Text
                    ДЗБОЙТЫ ВИКТОР
НЫХАСЫ БАР
ÆМДЗÆВГÆТÆ
Чиныгуадзæн „И р"
Орджоникидзе * 1977


С(Осет) Дз29 Дзбойты В. В. Дз29 Ныхасы бар. Орджоникидзе, 64 ф. Дзбсхв В. В. Прошу слова. Дз 743—78 Æмдз. сИр», 1977. -37—77 М131(03)-77 (© Издательство «ИР», 1977 г. С(Осет)
Дæуæн, Уынатæ, хъæбулы уарзт æвднсæн. Автор УАРЗЫН ЦАРД Ма мыл сæхгæн, курын, арв, дæ тæрттæ, Азты уылæн, хæсс тъæбæрттæй мæн! Æз ныттындзон рухс фидæиы дуæрттæ, Сомы цотмæ бахудон фæлмæн. Уæ мæ зæхх, ды та мын ратт лæварæн Бирæ тых, рæсугъд æвзаг — æхсæст. Æз ныртæккæ царды раз фæлварын Райхалып мæ зæрдæйы æмбæхст. Цард! Фыццаг хатт гом кæнын дæ разы Æз мæ сусæг рухс бæллиц дæуæн. Цард, мæхн цард, худыс, райыс, хъазыс, Нæн дæ цнитæн нпкæддæр фæуæн. Æмæ ’взарын хъуыдыты нывæсты, Цард, дæ номыл зарæджы дзырдтæ. Ехх, куыд уарзын æз æппæтдæр: фæзты Фосы уасын, уадындзы мыртæ. 3
Мæргъты зарын хъус дзæбæх куы ахсы,— Цъити хурмæ ку’ атаны æваст, Урс æхсæрдзæн даргъ куы ’вæзы фахсыл, Айнæгыл куы стынг кæны йæ хъазт. Уарзын хуымты ног æвзары судзин Æмæ цънуты карчы алыварс. Ног хæдзары ног цырагъ ыссудзын, Ахстоны лæгуыи лæппыиты уаст. Уарзыи æз: уæззау рынчын та буцæн Немæ ног куы райдайы цæуын. ’Взонг бæласыл дндииæджы пуцал, Арæндоны ноггуырды кæуын. Цард, æз уарзын де стыр цин, дæ сагъæс, У дæ улæфт зæрдæйæн æнцон. Цард, ыскъæф — дæ уылæнтыл мæ ахæсс, Хурджын райсом ног зарæг фыссон. 1961 аз. 4
% -ж- ж Цард лæгæн кæд тох у, уæд æз та салдат дæн. У салдат та цардæн не ’мбæлццон, йæ гæс. Цæуæнты фæцыдтæн, хæтæнты фæхаттæн, Акæсын фæстæмæ у гъеныр -мæ хæс. Зæрдæмæ Црауæй цины рухс ныккæлы: Уыгæрдæнты байрæзт ме ’взонгад мæнæн. Комы ма мæ хъæлæс абон дæр куы зæлы, Дзедырты æхцон тæф хоны рагъмæ мæн. Кæнæ дæлæ быдыр, кæнæ дæлæ фæзты, Даргъ ауæдзты баззад сабийæ мæ фæд. Уый — цæмæй ызгъора ме ’взонг фырт мæ бæсты, Дидинджыты тæфæй ма кæна æлгъæд. Арвыстон фæллойы раст æмæ рæсугъдæй Æз мæ нæргæ азты уарзондæр æмбис. Цас хор сæ æркарстон — ард хæрын мæ удæй — С’алы гагайы дæр-зæрдæйы хъарм ис. Уын уын, гъе, мæ ныхас: не ’ппæлын мæ зардæй, Фæлæ хи фæдзæхсын — бамбарут мæ раст; Æз фыстон æдзухдæр — хъæлдзæгæй, æнкъардæй, Аив дзырд мæм мулкæй хъомысджындæр каст. Ард куы домид исчи, уæд зæгъин мæ арды: Æз уыдтæн дæ кадыл, Райгуырæн, хæцæг, Мæн нæ фæнды зоиын — æз цы нæ дæн цар’ды, Ехх, куы зонин, абон æз цы дæн æцæг. 1973 аз. 5
Х’- УЛ ^ /Л /Г\ /|\ Мæй йæ тыитæй рудзгуытæм æвналы, Фесхъиуынц фæстæмæ авгæй цадæг. Баталынг, пæ уынджы змæлæг нал и, Æмæ æз фыссын мæ сонты кадæг. Бал бæласы дидинæг — æртхутæг, Рог дымгæйы батæй зæхмæ хауы. Уарзтон æз нæ фæндаггæрон футæг, О, ныр та фыссын дæ цæстыхаутыл. Цраудоны был ранæй-ран уырдыг у, Уып уарзыныл бакодтон æз сомы. Уæ мæ бон, дæ сатæгсау къуырд дзыкку Ныр мæнæй æппæлæн ныхас домы. Хурныгуылды цъыс-цъысаг йæ фæндыр Рахаста æмæ дзы рог æрцагъта. Сразы-ма у, сразы, чызг, мæ фæидыл, Æви дын мæ писмо фаг нæ загъта. Рудзгуыты бын сирены сыфтæртæ Нал ызмæлынц, рудзынгæй-ма ракæс. 6
Охх, мæнæн та не ’нцайы мæ зæрдæ, У дæуыл мæ судзгæ мæт, мæ сагъæс. «Авд хо»-мæ æрбарвыста мæй курæг, Басастой сæ се ’хсарджын ныхæстæй... Ыыр мæ номыл демæ чи у дзурæг, Чи фæзæгъы раст мæ фæнд æххæстæй?.. Сыгъды сæрМ Бæрзонд фатхъæд, нæ разы Къаппа-къуппа бирæ азты зайы. Чызг, дæ ном дæхийау дзæбæх разынд, Дзургæ-дзурын былтыл сойау тайы. Доихæрис нæма уадзы нæ митæ! Дзуры доны уылæнтæп йæ уарзтыл. Райсом кæд мæ сæр ысурс уа митау, Æз уæддæр фысдзынæн сонты азтыл. 1963 аз. 1 Сыгъды сæр — Црауы фале фосхизæнтæ афтæ хуинынц. 7
УАЛДЗÆГ ЦРАУЫ Уалдзæг та нæм цин æрхаста, Адджын у йæ кой. Хъæд цъæх сæрбæттæн æрбаста, Зæххæй хъары сой. Бæстæ хуры зæлдаг тынтæй — Ног чындзау фæлыст. Æрдзы риуыл дидинджытæй — Уалдзæджы ном фыст. Мæргътæ зарынц, кæс, цзыгуыртæй Хъæдбынæй рæсугъд. Райдзаст колхозон быдыртæй Цардамонд ныххудт. Бонтæ — циндзинад æгасæй, Бонтæ уайынц тагъд. Акæс, урсдзыкку бæласæй Булæмæргъ ыстахт. Уддзæф, рог уддзæф ныззилы Ног сыфтæрты ’хсæи. Бæрзы хихтæ фасы, тилы Узæгау, фæлмæн. 8
Каес, æфсæн бæх таггæрæтты Рог фæлдахы зæхх. Доиы фале ранæй-рæтты Ног мæнæу фæцъæх. Бузныг, партн — уарзон фæтæг, Царды уалдзæг — цин. Н’ алы куыстæн дæр нæхæдæг Мах ыстæм æфсин. 1951 аз. 9
& æ & Æз ирд райсом куы асурон мæ фын, Куы мæм ысхуда хурзæрин нæ рагъæй,— Æлутон хъуыды, курын, тагъд фæзын, Ыссудз мæ фæлмæст зæрдæйы цырагъау. Æз та цæуон. Фæндаггонæн у зын. Æмæ мæ кæд фыдуаг хъысмæт æмбула,— Æнæрцæф хъуыды, афоныл фæзын, Æрлæуу мæ уæлхъус ме’нхъæлцау хъæбулау. Куы бахатон нæ быдырты уæрæх, Æмбалы уаргъæй кæд, миййаг, фæтæрсон,— Æнæхин хъуыды, уарийау æртæх, Æз дæу мæ зондджын хистæрау фæфæрсон. Куы ’рцахса цæст йæ зыд бæллицты рындз, Куы нал фæразон азты уæз, сæ рыстæн,— Æнæнцой хъуыды, де ’фсургъыл фæтындз, Дæ зын, дæ цин æппæтæй дæр мæн ысты. Мæ нæргæ бон, ныгуылæнмæ цæуыс. Мæхи æнцой фæндаггæрон æруагътон. Æхсарджын хъуыды, удхосау хъæуыс, Иырма дæ помыл иунæг дзырд нæ загътон. Фæзындтæ? Бузныг. Райдыдтои фыссын. Уæ, ратт мын хай, ныхæсты фарн, сæ аппæй. Мæ хъуыды, разын ме ’нусон фысым, Æнæ дæу æз æнæчиныг ыскъапп дæн. 1970 аз. 10
X*. Ъ’Л У> /|\ /Л /\ С. Есенинаен. Сонты азтæй чидæрнд æртасы, Чи кæронмæ н’ ахæссы йæ уаргъ, Уый æфтауы йе ’мбæлццоны тасы, Уый нæ зоиы йе ’взонг бонтæн аргъ. Æмæ ацыд рæстæджы нывæстæй Æз фæсмойиаг мисхал дæр нæ дæн. Дидинæг куыд сæрттива нæ фæзтæй, Уыйау худы ивгъуыдæй фæлмæн. Тар æхсæвы хурныгуылд нæ мысын, Ирд’ райсом — мæ ноггуырд цин мæнæн. Ме ’взонгад кæй нал у ныр мæ фысым, Уымæй дæр фæсмойнаг æз иæ дæн. Искæй ’взонгад кæд мæ рæзты суайы, Гъеуæддæр нæ фæкæнын æнкъард. Азты хыгъды адæргæй нæ тайын, Рæзгæтæн бæттын æдзух мæ зард. Адæймаджы хорз уæвынæй бар уа, Æмæ коммæ ма кæса — нæу лæг. /;
Хус сыфтæрау ме ’взонгад нæ баруад,— Кæд æфснайын й’ афæдзы тыллæг. Æмæ ныр мæ фæззæджы бæркадæй Сонтмæ афтæг зæрдæйы бæлдæн, Ме ’взонгады номыл куывды кадæй Уадзын рæгъ мæ зарæджы зæлтæп. Æмæ кæд мæ азты мæт æвзарын, Кæстæртæм — мæ худт уæддæр фæлмæн, Æмæ дард куы айзæлы мæ зарæг, Уæд фæзары ме ’взонгад мæнæн. 1971 аз. 12
-ж -ж * Мæ риу ныхъуыры ирд рансомы ции, Мæныл дæр та æнæнизæй ысбон и, Уæддæр мæ дзæбæх кæстæртæн зæгьын: Нæу цард сæууон уæздан симфони. Нæ хурыскаст та чн уарзы мæнау!— Æппæтдæр æз нæ æрдзы скондæй уарзын, Уæддæр нæу цард сызгъæринласæг нау, Ды та йæ науы капнтан — йæ барджын. Мæнæн дæр рæстæг й’ амæндтæй дæтты, Нæ тындзгæ дуг мыл ауды мæ мадау. Уæддæр нæу цард, мæ цард,—æз ыл сæттын,— Дæ усы раз мызды æхца нымадау. Мæ пъеро дæр ныффыссы раст мæ фæнд,— Цæйбæрц фервыстон уарзæттæм писмотæ! Уæддæр нæу цард,—ды фидарæй æууæнд,— Куыд акæныиц рæсугъд чызджытæ мойтæ. Æз дæр цæрын, æвзарын цинтæ, рис, Кæсын нæ соммæ дардуынаг поэтау, Уæддæр нæ царды рандайæн кæм ис? Иæ фыццаг æвзар хуры цæст кæд федта? ЯЗ
Кæд ацы фарстæн дзуапп раттыи фæзын, Уæддæр æрцыдтæн æз цыбыр хъуыдымæ: Нæ зæххыл цард, нæ зæххон цард фæзынд Фыццаг сабийы бархъомыс куыдимæ. 1973 аз. 14
* *- & Азтæ мыл сæ хыгъды фæд ныффыстой. Азтæ мын мæ нæргæ ’взонгад байстой, Æз уæддæр нæма тыхсын сæ рыстæй, Æз иæ цудын се стыр æргъомбастæй. Æмæ у зæххон сагъæс мæ сагъæс, Ацы сагъæс у’ алчидæр æвзардзæн. Абон æз куынæ бафидои а хæс,— Ууыл сом æндæр поэт ныззардзæн. Азты зарæг у æнусон цардау, Адджын у æвзонгæн дæр, зæрондæн,— Судзы уын нæ буц зæрдæты артау, Æмæ у лæггадгæнæг нæ зондæн. Æмæ курын, уæ, мæ катай базон,— Катай нæу, мæ мысинæгты таурæгъ. Уый фæхастон ме ’взонгадæн базæн, Рауагътон йæ бонтæй ныр уæззау рæгъ. Æмæ дын зæгъын, æмбал, йæ мидис, Уæд зын дæр — кæнæд дзæнгæл куыд хъама! Кæд дæ хæс дæхн тыххæй нæ фидыс, Уæд дæуæй цы бадомон æз та ма... Ацы хæс мæм ном хæссынау хауы, Ацы хæс уыдзæн дæ хæс дæр искæд. Пал фыссын пыр ризгæ цæстыхаутыл, Нал сæ кæны уазал зæрдæ исгæ. 15
Æмæ ды — цъæх дидинæг мæ разы, Æмæ æз — дæрзæг бæласæд бындар... Бавдæл, мæ хур, ахæм кæстæр разын, Æмæ мын мæ дзырд дæ зæрдыл бадар: Зон, æз дæр кæддæр уыдтæн дæ карæн, Къаддæр цæхæр не ’рттывта мæ риуы. Уæд мæн дæр нæма фæндыд æмбарын, Ме ’взонгад кæй басудздзæни иууыл. Уæд æз дæр къæбæлдзыг бецыкк хастон, Ирд цæстытæй уар’зондзинад ивылд. Худæг мæм каст — иыр цы райсын мастæн, (Ма баком дæ хъысмæтæн фæливын.) М’ аххос иæу — æвзонгдзинад йæхæдæг Ахæм фæтк йæ равзæрдæй-цыууагъта: Рагацау нæ фæкæнæм æрхæндæг, Сомы бон кæй тыхсдзыстæм нæ уаргъæй... М’ аххос нæу —ды уалдзæгау мæ цуры Хъæлдзæгæй куы худыс æмæ райыс. Урс бæлон фыццаг кæм бадт, цы дурыл, Уым ын хатт йæ бынат уари райсы. Афтæмæй сæ цардвæндаг та иу у, Ифтыгъд галтау рахæссынц сæ уаргъ дæр. Æмæ кæд мæ къах чысылтæ чиуы,— Де ’взонгад нæ фæуыдзæни даргъдæр. Уæдæ мын мæ ацы катай базон: Ис æнцъылдтæ кæд мæнæн мæ цармыл, Уæд уым бамбæхст зæрдæйы домбай зын, Уæд уым, зон, фæллой æмæ æфсарм и. 1973 аз. 16
ХÆХХОН РАЙСОМ Ирд сæуæхсид райсомæй — Хæхтыл гауыз — райхæлди. Гимны рог цагъд Садонæй Сатæг кæмтты айзæлди. 'Хсæв йæ иымæт батыхта, Мæргътæ спстон зарынтæ. Арвгæрæтты айтыгъта Бон йæ диссаг базыртæ. Ризы хох нæ зарæгæн, И’ азæлд уæлдæф айгæрста. Зджыдыл комы нарæгæй Хур сызгъæрин байзæрста. Саухæзнаджын шахтæйы Афардæг и мах адæм. Фондзазоны вахтæйы Стыр — сæ куысты ахадæн. Блокæй зарæг райхъуысы, Зæрдæ кафы сахъ риуы. Айнæг къæдзæх банкъуысы, Хох фæзгъæргай расхъиуы. Халыл кондау вагæттæ Телтыл уайынц Садонæй. Хъуамæ райсом заводтæ Уой æфсæстдæр абонæй. 1954 аз. 2 Ныхасы бар 17
ПОЭТЫ ДЗУАПП Поэт дæн æз, æмæ поэты циныл Уысмы бæрц дæр нæ сивдзынæн мæ зæрдæ. Æфхæрæпт, уадз: «Нæма ныффыста чиныг, Æрмæст ын хатт фæзыны цъус цыдæртæ». Мæ бон сын цпу? Сæ цæф вæййы домбай цæф, Сæныччы мехъхъ, дам, бирæгъæн у худын. Фæриссыи кæны пнзау мæн сæ уайдзæф. Мæ фæллад уд цъæх цъутхалау фæдуды. Сæ алчидæр мæ зонгæтæй иымайы Поэты фæллой джиппæйуагъд сардзинтæй. Цæй лæг, дам, у, кæд чиныг ын нæма и? Цы нын дæттынц йæ сусæг мæт, йæ цинтæ? Æз сæм фыццаг æнæбары фæхъусын, Ыстæй мæ хъуыды райхалын сындæггай: Æз дæр мæ зæхх, мæ фыдыбæстæн кусын, Хæссын мæ уарзт мæ зæрдæйы сыгъдæгæй, Мæнæн мæ цард мæ чиныг у, ныхас дæр Нæй ам. Мæ фæллой барын æз мæ фыстæй. Æмæ йæ фыст куы фæуон цардæй раздæр, Мæ бон цæрын уæд не суыдзæн æгуыстæй... 1973 аз. 18
РАЗДÆХТ УОНЫ ФЫРТ ÆНКЪАРДÆЙ Лцы цау æрхæццæ махмæ дардæй,— Дугты сæрты рахизын æй хъуыд. Усгуртæ, дам, раджы заман Нартæй Арвы фндыц —«Авд хо»-мæ æрцыд. Снахс бауын сæ бирæты фæндыди, Дуне, дам, ыслæууыди уырдыг. Æмæ адæм равзæрстой сæ зылды Уопы фырты,— разагъды гуырды. Хъазты «æрц-тох» анæрыди арвæй, Симды фæстæ бæхтыл уагътой дугъ. «Авд хо»-йы фыд каст æрфгуыты тарæй, Ауыгъта сæ фылдæрыл йæ къух. Æмæ, дам, уæлахнзы тырыса Уоны фырт куы ’рхаста разæй, уз?д — (Уастæп низтæй сайаг лæг фæрисса) — Мæсыджы дуар разынди æхгæд. Уоны фырт, дам, ссыгъд мæстæй цъæх артау, Арвгæрæтты авд хатты æртахт. Хабар, дам, куыд радзурдзынæн Нартæн, Æмæ уæд Ггæ цæхæр къухтæй тагъд 19
Фехста фат — æрвон тæхгæ ыстъалы — Уый нæ хъуыддаг зонынæн хъæуы. Мæй та — йе ’рдын, пичи нæм æвиалы, Æмæ арвыл ауыгъдæй лæууы. 1971 аз. 20
ЭКСПРОМТ Бэлæ у, нæхи Бэлæ, нæ лымæн, У уæздан фыццаг уарзтау йæхæдæг. Чи йæ ’фхæрид ’наххосæй, æз уымæн Фестын кæнин йе ’ппæт цард æрхæндæг. Бэлæ у, нæхи Бэлæ, хæрзæгъдау, Сау дзыккуты тар æхсæв æмбæхсы. Цæстыты зынг-цæхæр ис тæнгъæдау,, Адæймаг сæм бакæсын нæ быхсы. Уæд йæ хъæлæс — аргъуаны дзæнгæрæг. Зæлы цыма фарны зарæг комæй. О, нæ уарзтæй басыгътæн — дзæгæрæг! Фæлæ уый нæу буц нырма мæ номæй. Фæлæ уын — гуыдырæвæрд хæдзарау — Судзы рухс йæ хъарм уæтты — зынг дары. Уырдæм æз сыгъдæгдзæсгомæй дзуарау Бацæуынмæ, æй-джиди, фæлварын. 1974 аз. 21
БАУУÆНД Ацы æмдзæвгæйы зæрдыл æндзæвгæйæ Демæ куы кæнин ныхас. Зоныс æй, уарзын дæ, уымæн ды барджын дæ, Нæп дæ мæ уайдзæфæй тас. Къорд азы карз зынтæ... Зоныс æй, уарзын дæ, Фæлæ нæ уарзыс ды мæн. Æмæ цы гæнæи п: уарзтæн йæ тæмæны Бирæ дæ, бирæ мæтæн. Риуы фыцгæ рисæй домып цымыдисæй: Цæй-ма, цымæм хæссыс фау?.. Розæйы пуцæлтты, фæндыры буц зæлты Чи мысы, чи, ныр мæнау. Райгуырæн бæстæйы бирæ чызджытæ и, Цæстæп сæ бакаст æнцон. Худын мæхиуыл дæр — баууæнд, сæ иуы дæр Бауарзын нал у мæ бон. Зоныс æй, уарзын дæ,— уымæн дзæвгар зынтæ Давзæрстон, нæй сын фæрæз. Уый нæу мæ зындзинад, судзгæ уарзондзинад, Цæй, ныр куыд ныббыхсон æз! 1956 аз. 22
ФÆЗЗЫГОН РАЙСОМ ЦРАУЫ Бантыдта хæхтыл сæуæхсид сырх гауызтæ, Цадæг æрыхъал Црау. Рог дымгæ нартхæртты авдæнау аузта, Быдыр ызмæлы уæззау. Мигъаууон бады цъæх къуымбилау мæсчъыты, Хъæдæи уырдыгмæ — нæ каст. Нартхоры æфсиртæ нал уидзæм тæсчъыты,— Комбайн хуымты фæраст. Иууыл нæ быдыр бæрæчет, бæркад къуымтæ, Арауы ерысы зард. Нартхоры кæритæй сфидыдтой зад хуымтæ,— Худы бæллиццаджы цард. Ивынц сæ дарæс дæ быдыр, дæ сæрвæттæ, Уарзон цæринаг Црау. Зæхмæ куы тасынц фырзадæй нæ дыргъдæттæ,— Чн сæм æрхæсдзæни ’фау? Згъоры цæппузыр фынккалгæ Црауыдон, Быдыртæн зары сындæг... Диссаг у а рæстæг: фаллаг фарс ауыдтон — Аззади астым быгъдæг. 23
Фезгъоры машинæ. Хорæй дзаг гуыффæтæ Ферттивынц хурмæ æваст. 0 мæ хъæу, мадау мын адджын ды куы фæдæ, Райгуырд дæ риуыл мæ уарзт. 1969 аз. 24
АКРОСТИХ Уæлæ хохы цъуппæй арвмæ рахауд Ризгæ ’ндæхтыл ауындзæгау мæй. Ирвæзт топпы айзæлæг гæрахау Талынг алыгъд. Уынджы змæлæг нæй. Æз нынтъыхтон ме ’мбæхст фæндтæн с’ агъуд, Мæн нæ фæнды — сбада сыл хъуына. Æз, чызг, курын, ракæс-ма мæм, бахуд, Судзгæ уарзты дуне мæн уына. Уагъылыты дидинджытæ судзынц, Сатæг уддзæф афардæг дзæгъæл... Æй, чызг, бакæн, байтындз-ма дæ рудзынг, Гом фæрссаг — дæ зæрдæйы дæгъæл. Сысы арвыл мигъты пакъуы, дард та «Авд хойы» цыма кæнынц фынæй. Гъей, чызгай, мæ сæнтты арф æрцардтæ, Æмæ ма лидз, ма æмбæхс мæнæй. Судзыс, зон, мæ зæрдæйы цырагъау, Зарæгау мæ хъуыдыты цæрыс. О, уæддæр æнафоны гæрахау Ныр мæнæн нæма хатыс мæ рыст... 1974 аз. 25
ХУРЫ ЧЫЗГ Иры бæсты бацыд сæрд йæ тынджы, Æмæ хур йæ араугæ зыигæй Дæу куыд тыхджын басыгъта, куыд тыхджын, Хуры чызг дæ не схуыдтой мæнгæй. Хуры фат дæ гом буарыл æрхаудта, Нал баци йæ раппарын дæ бон. Скодта дын йæ даргъ тынтæй цæстхаутæ, Скодта дын йæ зиллаккæй цæсгом. Басыгъта дæ йе стыр артæй иууыл. Æмæ у мæ ацы ныхас раст: О чызг, рухс хур баззади дæ риуы Æмæ мæм дæ цæстытæй ныккаст. 1962 аз. 26
& ж >* Ныссуйтæ ис мæ фæндаджы цъæх таг, Фылдæр рæтты йæ нал бакæнын зонгæ. Уый циу — нæ хъæдæй базарыд цъæхснаг Кæйдæр хъæлæс, кæйдæр рæсугъд æззонгад. Иыхъхъæр кодтон,— ысфæзмыдта мæ ком, Фæлæ сæ азæлд не сиу и мæ сæнтты: Мæ дзырдуынæр æрбапсæфти æргом, Ныйпарц мæнæй æхсæр къудзиты ’хсæнты. Фæлыгъд мæнæй. Фæлыгъд, мæ-гъа, кæдæм. Кæм и йæ фæд, нæ зонын æз, цы фæци. У дзуаппæн æрдз та тыпг гоби, æдзæм, Æндæр цæуыннæ ссарæм мах кæрæдзи?! Уый агурын ыстъалыджын нзæр Æз дзедырдзуанæй раздæхæг лæппутæй. Бæргæ фæтъыссин се ’хсæн æз мæ сæр, Фæлæ мæ хъустæ ахгæнынц сæ худтæп. Æнхъæлдтон, кæд нæ хъæугæрон нымбæхст,— Цы ран хызта æвзонг фиййау йæ фыстæ,— Мæ цæст кæйдæр сæууон азтыл фæхæст, Æмæ сыл æз мæ ног зарæг ныффыстон. 27
Мæ бон, кæм ма дæ бацагурон, кæм, Æви бынтон фæлыгъдтæ ды мæ цардæй. Мæ фæлмæст риуы хæлы маст — æдзæм, Кæйдæр хъæлæс æм бавнæлдта йæ зардæй. Æмæ æд сагъæс атындзыдтон тагъд, Рог бахызтæн нæ хъæууон клубы дуарыл, Мæ цæссыг русыл сусæгæй æртагъд — Мæ зарæг мын æндæр чидæр ам зарыд. Мæхи уæд айстон доны былмæ æз, Дæ фæдыл нал, мæ сонты дуг — мæхицæй. Æндæр хъуыдытæн агуырдтон фæрæз, Фæлæ-ма, зæгъ, кæд чи фæлыгъд йæхицæй? Мæ бæлас дæлæ. Къалиутæй ныллæг Æвналы донмæ. Бакæс-ма йæм, оххай: Кæддæр мæ цуры чи хъазыд — ыслæг, Ныттыхсти чызгыл...Аззадтæн æз рохæй... Мæнæй та не сты иунæг уысм дæр рох, Æз сæм кæсынæй не ’фсæдын пыр дæр ма. Æз ууыл кодтон сонты азтæй тох, Нæ монц куыд дæттæм фидæны фæлтæрмæ... 1973 аз. 28
ж ж ж Цад. Рæсугъд фæлыст бæлæстæ... Зым сæ сæрты бацæйтахт. Сусæг уарзæгой хъæлæстæ... Сусæг иыхас бацайдагъ. Дзагæфсир мæнæуджын фæзтæ Змæлынц узгæ алырдæм. Колхозон ыстаны фæстæ Уæрцц ныттахти хъамылтæм. Стъалы рахауди фæдгæигæ: Арв йæ тæрттæ байтыгъта. Æхсæв бонау у ныртæккæ,— Мæй æрттивы ауыгъдæй. Уарзоидзинад, зæрдæ агай, Цæй, ныссадз мыл базыртæ! О чызгай, мæ удыгага, Ма мæ фæсай а ’зæр дæр. 1960 аз. 29
•Ж * Ж Дæуæн, Ларисæ Цард мæн ногæй райдайын иæ фæнды. Цард у балц,— куыд раздæхон æмбисæй? Царды нрддæр фидæныл æууæндын, Хайджын дæн йæ цин æмæ йæ рпсæй. Æмæ цард æвæры хæс мæныл дæр, Домы мæн, чызгай, дæ номыл зарыи. Кæд дæ уарзтæй м’ азты хыгъд фæфылдæр, Æз уæддæр зæрдæны монц æмбарын. Уарзты раз нæ чындæуы æфсæпттæ, Уарзт зæрдæйы минæвар, нæ хур у. Бакодтон дæ бар æз дæр мæ сæнттæ, Рахæсс сын дæ раст тæрхон, æз курын. Мæн хъæуы зæрдæйы хъарм æхсызгон, Уадз, мæ уарзт дзы рафыца, ныхсида. Ногай та куы фестин æз æрыгон, М’ ацыд бонты рахонин æхсидав. Уым мæнæн дæ кой дæр ивта м’ ахаст, Уым цъæх бонтæй раивылд æхсæрдзæн. 30
Уым фæдæн æнæтохæн дæ ахæст, Æмæ радтон ме ’взонгдзинад æрдзæн. Æмæ ныр бæркад куы исын сæрдæй, Уæд дæуæй фæндаджы фарнæн курын: Бахиз мьш мæ рухс бæллиц æфхæрдæп, Ма йæ сфæнд кæн уалдзæгæй фæсурын. Уалдзæг дæр фæззыгон мыггаг тауæм, Уæд ысвæнйы зæхх цæрæццаг удау. Мæр цы айсы — дндинæг æфтауы, Уæд мæныл дæ зæрдæ ныр куыд худа?! - Æз мæ цардæй сарæзтон стихтæ, Уым мæ сомы — буцдæрæн дæ уарзтæй. Уæдæ ма кæн м’ амонд ды кæрдихтæ, Æз дæуæн куы пе ’мбæхсын мæ азтæй. Æмæ бакæн ды мæ хъуыды зонгæ: Цард, дам, тох у райднанæй кæронмæ. Æз цы ссардтон уалдзæджы æвзонгæй, Уый — иывоид дæуæн адзалы бонмæ. 1975 аз. 31
& * ж Уалдзæджы нæм дихкъæдзил зæрватыкк Цины уацау иурайсом æртахт. Уæлдæфы йæ цъыбар-цъыбур айтынг, Æмæ й’ ахстон барæвдз кодта тагъд. Хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй дзы царди, Амонд, цинтæ фесты ам йæ хай. Фæлæ фæззæг — бурзачъе — куы ’руади, Уæд фæтахти хъарм бæстæм тæргай. О, ды дæр мæнæй фæлыгъдтæ афтæ, Нæй, нæ зонын абон дæр, кæдæм. Ныр мæ зæрдæ ахстопау у афтид, Ахстонау у тар æмæ æдзæм. 1969 аз. 32
ЙÆ НОМ ЦЫ ХУИНЫ?.. Уарзоидзииад райгуырд худгæ Зарæгау мæ риуы. Цас чызджытæ ис рæсугъдтæ, Фæлæ дзы æз иуы Равзæрстон мæхпцæн къапæн, Уарзонæй, хæларæй. Уый ном æз нырма Наиайæн Никуы загътон барæй. <Хатгай мæм æнцой изæрты Не ’мбинонты бадты «Чи ис, чи, лæппу, дæ зæрды?»— 'Ргом йæ фарста ратты. Къахæгау æдзух фæлвары: «Тая æви Ирæ? Ие та Нинæ кæнæ Зарæ?.. Цас æй уарзыс? Бирæ?..» Уыд кæддæриддæр Нанайæн, Уыд иæ бæллнц ахæм: «Цæй, куыд у йæ ном чызгайæн? Раргом æн кæн махæн». Не схъæр кодтон ацы хатт дæр, Кæд куыдфæнды къахта. Хъазгæмхасæн уæд мæ мад дæр 3 Ныхасы бар 33
Бахудт æмæ загъта: «Мауал æй æмбæхс мæ цуры, Курын дæ зæрдæйæ, Алы æхсæв æй куы дзурыс, Ды, лæппу, фынæйæ». 1959 аз. «
% ж -ж Дæуæп, Розæ Мæ тæригъæд, кæмæн дæ хъарон, оххай... Кæмæн фæдзурон, æп-джиди, мæ маст! Мæ кусæнуаты бадын иунæг, рохæй. Æз тилифонмæ сарæзтон мæ каст. Ныр сисин хæтæл, номыртыл æрхæцин, Æз сисин ам,—уым чи сисдзæни, уым! Мæ къуымых æвзаг ныхæстæй æрхæцы, Куыд сафтид уæдæ зæрдæйæн йæ къуым! Æдзæмæй бадын, радио та зары, Цыма фыдæнæн — цины зард нæры. Уæззау хъысмæт мыл йе стыр тых æвзары, Æууилы риу, ызгæйау æй хæры. Æз ып быхсын, æз æй хæссын дæ номыл, Æрмæст æй дзурын гæххæттæн, фыссыи Мæ сыгъдæг уарзт... Кæмæн ракæнон сомы, Кæм дын ыссарон, уаныхаг, фысым. Нæй ахæм зæрдæ, ахæм чызг иæ разынд, Мæ рухс фæндтыл мын ракалдта цъыфдон. Æгæрыстæмæй не ’рлæууыд мæ разы, Цæмæй зæгъон мæ зæрдæны фæндон. 35
Фæдзурои ын, цы фссты ме ’взонг азтæ, Кæй аххосæн, кæд сыл æрцыди зæй. Кæй сыгъд йæ халдих цъæхдзæст чызг мæ уарзтæй, Кæй æртасыд мæ сагъæсты уæзæй. Каэй у мæнæн мæ сæфт хæзна йæ хуызæн, Кæй мæм æрхуыдта ивгъуыдæй мæ уарзт. Кæй нæй пæ артæн доиæй дæр ныххуыссæн,— О, уый та мын мæ урс азтæй фæтарст. Нæ бамбæрста, кæй рауагъта мæ зæрдæ Мæ урс азтæй сырх дидинæджы тау, Кæй хъавыд риуы акалын цæхæртæ. Кæй дæм ивæзта уый нæхи рæдау, Мæ тæригъæд...; Кæмæн дæ хъарон ахсæв, Кæмæн фæдзурои зæрдæйæн йæ рыст? Æз райхæлдтон мæ тарст бæллицты сахсæи, Кæд сæм нæ уыд дæуæй, чызгай, æрвыст. Æмæ сыпдæггай тилнфон ныздыхтон,— Кæйдæр хъæлæс... Ды та цымæ кæм дæ?! Цæуыпнæ раттыс нсты дзуапп мæ тыхстæн, Дæу ку’ агуры мæ уарзæгой зæрдæ. Æнæ дæу ын нæу зарæг дæр ма адджын. Æнæ дæу мыи зын уыдзæни цæрын. Мæ тæригъæд... Ныббар, мæнæн дæ руаджы Мæ уарзт кæны æвзонг азтау цырын. 1976 аэ. 36
ЕХХ, ÆЗ ДÆМ., Бон йæхи нæ быдыртæй куы сисы, Свæййы уæлдæф улæфтæн фæлмæндæр. Бафтыдтай мæ дысон изæр дисы: Рудзынгæй ныджджих дæ дард кæдæмдæр. Æмæ бадтæ, дзуарæвæрд — дæ къухтæ, Розæтыл дæ цæстысыг — æртæхау. Ехх, æз дæм бæргæ батындзин худгæ, Фæлæ ма дæм исчи дæр куы ’ртæха. Иунæг хатт куы ракæсис æргомæй, Иунæг хатт... Æгæр зындзырд цæмæн дæ?.. Охх, фæлгæсы рудзынг мердæм гомæй, Фæлæ уый хыгъд у æхгæд дæ зæрдæ. 1959 аз. 37
Ж’ ж *й Мæ балц нырма нæма фæдæн æххæстæй,— Мæ гуырæн, байрйай, ’рцыдтæн та дæм æз. Цыдæрид баззад пвгъуыды æмбæхстæй, Мæ размæ мын сæ рахаста мæ къæс. Мæ къæс — фæтæхæг сонт рæстæджы ахстон, Дæ фендæй та мыл базыртæ æрзад. Хæзнайау дæ мæ зæрдæйы фæхастон, Цæмæн дын хатон алкæддæр дæ ад. Уæ, ма ’рхæсс азым, сабийау кæй худын, Мæ зæрдæ та мын сагайдтай бынтон. Мæ риуæй ратахт сонты маргъ — тæхуды, Иæ бауромын нал баци мæ бон. Мæ кæстæр! Æз мæхицæн ницы курын, Нæ дих кæнын дæ рухс амонд, дæ цин, Æрмæст æрлæуу фыртау чысыл мæ цуры, Дæ уындыл, мардзæ, ма разын æлгъин. Дæ хуызы зæрдæ сонты бонтæ фена, Сæ уарзт кæддæрау баулæфон арф. Мæнæн æвзонджы сæфт хæзна нæ фенад, Кæд мæм фыццагау нал æрттивы арв. 38
Æз дæр æндæр дæи. Фæлæ ницы домын, Æмæ нæ хъæуы искæи амоид мæн. Уæддæр кæпын мæ уды фариæй сомы: Нырау адджын пæма уыд цард мæнæн. Поэты цæсты ахады дывæрæй Фæтæхæг дуг — мæ рухс сæнтты ыссыгъд. Мæ риуы бакæн йе ’муæз уарзт, нывæр æй,— Фæхæссин æй, тырысайау, æвзыгъд. Мæ кæстæр, уæдæ бамбар мын мæ карз зын, Цæмæн у зæрдæ сагъæстæй æрхуым. Æз дæр зыдтон дæуау, бæгуыдæр, уарзын, Мæнæи дæр зад уыд ацафон мæ хуым. Цы гæнæн нс — хъысмæты фæтк у фидар: Зæронд бæласы ранвы æвзонг. Вæййæм сæрыстыр, буц кæстæр куы фида Йæ хæс цытимæ амæлæты онг. 1973 аз. 39
^ & ж Æмæ фæзынди Адæймаг зæххыл, Йæ разы алцы коммæгæс æрзоныг, Иæ хъуыды бонæй-бон уæлдæр тæхы, Иæ къухы айст ын дард космос дæр зоны. Фæлæ мæ ныхас у мæнæн уæддæр Нæ æрдзы фидауц, Адæймаг, дæу тыххæй: Цымæ, зæгъын, куы райгуырдтæ кæддæр, Æмæ куы сдзырдта д* ахуырад йæ дзыхæй, Уæд дæм кæцæй, кæцæй фæхъуызыд низ? Хуыцауы низ кæй фæхонынц нæ адæм,— Цæмæн дæм разынд, уайых уа, æмхиц? Цæмæн фæцæры низджын лæг æнадæн?.. Фæфæнды мæн — куы цардаин æз, уæд, Цы бон равзæрд’ æлгъыстаг низ æд уидаг, Цæмæй мыггагмæ фесæфа йæ фæд — Иæ баназынмæ тахтаин æд уидыг Æмæ куырдтаин — пуазгæ нæу — нывæр, Уæд æй нывæр мæ рæзгæ буар, мæ сæры, Цæмæй йæ фыдæх ма кæна дывæр, Æппындæр мауал бахæца æндæрыл. Уын нæй, уæд та? Уæд та æпæмæнг æз, Цæмæй æрхæцой карз ннзæн йæ рохтыл, Мæ царды аргъæй домдтаин фæрæз, Куыд райгуырдаид иизы разæн дохтыр. 1971 аз. 40
ж ж ж Дардыл нæ дзурын уын — афтæ дæр Не стыр рæстæг у гæнах. Партийы съезды уыпаффæтæ Царды та рауадзæм мах. Æмæ нæ нысан — хæрзхъæддзинад, Æмæ нæ бæллиц — хæрзгуыст. Фондзазон хаты нæ лæгдзинад — Бархи фæллойы у хъуыст. Уалдзыгон бон, дам, нын афæдзваг Фæззæджы ратдзæн тыллæг. Азылдтæн быдырты айфыццаг — Не ’нтыст нæ уыдзæн ныллæг. Зæххы сой цъирынц нæ нартхæрттæ, Дымгæ сын фасы сæ сæр. Уæдæ цæйбæрц æрзад халсæрттæ! Уæдæ нæм цас ис æхсар! Уæ, зæгъ, харбызтæ, уæ неситæ, Быдырты алцыппæт — зад. Чи зæгъид, мах бон ныр не сси та Райсын пæ хуымтæй бæркад. 41
Зарæг ныйиазæлы хуссæрттæп Лрвы цъгех денджызы дард. Дзагæфсир мæиæуы хус сæртæн Худы бæллиццаджы цард. 1976 аз. 42
АЗТÆ Азтæ, уæ азтæ, нсторийы цæуæт, Ис уын ныхасы бар, нсты зæгъут. Ыæн уын иæ зондæп фæхицæн, фæцæуæи; Ус скоп куы тас у, куы аив рæсугъд. Азтæ, сымахæй æз бирæ кæстæр дæн, Нарты гуыппырсарты федтат сымах; Аргъ кæнын зонут сæ бирæ ыстæртæн, Зонут, куыд нæ фæллад балцы сæ къах. Цас нын æрхаста истори фыдбонтæ! Азтæн ысурси фыд-зынты сæ хил. Зонæм, куыд дардтой сырх зæххы фæсонтæ. Адæм æппæрстой зындонмæ сæхи. Зонæм, куыд дудыдта зæрдæ йæ ристы, Мад-иу йæ дзыкку бындзыгган тыдта, Бастади дзыллæ æвирхъау фæдисты, Фæлæ гъеуæддæр нæ пысан уыдта. Æмæ ныр фесты кæуындзаст æнустæ, Æмæ ныр бапцад æфсæйнаг, зынгуард. Азтæн сæ арф хъæдгом байгас сæ рустыл, Музеймæ радтам нæ фыдæлты уарт. 43
Æмæ пыббарут, нæ советон азтæ, Не стут мын шшæтау исты æнкъард. Цастæ пæ бæстæйæн баптысти, цастæ! Космосæй дунейыл айзæлд нæ зард. Азтæ, кæй бон у ныффыссын уæ мидис, Цаутæй хъæздыг у уæ бонты нывæст. Зонут, куы хъæуа, уæд бафхæрын, фидис. Рæстæг зæрдæйæ у уемæ ныхæст. Азтæ, уæхæдæг — æвдисæн: нæ парти Съездты куыд фæкæны цардыл ныхас. Кусæг дзыллæтæ йын загътой сæ арды, Фидарæй загътой сæ хъуыдытæ раст. Æмæ нæм дунетæ се ’ппæт иыхъхъуыстой, Бамбæрстой азтæн сæ цин æмæ низ. Бамбæрстой, не стыр фæллойæ, иæ куыстæй Арæзт кæй æрцæудзæн рухс коммунизм. 1969 аз. 44
ХОХАГ ÆРДЗЫ НЫВТÆЙ Мæн мæ бæллиц хохмæ скъæфы, Фæндаг ’мпылы, руайы. Дымгæ куы мæ роны стæлфы, Куы мæ разæй уайы. Комы наз бæлас æргуыбыр, «Тас цу» мæм куы дзуры. Змæлы дпдинфæлыст къуыбыр... Доны пырхæи дурыл... Нæзыты цот — здыхст гыркъотæ, Комхæлиу цыма сты... 'Хсæр къудзитыл даргъ мæцкъортæ — Хуымæллæгыл бастæн. Цыма ’фсæрмæн ссырхн мыртгæ, Цикъæ къаба бæрзыл... Лæнчы саунæмыг пымбырдтæ, Аууон æй æмбæрзы. Хуры хъарммæ уазал цъити Акалдта йæ сурхид. Хатын дымгæйы æхситты — Сырд цыма ныххурхн. 45
Хохы цъупп æрвон тыгъдады Дымгæтæм ыслыстæг. Афтæ зыны — урс арс бады Айнæгыл æд лыстæн. Знæт у мæсчъы донæн йе згъорд. Къардиуты æвдæрзы,— Цыма стыр уæйыг фæстезгъо Ам нæ ком æихъæвзы. Рагъыл мпгътæй ’вæст кæлмæрзæп, У йæ кæроп къуда. Хохы синтыл даргъ æхсæрдзæн — Мады урс дзыккутау. Сты иæ хæхтæ Иры ’вдадзуат, (Хорз алантæн се ’игас. О, сызгъæрин мын æрбауат, О, сызгъæрин фестат. 1969 аз. 46
РЕСПУБЛИКÆЙЫ ХЪÆУУОН- ХÆДЗАРАДОН РАВДЫСТЫ Райынц та абон нæ зæрдæтæ, Цпнæп нæ риуты дæр нал лæууыпц, Уæртæ-ма, кафынц нæ зæрæдтæ, Фæсивæд заргæ æрбацæуынц. Нал ис ныккæнæн нæ бæркадæн, Цас æмæ цас та нын бантысти! Рацæут мидæмæ, хорз ’адæм, Фенут нæ буц фæллон равдысты. Парчы фæз Ленины цырæгътæй Стъалыджын арвау куы адардта. Урсгуыбын голджыты стыр рæгътæй Ставдгага сырх мæнæу самадтам. Мидбылты бахудынц чызджытæ. ’ Иу сæ уæд иннæйы афарста: — Утæппæт хортæ кæм рæзтысты, Уыцы къобор галтæ чи схаста?! Зад дыргътæм кæсгæйæ, горæтаг Урсзачье сагъдауæй аззади: — Ацы ’ппæт диссæгтæ чи радта, Ахæм бæркад нын кæм æрзади?! Сабиты цæсгæмттæ срухс ысты, Се ’взонг зæрдæтæ куы радысты, Цин кæнынц уыдон дæр не ’нтыстыл Хъæууонхæдзарадон равдысты. 1969 аз. 47
АФТÆ ’РЦÆУЫ УАЛДЗÆГ Уалдзæг гуыры æрдзы риуыл цадæг, Хатæм ын кæмдæриддæр йæ хуызтæ. Се ’ппæт нумæ рахонæп ис кадæг, Фæлæ цымæ кæцы у сæ хуыздæр?! Æз кæсын йæ фæзындтæм æдзынæг, Уæртæ фен йæ улæфты æвднсæи: Уæлхæдзарæй ’рцауыгъд ирд тæдзынæг Æмæ уайы, раст цыма фæднсон. Ком кæм иæрыд митдоны сæх-сæхæй, Мæргътæ зарынц уым, цæмæй та стæхой... Цыма бæлас бабасти уæрдæхæй — Къахы та йын йе здыхст цъæрттæ хъæдхой* Даргъзæнг гæды акалдта йæ пакъуы, Уайтагъд къалиу базмæлыд, фæцъæх и... Тæрсы къуыбыр радымст æмæ аскъуыд, Здыхсгæ сæмбæлд бур ысхъистæй зæххыл. Фæз тæрсы, æвæццæгæн, нæ къæхтæн: Бауæфта фæлмæн судзинтæй гауыз. Фароны сыф къомсийыл — æртæхтæй ’Ртасыд æмæ разæбул — фых лауыз. 48
Зм&лы къуыбыр, хъæдгæрон нæ къуыбыр, Хизщщ нæууыл лæппыптимæ хъазтæ. Хуынчъы был цъæх цъыс-цъысаг ныггуыбыр, Уый цавгъды фæндыр, цыма сæм хъазт п. Арвы бæзджын ахорæн фæтæнæг, Æмæ нæм дзæбæхдæр зыны й’ ахаст. Каурæбын пæлæхсарсыфджын мæнтæг Пысыраты астæуæй æрбакаст. Æмæ гуыры æрдзы риуыл цадæг Зæххы цоты рæсугъддæр — цъæх уалдзæг. Йе ’ппæт нывтæн рахонæн ис кадæг. Уарзт æмæ фæллойы кадæг — хъæлдзæг. 1974 аз. 4 Ныхасы бар 49
V/ >У ч'' Ул Ул Ул Гакъон фæндаг хъæдрæбынтæм атахт Æмæ ахылд къудзиты бын калмау. 0 мæ зæрдæ, цом-ма, мемæ ахæт! Худгæ хурау ирд тæмæнтæ кал-ма! Æз кæнын æртæх фæндагыл тезгъо — Сонты балцы цас хъуыдытæ бамбæхст: Уыд кæддæр цыбыр хæлафы ме згъорд. Уыд кæпдæр ном сопт зæрдæны ахæст. Ныр цæуын мæ фæд-мæ фæд æз ногæй, — Ды мæнæн æрмæст фæндаг куынæ дæ: Ды дæ къамты стыр альбЧш æвзонгæй, Ды дæ дугъы сонт лæппуйы зæрдæ. Æз дæуыл нæ бафсæстæн цæуынæн, Уæуу, ды та мыл атахтæ фæдисы. Къахвæндаг, нæ дын тарстæн фæуынæй, Мæн нырау уæд не ’фтыдтай ды дисы. О мæ сонты зилгæдымгæ бонтæ! О мæ соиты сагъæссаг фæссихор! - Сау рæсугъдыл риуымбæхст фæндонтæ... Уазал нзæр гом уадулы сихæи... "Ды дæ тагыл булæмæргъы зарын, Райсомраджы ’рдæгæхгæд цæстытæ. (Хъæды къохы ставд æртæхтæй уарын, 50
'Фсæрмдзаст чызгмæ сусæгæй кæстытæ. Ды \æ фæзы дард фæхауæг пурти, Доньгч был хъæрæй бакаст стихтæ. Ды дакуадæйу рнзгæ бæлæгъ фурды, Ды дæ къуыппыл дзоныгъвæллад джихтæ. Ды дæ маргъы-тарст пæррæст, изæры Къонайыл ыстонг гæдыйы «мйау-мйау». Ды дæ ’нæзагъд арф хъуыды мæ сæры, Ды дæ тала хъæды къохы фплиау, Ды дæ комы зарæджы ныййазæлд, Хурсыгъд лæппу къалиуыл зæбулæн, Хъарм ахстоны ногдзыд цъиуы базмæлд, Ерысæй хъазт здыче уæззау хъулæй. Ды дæ дзыхы дудгæсудз дзындзалæг, 'Рдæгкаст чиныг уæрджытыл æвæрдæй. Рыг фæндагыл змисæй хæдзар — къаннæг. Риуы тагъд, æгæр тагъд тæлфаг зæрдæ. Уæд уыдтæн æнæвнæлд былты уацар, Уæд фæцæф дæн сау цæстыты фатæй. Ой, тæхуды, афтæ хорз ма ацæр! Бахат ногæй уарзты сусæг катай. Алызæр ыстад æмæ фæлладæй Уæд Нанайы алцæмæйты фарстон, Ме ’мпъызт хæдон итувæрд, æхсадæй... Мады конд хъæбæрфых кæрдзын уарзтон. Ныр цæуын мæ над фæндагыл хъæдмæ, Мæргъты рог цъыбар-цъыбур мæ хоны. Нал кæсын мæ къахы дыккаг фæдмæ, Нал бадын мæ хъысмæтыл тæрхоны. Ныр быхсын чызгайы хнвæнд бустæн, 51
Нал вæййын йæ уайдзæфтæй æрхæндæг. 0, цы фестут, ’нæдаст тыппыр рустæ?! 0, цы фæдæ, сонты дуг, дæхæдæг?! Ехх, уæд та куы уаид хи нынтъухæн, Уæд мæ сонты азтæм æз фæтæхйн. Сонты азтæ — уды карз хъуырдухæн, Сонты азтæ — бирæдзур, æнæхин... 1969 аз. 52
ЦРАЙ^АГ ÆХСÆВ Æхсæв тр дардыл йæ нымæт æмбæрзы. Уддзæф, дæ улæфтæй зад дыргъдон уз! Мæйыскаст сæмбæлди сæрвæты бæрзыл, Æмæ ныррухси нæ уæрæх æрдуз. СгБалы мæм зулмæ йæ зынг цæст ныддардта, Бадын чызгаимæ бæласы бын. Зары хæххон фиййау хъæдгæрон, дард та И’ азæлд ныццарауы комы рæбын. «Авд хойы» хъазгæ фæсимынц сындæггай, Ратахти стъ’алы сæ фарсмæ уæлдæр. Аззад ма цъусдуг йæ цæхæр сыгъдæгæй, Атари уыйфæстæ арвыл кæмдæр. Уайы Црауыдон дæлбылты заргæ, Ахызти быдырмæ хъæуы рæзты. Æмæ фæйнæрдæм æвзнст фынк æппаргæ Апырх.нæ колхозы сойджып фæзты. 0 Црау, рæз мын, дæ фидæны цæуæт Хорзæй куыд мысой дæ намысы ном. Цæй, ныр хæрзæхсæв, фæрнæн дыл æрцæуæд Ног амæндтимæ дæ райсомы бон... 1967 аз. 53
ФИЙЙАУ Фæллойгæнæг кæд уыд æнæхсаЬ, Кæшюд кæд фæтарсти зынтæн?! Æз дæн фнйнау, мæ худ — пæлæхсар, Мæ нымæт — сау фысы хъуынтæй. Мæнæн у хохы рыидз мæ хæдзар’, Мæ зæрдæ сæрвæттæи у хъал. Хæххон фиййау! Уæддæр, æвæдза, Кæм ис дæ фæллойæн æмбал! Нæ фосы дзугтæ ’мбæрзынц рæгътæ, Сæ фенды бирæ цин, тых и. Æддæдæр урсгуыбын æврæгътæ Æртыхтой къæдзæхтыл сæхп. Æппæтдæр хорз у ам фиййауæи: Мæ бынмæ арф уынгæг кæмттæ, Фæлæ ды та, мæ удрæвдауæи, Ныртæккæ, æй-джиди, кæм дæ! 1959 аз. 54
Мады ном цæуыннæ фыссы лæг!.. Дзаболаты X, ^ ^ ^< Искуы мын мæ зæрдæмæ ныккастæ? Зæрдæмæ, дам, нæй ныккæсæн, нæй. Уæдæ уым адзалмæ судзгæ уарзтæй Арф æрцарди мады ном фæрнæй. Искæдбон мæ сагъæстæй фæрыстæ? Искæй мæт — зын бамбарæн лæгæн. «Мады хæрзтæн фидæн нæй»— сæрыстыр Æз фыдæлты ацы фарнæй дæи. Цасдæриддæр мæн куы фæрсай афтæ — Æз уыдзынæн иу хъуыдыйыл хæст: Мады пом у зарджытæн сæ автор, Зарæг та у зæрдæйыл ныхæст. Мад нæ уыд — пæ цæунн æз æдæрсгæ, Уарзтæй уанд ме ’взонгад быгъдæг. Мады ном фæчъизппæ куы тæрсай, Уæд фыццагдæр хн ном дар сыгъдæг. 5о
Æмæ лæг кæд мады ыом нæ фыссы, Цардæн у йæ’гуырдз гъеуæддæр мад. Фыдæн дæр йæ раттæг у, йæ ныфсыл, Ие схæссæгыл уый у, уый, нымад. Æмæ, зон, уæздандæр уарзт кæм цæры, Сабийау æнæхиндæр цы ис, Уым фæлмæндæр ныхасæн æвзæры Мады ном — мæ щш æмæ мæ рис. 1973 аз. 56
ДЗЫХДЖЫН—БÆХДЖЫН Ф ел ьет он Чи зоны, æрцыд дæ хъустыл, (Цас ис ахæмтæ ма, цас!) У’дзыхджын бæхджын — æнусты Афтæ баззади ныхас. Æмæ ацы фæтк йæхицæн Царды равзæрста Гæбæц. Нал дзы комы, нал, фæхицæн, Сси йæ нысан, сси йæ хæс. «Æз, нæ хорз адæм,— фæзæгъы,— Æз нæ райгуырдтæн лæгæн... Æз цы сфæнд кæнон нæ зæххыл, Уый мæ къухы ис мæнæн...» Уалдзæг иумæйаг æмбырды Ноджы стынг кæны йæ сидт. Нал фæауæрды йæ дзырдыл, Ныхæй рахъары йæ хид. Равзары заман дæр ахæм — (Уый дæр, дам, вæййы йæм фыст.) Уа бæрнон к.усджытæй ардæм 57
Хъуамæ рапонæй æрвыст, Уæд бынтон С14сы лæхурын, Фесты булæмæргъ бьтитон: «Æз хæссып фæндон... Æз курын... Æз цы зæгъои — уый закъоп... Æз, мæ мæрдтыстæн, зæххыстæн, Афтæ бакусдзынæи æз...» Стилы къухтæ. Тбады, сысты... Ыогæй фсмæхсы Гæбæц: «Æз соцерысæп уæм сидын, Уый æптыстæи у фæрæз. Æз мæ хæс дывæрæй фидын...» «Æз» æмæ та ногæй «æз»... «Æз æрмæст партхор згъæлдæп, Æз снлос зæгъай, мæнæу...» Æмæ цæстыты ызмæлдæп Бауырныи кæндзæни дæу. Уæд йæ къухты тылдæй ноджы, Уæд йæ бакастæй ыстæй, Цыма ис нæртон тых цопджы, Цыма не ’фсæды куыстæй, Уыйау ын йæ дзырд, йæ фæидыл Афтæ баууæнддзынæ ды, Æмæ ахондзæп йæ фæдыл Дæу Гæбæцы загъд хъуыды. Фæлæ райдайæн кæмæн и, Уымæн, дам, кæрои дæр нс: Райдзаст уалдзæджы тæмæны Чи ныхъхъæр кодта фæдис, Уын — Гæбæц, Гæбæц ныр дæр та, 58
Ныр тыллæгнсæн рæстæг Дзагæй ’рбахаста йæ къæрта Радон æмбырдмæ хæстæг. Æмæ систа, систа дзурын Ноджы карздæрæй, хъæрдæр: «Хорз адæм, хатыр уæ курып, Уыд мæпæп мæ бои фылдæр Хор сисыи. Æз та... хæдæгай,— Цæй, фæцæйрæдыдтæн, хорз, Мах, куы зæгъын, мах, сæдæгай Тонтæ .спстаиккам хор. Фæлæ, о мæ буц хæлæрттæ, Хорæрзад кæй у ’ныллæг, Ууыл ма риссæд уæ зæрдæ, Циу нæ боп, кæд нæй тыллæг?! Азыхъæд уыд аххос, азы, Уарыд æмæ уарыд зæгь, Хуымты донкъанæуттæ разынд, Къæхты бын æнхъызтп зæхх. Хуымтæм зилынæн иæ рæстæг Рауади æгасæй цауд: Куысты афон-иу куы ’рхæстæг — Арв та-иу дæлæмæ ’рхауд. Мах æндæр... Нæ хæс, нæ хъуыддаг... Мах дзæбæх замап, уæллæй... Зиу куы стут, мæ хъæу, уæхуыдтæг, Зиу, фæцæрат мын фæрнæй. Æмæ иннæ аз нæ хæстæ Мах фæкæидзыстæм дывæр, Уæд фæуадздзыстæм нæ фæстæ 59
Раззаг колхозты фылдæр!» Афтæ алы хатт æфсæнттæ Ссары алцæмæн Гæбæц. Уый йæ рæдыдыл нæ сæтты, Уый ныхæстæй фиды хæс. Ныр нымайай — ма, æфхæрдыл, Æз уæддæр зæгъын, Гæбæц, Кæд дæ ныфс нæ хæссыс хæрды, Уæд æнцад дæ дзыхыл хæц. 1974 аз. 60
Сæргæндтæ Уарзын цард . . . , . . . 3 «Цард лæгæн кæд тох у...» .... 5 «Мæй йæ тынтæй рудзгуытæм æвналы....» . 6 Уалдзæг Црауы . . . . . . 8 «Æз ирд райсом куы асурон мæ фын...» . 10 «Сонты аз’тæй чидæрнд æртасы...» . . . Ц «Мæ риу ныхъуыры ирд райсомы цин...» . 13 «Азтæ мыл сæ хыгъды фæд ныффыстой...» . 15 Хæххои райсом „ 17 Поэты дзуапп 18 Раздæхт Уоны фырт æнкъардæй . . . 19 Экспромт . . 21 Баууæнд . . 22 Фæззыгои райсом Црауы 23 Акростих 25 Хуры чызг . . . . * . . . . 26 «Ныссуйтæ ис мæ фæндаджы цъæх таг...» . 27 «Цад. Рæсугъд фæлыст бæлæстæ...» . . 29 «Цард мæн ногæй райдайын нæ фæнды...» . 30 «Уалдзæджы нæм дихкъæдзил зæрватыкк...» 32 Йæ ном цы хуины?.. 33 «Мæ тæригъæд, кæмæн дæ хъарои, оххай...» 35 Ехх, æз дæм... . - 37 61
«Мæ балц нырма нæма фæдæн æххæстæй...» «Æмæ фæзынди Адæймаг зæххыл...» «Дардыл нæ дзурын уын — афтæ дæр...» Азтæ Хохаг æрдзы нывтæй .... Ресиубликæйы хъæууопхæдзарадоп равдысты Афтæ ’рцæуы уалдзæг .... «Гакъон фæндаг хъæдрæбыитæм атахт...» Црайуаг æхсæв Фиййау «Искуы мын мæ зæрдæмæ ныккастæ?..» Дзыхджын — бæхджын .... 62
Виктор Ваноевич Д з б о е в ПРОШУ СЛОВА С Т И X II Редактор С. 3. Хугаев Художник Т. А, Еокаев Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор Е. У. Датриева Корректоры К. М. Кодзаева, М. Г. Мсоева
ИБ № 132 Сдано в набор 12-Х-1976 г. Подписано к печати 20-1-1977 г. Формат бумаги 60Х901/32, Печ. л. 2. Усл.-п. л. 2. Учетно- изд. листов 1,66. Тираж 1000 экз. Заказ МЬ 11699. Изд. № 78. Цена 17 коп. Бум. тип. Л4 2. ЕИ00234. Издательство «Ир» Управления по делам издательств, полигра- фии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджо- никидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, поли- графии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.