст (№2, 7-æм фарс). 15. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Наутсе (корабли) Æппæты фыццаг нау уыд — хуымæтæджы фæйнæг. Уыцы фæй- нæгыл-иу адæймаг сбадт æмæ-иу иу былæй иннæмæ баленк кодта. Уый фæстæ фæйнæгæн йæ астæу скъахтой, æмæ дзы рауад бæлæгъ (лодка). Цæмæй йæ тагъддзинад (скорость) фæфылдæр уа, уый тых- хæй бæлæгъæн скодтой наупæлæз (парус) æмæ донфыййæгтæ (вёсла). Стырнаупæлæз наутæ-иу арæх къуыригæйттæ лæууыдысты денджызы, дымгæмæ æнхъæлмæгæсгæйæ. Уæд-иу сæ денджызы гуылфæн (тече- ние) ахаста, кæдæм хъуыд, уырдæм нæ, фæлæ иннæрдæм. Уалынмæ фæзынд фыццаг пароход. Уый дымгæйы дæлбар нæ уыд æмæ ленк кодта алырдæмдæр. Æнахуыргонд адæм хъуыды кодтой, зæгъгæ дзы хæйрæг бады, æмæ пароход асастой. Уый фæстæ фæзынд æндæр па- роходтæ. Ныртæккæ денджызты æмæ океанты ленк кæнынц тынг стыр, бирæуæладзыгон хæдзарыйас наутæ — теплоходтæ æмæ атомоходтæ. Суанг ма сæ мидæг ис бассейнтæ æмæ кинотеатртæ дæр. III. Урокты хатдзæгтæ. 3 Моурауты Марннæ 33
Уроктæ 24 — 26 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [р], дамгъæтæ Р, р. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [р], дамгъæтæ Р, р-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Р, р-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [р]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [р] рахицæн кæнын дзырд рувас-æй чиныджы 46-æм фар- сы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Рувас.) Рахицæн кæнын мыр [р] дзырд рувас-æи. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырд- тæн уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. Спайда кæнæн ис ахæм базон-базонæй: Зæхх æндавын æз мæ тынтæй, Зæрдæ барайы мæ уындæй. Дисыл адæмты æфтауын. Æз фæскъæвда зæхмæ ’ркæсын, Амонд адæмæн æрхæссын. (Хур.) 4. Ног мыримæ уæнгтæ зæгъын. 5. Дамгъæ Р, р-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ) (46-æм фарс). 6. Уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын чиныджы 46-æм фарсыл. 7. Къухфысты куыст (№2, 8-æм фарс). 8. Чиныджы текст бакæсын æмæ равзарын. 9. Чиныджы 47-æм фарсы ныв равзарын. 10. Къухфысты куыст (№2, 8-æм фарс). 11. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. Ахуыргæнæг: — Бакæсут уæнгтæ. Цавæр дамгъæйæ райдайынц фыццаг рæнхъы уæнгтæ, хъæлæсонæй æви æмхъæлæсонæй? Æмхъæлæсонты фæстæ цавæр дамгъæтæ ис уыцы уæнгты? (Баку- сын дыккаг рæнхъы уæнгтыл дæр.) ра} ро, ру, ры, рæ, ре, ри ар, ор, ур, ыр, æр, ер, ир 12.Чиныджы 46-æм фарсы ныв равзарын. 13. Къухфысты куыст (№2, 8-æм фарс). 34
14. Æмдзæвгæ бакæсын. Хъомыладон куыст бакæнын. Хур семсе лæппу Æхсæв атади нæ кæрты, Уымæн æмæ дыл æууæндын, Бон æрбарухси æваст... Хорз кæй дардзынæ дæхи...» Дымгæ ратахти нæ сæрты, Хур мæм цингæнгæ æркаст. Хистæртæн сæ гыццыл уарзон, Рæвдз, æнæзивæг, лæгау! Загъта: «Æз дæумæ нывæндын Хорз хъуыддæгтæн у сæ фаззон, Хъарм фæлмæн тынтæй дари. Алкæмæн дæр дæтт æгъдау. Басигпы Мысост 15. Къухфысты куыст (№2, 8-æм фарс). 16. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Цсерсегойтæ æмсе мсергътæй ксемсен цавсер хседзар ис? Уалдзæджы хъæды — хъæр æмæ хъæлæба. Уый цъиутæ райдыд- той аразын ног хæдзæрттæ кæнæ та цалцæг кæнынц сæ зæронд хæ- дзæрттæ. Уымæн сæ хъæуы бирæ алыхуызон æрмæг: къалиутæ, хъæмп, кæрдæджытæ, бумбули, пакъуытæ. Иуæй-иу цъиутæн хъæуы æрмæст бæласы зæнг, цæмæй йыл дыууæ сыфы бахуыйа: æмæ йæ хæдзар — цæтгæ. Зæрватыкк цæмæй йæ ахстон сараза, уый тыххæй йæ хъæуы агурын æлыг (глина). Æнæхъæн галуан- тæ бирæ агъуыстытимæ, къæбицтимæ, бирæ бацæуæнтæ æмæ рацæуæн- тимæ (входов и выходов) скъахтой зæххы бын мыстытæ æмæ куырм мыстытæ (кроты). Рухсдзыд гæнах (замок) чысыл таппузы (из пузырь- ка) уæлдæфæй скодта йæхицæн доны бын æвзистхуыз хæлуарæг (паук- серебрянка). Фæлæ æппæты стырдæр хæдзæртгæ хъæдыхафæнтæй кæнæ та æндæгъд хуылыдз сыджытæй аразынц гыццыл урс термиттæ. Сæ хæ- дзæрттæ куы къорийы хуызæн скæнынц, куы зокъойы, кæнæ та пирами- дæйы, цæрджьггæ та дзы вæййы æртæ милуаны бæрц. Хæдзары хицæут- ты æдде ма дзы фæцæрынц бьшдзытæ, хъæндилтæ, хæлуарджытæ, суанг ма тутитæ дæр. Цæрынц иумæ, кæрæдзи нæ хъыгдарынц, афтæмæй. 17. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Разгæмттæ — ирон националон костюм, кæнæ чындзы къаба (нывмæ гæсгæ куыст). Хъазт «Чи растдæр?» Дзырды мидæг ссар хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ. III. Урокты хатдзæгтæ. 27 — 28 — резервон уроктæ. Уроктæ 29-31 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [с], дамгъæтæ С, с. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [с], дамгъæтæ С, с-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. 35
Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ С, с-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [с]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [с] рахицæн кæнын дзырд сасир æмæ арс-æи чиныджы 48-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг кæсы базон-базон сасиры тыххæй (48-æм фарс). — Цы уынут нывы? (Сасир.) Рахицæн кæнын мыр [с] дзырд сасир-æй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ сасир, арс-æк уæнгон-мырон анализ скæнын фæйнæгыл. 3. Мыр [с] куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Ног мыримæ уæнгтæ дзурын — сау со, су, си, сы, ссе. 5. Дамгъæтæ С, с-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 6. Уæнгтæ бакæсын иугай, стæй та — иумæ. 7. Къухфысты куыст (№2, 9-æм фарс). 8. Чиныджы 48-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 9. Къухфысты куыст (№2, 9-æм фарс). 10. Дзырдуатон куыст. Хæццæгæнæджы хæслæвæрд сæххæст кæнын чиныджы 49-æм фарсыл. 11. Æмдзæвгæ бакæсын æмæ йæ равзарын. Уасæг Рагзаман сахат нæ уыд, Тынгдæр æхсæвы кæрон, Рæстæгмæ цæст дарын хъуыд. Ома бон, дам, у ныр, бон. Æмæ загъта уасæг уæд: Рæстæг тынг бирæ фæхатт, «Уыцы куыст мæ бар фæуæд». Ныр куы зониккой — сахат Иу фæлтæры ивы ’ндæр. Алы хæдзары дæр ис, — Уасынц уасджытæ ныр дæр. Нал кæниккой хъæр, фæдис. Ситохаты Саламджери 12. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. 13. Къухфысты куыст (№2, 9-æм фарс). 14. Байхъусын текстмæ. Сахат Раджы иу æнахуыргонд лæг хохæй быдырмæ рацæйцыд æмæ фæндагыл ссардта сахат. Хъусы сахатмæ, æмæ йæ цъыкк-цъыкк цæуы. — Ай цы диссаг у, цы дзы цъыкк-цъыкк кæны мидæгæй, — загъта лæг, йæхæдæг дур фелвæста, æмæ йыл æй ныццæвынмæ куыд хъа- выд, аф’тæ йæм сахат дзуры: — Ма ныццæв, хорз лæг, курын дæ, байхъус мæм иу ныхасмæ. Лæг фæджих. Уалынмæ йæм сахат дзуры: 36
— Æз дæн афонбарæн дзаума, адæмы тынг æхсызгон чи хъæуы. Нæ мын æхсæвæр дæттын хъæуы, нæ — сихор. Афтæмæй æнæрын- цойæ кусын. Æцæг мæ рæстæгæй-рæстæгмæ ифтындзыи хъæуы дæгъæлæй. Ныр æркæс, æмæ мæ куы нæ асæттай, уæд дæхицæн дæр æмæ дæ бинонтæн дæр хуыздæр уыдзæн. Дæхицæн уымæй хуыздæр у, æмæ зондзынæ, дæ куыстмæ дæ цы афон цæуын хъæудзæн, уый. Дæ сывæллæттæн та уымæй хорз уыдзæн, æмæ зондзысты, райсомæй сæ цы афон стын хъæуы; скъоламæ сæ цы афон цæуын хъæуы, уый; мæнмæ гæсгæ, сæ хæрд, сæ сыстад уыдзæн уыцы иу афон, æмæ уы- дзысты æнæниз. — Ай æцæг хорз дзаума куы у, — загъта лæг æмæ йæ буцæй йæ роны бакодта. Уæдæй фæстæмæ хохаг лæг сахат фелвас-фелвас кæны æмæ афонтæ нымайы. Гуыриаты Гагуыдз 15. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Рагон ирон хæдзары тыххæй ахуыргæнæг дзуры чиныджы нывмæ гæсгæ. 16. Базон-базон равзарын æмæ йæ сахуыр кæнын. Уыци-уыци, уый та циу? Уасæг нæу, нæдæр у цъиу. Уадындзау ныззары алхатт, Уый у, базонут æй... (Сахат). 17. Дзырд сахат-æк скæнын уæнгон-мырон анализ. 18. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Иу чиныджы куыд фыст ис, афтæмæй иу кæфхъуындар (кроко- дил) аныхъуырдта сахат. Рацу-бацу кæны кæфхъуындар, æмæ йæ гуыбыны цыдæр цъыкк-цъыкк кæны. Сахат афтæ тынг цъыкк-цъыкк кодта, æмæ-иу кæфхъуындар искæмæ куы бахъуызыд, уæд-иу уый лидзынмæ фæци. Æвæццæгæн, уыцы кæфхъуындар иунæг уыд — сахат кæй нæ хъуыд. Куыд уæм кæсы, сывæллæттæ, сахат куы нæ уаид, уæд цы æрцæуид? Æркæсут-ма чиныджы нывмæ æмæ зæгъут, цавæр сахæттæ дзы æвдыст ис: хурон —солнечные, донсахат — водя- ные, змисын сахат — песочные, суанг ма дзырагъ-сахат (свечка) дæр. III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. «Цом æмæ базонæм сахаты куыст», — Загъта йæ хæлæрттæн иу заман мыст. Мыстытæ разгъордтой хуынчъытæй тагъд, Алчи дзы сахатмæ дугъонау тахт. Сахаты дзæнгæрæг систа фæдис, Мыстытæй алчидæр лидзæг фæцис. Дзасохты Музафер Уроктæ 32-34 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [х], дамгъæтæ X, х. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. 37
Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [х], дамгъæтæ X, х-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ X, х-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [х]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [х] рахицæн кæнын дзырд хырх-æи чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Хырх.) Рахицæн кæнын мыр [х] дзырд хырх-æи. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ хырХу сахат-æк уæнгон-мырон анализ скæнын фæйнæгыл. 3. Мыр [х] куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. Спайда кæнæн ис ахæм базон-базонæй: Маргь нæу, афтсемæй æврæгьты сæрты тæхыу Хæдзар нæу, афтæмæй дзы адæм æнцад бадынц. (Хæдтæхæг.) 4. Ног мыримæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ дзурын. 5. Дамгъæтæ X, х-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 6. Уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын фыццаг иугай, стæй та иумæ чиныджы 50-æм фарсыл. 7. Къухфысты куыст (№2, 10-æм фарс). 8. Чиныджы 50-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 9. Чиныджы 50-æм фарсыл равзарын ныв. 10. Къухфысты куыст (№2, 10 фарс). 11. Тагъддзуринаг бакæсын æмæ йæ сахуыр кæнын. Хиуа худы халоныл: «Хорз фæцалх дæ уаллоныл». Уырымты Петка 12. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. Ахуыргæнæг æвдисы дамгъæтæ, ахуырдзаутæ дзурынц, цы мыртæ нысан кæнынц, уый. — Цавæр дамгъæтæ уæм равдыстон — хъæлæсонтæ æви æмхъæлæ- сонтæ? — Хъæлæсонтæ. — Цы хъауджыдæр ис хъæлæсонтæ ’мæ æмхъæлæсонтæй? — Хъæлæсонтæ дзургæйæ хъæлæс у сæрибар, уæлдæф æнæ- къулымпыйæ рацæуы, æмхъæлæсонтæ дзургæйæ хъæлæс у æмыр; хъæлæсонтæ аразынц уæнг, æмхъæлæсонтæ — нæ. 38
13. Чиныджы 51-æм фарсы нывтæ равзарын. Дзырдуатон куыст. Диалог бакæсын. 14. Къухфысты куыст (№2, 11-æм фарс). 15. Æмдзæвгæ бакæсын æмæ йын йæ мидис равзарын. Хæлуа-Хселуа-Хæлуарæг Фæуафта тын Хæлуарæг, Уæдмæ та хур — нæ дарæг — Фæтухи кодта тынг. Æрæппæрста йæ тын. Фæлæ йыл рацыд уарын, Хæлуа-Хæлуа-Хæлуарæг Фæласта йын йæ тын. Нывæнды ног йæ тын. Хъодзаты Æхсар 16. Къухфысты куыст (№2, 11-æм фарс). 17. Байхъусын тексттæм. Хиуа (сойка) Хиуайыл арæх сæмбæлæн ис нæ хъæдты. Уый у егъаугомау, цъиа- хы йас, цæрдæг, хъæргæнаг маргъ. Йæ сисвæлыст — бурдзалыг-цъæх, йæ бæрзæй æмæ йæ базыртæ та — сау, йæ базырты фæкъæдзгæнæн- тыл — фæлурс æрвхуыз тæлмытæ. Хиуа зымæг цæры дыргъты æппы- тæй, гагадыргътæй, сæрдыгон та йæ сæйраг хæлц сты зулчъытæ. Калоты Петр Хуымгæнæны мæй Хуыдтой ма йæ дзывырдарæны мæй дæр. Уæвæн ис, æмæ, дзы- выр цы у, уый уе ’ппæт нæ зонут, уымæн æмæ уыцы кусæнгарзæй мах рæстæджы нал пайда кæнынц. Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй дзывыр равзæрд скифаг æвза- джы. Дзывыр хуыдтой рагон чысыл гутон. Ныртæккæ дзывыры бæ- сты хуым кæнынц æфсæн гутонæй. Ивгъуыд заманты ирон адæм хуымгæнæнты размæ арæзтой бæ- рæгбæттæ. Дунесфæлдисæгæй-иу куырдтой, цæмæй, уалдзæджы хуым- ты цы нæмгуытæ ныккалдтой, уыдон фæззæджы раттой бæркадджын тыллæг æмæ сын фæуа куывдтæ æмæ чындзæхсæвты хæринаг. Афæ- дзы цыппæрæм мæйæн «хуымгæнæны» ном дæр уымæн радтой. Агънаты Æхсар 18. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Чиныджы нывмæ гæсгæ ахуыргæнæг дзуры рагон ирон хæдзары тыххæй. Къона — хæдзары артдзæст, ирон бинонты æппæты сыгъдæгдæр, зынаргъдæр æмæ кадджындæр хæзна. Ирæтты зондахасты къона æмæ къонайы рæхысимæ баст сты бинонты фарн æмæ иудзинадыл дзурæг æппæт æмбарынæдтæ дæр. Ард хордтой къонайы рæхысмæ бандзæв- гæйæ æмæ Сафайы ном ссаргæйæ. Чызг-иу, чындзы цæугæйæ, къо- найæн загъта «хæрзбон». Ног чындзы-иу къонайы алыварс æрзилын кодтой, йæ ног бинонты æхсæнмæ бацæугæйæ, æ.а.д. III. Урокты хатдзæгтæ. 39
Физминуткæ. «Хырх» Сывæллæттæ сæ кæрæдзийы къухтыл æрхæцынц æмæ, цыма хыр- хæй фадынц, ахæм архæйдтытæ æвдисынц. Уроктæ 35-37 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [т], дамгъæтæ Т, т. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [т], дамгъæтæ Т, т-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Т, т-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [т]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [т] рахицæн кæнын дзырд тæрхъус æмæ нымæт-æк чи- ныджы нывтæм гæсгæ. Спайда кæнæн ис лæвæрд базон-базонæй дæр: Даргъ — йæ хъустæ, Даргъ — йæ рихи. Къуырд йæ къæдзил. Къуыпп — йæ рустæ. (Тæрхъус.) Ахуыргæнæг: — Цы уынут нывы? (Тæрхъус.) Рахицæн кæнын мыр [т] дзырдтæ тæрхъус æмæ нымæт-æъ. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон; зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ тæрхъус, нымæт-æп уæнгон-мырон анализ скæнын фæйнæгыл. 3. Мыр [т] куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын (цал- дæр дзырды зæгъын æмæ сын уæнгон-мырон анализ скæнын). 4. Дамгъæтæ Т, т-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын (чиныджы 52-æм фарсыл). 6. Къухфысты куыст (№2, 12-æм фарс). 7. Чиныджы 52-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 8. Чиыыджы 52-æм фарсыл равзарын ныв. 9. Къухфысты куыст (№2, 12-æм фарс). 10. Дзырдуатон куыст. Чиныджы 53-æм фарсы нывмæ гæсгæ сæххæст кæнын хæслæвæрд: «Цавæр иумæйаг ном ис ацы предмет- тæн?» Дзырдæн уæнгон-мырон анализ скæнын. 11. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын. Тæрхъусы хъуыст хъилхъусæй, тæрхъусы хуыст дæлгоммæ. 12. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. — Гом уæнджы хъæлæсон æмхъæлæсоны разæй вæййы æви йæ фæстæ? (Иæ фæстæ.) 40
Фæйнæгыл ныффыссын дамгъæтæ Т, т, равдисын мыхуыргонд дамгъæтæ Т, т. Ахуыргæнæг. — Бакæсут уæнгтæ, цавæр дамгъæйæ райдайынц фыццаг рæнхъы уæнгтæ, хъæлæсонæй æви æмхъæлæсонæй? — Æмхъæлæсоны фæстæ цавæр дамгьæ ис уыцы уæнгты? (Хъæлсесон.) Чиныджы бакæсын уæнгтæ: та, то, ту, ты, тæ, те, ти ат, от, ут, ыт, æт, ет, ит 13. Чиныджы 53-æм фарсыл бакæсын дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын цыбыр хъуыдыйæдтæ. 14. Тагъддзуринаг бакæсын æмæ сахуыр кæнын (чиныджы 52-æм фарсыл). 15. Къухфысты куыст (№2, 13-æм фарс). 16. Байхъусын текстмæ. Тæрхъус Тæрхъус йæ цардæй разы нæ уыд. Арæх-иу дзырдта: «Ай цæй цард у, фæлтау куы амæлин, уæд хуыздæр уаид. Цæргæсæй тæрс, сырдтæй тæрс, адæмæй тæрс: уыдонæй нæ, фæлæ ма сыфтæрты сыбар-сыбу- рæй дæр мæ уд ауайы. Мæ бон нал у ацы цардæй цæрын, мæхи мын доны æнæ баппаргæ нæй», — загьта æмæ донмæ азгъордта. Доны былмæ куы бахæццæ, уæд дзы хæфсытæ фæтарстысты æмæ сæхи донмæ бакалдтой. Тæрхъус уый куы федта, уæд æрсагъæс кодта йæхиуыл æмæ загъта: «Агъæца, гъе! Ай мæхи куы сæфтон, мæхицæй мæгуырдæр æнхъæл куы никæмæн уыдтæн, афтæмæй мæнæй тæрсаг- дæртæ, æнæбондæртæ бирæ куы ис!» Уыцы ныхæстæгæнгæйæ тæрхъус фæстæмæ раздæхт доны былæй æмæ абон дæр ма цæры йæхицæн. 17. Къухфысты куыст (№2, 13-æм фарс). 18. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Чиныджы ныв равзарын æмæ радзурын нымæты тыххæй. III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Тæрхъус быдырмæ — сæпп, сæпп, сæпп. Тæрхъус быдырмæ — гæпп, гæпп, гæпп. Æз æй æрцахсин, Æз йемæ хъазин, Фæлæ мæ куы фæтæрса, мыййаг. Тæрхъусы зæрдæ — тæпп, тæпп, тæпп. Тæрхъусы зæрдæ — хæпп, хæпп, хæпп. Мæнмæ фæкасти, Мæнæй фæтарсти (2 хаттпы). Уæртæ-ма йæм кæсут — гæпп, гæпп, гæпп! Уроктæ 38 — 40 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [у], дамгъæтæ У, у. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [у], дамгъæтæ У, у-имæ. 41
2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ У, у-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [у]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [у] рахицæн кæнын дзырд уызын æмæ куыдз-æй чины- джы нывтæм гæсгæ æмæ базон-базонты руаджы: Бæласæн йæ быны къуыбылой фсезынд, Къуыбылой æгас у, йæ судзинтæй тас у. (Уызын.) Бон нæ уыны, фæлæ æхсæв та уыны. (Уыг.) Æнæ гуыдырæй хæдзар хъахъхъæны. (Куыдз.) 3. Куыд дзурæм мыр [у], уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæ- лæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ уызын, уыг, куыдз-æя уæнгон-мырон анализ скæнын. 4. Ног мыр дзырдты куыд хъуысы, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 5. Дамгъæтæ У, у-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 6. Уæнгтæ бакæсын иугай, стæй та — иумæ, уый фæстæ та дзырдтæ бакæсын. 7. Къухфысты куыст (№2, 14-æм фарс). 8. Чиныджы 54-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 9. Къухфысты куыст (№2, 14-æм фарс). 10. Ныхасы рæзтыл куыст. Ирхæфсæн фæлтæрæнтæ кæнын чи- ныджы персонажтимæ (55-æм фарс). Предметтæн сæ нывтæ равди- сын, уырыссаг æвзагмæ сæ ратæлмац кæнын. 11. Тагъддзуринаг бакæсын æмæ йæ сахуыр кæнын (чиныджы 54-æм фарсыл). 12. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. Ахуыргæнæг æвдисы хъæлæсон дамгъæтæ, ахуырдзаутæ сын дзу- рынц сæ мыртæ. — Цы хъауджыдæр ис хъæлæсон мыр [у] æмæ æмхъæлæсон [у]-йæ? — Хъæлæсон дзургæйæ уæлдæф хъæлæсæй сæрибарæй цæуы. 13. Чиныджы 55-æм фарсыл базон-базон бакæсын. 14. Дзырдуатон куыст. Чиныджы 55-æм фарсыл Хæццæгæнæ- джы хæслæвæрд сæххæст кæнын. 15. Къухфысты куыст (№2, 14-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. 42
Уроктæ 41—43 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [д], дамгъæтæ Д, д. Урокты нысантæ: 1.Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [д], дамгъæтæ Д, д-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Д, д-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [д ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [д] рахицæн кæнын дзырд дæгъæл æмæ æрдын-æй чины- джы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Дæгъæл.) Рахицæн кæнын мыр [д] дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ дæгъæл æмæ æрдын-æи скæнын уæнгон-мырон анализ. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. (Спайда кæнын лæвæрд базон-базонæй.) Мæнæуы зад хуымтæ адарынц бур, Зæххы йæ хъарм тынтæй батавы хур. Рацæгъды хосозау йæ цæвæг. (Сæрд.) Дарддæр сæххæст кæнын фæлтæрæнтæ 56-æм фарсыл. Дзырдтæ сæрду дыргътæ-йæп скæнын уæнгон-мырон анализ. 4. Дамгъæтæ Д, д-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын фыццаг иугай, стæй та — иумæ (56-æм фарс). 6. Къухфысты куыст (№2, 15-æм фарс). 7. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 8. Чиныджы 56-æм фарсыл равзарын ныв. 9. Тагъддзуринаг бакæсын æмæ йæ сахуыр кæнын. Дада мын авæры æхсыр, Дада фæзæгъы: «Ауы стыр». Уырымты Петка 10. Къухфысты куыст (№2, 15-æм фарс). 11. Чиныджы 57-æм фарсыл бакæсын æмæ дарддæр ахæццæ кæ- нын диалог. 12. Хæццæгæнæджы фæлтæрæн баххæст кæнын чиныджы 57-æм фарсыл. 13. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. 14. Чиныджы 57-æм фарсыл бакæсын æмдзæвгæ «Нæ фыд». Хъо- мыладон куыст бакæнын. 43
15. Къухфысты куыст (№2, 16-æм фарс). 16. Байхъусын текстмæ. Фæдæгъд (бузина) Ацы зайæгой аууонæн фæразон у, фæлæ хуыздæр зайы æмæ фыл- дæр дыргътæ дæтты хурæфсæст бынæтты. Тынг райрæзы, тæрс (бук), фæрв (ольха), фæтæнсыф бæлæстæ кæм зайы, уыцы хъæдты. Йæ тарцъæх дыргътæ сты хæрынæн бæзгæ, дзæвгар рæстæг вæййынц къабузтыл, цалынмæ сæ мæргътæ не ’руидзынц, уæдмæ. Фæдæгъды дыргътæй фыцынц мураба (варенье), стæй хойраджы ахорæн. Журнал «Ногдзау»-æй 17. Къухфысты куыст (№2, 16-æм фарс). 18. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Чиныджы нывмæ гæсгæ радзурын хъазт «Донмæ дугъ»-ы тыххæй. Хъазты мидис. Донæн йæ былæй 60—100 м дарддæр кæнæм хахх. Уыцы хаххыл лæууынц хъазджытæ (игроки). Амонæгмæ гæсгæ (по сигналу судьи) хъазджытæ иууылдæр згъорынц донмæ. Сывæллæттæй алчидæр до- нæй исы дур æмæ згъоры фæстæмæ. Раздæр чи æрбатæха æмæ йæ дур хуылыдз кæмæн уа, уый рамбылдта. Хъазты сæйрагдæр у, цæмæй дур уа хуылыдз, ома, зæгъгæ, хъазæг донмæ ныхæццæ ис. Ацы хъазтæй- иу хъазыдысты лæппутæ дæр, чызджытæ дæр. III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Хъазт лæмбынæгдзинад рæзын кæнынæн — «Дæлæмæдзыдтæ æмæ усейгуытæ». Ахуырдзаутæ сæ партæты цур лæууынц. Ахуыргæнæг дзырд «уæйгуы- тæ» куы зæгъа, уæд скъоладзаутæ хъуамæ сæ къухтæ хæрдмæ сдарой, «дæлæмæдзыдтæ» куы зæгьа, уæд та хъуамæ сæ партæтыл сбадой. Ахуыргæнæг архайы, цæмæй ахуырдзаутæ фæрæдийой. Зæгъæм, ахуыргæнæг зæгъы «уæйгуытæ» æмæ йæхæдæг æрбады йæ бандо- ныл, фæлæ сабитæ архайынц, цæмæй ма фæрæдийой. Уроктæ 44 — 46 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [л], дамгъæтæ Л, л. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [л], дамгъæтæ Л, л-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы куысты хуыз- тыл иумæйагæй ахуыр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 44
II. Мыр æмæ дамгъæтæ Л, л-имæ базоигæ кæнын. 1.Мыр [л]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [л] рахицæн кæнын дзырдтæ лседзæг, пыл æмæ бселас-æи чиныджы нывтæм гæсгæ. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæ- сон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ лседзсег, пыл æмæ бселас-æн уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Дамгъæтæ Л, л-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Алыхуызон структурæйæ арæзт уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын иугай, стæй та — иумæ. 6. Къухфысты куыст (№2, 17-æм фарс). 7. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæ дтæ. 8. Къухфысты куыст (№2, 17-æм фарс). 9. Чиныджы 58-æм фарсыл бакæсын текст ног дамгъæимæ æмæ равзарын нывтæ. 10. Къухфысты куыст (№2, 18-æм фарс). 11. Тагъддзуринаг бакæсын. Ласта, хаста сыфтæ уызын, Лæппын ныр сæ уæлæ ’рхуыссыд. Уырымты Петка 12. Чиныджы 58-æм фарсыл равзарын æмбисонды мидис. 13. Байхъусын текстмæ. Бæлæстæ садзæг зæронд лсег Иу зæронд лæг сагъта фæткъуыбæлæстæ. Загътой йын: «Цæмæн садзыс уыцы бæлæстæ? Цалынмæ уыдоныл дыргътæ зайа, уæдмæ сæм бирæ бахъæудзæн æнхъæлмæ кæсын, æмæ дзы ды нал фæхъæстæ уыдзынæ». Зæронд лæг сын загъта: «Æз дзы куы нæ фæхъæстæ уон, уæддæр дзы æндæр исчитæ бахæрдзысты, мæнæй та бузныг уыдзысты». 14. Къухфысты куыст (№2, 18-æм фарс). 15. Æмдзæвгæ «Иласы бæлас» наизусть сахуыр кæнын (59-æм фарс). 16. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Зонинæгтæ цæрæгойты тыххсей Зæгъæн ис, æмæ цæрæгойтæн се ’ппæтæн дæр ис къæдзилтæ. Кæ- сæгтæ ленк кæнынц сæ къæдзилты руаджы. Фæстæмæдзу хæфс быры доны бын, æцæг фæстæрдæм. Кенгуру йæхи аккуырсын кæны зæххæй æмæ агæпп кæны дард. Стæй сбады йæ къæдзилыл, раст цыма бандо- ныл, афтæ æмæ фæулæфы. Цъиутæ тæхгæ-тæхын раздæх-баздæх кæ- нынц сæ къæдзилты руаджы. Æнæ къæдзил цъиутæн сæ бон не суаид тæхын нæдæр хæрдмæ, нæдæр бынмæ, нæдæр рахизæрдæм, нæдæр галиуæрдæм. Æхсæрсæтгæг иу къалиуæй иннæмæ куы фæгæпп кæны, уæд раздæхы йæ къæдзилы руаджы. Маймулийæн ма ис ноджыдæр иу къух: уый у — йæ къæдзил. Бæхтæн æмæ хъуццытæн сæ къæдзилтæ — 45
бындзсурджытæ! Искæй куы бафæнда гæккуырийы йæ къæдзилæй æрцахсын, уæд ын дзы ницы рауайдзæн. Уымæн æмæ гæккуырийæн йæ къæдзил ахауы æмæ йæ бынаты уайтæккæдæр разайы ног. III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 47 — 49 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [к], дамгъæтæ К, к. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [к], дамгъæтæ К, к-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæггæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ К, к-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [к]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [к] рахицæн кæнын дзырдтæ карк æмæ ксердо-йæ чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Карку кæрдо.) Рахицæн кæнын мыр [к] дзырдтæ карк æмæ ксердо-иæ. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, харак- теристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзы- лангон.) Дзырдтæ карку ксердо-иæк уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын базон-базонтæ æмæ æмдзæвгæйы руаджы: Сæрд цъсех вæййы, фæззæг та бур. (Кæрдсег.) У зынахссен, лæгьз — йæ гуыр, Доны ис йæ хæдзар. Йе знаг — хыз æмсе æнгуыр Сур зæххыл йсе адзал. (Ксесаг.) Ксесаглас Йæ бырынкъ — цыргъ, йæ къæхтæ — даргъ, — Лæууы та доны астæу маргъ. Йæ ном йæ уæлæ и — кæсаглас: Кæсаг, дæхи дзы дарддæр алас! 4. Дамгъæтæ К, к-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгьæ æмæ гыццыл дамгъæ). Уæнгтæ бакæсын, дзырдтæ дзы саразын æмæ сæ бакæсын. 5. Къухфысты куыст (№2, 19-æм фарс). 6. Бакæсын текст ног дамгъæимæ æмæ йæ равзарын чиныджы 60-æм фарсыл. 46
7. Къухфысты куыст (№2, 19-æм фарс). 8. Æмдзæвгæ «Карк» бакæсын (60-æм фарс). Дзырдуатон куыст: коммсе. 9. Чиныджы 60-æм фарсы нывмæ гæсгæ чысыл радзырд æрхъуы- ды кæнын. 10. Тагъддзуринаг сахыр кæнын (чиныджы 61-æм фарс). 11. Къухфысты куыст (№2, 20-æм фарс). 12. Тагъддзуринаг бакæсын. Йæ мидис ын равзарын. Кукла базыл бафынæй, Кукла бастад кафынæй. Уырымты Петка 13. Хъуыдыйæдтæ бакæсын (31-æм фарс). Дзырдуатон куыст: кæсы. 14. Ныхасы рæзтыл куыст. Ацы предметтæн зæгъ сæ иумæйаг ном (61-æм фарс). Дзырдтæ дзсебуг, хырх, аркъау-æя уæнгон-мырон ана- лиз скæнын. 15. Байхъусын текстмæ. Комдарæны мæй Афæдзы æртыккаг мæй нæ рагфыдæлтæ хуыдтой комбæггæны мæй. Ацы мæйы дыууæ номы дæр баст сты чырыстон динимæ. Ис ын сыгъ- дæг ирон ном дæр — тæргæйтты мæй. Афтæ йæ рахуыдтой, уыцы мæй боныхъæд раив-баив кæй фæкæны, уый тыххæй. Комбæттæны мæй куы мит фæфæлдзæгъдæн кæны, куы къæвда фæуары, куы та хур ракæсы. Комбæттæны мæй кæд зымæгимæ æмарæн фæкæны, уæддæр æм уалдзæджы комулæфт хæццæ кæнын байдайы. Уый канд адæм нæ бамбарынц, фæлæ ма цæрæгойтæ дæр. Сырдтæ æмæ мæргътæ бæл- вырд фæхъæлдзæгдæр вæййынц. Кæд холлагхъуаг баййафынц æмæ даргъ зымæджы фæстæ сцола вæййынц, уæддæр сæ хъарм барæв- дауы. Зымæджы тых куыд сæфгæ фæцæуы, афтæ цæрæгойтæ æууæн- дын райдайынц, рæсугъддæр рæстæджытæ сыл кæй скæндзæн, ууыл. Æрдз дæр йæ хуыз ивын райдайы. Уалдзæджы æрцыдыл уæлдай тынгдæр фæцин кæнынц адæм. Зæхкусджытæ сæхи цæттæ кæнын байдайынц, афтæ зæрдиагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, уыцы тауæнтæм. Уалдзæджы фьщцаг мæй чырыстон диныл хæст адæмтæм хуыйны мартъи. Мæйы ном баст у Ромы мифологиимæ. Рацыд хæстон бардуа- джы ном Марсæй. Агънаты Æхсар 16. Къухфысты куыст (№2, 20-æм фарс). 17. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Хъазт «Куырм арс». Хъазты мидис. Хъазты архайджытæй иу æвзæрст цæуы «арсæй» æмæ йын йæ цæ- стытæ бабæттынц. Алы хъазæгмæ дæр вæййы дыууæ лæдзæджы: иу лæгъз, иннæйыл — кардæй лыг дæндаггæндтæ (с нарезанными на ней 47
зубцами). Хъазджытæ лæгъз хъил дæрзæг хъилыл ахафынц, æмæ рай- хъуысы дзæгъ-дзæгъ зæл. Арс цæуы уыцы зæлмæ æмæ архайы хъаз- джытæй искæй æрцахсыныл, кæй æрцахса, уыимæ ивынц сæ бынæттæ. 18. Къухфысты куыст (№2, 20-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Тезгъо кодта хъæлдзæгæй кæсаглас. Хæфсыты иууылдæр фæсырдта. Аузæгау (покачалась) кодта, Йæ даргъ къубал аразил-базил кодта, Йæ цæст æппæт зылдыл (округ) ахаста, Йæхи хурмæ сивæзта, Айвæзта йæ къабæзтæ, Йæ мидбылты бахудт Æмæ хъæзы ’хсæн æрбайсæфт. Уроктæ 50 — 52 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [й], дамгъæтæ Й, й. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [й], дамгъæтæ Й, й-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Й, й -имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [й]-имæ базонгæ кæнын. Уыци-уыци: Нæ бæрзонд царыл — Æвзист тæбæгъ. Æхсæв нæм дары Цырагъ дзæбæх. (Мæй.) 2. Мыр [й] рахицæн кæнын дзырд мæй, маймула æмæ мод-æй чиныджы 62-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Мæй.) Дзырд «мæй»-ы фæстаг мыр у [й]. Æмхъæлæсон мыр у æви хъæлæсон? Рахицæн кæнын мыр [й] дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ мæйу маймули æмæ йод-æк уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Ног мыримæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ зæгъын. 48
5. Дамгъæтæ Й, й-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 6. Уæнгтæ бакæсын. 7. Ног дамгъæимæ дзырдтæ бакæсын. 8. Къухфысты куыст (№2, 21-æм фарс). 9. Чиныджы 61-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. Фæлтæрæнты хъуыдыйæдтæ анализ скæнын æмæ сын схе- мæтæ саразын, 10. Чиныджы 63-æм фарсы фыццаг нывмæ гæсгæ чысыл радзырд æрхъуыды кæнын космосы тыххæй. 11. Къухфысты куыст (№2, 21-æм фарс). 12. Æмдзæвгæ «Уарзон дохтыр Айболит» (Цсерукъаты Алык- сандры тæлмац) сахуыр кæнын. 13. Чиныджы 63-æм фарсы дыккаг нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын дохтыр Айболиты тыххæй. 14. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. Ахуыргæнæг æвдисы хъæлæсон мырты дамгъæтæ, ахуырдзаутæ сын дзурынц сæ мыртæ. — Цавæр дамгъæтæ уæм равдыстон, хъæлæсонтæ æви æмхъæлæ- сонтæ? (Хъæлæсонтæ). — Цы хъауджыдæр ис хъæлæсонтæ ’мæ æмхъæлæсонтæй? — Базонут, цавæр мыр зæгъдзынæн, уый. Хъæлæсон фехъусгæйæ равдисут сырх зиллакк. Ахуыргæнæг дзуры мыртæ: а, м, н, о, л, р, ы, и (хъæлæсонтæ ахуыргæнæг æвдисы фæйнæгыл, скъоладзаутæ та сæ дамгъæты кас- сæйы). — Гом уæнджы хъæлæсон æмхъæлæсоны разæй вæййы æви йæ фæстæ? (Йæ фæстæ.) 15. Къухфысты куыст (№2, 21-æм фарс). 16. Ныхасы рæзтыл куыст. Æмбисæндты мидис равзарын. Йæ мады раз йæ хæс ничима бафыста. Йæ рæдыоыл чи нæ сæтты, уый дыккаг хатт рæдийы. Йæхи хæдзары цъиуы цæстæй кæсы, искæй хæдзары та — галы. 17. Байхъусын тексттæм. Мсей — не ’ввахсдсер сыхаг Арвыл цы рухсдæтджытæ ис, уыдонæй нæм Мæйæ æввахсдæр никæцы у. Зæххæй Мæйы ’хсæн ис æрмæст 384000 километры. Бирæ постласæг наутæ, цалдæр азы денджызы дыууæрдæм кæнгæйæ, ацæ- уынц Зæххæй Мæйы æхсæн цы дæрддзæг ис, уымæй 10—15 хатты даргъдæр фæндаг. Арвыл фæндаг куы уаид æмæ 20-аздзыд лæппу Мæймæ къахæй цæуын куы сфæнд кæнид, алыбон дæр 25 километ- ры цæугæйæ, уæд Мæймæ фæхæццæ уаид 62-аздзыд зæронд лæгæй. Алы сахат 1000 километры чи тæха, ахæм хæдтæхæгыл адæймаг Мæймæ бахæццæ уаид 16 бонмæ. Рухсы тыны та Мæйæ махмæ æртæ- хынæн бахъæуы 1 секундæй чысыл фылдæр. Сиукъаты Никъала 4 Моурауты Маринæ 49
Йод Тæрхъус тынг тæрсы бирæгъæй, мыст — гæдыйæ, сывæллæттæ та — йодæй: куы йæ ауынынц, уæд хъæргæнгæ сынтæджы бын амбæх- сынц, фæлæ бынтон дзæгъæлы. Дæ хъæн ран йодæй куы нæ байсæр- дай, уæд дзы туг бирæ фæцæудзæн, хъуамæ ма хæф дæр суа. Йод у тынг пайда: уæлдæф кæнæ дон йод хъуаг куы уой, уæд адæймаг рынчын кæны. Тæккæ фылдæр йод ис денджызы доны, уымæн æмæ уыцы доны рæзынц, бирæ йод кæм ис ахæм алыхуызон зайæгойтæ. Уыцы зайæ- гойтæй кæнынц йод. 18. Хъазт «Сараз уæнгтсей дзырдтæ». Фæйнæгыл рагацау ныффыссын уæнгтæ, зæгъæм: ны, ру ,ду, вас, мсет, та, рын, ла. III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 53 — 55 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [г], дамгъæтæ Г, г. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [г], дамгъæтæ Г, г-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæу- уын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Г, г-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [г]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [г] рахицæн кæнын дзырд гогыз æмæ хседтæхсег-æй чи- ныджы нывтæм гæсгæ. Спайда кæнын базон-базонтæй. (Хæдтæхæджы тыххæй бакæсын чиныджы.) У бызычъиджын йæ сæр, Куы фæзары, куы фæкафы. Хъазгæ разилы цæхгæр. Зоныс æй, мæ хæлар, зоныс, Рæстæг дзæгъæлы нæ сафы, Уый хæдзарон маргъ у ... (гогыз.) Айларты Чермен Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Гогыз, хседтæхсег.) Дзырд гогыз-ы фыццаг мыр у [г]. Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон. Рахицæн кæнын мыр [г] дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын.лХъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ гогыз, хседтсехсег-æя уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын æмдзæвгæйы руаджы. 50
Гацыр Æз авæрын цъиутæн Сæ хæринаг, дон. Ыскодтон сын уистæй Чысыл хæрæндон. Чысыл гаги нал дæн, Æмбарын мæ хæс; Нæ бæстæн хъæбулæн Ысбæздзынæн æз. Тохты Иван 4. Дамгъæтæ Г, г-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын (64-æм фарс). 6. Къухфысты куыст (№2, 22-æм фарс). 7. Чиныджы 64-æм фарсыл ног дамгъæимæ текст бакæсын. 8. Къухфысты куыст (№2, 22-æм фарс). 9. Чиныджы 64-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ. 10. Чиныджы 64-æм фарсыл равзарын ныв æмæ чысыл радзырд æрхъуыды кæнын. 11. Къухфысты куыст (№2, 23-æм фарс). 12. Чиныджы 65-æм фарсыл бакæсын диалог ног дамгъæимæ. 13. Дзырдуатон куыст. Чиныджы 65-æм фарсыл нывгонд пред- меттæн зæгъын сæ иумæйаг ном. Дзырдтæ малуссег, зырзыраг, гуы- рыл-æп уæнгон-мырон анализ скæнын. Уырыссаг æвзагмæ сæ ратæл- мац кæнын. 14. Тагъддзуринаг бакæсын. Йæ мидис ын равзарын. Саг фæдисонау фæлгæсы, Саг йæ лæппынæн куы тæрсы. Уырымты Петка 15. Къухфысты куыст (№2, 23-æм фарс). 16. Байхъусын текстмæ. Саг Саг у рæсугъд цæрæгой. У хъæддаг сырды мыггаг, фæлæ йæ ра- нæй-рæтты адæймаг æрмахуыр скодта æмæ дзы пайда кæны йæ куы- стытæ кæнгæйæ. Дзурынц, зæгъгæ, дам, саг уæлæуæз хохы цъуппæй æрхызти ныл- лæгмæ суадоны дон бануазынмæ. Дон нуазгæ-нуазын йæ пæлæхсар къабузджын сыкъатæй йæ зæрдæ барухс ис. — Рæсугъддæр-ма адонæй цы уыдзæн. Гъе æрмæст ма мæ къæхтæ хуыздæр æмæ тыхджындæр куы уаиккой, — йæхицæн дзуры саг. Куыддæр дон нуæзт фæци, афтæ кæсы, æмæ йæм домбай хъуыз- гæ-хъуызгæ æрбацæуы. Саг фæцагайдта хъæды ’рдæм. Цалынмæ лæгъз быдыры згъордта, уæдмæ тынг дард алыгъди домбайæ, фæлæ хъæдмæ куы бахæццæ, уæд йæ сыкъатæ къалиутыл тыхсын байдыд- — Чысыл гаги нал дæн, — Фæзæгъы Гацыр, — Нанайæн хæдзары Æххуысхъом дæн ныр. Æрбайсын ын сугтæ, Æндзарын ын арт. Куы хуыссæн æфснайын, Куы рамæрзын уат. 51
той, йæ бон цæуын нал уыд, æмæ йæ домбай æрбаййæфта. Йе сæфт куы ’рцыди, уæд дзуры: — Æдылы дæн, æдылы! Лæмæгъ кæй хуыдтон, уыдон мæ ирвæ- зын фæкодтой, сæ рæсугъдæй мæ зæрдæ рухс кæмæй кодта, уыдоны аххосæй та сæфгæ фæкодтон. Уæдæй фæстæмæ, хъæд арæх цы бæстæты у, уым цæргæ баззады- сты цыбырсыкъа сагтæ. Домбайы дзæмбыты цы саг бафтыд, ахæм къабузджын сыкъаджын сагтæ та цæрынц æрмæстдæр Цæгат бæстæ- ты, ныллæг къудзитæ йеддæмæ кæм ницы зайы, уым. Сагтæ уарзынц ногдзыд къалиутæ æмæ хъуынагæрдæг æхсынын. 17. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Чиныджы ныв равзарын. Нывмæ гæсгæ радзурын, хæдтæхæг куыд фæзынд, уый. III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Æз тæ-хын, тæ-хын, тæ-хын! Æз цæ-уын, цæ-уын, цæ-уын! Æппæт бæстыл æрзилдзынæн, Сывæллæттæм фæсиддзынæн: «А бæстыл цæрут хæларæй!» Уроктæ 56 — 58 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [ж], дамгъæтæ 3, з. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [ж], дамгъæтæ 3, з-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ 3, з-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [ж]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [ж] рахицæн кæнын дзырд зæрватыкк æмæ хъаз-æи чи- ныджы нывтæм гæсгæ кæнæ та базон-базонты руаджы. Тагъд кæны цары ахстон сбийыныл. Цавæр цъиу у уый? (Зæрватыкк.) Донæй не свæййы хуылыдз, Раст уырыдзыйау йæ фындз. (Хъаз.) Ахуыргæнæг. — ’Цы уынут нывы? (Зæрватыкк, хъаз.) Рахицæн кæнын мыр [з] дзырдтæ зæрватыкк, хъаз-æи. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, ха- рактеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви 52
æзылангон.) Дзырдтæ зсерватыкк, хъаз-æя уæнгон-мырон анализ скæ- нын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Дамгъæтæ 3, з-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. 66-æм фарсыл ног дамгъæимæ бакæсын уæнгтæ фыццаг иугай, стæй та — иумæ. 6. Къухфысты куыст (№2, 24-æм фарс). 7. Ног дамгъæимæ дзырдтæ бакæсын. 8. Къухфысты куыст (№2, 24-æм фарс). 9. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 10. Дзырдтæ Зæланæ, Зсеринæ, Симæ, Зарæ-иæк уæнгон-мырон анализ скæнын. Ацы дзырдты мыртæ [ш], [ж] æмæ [с] куыд дзурæм, уыцы хицæндзинæдтимæ базонгæ кæнын ахуырдзауты. 11. Чиныджы 66-æм фарсыл равзарын ныв. 12. Сахуыр кæнын «Нæртон симды зарæг». Хъомыладон куыст бакæнын: ирон культурæ æмæ æгъдæуттæ. 13. Къухфысты куыст (№2, 24-æм фарс). 14. Байхъусын текстмæ. Æмдзæвгæйы мидис равзарын. Гаги æмсе зæрватыкк Дзиба, дзиба, зæрватыкк, Дзиба, дзиба, мæ лымæн, Мæхи дзиба, зæрватыкк, Цæмæй тæрсыс дæхицæн? Рауай махмæ дæ гаккæй. Дурæхсæн æз нæ дарын, Бафсадæм дæ гагатæй. Уымæй цъиуты нæ марын. Баситы Мысост 15. Къухфысты куыст (№2, 25-æм фарс). 16. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. 17. Чиныджы 67-æм фарсыл бакæсын текст «Зымæг». Текстæн кæрон æрхъуыды кæнын. 18. Чиныджы 67-æм фарсы нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын хъуы- дыйæдтæ. Хъуыдыйæдтæн саразын схемæтæ. 19. Къухфысты куыст (№2, 25-æм фарс). 20. Тагъддзуринаг бакæсын æмæ йæ сахуыр кæнын. Зары Зарæ зарæг, Зарæг у йæ дарæг, Зæлы, зæлы зард. Зарæг у йæ цард. Уалыты Лаврент 21. Байхъусын текстмæ. Зæрдæвæрæны мсей Ацы мæй ралæууы уалдзæджы тæккæ тæмæны, дуне йæ хуыз куы скалы, бæлæстæ æмæ иннæ зайæгойтæ дидинæг æфтауынмæ куы фæвæййынц, уæд. Нæ фыдæлтæм ма ацы мæйæн уыд æндæр ном дæр: сыфтæры мæй. Дыгурæттæ та йæ хонынц Никколайы мæй. Æмæ ма ноджыдæр иу ном — зæрдæвæрæны мæй. Афтæ йæ кæй 53
хуындæуыд, уый рæдыдыл нымайын хъæуы. Зæрдæвæрæн рацыд дыгурон дзырд зæлдæвсерæн-æн. Æндæр хуызы дæр ма йæ дзурынц: зæлдгæрдæн. Ирæттæм зæлдсе фехъуыст зæрдæ æмæ уымæ гæсгæ мæйы ном дæр зæрдæвæрæн схуыдтой. Нæ къæлиндартæм дæр рæ- дыдæй бахауд. Агънашы Æхсар 22. Къухфысты куыст (№2, 25-æм фарс). 23. Чиныджы 67-æм фарсыл сахуыр кæнын цыппаррæнхъон зы- мæджы тыххæй. 24. Хъазт: Зымæг йæ алæмæтгаг къæцæл батылдта, æмæ дамгъæ з-мæ æрбатахтысты миты тьыфылтæ хъæлæсон дамгьæтимæ. Рауадис сæ уæнггæ. Ахуырдзаутæ кæсынц уæнгтæ: зау оз, зы, ыз} зу, уз æмæ а.д. III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 59 — 61 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [б], дамгъæтæ Б, б. Рацыд æрмæг бафидар кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [б], дамгъæтæ Б, б-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыс- сын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Б, б-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [б]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [6] рахицæн кæнын дзырдтæ бабыз æмæ бæлон-æи чины- джы 68-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Бабыз, бæлон.) Дзырдтæ бабыз æмæ бæлон-ы фыццаг мыр хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? Рахицæн кæнын мыр [6] дзырдтæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын рат- тын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ бабыз, бæлон-æп уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын базон-базоны руаджы: Зымæг — урс, Уалдзæг — сау, Сæрд у цъæх, Фæззæг — карст. (Быдыр.) 4. Дамгъæтæ Б, б-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Уæнгтæ бакæсын фыццаг иугай, стæй та — иумæ. 54
6. Къухфысты куыст (№2, 26-æм фарс). 7 Ног дамгъæимæ дзырдтæ бакæсын (68-æм фарс). 8. Къухфысты куыст (№2, 26-æм фарс). 9. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 10. Æмбисонды мидис равзарын (68-æм фарс). 11. Къухфысты куыст (№2, 27-æм фарс). 12. Чиныджы 69-æм фарсыл равзарын ныв. Сахуыр кæнын æмдзæвгæ 69-æм фарсыл. Хъомыладон куыст ба- кæнын. 13. Æмбисонды мидис равзарын (69-æм фарс). Ахуырдзаутæ хъуа- мæ радзурой сæ хорз хъуыддæгты тыххæй. 14. Къухфысты куыст (№2, 27-æм фарс). 15. Дзырдуатон куыст. Ирхæфсæн фæлтæрæнтæ баххæст кæнын чиныджы персонажтæ Хæццæгæнæг æмæ Цæмæнцæимæ (69-æм фарс). 16. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын. Æрмæстдæр иу дзырд базыдта Гæба Æмæ йæ дзуры алыбон: «Ба-ба-а!» 17. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыр- ты хицæндзинæдтæ. 18. Æмдзæвгæ бакæсын æмæ йæ равзарын. Бабыз Бабыз уынгты райсом раджы Бабитæ! Узгæ, узгæ рараст балцы. Ралидзут, мæ сабитæ! Бур-бурид бырынкъ фæдары: Рауидзут, уæхицæн тагъд — Бапп-бапп, бапп-бапп! — Исты — аходæны фаг... Бызыккаты Земфирæ 19. Къухфысты куыст (№2, 27-æм фарс). 20. Байхъусын тексттæм. Бынмæдзог (поползень) Ставд бæлæстыл æнцонæй бафиппайæн ис гыццыл цæрдæг цъиуы, фылдæр хатт фæцæуы бæласы зæнгыл сæрбынмæ. Бынмæдзог æхситт фæкæны хъæрæй. Йе рагъ у æрвхуызцъæх, йæ гуыбын — урс. Ис ын цыбыр бæрзæй æмæ даргъ бырынкъ. Калоты Петр Дыуусе бселасы Агуындæ æмæ Фатимæ ныссагътой фæйнæ балбæласы. Æртыккаг уалдзæг бæлæстæ дидинæг акалдтой. Агуындæ бавдæлд, æмæ тæккæ заддæр къалиу æрсаста, уатмæ йæ бахаста æмæ йæ вазæйы сæвæрд- та. Уый ауынгæйæ Фатимæ уайдзæфгæнæгау загъта: — Цæмæн асастай бæлас, тæригъæд нæу?! — Æз дидинджытæ бирæ уарзын. Бонтæ бонты ивтой. Балтæ раздæр сырх кæнын райдыдтой, уый фæстæ та — сау. Фатимæйы бæласыл диссаджы ставд балтæ æрзад. — Мæноныл та иу бал дæр нæй, — æнкъардхуызæй загъта Агуындæ. 55
— Ды уæддæр дидинджытæ бирæ уарзыс, бал дæ цæмæн хъæуы? — дзуапп ын радта Фатимæ. Джимиты Кларæ III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Хъазт «Бокс». Уроктæ 62 — 64 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [ф], дамгъæтæ Ф, ф. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [ф], дамгъæтæ Ф, ф-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæтæ, дамгъæты хæйттæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт II. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Ф, ф-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [ф]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [ф] рахицæн кæнын дзырд фæндыр æмæ сыф-æй чины- джы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Фæндыр, сыф.) Рахицæн кæнын мыр [ф] дзырдтæ фæндыр, сыф-æи. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, харак- теристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзы- лангон.) Дзырдтæ фæндыр, сыф-æк уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын базон-базон æмæ тагъддзуринаджы руаджы: Сæрд, зымæг вæййы йæ кæрцы, Бур-бурид, хæрзад йæ царв. Ис нын дарæстæ йæ фæрцы, Ды, æвæццæгæн, зæгъыс: Худæн тынг хорз у йæ царм, «Цас зын базонæн у... (фыс)». Тагъддзуринаг. Фæлурс у хур, æрæнкъард фæз, — Фæбур и быдыры пæлæз. Уырымты Петка 4. Ног мыримæ дзырдтæ дзурын (фынг, фæткьуы, цæфхад æмæ а.д.). 5. Дамгъæтæ Ф, ф-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 6. Уæнгтæ бакæсын. 56
7. Къухфысты куыст (№2, 28-æм фарс). 8. Чиныджы дзырдтæ бакæсын. 9. Къухфысты куыст (№2, 28-æм фарс). 10. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 11. Къухфысты куыст (№2, 29-æм фарс). 12. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын чиныджы 70-æм фарсыл. 13. Къухфысты куыст (№2, 29-æм фарс). 14. Чиныджы 71-æм фарсыл бакæсын базон-базон. Дзырд «светофор»-æн уæнгон-мырон анализ скæнын. Хъомыла- дон куыст бакæнын. 15. Къухфысты куыст (№2, 29-æм фарс). 16. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Зонинсегтæ цæрæгойты тыххсей Цæрæгойтæн сæ фындзтæ тынг æххуыс кæнынц цæрынмæ. Уыдон сæ фындзтæй æнкъарынц хæринаг æмæ знаджы тæф. Хъæдхой йæ фындзæй бæлæстæ хойы æмæ дзы уидзы зулчъытæ. Пылæн йæ фындз къух дæр æмæ фындз дæр у, тæвд рæстæджы та — душ. Тути бæлæ- стыл хилы, йæ къæдз фындзæй къалиутыл хæцгæйæ. Ис ахæм хъæд- даг кæрчытæ, сæ фындзтæй змисы тæвд чи бары; фæагурынц хуыз- дæр бынат се ’йчытæ баныгæнынмæ. 17. Къухфысты куыст (№2, 29-æм фарс). 18. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Чиныджы 71-æм фарсы нывмæ гæсгæ ахуыргæнæг дзуры, ирон фынг цы нысан кæны, уый. III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. «Светофор» Ахуыргæнæгмæ ис æртæ предметы: сырх, бур æмæ цъæх. Нысан кæнынц светофор. Алкæцы хуыз дæр нысан кæны цавæрдæр архайд: цъæх хуыз — дæ мидбынаты дугъ кæн, бур — дæ мидбынаты цу, сырх — æрлæуу æмæ сбад. (Архайд фыццаг хъуамæ цæуа сабыргай, стæй — та тагъддæр.) Уроктæ 65 — 67 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [ц], дамгъæтæ Ц, ц. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [ц], дамгъæтæ Ц, ц-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 57
II. Мыр æмæ дамгъæтæ Ц, ц-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [ц ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [ц] рахицæн кæнын дзырд цæргæс æмæ кæрц-æи чины- джы 72-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Цæргæс, кæрц.) Рахицæн кæнын мыр [ц] дзырдтæ цæргæс æмæ кæрц-æи. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ цæргæс æмæ кæрц-æн уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. (Спайда кæнæн ис лæвæрд базон-базонæй). Сбадт налаты ном мæныл, Цъус мыл андзæвыд дæ был — Иууыл дæн сырх-сырхид. Акæлдзæн дæ сур хид. (Цывзы.) 4. Дамгъæтæ Ц, ц-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгьæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Къухфысты куыст (№2, 30-æм фарс). 6. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæнд зинæдтæ. 7. Чиныджы 72-æм фарсыл бакæсын уæнгтæ фыццаг иугай, стæй та — иумæ. 8. Къухфысты куыст (№2, 30-æм фарс). 9. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 10. Къухфысты куыст (№2, 31-æм фарс). 11. Чиныджы 72-æм фарсыл æмбисонды мидис равзарын. Хъомы- ладон куыст бакæнын. 12. Чиныджы 73-æм фарсыл сахуыр кæнын æмдзæвгæ «Гацыр». 13. Къухфысты куыст (№2, 31-æм фарс). 14. Байхъусын текстмæ. Цæу Бирæ горæтаг лæппутæ æмæ чызджытæ, цæу цы у, уый нæ зо- нынц. Уый у хæдзарон фосы мыггаг. Нæл сæныкк гыццыл куы вæййы, уæд æй фæхонынц цæукъа, фыр гыццыл куы вæййы, уæд æй фыр- къа куыд фæхонынц, афтæ. Цæукъатæ æмæ фыркъатæ тæлфаг сты. Иу ран бадæн сын нæй. Куы дыууæрдæм дугъ сисынц, куы сыкъайæ фæхæцынц, куы та быруйы сæрты рагæпп-багæпп фæкæнынц. Цæу куы байрæзы, уæд фосы дзуджы сæргъы æрлæууы æмæ сын фæндаг- амонæг басгуыхы. Фыййæуттæ йæ буцæн фæхонынц «бодз». Зындгонд куыд у, афтæмæй, ирон æвзаджы фосы нæмттæ, зæ- гъæн ис, æмæ иууылдæр бындурон сты, фæлæ дзырд цæу-ы равзæрд абоны онг ахуыргæндты бон раиртасын нæма баци. Агъпаты Æхсар 15. Къухфысты куыст (№2, 31-æм фарс). 16. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Зонинæгтæ цæрæгой- ты цардæй. 58
17. Къухфысты куыст (№2, 31-æм фарс). 18. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Чиныджы 73-æм фарсы нывмæ гæсгæ радзурын нæлгоймаджы уæлæдарæс — цухъхъайы тыххæй. III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Цæхæрадонмæ мах цæуæм, Халсартæ æмбырд кæнæм. Фæндаг у цыбыр, къуындæг, Нæ къахфындзтыл арæхстгай цæуæм. Бæлæсты алфамбылай æрзилæм, Згъорæм ныр сабыргай, Улæфгæ дæр акæнæм, Стъолы уæлхъус абадæм! Уроктæ 68 — 70 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [в], дамгъæтæ В, в. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [в], дамгъæтæ В, в-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ В, в-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [в]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [в] рахицæн кæнын дзырд велосипед æмæ цæвæг-æй чи- ныджы 74-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Велосипед, цæвæг.) Рахицæн кæнын мыр [в] дзырдтæ велосшгед æмæ цæвæг-æк. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, харак- теристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон; зылангон æви æзы- лангон.) Дзырдтæ велосипед, цæвæг-æп уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Дамгъæтæ В, в-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Къухфысты куыст (№3, 1-æм фарс). 6. Уæнгтæ бакæсын чиныджы 74-æм (Ьарсыл. 7. Къухфысты куыст (№3, 1-æм фарс). 8. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæнд зинæдтæ. 9. Ахуыргæнæг æвдисы хъæлæсон дамгъæтæ, ахуырдзаутæ сын дзурынц сæ нæмттæ. 10. Чиныджы 74-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 59
11. Къухфысты куыст (№3, 2-æм фарс). 12. Чиныджы 75-æм фарсыл бакæсын текст. 13. Къухфысты куыст (№3, 2-æм фарс). 14. Чиныджы 75-æм фарсыл сахуыр кæнын æмдзæвгæ. 15. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын (76-æм фарсыл). 16. Байхъусын текстмæ. Рувас æмсе йæ лæппын Карцайы рагъыл иу рувас йæ лæппынимæ хъазыд. Æвиппайды рувас йæ фæстæгтыл абадт, йæ раззаг къæхтæ та хæрдмæ ивазы. — Куыд бадыс, нана? — лæппын æм дзуры. — Куыд бадын, куы зæгъай, уæд дæлæ быдыры рагъыл арт судзы, æмæ йæм мæхи тавын. Уалынмæ лæппынæн æвиппайды йæ хъыллист фæцыд æмæ йæ къæхтæ мæлæг удау тилы. Йæ мад æм кæсы æмæ йæ фæрсы: — Цы кодтай, мæ карк, цы тилыс дæ къæхтæ? — Уыцы артæй мæнмæ дæр стъæлфæн æрбахаудта æмæ мын мæ къæхтæ басыгъта, нана, — дзуры лæппын. — Ды та мæнæй гæдыдæр, быдырæй зынджы стъæлфæн кæй су- дзы, — загъта лæппынæн мад. Æмбисондæн баззад: Сæгь цы уа} сæныкк дæр уый. Кæд ды рувас дæ, уæд æз та — дæ къæдзил. 17. Цæмæнцæйы хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын чиныджы 76-æм фарсыл. 18. Къухфысты куыст (№3, 2-æм фарс). 19. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Велосипед. Чиныджы 75-æм фарсы нывмæ гæсгæ радзурын велосипеды тыххæй. III. Урокты хатдзæгтæ. Урок 71 Ног азы бсерæгбон. У р о к 72 Дамгъæ ъ (хъæбæры нысан), дамгъæтæ: къ, хъ, гъ, тъ, пъ, чъ, цъ; к, г абарын къ, гъ-имæ, ацы дамгъæтимæ уæнгтæ, дзырдтæ кæ- сын. Дзырдтæй хьазт. Бацамонын дамгъæ ъ фыссын. Дзырдтæ фыссын. Уроктæ 73 — 76 Урокты темæтæ. Æмхъæлæсон мыр [гъ], дамгъæтæ Гъ, гъ. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [гъ], дамгъæтæ Гъ, гъ-имæ.
2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Гъ, гъ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [гъ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [гъ] рахицæн кæнын дзырдтæ булæмæргь æмæ дугъысыф- æй чиныджы 80-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Рахицæн кæнын мыр [гъ] дзырдæй базон-базоны руаджы: У чысыл цъæх цъиу, афтæмæй йæ цъæхснаг хъæлæс мингай хъæ- лæсты ’хсæнæй дæр райхъуысы . (Булæмæргъ.) Куыд дзурæм мыр [гъ], уымæ хъус æрдарын, йæ артикулйци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ булæмæргъ æмæ дугъысыф-æк уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Дамгъæтæ Гъ, гъ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæн д зинæ дтæ. 6. Уæнгтæ бакæсын фыццаг иугай, стæй та — иумæ (80-æм фарс). 7. Къухфысты куыст (№3, 3-æм фарс). Чиныджы 80-æм фарсыл бакæсын дзырдтæ ног дамгъæимæ. 8. Къухфысты куыст (№3, 3-æм фарс). 9. Чиныджы 80-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 10. Ребустæ скæнын чиныджы 81-æм фарсыл. 11. Чиныджы 81-æм фарсыл сахуыр кæнын æмдзæвгæ «Булæмæргъ». 12. Къухфысты куыст (№3, 3-æм фарс). 13. Æмбисондæн равзарын йæ мидис. Зарынмæ булæмæргъæй уæлдай нæу. 14. Чиныджы 81-æм фарсы нывмæ гæсгæ радзурын, телефоны но- мыртæ 01, 02, 03 цы нысан кæнынц, уый тыххæй. 15. Байхъусын текстмæ. Булæмæргъ Ирыстоны ацы маргъы рæсугъд зард арæхдæр райхъуысы хъæдтæ, дыргъдæттæ æмæ парктæй. Уый вæййы майы. Булæмæргъы зардмæ фыццаг хатт хъусгæйæ, адæймаг дисы ба- цæуы: ацы гыццыл цъиуы тæссонд буары ахæм тыхджын æмæ вазыг- джын зæлтæн фаг бынат куыд разынд, куыд дзы бацыдысты. Уын- дæй дæр тынг хæрзконд, фидауцджын у булæмæргъ. Хъарм бæстæй махмæ æртæхынц æрæгмæ — апрелы æмбисы, сыф- тæр калын афон. Майы кæрон булæмæргъ æрæфтауы æйчытæ æмæ къуыртты ныббады. Июлы райдайæны лæппынтæ сæ ахстæттæ ныу- 61
уадзынц. Хъарм бæстæмæ булæмæргъ атæхы августы кæронæй сен- тябрмæ. Булæмæргътæ дæсны зарæггæнджытæ кæй сты, уый тыххæй сæ дарынц къалатиты. Фæлæ адæм се ’ппæт нæ зонынц, сæ ахсынæн сæрмагонд афон кæй ис. Ахсын сæ хъæуы се ’рбатæхыны хæдфæстæ. Æрæджиау кæй æрцахсай, уыцы булæмæргъ къалатийы нæ фæцæр- дзæн, амæлдзæн. Афоныл кæй æрцахсынц, уыцы булæмæргъ та къалатийы зарын байдайы къуыримæ. Фыццаг бонты йæ хæссын хъæуы мæлдзыджы- ты æйчытæй. Хорз æм куы зилай, уæд къалатийы цæры цалдæр азы. Калоты Петр 16. Къухфысты куыст (№3, 4-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 77 — 79 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [п], дамгъæтæ П, п. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [п], дамгъæтæ П, п-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ П, п-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [п]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [п] рахицæн кæнын дзырд пыл-æй чиныджы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг кæсы базон-базон чиныджы 83-æм фарсыл. Рахицæн кæнын мыр [п] дзырд пыл-æй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырд- тæ пыл æмæ пирæн-æк уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын (нывтæм гæсгæ). 4. Дамгъæтæ П, п-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Къухфысты куыст (№3, 5-æм фарс). 6. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 7. Уæнгтæ бакæсын (82-æм фарс). 8. Къухфысты куыст (№3, 5-æм фарс). 9. Чиныджы 82-æм фарсыл бакæсын дзырдтæ ног дамгъæимæ. 10. Чиныджы 82-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 62
11. Къухфысты куыст (№3, 5-æм фарс). 12. Чиныджы 83-æм фарсыл бакæсын æмдзæвгæ. 13. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Пирæн Нывмæ гæсгæ ахуыргæнæг дзуры пирæны тыххæй (83-æм фарс). 14. Къухфысты куыст (№3, 5-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 80-82 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [къ], дамгъæтæ Къ, къ. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [къ], дамгъæтæ Къ, къ -имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы куысты хуыз- тыл иумæйагæй ахуыр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Къ, къ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [къ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [къ] рахицæн кæнын дзырд кьабуска æмæ зокъо-йæ ба- зон-базоны руаджы: Уырызмæгыл фондзыссæдз ксерцы. (Къабуска.) Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Къабуска, зокъо.) Дзырд къабуска-иы фыц- цаг мыр [къ] хъæлæсон у æви æмхъæлæсон. Рахицæн кæнын мыр дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрда- рын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын (нывтæм гæсгæ зæгьын дзырдтæ мыр [къ]-имæ: булкъ, фæткъуы, къалати, къамбец, фыркъа, мæймæоулкъ æмæ а.д.). Дзырдтæ къа- буска, зокъо-иæя уæнгон-мырон анализ скæнын. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 4. Дамгъæтæ Къ, къ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Къухфысты куыст (№3, 6-æм фарс). 6. Мыр [къ]-имæ уæнгтæ бакæсын чиныджы 84-æм фарсыл. Уыцы уæнгтимæ дзырдтæ бакæсын. 7. Къухфысты куыст (№3, б-æм фарс). 8. Чиныджы 84-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 9. Цæмæнцæйы хæслæвæрд сæххæст кæнын (85-æм фарс). Дзырдтæ тæскъ æмæ цæхæра-йæк уæнгон-мырон анализ скæнын. 10. Къухфысты куыст (№3, 7-æм фарс). 11. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын чиныджы 85-æм фарсыл. 63
12. Чиныджы 85-æм фарсыл фатæгтæм гæсгæ бакæсын дзырдтæ. 13. Къухфысты куыст (№3, 7-æм фарс). 14. Æмдзæвгæ бакæсын, йæ мидис ын равзарын æмæ хъомыладон куыст бакæнын. Къулыбадæг Уæдæ къулыбадæг циу? Нал Ф^комы, нал, йæ хай, Саби, гогыз æви цъиу? Хойрагыл æвæры фау. Нæ, мæ хур! Чысыл фæлæуу, Иу ын бур у иннæ - сау! Уыдонæй сæ иу дæр нæу. Уыи сæкæр фæхоны маст, Къулыбадæг у Гæбул - Зулмæ ракæсы æваст. Раст нанайы буц хъæбул. ° Гæбул, бæргæ, фæлтау Уый кæны æдзух тæргай, Химæ ДæР КУЫ ’рхæссис фау! Баситы Мысост 15. Къухфысты куыст (№3, 7-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 83-86 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [з], дамгъæтæ Дз, дз. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [з], дамгъæтæ Дз, дз-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Дз, дз-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [з]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [з] рахицæн кæнын дзырд дзæбидыр-æи чиныджы 86-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывты? (Дзæбидыр, хъæлæрдзы.) Рахицæн кæнын мыр [з] дзырдтæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ дзæби- дыр, хъæлæрдзы-иæи уæнгон-мырон анализ скæнын. Зæрдыл æрлæу- уын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын базон-базон æмæ тагъддзуринаджы руаджы: Ихæн ын — мæлæт, Тауы бæстыл низ. Æнуд ын — дзæнæт. Къæхтæ, базыр, фындз — Чъизи ран иæ ис. Сафинаг у ... (бындз) 64
Тагьддзуринаг. Дзылы — къаннæг цъиу — фæтарсти, Дзынга йæм цæргæс фæкасти. Уырымты Петпка Дзырдуашон куыст: чиж — дзылы, дзынга — овод. Дзырдтæ бындз, дзылы-нæн уæнгон-мырон анализ скæнын. Ацы дзырдты мыр [з] куыд дзурæм, уымæ хъус æрдарын. 4. Дамгъæтæ Дз, дз-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Къухфысты куыст (№3, 8-æм фарс). 6. Уæнгтæ бакæсын фыццаг иугай, стæй та — иумæ (86-æм фарс). 7. Къухфысты куыст (№3, 8-æм фарс). 8. Чиныджы 86-æм фарсыл бакæсын дзырдтæ ног дамгъæимæ. 9. Къухфысты куыст (№3, 8-æм фарс). 10. Чиныджы 86-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 11. Къухфысты куыст (№3, 8-æм фарс). 12. Дзыроуатон куыст. Цæмæнцæйы хæслæвæрдтæ баххæст кæ- нын чиныджы 87-æм фарсыл. 13. Къухфысты куыст (№3, 9-æм фарс). 14. Байхъусын текстмæ. Дзывылдар Уазал зымæг æрбалæууыд. Бæстæ урс-урсид адардта. Адæм сæ хæдзæрттæй æддæмæ ракæсын дæр нал уæндыдысты. Сабитæ ру- дзынгæй кастысты æмæ цин кодтой митыл, зымæгыл. Уалынмæ дæлру- дзынг абадт дзывылдар. Сывæллæттæ йæ куы федтой, уæд ын фæтæ- ригъæд кодтой. Байгом кодтой рудзынг æмæ дзывылдары уатмæ æрба- уагътой. Цъиу уыди æххормаг. Уый райдыдта стъолæй уидзын кæр- дзыны муртæ. Æнæхъæн зымæг дзывылдар царди сывæллæттимæ. Уалдзæджы йæ сабитæ ауагътой. 15. Къухфысты куыст (№3, 9-æм фарс). 16. Ныхасы рæзтыл куыст. Рубрикæ «Уазæгуаты нæ рагфыдæлтæм». Чиныджы нывмæ гæсгæ ахуыргæнæг æмæ сывæллæттæ ныхас кæнынц дзывылдар æмæ дзывыры тыххæй. 17. Къухфысты куыст (№3, 9-æм фарс). 18. Хъазт: Бæлвырд рæстæгмæ (3—5 мин.) ахуырдзаутæ лæвæрд дамгъæтæй хъуамæ саразой алыхуызон дзырдтæ — х, ф, с, г, о, р, д — рог, хор, хæфс, фосгæс, род, дæр, фос, хор, æмæ а.д. Чи фылдæр æрхъуыды кæна, уый амбылдта. III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 87-89 Урокты темæ: Æмхъæлæсон мыр [хъ], дамгъæтæ Хъ, хъ. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [хъ], дамгъæтæ Хъ, хъ-имæ. 5 Моурауты Марннæ 65
2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Хъ, хъ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [хъ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [хъ] рахицæн кæнын дзырдтæ хъæдхой æмæ тæрхъус-æи чиныджы 88-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Фыццаг уал ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ «Хъæдхой». Хъæдхой, хъæдхой, хъæдхойæг, Æнæ дæу цин куыд кæнæм. Фæцæуы дæм нæ хонæг. Нæ бæлæстæм ды зылдтæ, Нæ бæлæстæн куывд кæнæм, Сæ Рьш сафæг ды уыдтæ. Цæрукъаты Алыксандр — Хъæдхойы тыххæй цы зæгъы поэт? Рахицæн кæнын мыр [хъ] дзырдтæ хъæдхой æмæ тæрхъус-æи. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын баца- монын, характеристикæ йын раЛын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зы- лангон æви æзылангон.) Дзырдтæ хъæдхой æмæ тæрхъу с-æв. уæн- гон-мырон анализ скæнын. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын æмдзæвгæ æмæ базон-базоны руаджы. Донæй не свæййы хуылыдз. Скæнæм уый пакъуыйæ баз. Раст уырыдзыйау — йæ фындз. Уый у маргъы мыггаг... (Хъаз.) Хъарм бæстæм фæтæхы Хъаз кæсы сæ фæстæ, Хърихъуппыты хал. Худы сыл йæ зæрдæ: Африкæйы зæххыл Уадзынц, дам, сæ бæстæ Ныр цæрдзæн сæ бал. Даргъкъубал æвзæртæ. Уалыты Лаврент 4. Дамгъæтæ Хъ, хъ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). З.Чиныджы 88-æм фарсыл уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын ног дамгъæимæ. 6. Къухфысты куыст (№3, 10-æм фарс). 7. Бакæсын текст чиныджы 88-æм фарсыл. 8. Къухфысты куыст (№3, 10-æм фарс). 9. Чиныджы 89-æм фарсыл баххæст кæнын Цæмæнцæйы фæлтæ- рæнтæ. 10. Рольтæм гæсгæ бакæсын хъазт «Хъазтæ1» чиныджы 89-æм фарсыл 11. Къухфысты куыст (№3, 11-æм фарс). 66
12. Байхъусын текстмæ. Ксесаглас семæ хърихъуппытсе Иу лæгæн йæ хуым хърихъуппытæ бахордтой. Лæг сарæзта къæп- пæджытæ æмæ ахсæн хызтæ бабаста кауы михтыл. Иу цасдæры фæстæ хърихъуппытæ ахст æрцыдысты. Ахст фæцис уыдонимæ иу кæсаглас дæр. (Æваст бакæсгæйæ хърихъупп æмæ кæсаглас æнгæс сты: ис сын даргъ цыргъ бырынчъытæ, даргъ къæхтæ.) Кæсаглас хуымы хицау- мæ дзуры: «Æз кæд ахст фæдæн хърихъуппытимæ, уæддæр мæн уыдонæй ма хон; æз дæн мæргътæн сæ тæккæ кадджындæртæй, æрба- кæс-ма, мæнæ мæ базыртыл дæр бæрæг у, æмæ мæ ауадз». Хуымы хицау кæсагласмæ фæхъуыста æмæ йын загъта: «Мæ хуры чысыл, ма тыхс, хърихъуппытæн цы кад кæнон, уый дæуæн дæр скæндзынæн: иумæ ахст фестут, æмæ уæ иумæ бафхæрдзынæн». 13. Къухфысты куыст (№3, 11-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. Хъæдхой бæлас хойы (сабитæ сæ сæртæ тилынц). Дымгæ хъæды къуыс-къуыс кæны (ахуырдзаутæ размæ-фæстæмæ, рахизæрдæм-гали- уæрдæм ратас-батас кæнынц). Тæрхъус гæппытæ кæны митхъæпæн- тыл (сабитæ тæрхъусау гæппытæ кæнынц). Дзывылдар бæласæй бæ- ласмæ ратæх-батæх кæны (сæ къухтæй æвдисынц, цъиу йæ базыртæ куыд фæтилы, уый). Уроктæ 90-92 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [ж], дамгъæтæ Ж, ж. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [ж], дамгъæтæ Ж, ж-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Ж, ж-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [ж]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [ж] рахицæн кæнын дзырд жираф-æй базон-базоны руаджы. Уымæн ахæм къубал ис — Чи зоны, фæкæнай дис, Бæлæстæм æххæссы, Уаргъ цæуылнæ хæссы. (Жираф.) Рахицæн кæнын мыр [ж] дзырд жираф-æй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характерис- тикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылан- гон.) Дзырдтæ жираф, морж æмæ журиал-æи уæнгон-мырон анализ 67
скæнын. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын (гараж, жилет, жакет). 4. Дамгъæтæ Ж, ж-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын чиныджы 90-æм фарсыл. 6. Къухфысты куыст (№3, 12-æм фарс). 7. Чиныджы 90-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 8. Къухфысты куыст (№3, 12-æм фарс). 9. Чиныджы 91-æм фарсыл сахуыр кæнын тагъддзуринаг. 10. Дзырдуатон куыст. Ирхæфсæн фæлтæрæн баххæст кæнын чиныджы 91-æм фарсыл: «Цæрæгойтæн ссар сæ нæмттæ». 11. Æмдзæвгæ «Жираф» сахуыр кæнын (91-æм фарс). 12. Чиныджы 91-æм фарсыл Цæмæнцæйы хæслæвæрд баххæст кæнын. 13. Къухфысты куыст (№3, 13-æм фарс). 14. Хъазт «Цавæр дамгъее у цухгонд?» Стъæлфыты бæсты бавæрын хъæлæсон дамгъæ: цæмæй дзы ра- уайа ног дзырд сæрæй бынмæ, галиуæрдыгæй рахизæрдæм. б з м д с б дон мыд зад дзур зæгъ дзул н д д р гь р 15. Кухфысты куыст (№3, 13-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Физминуткæ. — Уæ цæстытыл-ма ауайын кæнут, цыма фестадыстæм хъæды. У уалдзæг, майы кæрон. Кæрæдзийы фæдыл иугай цæуæм. (Ны- майынц.) Акæсут рахизæрдæм! Акæсут галиуæрдæм! Алырдæм афæлгæсут! Куыд рæсугъд у хъæд! Скæсут хæрдмæ бæласмæ, иннæ бæласмæ. Цас ахстæттæ ис бæлæстыл! Цъиутæ пæррæстытæ кæнынц къалиу- тыл. Æрбадут дзуццæджы, бакæсут къудзийы бынмæ. Цы уынут? Уым бады лæппын цъиу, йæ ахстонæй, мæгуыр, рахаудта. Райсут-ма йæ. Арæхстгай æвналут! Бæласы къалиуыл æй сæвæрут уæлиау. Уæлдæр! Уæлдæр! Слæуут уæ къахфындзтыл, уæлдæр сивазут уæ къухтæ! Тынг хорз сарæхстыстут. Баххуыс кодтат цъиуæн. Дарддæр цæуæм. Мæнæ фæндагыл пыхсытæ. Æргуыбыр кæнут, пыхсытæ иугай исут æмæ сæ иуварс æвæрут, алчидæр фæйнæ цыппары. Хорз. Ныр нын афон у аздæхынмæ. Фæстаг хатт-ма фæстæмæ акæсут æмæ уæ алыварс афæлгæсут! Фæндараст зæгъæм хъæдæн! (Тилынц ссе къухтæ.) Нæ бон у дарддæр нæ куыст кæнын? Нæу. Нæ къухтæ сты чъизи. Ныхсæм нæ къухтæ, дзæбæх сæ æууæрдæм. Нæ къухтыл цы доны æртæхтæ ис, уыдон ацæгъдæм, иу хатт ма. Ныссæрфут уæ къухтæ хисæрфæнæй, алы æнгуылдз дæр хибарæй. Тынг хорз! 68
Уроктæ 93-95 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [дж], дамгъæтæ Дж, дж. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [дж], дамгъæтæ Дж, дж-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы куысты хуыз- тыл иумæйагæй ахуыр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Дж, дж-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [дж]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [дж] рахицæн кæнын дзырд джыджына-иæ чиныджы 92-æм фарсы нывмæ гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Джыджына — ландыш.). Рахицæн кæнын мыр [дж] дзырд джыджына-кæ. Куыд æй дзу- рæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характе- ристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзы- лангон.) Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын базон-базонты руаджы. Æнæ рудзынг, æнæ дуар, Йæ цæрджытæ — йе ’мбуар. (Джнтъри.) У æгæрон, донæй дзаг, Наутæ дзы фæцæуы. Бирæ хæзнатæ йæм ис, Тынг арф æмбæхст вæййынц. (Денджыз.) 4. Дзырдтæ джитъри æмæ денджыз-æк уæнгон-мырон анализ скæнын. 5. Дамгъæтæ Дж, дж-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). Уæнгтæ бакæсын иугай, стæй та — иумæ. 6. Къухфысты куыст (№3, 14-æм фарс). 7. Бакæсын текст чиныджы 92-æм фарсыл. 8. Къухфысты куыст (№3, 14-æм фарс). 9. Чиныджы 93-æм фарсыл бакæсын æмдзæвгæ «Мя ксенут хыл». 10. Къухфысты куыст (№3, 15-æм фарс). 11. Чиныджы 93-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст. 12. Байхъусын текстмæ. Джеоргуыбайы мсей Фæззæджы фæстаг мæй ирон адæм хонынц Джеоргуыбайы мæй. Афтæ йæ хонынц, Джеоргуыбайы бæрæгбон ацы мæй кæй вæййы, уымæ гæсгæ.. 69
Ацы бæрæгбон у ирон адæмы стырдæр бæрæгбæттæй иу. Уымæ гæсгæ тынг кадджын у. Рагацау æм райдайынц цæттæ кæнын адæм. Уыцы бон ахæм хæдзар нæ вæййы, кусарт чи нæ акæны. Джеоргуыбайы бæрæгбон адæм фæкæнынц фæззæджы, хъæу- уонхæдзарадон куыстытæ куы фæвæййынц, уæд. Тыллæг куы бафс- найынц æмæ фосæн зымæгмæ холлаг куы ’рцæттæ кæнынц, уæд адæм сæ ног фос æмæ хорæй ссарынц Уастырджийы ном. Бæрæгбоны ном рацыди Джеоры номæй. Джеор — Геуæр нæлгой- маджы ном у. Рагон бердзейнаг æвзаджы амыдта зсехкуссег. Дзырды дыккаг хай «губа» — «гоба» гуырдзиагау амоны бæрæгбон. Зæгъын хъæуы уый, æмæ алантæ зæхкусæджы номмæ æфтыдтой сæхи рагон дзырд уац. Амоны уæларвон хорз хабйр хæссæг. Уац Георги куыдфæстæмæ ирон адæм дзурын байдыдтой Уастырджи, дыгурæттæ та — Уасгерги. Агънаты Æхсар 13. Къухфысты куыст (№3, 15-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. Уроктæ 96-98 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [тъ], дамгъæтæ Тъ, тъ. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [тъ], дамгъæтæ Тъ, тъ-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, уæнгтæ, дзырдтæ æмæ хъуыды- йæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Тъ, тъ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [тъ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [тъ] рахицæн кæнын дзырд тъепа-йæ чиныджы 94-æм фарсы нывмæ гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Тъепа.) Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын баца- монын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зы- лангон æви æзылангон.) Дзырдтæ тъепа æмæ алтъами-иæк уæнгон- мырон анализ скæнын. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 3. Мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ скæнын базон- базонты руаджы. Нсе дынджыр уселхæдзары — цæхæрæй хуртуаи. (Стъалы.) Нсе гыццыл даргъ къæбиц нæмгуытæй дзаг. (Джшпъри.) Дзырдтæ стъалы æмæ джитъри-йæи уæнгон-мырон анализ скæнын. 70
4. Дамгъæтæ Тъ, тъ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Чиныджы 94-æм фарсыл уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын. 6. Къухфысты куыст (№3, 16-æм фарс). 7. Чиныджы 94-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 8. Къухфысты куыст (№3, 16-æм фарс). 9. Чиныджы 94-æм фарсыл сахуыр кæнын æмдзæвгæ «Мадмсе». Хъомыладон куыст бакæнын. 10. Къухфысты куыст (№3, 16-æм фарс). 11. Æмбисонды мидис равзарын: Мады хъæбыс сабийæн авдæн у. 12. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын. Сгьалы тары Рухс куыд уары! Цырагъ дары, Уыджы мары. 13. Къухфысты куыст (№3, 16-æм фарс). 14. Байхъусын текстмæ. Тъæнджы мæй Куыд зонут, афтæмæй алы аз дæр райдайы январы мæйæ. Ацы мæй ирон адæмы фыдæлтæ хуыдтой тпъæнджы мæй. Йæ кой нæ фе- рох абон дæр. Арæх æй ис фехъусæн хистæртæй. Æмбисæндты дæр ыл æмбæлæм. Зæгъæм: «Тъæнджы мæй хъуыдыды нсе вæййы». Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ацы ном фæзынд, ирон адæм Кавказы хæхты куы ’рцардысты, уæд. Афтæ уымæн зæгъын, æмæ дзырд тъæнг не ’взаджы фæзынд, нæ рагон фыдæлтæ хæхбæстæм куы балыгъды- сты, уæд. Тыхджын уазал бонтæ-иу Кавказы бæрзонд хæхты арæх- дæр скодта зымæджы астæу, ома афæдзы райдайæны. Фыруазалæй- иу зæхх æмæ бæлæстæ скъуыдысты, ома гпъæнг кодтой. Æвæццæ- гæн, мæйыл ахæм ном дæр уымæн сæвæрдтой. Ирон æвзаджы ма ис гпъæнджы æнгæс дзырд — дæнг. Амоны хæцæнгарзы гæрах. Зæгъæн ис, æмæ гпъæнг равзæрд дæнг-æи, æрмæст сæ мидисмæ гæсгæ иуцас- дæр фæхицæн сты. Дæнг рагон ирон дзырд у. Ныртæккæ дæр ма йыл фембæлæн ис персайнаг æмæ курдаг æвзæгты. Уыцы æвзæгтыл дзурæг адæмтæм хъуысы дæнг. Амоны исты уынæр, хъæр, дуртæ кæрæдзиуыл хойы- ны зæл. Дыгурæттæм тпъæнджы мæй хуыйны æнсуриу кæнæ басилтпи мæйæ. Январъ-пом та фæзынди рагон ромæгтæм, къæсæры бардуаг Янус кæй хуынд, уымæ гæсгæ. Агънатпы Æхсар 15. Къухфысты куыст (№3, 17-æм фарс). 16. Хъазт «Дамгъæтæ сее бынæтты авæр». Феххуыс кæнут Рохгæнæгæн, цæджындзты цы дамгъæты къордтæ ис, уыдонæй дзырдтæ саразынæн. лумасæг рæтсухъ джынаджы модйаб рылгуы хææсгæр III. Урокты хатдзæгтæ. 71
У р о ктæ 99-101 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [цъ], дамгъæтæ Цъ, цъ. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [цъ], дамгъæтæ Цъ, цъ-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, уæнгтæ, дзырдтæ æмæ хъуыды- йæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгьæтæ Цъ, цъ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [цъ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [цъ] рахицæн кæнын дзырд цъиу-æи базон-базоны руаджы: Æнæ фсерсет, æнæ дзæбугæй хæдзар скæны. (Цъиу.) Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Цъиу.) Цавæр мырæй райдайы дзырд? Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын баца- монын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зы- лангон æви æзылангон.) Дзырдтæ цъиу æмæ цъил-æя уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Мыр [цъ] куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын лæвæрд тагъддзуринаджы руаджы. Цъырцъыраг Цъæх цухъхъаджын цъырцъыраг, Чъиллон-миллон - чъырттымхан. Сыртсыртгæнаг - чырчыраг, Чызг - хæлар у, чызг - лымæн. Айларты Чермен 4. Дамгъæтæ Цъ, цъ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Ног дамгъæимæ уæнгтæ бакæсын чиныджы 95-æм фарсыл. 6. Къухфысты куыст (№3, 18-æм фарс). 7. Ног дамгъæимæ дзырдтæ бакæсын чиныджы 95-æм фарсыл. 8. Къухфысты куыст (№3, 18-æм фарс). 9. Чиныджы 95-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 10. Къухфысты куыст (№3, 18-æм фарс). 11. Чиныджы 96-æм фарсыл хæслæвæрд сæххæст кæнын: «Дзырд- тæ бакæс фатæгтæм гæсгæ». 12. Къухфысты куыст (№3, 19-æм фарс). 13. Æмдзæвгæ «Цъиу-цъиу-цъиу» бакæсын. Хъомыладон куыст бакæнын. 14. Ребустæ скæнын чиныджы 97-æм фарсыл (Хæрисджын, Сын- дзыхъæу). 15. Ныхасы рæзтыл куыст (97-æм фарс). Æмдзæвгæ «Уалдзы- гон ныв>> сахуыр кæнын (97-æм фарс). 16. Къухфысты куыст (№3, 19-æм фарс). 17. Байхъусын текстмæ. 72
Цъиу Æвæццæгæн, дзырд цъиу цы амоны, уый алкæмæн дæр зындгонд у: арæх ын хъусут йæ кой, уæхи цæстытæй йæ уынут. Профессор Абайты Васойы амындмæ гæсгæ цъиу у мырфæзмæн дзырд. Ирон адæм мæргътæм фæсидынц афтæ: цъиу-цъиу-цъиу, уырыссæгтæ цып-цып-цып, туркæгтæ — джиу-джиу-джиу æ.а.д. Дзырд цъиу, æвæццæгæн, адæмтæ кæрæдзийæ дæр истой, фæлæ растдæр у, æвзæгтæй алкæмдæр йæхимидæг кæй равзæрд, ома адæм сæхæдæг арæзтой дзырд сæхи æвзаджы мыртæй. Агънаты Æхсар 18. Чиныджы 97-æм фарсыл баххæст кæнын хæслæвæрд: «Алы цъиуæн дæр ссар йæ ном». 19. Къухфысты куыст (№3, 19-æм фарс). 20. Рубрикæ «Уазæгуаты Зондабимæ». Чиныджы 97-æм фарсы нывмæ гæсгæ ахуыргæнæг дзуры цъиуты миниуджыты тыххæй. 21. Хъазт «Чи лæмбынæгдæр у’?» Ахуыргæнæг 2—3 хатты зæгъы (кæнæ та сæ фæйнæгыл фыссы æмæ кæсы) 4—7 дзырды. Ахуырдзаутæ сæ хъуамæ сæ зæрдыл бада- рой æмæ сæ ныффыссой сæ тетрæдты. Ацы хъазтæй пайда кæнын хъæуы системæйы хуызы, цæмæй ахуырдзаутæ дзырдуатон дзырдтæ сæ зæрдыл хуыздæр бадарой. III. Урокты хатдзæгтæ. У р о к т æ 102-104 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [ч], дамгъæтæ Ч, ч. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [ч], дамгъæтæ Ч, ч-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгьæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Ч, ч-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [ч]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [ч] рахицæн кæнын дзырд чиныг-æй лæвæрд базон-базо- ны руаджы: Цæст не ’ххæссы йæ хæрзтыл: Йæ дзырдтæ сты æнæ фау, Йæ хъуыдытæ — йæ фæрстыл. Йæ мидис та æнæ тау. (Чиныг.) Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Чиныг.) Дзырд чиныджы фьщцаг мыр цавæр у? Мыр [ч] куыд дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, 73
зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ чылауи æмæ чиныг-æи уæнгон- мырон анализ скæнын. 3. Мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ скæнын æмдзæв- гæйы руаджы. Мыр [ч]-имæ цы дзырдтæ ис, уыдонæн уæнгон-мырон анализ скæнын. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæ- лæсон мырты хицæндзинæдтæ. Чидæр дын дуар хойы. Æмæ мæнæ дымгæ Чи уа, цымæ, чи? Чылауи ныууыгьта, Чи зоны, мæ хо у, Айдзаг дыргъæй зæхх. Чи зоны, Бечи. Чындз дæр сæ æруыгъта Акастæн дын уынгмæ, Чыргъæдмæ дзæбæх. Уалыты Лаврент 4. Дамгъæтæ Ч, ч-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Чиныджы 98-æм фарсыл уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын ног дамгьæимæ. 6. Къухфысты куыст (№3, 20-æм фарс). 7. Чиныджы 98-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дам- гъæимæ. 8. Къухфысты куыст (№3, 20-æм фарс). 9. Чиныджы 99-æм фарсыл сæххæст кæнын хæслæвæрд: «Алы зайæгойæн дæр ссар йæ ном». 10. Æмдзæвгæ «Дохтыр» сахуыр кæнын (99-æм фарс). 11. Къухфысты куыст (№3, 21-æм фарс). 12. Байхъусын текстмæ. Чылауийы апп (Æцæг хабар) Мад чылауитæ балхæдта, сывæллæттæ сихор куы бахæрой, уæд сын сæ ратдзынæн, зæгьгæ. Чылауитæ уыдысты тæбæгъы мидæг. Ваня чыла- уитæ никуы бахордта æмæ сæм басмуд-басмуд кодта. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Сæ рæзты дыууæрдæм рауай-бауай кæны. Хæдзары йæхи йеддæмæ куы ничиуал уыд, уæд Ваня нал фæлæууыд, иу чылауимæ фæлæбурдта æмæ йæ ахордта. Сихоры хæрды размæ мад чылауитæ ба- нымадта, æмæ иу хъуаг разындысты. Уый тыххæй фыдæн загьта. Хæрыныл куы æрбадтысты, уæд фыд сывæллæттæм дзуры: «Мый- йаг уæ исчи чылауи бахордта?» «Нæ бахордтам», — загътой æмхуы- зонæй. Ваня фæсырх ис æмæ уый дæр загъта: «Æз нæ бахордтон». Уæд фыд афтæ зæгъы: «Чидæр чылауи кæй бахордта, уый, кæй зæгъын хъæуы, хорз хъуыддаг нæу: æмæ ма уый ницы кæнид, фæлæ чылауиты æппытæ ис, æмæ сæ хæрын чи нæ зоны, уымæн апп йæ хъуыры куы аирвæза, уæд дыккаг бон амæлдзæн. Æмæ йæ замана уый у, æз уымæй тæрсын». Ваня ныффæлурс. «Æз ын йæ апп рудзынгæй аппæрстон», — загъта лæппу. Иууылдæр ныххудтысты, Ваня та кæугæ скодта. Лев Толстоймæ гсесгæ 74
13. Къухфысты куыст (№3, 21-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. У р о к т æ 105-107 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [чъ], дамгъæтæ Чъ, чъ. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [чъ], дамгъæтæ Чъ, чъ-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт 1. Бацæтгæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Чъ, чъ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [чъ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [чъ] рахицæн кæнын дзырд сычъи-иæ чиныджы 99-æм фарсы нывмæ гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Сычъи.) Рахицæн кæнын мыр [чъ] дзырд сычъи-иæ. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ сычъи æмæ ичъи-йæя уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Мыр [чъ] куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын æмдзæвгæйы руаджы. — Чъ-иыл та цы дзырдтæ ис? — Чъырттым ахордта, ыстæй Чъырттым цъиуы фарстон. Базыртæ ысцагъта: — Чъиу, — Чъизи, чъынды чъыр æмæ æмæ чъыллипп, — чъылдым... Чъири фынгæй райстон. Цæй, æгъгъæд у, — загъта. Уалыты Лаврент 4. Дамгъæтæ Чъ, чъ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Уæнгтæ бакæсын чиныджы 100-йæм фарсыл. 6. Къухфысты куыст (№3, 22-æм фарс). 7. Чиныджы 100-йæм фарсыл бакæсын дзырдтæ. 8. Чиныджы 100-йæм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног даМгъæимæ. 9. Къухфысты куыст (№3, 22-æм фарс). 10. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын (100-йæм фарс). Хъомыладон куыст бакæнын. 11. Къухфысты куыст (№3, 23-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. 75
У роктæ 108-110 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [пъ], дамгъæтæ Пъ, пъ. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [пъ], дамгъæтæ Пъ, пъ-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Пъ, пъ-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [пъ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [пъ] рахицæн кæнын дзырд пъырыпъыф-æи чиныджы 101-æм фарсы нывмæ гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Пъырыпъыф.) Дзырд пъырыпъыф-ы фыццаг мыр цавæр у? Мыр [пъ] куыд дзурæм, уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон.) Дзырдтæ пъырыпъыф æмæ пъартфел-æя уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Мыр [пъ] куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын æмдзæвгæйы руаджы (101-æм фарс). 4. Дамгъæтæ Пъ, пъ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5.Уæнгтæ æмæ дзырдтæ бакæсын (101-æм фарс). 6. Къухфысты куыст (№3, 24-æм фарс). Дамгъæты хæйттæ, дам- гъæтæ æмæ уæнгтæ фыссын. 7. Чиныджы 101-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. Хъомыладон куыст бакæнын. 8. Чиныджы 101-æм фарсыл равзарын ныв. 9. Къухфысты куыст (№3, 24-æм фарс). Дзырдтæ æмæ хъуыды- йæдтæ фыссын. 10. Тагъддзуринæгтæ сахуыр кæнын. Пъырыпъыфау пурти Пъæртт — æмæ фæкъæртт и. Пъæра у цæмæндæр нæ кас, Пæлхъпæлхъгæнгæ цас фæфыхт, цас. Уырымты Петка Дзырдуат: пъæра — гуща, жижа. 11. Къухфысты куыст (№3, 25-æм фарс). Дзырдтæ æмæ хъуы- дыйæдтæ фыссын. 12. Байхъусын текстмæ. 76
Арт куыд хуыссын кæнын хъæуы? Судзгæ цырагъ доны куы нытътъыссæм, уæд ахуысдзæнис. Цæ- мæн? Уымæн æмæ, цæмæй цырагъ судза, уымæн хъæуы дон нæ, фæлæ уæлдæф. Дон арт дæр уый тыххæй хуыссын кæны: уый уæл- дæф хæстæг нæ уадзы судзгæ предметмæ. Арт ахуыссын кæнынæн ма ис æндæр мадзал дæр: хъæццулæй йæ куы бамбæрзай кæнæ та йыл сыджыт куы бакалай, уæд. Хъæццул кæнæ сыджыт дæр уæлдæф нæ уадзынц зынгмæ, æмæ арт уымæн ахуыссы. М. Ильинмсе гæсгсе 13. Къухфысты куыст (№3, 25 фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. У роктæ 111-113 Урокты темæ. Фæлмæн нысан (ь) (Ацы уроктæ ахуыргæнæг бацæттæ кæндзæн йæхи хъæппæрисмæ гæсгæ). У р о к т æ 114 — 116 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыр [э], дамгъæтæ Э, э. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [э], дамгъæтæ Э, э-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Э, э-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыр [э]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыр [э] рахицæн кæнын дзырдтæ экскаватор æмæ экран -æй чиныджы 94-æм фарсы нывтæм гæсгæ æмæ лæвæрд базон-базоны фæрцы: А бæстыл ис диссаджы фыййаг: ис ын цæлхытæ, у зылын æмæ гуыбыр. Фæлæ къахын куы райдайы, уæд баивы сæдæ фыййаджы. (Экскаватор.) Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Экскаватор.). Рахицæн кæнут мыр [э]. Куыд дзурæм мыр [э], уымæ хъус æрдарын, йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон). Дзырдтæ экскаватор æмæ экран-æн уæн- гон-мырон анализ скæнын. 3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Дамгъæтæ Э, э-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- 77
фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). Чиныджы бакæсын дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ ног дамгъæимæ. 5. Къухфысты куыст (№3, 28-æм фарс). 6. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 7. Чиныджы 105-æм фарсы нывмæ гæсгæ диалог саразын. 8. Къухфысты куыст (№3, 28-æм фарс). 9. Чиныджы 105-æм фарсыл сæххæст кæнын хæслæвæрд: «Алы дидинæгæн дæр ссар йæ ном». Дзырдтæн уæнгон-мырон анализ скæ- нын. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæ дтæ. 10. Къ’ухфысты куыст (№3, 28-æм фарс). 11. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын. Электричкæ сарæзтам Электрикмæ байхъуыстам: Эдик, Эврик, æз. Скодтам фæндаг хыз. Уалыты Лаврент 12. Хъазт «Базон дзырд?>> Ацы дзырдтæн сæ хæйттæ дымгæ ахаста Зондабийы хызынæй, баззадысты ма æрмæст сæ уидæгтæ. Феххуыс кæнут Зондабийæн — рацаразут дзырдтæ ногæй. ахуыр - ... зон - ... ахуыр - ... зон - ... ахуыр - ... зон - .... III. Урокты хатдзæгтæ. У роктæ 117-118 Урокты темæ. Мыртæ [у], [йу], дамгъæтæ Ю, ю. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [йу], дамгъæтæ Ю, ю-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæты хæйттæ, дамгъæтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт 1. Бацæттæгæнæн рæстæг. 2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 3. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыр æмæ дамгъæтæ Ю, ю-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыртæ [у] [йу]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыртæ [у] [йу] рахицæн кæнын дзырдтæ тюлень æмæ компь- ютер-æи чиныджы 106-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Ахуыргæнæг. — Цы уынут нывы? (Тюлень.) Рахицæн кæнын мыр дзырдæй. Куыд æй дзурæм, уымæ хъус æрда- рыну йæ артикуляци йын бацамонын, характеристикæ йын раттын. (Хъæлæсон, æмхъæлæсон, зылангон æви æзылангон). Дзырдтæ тю- лень æмæ компыотер-æя уæнгон-мырон анализ скæнын. Зæрдыл æрлæу- уын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 78
3. Ног мыр куыд хъуысы дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Дамгъæтæ Ю, ю-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къух- фыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ). 5. Ног дамгъæимæ дзырдтæ бакæсын (106-æм фарс). 6. Къухфысты куыст (№3, 29-æм фарс). Дамгъæты хæйттæ æмæ дамгъæтæ фыссын. 7. Чиныджы бакæсын æмæ равзарын текст ног дамгъæимæ. 8. Къухфысты куыст (№3, 29-æм фарс). Уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. 9. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын. Юрийæн йæ мыггаг Фæлæ уыд нæ фыццаг Зæрдыл æз нæ дарин, Космонавт Гагарин. Уалыты Лаврент 10. Къухфысты куыст (№3, 29-æм фарс). Хъуыдыйæдтæ фыссын. 11. Чиныджы 107-æм фарсыл бакæсын текст рольтæм гæсгæ. III. Урокты хатдзæгтæ. У роктæ 119-120 Урокты темæ. Мыртæ [о], [йо], [а], [йа], дамгъæтæ Ё, ё, Я, я. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын мыртимæ [о] [йо], [а], [ йа], дамгъæтæ Ё, ё, Я, я-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. II. Мыртæ æмæ дамгъæтæ Ё, ё, Я, я-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыртæ [о], [йо], [а],[йа]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыртæ [о], [йо], [а], [йа] рахицæн кæнын дзырдтæ Варя, якоръ æмæ ёлкæ-йæ чиныджы 108-æм фарсы нывтæм гæсгæ. Дзырдтæ Варя, якоръ æмæ ёлкæ-иæк уæнгон-мырон анализ скæнын. 3. Мыртæ куыд хъуысынц дзырдты, ууыл фæлтæрæнтæ кæнын. 4. Дамгьæтæ Я, я, Е, ё-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр æмæ гыццыл дамгъæтæ). 5. Къухфысты куыст (№3, 30-æм фарс). 6. Чиныджы 108-æм фарсыл бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ. 7. Къухфысты куыст (№3, 30-æм фарс). 8. Чиныджы 108-æм фарсы нывмæ гæсгæ диалог саразын. 9. Къухфысты куыст (№3, 30-æм фарс). 10. Æмдзæвгæ «Елкæ» бакæсын рольтæм гæсгæ. 11. Чиныджы 108-æм фарсыл бакæсын æмдзæвгæтæ ног дамгьæтимæ. 12. Чиныджы 108-æм фарсыл сæххæст кæнын хæслæвæрд: «Ацы предметтæ цæмæн хъæуынц, уый ссар рахиз дзырдамады». Дзырд- тæн уæнгон-мырон анализ скæнын. 79
13. Тагъддзуринаг сахуыр кæнын (108-æм фарс). III. Урокты хатдзæгтæ. У р о к т æ 121-124 Урокты темæ. Æмхъæлæсон мыртæ [ш], [щ], дамгъæтæ Ш, ш, Щ, щ. Урокты нысантæ: 1. Базонгæ кæнын æмхъæлæсон мыртæ [ш], [щ], дамгъæтæ Ш, ш- æмæ Щ, щ-имæ. 2. Кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын; ныхасы рæзтыл кусын. 3. Дамгъæтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын ахуыр кæнын. Урокты методикон рацарæзт I. Бацæттæгæнæн рæстæг. I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæу- уын кæнын. II. Мыртæ æмæ дамгъæтæ Ш, ш Щ, щ,-имæ базонгæ кæнын. 1. Мыртæ [ш], [щ]-имæ базонгæ кæнын. 2. Мыртæ [ш], [щ] рахицæн кæнын дзырдтæ шахмæттæ æмæ щётксе-йæ чиныджы нывтæм гæсгæ. Дзырдтæ шахмæттсе æмæ щётксе-иæя уæнгон-мырон анализ скæнын. Зæрдыл æрлæууын кæ- нын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. 3. Дамгъæтæ Ш, ш æмæ Щ, щ-имæ базонгæ кæнын (мыхуыргон- дæй æмæ къухфыстæй, стыр æмæ гыццыл дамгъæтæ). Чиныджы ба- кæсын дзырдтæ ног дамгъæтимæ. 4. Къухфысты куыст (№3, 31-æм фарс). Дамгъæтæ фыссын. 5. Къухфысты куыст (№3, 31-æм фарс). Уæнгтæ, дзырдтæ, хъуы- дыйæдтæ фыссын. 6. Чиныджы бакæсын текст рольтæм гæсгæ. Ныхас дарддæр ахæццæ кæнын. 7. Чиныджы нывтæ равзарын. 8. Къухфысты куыст (№3, 32-æм фарс). Дзырдтæ æмæ хъуыды- йæдтæ фыссын. 9. Чиныджы 109-æм фарсыл сахуыр кæнын тагъддзуринаг. III. Урокты хатдзæгтæ. Рацыд æрмæг цы урокты фидаргонд цæуы, уыдонæн иудадзыг структурæ нæй, уымæ гæсгæ ахуыргæнæгæн йæ бон у чиныджы æрмæгимæ кусын, йæхимæ растдæр куыд кæсы, афтæ. Кæсыныл ахуыр кæныны сæйрагдæр у ныхасы хуызтыл куыст. Уымæ гæсгæ абетæ ахуыр кæнгæйæ, фыццаг урокæй фæстагмæ скъоладзаутæ ныхасæй хицæн кæнынц хъуыдыйæдтæ, дих сæ кæ- нынц дзырдтыл, дзырдты бæрæг кæнынц уæнгты нымæц, æвза- рынц мырты фæтк æмæ сæ бастдзинад уæнгты æмæ дзырдты. Са- битæ цы текст бакæсой, уый анализ кæнынц, цæмæй йын бамбарой йæ мидис. Структурæ анализ кæнгæйæ, бæрæггонд цæуы хъуы- дыйæдты нымæц тексты. 125—128 — резервон уроктæ. 80